Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Зынаргъ костюм



Ханиффæ Аланы Ташкентмæ ахуыр кæ нынмæ куы аласта, уæ д арæ зтадон институтмæ нæ бахаудта. Йæ фыды хотæ йын йæ гæ ххæ ттытæ арæ зтадон техникумы балæ ууын кодтой. Æ рцыд фыццæ гæ м сентябрь. Æ ппæ т уæ лдæ р скъолаты студенттæ сæ къухтæ м райстой чи зæ хкусæ джы, чи та — аразæ джы кусæ нгарз. Алан уыд горæ ты ногарæ зтадон бригæ дтæ й иуы. Фыццаг рæ стæ г ын тынг зын уыди бетонæ йдзаг дарæ сы кусын. Ханиффæ мæ сæ химæ æ нхъæ лмæ кастысты фæ ззыгон куыстытæ æ мæ сæ м тагъд кодта.

— Дæ цæ ст æ м фæ дар, — фæ дзæ хста Ханиффæ кæ стæ р хо Фатъийæ н, — Зитæ куы æ рцæ уа, уæ д æ й æ мдзæ рæ нмæ ма ауадз.

Æ хсызгон уыди Аланæ н Зитæ йы æ рцыд. Сæ бадт, сæ уæ гъд рæ стæ г иумæ æ рвыстой. Джиоргуыбаты размæ бацардысты. Афæ хъойæ н хъыг уыди. Уый фæ ндыд, йæ иунæ гæ н къæ рццæ мдзæ гъдæ й йæ кæ ртмæ чындз куы æ рбахуыдтаид, ирон чындздзон къабаты, æ мæ йын йæ размæ æ хсæ ртæ æ мæ къафеттæ куы калдтаиккой, уый. Фæ лæ, адæ ймаг фæ ндтæ кæ ны, иунæ г Хуыцау та кæ нгæ.

— Мæ нæ уын уат, цæ лгæ нæ н, — загъта сын иу бон фыды хо. — Уæ зæ рдæ мыл ма фæ худæ д, цæ рут уæ хицæ н. Афтæ хуыздæ р уыдзæ н. Мæ сæ р уæ куы хъæ уа — табуафси. — Ирыстонæ й Узбекистанмæ кæ рæ дзийы фæ дыл згъорын райдыдтой æ хца, пасилкæ тæ. Диссаг, кæ м уыдысты Фенимæ уыйас æ вæ рæ нтæ?! Хæ дзары хъару, æ нæ уынгæ хæ тæ лыл бырста йæ чызгмæ æ мæ сиахсмæ.

— Сиахс, — цинæ й марди Фени, — уый æ гæ р æ вирхъау ном у, — хъуыды кодта ус. — Уды гага, зæ ды къалиу. Уырнгæ дæ р мæ нæ кæ ны, цалынмæ сæ мæ дыууæ цæ стæ й фенон, уæ дмæ.

Æ мæ Фени балæ ууыд Ташкенты, зымæ джы уазал дæ р æ й нæ баурæ дта. Бацамыдта йæ чызгæ н, лæ гимæ куыд цæ рын хъæ уы, уый...

— Фыццаг бонты йæ куыд сахуыр кæ най, суанг зæ рондмæ дæ р афтæ уыдзæ н. Рæ сугъд, хæ рзконд лæ ппутæ æ ддæ дзаст кæ нынц. Худгæ, хъазгæ йæ дзур, æ нæ уи та дын куыд загътон, афтæ...

Балхæ дта сын хæ дзары дзаумæ, цæ лгæ нæ ны мигæ нæ нтæ.

— Нæ хъæ уы, Фени, — йæ удæ й цыди Алан. — Кусдзыстæ м. Уыдзæ н нæ м алцы дæ р.

Аланы цард бæ лвырд фæ зындæ р, Зитæ та бæ лвырд фæ хъæ лдзæ гдæ р. Доны бедра нал иста. Базармæ, дуканимæ, хойраг æ лхæ нынмæ нал цыд. Йæ кусæ ндзаумæ ттæ йын нал æ хсадта, йæ костюмыл ын фыццаг бонтау иту нал æ вæ рдта.

— Мæ хæ лафыл ныр мæ йы бæ рц иту нал уыди, — иу райсом куыстмæ цæ угæ йæ дзуры Алан Зитæ мæ.

Уый хуыссæ ны йæ хи аивæ зта æ мæ хуыссæ гхъæ лдзæ гæ й дзуры:

— Алашкæ, бæ ргæ авæ рин, фæ лæ мæ лекцитæ й хъуырмæ дæ н.

— Изæ ры театрмæ цæ уинаг кæ й уыдыстæ м, уымæ гæ сгæ зæ гъын, — аххосджынхуызæ й загъта Алан.

— Сихоры хæ рд кæ нынмæ куы æ рбацæ уай, уæ д ыл авæ рдзынæ, — Зитæ йæ къухтæ сивæ зта Аланмæ. Йæ къухтæ уæ лдæ фы баззадысты уæ рдоны рæ тæ нæ гъдтау. Алан йæ хи аиуварс кодта:

— Цæ й, ныууадз, байрæ джы мын ис.

Йæ чъизи телогрейкæ йæ уæ лæ акодта æ мæ ацыд. Аланæ н ахуыр кæ ныны фадат нал фæ ци. Цæ рын сæ хъуыд... Рацыд фæ саууонмæ. Зымæ джы сесси тыхтæ -амæ лттæ й радта. Нæ йын уыд цæ ттæ кæ ныны фадат дæ р. Ноджы Зитæ куы басывæ рджын, уæ дæ й нырмæ йе ’нгуылдз доны дæ р нал тулы. Алан быхста алцæ мæ н дæ р, Зитæ йы рæ сугъддзинадæ й сæ рыстыр уыд. Тезгъо кæ нынмæ куы рацæ уынц, уæ д адæ м сæ фæ стæ кæ сгæ баззайынц.

Зитæ йæ н райгуырд лæ ппу. Алан амондджын уыди. Лæ ппуйыл афæ дз куы рацыд, уæ д рафæ ндараст сты сæ химæ. Фæ лтау куы нæ ацыдаиккой, йæ зæ рдæ сдзæ гъæ л, Иветæ йы Зитæ ты кæ рты куы федта, уæ дæ й фæ стæ мæ.

Алан æ мбары, Иветæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ й кæ сы. Йæ хъустыл уайы йæ хъæ лæ с: «Æ з æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ хи Аланмæ »...

Нæ, нæ йын ныххатыр кæ ндзæ н. Æ ндæ р æ м æ нæ фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ ацæ уид. Йæ сæ нттæ йын алидзын кодта дуары хъæ р.

— Æ ллæ х, — батыхст Алан, — цъиусур æ рбацæ уы, — агуры Иветæ йы къамæ н æ мбæ хсæ н. Гобаны бын æ й авæ рдта.

Зитæ бацыд, бафиппайдта Алан цыдæ р кæ й ахордта, уый.

— Цы ахордтай, цы? — дисæ й йæ фæ рсы. — Дæ умæ нæ дзурын, де ’взаджы кæ рон ахордтай, дæ хорзæ хæ й, æ ви? — ракæ сбакæ с æ м кæ ны. — Дæ цуры къæ бæ ры мур дæ р куынæ ис?

Зитæ æ дзухдæ р Аланыл гуырысхо кæ ны, цал æ мæ йыл цал сылгоймаджы æ рымысы...

— Цæ й-ма, ныууадз, фæ лтау сихор исты ацæ ттæ кæ н. Аходæ н дæ р куы нæ скодтам.

— Цæ мæ й дын схæ ринаг кæ нон? Æ рхæ сс, æ мæ дын скæ нон, — загъта Зитæ.

Ныууадз, цæ й.

— «Ныууадз», зæ гъыс? — рамæ сты ус. — Æ з сыгъдæ г сыгъзæ рин дæ н. Æ ндæ р сылгоймаг дæ раджы ныууагътаид...

Зитæ йы уайдзæ ф Аланæ н фæ хъыг æ мæ афтæ зæ гъы:

— «Ныууагътаид», зæ гъыс? — фестад, къуылых-къуылых бацыд дзаумæ тты скъапмæ, агуры йæ дарæ с.

— Дæ хи æ лхæ д дарæ с скæ ндзынæ, — сæ рыстырæ й загъта ус. — Дард балцы цæ уынвæ нд ма скæ н, дæ лæ дзджытимæ искуыцæ й ма асхъиу...

Алан ницы дзуры. Шифанеры æ нцой тыххæ й лæ ууы.

— Цу, цу, дæ хæ згултæ дæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц. Кæ цымæ дзы цæ уыс фыццаг, уый ма куы базыдтаин!

Алан раздæ хт йæ усмæ:

— Ныууадз мæ! Хъæ дæ рмæ джы зулкъ куыд бахæ ры, афтæ мæ бахордтай æ нæ зынгæ йæ. — Йæ хи шифанермæ базылдта. — Ды — хорз, æ з — æ взæ р, — райста йæ костюм, йæ уæ лæ кæ нынмæ йæ хъавы.

— Фæ лæ уу, фæ лæ уу, — байста костюм Зитæ. — Ацы костюм мæ мады æ хцатæ й æ лхæ д у! Мæ мад йæ фæ ллой куы ассивид, уæ д нæ хæ дзар гаффуттæ й аззаид, — скъаппæ й калы алыхуызон къабатæ, жакеттæ, Аланы цалдæ р костюмы, хæ лæ фтæ, хæ дæ ттæ...

Алан æ дзынæ г кæ сы, афтæ йæ м фæ каст, цыма шифанерæ й тæ хынц сау, хъулон-мулон халæ тгæ æ мæ зилдух кæ нынц йæ алыфарс.

Агъуысты астæ у дзаумæ тты кæ ри рæ зыд.

— Адон иууылдæ р мæ мады æ хцатæ й æ лхæ д сты, — Зитæ йæ къухтæ йæ синты сæ ртыл авæ рдта. — Иу дæ р дзы не скæ ндзынæ!

— Ау! — ныддис Алан. — Æ з искæ й бызгъуырты фæ цыдтæ н? — Стыр сагъæ схуызæ й лæ ууы.

— Цы диссаг дæ м кæ сы? Æ з дын ныртæ ккæ равдисдзынæ н, мæ мад нын цы æ хцатæ фервыста, уыдон. — Кæ сæ нджын стъолы лагъзæ й фелвæ ста гæ ххæ ттыты гуцъула. Аланы цæ сгомы раз æ й тилы. — Уыныс, квитанцæ тæ, квитанцæ тæ, æ хцайы, пасилкæ ты?..

Алан йæ хи аиуварс кодта æ мæ хъуыдыгæ нгæ загъта:

— Уæ дæ, зæ гъыс, мæ фæ ллойæ мæ нæ н ницы дзаума ис, нæ?

— Ницы, — бакаст æ м. — Дæ уæ лæ уыцы пижамæ дæ р мæ мады...

Алан аджих. Йæ химæ æ гад, мæ гуыр, æ нæ хъару фæ каст. Раласта йæ пижамæ, цыма доны йæ хи цалынмæ надта, уæ дмæ йын йæ гæ рзтæ доны баппæ рстæ уыд, афтæ лæ ууыд мидæ ггаг дарæ сы. Ахæ м зын уавæ ры йæ хи никуыма банкъардта. Йæ цæ ст аныдзæ выд йæ сынтæ джы бын чумæ даныл. Бахудт. Йæ къахæ й йæ фæ ндон фезмæ лæ н нæ уыд, тыххæ й раласта чумæ дан, систа дзы йæ сау костюм, ныццин кодта:

— Мæ зынаргъ костюм, йæ фындзмæ йæ схаста. — Мæ урс хæ дон дæ р.

— Дæ мидæ ггаг дарæ с, — фæ сыкк Зитæ.

— Бахатыр кæ н, мæ фыццаг мыздæ й кæ й балхæ дтон, уыдон сты. Абон сæ бампъызтон. Мæ чъизи дарæ с цæ мæ й раивтаин, уый нæ уыди æ мæ. — Йæ къухтæ айтыгъта Алан. — Ау, майдыма... амардтæ н?

— Цал хатты дын загътон, — мæ стыйæ загъта Зитæ, — гæ рзтæ хсæ н ныр дыккаг мæ й цалцæ г кæ нынмæ урæ д у, гукк!

— Хорз! — райста морæ жакет Алан.

— Уый мæ мады...

— Æ -уæ ууæ й, фæ лтау мæ мæ лæ т хуыздæ р.

Уыйас лæ г у æ мæ дæ уæ лæ хæ лаф, хæ донæ н цы скæ най, уый дын ма уæ д. Цæ мæ æ рхаудтæ н, цæ! — сынтæ гыл йæ хи æ руагъта.

— Цæ мæ й зонын, — айуанæ й загъта Зитæ. — Дæ фыдæ н иунæ г дæ! Загътон хъæ здыг цæ рдзыстæ м.

Алан йæ уæ лæ скодта йæ костюм. Скъола фæ уыны хъазтизæ рмæ фыццаг хатт кæ й скодта, уый. Йæ цæ стытыл ауад, Иветæ имæ куыд кафыд. Йæ сæ р сонтæ й фæ хъил кодта. Йæ хъустыл ауад, Иветæ йæ н хъазты куыд бауайдзæ фчындæ уыд: «Уагæ р ма чызгæ н йæ къаба... » Карз, тар цæ стæ нгасæ й бакаст Зитæ мæ. Зитæ дзы фæ тарст. Никуыма федта Аланæ н ахæ м цæ стæ нгас.

— Зитæ! — Аланы дæ ндæ гты къæ с-къæ с ссыди. — Уый ды уыдтæ! — фæ зылд дуары ’рдæ м. Федде.

Зитæ тынг тарсти, Алан ын йæ митæ куы базона, уымæ й. Сынтæ гыл йæ хи баппæ рста. Уый æ нхъæ л нæ уыд, æ мæ Алан тæ ргайæ ацæ удзæ н. Тынгдæ р фæ хылтæ вæ ййынц, фæ лæ никуы ацыд. Нæ фæ лæ ма Зитæ йæ хæ дæ г ацæ уы тæ ргайæ. Фарон фæ ззæ джы дæ р алыгъд йæ хæ стæ джытæ м. Дыууæ мæ йы нæ бацагуырдтой кæ рæ дзийы. Иу изæ р Алан йæ контролон куыстытыл бадти, афтæ мæ й дуар æ рбахостæ уыд.

— Мидæ мæ! — ауад дзурæ гмæ Алан.

Къæ сæ рмæ лæ ууыд Зитæ. Англисаг къаролы чызгау арæ зтæ й. Иу ныхасæ й, йæ бæ рзонд сæ ры фастыл сыгъзæ рин хъазы сис тъыст нæ уыд, æ ндæ р ыл цы нæ уыд, ахæ м нæ баззад. Йæ рæ сугъддзинад атайын кодта Аланы æ взонг зæ рдæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.