Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Тæрс бæлас



Рагуалдзæ г. Царды фæ рæ зтæ бæ лвырд фæ хуыздæ р сты. Колхозы быдырты нæ ргæ бырыдысты уæ ззау чъерамихуыз трактортæ сæ фæ дыл цалдæ ргай гутæ ттæ ласгæ. Фæ фылдæ р сты бæ хтæ, галтæ. Дуканиты фæ зынд хъуымæ цтæ, туфлитæ, цъындатæ, сапон, спичкæ тæ æ мæ æ ндæ ртæ.

Уалдзыгон каникулты рæ стæ г скъоладзаутæ цыдысты быдырмæ. Ног хуымгонд зæ ххы ауæ дзгонд рæ нхъыты æ ппæ рстой картофы мыггаг. Цард кæ й фæ хуыздæ р, уый быдыры кусæ г адæ мы уæ лæ дарæ сыл дæ р фæ зынд: дардмæ зынынц сæ алыхуызон тæ бын сæ рбæ ттæ нтæ, хъулон-мулон халæ ттæ, æ рттиваг сатинцъар бæ мбæ джджынтæ. Сидзæ ргæ стæ н бахъомыл сты сæ цот, сæ къух сын бæ лвырд фæ рогдæ р кодтой. Фæ лæ уæ ддæ р æ нкъард, фæ лмæ ст цæ стæ нгас нæ цух кæ ны сæ цæ сгæ мттæ й. Фæ ссихор Салыгæ рдæ нæ й Урсдонмæ хъæ дласæ н поезд куы æ рбацæ йцæ уы, уæ д æ м сæ сæ ртæ аздахынц, сæ улæ фт бауромгæ йæ æ нхъæ лмæ фæ кæ сынц, уæ дæ кæ д поезд йæ цыд фæ сабырдæ р кæ нид. Фæ лæ æ гъатыр поезд æ хситгæ нгæ аивгъуыйы. Йæ хъæ р ын хъæ дрæ быны бæ лæ стæ сæ хъæ бысы акæ нынц, фæ сте фæ уадзы сидзæ ргæ сты, «æ фсæ н хъæ ддзауы» нæ й уыдон мæ т, уый тагъд кæ ны хъæ ды арфмæ.

«Æ вæ ццæ гæ н, дысоны поездмæ байрæ джы кодта, райсом зындзæ н» — алчи йæ хи мидæ г æ фсæ нттæ ардта йæ мойы фæ стиатæ н. Æ мæ та багуыбыр кæ нынц сæ куыстыл. Хæ ст басабыры фæ стæ Габе поездæ й куы æ ргæ пп кодта, уæ дæ й нырмæ сидзæ ргæ стæ й алчидæ р йæ зæ рдæ йы дуар байгом кæ ны поезды æ рбацæ уын афонмæ. Фæ лæ та гомæ й баззайы. Бахъомыл сты сывæ ллæ ттæ. Бахъомыл сты Залиханы цот дæ р, фæ лæ мæ гуырыл хæ рдмæ дур тулы, фæ зæ гъынц. Сæ ныййарæ джы бæ рæ гбонау фенынц æ рмæ ст. Ныр фондз азы Залихан тухитæ кæ ны рынчындæ тты къуымты, йæ хъæ бултæ та фыдæ бонæ й æ рвитынц сæ сабибонтæ, се ’мгæ рттæ м тæ худы кæ нгæ.

Хъуыдытæ гæ нгæ цыди Чырыстонхъæ уæ й Сындзыхъæ умæ. Йæ зæ рдæ йæ нæ цух кæ ны сæ кау биинаг. Æ вддæ саздзыд чызг у Иветæ. Кæ сæ нмæ бакæ сыны рæ стæ г ын никуы фæ ци, æ ндæ р искуы федтаид йæ хи. Бæ рзонд, аив гуырыконд. Дыууæ тар мыдхуыз дзыккуйы йæ зæ ронд пъалтойы æ ддеты йæ фæ сонтыл йæ къахы истмæ гæ сгæ рахау-бахау кæ нынц. Йæ къæ хтыл къалостæ æ мæ хихуыд къалосы дзабыртæ. Аив, чысыл хъил фындз... Стыр æ рвхуыз сыгъдæ г цæ стытæ æ дзух кастысты æ мбаргæ, æ нкъардæ й. Дзурæ гмæ йæ сæ р хæ рдмæ нæ сисы, зулаивæ й йæ м ракæ сы. Йæ къухтæ сты, бирæ сывæ ллæ ттæ цы сидзæ ргæ с усæ н вæ ййы, ахæ м ныййарæ джы уæ зæ гджын къухты хуызæ н. Сæ рд бел æ мæ къæ пийы хъæ дыл, зымæ г фæ рæ тыл хæ цынæ й стырæ й-стырдæ р кæ нынц. Дыууæ хъæ уы æ хсæ н æ й æ рбаййæ фта машинæ, фæ лæ чызг, цыма æ ппындæ р ницы фехъуыста, афтæ йæ цыды кой кæ ны. Фæ урæ дта машинæ æ мæ дзы рахызт Хъасболы фырт Петр, мединституты студент.

— Иветæ, рауай абад, — йæ размæ æ руад лæ ппу.

— Сбаддзынæ н, — йæ мидбылты бахудт чызг.

— Залихан куыд у? Абон нæ хи рынчындоны уыдыстæ м фæ лварæ нты, — дзырдта студент. — Зæ рдæ йы ног хостæ фæ зынд. Æ нæ мæ нг сæ ссардзынæ н Залиханæ н.

— Бæ ргæ... Куы фæ зынид... Куы ссарис... — батæ худы кодта чызг. Йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыд, цæ мæ н афтæ батыхст лæ ппу йæ ныййарæ гыл.

Лæ ппуйы зæ рдæ мæ судзины бынæ й кæ лæ гау бакалд рухсы цъыртт.

— Райсом горæ тмæ цæ уын, куы нæ уа, уæ д ме ’мбал Мæ скуымæ цæ уы æ мæ уымæ н бафæ дзæ хсдзынæ н.

Машинæ æ рлæ ууыд колхозы къанторы раз. Лæ ппу фегом кодта дуар. Чызг рагæ пп ласта, йæ фæ стæ — лæ ппу.

— Сабыр, сæ гъ куы нæ дæ, мыййаг, — мидбылты худгæ йæ загъта Петр.

Къанторæ й сæ химæ цæ угæ йæ ныхæ стæ кодта лæ ппу чызгæ н, аив ныхасы уагæ й æ мбарын кæ нынмæ хъавыд йæ сагъæ стæ, фæ лæ чызджы хъуыдытæ уыдысты дард кæ мдæ р.

— Цытæ дзурыс, цы?

— Æ з мæ удæ й цæ уын... Мæ фарсмæ цæ угæ кæ ныс, дæ хæ дæ г та кæ м дæ — æ мæ гъа... — фæ лмæ н бахудт лæ ппу.

— Раст зæ гъыс, — басаст чызг.

— Зонын, ныр дæ умæ бирæ тæ сæ цæ ст дары, фæ лæ дæ æ з... Мах дæ никуыдæ м ауадздзыстæ м...

Чызг дард кæ мдæ р уыд йæ хъуыдыты, фæ лæ айхъуыста лæ ппуйы фæ стаг ныхæ стæ.

— Дæ хорзæ хæ й, Петр, цытæ дзурыс? Кæ дæ м мæ нæ ауадздзыстут?

Лæ ппу ныуулæ фыд. Чызг сæ фы фыдтухиты. Æ вæ ццæ гæ н, æ мбаргæ дæ р нæ кæ ны, хъæ дмæ цæ уын чызгæ н тынг тæ ссаг кæ й у, уый.

— Иветæ, — бакаст чызгмæ, — йæ цæ сгом туджы азылд. — Иветæ, дæ хиуыл иучысыл фæ ауæ рд.

— Ома?..

— Лæ ппу кусæ д, ныр дынджыр у.

Чызджы зæ рдæ куыддæ р фæ фæ лмæ н.

— Зоныс, Петя, йæ бон нæ у, æ нæ хъару у.

— Уынæ м æ й. Райсомæ й хъæ дмæ куы фæ цæ йцæ уыс, изæ рæ й та уыцы уæ ззау æ ргъомимæ фæ стæ мæ куы ’рцæ йцæ уыс... Уæ д мæ зæ рдæ фæ риссы. — Йæ галиу къух авæ рдта йæ риуыл. — Дæ сæ ры куыстæ й æ ндæ р ницы ис.

Æ рхæ ццæ сты фæ зилæ нмæ. Ам Петры ацæ уын хъæ уы быдыры ’рдæ м.

Иветæ бадис кодта лæ ппуйы ныхæ стыл. Никуы йын ничи загъта «дæ хиуыл ауæ рд». Нæ, Петр, Асланыл ауæ рдын хъæ уы. Йæ зæ рдæ йы бацыд тасдзинад, æ цæ гдæ р лæ ппуйыл исты куы ’рцæ уа. Сæ хæ дзары фæ стæ сыхы чызджытимæ хъазыдысты Нада æ мæ Розæ. Габеты каурæ бын та лæ ппутимæ хъазыд Аслан. Сæ хойы куы ауыдтой, уæ д йæ размæ базгъордтой, сæ мадæ й йæ афарстой, зæ рдæ рухс дзуапп сын радта. Дызæ рдыггаг лæ уд кæ нынц — кæ цырдæ м сын ацамондзæ н цымæ сæ карз хо? Къухы тылдæ й сын бар радта хъазынмæ. Цингæ нгæ азгъордтой. Йæ хæ дæ г бацыд хæ дзармæ. Йæ пъалто феппæ рста. Афтид цугуны бын хъæ рмхуыппы уæ лдай уымæ л дардта дыууæ къабускайы карстимæ. Кæ рдзыны къæ рис дзы атылдта. Æ ууилгæ йæ æ рлæ ууыд хæ дзары астæ у. Бæ рæ г дзы кæ цы куыстмæ æ внæ лдтаид? Фыццаджыдæ р пъадвалæ й зымæ гмæ цæ ттæ сæ рдæ н бур сыджыт схаста бедрайы, сыгъдæ г æ хсад цæ гъдæ п цъылынимæ. Сыджытыл дон æ ркодта. Райста, змисæ й хафт дыууæ цинкæ бедрайы, æ мæ донхæ ссæ н æ рдынкъæ дз хъил, уый дæ р æ нгузхуыз дардта фыр сыгъдæ гæ й.

Цыппæ рæ м хатт куы сцæ йхаста дон, уæ д æ м Хъамбол дзуры, сæ кауы талачъийы хъæ мп рæ вдзытæ кæ нгæ.

— Хуыцауы хатырæ й, донджынтæ кæ ныс, æ ви?

— Донæ й дæ р ма нæ фаг ма исæ м, — загъта чызг йæ донхæ ссæ н иу уæ хскæ й иннæ мæ раивгæ йæ. Лæ ппу уыцы иу æ хст йæ хи фæ кодта æ мæ раст кулдуармæ йæ цуры февзæ рд. Бирæ цыдæ ртæ зæ гъинаг уыди, фæ лæ загъта зыбыты иунæ г дзырд:

— Иветæ...

Кæ д сыхаг лæ ппуйыл уазал цæ стæ нгасимæ сæ мбæ лд, уæ ддæ р йæ хъуыдыйæ нæ цух кодта. Йæ уæ лæ акодта йæ кусæ н къабайы зæ ронд. Сыджыты бедра йæ къухæ й азмæ ста. Скъапп æ мæ фынг къулæ й раггуырста. Пец расыгъдæ г кодта, къæ йы зылдтытæ стыр хъæ дын къусы доны цæ хсадта. Сыджытдоны змæ сты бедрайы арæ хсгæ сыджыт цæ гъдæ н цъылын атылдта...

Фæ сдуар сынтæ гимæ куы архайдта, уæ д сæ м бацыди Любæ йы чызг, Рая.

— Уффы, — дæ фæ тæ гены тæ ф та уæ ларвмæ куы кæ лы. Тæ ттæ тт-Тæ ттæ тт, «йæ фыдау Тæ ттæ тт у», хуымæ тæ джы дæ афтæ нæ хонынц.

— Æ гас цу, — йæ ныхы хид йæ галиу цонгæ й асæ рфгæ йæ салам радта Иветæ.

— Кæ уылты рафснайдтай? Æ рдæ бон дæ р ма дæ ттæ куы хастай?..

— Цæ й, о, — загъта Иветæ, — схæ ц æ мæ йæ бынат ссара.

Рая йæ цæ ст ахаста агъуыстыл.

— Йарæ ппын, æ з дæ р æ фснайын, уæ ддæ р мын дæ у хуызæ н нæ уайы. Гъер акæ с-ма, дзаумæ ттæ къулрæ бынтæ й кæ й раласыс, уый тыххæ й кæ д? Зæ гъ-ма, иннæ сынтæ г иунæ гæ й куыд сæ вæ рдтай йæ бынаты, зæ ххыл хафт куы нæ ис.

— Тынг дæ фæ нды базонын? — йæ цыппæ ртыл æ рлæ ууыд, афтæ мæ й йæ. фæ сонтæ й сынтæ г систа — гъе, афтæ йæ баггуырсын.

— Дæ мæ гуыр фæ сонтæ! — батыхст сыхаг чызг, — омæ демæ уынджы къозойы фæ дыл чи згъоры, уыдонæ й искæ й...

— Ау, хæ рæ гæ н дæ р ма куадзæ н куы вæ ййы, æ нæ уый дæ р сæ æ гæ ртæ домын, сæ хъару цас нæ у, уыйас. — Рабырыди. Йæ къухтæ цæ хсадта æ мæ сынтæ гмæ иннæ сынтæ гæ й хуыссæ нтæ баскъæ фта.

Сынтæ джытæ фæ тæ генæ й кæ й сæ рфыс, кълопитæ уæ м уымæ н нæ й, æ вæ ццæ гæ н.

— Æ мæ гъа, никуы нæ м уыди.

— Уæ дæ, æ хсæ вæ р дæ р пæ ртт-пæ ртт кæ ны. — Рая йе ’ргом аздæ хта пецмæ.

Змисæ й хæ рз хафт хъæ дын стуанæ й цугун куы змæ ста, уæ д бадодой кодта, сæ хæ дзар кæ ддæ ра, гъе афтæ нæ бафснайа, уæ дæ сæ хъæ дын цæ лгæ нæ ны мигæ нæ нтæ дæ р нæ ныххафа. Фарон се стуан хълапийæ куыд ныссау ныр дæ р ма афтæ тар у... Йæ химæ смæ сты, фæ лæ уæ ддæ р йæ ныхасмæ бафтыдта. — Кас у, æ ви касдон? Иу ныхасæ й, дæ хæ ринаг касæ й касдоны æ хсæ н фæ дзæ гъæ л, куыдз дыууæ дуары æ хсæ н куыд фæ уа, афтæ.

Йæ химæ та хæ цыд, йæ фæ стаг ныхасыл æ рфæ смон кодта. «Цæ мæ н дзы хъуыд куыдз цал дуары æ хсæ н скуыси, гъе уый? »

— Сбæ зджын уыдзæ н, — хуыссæ н бæ стон æ фснайгæ йæ загъта Иветæ. — Кæ ронмæ ма йæ райс.

— Ног сæ рст пецы арт дæ р куыд хъæ лдзæ г фæ судзы, нæ? — загъта Рая æ мæ цугуны сæ р æ рæ мбæ рзгæ йæ Иветæ мæ акъахдзæ ф кодта. Йæ къахыл сыджыт систа. Батыхст. — Пецмæ æ гæ р хæ стæ г лæ уд фæ дæ н.

— Ницы йын у, — загъта Иветæ.

— Æ ххæ ст дæ зæ хх айсæ рд, æ мæ мын дæ сæ рдæ н мигæ нæ нтæ уыцы хуызæ нæ й авæ р, — алæ гъстæ кодта сыхаг, — æ з дæ р мæ хæ дзар рафснайон.

— Авæ рин дын сæ, фæ лæ йæ нæ ма сæ рдын. Сывæ ллæ ты мæ цынайын хъæ уы, сæ пысултæ æ хсын, зæ хмæ мæ равдæ лдзæ н иу æ мбисæ хсæ в. Раздæ р нæ.

Рая æ фснайдыл фæ ци æ мæ дзы ферох йæ цыды сæ р. Йæ хъустыл Хъамболы дзурын куы æ рцыд, уæ д фестъæ лфыд.

— Иветæ, уæ дæ ма ныууадз адæ ттæ æ мæ цом киномæ. Диссаджы кино дзы ис. Нæ сыхы чызджытæ æ мæ лæ ппутæ иууылдæ р киномæ цæ уæ м.

— Дæ хорзæ хæ й, дæ быны дын санс ауагъдæ уыди, — дзургæ бацыд Хъамбол, — цы фæ дæ?

— Мидæ мæ, — загъта Иветæ.

— Санс мæ афтæ нæ баурæ дтаид, фæ лæ мæ сыджыт, бур сыджыт баурæ дта.

Хъамбол дæ р агъуыстыл йæ цæ ст ахаста.

— Хуыцауыардыстæ н, Сечъынатæ н сæ хæ йрæ г куыд æ ххуыс кодта, афтæ Иветæ йæ н дæ р æ ххуысгæ нæ г ис.

Бахудт Иветæ.

— Ис, — ныфсджынæ й загъта Рая, — йæ рæ вдз «æ рмхæ ст», дзыцца дзы афтæ загъта. Папæ та йæ йæ фыдау «арт» хоны.

Алæ гъстæ йын кодтой сæ дыууæ дæ р киномæ, фæ лæ не сразы.

— Цытæ дзурут?!

— Кæ д ды дæ цæ рæ нбонты куыстæ й æ ндæ р исты хорздзинад фенай, уæ д æ з амардтæ н, — федде лæ ппу мæ стыйæ.

— Гъер, Иветæ, ды куыд кусыс, мæ н бон афтæ нæ у.

Иветæ бахудт йæ мидбылты. — «Аргъауы куыд загъдæ уыд, дæ хæ дзары знаджы дæ р макуы бафхæ р». Уынгмæ куы рацыдысты, уæ д йæ хи ныййиста, сывæ ллæ ттæ йæ куыд федтаиккой, афтæ. Сæ рæ й сын ацамыдта. Фæ стæ мæ дæ р нал фæ кастысты, афтæ мæ й йæ хотæ баивгъуыдтой хæ дзармæ. Сæ фæ стæ лæ флæ фгæ нгæ Аслан дæ р, йæ къухты йæ бекъæ æ мæ лæ дзæ г.

Раямæ хардзау æ ркаст, æ рдæ бон ын йæ ныхасыл кæ й бахудт, уый.

— Уæ ддæ р цæ уыл бахудгæ, мæ бон дæ уау нæ у куы загътон, уæ д?

Иветæ йы нæ фæ ндыд, фæ лæ йæ м æ гæ р ныллæ ууыд:

— Рая, æ гайтма дæ фыд хæ стæ й ссыди, дæ мад дзæ бæ х у.

Цæ рæ нт дæ хи фæ ндиаг, — аджих донгуырæ нмæ. — Æ ндæ р, мæ хур, мæ разæ й сæ пп кæ нис, мæ разæ й, хъæ дмæ дæ р æ мæ быдырмæ дæ р...

— Нæ, цæ мæ н, — йæ сæ р батылдта Рая. — Хуыцау бахизæ д, фæ лæ ацæ уин нæ хæ стæ джытæ й искæ мæ, гъе мæ фыды æ рвадæ лтæ м, кæ нæ мæ мады æ рвадæ лтæ м. Ахæ мтæ чысыл и? Дæ у хуызæ н йæ мады зæ нæ джы, цъиуджын каркау, бамбырд кæ нын бирæ йы бон нæ у. Хъамболы загъдау — фæ смон кæ ндзынæ.

— Æ нхъæ лыс, нæ мæ фæ нды? Фæ нды, фæ лæ мæ ноджы тынгдæ р та фынæ й кæ нын фæ нды. Зоныс, æ з алы изæ р дæ р вæ ййын хуымон галау — фæ ллад...

Иветæ æ рыхъал, фестад. Хуры тынтæ рудзынджы ныв фынæ й сывæ ллæ тты цæ сгæ мттыл ахъазын кодтой æ мæ фехъал сты. Сæ сыгъдæ г æ мæ хæ рзæ мпъызт дарæ сыл цингæ нгæ, мæ гуыр сывæ ллæ ттæ сæ хи арæ вдз кодтой хъæ дмæ...

Хъæ ды цард райхъал. Хъуысы фæ рæ ты къупп-къупп. Фæ рæ ты уынæ р хорз дзуры, кæ й къухы ис, ууыл. Нæ лгоймаджы къухы йæ хъæ р хъуысы дардмæ, уæ ззауæ й, сылгоймаджы къухы та — тагъд-тагъд æ мæ рог. Сывæ ллæ тты къухдзæ ф дæ р бæ рæ г у. Иветæ афтæ хорз сахуыр, æ мæ уынæ рмæ гæ сгæ бацамондзæ н, чи кæ м калы хъæ д, уый. Мæ ргътæ хъæ лдзæ гæ й зарынц. Гугукгæ наг бауасы куы иу ранæ й, куы иннæ ранæ й.

Уæ лæ Иветæ йы уарзон тæ рс бæ лас.

— Дæ райсом хорз, нæ зынаргъ бæ лас! — афтæ салам дæ тты тæ рсæ н. Тæ рс базмæ лы, йæ къалиутæ ныллæ г æ руадзы чызджы рæ хснæ г цæ сгомыл. Йæ хи куы нæ фæ ныллæ г кæ ны, уæ д ын йæ цæ сгом рæ вдаугæ асæ рфы йæ фæ лмæ н сыфтæ й. Къæ вда бон бахъахъхъæ ны уарынæ й. Сæ рдыгон æ нтæ ф бон та йæ сатæ джы сæ фæ ллад суадзынц сидзæ ртæ.

Уый дæ р зилы бæ ласмæ, йæ бон цы у, уымæ й. Йæ быны йын ничи фендзæ н иу чъизийы мур, йе гæ ххæ тт, йе та хойраджы фæ лхæ рттæ. Йннæ бæ лæ сты бынтæ й уæ лдай ам не ссардзынæ иу хус къæ цæ лы мур дæ р, фароны хус кæ рдæ джы фæ сал. Асыгъдæ г сæ кæ ны. Бæ лас хорз æ нкъары чызджы куыстуарзон къухты фæ д. Фæ стаг азты та рагуалдзæ г зæ ронд бедрайы схæ ссы чъырдон, сцæ гъды йын чъырæ й йе ставд зæ нг. Канд сыхбæ стæ нæ, фæ лæ ма йæ æ ппæ т хъæ у дæ р зонынц æ мæ йæ хонынц «Иветæ йы бæ лас». Сæ рдæ й-зымæ гæ й чызг ацы бæ ласы бын бафысым кæ ны. Цалдæ р азы йæ сæ рмæ нæ ма схызт иу хъæ ддзау дæ р. Йæ фæ тæ н къабузджын цæ нгтæ м ын бахæ лæ г кæ ны, фæ лæ йæ чъырæ й цагъдæ й куы фены, йæ алфамблай æ фснайд кæ ртау куы вæ ййы, уæ д æ м йæ къух нал батасы. Æ мæ араст вæ ййы хъæ ды арфмæ.

— Дæ райсом хорз! — йæ къухтæ фæ йнæ рдæ м акодта, хæ рдмæ скаст бæ ласмæ, стæ й сывæ ллæ ттæ м фездæ хт:

— Цæ й, иумæ зæ гъæ м: «Дæ райсом хорз, Тæ рс!.. » Сывæ ллæ ттæ æ мхъæ лæ сæ й салам радтой бæ ласæ н.

Домбай тæ рс уæ ззау базмæ лыд. Йæ сыфтæ рты сыр-сырмæ байхъуыста Иветæ.

— Хъусут-ма, куыд зæ гъы? «Æ гас-с-с цæ ут-т», — бахудт.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.