Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Зыхъхъыр. Фæстаг мидбылхудт



Зыхъхъыр

Тамбиты кæ рты дуарæ й Фаризæ ты тыргъты схизæ нтæ м арæ зт ис уираг дурæ й астæ рд къахвæ ндаг дамгъæ «С»-ы æ нгæ с.

Хæ дзары аууон зырзыргæ нгæ быры къахвæ ндагæ н йæ иу дурæ й иннæ мæ. Ранæ й-рæ тты дурты æ хсæ нтæ й сбырыдысты кæ рдæ джытæ. Гæ дидымæ джы бумбули къæ била рæ вдаугæ йæ хи баузы рог дымгæ мæ. Дзындзалæ джы, æ фсины къухы, дугъы сыфы мыггаджы уисæ йттæ, цыма гæ дидымæ гыл узæ лынц, афтæ сæ сæ ртæ й хæ рз ныллæ г акувынц.

Фаризæ т бады къæ сæ ртæ м. Йæ лыстæ г сау цæ стытæ сгаргæ абырыдысты кæ рты къуымты. Мæ стæ й мæ лы, йæ бæ стыхæ йтты æ дзæ сгом кæ рдæ джытæ сæ хи барджынæ й кæ й æ мбарынц, ууыл. Соняйы лæ мбынæ г къухты фæ д ацы кæ рты рагæ й кæ й нал ис, уый арвы хъугæ й бæ рæ гдæ р у. Йæ чындз æ мæ йæ фырт ацыдысты горæ т Ташкент зæ ххæ нкъуысты фæ стæ аразынмæ. Нæ уарзта Фаризæ т ахæ м æ нæ фснайд кæ рт. Бæ ргæ сæ рæ дывтытæ кæ нид, фæ лæ куы фæ гуыбыр кæ ны, уæ д ын йæ сæ р цыдæ р ныдздзæ хст кæ ны, йæ цæ стытæ атартæ вæ йынц. Æ ндæ р, æ вæ дза, каурæ бынты, уæ лахизæ й, сæ мыггаджы цупæ лттæ цы пысыратæ сæ ппæ рстой, уыдоны уидæ гтæ хурмæ бæ ргæ ацæ куы уаиккой! Сау чылауи бæ ласы та бынтон йæ быны æ рнорста пысыра. Йæ дæ рзæ г, судзинсыф æ взæ гтæ й астæ ры хæ рзад дыргъты. Фаризæ ты бон кусын кæ й нæ у, уый йæ цæ хæ радоныл дæ р бæ рæ г у. Хъæ дындз æ мæ нурыйы сæ ртæ зынгæ дæ р нал кæ нынц. Зæ ххы хъæ дур нызгъæ лди æ мæ йæ æ фсиртæ, хæ сгарды сыгтау, хæ лиу дзыхæ й лæ ууынц здыхтытæ -здыхтытæ й, цыма Фаризæ ты уавæ рыл худæ гæ й бакъæ цæ л сты. Зæ ххы хъæ дуры цупалты раз зæ хх хъулон дары хъæ дуры гагатæ й. Куы стыхсы, уæ д Иветæ мæ бауайы. Хæ дзары аууон быры иу дурæ й иннæ мæ. Фæ хæ ццæ кæ ны къахвæ ндаджы кæ ронмæ. Фаризæ ты хъустыл ауад хъазты хъæ р. Акаст кауы сæ рты. Кæ рæ дзийы фæ дыл узгæ -узгæ фæ цæ йцыдысты Олгæ ты сыхы хъазтæ æ мæ бабызтæ донгуырæ нæ й, къордтæ -къордтæ й.

Фаризæ ты зæ рдыл æ рбалæ ууыд, йæ кæ рт фосæ й, маргъæ й æ мызмæ лд куыд кодта, уый. Цалынмæ -иу цъиуджын кæ рчытæ æ мæ гогызтæ м зылди, уæ дмæ -иу хъазтæ æ мæ бабызтæ уынг сæ сæ рыл систой, кауы зыхъхъыртæ й сæ кæ фой бырынчъытæ æ рбадар-æ рбадаргæ нгæ. Æ мбаргæ дæ р нæ бакодта, йæ кæ рт куыд сафтид. Фæ стагмæ ма йæ м баззад дыууæ карчы, æ мæ уыдон дæ р сапоны фынкау цыдæ р фесты. Бакаст, сау чылауи бæ ласы раз цы кæ ркдон уыди, уымæ, йæ дуар фаронæ й нырмæ нал æ хгæ ны, йæ фаджыс фадхъулæ й арфдæ р кæ й у, уымæ гæ сгæ. Гомдуарæ й сæ, чи зоны, æ мæ ахаста рувас йе та сæ лавыр... Уынг æ мызмæ лд сси. Хъомтæ, уæ рыччытæ æ мæ фысты уасын, хъазтæ æ мæ бабызты хъæ р, адæ мы сидт сæ фосмæ... Изæ рон уынæ р æ ххæ ст кодта Арыпханты стыр дзыгъуыртæ -дзыгъуыртæ нæ л гогызы хъортт-хъортт... Йе ’рттиваг къæ дзил ныппака кодта. Куы иуырдæ м, куы иннæ рдæ м ныккафы сæ каурæ бынты. Хæ дзары аууон фæ хæ рд кодта чылауи бæ ласы бын кауыл. Хур йæ хæ дзармæ куыд хæ стæ гдæ р кодта, афтæ аууон æ рбазылд Залиханты ’рдыгæ й скъæ ты къулмæ. Скъæ тæ н йæ иу кæ рон уыди хъомдон, иннæ кæ рон та — фыстæ ’мæ рæ уæ дтæ н, астæ уæ й сарагонд æ хгæ д уыд фæ йнæ гæ й. Ныр гом у. Азымæ джы басыгъта фæ йнæ джытæ æ ндзарæ нтæ н. Дуар та лæ ууыд мæ гуырхуызæ й къулрæ бын. Фаризæ ты цæ ст рацахста скъæ ты ’рдыгæ й кæ рты аууоны мидæ г дæ ргъæ ццон рухсдзон — зыхъхъыр. Йæ зæ рдæ ныссæ ххæ т ласта. Ахæ м æ фсæ рмы миниуджытæ йæ м зынын райдыдта а фæ стаг рæ стæ джы. Цымæ цæ мæ н фæ тыхст Фаризæ т?

... Дыргъафон-иу сидзæ р сывæ ллæ тты цæ хæ радонмæ нæ уагъта, дыргъы мур куы ахæ рой, уымæ й тæ рсгæ йæ.

— Не ’вналынц, — ард хордта Залихан.

— Дæ сыдæ ймард кæ фхъуындартæ марды хурхмæ куы нæ фæ лæ удзысты...

Иу бон Фаризæ т скъæ ты сарайы дуар бæ стон бахгæ дта, уазæ гдон æ м бæ лвырд куыд зындаид, афтæ къулæ й раппæ рста сæ рст. Сыджыты хус къуыбар æ рхауд йæ къахы фындзыл. Ралгъыста сывæ ллæ тты. Къуыбар байгом кодта, сахъарийы æ хсæ нты, нартхоры æ фсиры йас зыхъхъыр. Уыцы зыхъхъырæ й бирæ бонтæ æ мæ азтæ фæ каст сывæ ллæ тты фæ дыл Фаризæ т. Дыргъафон æ й гом кодта, зымæ гмæ та — æ хгæ нгæ. Дзæ гъæ лы тухитæ кодта. Бæ ласы къалиутæ м кæ сгæ дæ р никуы фæ кодтой Залиханы сидзæ ртæ. Фаризæ т рамæ сты уыцы рухсы тæ лммæ. Сонтæ й фестад, йæ къах скъуырдта. Бахауд. Фестынмæ хъавы, фæ лæ йæ сæ ры цыдæ р ныццæ лхъ кодта. Йæ хи фергъæ вта. Нæ й, æ руæ ззау йæ сæ р. Уыцы рухсы цъыртт куы нæ уаид, уæ д ныхъхъæ р кæ нид. Фæ лæ!..

Ныхгæ нын хъæ уы уыцы зыхъхъыр. Уый фаг ма суыдзæ н! Фестад. Сындæ ггай фæ цæ уы скъæ тмæ. Къулæ нцæ йтты бацыд, хуры цæ ст кæ цæ й каст, уырдæ м. Æ хгæ нгæ та цæ мæ й? Йæ уæ лæ куатæ дæ р нæ фæ ци... Ныххафт та йын чынд йæ сæ р. Фæ цудыдта. Йæ лыстæ г æ нгуылдзтæ бырынц скъæ ты къулыл хæ рдмæ. Йæ рахиз къухæ й нындæ гъди зыхъхъырыл, галиу къухæ й æ рыскъæ фта йæ сæ рæ й йæ сæ рбæ ттæ н...

Арвы ферттывдау, йæ мигъхуыз сæ ры магъзы февзæ рд йæ ног æ рцыды, Налыхъы сæ рæ й нымæ тхуд куыд систа æ мæ йыл куыд æ рбадт, уый. Ныуулæ фыд. Морæ зæ ххы, урс хъæ дуртæ сæ рбæ ттæ н атымбылтæ кодта йæ къухы. Ныртæ ккæ ныхгæ ндзæ н уыцы рухсдзæ уæ н æ мæ адæ ммæ фæ сиддзæ н æ ххуысмæ. Къух сæ рбæ ттæ нимæ зыхъхъырыл нæ ма андзæ выд, афтæ та йын йæ сæ р ныххафт чынди.

Фаризæ ты къухтæ скъæ ты къулыл æ рбырыдысты. Ахауд. Исдуг ницы бамбæ рста. Æ рчъицыдта, тыхсы. Йæ цæ стытыл уайы, бæ лвырд уыны, æ рбацæ уы йæ м Залихан, йæ къухтæ пака æ нгуылдзтæ й хæ ссы размæ.

Уый цы у?..

... Хæ сты фыццаг фæ ззæ г Залиханæ н сыхæ гтæ радтой, чи картоф, чи нас, чи хъæ дур. Картæ фтæ нывæ рдта пъадвалы къуымы. Иу райсом раджы пъадвалмæ ныууад. Картæ фтæ м куыд февнæ лдта, афтæ йæ къухтæ бамбæ рстой цыдæ р фæ лмæ н, йæ фындзыл та ауад хъылма тæ ф. Фаризæ т йæ фаджыс ныппæ рста курæ ггаг картæ фты гагатыл.

— Хатыр-р, — хъуысы Фаризæ ты хъæ лæ с афтид кæ рты. — Залихан, хат-тыр...

Фаризæ т катай кæ ны. Йæ цæ стыты раз та февзæ рдысты сидзæ ртæ... Æ рбацæ уынц æ м Залиханы цыппар сабийы, алчидæ р дзы хæ цы къусыл, сæ къустæ м згъæ лы сæ цæ стысыг. Уый цы у?..

... Сывæ ллæ ттæ -иу сæ сидзæ ры комдзаг хæ рыныл куы ’рбадтысты, уæ д-иу Фаризæ т цармæ схызт æ мæ -иу раст сывæ ллæ тты фынджы сæ рмæ йæ хи цыдæ ртæ архайæ г скодта — гуыппытæ, цæ лхъытæ... Царыл хуыд фæ йнæ джыты ’хсæ нтæ йиу, куыройы фыдты фалгæ ронæ й ссады сыг згъорæ гау, сæ къустæ м рыгтæ калдысты...

... Хæ стæ г æ м цæ уынц Залихан æ мæ йæ сабитæ æ нæ дзургæ йæ. Сæ уынд тасдзинад уадзы Фаризæ ты, катай кæ ны. Дон, зæ гъгæ, ныдздзыназы. Йæ хус былтæ дæ ндагæ й æ хсыны. Фæ каст кæ рты дуармæ, æ рбацæ уынц æ м хæ сты сæ фт цыппар æ фсымæ ры. Йæ хи сæ м бакъул кодта. Фæ лæ... Æ дзæ мæ й, уайдзæ фцæ стæ нгасæ й йæ м кæ сынц аст цæ сты...

Катай кæ ны... хъизæ мар кæ ны скъæ ты зæ ххыл, йæ цæ стытыл уайынц иуæ й иннæ æ мбисонддæ р хъуыддæ гтæ, сидзæ ртæ н цы фыдбонтæ æ взарын кодта, уыдон. Кæ лы йыл сау мæ р. Тамбийы закъоны зæ ххы хай. Згъæ лынц ыл дыргъты зæ й, ставд их уарæ гау... Картæ фтæ, йæ авд дуарæ хгæ д пъадвалы-иу цы картоф бафснайдта, уый, дам, мын фæ давтай. Хылкъахæ н кодта Залиханимæ...

Тухи кæ ны... кæ сы æ мæ ныгъуылы æ хсыры цады. Цыппар стонг сабийы... Уыны, сидзæ ртæ бадынц сæ къæ сæ рыл. Розæ — Иветæ йы хъæ бысы, йæ галиу фарс — Аслан, Нада — йæ рахиз фарс, кæ сынц æ м... уый та фæ цæ уы сæ тæ ккæ рæ зты фынк йæ былтæ й кæ лгæ æ хсыры бедраимæ. Сæ цæ стыты раз барæ й дыгъта йæ хъуццытæ, сарайы бæ гуыдæ р æ мбæ лд, фæ лæ, барæ й...

Йæ былтæ бахордта... Ивылынц ыл зæ хх, мæ нæ у, нартхор, дыргътæ, æ хсыр...

— Хат-т-ты-р-р, — Фаризæ т æ взары дзурыныл, фæ лæ йе ’взаг йæ комы нал тасы. — Ха-а-ат... — кæ сы æ фсымæ ртæ м. Сæ фарсмæ балæ ууыд Залихан. Йæ риуыгънæ джытæ байгом кодта...

Уый та...

... Налыхъы хæ рнæ джы мæ рддзыгой адæ м фынгтæ й куы фестадысты, уæ д Ирæ æ мæ Иветæ фынджы раз балæ ууыдысты. Иветæ дзулы къæ рис басы атылдта. Хуымæ тæ джы хъыг фæ ци уый Фаризæ тæ н. Йæ чызг ма йæ бæ ргæ сабыр кодта... Мæ нæ ныртæ ккæ дæ р бæ лвырд хъусы Иветæ йы кæ уын хъæ лæ с: «Æ з нæ райстон, Ирæ мын радта!.. » Фаризæ т фездæ хт Залиханмæ, фынгæ й къæ бæ ртæ бамбæ хстай, зæ гъгæ. Куынæ æ мæ куынæ сабыр кодта Фаризæ т, уæ д Залихан ныккуыдта, фездæ хт рудзынгмæ, йæ риуы æ гънæ джытæ феуæ гъд кодта æ мæ ма бæ ндæ нбæ рц цы хур уыди, уымæ хаты:

— О, Хуыцау! Уæ лæ хурты хурзæ рин, мæ раст уды тæ ригъæ д хурæ мбæ рæ г скæ н!..

Фаризæ т тыхсы, йæ къухтæ ивазы хæ рдмæ. Бахатыр мын кæ нут, зæ гъгæ, куы иуырдæ м, куы иннæ рдæ м йæ хи фæ зилы. Хæ стæ г æ м æ рбацæ уы Тамби æ нæ уынон цæ стæ нгасимæ. Йæ хъустыл бæ лвырд уайы йæ уайдзæ ф хъæ лæ с:

«Мæ нмæ диссаг уый кæ сы, æ мæ цыппар сывæ ллоны мады куыд фæ надтай, куыд хъизæ марæ й сæ мардтай? Дæ лæ ты сын дыууæ метыры зæ хх раттыны тыххæ й. Мæ сидзæ ртæ н схъомыл æ нхъæ л нæ уыдтæ? Æ ви æ дзух зæ хмæ кæ й кастысты, уый тыххæ й сыл цæ стытæ æ нхъæ л нæ уыдтæ? Куыннæ æ мбæ рстай уый, æ мæ дæ м кæ й кастысты аст цæ сты? Уыдонæ й, гъа авд цæ сты бакуырм уæ д, уæ ддæ р ма дзы иу уæ ддæ р кастаид. Зон, уыцы æ рттиваг цæ ст райсдзæ н нæ маст!.. »

— Ха-т-т, — дыгъал-дыгъул кæ ны Фаризæ т, иу каст ма фæ кодта зыхъхъырмæ...

Фаризæ ты сау цæ стытæ, мард сау калмы цæ стытау, дзагъырæ й баззадысты зыхъхъырмæ. Йæ галиу къухы нындæ гъд йæ сæ рбæ ттæ н, афтæ мæ й йæ ссардтой дыккаг бон.

Фæ стаг мидбылхудт

Рацыд ссæ дз азы. Горæ тгæ рон рынчындоны, кардиологон-инфарктон хайады хатæ нтæ й иуы йæ рахиз фарсыл уæ згæ, хуыссы 45–46-аздзыд сылгоймаг. Сонтæ й бакæ сæ г нæ раиртасдзæ н, чи урсдæ р у: базы цъар, сæ рыхъуын, æ ви цæ сгом. Былтæ ныскъуыдтæ сты, хур рæ стæ г зæ ххы скъуыдтау, былтæ — сау. Сынтæ джы къæ хтырдыгæ й бандоныл дымст туаггуыры баз, йæ туаггуыр цæ уæ н тъанджы кæ рон миты хъæ пæ нау урс бинтæ й æ нгом баст. Урс халат æ мæ урс худы рынчыны ных æ мæ тæ нуадулты хид сæ рфта медицинон хо Ритæ. Цуанон рындзыл бадæ гау та рынчыны уæ лхъус бадт дохтыр æ мæ мынæ г хъæ лæ сыуагæ й дзуры:

— Абон мæ м цæ стæ нгæ сдæ р кæ сы...

— Йæ уавæ р рæ вдздæ р у, — загъта Ритæ.

Фехъуыст дуары уынæ р.

Дохтыры къухы тылдæ й дуар ахгæ дæ уыд. Рынчынмæ ныггуыбыр кодта æ мæ фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й дзуры:

— Иветæ... Иветæ, ракæ с-ма...

Рынчын ныхъхъæ рзыдта, ома ныхъхъуыдты мæ уадзут. Фæ лæ та йæ м дзырдæ уы.

Тыргъты хъуысы сабиты мынæ г хъæ лæ ба.

— Æ рхæ ццæ та сты сæ ахуыргæ нæ гмæ, — загъта Ритæ.

— Уый иттæ г хорз хъуыддаг у, фæ лæ сæ арвит. Арфæ сын ракæ н æ мæ сæ арвит, — йæ сæ рæ й йын дуармæ ацамыдта дохтыр.

Ритæ фестад.

— Йæ хотæ æ мæ йын æ фсымæ ры æ рбауадзон?

Йæ сæ р батылдта дохтыр:

— Ахсæ в та æ рбацæ удзысты, ныр та баулæ фæ нт.

Медицинон хо фестад æ мæ дуарæ й ахызт. Дохтыр архайы рынчыны ракæ сыныл. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ зивæ ггæ нгæ æ бæ рæ г каст ракæ ны æ мæ та цæ стыты уæ лтъæ фылттæ уæ збын ахгæ нынц цæ стыты. Бацыд Ритæ. Сылгоймаджы хид сæ рфы. Дохтыр та йын йæ мæ ллæ г цонджы хъулыл хæ цы. Йæ сæ р ын йæ цæ сгоммæ хæ стæ г æ руагъта:

— Иветæ. Дæ хи бынтондæ р куы ауагътай... Ракæ с-ма... — Рынчын ракаст. Дохтырмæ йæ цæ сгом фæ каст, раст цыма, зымæ гон хурыл ивд копрадзхуыз дыууæ стъæ лфы æ мæ карчы цъæ хбыл баппæ рстæ уыд.

Ракаст Йетæ... Зына-нæ зына бадис. Уый та циу? Йæ цæ стытыл та уайы, æ ви æ цæ г у? Ритæ имæ ныхæ стæ кæ ны урс халаты Алан... æ рыгон Алан! Цас диссаг у, карст-барстæ й йæ ссæ дз азы нал федта, æ мæ йæ цæ стыты раз баззад æ рыгонæ й. Цыдæ р æ нахуыр цины хъæ рзт скодта чызг, æ мæ йæ м лæ ппу базгъордта. Иветæ йæ цæ стытæ, йæ акомкоммæ цар æ мæ къул кæ м баиу сты, уыцы къуымы фæ сагъта æ мæ... йæ зæ рдæ бахъарм. Исдуг рæ стæ жы фæ стæ бамбæ рста насатырон спъиртты тæ ф, йемæ куыд архайынц, йæ цæ сгом ын куыд цъыччытæ кæ нынц. Афтæ йæ м касти, цыма йæ нæ мынц какон сындзæ й. Скасти æ мæ та йæ цæ стытæ æ рыхгæ ны. Бæ лвырд хъусы Аланы хъæ лæ с: «... Дæ цæ стытæ ма æ хгæ н... »

Цымæ йæ хъизæ марæ й цæ мæ н марынц? Куы йæ уадзиккой æ нцад... Ракаст æ мæ федта Ритæ йы шприцимæ, фæ лæ йæ буары судзин куыд балæ гæ рста, уый нæ банкъардта. Æ мбары, йæ туджы æ лхъывдад ын куыд барынц. Танометры æ лхъывдад куы суагътой æ мæ сыф-сыф куы ссыди, уæ д та ракаст. Дохтыр хъусæ ны æ рттиваг тымбыл айдæ н йæ халаты галиу дзыппы авæ рдта, рынчыны цонджы хъулыл æ рхæ цыд:

— Ритæ, дæ хорзæ хæ й, кардиомин...

Рынчын та ракаст. Лæ мæ гъ хъæ лæ сыуагæ й бафарста дохтыры, кæ цон у, уымæ й. Дохтыр ын зæ рдæ рухсæ й бацамыдта йæ хи. Æ гайтма йæ рынчын дзурынхъом фæ ци.

— Сæ рмæ т... — дисæ й къуызгæ сдзырдта Иветæ. Йæ цæ стытыл азгъордта йæ цард. Афæ дздзыд Аланы лæ ппу... Йæ рахиз цæ стысыг æ рызгъордта тæ нуадулыл æ мæ ныххауд йæ хъусы. Галиу цæ стысыг та æ мбырд кодта цæ сты къуым æ мæ фындзы рагъы æ хсæ н. Йæ фыр тыхстæ й йæ цæ стысыг куыд фæ уайы, уый нæ фембары. Ныр дæ р афтæ æ нхъæ л уыдысты. Цæ мæ й зыдтой дохтыртæ, уыдон стыр хъыг æ мæ фæ смоны ставд æ ртæ хтæ кæ й сты. Фындзы рагъ æ гæ р къаннæ г донмарæ н разынд æ мæ цæ стысыг раивылд йæ сæ рты æ мæ исдуг амбæ рзта рахиз цæ ст донæ й. Баиу сты дыууæ суадоны. Чысыл донгуырæ н згъордта хъуыры бынмæ. Ритæ базы бынæ й систа кæ рз итувæ рд къухтыкæ лмæ рзæ н æ мæ йын йæ цæ стысыг сæ рфта. «Йæ фыды хæ дхалдих — цæ стæ й, фындзæ й, сæ рыхъуынæ й»...

Рацыди дыууæ къуырийы, Иветæ бæ лвырд фæ рæ вдз, фæ лæ йын сонт æ внæ лдтытæ, хуыссæ нæ й стæ н нæ ма уыди.

Иу бон сæ м Иветæ дзуры:

— Бæ лвырд фæ дзæ бæ х дæ н. Цæ ут баулæ фут. Аслан мæ м ныртæ ккæ зындзæ н.

— Дæ хотæ хосагур фæ цæ уынц, — загъта Ритæ.

— Æ ппæ т хостæ дæ р ис нæ химæ, — загъта Сæ рмæ т.

— Санаторийы хъуыддаджы фæ дыл дæ р...

— Уый дæ р нæ хæ дæ г сараздзыстæ м. Куы æ рбацæ уой, уæ д афæ ндараст уæ нт сæ сывæ ллæ ттæ м. — Хæ стæ гдæ р бабадт сынтæ гмæ. Йе ’нгуылдзты уырзтæ бæ стон æ нкъардтой Иветæ йы æ нæ фæ тк зæ рдæ йы цæ фтæ. Кæ сы цæ сгоммæ. Былты скъуыдтæ куы ссæ уиккой, уæ д бæ лвырд фæ дзæ бæ х уаид. Кæ ннод! Уыцы уазал хид. Искуы йæ ныхыл йæ сæ рыхъуын басур уыдзæ н?

Иветæ уыцы цъусдуг хъуыды кодта, Зитæ ты кæ рты йæ фыдимæ куыд фембæ лд, ууыл. Йæ хъуыды йын фескъуыдта ныхас:

— Мах цæ уæ м, Иветæ...

Иветæ фесхъиудта:

— А-а, хорз... Афæ ндараст ут, — сæ фæ стæ хæ лæ ггæ нгæ кæ сгæ баззад.

Аджих... Иу уысмы цыдæ р æ нахуыр фæ рог, цыма йæ риугуыдыры пъæ ззыйау цы уаргъ уыди, уый систæ уыд, афтæ фæ сæ рæ н. Арвæ рттывдау йæ сæ ры фегуырд æ вæ джиауы монц — Сæ рмæ ты æ нæ халатæ й фенын. Ног ахст арсау ныккатай кодта йæ хуыссæ ны. Рабадт. Галиу уæ ны бын туасæ й фæ рæ хуыстæ уыд. Йæ хи æ руагъта базыл. Йæ цæ стытыл ауад Сæ рмæ т костюмы, æ нæ мæ нг йæ фыд æ рыгонæ й цы хуызы уыди, раст ахæ м хуызæ н кæ й уыдзæ н...

Æ мæ, дæ хорзæ хæ й, цæ уылнæ хъуамæ февзæ ра иу цъусдуг йе ’рыгон бонты бæ стæ йы? Йæ бæ ллиц схæ ццæ тæ ккæ бæ рзонддæ р къæ пхæ нмæ æ мæ... фестад... Гуыбыр-гуыбыр, йæ зæ рдæ йыл хæ цгæ бацыд рудзынгмæ. Рудзынджы тарвазыл йæ хи æ руагъта. Акаст рахизырдæ м. Иу æ ртындæ с-фынддæ с сардзины æ ддæ дæ р бæ рзонд гæ ды бæ ласы бын иу урсхалатджын лæ ппуимæ лæ ууыд Сæ рмæ т, сынты базырау сатæ гсау костюмы. Раст ахæ м костюм уыди йæ фыд Аланыл дæ с къласы фæ уыны хъазтизæ ры. Сæ рмæ т нæ, фæ лæ Алан! Иветæ йы амондæ н лæ ууынц, цæ уылдæ р ныхас кæ нынц, æ ви Ритæ мæ æ нхъæ лмæ кæ сы? Тæ худы-тæ худы, изæ рмæ дæ р куы лæ ууиккой! Изæ рмæ цæ мæ н? Æ нæ хъæ н мæ й дæ р! Кæ сид æ мæ кæ сид йæ Аланмæ. Фæ лæ... Иветæ тыхсы. Йæ улæ фт фæ уæ ззау. Быры дæ лæ мæ. Йæ хиуыл схæ цы хæ рдмæ. Æ рбыры, схæ цы йæ хиуыл, растдæ р зæ гъгæ йæ, йæ хи сыфцæ й ласы, афтæ сæ ргуыбырæ й хъуызæ гау сбыры тарвазмæ... Ныззæ гæ л ис йæ æ нæ бон рахиз къухæ й тарвазыл, галиу къухæ й та хæ цы галиу риуыл, раст дзы цыма сыгъзæ рин сисджын сырдтон цъиу ис, ахæ м уавæ ры.

Къухы æ нгуылдзтæ цæ ргæ сы дзæ мбытау рудзынгыл куы нындæ гъдысты, уæ д тæ ригъæ ддаг цæ стæ й ракаст тумбочкæ йы сæ р тагъдæ ххуысы зæ рдæ йы хостæ м. Æ мбæ рста — хос райсын йæ бон нæ бауыдзæ н... Æ рбыры та дæ лæ мæ. Зæ хх æ й йæ химæ æ лвасы. Йæ тых, йæ бонæ й йæ хи фергъуывта, бæ стон йæ уæ з æ руагъта тарвазыл, удаистæ й акаст, цалынмæ удисæ гимæ тох кодта, уæ дмæ... Кæ д уым нал ис? Нæ, лæ ууыд ма... Йæ цæ стытыл ахъазыд, дæ сæ м кълас фæ уыны хъазтизæ ры Аланимæ куы кафыд, уыцы æ мбисонды цъусдуг. Йæ хъустыл уайы аив ирон фæ ндыры цагъд... Фырæ хсызгонæ й йæ мидбылты бахудт... Фæ лæ йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд æ ндæ р хабар дæ р: «Уагæ ры ма йæ къаба курæ ггаг куы нæ уаид!.. » Уыцы ныхæ стæ Зитæ кæ й загъта, ууыл раджы баууæ ндыд...

Тыхулæ фт кæ ны, æ рбыры рудзынджы бынмæ. Архайы йæ хи уромыныл, схæ цы йæ хиуыл. Йæ æ нæ хъару, рахиз къухы æ нгуылдзтæ й ныффидар рудзынджы æ хгæ нæ ны къæ ндзыйыл, авг ыл куынæ уаид, уæ д ыл фидар бæ ргæ хæ цид. Æ рхауы, уæ з æ й ивазы бынмæ. Гъæ й-джиди, иунæ г, зыбыты иунæ г хатт ма куы акæ сид... Йæ дыууæ къухæ й фæ хæ цыд рудзынджы тарвазы кæ рæ ттыл кæ рты ’рдыгæ й, йæ хи фергъуывта æ мæ... ахауд...

Медицинон хо стырзæ рдæ йæ бацыди хатæ нмæ дзургæ:

— Иветæ, æ з раздæ хтæ н... — арвæ рттывдау йæ цæ ст андзæ выд афтид хуыссæ ныл. Фыр тарстæ й базгъордта рудзынгмæ. — Иветæ! — йæ цæ нптæ рынчыны бын акодта, фæ лæ йæ не сфæ рæ зта. Рудзынгæ й фæ дисоны хъæ р ныккодта Сæ рмæ тмæ.

Туаггуыры баз дары Иветæ йы дзыхмæ, йæ уæ раджы сæ ртыл бадгæ.

Удаистæ й рудзынгæ й багæ пп кодта дохтыр. Йæ хъæ бысы фелвæ ста Иветæ йы. Сынтæ гыл æ й æ рæ вæ рдта, рахиз фарсыл. Йæ фындзы рæ зты Ритæ адавы нашатырон спъиртты тылд бæ мбæ г...

Дохтыр фелвæ ста тумбочкæ йы лагъзæ й хъусæ нтæ æ мæ танометр.

— Рæ вдз морфи... — дзуры медицинон хомæ. Йæ хæ дæ г та бавдæ лд рынчыны зæ рдæ йæ къухтæ й æ ууæ рдынмæ...

Рыст зæ рдæ мæ, йæ къухты арæ хсгæ архайдæ й, царды уддзæ ф уадзгæ амыдта Ритæ йæ н.

— Кардиомин.

— Ныр та, дзæ бæ х чызг, папаверин, анальгин æ мæ димедрол иумæ...

Рынчын мынæ г схъæ рзыдта. Иу уысмы фæ стæ та дзуры:

— Гъе ныр строфантин... Сæ рмæ т ныггуыбыр кодта рынчынмæ.

— Иветæ, охх, Иветæ, цæ мæ н фестадтæ? Исчи ма афтæ кæ ны?

Рынчыны былтæ зына-нæ зына базмæ лыдысты...

— Ракæ с-ма, — Ритæ аивæ й йæ цæ ссыг асæ рфы, фæ лæ Иветæ мæ нымады дæ р нæ уыдис, исчи кæ угæ кæ ны, æ ви худгæ.

Æ рхæ цыд ын дохтыр йæ галиу цонджы хъулы зæ рдæ йы тугдадзины цавдыл.

— Уæ ддæ р, цымæ, цæ мæ н фестад? Куы зыдта, фестын ын æ ппындæ р не ’мбæ лы.

— Дæ фарстæ н цыдæ р сдзурынмæ хъавыд. Нæ йæ бамбæ рстай? — загъта Ритæ.

— Цымæ цæ мæ ацыд рудзынгмæ? — аджих дохтыр... — цымæ цæ мæ н баззад иунæ гæ й?..

— Иу бон мын куыд загъта, уый зоныс?

— Куыд? — афтæ æ нæ уый, ницы нысаниуæ г дзуапп фехъусын æ нхъæ л бафарста Сæ рмæ т.

— Куы мæ лон, искуы, уæ д, дам, мæ мидбылты куы бахудон, уæ д, зон, уый бахуддзынæ н мæ уарзонмæ.

— Цы-ы?!

Дзуры рынчынмæ:

— Иветæ... Иветæ... кæ с-ма...

Иветæ йы мигъ сæ р ахста дохтыры хъæ лæ с. Ракаст... Раст судзгæ цырагъы фæ тæ ген куы скадавар вæ ййы, уæ д ма фителы хъаруйæ судзгæ æ взаг куы ныттыбар-тыбур кæ ны, æ мæ ма иу ирд æ рттывд куы фæ кæ ны æ мæ ахуыссы, афтæ Иветæ йы уæ ззау цæ стытъыфæ лттæ сæ хи хæ рдмæ систой æ мæ... афæ стиат сты Сæ рмæ ты цæ сгомыл...

Дохтыр æ мæ медицинон хойы дисæ н зына-нæ зына йæ мидбылты бахудт... фæ стаг хатт.

Кæ рон

1940–1950 азтæ


[1] Уырзацауæ й — уырзæ й сгаргæ йæ. (Скангæ нæ джы фиппаинаг)

[2] Ампъæ з — къахдзæ ф. (Скангæ нæ джы фиппаинаг)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.