Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дæлджинæг



Аслан ахуыр кæ ны институты.

Фарон сæ рд куыста арæ зтады, йæ хицæ н уæ лæ дарæ с балхæ дта, иннæ аз та ацыд Казахстанмæ. Нада фæ ци скъола. Сæ мады хо Ташкентмæ цæ уы. Уый йын зæ рдæ æ вæ ры уæ лдæ р ахуырмæ раттынæ й. Розæ бацыд дæ сæ м къласмæ.

Кæ д йæ «сывæ ллæ ттæ » бахъомыл сты, уæ ддæ р ын ницы уæ лдай фенцондæ р.

Алан службæ йæ а дыууæ боны зындзæ н уый зыдта Иветæ, фæ лæ нæ зыдта, лæ ппумæ цы писмотæ фæ цыд, уый.

... Зитæ æ мæ йæ мад æ хсæ в нæ хуыссыдысты, бон нæ бадтысты. Иветæ фыццаг хатт æ взалыйы вагон æ вдæ лон кæ нынмæ куы ацыд æ мæ Сергеимæ куы æ рбацæ йздæ хт райсомæ й, уæ д сæ Зитæ йæ хуызисæ н аппаратæ й æ рчъипп ласта. Уыцы бон лекцитæ м дæ р нал ацыд, пленкæ аразынмæ афардæ г сæ химæ.

— Рауад! — сцин кодтой мад æ мæ чызг. Уыцы къам фæ хæ ццæ Аланмæ ахæ м ныхæ стимæ: «Дзæ бæ х лæ ппуйы хуызæ н мæ м кæ сыс æ мæ дын тæ ригъæ д кæ нын, Иветæ галиу цардыл хæ ст фæ ци. Мæ нæ йæ уыныс? Дысон-бонмæ кæ имæ лекка кодта, уыимæ æ рбацæ уы».

Алан бирæ хахуыртæ фæ иста, ницæ мæ сæ дардта. Фæ лæ уыцы саухъулон къам йæ куыст бакодта. Зитæ барæ й йæ хи афтæ лымæ н дардта Иветæ имæ, æ мæ сын сæ «хæ лардзинадмæ » бирæ чызджытæ хæ лæ гæ й мардысты. «Мæ зынаргъ æ мбал», — афтæ хуыдта Иветæ Зитæ йы. Алан службæ йæ ссыд июлы фæ стаг бонтæ й иуы. Йæ фыд Афæ хъо æ мæ йын йæ фыды хо Ханиффæ гæ ххæ ттытæ срæ вдз кодтой Ташкенты арæ зтадон институтмæ. «... Уыцы иу цыдæ й ацу Ташкентмæ », — фыста йæ м йæ фыды хо службæ мæ. «Мæ мады æ нæ фенгæ никæ дæ м цæ уын», — фыста Алан. Йе ’мбæ лтты ’хсæ нмæ рацæ уын дæ р нæ уæ ндыд лæ ппу, Иветæ йы фыдгой йын исчи куы ракæ на, уымæ й тæ рсгæ йæ. Хъæ уы дæ р сæ бирæ нæ уыди. Чи горæ ты ахуыр кæ нгæ йæ, чи дард ран куысты, чи аивта горæ тмæ, чи — мæ нæ у æ фснайы Сылтаныхъы. Алан службæ йæ куы ссыд, уæ д æ хсæ в-бонмæ нæ бафынæ й, сæ умæ райсом фестад, рæ вдз акодта йæ уæ лæ дарæ с. «Цæ уон Иветæ мæ фермæ мæ »... Цæ лгæ нæ нмæ рацыд, йæ хи цæ хсадта. «Æ ниу ма йæ м цы цæ сгом равдисдзынæ н? — дæ ндæ гтæ æ хсæ н щеткæ йæ дзыхы сабыргай лæ сыд, иукъухыг хырх æ нæ бон сабийы къухты хъаруйæ, тæ рс суджы лыггаджы куыд уæ ззауæ й быра, афтæ. Нæ, нæ мын ныххатыр кæ ндзæ н, дзæ гъæ лы ма мæ хи дæ р фегад кæ ндзынæ н», — хъуыдытæ кæ нгæ фæ стæ мæ бацыд хæ дзармæ. Афæ хъо бадти диваныл, Ханиффæ сау чумæ даны авæ рдта Аланы æ мæ йæ хи пысултæ.

Галиуырдыгæ й æ фсæ йнаг сынтæ джы хуыссыд йæ рынчын мад Асиат.

— Мæ къонайыл! — батыхст Ханиффæ. — Алашкæ, мæ хур, цæ й æ нкъард дæ? Ма фæ рынчын у?

— Нæ, ницы! — лæ ппу бацыд йæ мадмæ, йæ дæ лфæ дтæ м æ рбадт.

— Алашкæ, — цинтæ кæ ны Ханиффæ. — Дæ фыдыхойæ — тел, тагъд, дам, Алан рацæ уæ д.

— Кæ дæ м? — бафарста лæ ппу æ нкъардæ й.

— Астæ уккаг Азимæ! — сæ рбæ рзондæ й загъта фыд, — Астæ уккаг!

— Ахуыр кæ нынмæ, — фæ рæ вдз Ханиффæ дæ р, рахиз къухы æ нгуылдзтæ сызмæ лыдысты, ацамыдта институты асинтыл куыд згъордзæ н, уый. — Ды мын университеты асинтыл куы фæ цæ йзгъорай.

— Æ з никæ дæ м цæ уын, — загъта Алан. — Мæ нæ нæ химæ кусдзынæ н.

— Хо æ мæ æ фсымæ р кæ рæ дзимæ бакастысты. Мад фæ тарст йæ хъæ булæ н, йæ хуыссæ ны базмæ лыд. Фыд загъта æ нкъардæ й:

— Лæ ппу, æ нæ уæ лдай ныхасæ й!..

— Æ з мамæ йы разæ й никæ дæ м цæ уын...

— Цы, цы? Цы загътай? — афарста фыд. — Мæ иунæ г æ нахуыргондæ й баззайа?

— Ау, Ирыстоны мæ н аккаг скъола нал ис?

— Тæ ккæ райсом фæ цæ уыс, — фестад фыд. — Фестæ м ныхасгонд!

—... Æ взæ р чызг нæ у, — загъта хо æ фсымæ рæ н, Аланы ссæ уыны агъоммæ сæ м ныхас куы рауад, уæ д...

— Зонын æ й! — йæ ныхас ын айста Афæ хъо. — фæ лæ йын нæ й мæ хæ дзары бынат. Мæ н хион, хæ стæ г хъæ уы. Хъæ здыг хæ дзары чызг!

— Раст дæ, — йæ ныхас фæ ныллæ гдæ р кодта хо, — йæ фæ дыл лекка кæ ндзысты йæ къæ дзилтæ.

— Нæ, нæ! — ахъаззаг батылдта Афæ хъо йæ сæ р. — Иу æ мæ дыууæ рахицæ н вæ ййы, йæ усы бинонтæ й кæ й стыхсы, уый тыххæ й? Адон та æ нæ бакæ нæ г, — йæ къухтæ ныттылдта. — Нæ, мæ хæ дзар къулбадæ гдон нæ кæ нын æ з! Бæ сты сæ фт у? Æ ндæ р чызг нал ис, æ ви?

— Афтæ... — хо загъта фæ лмæ н ныхасæ й, — мæ нæ нæ сыхаг цы кæ ны? — ацамыдта Зитæ мæ.

— М-м... — Афæ хъойы цæ сгомы æ нцъылдтæ алыгъдысты, хус зæ ххыл доны бедра куы акалай æ мæ чысыл къанæ уттæ й алырдæ м куыд азгъора, афтæ. — Бæ ргæ! Дæ дзыхæ й — мæ нг, Хуыцауы дзыхæ й та — æ цæ г. Мæ кæ ртмæ зæ д æ ртæ хид, зæ д, мæ хо! — йæ фырæ хсызгонæ й йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзийыл ахафта.

Ханиффæ куы базыдта, Афæ хъо Зитæ мæ цы зæ рдæ дары, уый, уæ д Фениимæ бæ стон бауынаффæ кодтой: иу ныхасæ й, Алан Ташкенты куы ахуыр кæ на, уæ д Зитæ дæ р уырдæ м аивдзæ н. Куыд сыхаг, хъæ уккæ гтæ, лымæ нæ й цæ рдзысты. Стæ й уæ д, бон цæ уы æ мæ фарн йемæ хæ ссы.

— Зитæ, — дзуры мад чызгмæ. — Уырдæ м дæ куы нæ аивой, уæ д та?

— Афæ дз уæ гъд рæ стæ г райсдзынæ н.

— Æ мæ дын куынæ радтой, уæ д та?

— Уæ д та? — аджих Зитæ. — Уæ д та цы кæ нын мæ институтæ й? — бакаст йæ мадмæ. — Уый нæ, фæ лæ мæ цардæ й, мамæ, — йæ хи баппæ рста мадыл.

— Ма тыхс, — рæ вдыдта хъæ булы мад. — Ехх, æ вæ дза, цæ й хорз цæ рдзынæ, мæ чызг! Сæ иунæ джы бинойнаг. Афæ хъо, дам, горæ ты хæ дзар æ лхæ нынмæ хъавы йæ фыртæ н. Цы лæ ппу дзæ бæ х у, цы хæ дзар хъæ здыг.

Алан куы ссыд, уыцы фыццаг æ хсæ в Зитæ нæ бафынæ й. Йæ хи рæ сугъдтæ кодта, йæ дзыккутæ куы иуырдæ м сфасы, куы иннæ рдæ м. Йæ фондзыссæ дз къабайæ дыууæ хатты кæ й нæ акодта, ахæ м нæ баззад. Йæ зæ рдæ мæ цы къаба нæ фæ цæ уы, уый сонтæ й ныззыввытт кæ ны. Мад удаистæ й лæ ууы йæ разы. Къабатæ исы зæ ххæ й. Къабатæ калдæ й лæ ууынц сынтæ гыл, бандоныл, сгъолыл, пъолыл. Бирæ дарæ с дзы царды нал цæ уы. Чи та йын нал бæ ззы. Æ ппынфæ стаг ныллæ ууыд сиренхуыз дари къаба скæ ныныл. Фыццаг рæ стæ г-иу мад йæ чызгæ н ауынаффæ кодта: мæ нæ ацы къаба скæ н, зæ гъгæ, фæ лæ -иу чызджы зæ рдæ мæ нæ фæ цыд, æ мæ -иу йæ хи сцагъта, раст цыма Фени нæ, фæ лæ Зитæ Фенийы ныййардта, афтæ. Ханиффæ æ мæ Афæ хъойы фæ ндон куы базыдта Алан, уæ д семæ нæ разы кодта.

— Лæ ппу, — дзуры Асиат йæ фыртмæ. — Куыд дæ бамбæ рстон, афтæ мæ й ахуырыл фестырзæ дæ дæ, и?

— Дæ у куыд ныууадзон?..

— Мæ н тыххæ й дæ фæ ндаг ма къуылымпы кæ н. Раст дын зæ гъынц: ныр куы нæ ныллæ ууай ахуыры фæ ндагыл, уæ д дын байрæ джы уыдзæ н. Бонтæ цæ угæ кæ нынц.

— Кæ д дæ у дæ р афтæ фæ нды, уæ д цæ уын. Фæ лæ ардæ м мæ хи раивын кæ ндзынæ н.

— Байхъус мæ м, мæ хур. Дæ фыды хойы дын былæ й не ’ппарын кæ нын, — мад фæ каст дуармæ тарстхуызæ й, — сæ цæ стыгагуыйау дæ хъахъхъæ ндзысты. Фæ лæ зон, бынтон сæ фæ дыл ма ацу...

Фырт æ м лæ мбынæ г хъуыста, фæ ндыди йæ Иветæ йы тыххæ й йемæ аныхас кæ нын. Тынг æ й фæ ндыд, мæ нг куы рауаиккой йæ æ нæ ном писмотæ, уый. Дуар байгом. Æ рбахызт Зитæ. Денджызы хъазау — рæ сугъд. Йæ дзыккутæ ставд хъуымбылтæ й уæ гъд уагъд, къабайы рон æ лвæ ста чызджы аив гуыр, йæ къæ хтыл урс бæ рзондзæ вæ т туфлитæ. Аланы ауынгæ йæ йæ зæ рдæ сгуыпп-гуыпп кодта, йæ улæ фт улæ фты æ ййæ фта!..

— Зитæ! — цингæ нгæ йæ размæ рауад лæ ппу. — Нал дæ базыдтон...

— Æ гас цу, бæ лццон! — йæ аив къух æ м бадардта чызг. Бауад Асиатмæ. Йæ хъæ бысы йæ акодта:

— Асиат, æ гайтма дæ бæ лццон дзæ бæ хæ й ссыд!

Зитæ йемæ æ рбахаста цыдæ р рухс, æ хцондзинад. Зынаргъ духийы тæ фимæ уыцы æ хцондзинад апырх агъуысты къуымты. Ацы хæ дзармæ арæ х нæ цыд. Искуы иу хатт-иу сæ м куы бафтыд, уæ д ыл цинæ й мардысты Афæ хъо æ мæ Ханиффæ. Асиат дæ р уарзы рæ сугъд сыхаг чызджы. Иумæ схъомыл сты Аланимæ. Фæ лæ йæ чындзæ н нæ исы йæ зæ рдæ. Иветæ йы ад ын ничи кæ ны, фæ лæ кæ сы йæ хъæ булмæ, æ мæ ницы йæ хъус дары Иветæ мæ. Фæ ндыди йæ зæ гъын, уыцы чызджы абæ рæ г кæ н, зæ гъгæ, фæ лæ нæ бауæ ндыд, ноджы йæ карз лæ г æ мæ ходыгъды зондахаст æ мбæ рста.

— Алан! — æ рбадзырдта Ханиффæ. — Рацу исты бахæ р.

— Цом, иумæ аходæ н скæ нæ м, — дзуры лæ ппу чызгмæ йæ мидбылты худгæ йæ.

— Бузныг, æ з нæ...

— Цу, мæ къона, цу, — дзуры сæ м Асиат.

Дуары хæ цæ ныл хæ цгæ йæ Алан чызджы йæ разæ й ауагъта ахизын, Асиат сæ фæ стæ акаст.

— Дзæ бæ х фидауынц, фæ лæ... — мады цæ сгом фæ тар. — Иветæ, фæ лæ... «Æ з ын не сфæ нд кæ ндзынæ н. Кæ имæ йæ фæ нды, уыимæ баиу кæ нæ д йæ цард. Иветæ йæ н дæ р йæ амонд конд у», — загъта йæ хинымæ р.

Уыцы бон фæ ссихор Ханиффæ рог машинæ баххуырста. Горæ тмæ цæ уынвæ нд скодта Аланимæ. Цыма йын æ нæ бары уыд, афтæ ныллæ ууыд Зитæ йы дæ р семæ рахоныныл. Зитæ нæ разы кодта, цыма йæ нæ фæ ндыд, афтæ, фæ лæ йæ м Алан лæ гъстæ йæ куы бахатыд, уæ д фырцинæ й уæ рыккау скафыд йæ зæ рдæ йæ риуы. Йæ плащ раскъæ фта æ мæ арæ вдз.

Фенийы дæ р цыма, нæ фæ ндыд, афтæ дзуры Ханиффæ мæ:

— Дæ у æ фсæ рмæ й йæ уадзын, æ ндæ р...

— Ма тæ рс, — йæ цæ ст æ м фæ ныкъуылдта Аланы фыды хо.

Машинæ йы шофыры фарсмæ абадти Ханиффæ. — Алан æ мæ Зитæ сбадтысты фæ стейы. Зитæ йы хъарм буарæ й æ нæ уынгæ судзинтæ цыдысты Аланы рахиз фарсмæ æ мæ йæ æ хсызгон хъыдзы кодтой.

«Цы рæ сугъд у, — хъуыды кодта лæ ппу, — нырмæ йæ куыд нæ хъуыды кодтон».

Колхозы правленийы рæ зты куы фæ цæ йзгъордтой, уæ д фæ ндаджы былмæ æ рбахæ ццæ Иветæ, изæ ры дыгъд кæ нынмæ цыди фермæ мæ. Машинæ йæ н фæ ндаг радта. Хуыцау хорз æ мæ йæ м нæ й фæ ндаггонмæ, кæ нæ машинæ мæ кæ сыны аипп. Æ нцад лæ ууыд, афтæ зынд, цыма згъораг машинæ йæ н нæ дæ тты фæ ндаг, фæ лæ афтæ æ нæ уи лæ ууы.

Иветæ йы ауыдтой Ханиффæ æ мæ Зитæ. Алан æ й нæ федта.

Ханиффæ фæ стæ мæ фездæ хт æ мæ йæ м дзуры:

— Ницы федтай? — амоны фæ стæ мæ.

— Куы нæ, цы уыди?.. — бадис Алан.

— Уæ ртæ дæ «бæ лонмæ » нæ кæ сыс? — былысчъилæ й загъта фыды хо.

Алан фæ стаг рудзынгмæ йæ хи фæ зылдта. Ауыдта куыстарæ зт æ мæ сæ ргуыбырæ й иу сылгоймаг. Скъолайы ’рдæ м фæ цæ йцыд. Аланы фæ сонтыл уазал хъæ ндилтæ азгъордтой. Базыдта йæ.

— Чи у, чи? — афарста барæ й.

— Йæ силос æ мæ фаджысы тæ ф уæ ларвмæ кæ мæ н кæ лы, уый, — йæ былтæ сысчъилтæ кодта Ханиффæ.

Зитæ фæ сырх, афтæ йæ м фæ каст, цыма Иветæ йæ зынаргъ дзаума адавта. Алан загъта йæ хинымæ р: «Кæ д хорз у, уæ д ыл ныр æ ртæ азы иу сдзурæ г цæ уылнæ фæ ци? Мæ нæ н æ й бавæ рдтой? — Зитæ мæ хæ стæ г бабадт. — Зæ ронд усы хуызæ н ныцци. Æ вæ ццæ гæ н, раст сты уыцы писмотæ... »

Алан афтæ куы ахъуыды кодта, раст уыцы уысм Иветæ йы зæ рдæ цыдæ р æ нæ нцой гуыпп-гуыпп скодта. Æ мæ кæ д, йæ туджы нæ уыди фæ ндаггоны фæ дыл цымыдисæ й акæ сыны миниуæ г, уæ ддæ р згъоргæ рог автомобилы фæ дыл кæ сгæ аззад. «Кæ д дзы, мыййаг, Алан бады? Нæ, фæ ззæ гæ й раздæ р не ссæ удзæ н», — йæ хицæ н зæ рдæ авæ рдта.

Фæ лæ... Адæ ймаджы зæ рдæ йæ н æ рдз радта диссаджы хъару, æ мæ уыцы æ рдзæ йрахæ сгæ ахасты руаджы, Иветæ йы зæ рдæ банкъардта — машинæ йы чи фæ цæ уы, уый йын æ цæ гæ лон адæ ймаг нæ у. Æ мæ машинæ куыд дарддæ р кодта, афтæ йын цыма йæ фæ дыл йæ зæ рдæ йы уидæ гтæ ивæ зта...

Иветæ æ мæ Розæ хъæ уы фæ стæ егъау дзыхъхъы змæ нтынц саманæ н сыджыт. Дзыхъмæ иуырдыгæ й — къанаугонд, иннæ рдыгæ й — бур æ лыгæ йдзаг джипласæ н арæ зт. Чи ахус, уыцы самандуртæ — амад, знон кæ й скалдтой, уыдон зæ ххыл — дæ лгоммæ фæ лдæ хт. Джипласæ ныл дон бакалы Розæ æ мæ та джипп рогæ н абыры йæ лæ гъз фæ ндагыл, хæ стæ г æ рлæ ууы ногæ вæ рд самандуртæ м, рогæ н æ й фæ фæ лдахы, самандурыл аззайы джипхуыз йæ хуынчъытимæ. Фыццаг бонты-иу Розæ арæ х афарста: «Иве, змæ ст цæ ттæ нæ ма у? » Ныр базыдта, змæ ст кæ д сцæ ттæ вæ ййы, уый. Иу хатт куы фелвæ ста къах, уæ д хъæ лдзæ гæ й сдзырдта:

— Иве, кæ с-ма, цæ ттæ у!

Иветæ бакаст Розæ йы къахмæ, къахыл уырынгтæ -уырынгтæ фæ д ныууагъта хæ рз змæ ст цъыфы уымæ л.

— Иучысыл ма йæ азмæ нтæ м хъæ мпимæ, цас хæ рзнаддæ р уа, уыйас самандур хæ рзхъæ ддæ р уыдзæ н. Джипп хæ рзæ хсад акæ н, дон ауадз джиптулæ н дзыхъмæ. Уайтагъддæ р æ й скалдзыстæ м.

Иветæ йы цæ стытыл ауадысты ног конд самандуртæ. Фыццæ гтыл ныффысдзæ н: 27 июль 1957 аз. Афтæ зæ рдæ райгæ йæ хъуыдытæ кæ нгæ, йæ къæ хты ист фæ тагъддæ р кодта. Раст уыцы рæ стæ г сæ рæ зты Алагиры ’рдыгæ й сæ химæ æ рбацæ йцыдысты Ханиффæ æ мæ Алан. Ханиффæ йыл — ног къаба, кæ рдæ гхуыз, къæ хтыл — урс туфлитæ, Аланыл сау костюм, сау лак туфлитæ, йæ къухы чысыл чумæ дан.

Иветæ сæ ауыдта. Йæ зæ рдæ мæ бакалд рухсы цъыртт. Талынг уæ рммæ хуры тын бакæ лæ гау. Цыма змæ ст нæ надта, фæ лæ стыр райдзаст кафæ н уаты симдта, йæ уæ лæ зæ ронд цъыфæ йдзаг къаба нæ уыд, фæ лæ аив дарæ с. Йæ къабайы фæ дджитæ дæ лæ мæ æ руагъта, æ мæ йæ м ракъахдзæ ф кодта.

Фæ лæ!.. Дзыхълæ уд фæ кодта змæ сты астæ у, цыма йæ исчи йæ хæ цъæ фты онг зæ ххы фæ сагъта, афтæ. Уазалæ й йæ м кастысты йæ зынаргъ адæ ймаджы сау цæ стытæ. Фыццаг афтæ фенхъæ лдта, цыма фынæ й у... Фæ лæ нæ! Уæ ртæ йæ м кæ сы Ханиффæ, цыма туаг æ хсынцъы ахордта, ахæ м æ нцъылдтæ цæ сгомæ й.

— Дæ лæ ма, цы хуызæ н у! — æ нæ рвæ ссон хуызæ й сдзырдта Ханиффæ æ мæ фæ раст.

Иу цъусдуг æ нæ дзургæ йæ кæ рæ дзимæ кастысты цыппар цæ сты. Чызджы сыгъдæ г, фæ лæ фæ ллад цæ стытæ æ мæ лæ ппуйы сæ рыстыр, дызæ рдыггаг цæ стытæ. «Æ вæ ццæ гæ н уыцы саухъулон къамы хабар раст у»... Сонт зылд фæ кодта æ мæ фæ раст йæ фыды хойы фæ дыл. Иветæ йæ фæ стæ цыдæ р сдзурынмæ хъавыд, фæ лæ йæ былтыл фæ хæ цыд, йæ зæ нгтæ фæ дыдагъ сты йæ быны. Розæ йæ м базгъордта:

— Иве, ныр Сергейæ н бакомдзынæ?..

Иветæ йæ сæ р батылдта, нæ гъ, зæ гъгæ.

— Цæ уылнæ? Аланимæ куы фæ хыл стут...

— Нæ, Розæ, — æ дзæ мæ й алæ ууыны фæ стæ загъта чызг. — Æ з банхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ хи дзæ бæ х Аланмæ! — йæ цæ сгом йæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзта. — Мæ хи Аланмæ!..

Чи зоны, æ мæ цавæ рдæ р хъару, кæ ннод та, хурыскæ сæ нæ й цы дымгæ дымдта, уый бахаста Иветæ йы ныхæ стæ Аланмæ. Алан айхъуыста: «Æ з æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ хи Аланмæ... » Фæ стæ мæ ма фæ каст, фæ лæ ахъуыды кодта: «Мæ нæ н дæ нæ ныууагъди».

Диссаг! Цы ’рбаци, Иветæ мæ чысыл раздæ р цы хъару уыди, уый? Цудтытæ гæ нгæ балæ гæ рста змæ сты дзыхъхъы къулмæ, йæ къухтæ дзуарæ вæ рд акодта, йæ сæ р сыл æ рæ вæ рдта. Йæ буар бамбæ рста къулы уымæ л... Цæ мæ й хъæ рæ й ма скæ уа, уый тыххæ й йæ былыл ныххæ цыд...

Дзыхъхъы былыл йæ къухтæ фæ садзы, йæ тымбылкъухты нылхъивы цъыф: — «Мæ сыгъдæ г хъуыдытæ мын йæ чъизи къæ хты бын ныссæ ста»... — фæ дæ лгоммæ сыджытыл. «Нæ, уый Алан нæ уыд! — ныфсвидарæ й загъта йæ хицæ н. — Æ з æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ хи дзæ бæ х Аланмæ. Æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н... »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.