Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хъысмæты ракæнд



Чындз æ мæ ’фсымæ р цы сфæ нд кодтой, уый Иветæ нæ зыдта. Иубон æ м хъæ лдзæ гæ й фæ зындысты. Цыма иу дæ рзæ г дзырд дæ р нæ загъта чындз ходыгъдæ н, афтæ фæ лмæ н ныхас кодта.

— Иветæ, — дзуры Аслан. — Ниффæ имæ бафæ нд кодтам... Разы у хæ дзаргæ сæ н.

— Æ цæ г? — бацин кодта хо.

— Кæ д дын зын уа, уæ д дæ м мæ нæ Маша дæ р фæ кæ сдзæ н, — Олгæ — дарддæ р æ й нал бауагъта Аслан дзурын. — Цæ мæ н искæ й хъыгдарыс? — ацамыдта йæ усмæ. — Куы йæ фæ нда, уæ д арт у. Æ з дæ р тагъд суæ гъд уыдзынæ н.

Иветæ ацыд Кисловодскы зæ рдæ низты дзæ бæ хгæ нæ н санаторимæ. Æ мгъуыдæ й дыууæ боны раздæ р рацыди сæ химæ. Уæ ззау чумæ даны йæ чындз æ мæ æ фсымæ р, стæ й æ фсымæ рæ й адджындæ р, æ фсымæ ры хъæ булæ н, зынаргъ лæ вæ рттимæ зæ рдæ хъæ лдзæ гæ й балæ ууыд изæ рдалынгты йæ хæ дзары дуармæ. Дуармæ лæ ууыд балхуыз автомобиль. «Ног чъырæ йцагъд куы сты». — Бадис кодта, сарайы хæ дзары дзаумæ ттæ фенгæ йæ. — Омæ хорз, æ гайтма сцагъта, — кæ рты дуарæ й хъуыдытæ кæ нгæ фæ цæ йцыд, фæ лæ... айхъуыста æ нахуыр нæ лгоймæ гты дзурын.

— Мæ гуыры бонтæ! — Дуары фæ стæ йæ хи амбæ хста. Уыдон та чи сты? — Йæ хъус ацахста Асланы ныхас:

— Микъолоз, дæ хорзæ хæ й, цы капеччытæ мæ дарыс дыгæ рдыджы аргъæ й, уыдон тæ ккæ райсом рарвитдзынæ постæ й. — Нæ лгоймæ гтæ дзургæ рахæ ццæ сты дуармæ. Иветæ йæ хи бæ ласы фæ стæ фæ аууон кодта. — Райсом боныцъæ хтыл араст уыдзыстæ м Сауденджызы былмæ. Хæ дзар дын лæ вар ауæ й кодтон, лæ вар, — загъта Аслан. — Фæ лæ нæ й амал. Мæ хъуыддаг афтæ рауад... — æ фсымæ ры фæ стаг ныхæ стæ нал фехъуыста, йæ рустæ м фæ лæ бурдта. Хъавыд разгъорынмæ æ вирхъау лæ гтæ м, семæ карз тохы бацæ уид. Байсид сæ мæ гуыр къухтæ й конд къона фæ стæ мæ. Фæ лæ... Йе ’фсымæ ры сæ ры кад чи ныллæ г кæ ны?

— Хæ дзар ницæ йаг у, — хъуысы та æ цæ гæ лон нæ лгоймаджы хъæ лæ с, — саман æ мæ сахъари къултæ. Тыхамал тъæ ппытæ...

— Цæ мæ н уый зæ гъыс? — бахъуыр-хъуыр кодта æ фсымæ р.

— Цæ й, ууыл нал дзурдзыстæ м. Йæ зæ ххы хæ лæ гмæ йæ райстон. Хæ дзар, — бахудт, — ам галуан уыдзæ н...

Иветæ бæ ласы зæ нгмæ йæ хи нылхъывта. Аслан йæ ног автомобилы бабадт. Фесхъиудта æ мæ Машаты кауы аууон фæ ци. Æ цæ гæ лон гуыппырсар лæ г бацыд хæ дзармæ. Иветæ йæ н улæ фт нал фаг кодта. Иу цъусдуг аджих. Стæ й фембæ рста йæ уавæ р.

— Мæ бон куыд бакалд, — мынæ г хъæ лæ сæ й ныхъхъарæ г кодта. Бæ лас йæ хъæ бысы æ рбатыхта, нæ йæ фæ ндыд, сыхбæ стæ йæ базоной, уый. Арвæ й зæ ххы æ хсæ н ын къæ с уыди, ныр ын уый дæ р нал ис. Бæ ласы зæ нгмæ йæ рус нылхъывта. — Мæ нæ... «чи мæ бакæ найæ » уынгты дзæ гъæ лдзу кæ нгæ куыд баззадтæ н. Йæ хи айста каурæ бынты дæ ллаг фарсмæ. Дзыназгæ цыди... иу кауы михæ й иннæ йыл ныдзæ вгæ. Сырх ставд чылауи, хъæ уы сæ рæ й æ рхаста Бутаты Данæ тæ й, бур дæ ргъæ ццон чылауи та Чертыбиты Габетæ й... Сыстад дымгæ. Машаты сарайы сæ рæ й агуыридур æ рхауд, ныггыбар-гыбур кодта. Цæ хæ радоны бæ рзонд нартхор уæ ззау базмæ лы... Райдыдта къæ вда.

Сæ дыргъ бæ лæ стæ й иу ахæ м нæ й, йæ чысыл удæ й кæ уыл нæ бафыдæ бон кодта. Сæ сыхæ гты чылауи бæ лæ сты бын-иу пыхсыты бабырыд, скъахта-иу талатæ, куырис баст-иу сæ бакодта, сæ цæ хæ радоны кæ рæ тты сæ фæ сагъта. Уæ д йæ чысыл æ ккойы цыди дыууын, дыууын фондз талайы. Ныр та? Иу бæ лас хъæ уы сæ рты кæ сы, йæ зæ нг — ставд, йæ уидæ гтæ арф ацыдысты зæ ххы. Кæ с-ма ацы бæ ласмæ, нæ комы тыхджын дымгæ йæ н къæ рттæ й цъула — æ рмæ ст йæ сæ рæ й акувы дымгæ йæ н.

Арв хæ рзхæ стæ г æ рцавта. Иветæ змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта. Къæ вда аивгъуыдта хъæ ды ’рдæ м, фæ лæ ма скæ сæ нæ й бæ зджын мигътæ бырыдысты ныгуылæ нырдæ м... Æ рлæ ууыд Олгæ ты кулдуары раз... Боныцъæ хтыл æ й рынчындонмæ аластой...

Чырыстонхъæ уы рынчындоны даргъ тыргъты, уæ ззау санчъехтæ й цыди бæ рзонд лæ ппулæ г. Йæ галиу къахæ й зына-нæ зына цыд къуылых. Йæ дæ рдджын сау костюм ыл аив бадти. Тыргъты рахизырдыгæ й райдзаст рудзгуытыл уыди алыхуызон рæ сугъд дидинджытæ, сæ сыфтыл иу рыджы мур хæ снагæ н ничи ссардзæ н. Хъæ лдзæ г тыбар-тыбур кодтой. Хъусцæ гдидинæ г йæ аив гоцоратæ хæ стæ г æ руагъта дон-дидинæ джы зынгхуыз дидинсыфтæ м. Рудзгуыты æ вгтæ сæ фырсыгъдæ гæ й, зынаргъ авгау æ рттывтой. Галиуырдыгæ й æ мраст рæ нхъæ й лæ ууыдысты палатæ ты хæ рзæ хсад, урс дуæ рттæ. Æ рбацæ уæ джы цæ стæ нгас æ рæ нцад къулы газетыл. Чысыл афæ стиат, стæ й фæ раст медицинон агъуысты ’рдæ м. Йæ галиу риуы дзыппæ й систа сырх чырынтæ къухтыкæ лмæ рзæ н. Тыхстхуызæ й дзы йæ цæ сгом асæ рфта.

Лизæ йæ фарсмæ куыд февзæ рд, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодта.

— Алан, цом! — мынæ г хъæ лæ сæ й йæ м сдзырдта.

Фæ раст сты.

Йæ дуарыл нымæ ц «аст» фыст кæ мæ н уыд, уыцы хатæ ны раз æ рлæ ууыдысты. Лизæ дуар сындæ ггай байгом кодта. Аланы зæ рдæ риуыгуыдыр хоста йæ тых, йæ бонæ й. Нæ ма йæ фæ ндыд мидæ мæ бацæ уын, фæ лæ дуары мидæ г куыд фæ ци, уый йæ хæ дæ г дæ р нал бамбæ рста.

Хатæ н уыди рухс. Хур, цыма дысон-бонмæ тæ рккъæ вдамæ йæ хи надта, афтæ райдзаст. Йæ тынтæ хъазыдысты тумбæ чкæ йы сæ р сиренхуыз вазæ йы æ вæ рд дидинджыты цупалимæ. Вазæ йæ хуры æ рттиваг тæ мæ н хъазы Иветæ йы сынтæ джы къулыл, æ мæ тыбар-тыбургæ нгæ бырыд сынтæ гмæ. Иветæ уыд фынæ й. Йæ сæ р рахизырдæ м къул, йæ рахиз къухыл йæ уадул æ рæ вæ рдта, йæ галиу къухæ й та йæ риумæ нылхъывта Аланы лæ вар тæ бын æ рмкъухтæ. Йæ дзыккуйы быд, ставд калмау абырыд суанг сынтæ джы æ мбисæ й дæ лдæ р. Йе ’рфгуытæ хæ стæ г бацыдысты кæ рæ дзимæ, былтæ, сырх дидинсыфтау, бандæ гъдысты, цыма сæ хицауы хъуыдытæ дзырдтой: «Æ з никуы басæ тдзынæ н!.. » Цæ сгомыл баззад, йæ бафынæ йы размæ йæ сæ ры цы хъуыдыты тымыгъ абухта, уый æ ндæ вдад.

Сергей йын Мæ скуыйæ схæ ццæ кодта хостæ. Абон хурскастимæ йæ уæ лхъус æ рбалæ ууыд. Сергейы хостæ æ мæ лæ вæ рттæ миты хъæ пæ нау урс гæ ххæ тты тыхтæ й æ вæ рд уыдысты галиуырдыгæ й сынтæ гыл. Йæ рæ сугъд дидинджытæ та, сæ рбæ рзондæ й кæ сынц вазæ йæ.

— Стыр бузныг, Сергей! — раарфæ йын кодта Иветæ. — Хостæ уадз, иннæ ты ахæ сс.

— Гъе, афтæ мæ й донмæ фæ рæ тæ й лæ бур! — йæ къухтæ фæ йнæ рдæ м акодта лæ ппу. Æ рбадт бандоныл. Æ фхæ рд цæ стæ нгасæ й бакаст чызгмæ... Мамæ та кæ м цы дзæ бæ х дзаума ис, уыдон дæ уæ н æ вæ ры... Æ лхæ ны... Дзæ гъæ лы...

— Дзæ гъæ л æ лхæ д не сты...

— О, ды куыд ныффæ рск дæ, афтæ мæ й... — сбустæ кодта Сергей.

— Ау, ус курынмæ нæ хъавыс, уæ дæ?

— Цыма æ ппындæ р ницы æ мбарыс, дæ хи афтæ куыд дарыс? — мидбылты мæ сты худт бакодта лæ ппу.

— Кæ цы курс дæ м уыдзæ н? — ныхас æ ндæ рырдæ м аздахгæ йæ бафарста чызг.

— Фыццаг курс.

— Гъемæ уым равзардзынæ...

— Цалынмæ... — лæ ппу фæ тыхст, зæ гъынмæ хъавыд: ды чындзы ацæ уай, фæ лæ йын уыцы хъуыды алы хатт дæ р йæ зæ рдæ агайы. Не сфæ рæ зта дзурын. Рæ вдаугæ цæ стæ нгасæ й та йæ м бакаст æ мæ загъта:

— Мæ н, Иветæ, ничи хъæ уы. Кæ нæ ды, кæ ннод та æ ппындæ р ничи.

Чызг ницы сдзырдта. Æ нкъард, донæ йдзаг цæ стытæ азылдта къулмæ. Лæ ппу та баурæ дта уыцы цæ стæ нгас. Йæ зæ рдæ йы йæ м фегуырд, зæ гъæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м тæ ригъæ ддзинад. Ехх, æ вæ дза, куыд æ й фæ ндыд фæ ллад чызджы арæ вдауын, йæ рустыл ын йæ уырзтæ й андзæ вын. Йæ хъуымбыл дзыккуты йæ цæ сгом амбæ хсын, фæ лæ... бандон дарддæ р авæ рдта, æ рбадт ыл. Йæ фæ сонты фæ стæ авæ рдта йæ къухтæ. Бакаст та чызгмæ. Иветæ йæ н ставд цæ стысыгтæ, дзæ нхъа фæ рдгуытау, æ ртылдысты йæ уадултыл.

— Зоныс, Иве?.. — зæ рдæ уынгæ гæ й загъта Сергей. — Хъусыс мæ м?

— Хъусын, — йæ къух йæ цæ сгомыл æ рхаста аивæ й чызг.

— Мамæ баздæ хт æ мæ сбарста уынгæ й нæ уаты хурскæ сæ н къуыммæ цал метры ис, уый, æ мæ балхæ дта... Базон ма цы?

— Мæ гъа... — йæ сæ р батылдта чызг.

— Уал метры балхæ дта, — ацамыдта йæ цæ нгтæ й егъау тымбыл. — Мæ нæ уыйас тыхтон дорожкæ. — Сырх, йæ кæ рæ ттыл кæ рдæ гхуыз дыууæ тæ лмы. Æ мæ йæ æ лхæ нгæ та бакодта дæ уæ н.

Иветæ дисхуызæ й бакаст лæ ппумæ:

— Мæ нæ н та цæ мæ н?

— Цæ мæ й, нæ дуармæ машинæ йæ куы æ рхизай, уæ д дæ къах суанг нæ уаты къуыммæ зæ ххыл ма æ рынцайа, — йæ мидбылты бахудт лæ ппу.

— Дæ мадæ н йе ’рхъуыды бирæ уæ д, фæ лæ æ з, иу ныхасæ й, зæ ххæ й фæ лмæ ндæ р ницы зонын: мад æ мæ зæ хх. Зæ хх никæ й хъыгдары, никæ й риссын кæ ны. Ацы дунейы хорздзинад зæ хх фиды авд-авд бæ ркадæ й... — асагъæ сы и Иветæ.

— Нæ ма сæ мбæ лдтæ дзæ бæ х адæ мтыл æ мæ уымæ н афтæ зæ гъыс, гъер, мæ нæ н бузныгы нæ бацæ уид, мæ фæ ндоныл куы сразы уаис, уæ д? Дæ хæ дæ г та уаис амондджын.

Чызг уæ ззау æ мæ ныфсхаст хъæ лæ сыуагæ й загъта:

— Æ ндæ р ран агур дæ амонд.

— Ма кæ, рæ дийыс. Кæ мæ æ нхъæ лмæ кæ сыс, уый йæ цардæ й цæ ры, ды та?..

Чызг исдуг ницы сдзырдта. Джихæ й каст фæ сдуары къуыммæ. Стæ й цæ стытæ систой сæ хи.

— Хорз, Сергей. Цæ рдзынæ н демæ, мæ зæ рдæ та Аланимæ уыдзæ н. Хъæ уын дæ афтæ мæ й?!

Дзодзыккайы-фырт фесхъиудта. Æ рбадт бандоныл. Бандоны къæ с-къæ с ссыди. Йæ къухтæ донмарæ н къодæ хтау æ дзардхуызæ й æ рæ нцадысты йæ зæ нггыл. Зæ хмæ ныджджих. Абухгæ царды фурд Иветæ йы фæ раппар-баппар кодта иу тыхджын уылæ нæ й иннæ мæ. Æ мæ уыцы уадтымыгъы йæ уарзондзинад Аланмæ мынæ г нæ, фæ лæ æ ндонæ хсидæ гау куы ныхсыст, уæ д уый, Сергей, ууыл куыд никуы ахъуыды кодта. Сындæ г систа йæ сæ р. Йæ цæ стæ нгас афæ стиат чызджы æ нæ хин цæ сгомыл, цыма йын йæ сурæ т æ нустæ м йæ зæ рдыл бадарынмæ хъавыд, афтæ. Уæ збын сыстад, цыма йæ фæ хты фæ хостæ уыд, дыууæ къахдзæ фы бакодта чызгмæ æ мæ загъта:

— Иветæ, хорзæ й баззай...

— Хорзыл амбæ л, Сергей...

Сергей ницыуал сдзырдта. Сындæ г ахызт дуарæ й.

Иветæ йæ хызынæ й систа Аланы къам æ мæ æ рмкъухтæ. Скъолайы амондджын бонтыл хъуыдытæ кæ нгæ куыд афынæ й, уый æ мбаргæ дæ р нал бакодта...

Алан базгъорæ гау кодта. Иветæ мæ сдзурынмæ куыд хъавыд, афтæ ауыдта чызджы хъæ бысы йе ’рмкъухтæ. Цыма йыл судзгæ æ хсидав баппæ рстæ уыд, афтæ йæ хи фесхъæ л кодта. Йæ цæ стытыл ауад уазал зымæ гон изæ р. Лæ гуæ рдон æ фсæ нвæ ндагыл цæ хгæ рмæ... Чызг — йæ быны, поезд — хæ рз хæ стæ г йæ хæ д размæ. Йæ фыр катайæ йæ хъуыры хæ доны цæ ппузыр феуæ гъд кодта. Йæ улæ фæ нты цыма доныфых хъæ бын фæ бадт, афтæ батыхст... «... Æ з æ нхъæ лмæ кæ сдзынæ н мæ хи Аланмæ » — азæ лдысты йæ хъустыл Иветæ йы ныхæ стæ.

Лизæ цымыдис æ мæ хъæ лдзæ гæ й æ нхъæ лмæ каст сæ фембæ лдмæ.

— Цы тæ худиаг дæ н, зынаргъ хæ рзæ ггурæ ггаг кæ й уыдзæ н! — зæ рдæ рухсæ й загъта Лизæ. — Кæ с-ма, цæ стыгагуыйау сæ хъахъхъæ ны. Ды та?! — уайдзæ фхуызæ й бакаст Аланмæ.

Уыцы цæ стæ нгас нæ баурæ дта лæ ппу. Алан азылди къулы ’рдæ м, къулыл вазæ йы æ рттиваг бырыд къулæ й сынтæ джы ’хсæ н. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ тæ мæ н къулæ й сынтæ джы ’хсæ н, зын ауæ дзыл фæ уæ лахиз уыдзæ н æ мæ бабырдзæ н чызджы риумæ. Пъолыл рудзынджы рамкæ йы хуыз зырзыргæ нгæ быры галиуырдæ м.

Лизæ, йæ кæ уындзæ г аныхъуыргæ йæ, ныггуыбыр кодта рынчынмæ:

— Иветæ, райхъал ма у, ахсæ в бонмæ та ма дын чи хуысдзæ н?

Алан æ м йæ къахæ лгътыл хæ стæ гдæ р бацыд. Йæ цæ сгом æ м фæ каст, сабийы цæ сгомау — æ нæ хин, æ нæ хъыг, авгау сыгъдæ г. Аджих...

Лизæ йæ м фемгаст æ мæ йын айуанæ й загъта:

— Джихайæ дæ м саламтæ, джихтæ кæ н, джихтæ, мыййаг дын нæ й, цæ уыл ахъуыды кæ най, уый?! — Ацамыдта тыхтонмæ. — Уыныс, цы лæ вæ рттæ йын хастæ уы. Æ ниу цы лæ ппу у? Институты ахуыргæ нæ г. Æ з Иветæ йæ куы уаин, уæ д дæ дæ бынаты абадын кæ нин.

— Сабыр! — мынæ г хъæ лæ сæ й дзуры лæ ппу. — Æ з тынг стыр рæ дыд кæ й æ руагътон... Сраст æ й кæ ндзынæ н, кæ д мын æ й...

— Бахатыр дын кæ ндзæ н... Иуæ й фæ лмæ нзæ рдæ у, иннæ мæ й... ацамыдта та æ рмкъухтæ м. — Нæ уыныс?..

Алан бакаст тыхтонмæ, гæ ххæ тты тыхтоны æ хсæ нæ й зыны цавæ рдæ р хъуымац.

— Иветæ, — лæ гъстæ хуызæ й та загъта Лизæ, — ракæ с-ма, мæ нæ дæ м чи ’рбацыд.

Иветæ йæ сæ р разылдта. Йæ рахиз русыл баззад чысыл цыппæ рдигъон фæ д — Аланы къамы.

Иветæ исдугмæ нæ ауыдта йæ цуры лæ уджыты.

— Иветæ! — йæ хъæ бысы йæ акодта Лизæ, — дæ хæ рзæ ггурæ ггаг мæ н...

— Алан?.. — сдзырдта Иветæ æ мæ фæ рсæ джы каст бакодта медицинон хомæ.

— Иветæ?.. — йæ бинаг былæ й уæ ллаг был фелхъывта лæ ппу... — Æ з дæ м æ рбацыдтæ н хатыр курæ г... — Йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæ вæ рд акодта. — Бахатыр мын кæ н... Æ мбарын мæ рæ дыд...

— Бадгæ скæ н!.. — ацамыдта йын бандонмæ.

— Цæ й... Цæ уын уал æ з, — загъта Лизæ æ мæ ацыд.

Мæ нæ ис, Иветæ цы амондмæ æ нхъæ лмæ каст, уый. Иветæ йы цæ сгом хурау худт.

— Алан, мæ н уырныдта, сыгъдæ г уарзондзинад кæ й фæ уæ лахиз уыдзæ н мæ нгарддзинадыл.

— Цас фыдæ бæ ттæ дын бавзарын кодтон...

— Ма дзур, — йæ сæ р батылдта чызг æ мæ цины цæ ссыгтæ æ рызгъордтой йæ рустыл. — Уыдон фæ стейы аззадысты. Нæ фæ нды мæ н ныртæ ккæ уыдоныл хъуыды кæ нын... Ды бынтон аххосджын нæ дæ. Афтæ загъта иу англисаг фыссæ г: «... Фыццаг уарзондзинад у ахæ м тыхджын, домбай æ рдзон лæ вар, кæ цыйы кæ ронмæ ахæ ццæ кæ нын нæ у æ рыгон дыууæ уды уæ хсчыты бон... »

Бæ лвырд фæ хъæ лдзæ г лæ ппу, фæ лæ... Цы у уый? Иветæ йы цæ сгомыл æ нкъарддзинад сау пæ лæ з цæ мæ н баппæ рста.

— Дæ бинонтæ та... Кæ м сты?

— Ахицæ н дæ н... Уыдон мæ т мæ нæ й. Мæ нæ ды тагъддæ р куы адзæ бæ х уаис... Уæ д... чындзæ хсæ в скæ никкам.

— Ома, куыд?!

— Кой дæ р æ й мауал кæ н, — дзырдфидарæ й загъта Алан. — Уый цъаммар у... Æ рмæ стдæ р æ й æ хца хъæ уы...

Иветæ йæ м нал хъуыста. Ау. уый та куыд? Зитæ йын нал бæ ззы? Уæ д йæ сывæ ллон та? Йæ цæ стытыл ауад хъазы лæ ппынау Аланы лæ ппу, суанг ма банкъардта, лæ ппу йæ сæ р Иветæ йы дæ ллагхъуыр куыд акодта, уый дæ р. Нæ, нæ фæ сидзæ р кæ ндзæ н чысыл лæ ппуйы. Чи, чи, фæ лæ Иветæ хорз зоны, искæ й фыд, кæ нæ мадмæ къулбæ рзæ йæ кæ сын куыд зын у, уый.

Бафиппайдта Алан, цыдæ р кæ й дзуры, уый. Цы дзуры уый, цы? А, фауы Зитæ йы... Уый йын цыдæ р хъыг фæ ци. Йæ маст æ рбатымбыл. Нæ ргæ хъæ ды тæ рккъæ вдаты рæ стæ г алы кæ мттæ й, алы тæ гтæ й къæ вдатæ иу лæ нкаумæ куыд æ рæ мбырд вæ ййынц. Ратоны донмарæ н, рагуылф кæ ны дон, йæ разæ й хъæ ды пыхс тулгæ. Гъе, афтæ Иветæ Аланы тыххæ й кæ й бавзæ рста, уыцы бирæ æ мæ чысыл мæ стытæ баиу сты. Зæ гъинаг ын уыди дæ рзæ г ныхæ стæ. Хъуамæ йæ федде кодтаид палатæ йæ, фæ лæ... загъта:

— Бузныг, кæ й мæ абæ рæ г кодтай, уымæ й!..

Аланмæ бакаст æ мæ ахъуыды кодта йæ хинымæ р: «Ау, ды уыцы Алан нал дæ? Уый у, — йæ мидбылты зына-нæ зына бахудт. Йæ рæ сугъд сæ р, йæ былтæ, йæ сыгъдæ г цæ стытæ. Уый йæ мидæ г рæ стæ гмæ бабырыд æ нæ рхъуыды, ног Алан, æ мæ... »

— Иветæ, — йæ хъуыды йын фескъуыдта Аланы хъæ лæ с. — Нæ мæ м хъусыс, æ ви?

— Хъусын...

— Куыддæ р ардыгæ й рацæ уай, афтæ папæ йæ хæ дæ г минæ вар цæ уы, — хъæ лдзæ гæ й загъта Алан.

Чызг ахъаззаг рамæ сты ацы фæ стаг ныхасыл. Æ мæ лæ ппуйы карзæ й бафарста:

— Ау, æ мæ ныр дæ фыды нал хъæ уы нæ ргæ, гуыппырсар хæ стæ джытæ?

Алан сдзурынмæ куыд хъавыд, афтæ тарстхуызæ й базгъорæ гау кодта Лизæ, йæ къухы шприц:

— Алан, рæ вдз ацу. Сæ йраг дохтыр ам ис.

— Иветæ, зындзынæ н та дæ м, — загъта Алан æ мæ дуармæ фæ раст.

— Фæ лæ уу, курын дæ, — карзæ й загъта Иветæ, — дæ хицæ н ахæ м зын мауал скæ н!

Лизæ фæ уыргъуыйау.

— Цæ мæ н! — дзыхълæ уд фæ кодта Алан. — Цæ й, изæ ры ныхас кæ ндзыстæ м.

— Фестæ м ныхасгонд! — загъта Иветæ.

Алан сæ ргуыбырæ й ацыд.

Лизæ хæ стæ г бацыд Иветæ мæ æ мæ хъыгзæ рдæ йæ бафарста:

— Цæ мæ н афтæ бакодтай? Дæ сæ р нывондæ н куы ’рхастай, уæ д...

Иветæ ницы сдзырдта.

Лизæ йы къухты шприц зыр-зыр кодта, афтæ мæ й ацыд.

Иветæ фестад. Йæ урс даргъ халаты бæ ттæ нтæ æ нгомдæ р абаста, йæ аив гуыр ноджы бæ лвырддæ р разынд. Бацыд рудзынджы размæ, тар æ хсæ вæ мбæ рзæ ны синагыл æ рхæ цыд. Рудзынгæ мбæ рзæ н рахизырдæ м куыд бырыд, афтæ палатæ талынгæ й-талынгдæ р кодта. Вазæ йыл æ рттиваг хуры тын ахуыссыд. Чысыл рæ стæ джы размæ хуры сыгъзæ рин тынтæ й æ взист доны тылдау тыбар-тыбур цы хатæ н кодта, уый баталынг.

Иветæ йæ цæ ст ахаста хатæ ныл æ мæ загъта:

— Афтæ хуыздæ р у...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.