Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Мæ уарзон стъалы



Зиу

Лæ гуæ рдон пыхсбынмæ батылдта Иветæ. Фæ рæ т райста.

— Аслан, ды мæ нæ ам бынæ й кæ ндзынæ уис, мих. Кæ с-ма, — амоны æ хсæ ры къутæ рмæ, — цы хорз уис дзы ис. Ды та сæ, Нада, ласдзынæ мæ нæ ардæ м, — ацамыдта тæ рсы размæ. — Розæ, мах та нæ бынатмæ, — скаст хæ рдмæ. Фæ рæ т йæ ронбасты атъыста, æ мбæ хсæ нæ й систа цыппар хъæ лы, дыууæ дзы радта Розæ мæ, дыууæ та йæ хицæ н. Уыдон æ ххуысæ й сбырынц хæ рз уырдыг фахсыл, Скъæ тты комы хуссар фахсыл хæ рдмæ.

Йæ фæ рæ т бæ стондæ р афидар кодта ронбасты, йæ къабайы цæ ппузыртыл, фæ ндыры хъæ лæ стыл æ нгуылдзтæ згъорæ гау, йе ’нгуылдзтæ азгъордтой, кæ д дзы исчи уæ гъд у. Йæ дыстæ бафæ лдæ хта. Йæ мады зæ нæ гыл дæ р йæ цæ ст ахаста: сæ дарæ сæ й сæ мацы хъыгдарæ д.

— Нада, дæ бæ мбæ джджын ралас, стæ вд уыдзынæ. Аслан, гормон, фезмæ л. Уæ рдоны дзаг ракæ н æ мæ уæ д аулæ фдзынæ.

Иветæ æ мæ Розæ фахсыл сæ ныччытау бырыдысты. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ схызтысты фæ змæ.

— Розæ, æ з цæ гъддзынæ н, ды та, дæ бон цас у, уыйас сæ иу ранмæ æ мбырд кæ н.

— Уистæ — иумæ, михтæ дæ р — иумæ, нæ?

— О, мæ хур, о, — загъта йæ сæ рбæ ттæ н йæ ныхыл арфдæ р æ ркæ нгæ йæ, йæ фæ рæ т йæ астæ уæ й фелвæ ста. Æ хсæ ры къудзитыл йæ цæ ст ахаста. Йæ зæ рдæ барухс заммаиай хъæ ды уындæ й. Æ ргуыбыр кодта æ хсæ ры къудзимæ, арæ хстгай расыгъдæ г ласта, хъыг æ й чи дардзæ н, уыцы пыхсытæ.

— Уæ тæ ригъæ д уæ хи, — загъта æ мæ цæ гъдын райдыдта, æ хсæ ры къудзийæ йæ кау бийынæ н чи хъуыд, уыцы уистæ... Цы æ хсæ ры къутæ рмæ фæ гуыбыр кæ ны æ д фæ рæ т, уый алыварс чысыл рæ стæ джы фæ стæ фæ зыны цалдæ р хуызы хъæ дæ рмæ г: иуырдæ м калы уис, иннæ рдæ м — кауы мих, аннæ рдæ м — хъæ дурыхъил, мæ нæ ацы къутæ ры размæ та ма фæ зынд тæ счъы уисаг — лыстæ г цыбыр талатæ. Цалдæ р æ хсæ ры къутæ ры æ рбæ гънæ г кодта. Дунейы уис æ мæ мих ракодта...

Хур ныгуылæ нмæ фæ къул. Иветæ йы зæ рдæ хæ рын бацагуырдта.

— Розæ, мæ хур, цу-ма аууилинаг исты сдав, уыдонæ н дæ р зæ гъ æ мæ бахæ рæ нт.

Чысыл чызг йæ уисты хъæ бысыдзаг ахæ р-хæ р кодта былмæ. Иветæ та фæ мидæ г ног къутæ ры. Уымæ н дæ р та йæ пакъуы акалд. Æ хсæ ры къутæ рты гæ ны хуымау у уис. Гæ н... Йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд... Фарон колхозы быдыры карстой гæ н. Алы скъоладзаумæ дæ р хауди фæ йнæ цыппар рæ нхъы. Иветæ аивгъуыдта размæ. Йæ фæ стæ гæ ны куыристæ й уыгæ стæ ныррæ гъ сты, цыма Нарты Уырызмæ джы бæ х балæ гæ рста гæ ны тар «хъæ ды», афтæ уынг байгом. Гæ ны хуым йæ афоныл æ фснайд кæ й нæ æ рцыд, уый тыххæ й афтæ ныттар. Йæ галиуырдыгæ й карста Зитæ, рахизырдыгæ й — Алан. Уый уæ ле — Ким, æ мæ иннæ тæ.

— Тырыса дæ у нæ фæ уыдзæ н, ма тæ рс, — Иветæ йы хъустыл ауад Зитæ йы æ дзæ стуарзон ныхас.

— Цæ уылнæ фæ уыдзæ н? — бауайдзæ ф ын кодта Алан.

— Дæ хи хуызæ н сым-сымæ г æ мæ йæ хъым-хъымæ г хоныс? — фелхыскъ кодта Зитæ йы Ким дæ р. — Тырыса дæ р хуымæ тæ джы тырыса нæ, фæ лæ тынг намысджын тырыса райсдзæ н. — Ким нæ уарзы хиппæ лой, хиуарзон, æ дзæ стуарзон чызг Зитæ йы. Куы уæ ндид, уæ д зæ гъид Иветæ йæ н «ма цу уыимæ », æ мбалæ н дын нæ бæ ззы».

— Цы нæ уæ м кæ сы, — йæ хицæ н зæ гъинаг уыд Зитæ, фæ лæ йæ Ким айхъуыста æ мæ йæ м фæ рæ вдз:

— Цы загътай, цы? Цы у, уый мæ м кæ сы. Гъе стæ й дæ кæ д зæ рдиагæ й базонын фæ нды, уæ д, хæ рæ г æ мæ кæ сгон уæ здан бæ хы æ хсæ н цас быдыртæ ис, уыйас ис уе ’хсæ н дæ р.

Кимы ныхæ стæ м Аланы зæ рдæ фæ къæ пп кодта, йæ бинаг былæ й уæ лладжы алхъывта, мæ сты куы вæ ййы, уæ д афтæ фæ кæ ны. Фæ лæ дзургæ ницы скодта.

— Тынг раст загътай! — Фырмæ стæ й ныххудт Зитæ. — Хæ рæ г йæ куыст хорз зоны, — ацамыдта Иветæ мæ.

Лæ ппутæ сæ куыст кодтой, цыма чызджы æ фхæ рæ н ныхæ стæ нæ фехъуыстой, афтæ. «Сыхъ-сыхъ», фæ лдæ хт гæ н.

Иветæ йы хъустыл æ рцыд сæ быцæ у ныхас, фæ лæ сæ м ницы сдзырдта.

Акаст размæ. Бæ лвырд æ м зынынц гæ ны рæ нхъытæ. Сау ног хуымгонды хуызæ н чи зынди, уый уыди гæ н. Йæ зæ рдæ барысти. «Цæ й бирæ ма дзы ис! » Ныхъхъæ р кæ нынмæ хъавыд йе ’мбæ лттæ м, разæ й сау чи дары, уый дæ р ма гæ н у, зæ гъгæ, фæ лæ... «Æ цæ гдзинад куы базоной, уæ д сæ ныфс асæ тдзæ н», — загъта йæ хицæ н. Галиуварсæ й — дыууæ рæ нхъы, рахизырдыгæ й дæ р — дыууæ, афтæ мæ й аст рæ нхъыл ахæ цыд. «Кимы зæ рдæ фæ худдзæ н. Цæ й, куы ’рбахæ ццæ уой, уæ д Алан та уый рæ нхъытæ й хæ сдзæ н».

Иветæ хорз зоны, разæ й куыстгонд куы разыны кусинаг, исчи дын дæ къух куы арог кæ на, уæ д уый куыд æ хсызгон вæ ййы, уый.

Уыцы изæ р сæ химæ куы рацыдысты, уæ д Ким фæ рсы:

— Иветæ, гæ ны кæ рон дæ м хорз зыны?

— О, бирæ нæ нал хъæ уы.

Дыккаг бон, сихормæ ма дзæ вгар уыди, афтæ Зитæ йæ сæ рæ й мæ лынмæ æ рцыд. Ацыд станмæ. Йæ рæ нхъытæ й йын дыууæ хастой Алан æ мæ Ким, иннæ дыууæ та йæ галиуварс чи куыста, уыдон.

Сихоры улæ фтафон куы ’рхæ ццæ, уæ д Ким дзуры:

— Алан, акæ с-ма размæ!..

— Цы мæ кæ сын кæ ныс? — йæ сæ р нæ сисгæ йæ дзуры Алан. — Иветæ æ дзух нæ разæ й кæ й цæ уы, уый зонын. Ауыстæ н, райсом боныцъæ хтыл уыдзынæ н ам. Уæ ддæ р æ й нæ аййафдзынæ н?

— Акæ с-ма, мæ лымæ н. Аййæ фтай йæ!

— Кæ м, куыд! — размæ акасти Алан æ мæ ауыдта уæ рæ х уынг, гæ ны уыгæ сты дыууæ æ мраст рæ нхъы цыма «Чепена» кафынц. Джихæ й лæ угæ аззад. Æ лхуыйыл æ ндах тухæ гау йæ æ хсырф йæ къухы зылдта.

— Федтай?! — Ким Аланы уæ хскыл йæ къух æ рæ вæ рдта. — Уый мæ сыхаг у, мæ сыхаг!

— Дæ сыхаг нæ, фæ лæ комбайн, Бело дæ р æ й хуымæ тæ джы «бырдæ н» нæ хоны.

— Мæ сыхаг — комбайн, — фæ лæ дæ сыхаг та? — ацамыдта Ким Зитæ йы хаймæ.

Кæ рæ дзийы уæ хсчытыл сæ цæ нгтæ й хæ цгæ араст сты Иветæ йы фæ стæ. Чысыл куы бауадысты, уæ д Алан ныддис:

— Нæ рæ нхъытæ нæ разæ й куы фесты.

Иветæ фехъуыста лæ ппуты ныхас æ мæ йæ мидбылты бахудт.

— Æ мæ исты фыццаг хатт афтæ бакодта?

Куырис куыд абаста æ мæ йæ куыд фелвæ ста хъил æ вæ рынмæ, афтæ лæ ппутæ йæ уæ лхъус алæ ууыдысты.

— Ой!.. — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Иветæ.

— Цæ мæ й фæ тарстæ?! — афарста йæ Ким.

— Ау, ахæ м тæ рсæ нтæ стæ м, — загъта Алан. Лæ ппутæ, сæ фыр катайæ ма йын цы акодтаиккой, уый нæ зыдтой.

— Ницы фæ тарстæ н, фæ лæ уын æ рбацæ уын æ нхъæ л нæ уыдтæ н.

— Цом сихор хæ рынмæ, — загъта Алан.

— Цæ уын, февнæ лдта куырисмæ. — Мæ уыгæ с ма ацамайон.

— Мах бар æ й уадз.

Алан фемгаст хуымы кæ ронмæ.

— Ким! — тарстæ й афарста Алан. — Акæ с-ма, уыйæ ппæ т гæ н у æ ви?!

Ким дæ р бадис.

— Лæ ппутæ! Ма схъæ р кæ нут, сæ ныфс асæ тдзæ н, — загъта чызг æ мæ йе ’хсырф йе уæ хскыл авæ рдта. — Иу-дæ с боны куыст ма дзы ис.

— Дæ у хуызæ н кусджытæ н чи зоны... Фæ лæ мæ нæ Аланы хуызæ ттæ н мит уарынмæ дæ р нæ фæ уыдзæ н!

Алан бакаст чызгмæ. Арвы ферттывдау фемдзаст сты лæ ппуйы сау цæ стытæ æ мæ чызджы æ рвхуыз цæ стытæ. Фæ сырх сты сæ дыууæ дæ р. Ким цыма ницы бамбæ рста, афтæ йæ хи фæ зылдта, гæ н ног хуымгондау кæ м зынди, уыцырдæ м.

Станмæ куы араст сты, уæ д сæ размæ фæ ци сæ ахуыргæ нæ г Дзедаты Нинæ.

— Ардæ м-ма рацæ ут! — йæ къух сæ м ахъаззаг тилы. — Къулбадджытæ! Акæ сут-ма адонмæ!

— Иветæ, — дзуры Ким. — Райсом ма рацу кусынмæ, хъусыс?

— Æ цæ гдæ р, бирæ бакуыстай, — загъта Алан.

— Бæ ргæ, нæ картоф æ фснайд фæ уаид.

Алан ын фæ тæ ригъæ д кодта.

— Тагъддæ р ма размæ лут!..

Скъоладзаутæ сæ ахуыргæ нæ джы размæ дзырдыбæ рц куы бахæ ццæ сты, уæ д сыл ихуарæ гау нызгъæ лдта:

— Къулбадджытæ! Кæ м стут? Нырма зæ ххæ й уæ лæ мæ нæ ма зынынц...

— Цытæ дзурыс? — йæ ныхас ын æ мбисыл аскъуыдта Ким. — Ахæ м ныхæ стæ махæ н ма кæ н.

— Бацамон мын, куыд ныхæ стæ кæ нон, уый, — сбустæ кодта Нинæ. Фæ лæ уут, æ з уæ директорыл сардауон.

Лæ ппутæ кæ рæ дзимæ бакастысты:

— Иветæ фондзы бæ рц кусы, æ мæ уый ничи уыны. Акæ с-ма, цас ныккарста иунæ гæ й. Йæ размæ ацыдыстæ м, уым æ взæ рæ й цы ис?

— Чи цы мигæ нæ г у, уый мах хорз зонæ м, — карзæ й загъта Нинæ.

Станмæ бахæ ццæ сты. Хъæ рмхуыппы хæ рзад тæ ф былтыл ауад. Æ ртыкъахыг суанцъæ йыл дынджыр цуайнаг æ вæ рд. Маша агæ й систа фыдисæ й дзидзайы къуылдыхтæ. Стыр хъæ дын сивырыл сæ æ вæ рдта.

Станы даргъ стъолыл хæ рдмæ амад уыдысты сасиры йас колхозон дзултæ. Сæ адджын тæ фмæ зæ рдæ рухс кодта. Доны боцкъайы раз лæ ууыд бричкæ. Бричкæ йы гуыффæ йы — кæ рдотæ æ мæ фæ ткъуытæ. Йæ къухтæ чи ахсы, уый та сисы фæ ткъуы, ахуыргæ нджытæ й цæ ст хизгæ йæ дзы акомдзаг кæ ны. Кæ д уалдзæ гæ й, сæ рдæ й, фæ ззæ гæ й сывæ ллæ ттæ сæ ахуыргæ нджытимæ вæ ййынц быдыры куысты, уæ ддæ р æ фсæ рмы кодтой, зондамонæ г сæ хæ ргæ уына, уымæ й. Хæ рынафон ахуыргæ нджытæ сæ хи станы фæ стæ мæ айсынц, уадз æ мæ скъоладзаутæ сæ къæ бæ р адæ н бахæ рой. Фыццаг сбадынц лæ ппутæ. Бирæ хатт чызджытæ н фæ дæ ттынц фыццаджы бар, фæ лæ уыдон никуы фæ комынц. Цæ мæ й рæ стæ г ма сæ фа, уый тыххæ й раджы сфидар стъолыл бадыны æ гъдау — раздæ р бахæ рынц лæ ппутæ.

Ахуырдзау никуы федта ахуыргæ нæ джы хæ ргæ, ахуыргæ нæ г та — ахуырдзауы. Сывæ ллæ ттæ й исчи дыргъ йæ дзыппы куы айсы куыстуатмæ, уæ д цалынмæ ахуыргæ нæ г йæ цурæ й ацæ уа, гъе та йæ куыд нæ уына, ахæ м рæ стæ г куы нæ бахæ ра, уæ д æ й рæ вдаудзæ н бон изæ рмæ...

Æ хсæ ры къудзи æ рбæ гънæ г æ мæ йæ хъуыды фескъуыд...

Иветæ лыстæ г тæ счъы уисæ й куыристæ -куыристæ бабаста йæ уистæ æ мæ михтæ. Афтæ мæ й æ нцондæ р ласæ н сты бынмæ. Куырис йæ дæ ларм фæ кæ ны, иннæ къухы та райсы æ нцойгæ нæ н хъæ л, афтæ мæ й кæ м дзуццæ джы, кæ м, сабийау, йæ фазыл быргæ, йæ уæ з фæ стæ мæ уромгæ йæ ласын райдайы хæ рз уырдыг фахсыл бынмæ уис, мих æ мæ хъæ дуры хъилы куыристæ. Йæ æ муæ зад куы нал бауромы, уæ д куырисы сæ р пыхсбыны фæ ныхсы. Бирæ тухитæ фæ кæ ны йæ раласыныл.

Мæ нæ та йæ ныр дæ р йæ куырис иуфарсмæ ахаста, фæ калд. Куырис алыгъд, нарæ г бырæ ны фæ свæ ндаг, къутæ ры бын йæ сæ р атъыста. Чи зоны, хъæ ддзауы хъарутæ фесты, гъе та фæ лмæ н зæ ххы дзæ вгар аныхстысты ногконд уисты сæ ртæ. Архайы се сласыныл, фæ лæ нæ комынц.

— Аслан! — хъæ р кæ ны Иветæ.

Нада архайы хомæ сбырыныл, фæ лæ фæ кæ лы æ мæ та ныттулы фæ стæ мæ. Лæ ппуйæ н йæ сыбыртт дæ р нæ хъуысы. — Нада, кæ м ис уыцы лæ ппу?

— Чиныджы кæ сы, — пыхсыл ныззæ гæ л, афтæ мæ й дзуапп радта Нада хæ рдмæ цæ уыныл архайгæ йæ.

— Ды уым лæ уу, дæ хи ныццæ вдзынæ. Схæ ц-схæ ц кæ ны куырисыл, — нæ й, нæ комы.

Хиваст куырисыл фæ дæ лгом æ мæ ныккуыдта:

— Мæ бон нал у, цы хъизæ мæ рттæ кæ нын!.. Ме ’мгæ рттæ хурбадæ нты бадынц... æ з та хъæ дтæ æ мæ быдырты хауын. Сæ рдæ й-зымæ гæ й, хъæ ды иу бæ ласы цъуппæ й иннæ мæ, æ хсæ рæ гау... Хъæ ды уымæ л мæ р ме ставд хиды æ ртæ хтæ й уымæ лæ й-уымæ лдæ р кæ ны... Мæ дзыккутæ æ хсæ ры къутæ ртыл пи-и-рæ нгæ мттæ й уадзын... Дзæ гъæ лы... дзæ гъæ лы хъуыды кæ нут, нæ сыхы лæ ппутæ, æ з куыстæ й æ ндæ р ницы зонын, зонын... æ з уарзын дæ р зонын, хиирхæ фсын дæ р уарзын, фæ лæ -æ... Мæ къæ схуыр бæ рзæ й царды уæ ззау æ фсондз хæ ссы... Хуымон гал йæ æ фсондзы бын ауæ дзæ й æ ндæ р куыд ницы уыны, афтæ... æ з дæ р... Бафæ лладтæ н... Бафæ лладтæ н хъæ дтæ æ мæ быдыртæ й!..

Йæ хъарæ гмæ «хъырныдтой» хъæ д, фахсы бын — Нада æ мæ къутæ ры рæ бын тымбылæ й — Розæ...

Раст уыцы рæ стæ г Хъасбол бадти сæ дуармæ æ мæ дзуры йæ фырт Петрмæ:

— Лæ ппу, кæ д дын зын нæ у, уæ д ма уыцы чызгмæ фæ кæ с... Иветæ йæ зæ гъын.

Фырт нæ бамбæ рста.

— Баба, кæ мæ фæ кæ сон?..

— Иветæ мæ, абонрайсом ацыдысты æ мæ нæ ма зынынц. Сæ каутæ бынтон æ рызгъæ лдысты. Цæ ттæ кæ ны, æ вæ ццæ гæ н. Куы æ рцæ ттæ кæ на, уæ д ын колхоз сæ ласынмæ феххуыс кæ ндзæ н.

Петр фæ сырх суанг йæ хъусты онг. Æ хсызгон ын уыди, фæ лæ йæ м хъæ дмæ чызджы цурмæ ацæ уыны ныфс нæ уыд. Уый бафиппайдта фыд:

— Цу, уæ ныг сифтындз, уемæ раласдзыстут гъе уис, гъе мих.

— Баба, мæ нæ н зын нæ у, фæ лæ... аив уыдзæ н?..

— Чызгæ н бирæ æ мбæ лттæ ис...

Петр куы бахæ ццæ «Иветæ йы тæ рсмæ », уæ д федта Надайы бæ ласы бын æ нæ бонæ й бадгæ.

Чызг ацамыдта æ хсæ ры къутæ рты æ хсæ н нарæ г къахвæ ндагмæ. Лæ ппу йæ сæ р фæ гуыбыр кодта, пыхсытæ й йæ хи хъахъхъæ нгæ йæ. Хæ рды суади. Иветæ, зæ гъгæ, ахъæ р кæ нынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ хъус ацахста кæ уын. Лæ ппу дзыхълæ уд фæ кодта. Ауыдта: йæ зынаргъ адæ ймаг куы йæ хойыл, куы куырисыл йæ хи фæ дæ лгоммæ кæ ны. Йæ сæ р куы сисы, уæ д цæ сгомыл цæ ссыг бæ ркадджынæ й æ рызгъоры.

Петры зæ рдæ суынгæ г. Ахæ м тæ ригъæ ддаг ныв уынгæ йæ адæ ймаджы зæ рдæ нæ, фæ лæ æ ндон къæ дзæ х чъыр фестдзæ н. Йæ хи бæ лæ сты аууон бакодта, йæ кæ уындзæ г нынныхъуырдта. Иу чысыл рæ стæ джы фæ стæ ракаст, — дыууæ чызджы тухитæ кæ нынц куырис сласыныл.

— Фæ лæ уу! — рагæ пп кодта йæ бынатæ й Петр. Афтæ йæ м фæ каст, цыма ма иу хатт куы схæ ца, чызг, уæ д сапоны фынчы портийау аскъуындзæ н æ мæ Петры хур аныгуылдзæ н. — Фæ лæ уу, мауал схæ ц! — Дзæ бидырау чызджыты раз фегуырд лæ ппу.

— А-а! —... тарст стъæ лфт фæ кодта Иветæ. — Кæ цæ й фæ дæ? — йæ цæ стæ нгас æ мбæ хсгæ йæ бафарста чызг.

— Иветæ, — фæ лмæ н рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й дзуры лæ ппу. — Исчи афтæ кусы?

Чызг æ м разылдта, кæ уынæ й кæ саджы тъупгæ нæ ны хуызæ н чи ныттыппыр, ахæ м цæ стытæ. Йæ тъыфæ лттæ кæ рæ дзиуыл сæ мбæ лдысты, разгъордтой кæ рæ дзийы къуыргæ цæ ссыгтæ. Лæ ппуйы зæ рдæ фæ цагайдтой. Хъавыд æ й истæ мæ й арæ вдауын, фæ лæ цæ мæ дæ р гæ сгæ размæ нæ, фæ лæ фæ стæ мæ акъахдзæ ф кодта. Куырисмæ фæ лæ бурдта, зынтæ й йæ сласта.

— Куыд арф нынныхст зæ ххы?..

— Куырис райхæ лдтаин... — загъта аххосджынæ й Иветæ.

Разæ й лæ гуæ рдоны мих ластой Аслан, Нада æ мæ Розæ. Уыдон афæ ндараст кодта Петр, Асланы уæ рдоны рæ тæ нæ гъдты мидæ г фæ кодта, дыууæ чызджы та хæ цыдысты кæ рæ тты.

Иветæ хъавыд йæ хицæ н уаргъ кæ нынмæ, фистæ гæ й куыд цæ уон, зæ гъгæ, фæ лæ йын уый бауайдзæ ф кодта.

— Афтæ ма кæ, — мидбылты худгæ йæ загъта лæ ппу. — Иучысыл дæ хи хъахъхъæ. Зон дæ хи...

Уæ ныджы галиуфарс цыди Петр, йæ сæ рбосыл ын хæ цыд. Чызг та лæ ппуйы фарсмæ.

— Дæ хорзæ хæ й, Иветæ, уыйас мих æ мæ уис абон æ рцагътай? Уæ лбыл чи ис, уыдонæ й зæ гъын?

— Мæ гъа, — мидбылты бахудт чызг.

— Кæ с-ма, цæ й диссаг дæ? Зонын æ й, абон сæ æ рцагътай...

— Цæ мæ й йæ базыдтай?

— Ау, ногцагъд æ мæ зæ ронд конд нал иртасын? Хъæ ды куы схъомыл дæ н.

— Æ мæ гъа, — йе уæ хск базмæ лын кодта чызг, — дохтыр дæ, æ мæ...

— Фыццаджыдæ р, æ з дохтыр нæ ма дæ н. Дыккагæ й та, дохтырæ й дæ р æ мæ стыр ахуыргондæ й дæ р, йæ сабийы бонтæ чи ферох кæ на, уымæ й адæ ймаг никуы рауайдзæ н. Адæ ймаг æ мæ ахуыргонд — кæ рæ дзимæ дард сты.

Иветæ асагъæ сы и.

— Райсом бонсауизæ рмæ ласдзыстæ м. Æ з — уæ ныгыл, Аслан — лæ гуæ рдонæ й.

Лæ ппу æ нхъæ л уыди, чызг бакатай кæ ндзæ н, исчи нæ исты куы зæ гъа, зæ гъгæ. Уый нæ, фæ лæ ма цин дæ р бакодта æ мæ сыгъдæ г зæ рдæ йæ афтæ куы зæ гъид:

— Цы хорз уаид! Сæ кæ нын уыйас зын нæ у, фæ лæ сæ ласын бæ ллæ х у.

«Хуыцау мæ амарæ д, — загъта йæ хинымæ р Петр, — æ мбаргæ дæ р нæ кæ ны, чызгæ н лæ ппуйæ куыд тас у, уый. — Худæ н дæ р ыл нæ й, куыстæ й йæ не ’вдæ лы».

Хур аныгуылд, хъæ умæ куы æ рхæ ццæ сты, уæ д.

***

Залиханы цæ хæ радоны зæ ронд кау мидæ мæ бафæ лдæ хт. Уыйхыгъд ног кауы хъæ дæ рмæ г рæ дзæ гъдтæ й лæ ууыд — уис æ мæ мих. Уистæ куыд кæ ронмæ зына-нæ зына фæ цъæ хбын сты. Адæ мы руаджы Иветæ йы уис сыфтæ р рафтауыны агъоммæ хæ дзар ссардта. Машаты ’рдыгæ й бæ стон амад сты хъæ дуры хъилтæ.

Фондзыссæ дз санчъехы бæ рц Иветæ ауагъта дыууæ лæ дзæ гыл урс синаг. Райста мæ цъис. Райдыдта михтæ н дзыхъхъытæ кæ нын. Йæ армытъæ пæ нты чылауийы хъæ ппыты йас уæ зæ гтæ хъæ бæ р æ мæ уазал мæ цъис æ рбалвасгæ йæ сриссынц. Мæ цъисы тъупп хъуысти. Йæ къухты рыст ницæ мæ дардта. Хъæ дмæ йæ зæ рдæ нал æ хсайы, зæ рдæ рухсæ й кусы, мæ цъис цыма æ лхуи у, афтæ рог хъазы чызджы къухты. Аслан зивæ ггæ нгæ хæ ссы михтæ.

Йæ мæ цъис ног дзыхъхъ кæ нынмæ фелвæ ста, уалынмæ сæ къласы лæ ппутæ æ рбамбырд сты йæ алыфарс. Быдырмæ цæ уын æ нхъæ л сын уыд.

— Дæ райсом хорз!..

— Кæ й райсом у, уый хорзæ х, — салам сын радта чызг, — æ мæ уæ фæ ндаг раст.

— Махæ н нæ фæ ндаг ам ныссуйтæ. Дарддæ р нал цæ уæ м, — загъта Алан.

Иветæ фæ джих, хорз сæ не ’мбæ рста. Аланы лæ мбынæ г цæ стытæ й нæ аирвæ зт чызджы дызæ рдыгдзинад æ мæ та загъта:

— Иветæ, мах дын æ ххуыс кæ нынмæ æ рбацыдыстæ м, кæ д ныл барвæ ссай, уæ д.

— Бузныг. Ныртæ ккæ алкæ мæ н дæ р бирæ куыст ис, — загъта Иветæ.

— Знон нын Дзамбег загъта, нæ хи зæ рды дæ р уыди, фæ лæ... — загъта Аркади.

Сæ размæ æ рбацыд Петр, Асланы къухыл хæ цгæ.

— Мæ нæ цы бирæ зиууæ ттæ ис! — Петр йæ цæ ст ахаста лæ ппутыл. «Ацы лæ ппутæ й кæ цыдæ р уыдзæ н»...

Йæ цæ стæ нгас Аланы цæ стæ нгасимæ дзуарæ вæ рд фæ ци: «Уый у. Мæ лæ ты рæ сугъд нæ у? Уый ма йæ карæ нмæ куы ацæ уа, уæ д... » — йæ зæ рдæ срыст Петрæ н.

— Цæ йут, февналæ м! — сдзырдта Алан. — Бахатыр кæ н, ды Кимы æ рвад дæ, нæ? — баздæ хт Петрмæ.

— О!..

«Æ мбаргæ у», — ахъуыды та кодта Петр.

— Ды, куыд хистæ р, афтæ нын амон, мах кусдзыстæ м, — загъта Алан. — Ды, Иветæ, мацы кус.

— О, халон зиу ракодта, йæ хæ дæ г та уæ лкъуыбыр сбадт, — загъта Петр. Æ мбаргæ дæ р нæ бакодта, цæ мæ н дзы ахæ м ны. час сирвæ зт, уый. Кæ д, мыййаг, чызг сæ химæ куы ацæ уа, уымæ й фæ тарст.

Амонын дæ р сын нæ бахъуыд, афтæ мæ й куысты сæ ргъы алæ ууыдысты, фæ лæ сын кусæ нгарз нæ фаг кодта.

— Аслан, дæ иу къах ам, иннæ — Адзæ дзетæ м, афтæ мæ й фæ рæ ттæ, мæ цъистæ радав, — йæ къухæ й Машатæ м ацамыдта Петр.

Сыхы лæ ппутæ й сæ чи федта, уыдон сæ хæ дзары куыстытæ ныууагътой æ мæ рацыдысты зиууон.

Уартæ Ким йæ къахын ныууагъта — дыууæ мæ цъисимæ рацæ уы.

Цыма цалдæ р азы нæ федтой кæ рæ дзийы, афтæ ныццин кодтой лæ ппутæ кæ рæ дзиуыл, мыхъхъытæ й ралæ ууыдысты кæ рæ дзиуыл, ныхасæ ппарæ н кодтой.

— Ким, дæ сыхы уазджытæ куы ис, уæ д кæ м дæ?

— Фæ рæ т нæ й, Ким, фæ рæ т?

— Ис, — Ким фæ каст сæ хирдæ м, — уæ ртæ æ рбахæ ссы.

Цыппар лæ ппуйæ æ рлæ ууыдысты мæ цъистимæ, арæ ныл æ фсæ ддонтæ куыд лæ ууой, афтæ. Иннæ тæ й чи михтæ цыргъ кодта, чи уис хаста. Петр Иветæ йы сагъд михтæ асгæ рста, батылдта дзы цалдæ ры.

— Фидар лæ ууынц, — йæ къахæ й абарста, нæ дзы бацыд йæ къах.

— Æ гæ р хæ стæ г сагъд нæ цæ уы мих, Иветæ?

— Нæ, хорз у, — дзуапп радта Алан.

— Хорз у, афтæ мæ й кау бæ рзонд быд цæ уы, — загъта Ким. — Цыппар тæ лмæ й слидздзæ н талачъийы онг. Æ ццæ й нæ, Иветæ, — адзырдта чызгмæ, кæ цы фæ цæ йцыд михтæ м, — талачъи йыл нæ уыдзæ н?

— Кæ д бантыса, уæ д, — дзуапп радта чызг.

— Аслан, уистæ дав, — загъта Алан. Дыууæ уисы иумæ авæ рдта, кæ ройнаг кауы михыл сæ атыхта. Уисты сæ р æ мæ кæ рæ ттæ фæ стæ мæ иумæ абыдта. Систа иннæ дыууæ уисы, михы хæ д размæ сæ атъыста. Райдыдта бийын. Райгуырд фыццаг тæ лм...

— Рæ вдздæ р, рæ вдздæ р, — дзуры Асланмæ Алан. Аслан уистæ æ ркалдта Аланы размæ. — Мæ къæ хты бынмæ сæ æ гæ р хæ стæ г ма ’вæ р, — фæ лмæ н ныхасæ й загъта Алан.

— Æ з къæ дзилтæ бидзынæ н, — фæ рæ вдз Аслан.

— Уис дæ р хæ сдзынæ, къæ дзилтæ дæ р бидзынæ, — зарæ гау акодта Алан.

— Дыккаг тæ лм та æ з цæ уын, — загъта Петр. Дыууæ уисы атъыста æ ртыккаг михы рæ бын. Сыздыхта уисы сæ ртæ. Здыхт уистæ й ронбастау æ рбатыхта кæ ройнаг мих...

Райгуырд дыккаг тæ лм.

Петры фæ стæ æ рлæ ууыд Ким. Фæ быры æ ртыккаг тæ лм.

Аркади михтæ цыргъгонд фæ ци, æ рлæ ууыд цыппæ рæ м тæ лмыл.

Иу михæ й иннæ мæ бырынц кæ рæ дзийы фæ дыл цыппар тæ лмы. Хурмæ æ рттывта ногбыд кау.

Иветæ хæ ринагыл кæ й тыхстаид, уый Петр æ мбæ рста. Сæ хицæ й куы цыди, уæ д æ м мад радта цавæ рдæ р тыхтон.

— Цы у? — афарста йæ мады Петр.

— Цыхт. Демæ йæ айс.

Петр куы федта зиууæ тты, уæ д йæ чындз Машайæ н балæ гъстæ кодта:

— Дæ хорзæ хæ й, Маша, исты ма скæ н, — ацамыдта Залиханты цæ хæ радонмæ.

— Лæ гъстæ кæ нын мын нæ хъæ уы, — мидбылхудгæ загъта чындз. — Мæ хи зæ рды дæ р сын хæ ринаг скæ нын ис.

— Мæ нæ — цыхт, мамæ йæ нывæ рдта.

— Мæ химæ дæ р ма ис, — загъта Маша, Петры къухтæ й цыхт райсгæ йæ.

Петр бамбарын кодта уыцы хъуыддаг Иветæ йæ н. Чызг йæ цæ стæ нгасæ й раарфæ кодта Адзæ дзеты чындзытæ н.

Иветæ йы цырд, сæ рæ н фезмæ лдмæ дисæ й кæ сгæ йæ баззайы Петр.

Хур арвы астæ умæ куы стылд, уæ д сæ м Маша йæ чызджы хонæ г рарвыста.

— Ардæ м сæ рахæ ссут, — загъта Петр.

Ким куы бамбæ рста хъуыддаг, уæ д базгъордта сæ химæ, йæ мады йæ хъæ бысы акодта:

— Мамæ! Мамæ, цы хорз дæ!

Мад мидбылхудгæ бакаст йæ фыртмæ. Маша райгæ у йæ фыртæ й.

Æ рæ джы Ким дуканийæ цы цинкæ хуынхæ ссæ н тæ бæ гъ схаста, уый бæ рзонд амад уыди картофджынтæ й. Ким æ й аскъæ фта. Чызг та ахаста дон, сапон æ мæ миты хъæ пæ ны хуызæ н, урс-урсид хисæ рфæ н.

Сывæ ллæ ттæ куы ацыдысты, уæ д Маша загъта йæ фыртæ й:

— Йæ фыдæ й къæ ртт зæ хмæ нæ аппæ рста. Йæ уд, йæ дзæ цц — искæ мæ н хорздзинад бакæ нын.

Мæ уарзон стъалы

Иветæ зæ рдæ хъæ лдзæ гæ й цæ уы скъоламæ. Абон скъоладзаутæ цæ уынц Сылтаныхъмæ нартхор тонынмæ. Уымæ н йæ зæ рдæ рухс у, быдырмæ йæ йæ мад кæ й барæ вдз кодта, уымæ й. Скъолайы тигъæ й куы фæ зылд, уæ д скъола уыди мыды чыргъæ ды хуызæ н, хурбон куыстуарзон мыдыбындзытæ сæ хæ дзары алыварс куыд зилдух фæ кæ нынц, раст афтæ уыди скъола йæ ахуырдзаутимæ.

Скъолайы кæ ртæ й хъуысы «Симды» цагъд.

Знон аластой машинæ йы тæ счъытæ æ мæ дзаумæ ттæ, абон та ласдзысты сывæ ллæ тты.

Рæ сугъд у Хъарманы скъола. Скъолайы кулдуарæ й суанг скъолайы къæ сæ рмæ донбылы тымбыл дурæ й астæ рд — фæ тæ н фæ ндаг. Фæ ндаджы фæ йнæ фарс дыгай рæ нхъытæ й сагъд рæ сугъд бæ лæ стæ. Ахæ м бæ лæ стæ аив фидауынц скъолайы дынджыр рудзгуыты раз дæ р. Кæ рты кауын быруйы уынджы ’рдыгæ й дæ р æ мæ мидæ гæ й дæ р — бæ лæ стæ. Кулдуары галиуфарс, бæ лæ сты æ хсæ нты, цæ уы дугъы уайæ н фæ ндаг, портийæ хъазæ н фæ з, бæ ндæ ныл хæ рдмæ бырæ н, дæ ргъмæ гæ пгæ нæ н. Уыдон иууылдæ р сты скъолайы хуссарварс. Йæ цæ гатварс — кæ рдæ гхуыз гауызау рæ сугъдæ й зыгы фæ з. Иветæ скъолайы дуармæ ауыдта Алан æ мæ Аркадийы. Йæ зæ рдæ ныссæ ххæ т кодта. Алан æ мæ Аркади алы райсом дæ р афтæ скъолайы кулдуармæ фенхъæ лмæ кæ сынц Иветæ йы æ рбацыдмæ.

— Алан, — дуарæ й разгъордтой Зитæ æ мæ Лизæ. — Цом, асимæ м! — Фæ хæ цыдысты лæ ппуйы цæ нгтыл, фæ мидæ г æ й кодтой.

— Фæ лæ уут! — сдзырдта ма Алан. Рувасы дзæ мбыты бынæ й уасæ г куы ныууасы, уыйау рауад йæ ныхас.

— Цом, мах дæ р акафæ м.

— Ахуыргæ нджытæ й худинаг нæ у?

— Мæ гъа, — йе уæ хсчытæ базмæ лын кодта Аркади. Афтæ дзургæ бацыдысты хъазтмæ Иветæ æ мæ Аркади. Лизæ аивта фæ ндырдзæ гъдæ джы. Алан æ мæ Зитæ лæ ууынц симджыты разæ й. Аланæ н йæ галиуырдыгæ й лæ ууы Иветæ йы сыхаг Рая. Мидбылты бахудт Иветæ, Алан Иветæ йы ауыдта, йæ галиу къух феуæ гъд кодта. фæ зылд, йæ фæ тæ н аив фæ сонтæ м кæ сгæ баззад чызг. Иветæ йæ н хъыг уыд, Алан симды æ хсырфкъæ дзау аив рæ нхъ кæ й фехæ лдта, уый. Симдæ н ахæ м æ гъдау ис. Цалынмæ чызг æ рлæ ууа, йе йæ æ ндæ р лæ ппу аива, уæ дмæ лæ ппу симдзæ н. Æ гъдауджын чызг иу зылд куы æ ркæ на æ мæ йæ дыккаг лæ ппу ивæ г куы нæ фæ уа, уæ д хъуамæ æ рлæ ууа, лæ ппу йæ цы ранæ й рахуыдта кафынмæ, уым. Фæ лæ Зитæ мæ ахæ м æ гъдæ уттæ фыст никуы сты. Уый хъæ уы æ рмæ стдæ р Алан. Исчи йæ куы фæ ивы, уæ д ын йæ къух ариуыгъы:

— Бауадзут ма мæ мæ хæ рæ фыртимæ симын!

— Иве, — зæ рдæ хæ лар, æ хсызгон худт кæ нгæ йæ м æ рбауад Рая. Цом, асимæ м.

— Нæ, æ з нæ зонын, — фæ лмæ н цæ стæ нгасæ й бакаст Иветæ Раямæ. Фæ ндыди йæ бафæ рсын, уæ ззау у Аланы цонг æ ви рог, æ хцон йæ ныдзæ вд... фæ лæ ницы сдзырдта. Цыма йын йæ хъуыды бамбæ рста, афтæ йæ æ рбахъæ быс кодта, иуварсмæ йæ фæ цæ йхуыдта.

— Кæ дæ м лидзут? — сæ размæ алæ ууыд Аркади, — йæ рахиз къух йæ риуыл авæ рдта, йæ сæ р фæ гуыбыр кодта:

— Иветæ, саккаг кæ н...

— Бахатыр кæ н, Аркади, æ з нæ симын...

— Цу, Аланы аив, дæ уарзоны дын удхарæ й амардта, — загъта Рая Аркадийæ н.

— Цалдæ р хатты йæ ивтон, нæ бакуымдта, — фæ тыхст. — Мæ нæ Иветæ имæ иу симд куы акодтаин...

— Æ з нæ зонын кафын, — хатыркурæ гау та загъта Иветæ. — Дæ зæ рдæ мыл ма фæ худæ д.

Лæ ппу фæ зылд. Рая Иветæ йы рахиз цонгыл фæ хæ цыд, Алан ыл куыд хæ цыд, афтæ.

— Цы дзæ бæ х лæ ппу у, Иве! Йæ цонгæ й мæ цыма хæ рдмæ систа, ахаста мæ уæ лæ рвтæ м, рæ сугъд хъæ дтæ æ мæ хæ хты сæ рты. Йæ ныдзæ вдæ й мæ къæ хтæ дæ р рог истон. — Иветæ йæ м нал хъуыста. Фæ ндыди йæ Раяйы рахиз цонг йæ хъæ бысы ныттухын, йæ сæ р рахизырдæ м базылдта, æ дзынæ г ныккаст йе ’мбалы рахиз цонгмæ, цыма дзы Аланы цонджы фæ дтæ федтаид. Йæ хъуыды йын аскъуыдта машинæ йы хъæ р. Фондз машинæ йы кæ рæ дзийы фæ дыл æ рлæ ууыдысты скъолайы раз. Скъоладзаутæ аивылдысты уынгмæ. Фæ ндыр фæ хъус, цыма йын исчи йæ хъуыры къæ рмæ г атъыста, афтæ.

Дзамбег дзуры:

— Фыццаг машинæ йы — æ стæ м кълæ стæ.. Фæ стаг дыууæ машинæ йы — дæ сæ м кълæ стæ!

Лæ ппутæ сгæ ппытæ кодтой машинæ тæ м, бадæ н фæ йнæ джытæ æ вæ рдтой рæ нхъ-рæ нхъæ й. Алан, Ким æ мæ Аркади архайынц æ рвхуызкабинæ джын уæ зласæ н гуыффæ йы. Алы машинæ мæ дæ р уыд бандон æ вæ рд, фæ стаг бортытæ — дæ лæ мæ уагъд. Сывæ ллæ тты хъæ лдзæ г хъæ лæ ба хъуыст машинæ тæ й. Директор куы иу шофырæ н афæ дзæ хсы, куы — иннæ йæ н:

— Зон, сывæ ллæ ттæ кæ й ласыс, уый.

Зитæ сбадтис æ рвхуызкабинæ джын машинæ йы галиуварс борты рæ бын Лизæ йы раз. Аланы йæ цæ стыты тынтæ й йæ химæ æ лвæ ста. Лæ ппу кæ дæ м — Зитæ йы цæ стытæ дæ р уырдæ м.

Тигъæ й сзындысты дыууæ мотоциклы, милиционертæ.

— Бахатыр кæ нут, афæ стиат стæ м, — загъта Валодя. — Ды фæ сте цæ удзынæ, — ацамыдта йе ’мбалмæ, — æ з та — разæ й. — Йæ цæ ст ахаста сывæ ллæ ттыл. — Салам, Иветæ! — йæ къух фæ тылдта чызгмæ. Иветæ фестад, йæ сæ ры тылд æ мæ мидбылты худтæ й салам радта, кæ ддæ р сын суджы уæ рдон чи æ рласын кодта, фæ лæ кæ рт рахицæ н кæ нын абон дæ р йæ бон кæ мæ н нæ баци, уыцы милиционерæ н.

— Ничи йæ м кæ сы, — былысчъилæ й бадзырдта Зитæ Лизæ йы хъусы, — уæ лдæ р хицауад дæ р ма йæ зонынц!

— Мах цæ ттæ стæ м, — загъта Дзамбег Валодяйæ н.

— Уæ дæ афæ ндараст стæ м! — мотоцикл асхъиудта размæ. Азгъордта. Машинæ йы разæ й фæ ци. Йæ фæ стæ иу машинæ иннæ йы фæ дыл азмæ лыдысты. Зитæ кæ сы — семæ нæ й Алан. Зæ рдæ рисгæ йæ бакаст Иветæ йы ’рдæ м. Иветæ æ мæ Рая бадынц тæ ккæ разæ й, рахиз къуымы, борты рæ бын иннæ рæ нхъы ауыдта Ким æ мæ Аркадийы. «Æ ллæ х, Алан дæ р уым баддзæ н! » — Йæ зæ рдæ йын цыма гæ ды йæ дзæ мбыйæ атыдта, афтæ срысти.

Сæ машинæ ныртæ ккæ араст уыдзæ н.

— Кæ м ис? — тарстхуызæ й фестад Зитæ.

— Кæ м æ й фæ нды, уым, — дзуапп ын радта чидæ р. Хъуысыд сусæ г худын.

Алан бортыл ацауындзæ г, сивæ зта йæ хи æ мæ борты сæ рты йæ галиу къах байста. Аркади æ мæ Ким базмæ лын кодтой рæ гъы бадджыты. Аланæ н бынат акодтой. Уый сбадт Иветæ йы комкоммæ, борты рæ бын. «Æ гæ р хæ стæ г бадт æ м фæ дæ н», — ахъуыды кодта Алан. «Цы æ взæ р ран бадын», — ахъуыды кодта Иветæ дæ р. Йæ хи ма цы фæ кæ на, фырæ фсæ рмæ й уый нал зыдта. Акаст фæ ндагмæ, ауыдта милиционеры, йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г. Йæ хъуыры цыдæ р къуыбар абадт, колхоз сывæ ллæ ттыл æ нувыдæ й кæ й ауды, кæ й сæ хъахъхъæ ны, уый тыххæ й. Лæ ппу фембæ рста чызджы тыхстхуыз, фæ лæ йæ м ницы сдзурын бауæ ндыд.

— Рая, де ’мбал кæ йдæ р æ рæ мысыд, — бафиппайдта Аркади.

— Цы кæ ныс? — Рая бакаст Иветæ мæ.

Иветæ фембæ рста, кæ м ис, уый. Йæ сæ р хæ рдмæ нæ сисгæ йæ бынты рахизырдæ м бакаст Раямæ. Уый та йæ хъус дардта, Ким сын цы диссаджы хабар дзырдта, уымæ.

Раст цыма сындзытыл бадти, афтæ уыд Иветæ. Хуыздæ р ран нæ уыд Алан дæ р. Азылди лæ ппутæ м, æ нæ рхъуыдыйæ йæ рахиз уæ раджы сæ рæ й бакъуырдта чызджы рахиз уæ раг. Уыцы цъусдуг фæ ныдзæ вдæ й лæ ппуйы уæ нгты азгъордта цавæ рдæ р æ хсызгондзинад, сонтæ й бакаст Иветæ мæ.

— Бахатыр кæ н, — йæ бинаг былæ й уæ ллаг былыл фæ хæ цыд.

Чызг йæ цæ сты уæ лтъыфæ лттæ æ ртъæ пп кодта, йæ сæ р зынанæ зына батылдта.

Сæ дыууæ йæ н дæ р сæ цæ сгæ мттæ асырх сты...

Кæ д сæ фырæ фсæ рмæ й цы фæ уой, уый нал зыдтой, уæ ддæ р сын уыди æ хсызгон. Лæ ппу никуыма уыди афтæ хæ стæ г чызгмæ. Иветæ абоны онг никуыма банкъардта ахæ м уавæ р. Алан æ м афтæ хæ стæ г кæ й бады, уый йын йе уæ нгты уагъта цавæ рдæ р æ хсызгондзинад, хъару æ мæ ныфс. Афтæ йæ м касти, цыма аргъæ утты цы уæ йгуыты кой фæ кæ нынц, уыдонæ й тыхджындæ р у æ мæ йæ цыфæ нды фыдбылызæ й дæ р фервæ зын кæ ндзæ н. Ныр райдыдта æ мбарын, куыд æ хцон у искæ мæ н уарзон уæ вын.

Æ мæ кæ мæ н? Чызджытæ н — се стъалы, сæ бæ ллиц. Скъолайы — фæ зминаг йæ ахуырæ й, йе ’гъдауæ й. Лæ ппуйы цæ сгоммæ бакæ сын нæ бауæ ндыд, йæ цæ ст ын ахаста йæ бæ мбæ джджыны цæ ппузыртыл, стæ й йæ цæ стæ нгас азылдта галиуырдæ м, фæ ндагмæ.

Машинæ згъордта Урсдоны быдырты. Фæ ндаджы фæ рсты телыхъæ дтæ лыгъдысты фæ стæ мæ. Уæ зласæ н машинæ тæ фæ ндаджы рахизфарс калдтой хуыр. Быдырты бырыдысты сызгъæ ринхуыз трактортæ, тыдтой фæ ззыгæ нд. Сау зæ ххыл ранæ йрæ тты даргъ рæ гътæ й лæ ууынц хохы йас хъæ мпы цъынатæ. Райхъуыст милиционеры ныхас:

— Дзæ бæ х бадут, фæ ндаг æ взæ р у!

Иветæ йы зæ рдыл æ рлæ ууыд...

... Уæ д æ стæ мты ахуыр кодтой. Фистæ гæ й цыдысты Сылтаныхъмæ. Æ мбисвæ ндагыл уыдаиккой, афтæ райдыдта митæ мхæ ццæ уарын. Кæ рæ й-кæ ронмæ фæ ндагыл Алан Иветæ мæ иу ныхас дæ р не скодта, фæ лæ иу цъусдуг дæ р Аланы цæ стæ нгасæ й нæ фæ цух. Аркадиимæ цæ уылдæ р ныхас кодтой. Сывæ ллæ ттæ цыдысты къордтæ -къордтæ й. Фыруазал æ мæ фæ лладæ й сæ къах айсын нал фæ рæ зтой. Ныххуылыдз сты. Уæ хсчытæ м бахъардта уымæ л.

Алан уыдта, Иветæ рогарæ зт кæ й у, уый. Йæ хи фæ фæ свæ д кодта, раласта йæ бæ мбæ джджын.

— Аркади, цу-ма, ратт ын æ й...

Лæ ппу йæ цæ ст фæ ныкъуылдта, бæ мбæ джджын йæ роны атъыста. Аркадийы уазал къухтæ бамбæ рстой, Аланы хъармæ й бæ мбæ джджын куыд хъарм у, уый. Иветæ йы размæ базгъордта.

— Иветæ, гъа мæ нæ, мæ бæ мбæ джджын скæ н, — сдзырдта Аркади.

Чызг æ й райсынмæ хъавыд, фæ лæ базыдта кæ й уыди, уый.

— Нæ хъæ уы. Дæ хæ дæ г суазал уыдзынæ. Стыр бузныг, — загъта чызг, — йæ хицæ н та уыди тынг æ хсызгон.

Лæ ппу хъавыд: тыххæ й йын æ й скæ нон, фæ лæ Зитæ бæ мбæ джджын лæ ппуйы къухтæ й аскъæ фта, акодта йæ, цыма Иветæ йы мæ стæ й мардта, уыйау. Йæ хи дзы æ рбатыхта, стæ й йæ палто æ рбакодта æ мæ Иветæ мæ мæ стæ ймарæ гау бакаст æ мæ йæ хинымæ р загъта:

«Ды та уал уым уас. Кæ й у, уый хорз зонын».

Уæ дæ й фæ стæ мæ Аланы ныфс асаст. Нал уæ ндыд Иветæ йæ н исты рæ вдауæ н хъуыддаг бакæ нын. Райсомæ й раджы фестад, йæ хъус-иу дардта чызджыты станмæ, Иветæ йы рацыдмæ -иу къуыбырыл слæ ууыд, йæ дæ рдджын æ фсæ ддон кител, йæ кирз цырыхъхъытæ -иу хром цырыхъхъытау æ рттывтытæ калдтой. Иветæ -иу æ й куы ауыдта, уæ д-иу йæ хи иннæ рдæ м фæ зылдта...

Алан цал æ мæ цал хатты бакæ сы Иветæ мæ, фæ лæ йæ чызг нæ уыны. Чызджы цæ сгомы хуыз куыд раив-баив кæ ны, уый уыны. «Æ вæ ццæ гæ н Петримæ сты йæ хъуыдытæ, — загъта йæ хицæ н. Мæ хъуыддаг мын халдзæ н».

— Иветæ, кæ м та зилахар кæ ныс? Æ рыхъал у! — сдзырдта йæ м йе ’мбæ лттæ й чидæ р.

Зулмæ сæ м бакаст, сæ уайдзæ фтæ сын хъуыды дæ р нæ кодта. Бафиппайдта — Зитæ бады Ким æ мæ Аркадийы астæ у. Йæ сæ р уæ ззау азылдта фæ ндагмæ, цыма йæ хъуыдыты уæ зæ й нæ фæ разы, уыйау.

Алан Зитæ мæ ахæ м цæ стæ нгасæ й бакаст æ мæ Зитæ йæ был акъуырдта.

Зитæ йы мад — саухил, бæ рзонд хæ рзхуыз сылгоймаг. Иунæ г Зитæ йын ис. Йæ хи балымæ н кодта Аланты хæ дзарвæ ндагимæ. Йæ уæ ларт хъарм дон куы уа, уæ ддæ р æ й уыдонимæ дих кæ ны. Йæ лæ г Майрæ м, къухылтухгæ кæ мæ й фæ зæ гъынц, ахæ м фæ лмæ нзæ рдæ нæ лгоймаг. Кусы колхозы бухгалтерæ й. Зитæ йы мад Фени бынтон лымæ н у Аланы фыды хо Ханиффæ имæ. Ханиффæ йæ мойæ æ рыздæ хт. Хæ дзары сæ йраг фæ ндгæ нæ г уый у. Йе ’фсымæ р Афæ хъо йæ иунæ г фырт Аланыл æ рхъæ цмæ дæ р нæ хъæ цы. Афæ хъо у бæ рзонд, хæ рзконд нæ лгоймаг, карзныхас. Хæ дзары æ гъдауыл йæ хи мары. Йæ хоимæ сæ фæ нд, сæ зонд иу у. Йæ бинойнаг Асиаты фæ рсгæ дæ р никуы ницæ мæ й бакæ ны.

Фенийы лæ г Майрæ м хæ стæ й куы ссыд, уæ дæ й фæ стæ мæ йæ къах быдырмæ нал равæ рдта. Асиат та, мæ гуыр, быдыры баулæ фы йæ налат ходыгъд æ мæ мойы æ фхæ рæ н ныхæ стæ й. Асиат у хæ рзконд сылгоймаг. Йæ лæ г ыл æ дзух гуырысхо кодта, æ мæ йæ рæ стдзинад, йæ сыгъдæ г уд хъахъхъæ ныны сæ раппонд йæ зæ рдæ сæ нкъуысыд. Йæ уæ лæ исты дзæ бæ х дарæ с хъæ уы, йе та, уæ ззау куыстæ й йæ бахъахъхъæ нон, ахæ м митæ Афæ хъойæ н йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд. Асиат куыста хæ дзары дæ р, быдыры дæ р. Хъæ ды æ рдузты картоф, хъæ дур бакæ нынц, кусгæ та — Асиат. Йæ зæ рдæ мæ рухсы цъыртт бакæ лы йæ фырт Аланæ й. Фæ лмæ н дзыхыдзырд æ рмæ ст уымæ й зоны. Уый йæ фарсмæ балæ ууы куысты.

Афæ хъо кусы колхозы скълады. Майрæ мы зæ рдæ йыл бирæ хатт фæ худы, фæ лæ та йын сыхаджы хатыр бакæ ны. Фени Аланы йæ сиахс бакæ нынвæ нд кæ й кæ ны, уый Асиат раджы бамбæ рста, йæ фæ ндон куы уаид, уæ д æ й йæ хæ дзармæ бæ ргæ нæ уадзид. Сæ гъæ й сæ ныкк гуыры...

Иветæ ленк кæ ны йæ хъуыдыйы денджызы, иу уылæ нæ й иннæ мæ йæ æ ппарынц йæ сагъæ стæ. Йæ цæ стæ нгас æ рæ вæ рдта хъæ мпы рагъыл, йæ цæ стытыл ауад, хæ сты хæ д фæ стæ мæ нæ у куы най кодтой, уæ д галы фæ стæ хъæ мпы егъау баст-иу куыд афтыдта, уый. Цъынайы сæ рæ й-иу куы райхъуыст сылгоймæ гты зарын. Зарæ г-иу йæ фæ стæ расайдта хъарæ г æ мæ кæ уын. Йæ хъусты ныззæ лланг кодтой зарæ джы ныхæ стæ: «Мæ уарзон стъалы, Германы хæ стæ й мын кæ д ыссæ удзынæ... » Æ рбатыхст, йæ былыл фæ хæ цыд... Алан æ й бафиппайдта.

«Æ вæ ццæ гæ н, йæ дохтыримæ ныхæ стæ кæ ны». Уымæ н та æ рмæ стдæ р Петры ныхмæ уыди йæ хъуыды. «Цымæ цæ уыл тыхсы?.. » афарста йæ хи лæ ппу. Иветæ та йæ хинымæ р загъта: «Алан, ды мæ уарзон стъалы дæ ». Æ мæ йæ м æ нкъард цæ стæ нгасæ й бакаст — «Ме ’рттиваг стъалы». Цæ стæ нгæ стæ кæ рæ дзийы скъуырдтой. Аланæ н æ рдз йæ бирæ хорзæ хтæ й ницы бахæ лæ г кодта. Йæ конд, йæ уынд, йæ зæ рдæ йы уаг, иууылдæ р æ ххæ ст. Бæ рзонд, хæ рзконд уæ нгты æ вæ рд. Фæ тæ н риу. Йæ аив сæ рыл уылæ нтæ -уылæ нтæ бадынц йæ сау хъуымбыл сæ рыхъуынтæ. Бæ рзондæ вæ рд цыма сæ аразгæ счынди, дыууæ æ рфыджы. Тар морæ хуыз хъæ дабæ дыууæ цæ сты — сагъæ сæ й дзаг, рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ та сæ амбæ рзынц сау даргъ цæ стыхауджын уæ лтъыфæ лтгæ. Рæ сугъд хъил фындз æ мбæ хст фындзыхуынчъытимæ хæ стæ г æ рцыд, æ дзух мидбылты худт цы аив æ вæ рд былтыл бадт, уыдонмæ. Бинаг был — чысыл æ ддæ дæ р. Истæ уыл куы фæ тыхсы, уæ д бинаг былæ й уæ ллаг был амбæ хс-амбæ хс фæ кæ ны. Уымæ гæ сгæ афтæ зыны, цыма кæ хцæ фсæ р у. Фæ лæ... нæ уыд кæ хцæ фсæ р.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.