Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æзынма кæй хуызæн дæ.



Ходыгъд

Аслан фæ зонгæ йе ’мкурсон чызг Ниффæ имæ. Ниффæ у саухил хæ рзхуызтæ чызг. Йæ фыд кусы базарадон базæ тæ й иуы хицауæ й. Горæ ты сын — хи хæ дзар. Лæ ппу сæ тыхамал самандур къæ сс срæ вдзмæ дæ р нал фæ лæ ууыд. Йæ чындзимæ йæ хинымæ р ныхæ стæ кæ нгæ царди. Чындзæ хсæ вы фæ стæ æ нхъæ л уыди иу къуыри фæ уыдзæ н, фæ лæ æ ртыккаг бон ацыди. Расомæ й йæ бæ рзонд зæ вæ тджын туфлийы зæ вæ т кæ рты хуыры фæ ныхст, йæ цъар ын ахафта.

— Аслан! — фæ хъæ р кодта тызмæ гæ й. — Мæ нæ ма мæ туфлимæ ракæ с!

— Цæ й, ницы йын у, — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта Аслан.

— Дæ хи æ хцатæ й æ лхæ д куы уаиккой, уæ д афтæ нæ зæ гъис! — рамæ сты чындз.

— Омæ, — фæ тыхст. — Скæ н иннæ туфлитæ... Иветæ дын цы урс лак туфлитæ балхæ дта, уыдон.

— Цавæ р Иветæ, Иветæ у? — йæ хи сцагъта чындз — Иууылдæ р уый кой кæ нынц. Ды æ ппын никæ м ницы дæ? Æ ви хуыртæ уидзгæ йæ схъомыл дæ? Иу бон дæ р, иу минут дæ р ам нал лæ ууын.

Ехх, æ вæ дза, куыд не ’мбары Иветæ, чызджы фыдæ бæ ттæ цæ гаты бынтон дзæ гъæ лы кæ й сты, уый!

— Мæ нæ уæ сыхаг, Маша цыдæ р куы хуыйны, уый та дын мын афтæ: «Иветæ йæ сывæ ллон удæ й, рынчын мадимæ сæ схаста, доны сæ ничи бахауд, иу сыгъды стъæ лф сæ никæ уыл ис, сæ уæ лæ дарæ с хæ рзæ хсад, æ мпъызт... »

Цæ мæ й дæ рзæ г ныхас дзæ бæ х уагыл ацæ уа, уый тыххæ й Иветæ сдзырдта:

— Аслан, кард кусарты бакой кодта, гъе стæ й къæ дзилыл куыд асаст, дæ хъуыддаг афтæ ма рауайæ д. Хæ дзары уæ ззау куыстытæ бакодтай. Къултæ сæ рдынмæ дæ дыстæ бафæ лдах æ мæ нæ къултæ байсæ рдæ м. Зæ рваттык атæ хыны агъоммæ...

— Нæ хицæ н тынг бирæ куыст ис... — йæ ныхас ын йæ хъуырæ й фелвæ ста Ниффæ. — Нæ ног фатермæ зилын хъæ уы.

— Цанæ бæ рæ г куыст дзы и?

— Æ мæ сымах цы ’мбарут, ног фатеры цы микæ нинæ гтæ ис, уымæ н. Аив чъырæ й йæ цæ гъдын хъæ уы, уæ дæ... — Йæ къух ариуыгъта. — Гъер мæ сыгъзæ рин доны цы калын?.. Иу ныхасæ й, мах нæ къухтæ м æ мхасæ нтæ кæ нæ м. Уæ дæ нæ хæ дзары дзаума дæ р кæ йдæ р сарайы кæ дмæ лæ удзæ н, асыччыты?..

Аслан цалынмæ уыцы куыстытæ кодта, уæ дмæ йæ институты хъуыддæ гтæ дæ р æ рхæ ццæ сты. Иветæ байсæ рста иу агъуысты къултæ. Цартæ сæ рдынмæ йæ м сæ рдар æ рбарвыста колхозы арæ зтады бригады къулсæ рдджыты. Иветæ йы ныфс, æ нæ зивæ гдзинад тыхджынæ й-тыхджындæ р кодтой, фæ лæ изæ рырдæ м йæ галиу риуы цыдæ р æ ддæ мæ рацæ йгæ пп кæ ны.

— Уый дæ зæ рдæ у, — сагъæ схуызæ й загъта Маша. — Дæ хиуыл фæ цауæ рд, улæ фынмæ дæ р ацу искæ дæ м.

— Кæ дæ м? Нæ хæ дзар та?

Розæ афардæ г Дард Цæ гатмæ. Уым смой кодта иу афицерæ й. Нада дæ р йæ амонд ссардта... Нæ разы кодтой, фæ лæ сын Иветæ загъта, уый дæ р афтæ кæ й нæ баддзæ н. Фæ лæ йын фенад нæ лгоймаг, Аланы мæ сты цæ сгом йæ зæ рдыл куы æ рбалæ ууы... Æ мæ уый ахæ м кæ м разынд, уым æ м иууылдæ р кастысты уый хуызæ н æ нæ хатыртæ.

Иветæ каст фæ ци институт. Кусы скъолайы ахуыргæ нæ гæ й. Тагъд райдайдзысты фæ лварæ нтæ. Районы ахуырады хайад ын дæ тты йæ улæ фт суадзыны балцæ г, фæ лæ хæ дзар кæ мæ н ныууадза? Æ фсымæ ры йæ дипломон куыстытæ й хæ дзармæ нал æ вдæ лы. Йæ зæ рдæ чындзыл дардта...

Иу хуыцаубон Аслан æ мæ Ниффæ фæ зындысты сау æ рттывтытæ калгæ «Волгæ йы». Иветæ ниццин кодта йæ бинонтыл.

— Оледжы цæ уылнæ æ рхуыдтат? — афарста Иветæ.

— О, уыимæ дæ р ма тухитæ кæ н, — сбустæ кодта чындз. Мидæ мæ бацыд, сынтæ гыл йæ хи ауагъта. — Фу, цæ й æ нтæ ф у. Куыд бафæ лладтæ н...

Иветæ йæ хи цæ хсадта, йæ уæ лæ сыгъдæ г халат æ мæ дзабыртæ акодта. Хæ ринаг кæ ныныл балæ ууыд.

— Аслан, марадз-ма карк æ рбаргæ вд.

— Нæ хъæ уы...

— Уæ дмæ нæ фæ лæ удзыстæ м, — загъта чындз. — Фæ лтау... Немæ нын æ й радт. Олежкæ ног æ ргæ вст карчы фыд уарзы.

Иветæ хъыгзæ рдæ йæ лæ угæ аззад. Куыд æ й фæ ндыд семæ сихор бахæ рын. «Нæ. Нæ нæ æ вдæ лы, нæ й нын рæ стæ г», æ ндæ р сæ ницы фехъусдзынæ. Дыууæ карчы рацахста, иуы дзы радта æ фсымæ рмæ, иннæ мæ н йæ къæ хтæ бабаста, скъæ ты йæ баппæ рста.

— Уый та мæ чысыл æ фсымæ рæ н.

Цæ лгæ нæ ны карчы кой кодта чындз. Иветæ та хыссæ змæ ста. Аслан уынгмæ ацыд.

— Ниффæ, мæ хур, санаторимæ мæ æ рвитынц, хæ дзаргæ с куы фæ лæ ууис...

— Æ мæ дын æ хца та кæ м ис?

— Профцæ дис мын дæ тты, — бакаст чындзмæ. — Гъе стæ й, ау, 36 сомы нæ м нæ й?

— Мæ нæ н, — амоны йæ сау дæ ндагмæ чындз, — мæ нæ дæ ндæ гтæ кæ нынмæ нæ й æ хца. Къафет куы ахæ рын, уæ д мæ хъыгдард дæ ндаджы фæ куыси вæ ййы.

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта Иветæ. — Нæ хæ дзар иууылдæ р дæ у куы у. Æ з дзы мемæ ницы ахæ сдзынæ н.

Банхъæ лдта, ома кæ д чындзы цæ уынмæ хъавы, æ мæ айуанæ й бафарста:

— Æ мæ кæ дæ м цæ уинаг дæ?

— Мæ зæ рдæ, дам, фæ хъыгдард ис, зæ гъынц... — Иветæ афтæ зæ гъынмæ æ ппындæ р нæ хъавыд, фæ лæ дзы сирвæ зт.

— Гъа-а, — даргъ æ й аивæ зта. — Æ мæ мæ мад цæ ргæ -цæ рæ нбонты йæ зæ рдæ йæ хъыгдард у, æ мæ ма абон дæ р цæ ры æ мæ хæ ры. Иу санаторийы дæ р никуы уыд.

Иветæ йы нæ фæ ндыд, йæ чындзы йæ химæ фæ къæ йных кæ на, уый. Куыд алы хатт, афтæ ныр дæ р архайдта ныхас фæ лмæ н уагыл аразыныл.

— Дæ дæ ндæ гты тыххæ й дын загътон, раззаг дæ ндæ гтæ сыгъзæ ринæ й сæ вæ р, иннæ ты та хуымæ тæ гæ й...

— Æ нæ æ хцайæ? — мæ сты хъæ р фæ кодта Ниффæ.

— Иу бон дын цы дыууæ мин сомы радтон, уыдон дын цы феcты?

— Мæ нæ нæ уыныс? — чындз мæ стыйæ февдыста йæ галиу къухы ’нгуылдзтæ, рахизæ й та февнæ лдта дзедзыккагæ нæ г стыр хъусцæ джытæ м. — Уыныс, дыууæ хъусцæ джы æ мæ дзы къухдарæ н алхæ дтон!

— Ниффæ, — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта Иветæ. — Ау, уыйас æ хца уыдоныл радтай? Уагæ ры цавæ р сты? Уæ лæ нæ хи дуканийы уымæ й æ рттивагдæ р къухдарæ н балхæ дта Маша, туманæ й...

Уый дын загъта, и!..

Ниффæ фырхудæ гæ й туллæ джджытæ кодта.

Иветæ йæ химæ ахæ м æ гад æ ркаст æ мæ фырæ фсæ рмæ й зæ хх куы фескъуыдаид æ мæ дзы куы аныгъуылдаид, уый дæ р æ й фæ ндыд.

— Æ з дæ р мæ хи мæ т нæ кæ нын, фæ лæ мæ сымах мæ т ис. Хæ дзар дæ р сымах у. Фæ нды йæ дæ уæ лæ кæ н, фæ нды дзы цæ ргæ кæ н.

— Мæ нæ н дзы цы ис?! — фырналатæ й йæ цæ стытæ фæ лыстæ г кодта чындз. — Мæ н уæ д уаид, хæ дзар мæ н номыл куы уаид. Посты дын цы æ хца ис, уыдон дæ р мæ н номыл куы уаиккой!

— Мæ фыдыстæ н, иу сау капекк дæ р мын нæ й посты.

— Уæ дæ ма дæ ндæ гтæ цæ мæ й скæ ндзынæ н?

— Мæ нæ мæ йы фæ стæ мæ каникулты æ хца райсдзынæ н.

— Уый æ рæ гмæ у, æ фстау мын райс искæ мæ й.

— Цæ уыл тагъд кæ ныс?

— Денджызы былмæ цæ удзыстæ м. Æ нæ сыгъзæ рин дæ ндæ гтæ й къахдзæ ф дæ р нæ акæ ндзынæ н.

— О, искæ мæ й дын райсдзынæ н æ фстау, æ рмæ ст æ рцæ удзынæ, кæ ннод мæ гæ ххæ т æ ндæ рæ н радтон?

— Цæ мæ н æ ндæ рæ н? Мæ мадæ н æ й радт.

— Дæ мадæ н дæ ттæ н ын нæ й. Районо йæ сæ рвыста.

— Ах! — рамæ сты чындз. — Мæ мадæ н, уæ д нæ й! Дæ уæ н дæ фæ нд рагæ й дæ р афтæ у. Æ з дын сæ рд-сæ рды дæ ргъы ам хæ рæ джы хафт куы кæ нин! Цæ хæ радоны дын куы кусин, скъæ ттæ дын куы хафин — фестад. — Æ з мæ лынмæ не смой кодтон, фæ лæ цæ рынмæ! — Иветæ йæ м дисæ й касти, афтæ хыл кæ нгæ -иу федта Фаризæ ты. — Ахæ м хъыг мын вæ ййы, адæ мæ н сæ сывæ ллæ ттæ се ’фсинтæ м сыгъдæ г уæ лдæ ф улæ фынц, згъорынц цъæ х кæ рдæ гыл. Мæ нæ н та йæ иу къуыри дæ р никуы баурæ дтай?!

«Кæ д дын æ й бауромон? Æ вдæ лы мæ? — хъавыд бафæ рсынмæ, фæ лæ та ницы сдзырдта. Кæ й загъта, уыдоныл дæ р фæ фæ смон кæ ны. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Сергейы ныхас: «Мамæ йы зын æ мæ цин чи æ мбара, ахæ м мæ хъæ уы», — Иветæ сбадт карк сыгъдæ г кæ ныныл, чындз æ й раджы фæ уагъта. Уый дзырдта æ мæ дзырдта. Уыйас ныхæ стæ аргæ та кæ м кæ ны?

— Адæ мæ й та бынтон мæ бон нал у. «Иветæ йы макуы ферох кæ н, фыдæ бонджын у», — цыма Аслан чысыл фыдæ бæ ттæ кодта. — Ниффæ йæ къухтæ айтыгъта. — Ацы хæ дзар дæ р Аслан скодта. Цæ ргæ та дзы ды кæ ныс, зæ ронд арсау!

— Сабыр. Исчи нæ фехъусдзæ н, — каркыл пакъуы нал уыд, уæ ддæ р йæ къухтæ æ нæ рхъуыдыйæ архайдтой, нардæ й бур-бурид чи уд, уыцы карчы буарыл.

— Уадз æ мæ нæ хъусой! — Цæ рын мæ нæ уадзыс, цæ рын!

Иветæ мæ афтæ каст, цыма зæ хх зилы, зилынц цæ лгæ нæ ны мигæ нæ нтæ, къустæ, бедратæ, кастрюлкæ тæ, чугунæ н йе змисæ й хафт быныл февзæ рд даргъ къухтæ, сæ р, тилы йæ м йæ сæ р, «афтæ дын хъæ уы, æ гъгъи», зæ гъгæ. Ныгъуылы, ныгъуылы уæ ззау хъæ ды лыггаг цъымарайы ныгъуылæ гау. Йæ хъустыл æ рцыд:

— Æ ртæ азы дæ ргъы мæ бахордтай! — Иветæ йæ м кæ й ницы дзырдта, уый афтæ æ мбæ рста, ома раст дæ н, йæ дзыхæ й цæ хæ р калæ гау калдта, йæ дзых цы карста, уый. Куыд ма йæ тынгдæ р афхæ ра, ууыл архайдта.

— Ниффæ, — Иветæ йæ м дзуры хæ рдмæ йæ сæ р нæ сисгæ йæ, — загъд кæ нын хорз нæ у. Цард дыууæ боны у, лæ г куы амæ лы, уæ д нæ фембары, бирæ фæ цард, æ ви чысыл. Сæ йрагдæ р у, куыд фæ цард?..

— Ды цардæ н исты куы æ мбæ рстаис, уæ д цыфæ нды æ взæ р лæ гæ й дæ р смой кодтаис! Æ мæ мах абон нæ хъыгдарис. Ды куы нæ уаис, гъе та махмæ горæ тмæ куы рацæ уис, уæ д хæ дзар ауæ й кæ никкам. Нæ автомобилы исыны рад æ рхæ ццæ кæ ны, æ хца та нæ й!

— Ау! Нæ хæ дзар зилгæ цалхыл баивæ м? — Иветæ фестын нæ уæ ндыд, куы ахауа, уымæ й тæ рсгæ йæ. Ноджы аходæ н не скодта, афтæ мæ й ацыд цæ хæ радонмæ. — Аслан исы машинæ?

— Уæ дæ æ з?! Æ з æ ргом дзырд дæ н. Уый дæ м минæ вæ рттæ агуры, фæ лæ...

— Нæ! — йæ сæ р батылдта Иветæ. — Нæ, мæ хуртæ. Мæ сæ ры астæ у куы сбадтыстут?

— Чи кæ й сæ рыл бады, уый бæ рæ г у, — зæ гъы чындз. — Хæ дзары астæ у хъæ хъхъаг куыдзы бадт скодтай! Уæ вгæ дын цы у! — йæ æ нгуылдзæ й нымайы. — Мæ фыды руаджы горæ ты зæ дбадæ ны хуызæ н фатеры цæ ры де ’фсымæ р, мæ фыды «Волгæ »-йы узгæ -узгæ бабады, ноджы ма дын, горæ тæ й Хъарманмæ, кæ м цы дзæ гъæ лдзу ис, уыдонæ й машинæ байдзаг кæ ны. Искуы искæ мæ й, — йæ амонæ н æ нгуылдз радаргъ кодта, — иу сау капекк дæ р цымæ райсы? — агъуыстыл йæ цæ стæ нгас ахаста. — Кусаг, дам, у Иветæ! Кæ м сты йæ куыстытæ? Иу гæ бæ р гауыз дæ р нæ й йæ къулыл!

Æ рбацыд Аслан. Иветæ æ фсымæ ры дзурын куы айхъуыста, уæ д фестад, ма ныл фæ гуырысхо уа, зæ гъгæ. Иннæ хæ ттытау та ныр дæ р дзæ къул-мæ къултæ й арвыста йæ чындз æ мæ йе ’фсымæ ры. Машинæ куы фæ аууон, уæ д Иветæ йы хъустыл ауадысты Ладойы ныхæ стæ: «Оммен зæ гъыны бар дæ р дын нал уыдзæ н!.. »

Æ зынма кæ й хуызæ н дæ...

... Фарон фæ ззæ джы, скъолайы кусын куы райдыдта Иветæ, уæ д иубон йæ къласимæ ацыд æ фсæ йнæ гтæ æ мбырд кæ нынмæ. Æ фсæ йнæ гтæ дзыгъал-мыгъулгæ нгæ æ рцæ йластой Аланты уынджы.

Иветæ ацы уынг бирæ уарзта, ам ын алцыдæ р зынаргъ уыд, суанг каурæ бынты цы дуртæ уыд, уыдон дæ р. Ныр дæ р йæ зæ рдæ йы нæ мынæ г кæ ны йæ уарзондзинады зынг. Уарзы йе ’мкъласон фæ лмæ нзæ рдæ Аланы. Нæ йын рох кæ ны йæ мидбылхудгæ цæ стæ нгас, йæ писмотæ, йæ фыццаг къам. Йæ писмойы кæ рон: «Дæ хи Алан»...

Аркадиты раз сæ размæ рауад Лизæ. Кæ рæ дзиуыл ныццин сты.

— Мидæ мæ нæ м рацу, — зæ рдиагæ й загъта Лизæ.

— Фарн уæ м бацæ уæ д, — раарфæ кодта Иветæ, — ацамыдта скъоладзаутæ м. — Мæ къорд та? Аркади быдыры и?

— Нæ уу зæ ххытæ м та ацыдысты. Ацы аз ма афтæ фæ уæ д, нал æ й ауадздзынæ н.

Иветæ мæ диссаг фæ каст. «Нал æ й ауадздзынæ н», — цæ мæ й æ мбæ рста дыууæ æ мкъайы æ мзонд кæ й вæ ййынц.

— Ома, куыд æ й нал ауадздзынæ? — бахудт йæ мидбылты. Уæ дæ Казахстаны фæ ллой чи бафснайдзæ н? Æ ппæ т адæ мы дæ р куы нал уадзиккой, уæ д?

Лизæ бахудт:

— Куыд зын у хæ дзары иунæ гæ й, чысыл сабитимæ уый зоныс?

— Цæ ргæ кæ нæ нт, — загъта Иветæ.

— Зитæ ам ис... — сирвæ зт Лизæ йæ. Йæ былыл ма бæ ргæ фæ хæ цыд, фæ лæ байрæ джы.

— Æ цæ г? — ныццин кодта Иветæ. — Цæ й, хæ рзбон уал, — атындзыдта Зитæ тæ м сывæ ллæ ттæ м адзургæ йæ:

— Сабыргай цæ ут!

Иветæ æ рлæ ууыд Зитæ ты ныллæ г кулдуары раз. «Аланиты ’рдæ м кæ сгæ дæ р куыннæ фæ кодта» — ахъуыды кодта Лизæ.

Арв цыдæ р тартæ æ рбаци. Цæ гатырдыгæ й æ рбахъуызыдысты сау мигътæ: сæ хи зæ хмæ хæ стæ г æ ристой, æ мæ афтæ зынд, цыма æ рæ нцадысты бæ рзонд тута бæ ласы цъуппыл. Бæ лас уæ ззаугай змæ лыд сау мигъты уæ зæ й. Дымгæ Иветæ йы бæ зджын сæ рыхъуынтæ куы амхæ ццæ кæ ны, куы сæ бæ стон афасы. Иветæ дуары сæ рты ауыдта кæ рты бæ ндæ ныл ауыгъд сывæ ллоны хæ лæ фтæ. «Сывæ ллон дæ р ын ис! » — бадис кодта.

— Зитæ, — бадзырта Иветæ. Бацыд кæ ртмæ, хион адæ ймаджы хæ дзармæ цæ уæ гау.

Рауад Зитæ. Æ нæ тæ лы боцкъайау ныххæ рзхуызтæ. Йæ даргъ халат æ рттывтытæ калдта дæ ргъæ й-дæ ргъмæ. Йæ хъæ бысы — сывæ ллон.

— Зитæ! — йæ хъæ бысы йæ акодта Иветæ. — Кæ дæ й-уæ дæ й ма дæ федтон!

— Иветæ куы дæ, нал дæ базыдтон, — худæ нбыл, фæ лæ къæ мдзæ стыгхуызæ й сдзырдта Зитæ. — Кæ цæ й фæ дæ?

— Ам дæ æ мæ мæ м нæ фæ зындтæ? — бауайдзæ ф кодта Иветæ, йæ хъæ бысмæ райста лæ ппуйы, йæ сæ р ын йæ хъуыры бын акодта.

Тыхстхуызæ й лæ ууы Зитæ.

— Куыд цæ рыс? Дæ мой хорз адæ ймаг у?

— Мæ фырдиссагæ й мæ армы дзырд дæ р нал æ фты, — йе ’нгуылдзтæ æ лхъивгæ йæ загъта Зитæ.

— Уый æ нхъæ л уыдтæ н, æ мæ абон дæ у фендзынæ н, — Иветæ йæ рахиз къухæ й уарзгæ февнæ лдта Зитæ йы цонгмæ.

— Цæ й дзæ бæ х дæ? — Иветæ йы аив гуырыкондмæ кæ сгæ йæ загъта Зитæ. Дæ хуыз нæ ма аивтай. Скъоламæ куы бацыдтæ, уæ д бынтон сног дæ. Æ з та, æ нæ баст куырисау, фæ йнæ рдæ м фæ цыдтæ н...

— Мæ сæ р цæ мæ й ныхъхъил кæ нон, ахæ мæ й мæ м ницы ис, — загъта Иветæ.

— Ныр дæ м уыцы æ фсæ йнæ гтимæ архайын куыд цæ уы?

— Сымах нæ фембырд кæ нут?

— Æ з нал кусын. Мæ нæ сывæ ллонмæ кæ сын.

— Мах цы æ фсæ йнæ гтæ æ рæ мбырд кæ нæ м, уыдонæ й арæ зт æ рцæ удзæ н не скъолайы ногдзауты номыл сæ рмагонд трактор.

Арв ферттывта, ныннæ рыд.

— Мæ гуыры бонтæ! — батыхст Зитæ. — Æ з арвы нæ рынæ й тынг тæ рсын.

— Зонын дæ. Иу хатт скъолайы партæ йы бын куы бабырыдтæ!.. Сабийыл цинтæ кæ ны.

— Кæ йдæ р хуызæ н мæ м кæ сы. Йæ ном цы хуыйны?

Зитæ йы буарыл рог ризæ г азгъордта. Къуызгæ дзуапп радта:

— Сæ рмæ т...

— Зитæ, æ рбацу ма нæ м, — де ’рбацыдæ й мæ тынг сбуц кæ ндзынæ, — курæ гау загъта Иветæ.

— Афонмæ дæ р дæ м ныууадаин, фæ лæ афтид армæ й дæ ног хæ дзармæ...

— Цытæ дзурыс? — фефсæ рмы Иветæ. — Цу, гæ бул, мамæ мæ. — Сывæ ллон нæ куымдта йæ мадмæ.

— Кæ с-ма, ацы къулбадæ гмæ! — бахудти мад. — Сывæ ллон, дам, зæ рдæ зоны, — йæ къухтæ йæ м бадардта. Иветæ йы дæ ллагхъуыр йæ хи амбæ хста чысыл лæ ппу.

— Цæ уон, — афонмæ мæ адæ м цы фесты? — батыхст Иветæ. Уынгмæ фæ раст. Фæ лæ ууыд. Йæ зæ рдæ йы уидæ гтæ йын цы фарста агайдта, уый раттынвæ нд скодта. Æ нкъард, уираг дур дыууæ дихы чи ахауын кодтаид, ахæ м цæ стæ нгасæ й бакаст Зитæ мæ æ мæ йæ афтæ бафарста:

— Зæ гъ-ма, никуы йæ феныс? Уый дæ р, дам, уым Астæ уккаг Азийы кæ мдæ р куы ис?..

Зитæ цавддурау лæ угæ аззад. Иттæ г хорз æ мбары, кæ уыл фæ рсы, уый. Кæ сы уынгмæ. Ницы дзуры. Иветæ дæ р акаст уынгмæ. Арв ферттывта, ныннæ рыд. Йугай ставд æ ртæ хтæ хауын райдыдтой. Хæ дзарæ й разгъордта Алан, хъæ лдзæ гæ й дзургæ:

— Зитуля, ныртæ ккæ такси ам уыдзæ н, рæ вдздæ р...

Иветæ базыдта хъæ лæ с, цасфæ нды адæ мты хъæ лæ сты æ хсæ н дæ р æ й раиртасдзæ н. Йæ рахиз туфлийы зæ вæ т æ мæ галиу туфлийы фындзыл фæ зылд.

— Æ ллæ х!.. — фæ хъæ р кодта Алан, — йæ къухтæ йæ халас сæ рыхъуынты фæ сагъта, йæ хи фесхъæ л кодта, цыма згъæ рфыцæ н тæ вд пецы дуарæ й йæ хи хъахъхъæ дта, афтæ.

Иветæ цалдæ р азы æ вæ лмæ цгæ йæ цы амондджын фембæ лдмæ æ нхъæ лмæ касти, уый æ рцыд, фæ лмæ н йæ мидбылты бахудт, бакаст Аланмæ. Цæ стæ нгас сбырыд йæ уарзоны ныхмæ, æ рынцад сæ рыхъуынтыл æ мæ сыгъдæ гзæ рдæ йæ афтæ бафарста:

— Алан, дæ сæ р куыд сурс и?..

Уыцы фарстæ й Алан фæ ныфсджын æ мæ дзуапп радта:

— Æ мæ, мæ нæ н мæ сæ р службæ йы куы сурс и...

Иветæ йыл æ хсызгон уылæ н бацæ ллахъ кодта — фехъуыста йæ уарзоны сыгъдæ г æ мæ зæ рдæ мæ дзæ угæ хъæ лæ с.

Хъуысы арвы нæ рын, тута бæ ласы сыф-сыф.

Бæ ндæ нæ й рамбырд кодта сабийы дзаумæ ттæ, сывæ ллоны сыл æ рбадын кодта. Лæ ппу ныккуыдта.

— Ды дзæ бæ х лæ ппу дæ, — йæ ныхæ н ын аба кодта.

Азгъордта дуармæ. Сывæ ллон ныцъцъæ хахст кодта. Фæ стæ мæ йæ м фездæ хт, арæ вдыдта та йæ, саби фæ хъус.

— Гæ бул, ма ку, æ зынма кæ й хуызæ н дæ...

Уынджы йæ м æ нхъæ лмæ каст Лизæ, сыгъдæ г голлаг йæ сæ рыл, йæ дæ лармы та зонтик, дзабыртæ æ мæ къалостæ.

— Ма тыхс, — зæ рдæ тæ йын æ вæ рдта Лизæ. — Гъа, скæ н къалостæ.

— Зыдтай хабар, — Иветæ йы ныхас ферхæ цыди, — дæ хæ дæ г та ма мæ сардыдтай...

— Бахатыр кæ н, æ нæ рхъуыдыйæ мæ сирвæ зт. Уæ дæ й нырмæ фæ смонæ й мæ хи хæ рын... Хъуыды дæ р æ й ма кæ н.

— Нæ хи доны былы дурæ й мын мæ зæ рдæ ныццавта...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.