Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æрмкъухтæ



Зымæ г хъæ ды. Хъæ д цыма æ взист доны йæ хи стылдта, афтæ рæ сугъд уыди чырсæ й. Чырс фидар лæ ууыд бæ лæ сты къалиутыл, къудзитыл, æ хсæ ры къутæ ртыл. Уагъылы бæ лæ стæ н сæ сырх нæ мгуытæ зындысты дæ ргъæ ццон сырх фæ рдгуытау.

Иветæ æ мæ Аслан лæ гдзоныгъимæ схæ ццæ сты тæ рс бæ ласмæ. Аслан базгъордта уагъылымæ. Тæ рс бæ лас лæ ууыд урс дынджыр лили дидинæ гау, æ взистдоны тылдæ й. Рог, зына-нæ зына уддзæ фмæ базмæ лыд тæ рс, йæ æ рттиваг фæ рдгуытæ рæ вдаугæ æ рызгъæ лдысты Иветæ йыл.

Уый æ гасцуай зæ гъы хъæ ддзау чызгæ н.

— Дæ бон хорз, мæ бæ лас! — салам радта чызг, бæ ласы ставд зæ нгæ н йæ сырх-сырхид къухтæ й ахъæ быс кодта. Йæ телогрейкæ йы æ ддеты цы рон баст уыд, уый арфдæ р абаста, йæ æ рчъиты бæ ттæ нтæ алвæ ста, йæ сæ рбæ ттæ н æ нгомдæ р бабаста. Кусæ нгарз йæ къухмæ райсыны размæ йæ рахиз армытъæ пæ нмæ «пту», зæ гъгæ, фæ кæ ны. Ныр дæ р «æ рпту» кодта, къух хæ рдмæ фæ хъил кодта. Фелвæ ста дзоныгъæ й фæ рæ т, фæ раст, æ хсæ р бæ ласы раз цы тæ рс бæ лас уыди, уымæ.

Хæ рдмæ йæ м скаст. Цæ стæ нгасæ й калын райдыдта кæ рæ дзийы фæ дыл бæ ласы цæ нгтæ. Чызг ас лæ гау ныххафт кодта бæ ласы зæ нг. Æ ргæ р-гæ р кодтой æ взист фæ рдгуытæ. Иветæ йæ хи аиуварс кодта, фæ лæ уæ ддæ р йæ сæ р айдзаг чырсæ й, йæ къухтæ й сæ асæ рфта. Йæ фæ рæ т йæ ронбасты фæ сагъта. Рог сгæ пп кодта бæ ласмæ.

— Дæ тæ ригъæ д дæ хи, — куыд алы хатт, афтæ та ныр дæ р хатыр курæ гау загъта Иветæ. Дзæ хс-дзæ хст. Азæ лы хъæ ды фæ рæ ты хъæ р. Цыфæ нды фæ лтæ рдджын хъæ ддзауы дæ р нæ бауырндзæ н, фæ рæ т чызджы къухы ис, уый.

Æ ртæ, цыппар цæ фæ н, чысыл рæ стæ джы размæ -иу фидар цы цонг уыд, уый бæ ласы къалиуты æ хсæ нты. уæ ззау уынæ римæ, аивгъуыйы зæ хмæ. Чызг ныккаст бынмæ. Йæ хъус ацахста фæ рæ ты хъæ р хъæ ды арфæ й. «Лæ джы фæ рæ ты хъæ р у», — ахъуыды кодта. Иукъорд къалиуы ма ракæ ндзæ н æ мæ æ гъгъæ д фæ уæ д ацы тæ рсæ н. Дыууæ галуæ рдонæ й йыл фылдæ р ис, фæ лæ райсбмы мæ т кæ нын дæ р хъæ уы.

Иветæ рагæ й дæ р нал хæ ссы хъæ дмæ дыууæ фæ рæ ты. Чызгæ н йæ хъару азæ й-азмæ куыд тыхджындæ р кодта, афтæ æ фсымæ рыл ауæ рдын райдыдта. Йæ тухитæ м-иу ын куы фæ каст, уæ д ын-иу ныттæ ригъæ д кодта. Кæ д-иу раздæ р йæ хотæ н амбырд кæ нын кодта калд хъæ д, уæ д ныр та йæ хæ дæ г фæ лæ буры, амбырд сæ кæ ны, уæ рдоны сæ ацамайы. Аслан йемæ æ мбалæ н кæ й рацæ уы, уымæ й дæ р дзы стыр бузныг у. Хъæ дмæ куы рараст сты, уæ д Аслан доныбылмæ ацамыдта:

— Иве, — тæ ригъæ ддаг цæ стæ й скаст хомæ. — Кæ с-ма, бырынц... — Доны был бæ зджын ихыл лæ ппутæ бырыдысты.

— Аслан, уыдонмæ ма хæ лæ г кæ н, — дзоныгъы рахæ цæ н ын йæ къухы фæ сагъта, куы йын алидза, уымæ й тæ рсгæ йæ. — Нæ кълас Ногбон æ хсæ вмæ цæ ттæ кæ нынц, æ з та хъæ дмæ цæ уын!..

— Æ мæ цæ мæ н цæ уыс?

— Куыд не ’мбарыс? Ныр гыццыл лæ ппу нал дæ. Мах алы бон дæ р цæ удзыстæ м хъæ дмæ. Ацы каникулты суг æ рцæ ттæ кæ нæ м.

— Зымæ г дæ р — хъæ дмæ, сæ рд дæ р — хъæ дмæ, — бахъуыр-хъуыр кодта Аслан.

— Нæ цæ хæ радоны кауы ных дæ р та нын ивинаг у. Уалдзæ джы каникулты та уый куыст кæ нын хъæ удзæ н.

Иветæ æ рхызт бæ ласæ й. Арæ хстгæ цагъта ставд цонджы лыстæ гдæ р къалиутæ, уыцы лыстæ гдæ рты та сыгъдæ г кодта ноджы лыстæ гдæ р къалиутæ й. Сыгъдæ г суг калдта иу ран. Æ нахъаз пыхс къалиутæ æ мбырд кодта, фæ свæ д сæ иу къудзийы рæ бын æ фснайдта.

— Дæ фæ стæ чъизийæ куы ныууадзай, уæ д уыцы куыст сау суарийы аргъ дæ р нæ у, — афтæ фæ зæ гъы йæ мад.

Йæ сабийы бонтæ й нырмæ хъæ уы, быдыры, Иветæ кæ м фæ кусы, уый æ рфæ ны фæ дау бæ рæ г вæ ййы йæ бæ стондзинадæ й.

Аслан æ рбахаста йæ дзыппыты уагъылытæ.

— Кæ с-ма, Иве, цас æ ртыдтон мамайæ н!

— Дзæ къулы сæ ныккæ н. Æ мæ ма æ ртон.

Лæ ппу та ацыд.

Иветæ уæ рдоны бæ стон амайын райдыдта суг. Бынæ й ставддæ ртæ. Æ гæ р даргъ чи уыд, уыдонæ н сæ къæ дзилтæ й акъуыры. «Дыууæ ластваг сты», — йæ цæ ст ахаста калд сугтыл. Йæ зæ рдыл та æ рбалæ ууыд Алан. Йæ цæ стытыл ауад, Алан куыд аив ныффыста ногбоны арфæ тæ скъолайы дуары сæ рмæ: «Æ гас цæ уæ д 1954 аз! » Дзоныгъыл куырис тыхт акодта рæ хыс, йæ гæ ркъайы цæ гæ й йæ афидар кодта. Дыууæ æ лвасæ н хъæ дæ й æ рбалвæ ста рæ хыс. Æ рфидар кодта æ лвасæ н мих. Къухтæ й асгæ рста æ лвасæ нты фидардзинад. Цæ ттæ у. Калд суг афснайдта: чи зоны, райсом сын дыууæ цыды бантыса. Фæ рæ т æ мæ дзæ къул сугты æ хсæ нты бабæ стон кодта. Дзоныгъы сæ р, йæ фæ йнæ фæ рсты хус сугтæ атъыста. Цæ й хъæ ддзау у уый, хус къæ цæ лтæ чи нæ æ рласа. Хур аныгуылд. Зымæ гон бон скæ с æ мæ ныккæ с йеддæ мæ нæ у. Фæ стæ мæ ма иу хатт акаст, дзоныгъыл схæ цыд, батылдта йæ — разуæ з у, æ ви фæ стæ уæ з. Хорз у! Адзырдта Асланмæ æ мæ ахæ цыд дзоныгъыл. Сугтæ й бæ рзондамад дзоныгъæ н йæ сæ рыл, йæ фæ рстыл уыцы гуппар æ нгом тъыстæ й лæ ууыдысты хус къæ цæ лтæ.

Аслан йæ уагъылытæ сыгъдæ г кæ нгæ рацыд йæ размæ.

— Аслан, рауай!

Лæ ппу йæ галиу къухæ й хæ цы дзоныгъы хæ цæ ныл, йæ иннæ къухæ й та архайы уагъылыимæ.

— Аслан, афтæ -иу ма кæ, кæ д кусгæ, уæ д кусгæ. Дæ хæ рын уал фæ уадз, — лæ гъстæ йæ загъта хо æ фсымæ рæ н. Сæ фæ ндагыл цы уагъылыйы къудзи ис, уырдæ м куы æ рхæ ццæ сты, уæ д Аслан фæ раст къудзимæ. Иветæ йæ н бæ лвырд фæ уæ ззау йæ ласинаг. Цы диссаг у! Иу уæ лдай къух иумæ йаг хæ ссинагыл ныдзæ вгæ куы кæ на, уæ ддæ р цас æ ххуыс у!

— Аслан, æ рталынг. Рæ вдздæ р у! — акаст размæ. Релсыты схæ цæ ны мит хурмæ атад æ мæ афтæ зынд, цыма йыл сау нымæ т баппæ рстæ уыд. Чызджы зæ рдæ йы бацыд тасдзинад, æ мбæ рста, куыд зынтæ й сбырдзысты дзоныгъы æ фсæ ртæ салд зæ ххыл.

— Аслан, тагъддæ р! — ахъæ р кодта æ фсымæ рмæ, йæ хæ дæ г схæ цыд хæ рдмæ. Дзоныгъ фæ бырыд фæ стæ мæ. Чызг та схæ цыд йæ тых, йæ бонæ й, йæ зæ вæ тæ й йæ хи зæ хмæ æ лвасгæ йæ. Йæ къахы бын бамбæ рста релс, бахызт иуæ й, дыккаг релсмæ йæ къæ хтæ ныббыцæ у кодта, дзоныгъы рахиз æ фсæ р сбырыд фыццаг релсы сæ рты, галиу æ фсæ р аныгъуылд хъæ дырдыгæ й дыууæ шпъалыйы ’хсæ н дзыхъгонды. Дзоныгъ ныццæ хгæ рмæ æ фсæ нвæ ндагыл.

— Аслан! — хъæ ды ’рдæ м азгъордта. — Мæ нæ диссаг, цы фæ ци?! Афтæ мæ й «кукушкæ » куы фæ зына?! — куы Асланмæ, куы дзоныгъмæ, дыууæ рдæ м рауай-бауай кæ ны. Дзоныгъы æ фсæ ртыл схæ цы, йæ къæ хтæ фæ бырынц æ мæ ахауы.

Дзоныгъы бын фæ мидæ г, йе уæ хск дзоныгъы бынмæ куы фæ царæ зта, раст уыцы рæ стæ г дæ рддзæ ф фæ зилæ нæ й æ рбакалд рухсы тæ лм. Хъæ д ныззыр-зыр кодта поезды фæ дисон хъæ рæ й.

Иветæ дзоныгъы æ фсæ ры сæ рты хæ рзхæ стæ г ауыдта хохы йас поезды ных стыр цæ стимæ. Арвæ рттывдау йæ сæ ры февзæ рд хъуыды: «Цъæ л мæ кæ ндзæ н»... — Йæ цæ стытæ фæ сагъта рухсгæ нæ г цæ сты, йæ хъустыл ауад: «Æ рлæ у-у-у! » æ мæ... ницыуал бамбæ рста...

***

Машинист ауыдта: лæ ппу згъоры, йæ худ æ м тилы... Дзоныгъы бынæ й райстой Иветæ йы.

— Иве!!! — тарст хъæ р фæ кодта Алан æ мæ æ нæ бонæ й æ рхауд. Аркади фæ лæ бурдта чызгмæ, йæ цæ нгтæ йын фæ йнæ рдæ м кæ ны.

Поезд æ ддæ дæ р æ рлæ ууыд, æ мæ дзы рагæ ппытæ кодтой кусджытæ. Амбырд сты чызгыл...

— А-а-а... — схъæ рзыдта чызг. Ауыдта йæ алыварс бирæ нæ лгоймæ гты, поезды рухс. «Æ мæ уый раджы куы уыди», — ахъуыды кодта. Афтæ йæ м касти, цыма поезды рухсы цæ ст фæ стаг хатт куы федта, уæ дæ й нырмæ рацыд æ нæ хъæ н æ нус...

— Иветæ, ракæ с, ницы дын уыди, Иве, — дзырдтой йæ м лæ гтæ.

Æ рæ мбæ рста йæ хи, цыдæ р æ гад æ м фæ каст. Йæ сæ р азылдта галиуырдæ м æ мæ ауыдта Аркадийы, стæ й та Аланы. Поездæ й рахизджытæ Иветæ йы кæ й зыдтой, уый Аланмæ диссаг фæ каст.

Аркади йын цыма йæ хъуыды бамбæ рста, афтæ сæ афарста, зонгæ сын у, зæ гъгæ.

— Æ з ацы чызджы быдыры кусгæ æ мæ хъæ дмæ цæ угæ, хæ стæ й куы ссыдтæ н, уæ дæ й нырмæ уынын, — загъта машинист.

— Æ з та йæ зонын, — загъта урсзачъе лæ г, — 1942 азæ й фæ стæ мæ...

— Ехх, æ вæ дза, — йæ сæ р ныттылдта иннæ...

— Суазал ис, — загъта чидæ р. — Аласут æ й сæ химæ.

— Аслан, — уæ рмæ й дзурæ гау сдзырдта чызг. — Нæ хъæ уы.

Цудтытæ гæ нгæ фестад Иветæ Аркади æ мæ ма иу лæ джы æ ххуысæ й. Алан лæ ууыд цавддурау. Адæ м сгæ ппытæ кодтой поездмæ. Поезд сындæ г ацыд. Лæ гтæ сæ къухтæ тилгæ фæ аууон сты. Мæ й арвы астæ умæ дзæ вгар суади. Стъалытæ сæ кæ рæ дзимæ ныкъуылдтой сæ цæ стытæ. Алан æ мæ Аркади Сæ телогрейкæ тæ байтыдтой дзоныгъы.

— Иветæ, сбад, мах дæ аласæ м, — загъта йын Аркади.

Иветæ йæ мидбылты бахудти.

— Нæ, бузныг, — телогрейкæ тæ сæ м дæ тты. — Суазал уыдзыстут, скæ нут сæ.

— Иветæ, æ дзух дæ хи фæ нд тæ рыс, — загъта Алан.

— Сугтæ самай, — загъта Иветæ. — Кæ д дын зын нæ у, уæ д. — Йæ уазал къухтæ йæ дыууæ русыл авæ ры.

— Иветæ, — бакаст Алан чызгмæ, — скæ н мæ нæ мæ телогрейкæ, суазал дæ.

— Скæ нут сæ! Лæ ппутæ райстой сæ хъарм дзаумæ ттæ.

— Алан, мах Асланимæ галтæ м акæ сæ м, — загъта Аркади хъæ дмæ ацамонгæ йæ.

— Æ ллæ х! Афонмæ хъæ ды афардæ г сты, — батыхст Алан.

— Æ фсондзы бын дардмæ нæ ацæ удзысты. Цом, Аслан! — загъта Аркади, Асланы къухыл фæ хæ цыд. Азгъордтой хъæ дмæ.

— Уæ хорзæ хæ й, ам куыдæ й февзæ рдыстут? — афарста Иветæ.

Алан радзырдта хъуыддаг.

— Уæ дæ уый дæ у «Æ рлæ уу! » айхъуыстон?..

— Фехъуыстай мæ? — бадис кодта лæ ппу.

— Уый фæ стæ ницыуал бамбæ рстон...

Алан Иветæ йыл йæ телогрейкæ æ рбакодта.

— Бузныг, — загъта чызг.

— Иветæ, — фæ тыхст лæ ппу. — Бæ ргæ дын мæ зæ рдæ йы тугтæ ныккæ лынц, фæ лæ... Æ з дæ цæ стыгагуыйау хъахъхъæ ндзынæ н. Æ з... Æ з... ды алы хатт дæ р мæ рахиз фарс цæ удзынæ, мæ тыхджын рахиз къухæ й дæ хъахъхъæ ндзынæ н!.. Æ з, Иве, мæ бæ мбæ джджын уæ дæ й нырмæ æ хсын дæ р нæ уадзын, стæ й йæ нæ цæ хсдзынæ н.

— Кæ дæ й нырмæ?..

— Сылтаныхъы дæ уæ лæ куы уыди, уæ дæ й нырмæ.

— Цæ уылнæ?

— Дæ буары тæ ф... дон аласдзæ н. Æ хсæ в æ й мæ нывæ рзæ н бавæ рын.

— Тæ худиаг нæ у... — æ нæ рхъуыдыйæ сдзырдта чызг.

— Куыд загътай?! — сцин кодта лæ ппу. — Уый мæ нæ н тынг æ хсызгон у! — зæ рдæ рухсæ й бахудт Алан.

— Афтæ буц, зæ гъын, чи у?.. — фефсæ рмы Иветæ.

Лæ ппу йæ ронæ й фелвæ ста фæ смын æ рмкъухтæ:

— Дæ къухтыл сæ бакæ н. Мамæ йы конд сты.

Чызг æ нцад бады.

— Баввæ рс сыл. — Фæ комкоммæ йын ис йæ къæ хтæ м. — «Æ рчъитæ, и? » — йæ фыр тыхстæ й йæ былтæ анцъылдта.

Иветæ... — Алан йæ сæ р фæ стæ мæ акодта. Фæ тарст, йæ хъæ бысы йæ куы ныттуха, уымæ й. Йæ хи ноджы фæ стæ дæ р акодта. — Иветæ, æ з дæ никуы ферох кæ ндзынæ н, никуы, — чызджы къухтæ йæ къухты рæ вдаугæ бамбæ хста, фестад. Чызг дæ р фестад. — Ды та?..

Чызг ницы дзуры.

— Ды та?..

— Æ з дæ р...

Аланæ н цыма йе ’ккойæ стыр уаргъ ахауд, афтæ ниццин кодта, æ мæ йæ м æ рмкъухтæ дæ тты:

— Иветæ, райс. Мæ номыл сæ дар.

— Бузныг, — мидбылты бахудт чызг, райста æ рмкъухтæ.

Хъæ дæ й рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ райхъуысы «хе», фæ лæ дыууæ æ рыгон уды уый нæ хъусынц...

— Хе-хе! — азæ лыд Аркадийы хъæ лæ с сабыр хъæ ды.

— Æ ллæ х, фæ худинаг дæ н! — ныккатай кодта Иветæ. «Гъе, афтæ мæ йты лæ гыл æ рцæ уы рæ дыд», — загъта хинымæ р æ мæ сугтæ дзоныгъы амайынмæ фæ ци.

— Æ з æ й ацамайдзынæ н, — рæ вдз февнæ лдта Алан.

Аркади æ мæ Аслан сæ размæ куы æ рхæ ццæ сты, уæ д Алан дзоныгъыл рахæ цыд.

— Уæ дæ абон хъæ ды сымах фæ рæ ты хъæ р азæ лыд? — бафарста чызг.

— Æ вæ ццæ гæ н, — загъта Аркади.

— Базыдтон, фæ рæ т нæ лгоймаджы къухты кæ й уыд...

— Цæ мæ й? — дисхуызæ й йæ бафарста Аркади. — Алан кæ нгæ кодта, æ з та — ласгæ.

— Йæ уынæ рæ й, — загъта Иветæ. — Хæ сты рæ стæ джы хъæ дæ й куыд лæ мæ гъ фæ рæ ты хъæ р хъуысыд! Ныр, азæ й-азмæ фæ рæ ты хъæ р тыхджындæ ргæ нгæ цæ уы. Бахъомыл сты сидзæ ртæ. Сидзæ ргæ сы къухæ й фæ рæ т райста йæ хъомыл фырт.

— Кæ с-ма, куыд æ й ныхъхъуыды кодта, — загъта Алан.

— Ницы хъуыдыйаг у. Зæ гъæ м, абон хъæ ды дæ сидзæ ргæ с мад нæ й, фæ лæ йæ фырт Аркади.

— Ды та, сидзæ ргæ стимæ дæ р — фæ рæ тджын æ мæ сæ цотимæ дæ р, — загъта Аркади.

— Хъысмæ тæ й никæ дæ м лидзæ н ис, — загъта Иветæ, бакаст галуæ рдонмæ æ мæ бахудт.

— Цæ уыл худыс?

— Мæ дзоныгъ æ мæ дæ уæ рдон пыл æ мæ дамкъайы хуызæ н сты. Рафæ ндараст сты. Мæ йрухсмæ мит æ рвхуыз æ взистхуыз зынди. Арвыл, цыма исчи егъау кæ фойы дзаг зынгтæ бакалдта, афтæ цæ хæ ртæ калдтой стъалытæ.

Иветæ цынæ фæ кодта — нæ йæ м байхъуыстой. Дынджыр галуæ рдон æ ркалдтой сæ къæ лидоры раз.

— Макуыуал рацу хъæ дмæ, — ныффæ дзæ хстой лæ ппутæ чызгæ н.

Иветæ нал ацыд хъæ дмæ æ нæ хъæ н къуыри. Æ вæ ццæ гæ н, уыцы тасдзинад нæ хицæ н кодта йе уæ нгтæ й. Стæ й та райдыдта. Цы гæ нæ н ис, уазалы бадын зын у, уæ дæ хом кæ рдзын дæ р куыд бахæ рдзынæ. Залиханы æ нæ низдзинад бонæ й-бонмæ фыддæ р кодта, нал цæ уы рынчындонæ й хæ дзармæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.