Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыууæ армыдзаджы



... Дыууæ цъынайы сæ рæ й, æ мбæ рцуагæ й, сагæ йттæ й æ ппæ рстой мæ нæ унайгæ нæ н молотилкæ йы дзыхмæ куыристæ сылгоймæ гтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ. Цъынаты сæ рæ й куы зарын райхъуысы, куы кæ уын, куы — кæ уын, куы — зарын... Уыцы адæ ймаджы зæ рдæ йы æ нкъарæ нтæ кæ рæ дзийы куыд ивтой, уый фæ ткмæ бæ стондæ р тахтысты куыристæ. Молотилкæ та куыристæ йæ уæ йыг гуыбыны фыхта æ мæ, иуырдæ м уаггонд сыгæ й уагъта сыгъзæ рин мæ нæ у, иннæ рдæ м та калдта цыллæ хуыз хъæ мп. Хъæ мпы лæ вæ рæ н æ рбатухынц бæ ндæ нæ й, афтауынц æ й бæ хмæ, Тран, зæ гъгæ. Транæ н хæ сты быдыры, бæ хджын æ фсады рæ нхъыты знагимæ хæ цгæ йæ фæ цæ ф йæ рахиз фæ стаг къах. Уый тыххæ й къах донмарæ н къодахау ныцци йæ уæ раджы сæ рæ й фадхъулмæ. Ныууоцани и, ныууæ збын. Æ ндæ р куыд дзурынц, афтæ мæ й сираг бæ х уыд. Гъемæ æ мгуыст кодтой хъаруджындæ р лæ ппутæ æ мæ чызджытæ.

Иу бон лæ гтæ æ мæ хъомылдæ р лæ ппутæ ацыдысты хохмæ хосгæ рдынмæ. Тран та сын æ хсæ руисæ й быд чъибиткæ ласта бричкæ йы. Уыцы изæ р бригадир Бело мæ нæ у найгæ нæ н мусы афтæ зæ гъы:

— Бæ х хохы уыгæ рдæ нты ис. Йæ бæ сты хъæ мп чи ласа, уыдонæ н ратдзынæ н дыууæ армыдзаджы мæ нæ у зыгуымимæ.

Сывæ ллæ ттæ кæ рæ дзимæ бакастысты, се ’хсæ н хъаруджындæ ртæ й кæ й ничи ис, уымæ й сæ уæ нг асаст. Фæ лæ, дыууæ армыдзаджы, дыууæ армыдзаджы, уый царды хос у, уæ лдайдæ р дыууадæ саздзыд Иветæ йæ н. Æ рлæ ууыд уый фыццаджыдæ р сираг бæ хы бæ сты. Бæ ндæ н æ фсондзæ й æ рынцад йæ къæ схуыр бæ рзæ йыл, ацыд дæ лæ рмтты, йæ фæ сонтыл баиу сты бæ ндæ ны кæ рæ ттæ ставд æ лхынцъæ й. Уыцы æ лхынцъмæ фидаргонд æ рцыд дыккаг бæ ндæ ны иу кæ рон, иннæ кæ рон та æ рбатухы æ мæ абæ тты молотилкæ йы комæ й кæ лгæ хъæ мпы лæ вæ рæ н...

Афтæ ифтыгъд æ рцыд бæ хы бынаты фыццæ гтæ й Иветæ. Стырзæ рдæ йæ ахæ цыд... æ нхъæ л уыди, зымæ гон хъæ дæ й сыфцæ й суг ласæ гау у... Фæ лæ уый уыди æ нцондæ р, фыццаджыдæ р уымæ н, æ мæ бæ ласы цонг калдта уыйас, цæ йас афæ раздзæ н, найгæ нæ н машинæ та сабийы хъарумæ нæ кæ сы, дыккагæ й та митнад фæ ндагыл æ нцонæ й быры хъæ ды лыггаг. Хъæ мп та сау зæ ххыл ласгæ у, молотилкæ йы дзыхы раз цас сæ мбырд уа, уыйас уаргъ. Ахæ цыд та, йæ зæ рдæ йы уидæ гтæ фæ ндыры тæ нтау куыд аивæ зтысты, уый банкъардта. Тыххæ стæ й цæ сгом тугæ й айдзаг, хурхы уадындзтæ, риугуыдыр, дæ лæ рмттæ, уæ хсчытæ, суанг зæ нгты хæ цъæ фты онг — адæ нгæ л сты, афтæ мæ й фæ ласы хъæ мпы уыгæ с... Ныридæ гæ н æ й царды уадтымыгъ æ ппæ рста иу зын куыстæ й иннæ мæ, æ мæ -иу æ м афтæ каст, фидæ ны амæ й хъизæ мардæ р кусинаг нал бавзардзæ н... Зæ нгтæ донзоныг кодтой æ ххормаг æ мæ фæ лладæ й, фæ лæ йын дыууæ армыдзаджы ратдзысты. Уыцы ныфс ын лæ вæ рдта хъару, æ мæ та-иу фестад. Йæ къухтæ й йæ фæ стæ ныттынг бæ ндæ ныл куыд тыхджындæ р фæ хæ цы, уыйас бæ ндæ ны æ лвæ ст бæ рзæ йыл кæ ны рогдæ р. Фæ лæ -иу къухтæ афæ лладысты æ мæ та-иу бæ ндæ н гæ ркъайау æ лвæ ста бæ рзæ й, уæ хсчытæ, дæ лæ рмттæ... Йæ цæ стытæ й цæ хæ ртæ калгæ ласта йæ уаргъ, хохыйас хъæ мпы рæ гътæ кæ м амайынц, уырдæ м. Хъæ мпы рæ гътæ фæ амайынц, зæ хх мæ гуырдæ р, кæ ннод хуырджындæ р кæ м вæ ййы, уымыты. Дыууæ армыдзаджы! Дымгæ мæ йæ сдардзæ н, цанæ бæ рæ г зыгуым дзы уыдзæ н, уæ ддæ р æ й дымгæ мæ дарын хъæ удзæ н. Чи ма дзы баззайа, уый къухæ йзилгæ куыройгонды басдзæ н. Мæ нæ уы ссадæ й цымгæ хæ рзад у. Адæ м ахæ м цымгæ æ хсыры фыцынц, нæ лхæ йы къæ ртт дæ р ма дзы ныппарынц аджы. Фæ лæ уыдон фыдсыл Фаризæ ты ахсты сты. Ахст сты, фæ лæ сæ ничи æ мбары æ мæ сæ фынц. Фæ лæ уу, куы сыстыр уа, уæ д далæ Чырыстонхъæ уы хицæ уттæ н цы хъæ уа, уый бакæ ндзæ н. Афтæ хъуыдытæ кæ нгæ та ласы хъæ мп. Ласæ н фæ ндаг куыд дзыхъхъыгæ -мыхъхъытæ у, афтæ «уыгæ стæ » дæ р денджызы уылæ нтау бырынц, куы уæ збындæ р, куы та рæ вдздæ р...

Цымгæ йæ уæ лдай ма дзы бæ гуы аззайдзæ н æ мæ ма дзы, чи зоны, лауаси дæ р рауайа. Ай-ай дзы рауайдзæ н. Белойæ н стыр къухтæ ис, стæ й зоны куыд фыртыхст уавæ ры цæ рынц æ нæ карк, æ нæ хъуг, сæ цæ хæ радон дæ р сын байста Фаризæ т, æ мæ сын хъæ уы фæ сте радтой, иуæ й йын йæ иу æ ртыккаг хай йæ дæ ргъкаубийæ ггаг хæ ры сæ сыхаг, иннæ мæ й та йæ м хуытæ баирвæ зынц. Уый зоны Бело æ мæ йын фылдæ р ратдзæ н... Йæ цыд нæ фæ къуылымпы кæ нгæ йæ йæ химæ æ ркаст — йæ роны цал армыдзаджы бацæ удзæ н, уый базоныны охыл.

Æ нæ уый дæ р фылдæ р ратдзæ н, молотилкæ æ нæ къуылымпыйæ куы кусы, бæ х хъæ мп кæ й нæ ласы, уый йæ куыстыл куы нæ зыны, хæ ргæ та цас кæ ны бæ х?.. Афтæ хъуыды кодта, иу дзыхъсхæ цæ ны куы схæ цыд йæ ласинагыл æ мæ та дæ лгоммæ куы бахауд, уæ д дæ р, фæ лæ дыууæ армыдзагæ й фылдæ р кæ й ратдзысты, бæ зджын цымгæ кæ й сфыцдзæ н йæ рынчын мад æ мæ йæ чысыл хотæ æ мæ æ фсымæ рæ н, чи зоны æ мæ ма дзы лауаси дæ р рауайа, суанг ма ногфых дзулы тæ ф, Фаризæ ттæ й ахæ м тæ ф фæ кæ лы, йæ фындзыл ауад. Цал æ мæ цал хатты сывæ ллæ ттæ батымбыл вæ ййынц сæ къæ лидоры къулрæ бын Фаризæ тты ’рдыгæ й, æ мæ кæ д йæ хицæ н дæ р йæ комыдæ тгæ æ руайынц æ мæ иттæ г хорз фæ зоны хабар, уæ ддæ р сæ афæ рсы, «цæ мæ н лæ уут? » «Нанатæ й дзулы тæ ф цæ уы... дзыккайы тæ ф цæ уы... чъирийы тæ ф цæ уы... »

Лауаси кæ й хæ рдзысты, уыцы ныфс æ й фестын кодта. Бæ ндæ н та йын удисыны æ лвæ ст акодта йæ бæ рзæ й, уæ хсчытæ... æ мæ ацы хатт йæ цæ ссыгтæ æ ркалдысты. Æ рлæ ууыд. Къæ мдзæ стыгæ й кæ сы йæ ныхмæ æ рцæ йцæ уæ г, йе ’мбал хъæ мпласæ г Цæ рукъаты Индрисмæ, фефсæ рмы.

— Иветæ, аулæ ф, нырма мах дæ у æ ййафынмæ фæ йнæ дыууæ хатты хъæ уы. — Æ хцон улæ фт скодта Индрисы ныхасы фæ стæ. Акаст размæ. Иу-ссæ дз, фондз æ мæ ссæ дз сардзинæ й æ ндæ р æ й нал хъæ уы хъæ мпкалæ нмæ. Æ рбадт. Хъæ мпкалæ нæ й рагъ амайджыты зарын хъуыст хъæ лдзæ гæ й. Хъуысыд зæ ронд лæ гты бæ зджын хъæ лæ стæ, чызджыты æ мæ лæ ппуты зæ лланг хъæ лæ стæ. Уæ д уæ ллæ гтæ цъынайы сæ рæ й бахъырнынц дæ ллæ гтæ н — хъæ мпæ ппарджытæ н. Уыцы аив зарын Иветæ йы зæ рдыл лæ ууын кодта хъæ ды алымыггаг мæ ргъты зарды симфони. Хъæ мпы цъынаамайджыты змæ лд арвы тыгъдады зынди æ нæ нцой денджызау. Сагæ йтты хъæ дтæ бæ лвырд кæ й нæ зындысты, уымæ гæ сгæ афтæ зынди, цыма хъæ мпы лæ вæ рæ нтæ, денджызы уылæ нтау, сæ хæ дæ г схъиуынц рагъы сæ рмæ. Денджызы бон куыд нæ у уылæ ны ныв йæ айдæ н уæ лцъарыл аныхасын, раст афтæ арвы бон дæ р нæ у, бæ ргæ йæ фæ ндыд хъæ мпы лæ вæ рæ н рацахсын, йæ тар хъæ дабæ риуыл æ й ныттæ лмæ н кæ нын сыгъзæ рин риуæ гънæ гау, фæ лæ, уый дæ р денджызау нæ сарæ хсы æ мæ уæ д, йæ рухсы сыгæ й арæ вдауы лæ вæ рæ н. Уый дæ р зоны салам дæ ттын — йæ зæ ххон рухсы тæ мæ н фехсы арвмæ. Хъæ мпы лæ вæ рæ ны цыллæ хуыз рухсы тынтæ м сæ мидбыл бахудынц арв, мæ й æ мæ стъалытæ æ мæ мæ йрухс æ хсæ в ноджы тынгдæ р ныййирд вæ ййы. Иветæ фæ каст хъæ мпамайджытæ м æ мæ йæ мидбылты бахудт, цъына куыд йæ асы цыд, афтæ зæ рдыл лæ ууын кодта, цыма поезд тъунелæ й рабыры. Фестад. Ахæ цыд. Бацудыдта. Хауæ н нæ й, уæ дæ сындæ ггæ нæ н дæ р.

— Улæ фыдаис уал, — уæ гъд бæ ндæ н йæ фæ стæ ласгæ йæ м дзуры сæ хи Æ хсарбег.

Цъынаты сæ р зарын æ мæ архайд, молотилкæ йы гуыр-гуыр, хъæ мпы хæ лтгы хылы-мылы змæ лд найгæ нæ ны дзыхæ й, мæ нæ у згъæ лыны уынæ р, хъæ мпы рагъ амайджыты зарыны айзæ лд... уыцы нывтæ Иветæ йы цæ стæ нгасæ й нæ ирвæ зтысты, кæ д фырфæ лладæ й йæ цæ стыгæ тартæ кодтой, уæ ддæ р. Уыны æ мбисонды ныв: сагæ йтгæ арвыл æ ппæ рстой къæ лæ ттæ, скæ сæ нæ й йæ цалхыдзаг сцæ йбыргæ мæ йыл иу къæ лæ ттæ æ д куыристæ, иннæ къæ лæ ттæ та уæ гъд сагæ йттæ сæ сыгтимæ. Уыцы къæ лæ ттæ афтæ рæ вдз ивтой кæ рæ дзийы æ мæ Иветæ йы æ рфæ ндыд къæ лæ ттæ мæ йы куы феппариккой, бæ стæ куы аталынг уаид æ мæ... куы афынæ й уаид...

Фæ лæ мæ й куыд ныфсхастдæ рæ й бырыд стъалыты æ хсæ нты, йæ хицæ н фæ ндаг лæ гæ рдгæ арвы тыгъдады бæ рзонддæ р, афтæ бæ стæ рухсæ й-рухсдæ р кодта, найгæ нинаг дыууæ цъынайы та, цыма йæ рухсæ й сæ хи æ мбæ хстой æ мæ сæ зæ хх йæ химæ æ лвæ ста, афтæ ныллæ гæ й-ныллæ гдæ р кодтой, уыйхыгъд хъæ мпыкалæ ны та, тъунелы цæ уæ г поезд тъунелы кæ роны боны рухс фенгæ йæ йæ цыд куыд фæ тагъддæ р кæ ны, раст афтæ хъæ мпы рагъ æ взæ рд арвы четæ ныл егъауæ й-егъаудæ рæ й...

Иу гуыргъахъ схæ цæ ны йæ тых, йæ бонæ й куыд схæ цыд, уыцы уысмы йæ м йæ хæ мхуттæ бадардта бирæ гъы йас куыдз. Ныхъхъæ р кодта. Йæ хицау — Белойы фырт — куыдзы рацахста йæ иу къухæ й, иннæ йæ та Иветæ йæ н феххуыс кодта. Ахæ цыд йæ уаргъыл, амондджын лæ ппу та атындзыдта: «Дзыццайæ н лæ ппу райгуырд! » — ныййазæ лыд йæ хъæ р куыстдзагъд æ хсæ вон быдыры. Лæ ппу райгуырды æ хсызгон тауыс хъуыст: хъæ мпæ ппарæ ны, хъæ мпы рагъæ й, найгæ нæ н мусæ й... Фæ лæ чызг, ницы уæ лдай хъæ лдзæ гдзинад банкъардта, нæ дæ р хъæ мпкалæ ны, нæ дæ р фæ ндагыл, нæ дæ р мусы...

Хæ рзæ ггурæ ггаг арфæ тæ лæ ппу райгуырды фæ дыл згъæ лдысты бригадирыл, æ мæ ныкъкъæ мдзæ стыг. Цъынаты сæ рæ й йæ м хъазгæ æ мхасæ н дзырдæ ппарæ н кодтой сылгоймæ гтæ æ мæ бынтон ныфсæ рмы. Адзæ дзеты Ким йæ хъæ мпы уаргъ абæ ттынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ м цъынайы сæ рæ й Олгæ дзуры худгæ йæ:

— Мæ бæ сты ма Белойæ н йæ хъустæ сиваз.

Лæ ппу цыма хъусгæ дæ р нæ фæ кодта, афтæ ахæ цыд йæ ласинагыл. Чи уæ нды?

— Дæ амонд бахæ р, — дзуры Маша, — бынмæ хизынмæ зивæ г кæ нын, æ ндæ р дын дæ хъустæ къуыбырхъустау акæ нин. — Ныххудтысты.

— Цы хъал стæ м, Уæ лладжырæ й кæ хц кæ мæ æ рфистæ г уыдзæ н...

— Кæ хцгæ нæ нтæ аивгъуыдтой, — загъта Галла.

— Иннæ аз та нын кæ дæ м ирвæ зы, — бахудт Бесур.

Æ мæ та худынц...

Фæ лæ дын ох-ох! — бæ стæ фегуыппæ г. Уыцы иу уысмы фæ сыпп сты: худын, Беломæ хъазæ ндзырд æ ппарæ н, цин, мусы хъæ лдзæ г уынæ р, дыууæ цъынайы сæ р змæ лд...

Иветæ лæ ууыд Индрисы фæ стæ хъæ мп ласынмæ æ мæ йæ тæ ссаг сабырдзинад скæ сын кодта хæ рдмæ. Федта цъынайы сæ р цавддуртау кæ рæ дзимæ кæ сгæ сылгоймæ гты бызгъуыртæ дарæ сы, цыма фыццаг хатт федтой кæ рæ дзийы. Сæ фыдхуыз уæ нгтыл сæ пысултæ дзедзыкка кодтой, æ мæ сæ сæ къухты сагæ йттæ куынæ урæ дтаиккой рог дымгæ йæ, уæ д, æ вæ ццæ гæ н, ахаудаиккой. Афтæ йæ м фæ каст, цыма сылгоймæ гты сахлæ удмæ ма суанг мæ й дæ р бандзыг арвæ н йæ тæ ккæ цъуппыл дис каст кæ нгæ — цæ уыннæ уал ивынц кæ рæ дзийы арвы æ рдынтау къæ лæ ттæ? Цы ’рцыди?!

Куысты цырены нæ хатыс молотилкæ йы хъæ р. Фæ лæ ацы уысмы молотилкæ йы ривад уынæ ргъд уагъта зæ рдæ йы тасдзинад, раст фыдæ ртæ х къæ вдайы размæ уадфидиуæ гау, зæ лыдис æ хсæ вы къуылдымтæ æ мæ быдыры.

Сыфцæ й хъæ мпласæ г сывæ ллæ ттæ иу чысыл аулæ фыдысты. Сæ къоппæ й калгæ хид асæ рфынмæ рæ стæ г дæ р сын нæ вæ ййы. Уысмæ й-уысммæ -иу æ гъатырæ й æ мфæ тæ нæ й цæ сгом асæ рфтой, хидæ й чи ныхъхъæ бæ р, сæ уыцы дыстæ й. Сылгоймæ гтæ тылдтой сæ лыстæ гхъæ дджын бæ лдохуыз къухтæ, домдтой найгæ нæ н машинæ бауромын... Бригадир фæ сах, ахæ м хъуыддаг никуы федта, никуы фехъуыста, йæ хи кæ дæ й зоны, уæ дæ й, уæ вгæ скъолайы ахуыргæ нгæ йæ зоны «БУНТ». Фæ лæ, мæ нæ ныры рæ стæ джы? Ахæ м хабар æ рцæ уын æ нхъæ л та æ ппындæ р нæ уыд. Не ’мбары, цы кодтой сылгоймæ гтæ, æ ррайы хос бануæ зтой, æ ви?

Йæ тымбыл къухтæ хæ рдмæ тилгæ, бауайы куы иу Цъынайы размæ, куы — иннæ йы размæ. Æ мæ сæ хæ рдмæ фæ рсы, цы сыл æ рцыд, уымæ й.

Æ рдиаг кæ нынц... хъуыды дæ р æ й ничи кæ ны. Æ мæ уæ д æ рцыд йæ химæ Бело, æ мæ загъта хъæ рæ й.

— Кусгæ! Сансала бахордтат?!

Молотилкæ ривæ д хъæ р кæ ны. Æ мæ сын кустмæ бавналын æ нхъæ л куы уыди, уæ д сылгоймæ гтæ бавдæ лдысты æ мæ... æ рбадтысты...

— Нал кусæ м!..

— Дæ молотилкæ фыдæ згъæ лæ нтæ ныууæ д мах тæ ригъæ дæ й!.. Цъынаты сæ рæ й хъуысынц сылгоймæ гты мæ стæ лгъæ д ныхæ стæ. Боныцъæ хтæ никæ мæ н хатыр кæ нынц. Бело баурæ дта молотилкæ. Кæ й кæ м æ рцахста найгæ нæ н машинæ йы урæ д, уым æ рхауд: чи хъæ мпкалæ ны, чи цъынайы сæ рыл, чи молотилкæ йы раз хъæ мпыл... Цагъды мæ рдтау хуыссыдысты зæ рæ дтæ, сывæ ллæ ттæ æ мæ сылгоймæ гтæ.

Æ рмæ ст Иветæ йы улæ фынмæ не ’вдæ лы. Дзойдзойгæ нгæ лæ ууы йæ къæ хтыл. Сæ химæ цæ уын æ й хъæ уы. Йæ рынчын мад æ мæ йæ м йæ кæ стæ р мадызæ нæ гтæ æ нхъæ лмæ кæ сынц. Дыууæ армыдзаджы, æ мæ æ рмæ стдæ р дыууæ армыдзаджы, иунæ г нæ мыг уæ лдай дæ р нæ, ныккодта Бело æ д зыгуым мæ нæ у сывæ ллоны роны.

Цæ угæ -цæ уын-иу афынæ й, йæ къæ хтæ йæ фæ стæ ласгæ. Фæ ндаг æ й раст тракторты калонæ йы размæ куы бахаста, уæ д хуры тынтæ сæ мбæ лдысты урссæ р хæ хты цъуппытыл. Бæ ргæ афæ лдæ хид дæ лвæ ндаг, ногхуымгонд быдыры кæ рон, иу къахдзæ ф акæ нын дæ р йæ бон нал у. Фæ лæ, йæ хи æ руадзынмæ кæ м хъавыд, уырдыгæ й алидзæ гау кодта... стонг сты сæ химæ. Бæ зджын цымгæ кæ й сфыцдзæ н, йæ фæ рстæ, йæ гуыбыны цъар ын цы мæ нæ у хæ ры, уымæ й, уыцы æ хцон хъуыды йын лæ вæ рдта ныфс æ мæ хъару. Сæ ууон хур ын йæ цæ стытæ риссын кодта. Уымæ гæ сгæ йæ хъуыд цæ сты тъыфалтæ цæ стытыл æ руадзын æ мæ -иу уæ д цæ сты тъыфалтæ кæ рæ дзийыл андæ гъдысты. Уыцы цъусдуг-иу аныгъуылд, зæ гъæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м æ нцон, æ хсызгон малы, æ мæ -иу куы фæ хицæ н сты, уæ д та-иу æ й цыма исчи къахæ й сæ рмæ æ ндон селаты алхъывта, афтæ -иу йæ удисыныл ныллæ ууыд... Сæ ууон дымгæ йæ уæ д дзæ нæ ты цадæ й зындоны цадмæ раппар-баппар кодта. Æ нæ хуыссæ г æ мæ фæ лладæ й тæ фсæ гау зыр-зыр кодта, афтæ мæ й цыдис колхозы быдырæ й хъæ умæ. Йæ æ ппæ т буар донласт къодахау ныууæ ззау æ мæ йæ фæ стаг тыхтæ й, æ ппын фæ стаг, бахæ ццæ сæ хъæ умæ. Тæ рфы уæ лбыл зæ хгæ сы мусонг. Йæ размæ рацыд гæ с йæ фынæ йæ фсæ ст цæ стытæ тыппыр къухтæ й æ ууæ рдгæ. Бадис кодта чызджы æ дзæ стхиз уавæ рыл, ау, тæ фсæ гау ризгæ куы фæ цæ уынц колхозонтæ, уæ лдайдæ р сидзæ ргæ стæ æ мæ сæ сывæ ллæ ттæ, уæ д Тæ тæ тты чызг (афтæ хуыдтой Тамбийы), йæ фырсæ рæ н æ мæ куыстæ нтыстæ й куыд æ дзæ стхизæ й цæ уы? Уалынмæ йæ дондыппыр цæ стытæ æ рхæ цыдысты сабийы дымст роныл. Æ мæ йæ м ныу уырдыг:

— Ракал, дæ роны цы ис, уый!

Иветæ йæ æ ртыскæ нхуыз цæ нгтæ й йæ хи æ рбатыхта, баст куырисау зынди сабийы гуыр. Гæ с æ й райдыдта тилын йæ уæ хсчытæ й...

Бурлактæ наутæ доны бæ ндæ нæ й куыд ластой, раст афтæ дысон-бонмæ сыфцæ й хъæ мпы уæ ргътæ цы саби ласта, уыцы сывæ ллонмæ ма куыд разынд, йе стонг бинонты цымгæ йы къусы сæ рвæ лтау, стыр лæ гимæ карз тохы бацæ уын!

— Цæ мæ н давыс? Ахæ стонмæ дæ фæ нды? — гæ сы хъæ р азæ лыд сæ ууон быдыр æ мæ таджы къуылдымты.

Иветæ, фыр тас æ мæ ихæ нризæ й, йе ’взаг йæ комы нæ хатгæ йæ, дзырдта, æ хсæ в-бонмæ бæ хы бæ сты хъæ мпласæ гæ й кæ й куыстой æ мæ сын фæ йнæ дыууæ армыдзаджы бригадир йæ хæ дæ г радта.

Ныббогъ кодта гæ с, сывæ ллоны басæ ттын йæ бон кæ й нæ у, уый мæ стæ й ноджы:

— Æ з ахæ м приказ нæ фехъуыстон!!!

Æ мæ... гæ с фæ хæ цыд, тæ рхъусы къæ дзилыл фæ хæ цæ гау, чызджы фæ сонтыл йæ къабайы роны басты кæ роныл... саби йæ хи атоныны риуыгъд куы фæ кодта, уæ д роны къæ дзбастгонд феуæ гъд æ мæ...

Иветæ йы къæ хтæ м æ рызгъæ лд мæ нæ у... Хæ хтæ й сæ ууон дымгæ йын йæ зыгуым мигъы цъуппау аскъæ фта...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.