Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Куыдз хосы мæкъуылыл



Залиханы фæ зианыл рацыд дыууæ азы. Аслан каст фæ ци дæ с къласы, бацыд хуызджын згъæ рты институтмæ. Нада æ мæ Розæ ахуыр кæ нынц скъолайы. Иветæ кусы колхозы хъугдуцæ гæ й, фæ саууонмæ ахуыр кæ ны педагогон институты. Йæ зæ рды ис сæ цæ хæ радоны раз иу къæ с саразын. Æ рцæ ттæ кодта цемент, хуыр, дур. «Иу бон зиумæ æ рбамбырд уыдзыстæ м æ мæ йæ акæ ндзыстæ м», — зæ рдæ йын æ вæ ры колхозы сæ рдар Хъæ рæ се. Чырыстонхъæ уы заводы рафыста агуыридур, æ нхъæ лмæ кæ сы, колхозы машинæ тæ кæ д феуæ гъд уыдзысты, уымæ. Фундаменты бын бел æ мæ киркайæ скъахтой Асланимæ. Тынг аив рауад, дыууæ хатæ ны æ мæ дзы къæ лидор кæ й уыдзæ н, уый зыны. Сæ умæ райсом Иветæ фермæ йы хъуджы бын куы абадт дуцынмæ, уæ д æ м бацыд Хъæ рæ се:

— Дæ райсом хорз, Иветæ!

— Æ гас нæ м цу, — загъта чызг æ мæ цæ рдæ г фестад.

Хъæ рæ се хъулон хъуджы рагъыл йæ къух æ рхæ сгæ йæ загъта:

— Абон дын дыууæ хæ дæ вдæ лонгæ нгæ машинæ йы ратдзынæ н дур ласынмæ, куыддæ р Мæ здæ гæ й схæ ццæ уой, афтæ.

— Бузныг, — мидбылты бахудт чызг.

— Дæ хи фæ нд тæ рыс, — бакаст Иветæ мæ, — æ ндæ р дæ цæ й хæ дзар кæ ныны æ фсæ рм ис. — Цыдæ ртæ зæ гъынмæ ма хъавыд, фæ лæ Иветæ йæ æ рдæ гдыгъд хъуджы бын абадт. Æ хсыры сæ х-сæ х ссыди.

Хъæ рæ се йæ цæ ст ахаста фосыл. Хъуццытæ бауасынц.

— Иветæ, — сæ рдар фæ гуыбыр кодта чызгмæ, — изæ ры дыгъдмæ ма рацу, дæ агуыридур цæ мæ й схæ ццæ уа, ууыл бацархайдзынæ.

Чызг галиуырдæ м ракаст, йæ дуцын нæ уадзгæ йæ. Йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Хъæ рæ се та сындæ г санчъехтæ й араст фермæ йы дуармæ, трактор силосимæ кæ м лæ ууыд, уырдæ м. Хур арвы тыгъдады дыууæ бæ ндæ нбæ рц куы суади, уæ д Иветæ Урсдоны доны рахизфæ рсты, быдыры фæ цæ йцыд Чырыстонхъæ уы агуыридур фыцæ н заводмæ. Цыди уæ ззау хъуыдытимæ сæ ркъулæ й. Йæ мады фæ зианы фæ стæ Аланæ й хабар нал уыди. Афтæ æ нхъæ л уыди, æ вæ ццæ гæ н ын нæ бантыст тæ фæ рфæ сы фыстæ г сæ рвитын æ мæ æ фсæ рмы кæ ны. Кæ д, мыййаг, йæ зæ рдæ аивта, уæ д?.. Ацы хъуыдыйы йæ сæ рмæ æ мгæ рон дæ р нæ уагъта. Уымæ н уæ вæ н нæ й. Йæ хъустыл ауад тракторы хъæ р. Акаст, нартхоры «Беларусь» трактор культиваци кæ ны, чысыл дарддæ р кæ лы фæ здæ г.

... Фарæ стæ м къласмæ цыд уæ д. Октябры бæ рæ гбоны куывд кодта колхоз. «Белойы зæ ххыты» стыр гал акусарт кодтой. Станы раз æ рæ вæ рдтой фынгтæ. Хæ ринаггæ нæ г Маша æ мæ Дуне бон раздæ р быдыры сфыхтой бæ гæ ны.

Цуайнæ гты фыхт дзидза. Физонджыты хæ рзад тæ ф, æ вæ ццæ гæ н, æ мæ, суанг Ходы зæ хмæ хæ ццæ кодта...

— Иветтæ -æ! — айхъуыста чызг! Фæ каст. Тракторæ й йæ м йæ къух тилы Арыпханты Хъамбол.

— Салам! — йæ къух æ м батылдта. Ныллæ г хъæ лæ сæ й салам радта чызг.

Трактор аивгъуыдта нартхоры хуымы. Иветæ йы зæ рдыл æ рбалæ ууыд йæ ныййарæ г. Йæ фæ стаг бонты катæ йттæ йын никуы ферох кæ ндзæ н.

«Ой-й! » — зæ гъгæ, йæ сæ р ныттылдта æ мæ скуыдта.

Агуыридур фыцæ н пецæ й цæ хæ ртæ калгæ дурты вагон куы рацæ йласта, раст уыцы рæ стæ г Фаризæ т Олгæ мæ фервыста йæ чындз Соняйы.

— Иветæ мæ минæ вæ рттæ! — цымыдисæ й загъта чындз.

— Минæ вæ рттæ диссаг нæ у, — загъта Олгæ. — Кæ д сын чызг фæ ндаг нæ радта, уæ д...

— Æ мæ -гъа, — хъыгзæ рдæ йæ йе уæ хсчытæ фезмæ лын кодта Соня.

— Лæ ппу, — дзуры Олгæ йæ фыртмæ. — Ныккæ сæ м нæ уазджытæ м.

— Цæ уын, цæ уын, — йæ фæ ныкхуыз костюм йæ уæ лæ кæ нгæ рацыд Æ хсарбег.

Æ хсарбег ахуыр кæ ны хъæ ууонхæ дзарадон институты фæ саууонмæ, кусы колхозы тракторыл. Йæ зæ рды ис фермæ ты фосæ н холлаг дæ ттыны уавæ р фенцондæ р кæ нын. Холлаг сагойæ хæ ссыны бæ сты айтындздзæ н цæ угæ гæ рз фермæ йы агъуыстæ н йæ иу кæ ронæ й иннæ мæ, адæ ймаг ыл холлаг æ вæ рдзæ н, гæ рз згъордзæ н роликтыл, скъæ фдзæ н холлаг, хъугдуцджытæ та исдзысты гæ рзæ й æ мæ йæ æ вæ рдзысты кæ вдæ сты.

Кæ рты лæ ууыдысты Сергей, йе ’мбал Ладо, Любæ æ мæ Фаризæ т. Кæ рæ дзийæ н салам радтой.

— Мидæ мæ рацæ ут, — зæ рдиагæ й хоны уазджыты Фаризæ т, — мах иу хæ дзар стæ м.

Ницы рауад Фаризæ ты аудынæ й. Олгæ йы фæ дыл баивылдысты Залихантæ м. Стъол арæ вдз кодтой. Любæ æ рбахаста карк æ мæ æ ртæ уæ ливыхы, арахъхъы графин.

— Чызг цæ й æ рæ гмæ цæ уы, — афарста Ладо.

— Æ вæ ццæ гæ н, абон изæ рмæ йæ рад у, æ ндæ р раджы æ рбацæ уы, — дзуапп радта Любæ.

Арвыстой Габе æ мæ Хъасболмæ. Дуармæ куы фембæ лдысты, уæ д, кæ рæ дзийæ н салам раттыны фæ стæ, Габе загъта:

— Чызг ам нæ й...

— Омæ хæ дзар ам ис, — ныфсджынæ й загъта Хъасбол. — Æ гæ р хивæ нд митæ кæ ны, — йæ сæ р батылдта. — Кæ д лæ ппу истæ йаг у, уæ д æ й раттын хъæ уы.

— Æ мæ -гъа, — йæ ныхас фæ ныллæ г кодта Габе. — Афæ хъойы фыртмæ æ нхъæ лмæ кæ сы... Æ мæ...

— Цавæ р у, дæ хорзæ хæ й? Махæ н дæ р уый тыххæ й нæ бакуымдта. Хуыцауыстæ н, Габе, махмæ Иветæ йæ иу æ нгуылдз мыды тылдтаид, иннæ та — царвы, — йæ ныхас карздæ ры фæ дыл ма ноджы расомы кодта. — Уастырджийыстæ н!

— Æ мæ йæ нæ зонæ м? Тынг фæ рæ дыд. Ноджы, дам, æ м писмо дæ р нал фыссы Залиханы зианæ й фæ стæ мæ, — загъта Габе.

— Ныр æ цæ г зæ гъыс? — бадис Хъамбол.

— Нæ чызг зæ гъы, æ ндæ р ын цы зонын, йе уæ хсчытæ фæ хъил кодта Габе.

— Куыдз хосы мæ къуылыл, — хæ дзармæ бакаст Хъасбол.

— Æ мæ куыд дзæ бæ х лæ ппу у, — мидбылты худгæ загъта Габе. — Нæ сиахсы æ рдхорд у.

— Йæ къухылхæ цæ г? — бафарста Хъасбол.

— О...

Бацыдысты мидæ мæ.

— Æ гас цæ ут, — базмæ лыдысты.

— Сымах дæ р æ гас цæ ут. — Уазджытæ н сæ къухтæ райстой.

Стъол рæ вдзæ й лæ ууыд. Любæ йы хуынæ й æ ндæ р ма дзы фæ зынд хъæ бæ р цыхт, Фаризæ т æ й æ рдавта. Иветæ йы цæ хджынгонд джитъритæ.

Хистæ рæ н сбадт Хъасбол, инæ тæ, кæ мæ н куыд æ мбæ лд, афтæ.

— Чызг нæ ма фæ зынд? — афарста Хъасбол.

— Нæ ма.

— Ау, куыд æ рæ гмæ цæ уы, — æ ркаст йæ сахатмæ.

Хистæ р сидт рауагъта.

Æ гъдаумæ гæ сгæ Ладомæ дзырды бар куы æ рхауд, уæ д фестад:

— Бахатыр кæ нут, Хъасбол, Габе, Фаризæ т... Мах нуæ зты фæ дыл не ’рбацыдыстæ м. — Йæ сæ р батылдта. — Чызгæ й нын хæ дзармæ фæ ндаг лæ вæ рд нæ й. Мах фæ нды сымахимæ баныхас кæ нын. Кæ д фæ рæ дыдыстæ м... — йæ сæ р хистæ ртæ м, стæ й Æ хсармæ фæ къул кодта, йæ галиу къух йæ риуыл авæ рдта.

— Ницы аипп дзы ис, — загъта Хъасбол.

— Мах фæ ндæ й раджы йæ амонд ссардтаид, фæ лæ йæ фæ сонæ рхъæ джы дæ р нæ й, — загъта Олгæ.

— Тæ ригъæ дæ й йын мæ лгæ кæ нæ м æ ппæ т сыхæ й дæ р, — загъта Любæ.

— Хæ дзар кæ нынвæ нд скодта...

— Иу хæ дзар дæ р нæ, — йе ’рфгуытæ фæ тар кодта Хъасбол.

Фаризæ т бахатыд Ладомæ.

— Лæ угæ кæ ныс. Дæ умæ хъусæ м.

— Мах дæ р, ома, Сергей дæ р йæ хи Иветæ йы аккаг куы нæ кæ нид, уæ д ам нæ уаиккам. Æ з нæ саходдзынæ н, цалынмæ чызг æ рбацæ уа, уæ дмæ, — Ладо йæ нуазæ н æ рæ вæ рдта.

Бадты адæ м сдзырдтой.

— Уый та куыд у?

— Афтæ дæ р вæ ййы?

Бацайдагъ та сыл ныхас Иветæ йы хъысмæ тыл.

— Цæ й æ рæ гмæ цæ уы, цæ й? — батыхст Хъасбол. — Мацы йыл æ рцæ уæ д. Цы уый зоныс, Æ хсарбег? Мауал æ й уадзут иунæ гæ й.

— Иунæ г нæ у. Мæ нæ Дунейы чызг, Бесур, Маша, фермæ йы иумæ кусынц...

— Гъа-а, фермæ йы æ нхъæ л ын стут? — йæ цæ стытæ фæ лыстæ г кодта Хъасбол.

— Уæ дæ кæ м и?

— Агуыридурфыцæ н заводы. Доны былты аивгъуыдта Чырыстонхъæ уы заводмæ, — ацамыдта йæ къухæ й.

Сергей фестад, йæ фæ стæ Æ хсарбег, Ладо.

— Мах йæ размæ ауайæ м, — загъта Сергей.

Кæ ртмæ куыддæ р рацыдысты, афтæ уынджы баивгъуыдтой дыууæ æ рвхуыз машинæ йы сырх агуыридурæ й цъуппамадæ й. Агъуыстæ й рауадысты сылгоймæ гтæ дæ р.

— Иветæ йы сымахмæ не ’вдæ лы, — ныххудт Любæ.

— Рацæ ут мидæ мæ, — дзуры лæ ппутæ м Фаризæ т, — ардæ м хъæ уы уый дæ р.

— Бузныг, — загъта Ладо, — ныртæ ккæ.

Агуыридуры бур рыгæ й, куыройгæ с цыма къæ луа ссадта, уый хуызæ н у Иветæ. Дуртæ бæ стон амайы. Нæ бамбæ рста, лæ ппутæ йæ размæ куыд балæ ууыдысты, уый.

— Амондджын дур æ ркал, — загъта Ладо.

Иветæ йæ сæ р систа, дисхуызæ й сæ м кæ сы.

— Цы хур, цы къæ вда?... — йæ зæ рдæ йы къуымы кæ мдæ р цыдæ р æ хсызгондзинад базмæ лыд. Чызгау йе йæ хи адзæ бæ хтæ кæ на, йе йæ сæ ры бастмæ февнала — хъуыды дæ р нæ. Æ гæ р-мæ гуырæ й ма йæ уæ лкъухæ й йæ цæ сгомы рыг дæ р нæ асæ рфта. Уадз æ мæ йæ уына куыд фыдуынддæ рæ й. Кæ д æ й ныхъхъуыдты уадзид...

— Диссаджы цæ рæ н, — бадис кодта Ладо æ мæ цæ хæ радæ ттыл йæ цæ ст ахаста, стæ й Æ хсаримæ бацыдысты хъæ дæ рмæ г уынынмæ.

Сергей йæ м хæ стæ г бацыд.

— Дæ бон хорз...

Чызг банкъардта уыцы хуымæ тæ г ныхæ сты цавæ рдæ р хъару. Сергеймæ та йæ ныхæ стæ фæ кастысты зымæ гон хъызт рæ стæ г телы хъæ дты телты зыр-зырау.

— Æ гас цу... — чызг æ нæ рхъуыдыйæ бакаст лæ ппумæ.

Иветæ нæ баурæ дта, лæ ппуйы цæ стытæ й йæ м цы рæ вдаугæ тынтæ цыди, уыдоны æ ндæ вдад æ мæ асырх...

— Хъæ дтæ æ мæ дыл дуртæ хъæ стмæ бацыдысты, — загъта Сергей йæ цæ стæ нгас чызгæ й нæ исгæ йæ.

— Уанцон нæ у?.. — æ фсæ рмæ й загъта чызг.

Æ хсары маст фæ къæ ртт.

— Кæ д абон дур ластай, уæ д мæ нæ н цæ уылнæ исты загътай?

— Æ хсæ вæ й-бонæ й хуым кæ ныс æ мæ...

— Уæ ныхæ стæ мах фæ стæ кæ ндзыстут, — сдзырдта Ладо. — Цомут, æ нхъæ лмæ нæ м кæ сынц. — Бамбарын кодта чызгæ н йæ цыды сæ р.

— Ахæ м хъуыддаджы фæ дыл уæ хицæ н ма зын кæ нут! — Дард кæ дæ мдæ р кæ сгæ йæ загъта Иветæ.

Æ рбазгъордта Соня.

— Кæ м къуыдыры фестут, зæ рæ дтæ уæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц, — загъта æ мæ Иветæ йы цонгыл рæ вдаугæ фæ хæ цыд.

— Æ з никæ дæ м цæ уын, — загъта Иветæ.

— Чызг! — æ рбамæ сты Соня. — Цы митæ кæ ныс, уый æ мбарыс?

— Иветæ, дæ амонд дæ къахыфындзæ й ма къуыр, — лыстæ г къæ цæ л сæ стытæ гæ нгæ загъта Ладо.

— Замманай лæ ппу. Бынтон дæ хи фæ нд ма тæ р, — фæ рæ вдз æ м Соня.

— Курын уæ, ныууадзут мæ, — фæ тыхст чызг. — Ды, Сергей, ахуыргонд, æ з та... — йæ къухтæ фæ йнæ рдæ м акодта. — Никуы æ мæ ницы.

— Уыдон ныхæ стæ сты. Абон зæ гъ мæ нæ Æ хсарбег æ мæ Соняйы раз дæ фæ стаг дзырд, — загъта карзæ й Ладо.

— Æ з æ м нал хъусын! — Æ хсарбег фæ раст Фаризæ ттæ м.

— Ау, нæ ма уын бамбарын кодтон мæ фæ ндон, — йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта Иветæ æ мæ хъæ дæ рмæ гыл йæ цæ ст ахаста...

— Мах уыцы фæ ндон аивынмæ æ нхъæ лмæ кæ сæ м, — загъта Сергей.

— Мæ фадат нæ у, — чызг бакаст Сергеймæ. — Куыд ничи мæ æ мбары.

Иветæ ницыуал хъуыста, йæ цæ стытыл уадысты хъæ дтæ æ мæ быдыртæ...

— Нæ мæ м хъусыс, æ ви? — чызджы бакъуырдта Соня.

— Хъусын!

— Гъемæ дын уый зæ гъын: дæ хицæ н иучысыл куы нæ фæ тæ ригъæ д кæ най, уæ д ницы цард фендзынæ. Кæ мæ н кæ ныс хæ дзар?! — ацамыдта горæ тмæ. — Абон Хуыцаубон, йæ хæ дзармæ цы ’фсымæ р не ’рцыди, уымæ н? Дæ уæ лæ хуызæ нæ н дарæ с цы хоты тыххæ й нæ кæ ныс, уыдонæ н? Цалынмæ дæ хъару уа, уæ дмæ сæ хъæ удзынæ, стæ й дæ сæ сæ р куы бахъæ уа, уæ д дын доны къус дæ р нæ бадæ тдзысты...

— Ма дзур мæ хотæ æ мæ ме ’фсымæ рæ й афтæ, — фæ хъыг Иветæ йæ н. — Асланы æ хцайæ æ лхæ нын æ з хъæ дæ рмæ г.

— Ды ницы федтай, ницы фехъуыстай æ мæ... — йæ къух фæ хъил кодта Ладо. — Кæ мæ й цы фехъуыстаис... Уæ хæ дæ г хъомыл кодтат æ мæ... Фæ лæ æ з мæ фыдыфыдæ й бирæ ахæ м уацтæ фехъуыстон. Дæ фыдæ бонджын хæ дзары дæ «оммен» зæ гъыны бар дæ р нал уыдзæ н. Хетæ джыстæ н! Уымæ н нæ, æ мæ дæ де ’фсымæ р нæ уарздзæ н. Нæ! Фæ лæ... — йæ къухтæ та фæ хъил кодта. — Фæ лæ цард афтæ у! Дæ зæ рдыл бадар мæ ныхæ стæ... — йæ сиренхуыз къухмæ рзæ нæ й йæ ныхы хид асæ рфта.

— Уыдон ын æ фсæ нттæ сты, — загъта Сергей.

— Зонæ м æ й, — даргъ аивæ зта йæ дзырд Ладо. — Аланмæ æ нхъæ лмæ кæ сы. Мах ницыуал дзырдтам, фæ лæ... Залихан рухсаг уæ д, уый куы фæ зиан, уæ дæ й фæ стæ мæ дæ м иу хахх дæ р куынæ уал ныккодта... Уый ничи у. Æ взæ р расыггæ наг салдат. Цъаммар!..

Иветæ йыл ихуарæ гау калдысты Аланы тыххæ й загъд æ фхæ рæ н дзырдтæ. Нал æ м хъуыста. Афтæ йæ м фæ каст, цыма Ладо Аланмæ ифтыгъд дамбацайы дзых сарæ зта, ныртæ ккæ алвасдзæ н мæ нгвæ дæ г æ мæ... фæ ллад æ мæ зивæ г кæ й ном мысгæ йæ нæ зоны, уый ахаудзæ н, бахуысдзæ н йæ æ рттиваг стъалы, афæ лдæ хдзæ н йæ царды ныфс... Нæ, уый нæ бауадздзæ н! Йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, йæ сæ р сындæ ггай систа хæ рдмæ. Йæ хи фæ царæ зта Ладойы комкоммæ, цыма дамбацайы дзыхмæ йæ риу сарæ зта, Аланы та йæ фæ стæ амбæ хста, афтæ æ мæ загъта:

Ма дзурут! Алан цъаммар нæ у! Расыггæ наг дæ р нæ у, тамако дæ р нæ дымы!..

Ладо дæ р дзыхъхъы лæ уд кæ м уыди æ мæ мæ стыйæ афтæ зæ гъы:

— Дæ хорзæ хæ й, нæ уасæ г нæ дæ р нуазгæ кæ ны, нæ — дымгæ... Уый та цы æ ппæ линаг у?! Адæ ймаджы тыххæ й не сты нуазинаг дæ р æ мæ дыминаг дæ р?

— Æ з æ й цалынмæ фенон, уæ дмæ... — цыдæ р зæ гъынмæ ма хъавыд Иветæ, фæ лæ йæ хъуыры цыдæ р къуыбар абадт.

— Цæ мæ н æ й уыныс? — афарста Ладо. — Куы йæ хъæ уис, уæ д ныр дыууæ азы кæ м ис? Хорз æ мбал тыхст рæ стæ джы рабæ рæ г вæ ййы. Уый та дæ дæ зыны боны йæ хи бамбæ хста.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.