Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хъуг агъуысты



Йæ файнуст Олгæ йæ хи мидæ г ныссагъæ с кодта, йæ бæ рзонд тиуы бинонтæ н куыд феххуыс кæ на, ууыл. Æ рцыд ахæ м уынаффæ мæ: йæ хъуццытæ й сын иу ратдзæ н, æ ндæ р амал нæ й.

Олгæ йæ дыккаг хъугæ й йæ хицæ н фидар мæ сгуытæ амадта. Ауæ й кæ нынмæ йæ хъавыд, йæ хæ дзары бирæ хъуæ гтæ й дзы истытæ бампъузыны фæ нд кодта. Фæ лæ уыдон аззадысты фæ стейы. Иу изæ р йæ фæ ныкхуыз хъуджы сæ рыл бæ ндæ н бафтыдта, æ ркодта йæ йæ тиуы сабиты хæ дзармæ. Фæ лæ...

Фаризæ т кæ ртмæ нæ уадзы сидзæ рты стыр лæ вар.

— Мæ кæ рты нæ й ацы хъугæ н бынат, — фездæ хт кæ стæ р чындзмæ. — Амæ ничи кæ сы, йæ фыргæ взыккæ й ныккука æ мæ мын хъуг лæ вар кæ ны.

— Дæ хæ дæ г тыхст куы дæ, акæ н æ й фæ стæ мæ... — дзырдта Залихан.

— Мæ нæ н ницы у. Ды кæ д дæ хиуыл фæ хæ цис, — загъта Олгæ.

— Уыныс? — амоны Залихан кæ рты æ хгæ д дуармæ, — афтæ мæ й йæ кæ м дардзынæ н? Стæ й мæ бон хъугмæ зилын нæ у.

— Сывæ ллæ ттæ йæ м кæ сдзысты, — Олгæ хъуджы Арыпханты каурæ бын бабаста.

— Куыд дын раарфæ кæ нон, — йæ сæ р батылдта, йæ къухтæ йæ риуыл авæ рдта. — Мæ бæ сты дын Хуыцау раарфæ кæ нæ д. Æ нæ низæ й бирæ азты фæ цæ р, дæ сабитæ дæ хи фæ ндиаг схъомыл уæ нт!

— Дæ у фæ ндиагæ й дæ р сын ницы уыдзæ н, — загъта Олгæ.

Дыууæ файнусты сæ цæ стытæ доны разылдтой. Сæ иу уынд жы баивгъуыдта, иннæ джихæ й касти йæ фæ дыл.

Залихан тыхтæ -амæ лттæ й афснайдта сæ цæ хæ радон, сывæ ллæ ттимæ нартхор фæ тоны бон-изæ рмæ, изæ рæ й Иветæ быдырæ й куы æ рбацæ уы, уæ д тынд нартхор тæ скъæ й хæ ссын райдайы сæ хæ дзармæ. Мæ йрухсмæ урс нартхоры кæ рийы алыварс бадтысты мад æ мæ æ ртæ сывæ ллоны. Фæ йнæ цалдæ р æ фсиры-иу баппæ рстой тæ скъмæ, айдзаг-иу æ мæ та-иу тæ скъ æ нхъæ лмæ каст. Иветæ та-иу нырма æ мбисфæ ндагыл уыди.

Иветæ йы аууон зулаивæ й цыди йæ галиу фæ рсты. «Ацы хатт зæ гъдзынæ н», фидарæ й снысан кодта йæ хицæ н.

Дзаг тæ скъ йæ галиу къахы æ ххуысæ й куы æ риста йе уæ хскæ й, уæ д къæ лидоры нартхоры кæ рийыл бахауд æ д тæ скъ. Йæ сæ р разылд, йæ цæ стытæ й сыгъзæ рин стъæ лфæ нтæ кæ рæ дзийы фæ дыл азгъордта. Кæ рийыл цъусдуг афæ стиат, стæ й йæ цæ ст ацахста, мæ йрухсмæ йæ фарс цы цинкæ бедрайæ н æ рттывта, уый.

Фестад, райста дыууæ бедрайы æ мæ тæ скъ.

Цæ хæ радонмæ куыддæ р бахæ ццæ, афтæ сабитæ базмæ лыдысты, сæ иутæ сæ хи ацæ ттæ кодтой уаргъ сæ ргъæ вынмæ, иннæ та афтид тæ скъ дзаг кæ нынмæ фæ ци.

— Мамæ, Аслан дæ р, Нада дæ р куы хæ ссиккой, — бедратæ м ацамыдта Иветæ. — Мæ нæ бедраты.

— Ахæ сс сæ, цæ й! — карзæ й загъта мад. — Уыдонæ н сæ бон нартхор хæ ссын у?

— Тагъддæ р уыдзыстæ м, — аххосджын хуызæ й дзуры чызг. — Бон-изæ рмæ дæ р-иу куы хæ ссиккой бедраты, уæ д нын нæ нартхор адæ мы куыйтæ æ хсæ в-бонмæ нæ хæ риккой, — ацамыдта, кæ рийы кæ рон куыйтæ кæ й ныффæ скъау кодтой, уыцы æ фсиртæ м. — Гъе та бирæ ма тонут æ мæ æ хсæ в æ дде ма зайой.

— Фылдæ р дзæ нгæ да куы цæ гъдай, уæ д та нæ баззайдзæ н, — алхыскъ æ й кодта мад.

— Мамæ, — саби гуыл куы агура ныййарæ гæ й, уый хатыд бакодта Иветæ йæ мадмæ.

Залихан бакаст æ нæ хъару Нада æ мæ Асланмæ. Йæ зæ рдæ йы тугтæ ныккалдысты, бедрайы дзаг нартхор куыд зынтæ й хæ сдзысты, уый йæ цæ стытыл ауад. Скаст Иветæ мæ, уый æ нхъæ лмæ гæ сæ джы лæ уд кодта. Мад, йæ разы цы нартхоры хъæ ллæ гътæ уыдис, кæ ри æ мбæ рзынæ н, уыдонæ й иумæ фæ лæ бурдта, чызджы бæ гънæ г зæ нгтæ ныдздзæ хст кодта. Чызг ныууынæ ргъыдта, æ рбадт, йæ къæ хтæ м фæ лæ бурдта.

— Æ нæ уый та нæ лæ ууыдтæ! Сис тæ скъ!

Кæ угæ фæ цæ йцыд Иветæ сæ хæ дзармæ. Йæ уæ ззау уаргъимæ мæ йрухсы узгæ -узгæ згъордта Машаты каурæ бынты.

— Иве, — Розæ йы фæ лмæ н хъæ лæ с ауад йæ хъустыл, — Иве, фæ лæ уу-ма!

Хистæ р хо йæ хæ ссинаг каумæ банцой кодта, ракаст. Розæ йы уæ хскыл дзаг бедра, афтæ мæ й æ рбацæ йцыд.

— Мæ гыццыл хо, — зæ рдæ уынгæ гæ й сдзырдта Иветæ.

Уыцы изæ рæ й фæ стæ мæ Иветæ æ мæ Розæ иумæ хастой нартхор дæ р æ мæ хъæ ллæ гъ дæ р.

Залихан йæ зæ рдæ йæ бавзæ р, йæ чызджы куы ныццавта, уæ д.

Алы хатт дæ р фæ зæ гъы, нал æ й ныццæ вдзынæ н, фæ лæ та йæ хи нæ бауромы. Æ мбары, хæ дзары уæ з ууыл кæ й æ нцайы, уый, фæ лæ йæ кæ стæ ртæ й æ гæ р бирæ куыст домы. Уыдонæ н та сæ хъару уыйас нæ ма у. Гогызы цъиутау дзой-дзой кæ нынц.

Нартхорыхъæ д кæ м сæ вæ рдтаиккой, уый нæ уыди. Цары сын тохынайæ тæ ссаг уыд, — куы ссудзой, уымæ й. Къæ лидоры сын се ’мбис бафснайдтой, иннæ ты Дунетæ м сæ вæ рдтой.

— Гормон фæ уинаг, Фаризæ т, — бауайдзæ ф кодта Нену. — Залиханы хъæ ллæ гъ дæ цæ хæ радоны бафснайын цæ уылнæ уадзыс? Нартхорыхъæ дыл сыгъд бафтын дæ р зоны æ мæ уæ д хæ дзар нæ судзы?

— Хъæ ллæ гъы бын зæ хмæ мит нæ хъары, — рамæ сты Фаризæ т æ мæ карз æ фхæ рæ н ныхæ стæ загъта Ненуйæ н. — Йæ хæ дзары «оммен» зæ гъыны бар кæ мæ н нæ й, уый дæ р мæ нæ н зондамонæ г свæ ййы!

— Цы загъта, цы? Уый мæ нæ н нæ й «оммен» зæ гъыны бар? — Нену ма цыдæ ртæ зæ гъынмæ хъавыд, фæ лæ йын йæ дæ лæ ртты абырыдысты йæ фырты цот æ мæ йæ бадавтой мидæ мæ.

Дунейы фондз сывæ ллоны æ рæ джы базыдтой, Нену сæ фыдæ н фыды ус кæ й уыди, уый. Уый дæ р афтæ мæ й æ мæ сæ æ цæ г фыды мады æ рвадæ лтæ й сæ м хонæ г уыд, чындзхæ ссæ г. Хистæ р фырт Хъамбол загъта дисæ й:

— Мæ гъа! Мах Ненуйы цæ гат хонæ м не стыр фыды мадырвадæ лтæ.

Залиханы хæ дзары фесты фæ ззыгон куыстытæ. Иветæ йы быдыры куыстæ й хъæ дмæ нал æ вдæ лы. Йæ суджы æ вæ рæ нтæ кадавар сты. Иветæ йы æ мбæ лттæ сæ худынæ й стан сæ сæ рыл сисынц, уый та йæ зымæ джы сагъæ сты ануыгъуылы. Æ хсынæ ны егъау сасиры йас чъири куы ахауын кæ ны, уæ д тынг бахæ лæ г кæ ны, ставд кауы михы хуызæ н сагъдæ й цы хъæ д аззайы, уымæ. Уыцы хъуыды сæ рæ й нæ цух кæ ны. Алы изæ р дæ р дзы йемæ бæ ргæ хæ ссид, фæ лæ йе ’мбæ лттæ й нæ фæ уæ нды. Бирæ хатт ыл худгæ дæ р фæ кæ нынц иуæ й-иутæ, цæ хæ радонæ й йæ рахизгæ куы фенынц, уæ д ын уайдзæ фтæ фæ кæ нынц:

— Бадæ г усы хуызæ н мæ м фæ кæ сыс, — йæ зæ рдæ мæ хæ стæ гдæ р цы чызджы иста, уыцы Зитæ йын афтæ загъта иуахæ мы.

Цавæ р ус æ й схуыдга, уый не ’мбæ рста æ мæ дзы Ирæ йы бафарста:

— Бадæ г ус, ома, мæ гуыр, сидзæ ргæ с ус, æ мбарыс? — йæ хирдыгонау ын бамбарын кодта Ирæ. Йæ хæ дæ г дæ р бæ стон не ’мбæ рста дзырд «бадæ г» цы амоны, уый, фæ лæ мæ гуыр чызджы зæ рдæ цæ мæ й барухс уа, ууыл архайдта.

— Уый хорз ус у, бады, йæ сывæ ллæ тты хъомыл кæ ны... — Фæ лæ дын уыцы ныхас чи загъта, уый хорз чызг нæ у, — загъта Ирæ ахъуыды кæ нгæ йæ. — Йæ мад дæ р...

— Йæ мад та цы аххосджын у?

— Йæ мадæ й цы фехъуыста, уый загъта.

Иветæ бирæ уарзы йе ’мбал Зитæ йы. Уый дæ р æ й уарзы. Фæ лæ дзы цымæ Ирæ афтæ цæ мæ н загъта? Æ взæ р «ус» æ й куынæ рахуыдта, уæ д?

Афтæ тæ хъуыды кæ нгæ йæ зыхъ-зыхъгæ нгæ карста æ хсынæ ны чъиритæ æ мæ сæ æ ппæ рста чыргъæ дмæ. Æ хсынæ ны хуым дæ р хъæ умæ дард нæ у, фæ лæ йæ м ноджы хæ стæ гдæ р ис гæ н конд. Тар хъæ дау сау дары. Æ хсынæ н ацы къуыри æ фснайд фæ уыдзæ н. Иннæ къуыри хъуамæ гæ н кæ рдынмæ бавналой скъоладзаутæ. Гæ ны куыст куыд зын у, уый хорз зонынц сабитæ.

Залихан та æ руатон. Чырыстонхъæ уы рынчындонмæ йæ аластой Габе æ мæ Олгæ. Иветæ йæ н та йæ ныфсы уидаг аскъуыд. Рæ стæ г бонæ й-бон уазалдæ р кæ нын райдыдта. Быдырæ й та сæ лдыл æ ндзарæ нты æ ргъом æ рбадавон, зæ гъгæ, иу райсом раджы фестад, акаст рудзынгæ й — бæ стæ урс. Æ ллæ х, зæ гъгæ, фæ кодта Иветæ, разгъордта сæ хъугмæ. Уый Арыпханты каурæ бынмæ йæ хи нылхъывта, зыр-зыр кодта йе ’ппæ т буарæ й. Йæ гуырыл ын мутакатыхт цы фæ смын хъæ ццул скодтой, уый дæ р ын ницы æ ххуыс кодта.

— Цы ма дыл стухон, куыд дæ бахъарм кæ нон? — стурæ н ныхасгæ нгæ куыдта чызг.

Ничи фехъуыста чызг æ мæ æ гомыг фосы кæ уын.

Алы бон дæ р, скъоламæ цæ уыны агъоммæ, Иветæ быдырæ й æ рбадавы æ хсынæ ны хъæ дты стыр уаргъ. Æ рæ джы куы фæ кæ ны, йе та тар гæ ны хуымы ацæ уын куы нæ бауæ нды, уæ д гæ нмæ дæ р фæ рæ дийы. Кæ д æ мбары, гæ н ахъаззаг хæ зна кæ й у, уый, уæ ддæ р.

Афтæ мæ йты æ рбахаста гæ нæ й æ ртæ æ ргъомы æ мæ сæ бамбæ хста сæ ныккæ нды: сусæ гæ й-иу дзы арт скæ ндзысты, фæ лæ -иу изæ рæ й ныккæ ндмæ нал ныууæ ндыд, бонæ й та сæ æ вдисын нæ уæ ндыд. Афтæ мæ й фæ стиат кодта гæ н.

— Абон дæ афтæ нал ныууадздзынæ н, — рæ вдаугæ ныхæ стæ кодта Иветæ хъугæ н. Хъарм хæ ринаг ын радавта, хъæ ллæ гъты куырис ын йæ разы авæ рдта æ мæ скъоламæ азгъордта.

Урокты рæ стæ г-иу йæ хъуг йæ зæ рдыл куы æ рбалæ ууыд, уæ д-иу аджих: «Цы йæ фæ кæ ндзæ н? Кæ м æ й бакæ ндзæ н? »

— Иветæ йæ н йæ къуыдыр ам ис, йæ хæ дæ г та — иунæ г Хуыцау йæ зонæ г, — бауайдзæ ф кодта ахуыргæ нæ г Нинæ.

Сæ хæ дзармæ йæ бакæ ндзæ н. Сæ тæ ккæ хæ дзармæ. Сфæ нд кодта æ мæ йæ цæ сгомыл цыдæ р æ нцойдзинад фæ зынд. Ахуыргæ нæ гмæ та афтæ фæ каст, цыма хур бахудт. Фæ лæ уайтагъд худгæ цæ сгомыл æ нкъарддзинад баппæ рста йæ сау пæ лæ з:

— Иветæ! — хæ рдмæ фæ хауд чызг. Нинæ бацыд йæ тæ ккæ размæ, партæ йыл йæ уæ з æ руадзгæ йæ фæ хъæ р кодта, — куырысы цæ уын рæ стæ г нæ ма у. Дæ уисой раздах фæ стæ мæ!.. Кæ мыты зилахар кæ ныс?..

Скъоладзаутыл худæ г бахæ цыд.

Иветæ Нинæ мæ скаст. Бамбæ рста, къласы кæ й бады, уый.

— Федде у ныртæ ккæ! — ныййазæ лыд ахуыргæ нæ джы хъæ лæ с! — Æ з къултæ н дзурын?!

Иветæ йæ хызын райсынмæ хъавыд, фæ лæ йын æ й ахуыргæ нæ г нæ радта. Чызг къæ лидормæ рахызт, йæ фæ стæ дуар арæ хстгай рахгæ дта, ма ныггуыпп кæ на, зæ гъгæ. Къæ лидорыл йæ размæ фæ ци Дзамбег. Чызджы уæ хскыл рæ вдаугæ йæ къух æ рæ вæ рдта.

— Урочы цæ уылнæ дæ? — дисхуызæ й йæ афарста директор. — Цæ мæ н дæ рарвыста?

Иветæ скаст Дзамбегмæ. Йæ дынджыр сыгъдæ г æ рвхуыз цæ стытæ дзурæ г уыдысты бирæ мæ гуыры бонтыл, раст цыма сыгъдæ г доны дынджыр æ рвхуыз къозо ленк кодта, афтæ йæ цæ стытæ донæ й айдзаг сты, йæ уæ лтъыфæ лттæ æ ртъæ пп кодта, куыройы домарæ н фегомгæ нгæ йæ дон нучы цалхмæ куыд азгъоры, афтæ цæ ссыгтæ æ рызгъордтой йæ рустыл. Куыд ын зæ гъа, сæ хъугыл кæ й хъуыдытæ кодта, уый?.. Æ мæ ма бирæ цыдæ р зæ гъинæ гтæ ис йæ чысыл зæ рдæ йы.

— Ма ку, цом къласмæ, — директор уыди фæ лмæ нзæ рдæ адæ ймаг царды, йæ куысты та — карз, куыстдомаг. — Ма ку, æ з дын... — Фæ хъус иуцасдæ р. — Скъола дын батинкæ тæ ратдзæ н.

Къласы дуар байгом кодта, разæ й бахизын кодта Иветæ йы. Чызг нæ ма бакъахдзæ ф кодта, афтæ фæ хъæ р кæ нынмæ хъавыд Нинæ. Фæ лæ йæ дзырд æ мбисыл аныхъуырдта, директоры ауынгæ йæ:

— Бахатыр кæ нут, — йæ сæ ры фезмæ лдæ й æ мæ къухæ й ацамыдта Дзамбег скъоладзаутæ н. — Бадгæ скæ нут. — Иветæ йы бакодта йæ бынатмæ. — Сбад. Нинæ, урокты фæ стæ æ нæ мæ н фенгæ ма ацу.

Дуармæ куы фæ раст, уæ д та скъоладзаутæ æ нæ сыпп, æ нæ стыфæ й фестадысты.

Дзамбег сын йæ сæ рæ й салам радта æ мæ ацыд.

***

Иветæ хъуджы бакодта сæ къæ сæ ртæ м. Хъуг не ’мбæ рста, цы ми кæ нынмæ йын хъавынц, уый. Кæ рты дзæ бæ х бацыд, фæ лæ къæ лидормæ схизæ ны дзыхълæ уд фæ кодта. Сывæ ллæ ттæ æ нхъæ л уыдысты, стыр разæ нгардæ й згъордзæ н хъарм бынатмæ. Сæ хид акалд, гъæ -æ ст, зæ гъгæ, кæ нынц.

Не змæ лы хъуг. Хæ рæ г былыл йæ къæ хтæ куыд ныссадза, афтæ хæ лиу ныллæ ууыд.

— Аслан, ды ма йæ йæ сæ рбосæ й размæ иваз, Розæ, ды йын нартхоры æ фсир дар йæ тæ ккæ дзыхмæ. Нада, ды йæ м лæ дзæ гæ й æ взид. Æ з та йыл фæ сте размæ хæ цдзынæ н!.. Гъæ йдæ, — сдзырдта Иветæ, — йæ хæ дæ г дыууæ къухæ й хъуджы синтыл размæ ахæ цыд.

Стур йæ хи нартхормæ байвазы, фæ лæ йæ къах размæ нæ авæ ры. Бирæ фæ тухиты фæ стæ фезмæ лыдысты йæ къæ хтæ, цыма истæ мæ й фæ тарст, афтæ згъорæ гау бакодта агъуыстмæ, йæ сæ р ныллæ г æ руагъта, чындз хæ дзармæ йæ сæ рæ й кувгæ куы бацæ уы, уый хуызæ н. Йæ дынджыр цæ стытæ ахаста агъуысты дзаумæ ттыл. Сывæ ллæ ттæ цинæ й мардысты. Иветæ йæ бабаста, дуармæ хæ стæ гдæ р цы сынтæ г æ вæ рд уыди, уый къухыл.

Хъуджы тыххæ й сæ цырагъ æ хсæ в-бонмæ судзгæ фæ кæ ны. Пенси исынмæ сæ фæ тæ ген куы аххæ ссид. Чызг абырыд хуыссæ ны. Йæ уазал къæ хтæ сывæ ллæ ттæ й кæ уыл андзæ вынц, уый, йæ фынæ йæ нæ райхъал уæ вгæ йæ, йæ хи аиуварс кæ ны.

«Æ з сын сæ уазал къæ хтæ мæ гуыбыныл фæ хъарм кæ нын, ныр сæ м ничи кæ сы», — хъыгзæ рдæ йæ ахъуыды кодта чызг. Йæ къæ хтæ хуыссæ ны кæ ронмæ нылхъывта. Хуыссæ г цæ стытæ м хæ стæ г нæ цæ уы. Хъуг сынæ р цæ гъды, къæ лидоры цы хъæ ллæ гъ æ вæ рд и, уый мыстæ й байдзаг. Сæ цъыс-цъыс æ мæ сæ хыртт-хыртмæ хуыссæ г кæ й ахсы. Иветæ куыд фæ цæ йфынæ й кодта, афтæ та хъуджы сæ х-сæ х ссыд. Стонг сырд холыйыл йæ хи куыд ныццæ ва, афтæ бедрамæ фæ лæ бурдта æ мæ йæ м æ й бадардта. Бедра йæ былтæ й акалд.

— Худинаг дын нæ у — уайдзæ ф кæ ны стурæ н. — Цас дон акалыс нæ хæ дзары къуымы. Акæ с-ма, амоны фæ сдуармæ, сынтæ джы бынтæ м, къуымтæ м. — Уыныс, донбылы ихау нæ хæ дзары дæ дон куыд ныйих.

Хъуг, йæ дынджыр цæ стыхаутæ тъæ птъæ пгæ нгæ, комкоммæ каст чызгмæ, цыма йын афтæ зæ гъынмæ хъавыд! Хорз бæ ргæ нæ у, фæ лæ уе ’вадаты æ з цы аххосджын дæ н. Арф ныуулæ фыд стур æ мæ сынæ р цæ гъдын райдыдта.

Хъуджы футтытæ м фехъал Нада.

— Иве, сыстадтæ?

— Æ з хуысгæ дæ р нæ ма скодтон.

Фаризæ ты уасæ г ныууасыд. Иветæ ма иу хатт йæ къухтæ æ рхаста пецы сæ р хус кæ нынмæ тыд хуылыдз пысултыл, бацыд йæ хуыссæ нмæ. Йæ уазал къæ хтæ й сывæ ллæ тты хъахъхъæ нгæ та ныттымбыл хуыссæ ны къуымы. Уайтагъд æ й куырм лæ г йæ хъæ бысы атыхта æ мæ йæ ахаста хъæ дмæ тæ рс бæ ласы сæ рмæ.

***

Иветæ ацы бон скъолайы бафæ стиат. Сæ кълас Ног азмæ цæ ттæ кодта газет. Тынг рæ сугъд фæ лгонцгонд рауад. Се ’мкъласон Аркади аив сфæ лыста зымæ гон нывтæ й Ног азы газет.

Зæ рдæ рухсæ й рацыдысты скъолайæ, фæ ссихор чи ахуыр кæ ны, уыдонæ н фæ ндзæ м хатт дзæ нгæ рæ г куы ныццагъта, уæ д.

Уыди уазал зымæ гон изæ р. Фыруазалæ й Урсдоны доны былтæ урс мигъæ й нæ зындысты. Фындзы фæ рстæ -иу кæ рæ дзиуыл андæ гъдысты, мит къæ хты бын къæ с-къæ с кодта. Иветæ сæ сыхы уынгты куы фæ цæ йцыд, уæ д федта, хæ дзæ ртты тохынатæ й фæ здæ г кæ й цæ уы. Фæ здæ г æ мраст слæ ууыд хæ рдмæ цæ джындзау. Бахæ лæ г кодта, арт кæ й хæ дзары ис, уыдонмæ. «Арт! Сугæ й арт, хъæ ллæ гъæ й нæ фæ лæ. Хуыцаубон хъæ дмæ ацæ уын хъæ уы, мамæ мæ та Аслан æ мæ Надайы арвитдзæ н» — хъуыдытæ кæ ны хинымæ р, афтæ мæ й бахызт сæ кæ ртмæ. Куыддæ р схызт къæ лидормæ, афтæ раст уыцы цъусдуг сæ пъадвалæ й йæ сæ р сдардта сæ хъæ уы милицæ йы хайады кусæ г Валодя.

— А-а, — зæ гъгæ, ма фæ кодта Иветæ æ мæ ахауд.

Валодя чызджы йæ хъæ бысмæ фелвæ ста, хæ дзары дуар йæ къахæ й бакодта.

— Кæ м стут? — бадзырдта мидæ мæ. Агъуысты дуар куы байгом, уæ д «фу», зæ гъгæ, йæ сæ р сусæ ны бæ хау ныттылдта. Ауыдта хъуджы сынтæ гмæ бастæ й. Сывæ ллæ ттæ цъыгъгъуытт кæ нынц агъуысты мидæ г, цыма раст донбыл ихыл бырынц, уыйау, хæ дзары зæ ххыл егъау ихы салд къуыбыртæ -къуыбыртæ й уыди. Сабитæ сæ хойы милиционеры хъæ бысы дыдагъæ й куы ауыдтой, уæ д æ мхуызонæ й нырдиаг кодтой.

— Ма кæ ут, — сдзырдта Валодя. — Ныртæ ккæ!.. Ныртæ ккæ адзæ бæ х уыдзæ н.

Æ рæ вæ рдта чызджы сынтæ гыл.

— Дон! — йæ дзыхы йын ныффу кодта, йæ къухтæ йын фæ йнæ рдæ м аивæ зта, дон ыл бакалдта. Иветæ ракаст.

— Гæ н... никуыуал...

— Ма тæ рс, ма тæ рс, — фыркатайæ ма цы акодтаид, уый нал зыдта Валодя.

— Ахæ стоны мæ нæ бакæ ндзынæ?.. — Ахæ стоны... — райхъуысти та Иветæ йы æ нæ бон хъæ лæ с.

— Цæ й ахæ стоны кой кæ ныс?! Амæ й ма уæ ахæ стондæ р фæ нды!.. Цæ ттæ ахæ стоны куы стут, — рæ вдауæ н ныхасыл архайы лæ ппу. Йæ зæ рдæ суынгæ г. Рауад кæ ртмæ. Уым йæ размæ фæ ци Фаризæ т.

— Гъы, федтай? Цас гæ н фæ давта... — цыдæ ртæ ма зæ гъынмæ хъавыд ус, фæ лæ йæ м лæ ппу кæ сгæ дæ р нæ фæ кодта. Ралыгъд уынгмæ, ныхъхъæ р кодта:

— Фæ дис!.. Фæ дис, хорз адæ м!..

Уайтагъд адæ мæ й уынг айдзаг.

— Цы ’рцыд? Цы хабар у?!

— Цы уыди?!

Фарстой милиционеры. Уый сын ацамыдта Залихантæ м.

— Цыдæ р сыл æ рцыд, æ нхъæ лдæ н!..

Адæ м баивылдысты, йæ зæ ххыл хъуджы мизынцъаг кæ мæ н их кодта, уыцы хæ дзармæ...

— Мæ бон куыд бакалд! — йæ химæ фæ лæ бурдта Дуне.

— Мæ нæ цы диссаг ис?.. — йæ зæ нгтæ æ рцавта Маша.

— Искуы ма уый æ рцыд — хъуг æ мæ сабитæ иу агъуысты?.. — хъарæ ггæ нæ гау загъта Любæ.

— Уымæ й æ з сымах бафæ рсинаг дæ н, сымах, хорз сыхбæ стæ! — мæ стыйæ загъта Валодя.

— Уыдон хорз сты, алцыдæ р нын фæ дæ ттынц, — загъта Иветæ.

— Тагъд хъуджы — нæ бæ хдонмæ, — сдзырдта Дуне йæ фырт Гамболмæ. — Арт дæ р, хъусыс?

— Хъусын.

— Ницы сын базыдтон, — загъта хи растгæ нгæ йæ Маша... Æ ндæ р уыцы хъуджы къах ам нæ уыдаид.

— Ныр цымæ йæ домбай фæ рстæ цæ уылнæ атоны сæ бæ рзонд фыд... — доны разылдта йæ цæ стытæ Дуне.

Иу чысыл рæ стæ джы фæ стæ Любæ фездæ хт Валодямæ.

— Раст зæ гъыс. Мах нæ хи нæ раст кæ нæ м, фæ лæ ма нæ м æ ркæ с, — амоны йæ къæ хты хуылыдзмæ. — Бон-изæ рмæ уæ лих, уæ лмит нартхор тонæ м. Хорз, мах сæ нæ бафиппайдтам, аххосджын стæ м. Фæ лæ сымах цы ми кæ нут, сымах? Ацы хæ дзары ацы сывæ ллæ тты фыды фыдæ бон, хъиамæ т бирæ ис. Радих кæ нут кæ рт. Хицæ н дуар сын скæ нут! Скъæ т кæ м скæ ной, ахæ м зæ ххы гæ баз сын раттут. Мах æ ппæ т сыхæ й дæ р æ хсæ в дæ р не схуысдзыстæ м, дыууæ бонмæ скъæ т ацæ ттæ кæ ндзыстæ м.

— Уыдзæ н! — фидарæ й загъта Валодя.

— Цал æ мæ цал хатты æ рбацыдысты хъæ усоветы хицауад æ мæ мур дæ р ницы сарæ зтой, — загъта тызмæ гæ й Маша.

Дунейæ н йæ хъуыр ныхгæ дта кæ уындзæ г æ мæ хæ къуырццæ й, йæ бон ницы дзурын уыд. Йæ фырт сугты хъæ бысыдзагимæ куы æ рбацыд, уæ д æ м сдзырдта:

— Хæ ринаг...

Лæ ппу та азгъордта фæ стæ мæ.

Валодя сбадт æ мæ ныффыста йæ боныджы: «Кæ рт. Тæ ккæ райсом — галуæ рдон суг. Исты æ ххуыс... »

— Дæ хорзæ хæ й, цы Хуыцау дæ æ рбахаста ардæ м, куыд æ рбарæ дыдтæ ацы мæ гуыр хæ дзармæ? — дисæ й йæ фæ рсынц устытæ.

Лæ г ницы дзуры. Фыссы.

— Иветæ, кæ м уыди, цæ мæ æ рбацыд? — аивæ й фæ рсы чызджы Любæ.

— Пъадвалы... гæ н.:.

— У, цъаммар!..

— Ус-бирæ гъ... — йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с ссыд Машайæ н. — Бахъаст кодта, нæ?..

— Гъæ, налат, налат, Тамбийы фæ ллойæ кæ й бахордта, уый йын рондз фестæ д, рондз!

— Урскъах бæ хæ й йын фæ хæ тæ д мæ рдты.

Хæ дзар барæ вдзытæ кодтой Дуне æ мæ Любæ йы чызджытæ. Гамболы артмæ их тайын райдыдта, къæ пийы фындзæ й йæ къахтой, бедраты йæ хастой уынгмæ...

Валодя йæ боныджы цы ныффыста, уыдон, кæ рты хъуыддагæ й фæ стæ мæ, баххæ ст кодта... Хъæ дгæ сæ н билеты аргъ систа йæ дзыппæ й. Хорз суджы уæ рдон сын æ рласта колхозы хуыздæ р хъæ ддзау.

Арыпханты бæ хдоны (афтæ хоны Нену се скъæ т, æ мæ йæ æ ппæ т бинонтæ дæ р афтæ хонынц) Залиханы хъуг йе ’муд æ рцыд. Холлаг дæ р ын æ вæ рынц, сыгъдæ г дæ р æ й кæ нынц сæ хæ дæ г.

Сыгъд сирвæ зынæ й тæ ссаг у, зæ гъгæ, сыхы сывæ ллæ ттæ, Иветæ ты тыргътæ й хъæ ллæ гъ ахастой Ненутæ м. Къæ лидор суæ гъд ис. Иветæ йæ рахсадта. Кæ д тæ вд донæ й æ хсадта, уæ ддæ р-иу дон асалд фæ йнæ джытыл.

Комахсæ нты иу хъызт бон рынчындонæ й Залихан ссыд сæ химæ. Сывæ ллæ ттæ м та хур бакаст. Ныр Иветæ йы Хуыцаубоны февдæ лы хъæ дмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.