Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Нæ бæстæ хъусы, нæ бæстæ зоны



Цъата

Сылтаныхъы æ нæ кæ рон нартхоры быдыр зыны сыгъзæ рин денджызау. Рæ гътыл цы иугай бæ лæ сты къутæ ртæ ис, уыдон бæ ркадджын фæ ззæ г аив сфæ лыста йæ хи закъонтæ м гæ сгæ: бур, сырх, хъулон-мулон дарæ сы.

Æ взист хохы цъуппæ й радымы рог дымгæ. Бауигъы дзаг фæ ллойы къæ биц. Уылæ нтæ -уылæ нтæ й базмæ лы сыгъзæ рин денджыз. Йæ æ нæ уынгæ базыртыл раскъæ фы нартхоры хуымæ й хорæ фснайджыты змæ лд, иугай хъæ лæ стæ, худын, хус нартхоры къæ рццытæ, дзаг тæ скъæ й кæ римæ нартхоры гæ р-гæ р, машинæ ты гуыв-гуыв. Æ ппæ т уыцы уынæ р иу кæ ны æ мæ хъуысы æ хсызгон музыкалон уацмысау.

Æ вæ дза, дымгæ тынг тæ худиаг у! Кæ дæ м æ й бафæ нда, уым смидæ г вæ ййы. Кæ м фыдбылыз акæ ны, кæ м та — пайда. Кусджыты цæ сгæ мтты хид нартхоры дæ рзæ г сыфтæ й асæ рфы, сæ былтыл ауайы нартхоры къæ билайы хус тæ ф. Хуырæ й астæ рд ног фæ ндагыл уæ зласæ н машинæ тæ дыууæ рдæ м згъордтой. Нартхоры хуымæ й хъæ ндилтау узгæ -узгæ рабырынц æ взист нартхорæ й дзаг машинæ тæ. Уæ гъд машинæ тæ та фæ мидæ г вæ ййынц хуымы. Доныбын ленкгæ нæ г нау доны куыд аныгъуылы, афтæ машинæ ты йæ хъæ бысы амбæ хсы сыгъзæ рин денджыз.

Нартхоры кæ римæ дзаг тæ счъытæ æ рбахастой Рая æ мæ Иветæ.

— Рая, чи ма дзы ис, уыдон хæ сс, æ з та уæ лæ иу ран зæ ронд тынд æ фсиртæ федгон æ мæ уыдон æ рдавон. Тæ ригъæ д сты, куы баззайой, уæ д, — тæ скъ йæ къухы аскъæ фта æ мæ азылд галиуырдæ м. Рая ма дыууæ тæ счъы æ рбахаста, фæ лæ нæ амбæ лд Иветæ йыл.

«Æ вæ ццæ гæ н ацыд», — ахъуыды кодга Рая æ мæ рараст фæ ндагмæ.

Хур аныгуылд. Хуымæ й къордтæ -къордтæ й цыдысты скъоладзаутæ, станмæ адаргъ сты. Сæ худын æ мæ хъæ лдзæ г ныхас дардмæ хъуысыд.

Абон Алан æ мæ Аркади нартхор ластой Æ рыдонмæ. Ныр æ рхызтысты машинæ йæ. Станмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д Алан йæ цæ ст ахаста чызджытыл, Иветæ нæ зыны.

— Аркади, нæ адæ м ам куы не сты? — батыхст Алан.

— Зындзысты. Цом исты уал аууилæ м, — стырзæ рдæ йæ загъта Аркади.

— Фæ лæ уу-ма, Зитæ дæ р нæ й.

— Ма тыхс, Рая дæ р нæ й, — станмæ базгъоргæ йæ сдзырдта Аркади.

Хуымæ тæ джы нæ у, — батыхст Алан æ мæ фæ раст быдырмæ.

— Фæ лæ уу! — фæ стейы йæ расырдта Аркади, йæ къухы дынджыр дзулы цыппæ рæ мхай æ мæ дзидзайы къуылдых. — Цæ мæ й йын тæ рсыс? Нæ йæ зоныс, цалынмæ ма иу змæ лæ г уа, уæ дмæ хуымæ й кæ й нæ рацæ удзæ н, уый?

— Нæ зонын, — бауайдзæ ф кодта Алан, — Иветæ йы æ ппæ тæ й фылдæ р хъæ уы. Бауырнæ д дæ, Аркади, йæ сæ ры куыстæ й æ ндæ р ницы ис. Зæ гъ-ма, ау, афтæ æ взæ р дæ н, æ мæ мæ... — фæ тыхст. — Æ мæ мæ иу чысыл ма... — зæ гъинаг уыди «ма уарза», — нымайа.

— Чи дæ нæ уарзы? — хинхудтгæ нгæ афарста Аркади.

— Иветæ... — æ нкъардæ й дзуапп радта Алан.

— Гъа, ахæ р, æ мæ дын фенцондæ р уа, — загъта Аркади.

— Мæ хъуыры сыгъзæ рин дæ р нæ ныццæ удзæ н.

— Алан, зæ гъ-ма, æ з Зитæ йы куыд уарзын, ды дæ р...

— Цы загътай? — йæ ныхас ын кæ ронмæ зæ гъын нал бауагъта Алан. — Æ хсæ вæ й-бонæ й йæ сурæ т мæ цæ стыты раз лæ ууы. Мæ хъустыл уайынц, цы иугай ныхæ стæ дзы фехъусын, уыдон. — Фенкъард. — Фæ лæ ницы. Нæ мæ уарзы. Ноджы ацы дохтыр... Тынг ын ауды йæ рынчын мадыл. Гъы, куыд кæ сы дæ умæ та?

— Мæ гъа! — йæ комдзаг нынныхъуыргæ йæ йе уæ нгтæ базмæ лын кодта Аркади.

— Мæ ныл дæ р хуыздæ р бон нæ й. Зитæ мæ зæ рдæ мæ цæ уы, йæ хæ дæ г та дæ уыл йæ хи мары.

— Мæ нæ й йын ницы пайда ис.

— Æ взæ рæ й йæ зоныс? — тарстхуызæ й афарста Аркади.

— Нæ, цытæ дзурыс! — карзæ й загъта Алан. — Æ взæ р чызг нæ у, фæ лæ...

— Алан, дæ зæ рдæ ма фæ худæ д, фæ лæ мæ нмæ та афтæ кæ сы æ мæ...

— Æ мæ цы?!

— Нæ зонын, фæ лæ йæ цыма тынг нæ уарзыс.

— Мæ хи акъæ ртгæ нæ н куы уаид, мæ зæ рдæ мæ искæ цæ й ныккæ сæ н, уæ д афтæ бæ ргæ нæ хъуыды кæ нис. — Фæ ндаджы былæ й нартхоры хæ тæ л систа æ мæ йæ амайы хæ рынкъайæ.

— Ды дæ хи куыд дарыс, афтæ исчи кæ ны?

— Нæ уæ ндын. Æ ндæ ра йæ м ахæ м рæ сугъд писмотæ ныффыссин, — йæ мидбылты бахудт Алан.

— Ды нæ уæ ндыс, фæ лæ йæ Адзæ дзетæ, куыддæ р дæ сæ мтæ фæ уа, афтæ хæ ссынмæ хъавынц сæ дохтырæ н. Уалдзæ джы фæ уыдзæ н каст. Иветæ ахуыр кæ ндзæ н фæ саууонмæ... Сæ фæ нд афтæ у!

— Мауал дзур! Цæ мæ й зоныс ахæ м бæ лвырд хабæ рттæ?

— Ким мын дзырдта. Стæ й зон, мæ лымæ н: чызджы мад разы у.

— Æ мæ, дам, чызг та? — Аланы сæ р разылд æ ххормаг æ мæ фырмæ стæ й.

— Чызг, дам, загъта, «мæ н Адзæ дзетæ м ницы хъуыддаг ис».

— Зонды къуыбар у, — æ хсызгон улæ фт скодта Алан.

Бахæ ццæ сты, сæ кълас нартхор кæ м тыдтой, уырдæ м. Æ рлæ ууыдысты хуымæ й рацæ уæ н фæ ндагыл.

— Ауыстæ н, хуымы иу цъиуызмæ лæ г дæ р нал ис! — батыхст Алан.

— Нæ! Хъæ ллæ гъы сыф-сыф цæ уы.

***

Зитæ чыргъæ димæ бацыд нартхоры кæ римæ. Схызт обаумæ. Кæ сы, кæ д ма искæ й фенин. Зитæ чыргъæ димæ куы æ рбацæ йцыд, уæ д айхъуыста Иветæ йы цъæ хснаг хъæ р. Бахъуызыд æ м. Федта: Иветæ йæ къахмæ фæ лæ бурдта, фестынмæ хъавыд, фæ лæ йæ къахыл æ рлæ ууын нæ фæ разы. Абырæ гау кодта размæ æ мæ куы бамбæ рста, йæ бон акъахдзæ ф кæ нын не суыдзæ н, уæ д ныккуыдта.

Зитæ Иветæ мæ нæ бацыд.

— Тухитæ кæ н. Зон, Алан куыд зынаргъ у, уый! Уый дæ р дын ницыма у, æ з дын йæ кой ферох кæ нын кæ ндзынæ н. Бузныг зæ гъ, мæ нæ дæ ныр ам хуымы иунæ гæ й кæ й нæ уадзын, уымæ й. Иу чысыл ма куы атухи кæ най, уæ д «фæ дис» ныхъхъæ р кæ ндзынæ н. Раздæ р нæ!

Йæ мад Фени та бынтон сæ рра. Йæ хъустыл айзæ лд сæ ныхас.

— Мамæ, ницы дзы рауайдзæ н, — загъта Зитæ.

— Цæ уылнæ, мæ хъæ бул?

— Мæ н нæ уарзы...

Йæ мад æ й ахуыр кодта, куыд тох кæ нын хъæ уы амондыл, куыд æ ртасын кæ нæ н ис лæ ппуйы, бауынаффæ йын кодта, лæ ппумæ æ нæ ном писмо ныффыссын, Иветæ куыд æ взæ р у, йæ аккаг куыд нæ у...

— Мамæ, худинаг у! — фæ тарст чызг. — Уый, дам, тæ ригъæ д у мæ рдты.

Мад ныххудти:

— Гъе, мæ чызг, скъолайы дæ, мæ рдты куыд у, цы у, ууыл ахуыр кæ нынц? Мæ чызг, æ з дæ у Аланимæ куы фенин уæ лæ уыл. Мæ рдты куыд уа, уый мæ бар уадз. Æ мбарыс, ахæ м лæ ппу а зæ ххыл нæ цæ уы. Писмо фыссын хъæ уы, писмо!..

— Нæ, мамæ.

— Сабыр! Ды уæ лæ уыл Аланимæ куы баиу уаис, — хин худт бакодта Фени, — уæ д мæ рдтыбæ сты а сау чызг Барастыримæ фидауид. Цард хæ ст у, хæ ст, мæ чызг! Хæ сты фæ уæ лахиз вæ ййы хъæ батыр хæ стон! Тæ рсгæ ма кæ н, тох кæ ндзыстæ м, фæ уæ лахизмæ!

— Мамæ, мæ н нæ уарзы, æ мбарыс...

— Бауарздзæ н дæ, фыццаг сывæ ллон куы фæ уа, уæ д бар-æ нæ бары цæ рдзæ н. Нæ фæ лæ цы хорздзинад ссардта уыцы гæ бæ ркъудимæ? — былысчъилæ й загъта Фени. — Йæ бызгъуыртæ тилгæ куы фæ цæ йцæ уы... Фæ нычы кæ фой йыл бакал, уæ д дзы зæ хмæ æ ртхутæ г не ’рхауид. Æ рмæ ст дæ хи лымæ н дар Иветæ имæ, хъусыс. Нæ фæ лæ уæ иумæ куы фены, уæ д æ м йæ зæ рдæ не схæ ссы, дæ разы... Ды йæ цуры худгæ хур куы дæ, уды гага. Хуыцау йæ зонæ г, йæ чысылæ й абонмæ хъæ дты æ мæ быдырты рахау-бахау кæ ны æ мæ... Чи зоны... æ мæ... — Фени йæ хиуыл дзуар афтыдта. — Хуыцау, тæ ригъæ д ма зæ гъын кæ н.

— Мамæ, цытæ дзурыс?..

— Сабыр у, Иветæ йæ н Алан æ вгъау у. Уый райгуырд хæ рæ гау сау куыстæ н. Уадз æ мæ куса. Æ з дын куыд зæ гъын, афтæ кæ н. Хæ дзар мæ къухы ис. Ноджы, мæ мадыстæ н, Афæ хъо Иветæ йы йæ къæ сæ рмæ дæ р не ’рбауадздзæ н.

— Цæ уылнæ?

— Æ дылы къоппа! Алчидæ р хъæ здыг хæ дзар, хорз хæ стæ г агуры. Афæ хъо йæ иунæ г фыртæ н агурдзæ н хъæ здыг хæ дзар, мад, фыд... Мæ нæ мах хуызæ н, — Фени йæ къухтæ йæ риуыл авæ рдта, стæ й сæ фæ йнæ рдæ м айтыгъта.

— Мамæ! — йæ сæ рыл фæ хæ цыд Зитæ, сынтæ гыл бахауд. Мад æ м фæ лæ бурдта.

— Зитуля, тыхсгæ ма кæ н. Мæ нмæ хъус — никуы фæ рæ дидзынæ! Мæ нмæ цы хъуыддаджы нæ байхъусай, уым фæ смойнаг уыдзынæ æ дзухдæ р.

Мад кæ мæ ндæ р ныффыссын кодта Иветæ йыл æ взæ р писмо Аланмæ. Цыма йын тæ ригъæ д кодта...

Зитæ кæ сы, фæ лгæ сы къуыбырæ й, кæ д искæ й ауынин, зæ гъгæ. Ауыдта Аланиты.

— Гъæ, гæ ды рувас! Æ рыдонæ й схæ ццæ æ мæ ам æ рбалæ ууыд. Йæ цæ ст ыл не ’рхæ цыд æ мæ, — стыр хъыгзæ рдæ йæ бахæ лæ г кодта Иветæ мæ. Куыд æ нувыд ыл у, куыд æ м йæ хъус дары. Иу уæ лдай дзырд æ м не скæ ндзæ н, йæ хæ дæ г та йын йæ алы къахдзæ ф, йæ алы фезмæ лдмæ дæ р йæ цæ ст дары. Кæ с-ма, дæ хорзæ хæ й, куыд æ й хъахъхъæ ны! Куыд зилы йæ мидбынат цъилау?..

Фыр хæ лæ гæ й разы уыди Иветæ йæ н исты æ взæ рдзинад акæ нын:

Ныдздзынæ зта:

— Цы ссардтай хорздзинадæ й Иветæ мæ. Мамæ йы загъдау «сидзæ ргæ сы хуызæ н». Удхæ ссæ г! Алы изæ р та куы йæ къабайы скъуыд фæ хуыйы, куы йæ цъындатæ фемпъузы. Иуты ныхсы, иннæ ты скæ ны. Æ з та, Алан, дæ цæ стмæ мæ райс-бавæ рæ н къабатæ рахастон мæ нæ Сылтаныхъмæ. Хъæ бысы дзаг та ног цъындатæ. Алы бон дæ р ног цъындатæ кæ нын, уæ ддæ р мæ м нæ кæ сыс, фæ лæ Иветæ йы цъындаты æ мпъызтыты дæ цæ стытæ фæ садзыс. Нæ, мамæ, нæ йæ асайдзыстæ м, — ныууынæ ргъыдта. — Райсомæ й куыстмæ нæ рацæ уы, цалынмæ йæ разæ й рацæ уа. Изæ рæ й дæ р афтæ. Бонасадæ н кæ ндзысты хуымы кæ рон, Иветæ мæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ. Тæ худы-тæ худы, æ мæ йæ къах куы фæ къуылых уаид! — Акаст та лæ ппутæ м. Фæ тыхст. Сæ размæ иу чызг бацыд. Рая у, æ нхъæ лдæ н. Æ ллæ х! Æ рбацæ уынц! Цæ уон, мæ хи тыхсæ г акæ нон. Иве, Иветæ! — хъæ ргæ нгæ ацыд нартхоры хуымы.

Иветæ йы уынæ р ацахста Аланы къæ рцхъус, азгъордта хуымы, йæ цæ сгом нартхоры уымæ л сыфтыл хафгæ. Бæ лвырд нал иртæ ста цæ ст. Дзаг мæ й скаст хурыскæ сæ нæ й. Сыгъдæ г арвыл тыбартыбургæ нгæ зындысты стъалытæ.

— Мæ нæ, мæ нæ ис! — тыхстæ й балæ ууыд Алан Иветæ йы раз. — Цы кодтай? Йæ къухы йæ худ æ ууæ рды, хæ стæ г бацæ уын æ м нæ уæ нды. Фырадæ ргæ й йæ разы цы дзаг тæ скъ уыд, уый йе ’ккоймæ фелвæ ста, рауай-бауай кæ ны.

Иветæ цæ ф сагау скаст Аланмæ, бамбæ рста, кæ й йын ницы баххуыс кæ ндзæ н, уый. Йæ уымæ л, донæ йдзаг цæ стытæ йын ма бафиппайа, зæ гъгæ, йæ цæ стытæ æ рæ вæ рдта лæ ппуйы рыгæ йдзаг цырыхъхъытыл æ мæ загъта:

— Цу, искæ мæ н зæ гъ, мæ къах...

Аркади фæ дисонæ й фæ зынд, чызгмæ фæ гуыбыр кодта:

— Цы кодтай, Иветæ?

— Мæ къах...

— Алан, уыцы чыргъæ д æ рæ вæ р æ мæ схæ ц! Цы кодта дæ къах?

— Мæ нæ ацы нартхæ рттæ баззадысты, уыдон уыгътон...

— Ам кæ мдæ р, батыхст Алан, — сырд къæ ппæ джы куы бахауа, уый хуызæ н.

— Кæ мдæ р хæ стæ г кæ ри ис...

— Ма байрай дæ кæ рийæ. Райсом сæ ахæ сдзыстæ м. Феххуыс кæ н! Диссаг дæ, Иветæ, цыма æ ппæ тæ й фылдæ р дæ у хъæ уы, — тыхсы Аркади.

Алан уæ ддæ р рауай-бауай кæ ны æ д тæ скъ. Рамæ сгы йæ м Аркади.

— Мæ нæ цы лæ г и! Ауыстæ н, ды ничи дæ! Ничи! Фехъуыстай, — æ ргуыбыр та кодта чызгмæ. Сыстынмæ та рахъавыд Иветæ, фæ лæ ницы. Йæ рисгæ къахыл йæ хи фæ дæ лгом кодта фæ стæ мæ. Аркади йе ’мбалмæ ахæ м цæ стæ й бакаст æ мæ масты æ ртгывд фæ кодтой йæ цæ стытæ мæ йрухсмæ. — Ды тынг æ нæ хъару дæ, Алан. Тыхст рæ стæ г адæ ймагмæ æ ххуысы къух бадæ ттын йæ бон кæ мæ н нæ у, уый лæ г дæ р нæ у æ мæ иу дæ р. — Рая! — айзæ лыд йæ хъæ лæ с.

— Аркади, — лæ гъстæ йæ дзуры Алан. — Мæ бон нæ у, æ ндæ р æ й ахæ ссин, хæ хтæ æ мæ быдырты сæ рты! — йæ къухты армытъæ пæ нтæ фæ хъил кодта, тæ скъ ахауд. Æ фсиртæ ныппырх сты.

— Мæ нæ сты! — æ рбазгъордтой Рая æ мæ Зитæ.

— Мæ гуыры бонтæ! — ныккуыдта Зитæ. — Ныр дæ бирæ гътæ нæ хордтой?..

— Сымах дæ р хорз стут, ныууагътат æ й, — бауайдзæ ф кодта Аркади.

— Æ з æ нхъæ лдтон ацыди, мæ нæ кæ м федта æ фсиртæ?! — Знон кæ м тыдтам, уым, — загъта Рая.

— Æ з та Раяйы иунæ гæ й федтон цæ угæ, — дзуры Зитæ, — æ мæ мæ зæ рдæ фæ къæ пп кодта, ау, зæ гъын, адон куы никуы фæ хицæ н вæ ййынц, уæ д Иветæ кæ м уа? Ахæ м хъуыдытимæ афæ стиат дæ н кæ рийы раз. Уалынмæ мæ хъустыл ауад хъæ рзын æ мæ...

Схæ цыдысты Иветæ йыл. Къах ауындзæ гæ й тынгдæ р рысти.

Аркади йæ къухтæ Иветæ йы рисгæ къахыл авæ рдта æ мæ ныфсджынæ й загъта:

— Æ лвæ ст у, фадхъулыл. Цъата, хъарм цъата йыл авæ рын хъæ уы.

Иветæ ихæ нриз кодта. Алан фелвæ ста йæ бæ мбæ джджын. Чызг бамбæ рста, лæ ппуйы буарæ й бæ мбæ джджын куыд хъарм у, уый.

— Алан! Дæ иу къах — ам, иннæ — станы, дохтыр!.. Аркади йæ ныхас æ ххæ ст нæ ма фæ ци, афтæ Алан йæ сæ р фæ тъыста нартхоры хъæ ллæ гъы.

«Цы ’взæ р дæ н, цæ уылнæ йæ фелвæ стон мæ хъæ бысы, замманай æ фсон мын уыдаид! — йæ къухтæ дзуарæ вæ рд акодта Алан. — Мæ нæ йæ афтæ рахастаин. Фæ лæ йæ м чи уæ нды. Афтæ мæ м касти, уæ д мын цыма никуыуал бакуымдтаид, йæ зæ рдæ мыл фæ худтаид.

Алан фæ ндагмæ куы рахæ ццæ, уæ д ыл амбырд сты скъоладзаутæ.

— Кæ м стут?..

— Иветæ йы къах фелвæ ст! — йæ дугъы уайын нæ фæ сабыргæ нгæ йæ дзуапп радта Алан.

— Æ ллæ х!.. — скъоладзаутæ апырх сты хуымы.

Иветæ йы йæ хуыссæ ныл куыддæ р æ рæ вæ рдтой, афтæ Сырх Дыгурæ й колхозы виллисы æ рбахæ ццæ дохтыр, æ рыгон сылгоймаг. Ауыдта рынчыны: йæ къах ын раивæ зта, чызг ныхъхъæ р кодта.

— Æ лвæ ст уыд. Иу-дыууæ боны арисдзæ н, стæ й та згъордзæ н, — загъта дохтыр.

Нæ бæ стæ хъусы, нæ бæ стæ зоны

Февралы мæ йы фыццаг Хуыцаубон райсомæ й раджы фестад Иветæ. Стъолыл даргæ дзæ нгæ рæ гджын сахаты дыууæ фаты баиу сты цыппар æ мæ фондзы æ хсæ н. Йæ бæ гъæ ввад къæ хтæ бамбæ рстой сæ рдыгон рог дзабырты уазал. Йæ нывæ рзæ нæ й райста спичкæ тæ, ссыгъта цырагъ. Фæ тæ ген цырагъы рухс хъæ лдзæ гæ й апырх хæ рзæ фснайд агъуысты къуымты. Пецы размæ бацыд, уырзацауæ нæ й куы иу дзаума асгары, куы иннæ. Чъырæ йцагъд пецы къулыл дыууæ михы æ ххуысæ й ауыгъд уыдысты лæ ппуйы хæ лаф, хæ дон æ мæ цъындатæ. Йæ сæ рыл лæ ууыдысты аст къалосы, къæ йыл сугтыл æ вæ рд та — къогъодзитæ — сæ хъусты кæ рæ ттыл ранæ й рæ тты чи фæ гæ мæ х, ахæ м сау уæ лдзарм худ. Цæ виттон, пец алыгъд, зæ гъгæ, уæ д сидзæ ртæ бæ гънæ г æ мæ бæ гъæ мвадæ й баззадаиккой.

Къалостæ æ риста, пецы раз сæ æ рæ вæ рдта, хъусджын дзабыртæ м ма уымæ лæ й йæ зæ рдæ æ хсайдта æ мæ сæ пецы чъилыл бæ стон æ рæ вæ рдта. Цъындатæ н се ’мбис уыдысты æ мпъузинаг, сæ раздæ ры æ мпъузæ нтæ й ма баззад хуыд рæ бынтæ, хъæ лæ скæ нынæ й куы æ рбаздæ ха, уæ д сæ бабæ стон кæ ндзæ н. Абон йæ мадмæ нæ цæ уы. Сæ пысултæ бынтон æ рызгъæ лдысты. Йæ хи цъындатæ йæ галиу уæ хскыл баппæ рста. Дуарæ н йæ рахиз фарс уыди дзаумæ ттæ ауындзæ н рагъæ н, уый бын бандоныл чумæ дан, систа дзы урс хæ цъилы баст судзин, æ нгуырстуан, æ ндах, хæ сгард æ мæ æ мпъузæ нæ н зæ ронд цъында, йæ хуыссæ ны æ рбадт. Цырагъ йæ химæ хæ стæ гдæ р æ рбакодта. Хъуыды кодта, куыд дæ тдзæ н абон фыццаг хатт хъæ лæ с. Сæ къласæ й цалдæ р чызджы æ мæ лæ ппуйы сты. Йæ хъуыдыйы доны сæ рты хидмæ нæ ма бахæ ццæ вæ ййы, афтæ та фæ стæ мæ фездæ хы, йæ цæ стæ нгас ахæ ссы пецыл сывæ ллæ тты ауыгъд зилинаг дзаумæ ттыл, афтæ мæ й йын куы нæ бантыса сæ бакой кæ нын, уæ д райсом скъоламæ куыд? Нæ, куыддæ р хъæ лæ с радта, афтæ лидзгæ сæ химæ. Йæ мигæ нæ нтæ бæ стон афснайдта, йæ цъындатæ акодта, амайæ нтæ, сау æ ндахы скъуыддзæ гтæ амбырд кодта, пецы сæ бакалдта. Арт скодта. Дысоны хъæ дуры аг къæ йыл кæ ронæ й æ рæ вæ рдта — уадз æ мæ хъармæ й лæ ууа се сыстадмæ. Стыр арт бандзæ рста — сæ дзаумæ ттæ кæ д тагъддæ р ахус уаиккой. Йæ дзыккутæ куыддæ р æ рыхæ лдта, афтæ чидæ р дуар æ рбахоста.

— Иветæ, дуар бакæ н, — базыдта ахуыргæ нæ г Сафонкаты Зинæ йы хъæ лæ с.

— Мидæ мæ, — дуарæ хгæ нæ н хъил йæ къухы, афтæ мæ й алæ ууыд дуары раз Иветæ.

— Уæ райсом хорз, — загъта Зинæ. — Мæ нæ уæ м цы хъарм у, — пецы размæ бауад.

Сæ ударæ й ахæ м æ фснайд агъуыст æ й дисы бафтыдта, ноджы чызджы рæ сугъддзинад йæ хæ лд дзыккутимæ.

— Бадгæ скæ н, — бандон ын йæ размæ авæ рдта, йæ уæ лæ рæ сугъд бадæ н баз, алыхуызон æ ндæ хтæ й йыл аив нывтæ хуыд.

— Сбад, — лæ гъстæ йæ бахатыд чызг, фæ лæ йæ м Зинæ йæ хъус не ’рдардта. Йæ цæ ст ахаста хæ дзарыл: дуары галиуырдыгæ й — стъол, сыгъдæ г цæ лгæ нæ н мигæ нæ нтимæ, къулы æ мбуар æ вæ рд дыууæ сынтæ джы, се ’хсæ н æ дстъол бæ рзонд кæ сæ н, стъолы мидæ г — лагъз, йæ бур æ рхуы хæ цæ н сыгъзæ ринау æ рттывта, дуары комкоммæ дыууæ рудзынджы, æ мбисы онг сын æ мбæ рзæ нтæ: урс бинтыл цикъæ йæ иугай стъалытæ хуыд. Рудзгуыты раз — скъапп, йæ фæ йнæ джытæ фырзмисæ йхафтæ й хъæ дабæ йау кæ мæ н æ рттывтой, ахæ м скъапп. Рахиз къуымы — пец, пецыл пысултæ й æ нгуылдз кæ м æ рæ вæ рдтаис, уый дæ р нæ уыд. Сылгоймаджы цæ стæ нгасæ й нæ аирвæ зт сывæ ллæ тты хæ рзæ хсад æ мæ хæ рзæ мпъызт дарæ с. Йæ цæ стæ нгас ацахста сынтæ джы бынты чъырæ йцагъд къулæ й зæ ххы æ хсæ н æ мраст бур хахх. Уыцы хаххæ й райдайы æ лыгбын зæ хх. Агъуысты зæ ххыл, пецмæ хæ стæ г, тæ нæ г æ лыгдонæ й ног сæ рст зæ ххыл зынди егъау тымбыл, æ хсынæ ны чъирийау, йæ алыварс — сау тæ ппытæ. Уыцы ныв бæ лвырд.

— Иветæ, — ахуыргæ нæ г бакаст чызгмæ, ноджы рæ сугъддæ р æ м фæ каст йæ аив сæ ры фаст æ мæ даргъ дзыккуйы быдимæ, — Иветæ, — ацамыдта зæ хмæ, — мæ сæ р нæ ахсы, уæ зæ ххыл уый цæ й ныв у æ мæ куыдæ й рауад?

— Кæ цы?!.. — афарста чызг, кæ д иттæ г хорз бамбæ рста фарст, уæ ддæ р. Йæ хæ дæ г дæ р афтæ фæ дис кодта, цалдæ р азы размæ сæ зæ ххыл уыцы ныв фыццаг хатт куы бафиппайдта, уæ д. Фæ зæ гъы, нал байсæ рддзæ н зæ хх фæ сæ ртад, фæ лæ, Иветæ мæ хорз кæ сы, — Хуыцаубон райсом ног сæ рст зæ хмæ ракæ с дæ хуыссæ нæ й. Сæ рст хъулон-мулон, кæ м айсыст, кæ м та — нæ.

Ахуыргæ нæ г бамбæ рста чызджы къæ мдзæ стыгдзинад.

— Зæ гъ-ма, дæ хорзæ хæ й, — зæ гъинаг уыд, уыйас дын куыд æ нтысы, зæ гъгæ, фæ лæ йæ ахуыргæ нæ джы сæ рмагонд домæ нтæ фæ урæ дтой.

Фæ сырх Иветæ... О-о, — фæ хъуыды кодта, Зинæ йы фарстæ н дзуапп кæ й нæ ма ис, уый.

— Уый тасы фæ д у, — ахуыргæ нæ г федта дуары фæ стæ рахизырдыгæ й стыр тымбыл æ рхуы тас, æ взистау æ рттывта.

— Дысон уæ хи цынадтат? — бахудт сылгоймаг. — Уый фæ стæ та байсæ рстай?.. Хорз, — нырма ныр фæ хъуыды кодта йæ размæ бандон. Æ рбадынмæ хъавыд, фæ лæ сонтæ й фестад, цыма фæ лмæ н, рæ сугъд базыл не ’рбадтаид, фæ лæ сындзытыл. Баз йæ хъуыры бын атъыста æ мæ æ рбадт, фæ ллад бадт.

— Бандон уазал у, — лæ гъстæ кодта Иветæ, фæ лæ йæ ахуыргæ нæ г нæ хъуыста. Йе скъоладзауы цард нырмæ афтæ бæ стон кæ й нæ зыдта, уый тыххæ й йæ химæ хæ цыд. Раст зæ гъын хъæ уы, сæ къласы разамонæ г нæ у, фæ лæ уæ ддæ р...

— Ахæ р-ма, — фесхъиудта Иветæ йы ныхасмæ Зинæ. Йæ размæ скъаппы сæ р — хъæ дуры тæ бæ гъ æ мæ кæ рдзын.

— Ахæ рдзынæ н, — хъæ лдзæ гæ й сразы, кæ д, куыд фæ зæ гъынц, йæ хъуыры цæ рвтæ æ мæ мыдтæ дæ р нæ ныццæ удзысты, уæ ддæ р.

Уайтагъд йæ ком бамбæ рста цывзы, басгæ рдæ г, джеджджыны хæ рзад.

Фаризæ ты уасæ г ныууасыд.

— Мæ гуыры бонтæ! — сонтæ й фестад ахуыргæ нæ г. — Куыд сбадтæ н?!

Ныр федта, Иветæ рæ вдзæ й кæ й лæ ууы, уый. Къахæ й сæ рмæ йыл йæ цæ ст ахаста. Сау хъусджын дзабыртæ æ мæ къалостæ, фæ ныкхуыз тарбын чырынтæ палто, йæ рæ мбыныкъæ дзтæ æ мпъызтытæ, йæ сæ рыл морæ сæ рбæ ттæ н. «Мæ фыдымады мады кæ лмæ рзæ н, — ахъуыды кодта Зинæ. — Æ з амардтæ н, исты йын куы нæ балхæ нон, уæ д... »

Тыргъы фехъуыст къæ хты хъæ р. Иветæ акаст, дуарæ й æ рбахызт Рая.

— Бон дыл изæ р нæ кæ ны? — ауыдта уазæ джы. — Дæ райсом хорз, — йæ сæ р фæ гуыбыр кодта.

— Æ гас цу, — йæ размæ рауад Зинæ. — Амондджын бон раттут уæ хъæ лæ с!

Хъæ усоветы бæ стыхæ йтты размæ адæ мæ й къухбакæ нæ н дæ р нæ уыд. Уынг электрон цырæ гътæ й бонау рухс. Тигъыл телы хъæ дмæ хæ стæ г æ рлæ ууыдысты Иветæ æ мæ Рая. Хъæ усоветы дуарыл сырх хъуымацыл фыст уыди: «Табуафси, хъæ лæ смæ! »

— Кæ с-ма, — Рая бакъуырдта Иветæ йы, — Зитæ хъæ лæ с нæ ма кæ ны, афтæ мæ й ам æ рбалæ ууыд.

— Кæ м? — бацин кодта Иветæ йе ’мбалы коймæ, йæ размæ ауайынмæ хъавыд, фæ лæ Аланы ауынгæ йæ дзыхълæ уд фæ кодта, фæ сивæ д кæ рæ дзийы къухтæ истой цин кæ нгæ, цыма цалдæ р сахаты нæ, фæ лæ цалдæ р азы нæ ма федтой кæ рæ дзийы, афтæ.

Æ рмæ ст Алан æ нцад лæ угæ аззад, Иветæ йæ м æ мбисонды рæ сугъд фæ каст сæ ууон ирд райсом. Уазалмæ йæ рустæ ссырх сты. Чызг æ мбæ рста йæ хиуыл лæ ппуйы цæ стæ нгас æ мæ йæ хи цы фæ кодтаид, уый нал зыдта. Зитæ йæ нæ аирвæ зт дыууæ уды уавæ р. Хъарм хуыссæ нæ й уымæ н фестад æ мæ адон кæ рæ дзийы рæ вдауой? — се ’хсæ н алæ ууыд. Аланы цæ стытæ сæ мбæ лдысты Зитæ йы фæ сонтыл. Алан чысыл дарддзæ ф æ рлæ ууыд, Иветæ йы хорз куыд уыдтаид, афтæ. Йæ бинаг былæ й уæ ллаг алхъивы, бакæ сы чызгмæ — уæ ртæ ныхас кæ ны Зитæ имæ, йæ сæ р галиуырдæ м акъулгæ нгæ йæ. Цыдæ р æ хсызгондзинад ын лæ вæ рдта ацы уазал мæ йрухс райсом. Афтæ йæ м кæ сы, цыма абон хъæ лæ сгæ нæ н бон Советон хицауад сарæ зта æ рмæ стдæ р уымæ н, Аланæ н, цæ мæ й фена Иветæ йы сæ ууон мæ й æ мæ Бонвæ рноны рухсмæ!..

Сæ размæ бацыд колхозы ног сæ рдар Цæ ллаты Хъæ рæ се æ мæ зæ рдиагæ й афтæ зæ гъы:

— Фæ сивæ д! Амондджын бон раттут уæ хъæ лæ с!

— Бузныг...

Фехъуыст нæ бæ стæ йы зæ рдæ — Сырх фæ зы уынæ р. Иветæ скаст бæ рзонд телыхъæ дыл скъолайы дзæ нгæ рæ джы хуызæ н егъау радиомæ. Адæ м радиойы алыварс æ рбатымбыл сты, рагуалдзæ г чъерами бæ ласы дидинæ гыл мыдыбындзытæ куыд æ рæ мбырд уой, афтæ. Уынæ ры фæ стæ райхъуыст нæ бæ стæ йы сидт:

 

Нæ бæ с-тæ хъу-сы,

Нæ бæ с-тæ зоны!..

 

Сæ ууон дымгæ йæ рог базыртыл рæ вдаугæ ахаста Советон Цæ дисы гимн хæ хтæ æ мæ быдыртæ м, нæ бæ стæ йы алы къуымтæ м.

Адæ мæ н сæ размæ калм куы февзæ рдаид, — урс митыл сау калм, — уæ ддæ р сæ цыма иу дæ р нæ фезмæ лыдаид, афтæ æ мраст, æ нцад лæ ууыдысты.

Гимн цагъд фæ ци. Фæ лæ ма адæ м уыдысты зарæ джы зæ рдæ мæ дзæ угæ ныхæ стæ æ мæ зæ лты æ ндæ вдады.

— Табуафси! — Хъæ рæ се ацамыдта хъæ усоветы уæ рæ хгом дуæ рттæ м.

— Фыццаг хъæ лæ сы бар — æ рыгон фæ сивæ дæ н!

— Табуафси! Тамбиты Иветæ, Биасланты Алан, Адзæ дзеты Ким... — ранымадта се ’ппæ ты дæ р...

Чи куыд хъæ лæ с кодта, афтæ сæ скъолайы директор, Дзамбег, сæ ры амындæ й хуыдта клубмæ. Уырдыгæ й хъуыст аив фæ ндыры цагъд æ мæ къæ рццæ мдзæ гъд.

Уынджы клубы къулыл фыст уыди: «12 сахатыл хихъæ ппæ рисадон кæ фтытæ, зарджытæ, фæ ндыры цагъд». Изæ рæ й та театры — «Пæ сæ йы фæ ндон».

Иветæ Раямæ дзуры:

Куыд дæ м кæ сын, афтæ мæ й дæ нæ ма фæ нды.

— Иучысыл бакæ сæ м.

Фæ лæ Иветæ йы хъазтмæ кæ сынмæ не ’вдæ лы. Сæ химæ йæ м судзин æ мæ хæ сгард æ нхъæ лмæ кæ сынц.

— Цæ й уæ дæ, æ з цæ уын.

— Æ мæ нæ тæ рсыс?

— Ау, уынгтæ адæ мæ й æ мызмæ лд куы кæ нынц.

— Концертмæ дæ р не ’рбацæ удзынæ?

— Æ рбацæ удзынæ н.

— Ам цы лæ ууыс? — афарста Зитæ Аланы, кæ д иттæ г хорз æ мбæ рста йæ лæ уды сæ р, уæ ддæ р. — Цом клубмæ, æ з абон... Мах абон концерт дæ тдзыстæ м.

Раст уыцы рæ стæ г рацыд Иветæ æ мæ сыл хæ рхæ мбæ лд фæ ци.

— Иветæ, уæ химæ цæ уыс? — афарста Зитæ. — Мах дæ р дæ хиды онг ахæ ццæ кæ ндзыстæ м. — Йæ галиу къухæ й фæ хæ цыд Иветæ йыл, рахизæ й та — Аланыл.

Уынджы азæ лыд радиойы хъæ лæ с, дзырдта фæ стаг хабæ рттæ: Советон хицауад æ мæ æ мбал Сталины пълантæ, Казахстаны æ нæ хæ рд æ мæ зæ рæ стон зæ ххытæ æ рхион кæ ныныл. Коммунистон партийы сидт фæ сивæ дмæ, зæ рæ стон зæ ххытæ хуым кæ нынмæ.

— Дарддæ р мауал цæ ут, — загъта Иветæ.

— Бауæ нддзынæ? — афарста Зитæ.

— Бон куы у, — мидбыл худгæ загъта Иветæ. — Бузныг.

— Концертмæ -иу æ рбацу, — адзырдта йæ фæ дыл Зитæ, йæ хинымæ р та йын цы загъта, уый та доныбыл ихыл куы сæ мбæ лдаид, уæ д цæ стыфæ ныкъуылдмæ гуылфгæ нгæ дон раивылдаид.

Фæ стæ мæ куы раздæ хтысты, уæ д æ нæ дзургæ йæ цыд Алан. Зитæ йы рахиз къух бæ лвырд æ мбæ рста лæ ппуйы хъарм фарс, йæ арф улæ фтытæ. Хорз æ мбары, уыцы гæ взыкк чызг ын йæ уд куыд фæ хæ ссы, уый.

«Мæ нæ й рæ сугъддæ р нæ у. Æ ниу ыл цы сæ рбæ ттæ н ис, мамæ ахæ мæ й нæ зæ ххытæ фехсы. Нæ зонын, цы йæ м ссардта хорзæ й? » Чындзы æ рбакæ ныны агъоммæ уаты къуымы ламаздзыхъхъ куыд айтауынц, афтæ арвгæ рон айтыдта йæ хиконд нывæ фтыдтæ гауыз. Уадз æ мæ сыгъзæ рин хур тулæ д рæ сугъд гауызыл! Дыууадæ с сахаты æ ххæ ст нæ ма уыд, афтæ клубы къух бакæ нæ н нал уыди адæ мæ й. Разæ й бадтысты хистæ ртæ. Фæ сивæ д — чызджытæ æ мæ лæ ппутæ — лæ ууыдысты къулрæ бынты. Зитæ рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ æ мбæ рзæ ны фæ стæ йæ аивæ й ракæ сы дуары ’рдæ м — уым лæ ппутимæ лæ ууы Алан. Ныртæ ккæ, ныртæ ккæ йæ фендзæ н, куыд аив кафы, куыд рæ сугъд у разкъæ ртт къабайы. Æ мбæ рзæ ны фæ стæ йæ райхъуыст фæ ндыры цагъд. Зитæ та ракаст. Йæ зæ рдæ ныссæ ххæ тт кодта. Алан æ мæ Аркади уым нал сты. Бамбæ рста, Иветæ йы размæ кæ й ацыдысты. Фæ цæ йгæ пп кодта залмæ, фæ лæ йæ фæ стейы рацахстой.

— Æ дылы фæ дæ, сценæ мæ дæ цæ уын хъæ уы, ды та кæ дæ м лидзыс? — мынæ г хъæ лæ сæ й йæ м хæ цыд Зинæ.

Гæ нæ н нæ й. Симды бацыдтæ, уæ д дзы симын хъæ уы.

Æ мбæ рзæ н байгом.

Зитæ æ нкъардæ й кафгæ рацыд кафджыты разæ й. Аивæ й акаст дуармæ. Йæ цæ сгом хурау бахудт. Алан æ мæ Аркади лæ ууыдысты чызджыты къордмæ хæ стæ г. Йæ цæ ст ахаста чызджытыл. Ауыдта Иветæ йы. Зал нымдзæ гъд кодта, кафджытæ куы æ рлæ ууыдысты, уæ д.

Сценæ йы фæ йнæ фарсæ й кæ рæ дзимæ фæ бырынц æ рвхуыз хъæ дабæ æ мбæ рзæ нтæ. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ æ мбæ рзæ нтæ алыгъдысты сæ бынæ ттæ м.

Сценæ йы бадти Лизæ, фæ ндыр йæ хъæ бысы.

Райхъуыст аив «Хъуыбады»-йы цагъд... Чысыл рæ стæ джы фæ стæ фæ ндыримæ зарыд «Хъуыбады» æ ппæ т зал. Уымæ й дзæ бæ хдæ р ма адæ ймаг цæ мæ байхъусдзæ н? Иветæ йы зæ рдыл æ рлæ ууыд, сæ мад сын чысылæ й Къостайы æ мдзæ вгæ тæ куыд касти æ мæ сæ зæ рдыл уайтагъд куыд бадардтой, уый.

Зал нымдзæ гъд кодта. Лизæ æ мбæ рзæ ны фæ стæ фæ ци.

Сценæ мæ рацыд ахуыргæ нæ г Зинæ æ мæ загъта:

— «Ханты цагъд» акæ ндзæ н Зитæ.

Æ мбæ рзæ нтæ та алыгъдысты. Сценæ йы фæ ндыримæ бадт Зитæ. Уый æ нкъардæ й йæ цæ стытæ æ рæ вæ рдта Аланыл. Алан та йæ цæ стæ нгас нæ иста Иветæ йæ.

Иветæ æ нцой цæ стæ нгасæ й куы сценæ мæ акæ сы, куы йæ къæ хты бынмæ. «Дзургæ ницы кæ ны, афтæ мæ й йæ лæ ппу йæ цæ стæ нгасæ й цух куыннæ уадзы, — хъуыды кæ ны хинымæ р Зитæ. — Куыд ничи йыл гуырысхо кæ на, афтæ куыд дары йæ хи». Зал къæ рцхъусæ й бады. Байхъусдзысты уæ здан ханты цагъдмæ. Зитæ аджих. Зинæ йæ м цыдæ ртæ амоны, фæ лæ йæ нæ уыны. Бауад æ м, йæ хъусы йын цыдæ р адзырдта. Зитæ йæ м йæ хъус мисхалы бæ рц не ’рдардта, йæ цæ сгомæ й иу нуар дæ р нæ фезмæ лыд. Æ дзæ мæ й бадти.

Æ ппынфæ стаг Зитæ йы æ нгуылдзтæ сындæ ггай азгъордтой фæ ндыры хъæ лæ стыл. Иу бандонæ й иннæ мæ клубы къуымты аивылдысты æ нкъард зæ лтæ. Иветæ йæ сæ р фæ хъил кодта, фæ каст сценæ мæ... Фæ ндыры цагъды æ нæ уынгæ уылæ нтæ йæ ахастой хæ сты рæ стæ г, йæ фæ стæ уæ ззау азтæ м. Колхозы быдырмæ, хохы йас цъынайы сæ рмæ. Сагойæ мæ нæ унайгæ нæ нмæ мæ нæ уы куыристæ тæ хынц. Цъынайы сæ р сидзæ ргæ стæ, æ рыгон чызджытæ зарынц, фæ стагмæ зарæ г рахызт хъарæ гмæ. Кæ уынц сылгоймæ гтæ, сæ кæ уынмæ кæ уынц сабитæ.

Цы у уый?..

Иветæ йы хъустæ ацахстой æ цæ гдæ р зарæ джы ныхæ стæ:

Мæ уарзон ыстъалы, Германы хæ стæ й мын~ Кæ д ыссæ удзынæ, гъей! Æ мæ мын хибарæ й Дæ сусæ г ныхæ стæ Кæ д фæ кæ ндзынæ, гъей!..

Зарыд æ ппæ т зал. Зитæ цагъта Аланæ н, фæ ндыр бæ лвырд дзырдта: «Мæ уарзон ыстъалы... » Зарæ джы ныхæ стæ м залы адæ мы цæ стытæ цæ ссыгæ й айдзаг сты...

Зитæ сидзæ ргæ стæ æ мæ сæ уарзæ ттæ м æ нхъæ лмæ гæ сæ г чызджыты зæ рдæ ты мынæ г зынгмæ бафу кодта. Райхъал сты, æ нхъæ лмæ кæ сынæ й чи нæ фæ ллайы, уыцы уарзгæ зæ рдæ тæ!..

Иветæ бакаст сæ сыхы устытæ м. Уыдон бадтысты йæ бакомкоммæ, залы астæ у. Олгæ, Дуне, Маша æ мæ иннæ тæ н сæ цæ ссыг æ нæ вгъау згъордта сæ фæ лурс уадултыл. Фæ лæ Машайы зыланг хъæ лæ с зарыд, йе ставд цæ ссыгтæ иу иннæ йы къуырдтой, афтæ мæ й...

Зитæ цагъд фæ ци. Къухæ мдзæ гъд æ рвнæ рæ гау азæ лыд, клубы цар, фæ рстæ, фæ йнæ рдæ м тыдта. Æ мдзæ гъдгæ нгæ сыстадысты адæ м. Зитæ сæ рбæ рзондæ й лæ ууыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.