Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Сидзæрæн сывæллоны къухтæ нæй



Уыцы фæ ззæ г быдырон куыстытæ кæ й фæ рæ вдздæ р сты, уымæ гæ сгæ кусæ гкъухы раздæ р равдæ лд нартхор тонынмæ, сывæ ллæ ттæ, уæ лдайдæ р та, лæ ппутæ кæ й байрæ зыдысты, уый руаджы. Колхозы хъуыддæ гтæ ноджы хуыздæ р уаиккой, фæ лæ хæ стæ й чи ссыди, уыдон, лæ ппутæ й йæ асы чи бацыд, уыдон ацыдысты хохы Садоны шахтæ тæ м згъæ р къахынмæ, аннæ лæ ппутæ м та фæ сидтысты Æ фсадмæ — службæ мæ.

Зымæ г, 1947 аз. Цæ ст кæ уылты æ ххæ ссыди, хъæ дтæ, хæ хтæ, быдыртæ иууылдæ р уыдысты митæ й æ мбæ рзт. Æ нæ кæ рон, æ нæ тынд нартхоры быдыр дæ рддзæ фмæ зыны. Тымбылхъæ ды дзуары хъæ д, хъæ утæ Суадаг æ мæ Хæ тæ лдоны æ хсæ н лæ гъз быдыры тымбылæ й, фыррæ сугъд цæ стахадгæ уындимæ куыд æ рбындурон и, раст афтæ, урс быдыры нартхоры хуым зынди хъалмыхъхъаг цай æ хсыримæ хуызæ й. Ранæ й-рæ тты йыл цы миты хъæ пæ нтæ афæ стиат, уыдон та зындысты урс бæ лæ ттау.

Быдырдзауты митнад къахвæ ндаг бахаста нартхоры быдырмæ. Нартхоры сыфты рæ бынтæ, æ фсирты агъудтæ й зæ нджы æ хсæ нты цы миттæ атæ гæ р сты уазалы æ ндæ вдæ й, уыдон та ныр хæ стæ гмæ зындысты къуыртты бадæ г урс кæ рчытау.

Кæ д раздæ р райдыдтой нартхор тонын, кæ д кусæ гкъух фæ хъомысджындæ р, кæ д æ ртхъирæ ны мæ й йæ рады æ рлæ ууыд, уæ ддæ р, нартхоры хуымы, суанг Ходы хъæ уы зæ ххытæ м чи хæ ццæ кæ ны, уый кæ рон нæ ма зыны. Фыццаг райдайгæ йæ адæ ймаг бауигъы нартхоры зæ нг, йæ хæ дæ г дæ р æ рцæ гъды, цы миттæ йыл æ ркæ лы, уыдон. Фæ лæ, куысты цырены куы бацæ уы, уæ д ыл мит згъæ лы, дон тæ дзы, уый хъуыды дæ р нал фæ кæ ны. Зымæ гон бон та скаст æ мæ ныккастæ й æ ндæ р нæ у.

Быдырдзаутæ н сæ иуты къæ хтыл уыди керз цырыхъхъытæ, иннæ ты къæ хтыл та, ног чи фæ зынд, уыцы æ вирхъау цырыхъхъытæ, уазал — ихау, хъæ бæ р — фæ йнæ гау, «чобæ тæ » сæ хонынц. Фæ сал сæ нывæ рынц, æ мæ хъарм сты афтæ мæ й. Сылгоймæ гты сæ ртыл баст, егъау, фысы хъуынæ й хибыд, гарузтæ. Къуымбилæ й сыл хибыд ибкæ тæ дæ р. Фысы хъуынæ й гарузтæ æ мæ ибкæ ты мит нæ фæ стиат кæ ны. Се ’ппæ тыл дæ р телогрейкæ тæ...

Фæ лæ Иветæ йæ н йæ уæ лæ — йæ фыды телогрейкæ, йæ сæ рыл сау-урс чырынтæ тæ нæ г хъуымацæ й сæ рбæ ттæ н цыбыр хаутимæ, къубалбаст йæ фæ скъæ буты. Хъуымацæ й тæ нæ г ибкæ... Йæ къæ хтыл — хъуымацбæ мбæ гæ й йæ мады рæ тыд бынхуыйгæ къогъодзитæ къалостимæ. Къалостæ къахы уæ лфадмæ рæ хсæ нæ й цалдæ р басты. Иу хаттæ й иннæ хатмæ, нартхор тонгæ йæ, нæ фенкъары, йæ фæ дджитыл нартхоры сыфты æ мæ æ фсирты агъудты мит куыд афæ стиат вæ ййы, уый. Уымæ гæ сгæ хъуымац-къогъодзиты йæ къæ хтæ ихау уазал вæ ййынц.

Гъе, фæ лæ абон, æ ртхъирæ ны мæ йы дыккаг бон, йæ къæ хтæ сты хъарм æ мæ хус. Сæ сыхаг Любæ йын радта йæ чобæ тæ, фæ лмæ н фæ сал сæ нывæ рдта, афтæ мæ й.

Колхозонтæ уæ лмит, уæ лих цы нартхор тонынц, уымæ й сын сæ хæ дзæ рттæ м раттынц фæ йнæ армыдзаджы.

Иветæ бавдæ лд æ мæ бригадиры сусæ гæ й йæ чобæ ты хъусты ауагъта нартхоры нæ мыг, фæ йнæ армыдзаджы. Æ нæ уый дæ р æ й йæ уымæ л уæ лæ дарæ с ауазал кодта боны фæ уырдыджы уазалæ й æ мæ ма, ихы къæ рттау нартхоры нæ мгуытæ къæ хты хæ цъæ фтыл куы сæ мбæ лдысты, уæ д фырзынæ й йæ уд сцæ йхауд. Уыцы зынæ н бабыхсыди æ мæ æ нхъæ л уыд — йæ хъизæ мар ахицæ н, нæ мгуытæ чысыл куы ахъарм сты, уæ д ныййарц сты къæ хты бынмæ, фæ салы чи æ рбынатон, уыдон æ й афтæ нæ хъыгдардтой, фæ лæ фæ салы бынат кæ мæ н нал уыди, уыцы нæ мгуытæ къæ хты бынтæ аууæ рстой, аннæ тæ та къæ хты уæ лфæ дтæ й цырыхъыты хъусты æ хсæ н ныццæ хгæ рмæ сты.

Дыууæ нартхоры æ фсиры нæ мгуытæ — уый тынг бирæ нартхор у. Тæ ккæ изæ ры пецы къæ йыл стыр чугуны бавæ рдзæ н дзæ рна, айфыццаг хъæ дæ й голладжы цы æ рдæ г пъыра къодæ хтæ æ рхаста, уыдонæ й ма сæ м ис æ мæ, куы хуысса, уæ д уыцы къодæ хтæ й иу пецы баппардзæ н, æ мæ æ хсæ в-бонмæ дзæ рна йæ хицæ н сабыргай фыцдзæ н. Рагæ й сæ м нал уыди дзæ рна, донгуырæ ны куырæ йттæ, аргъауы бирæ гъы къæ дзил доны куы ныссалд, æ мæ тæ гæ л ихыл куыд бадт, раст афтæ куырæ йттæ сæ къубæ лттæ м ихы «бадтысты». Дзæ рнайæ н бирæ нартхор хъæ уы, хæ ргæ та дзы адæ ймаг бирæ кæ ны. Ныр сæ м уыдзæ н дзæ рна. Йæ хъуыдыйæ йæ зæ рдæ барухс, раст цыма бедрайы дзаг нартхор уыдзæ н... Фæ лæ иу ампъæ з[2] акæ нын дæ р йæ бон куы нæ у. Исдуг сæ хъавыд акалынмæ, фæ лæ йе стонг мад æ мæ йæ æ ртæ кæ стæ ры дзæ рнамæ куыд мондаг сты, уый йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд æ мæ стыр фыд зынтæ й рараст. Йæ афтид тæ скъ фæ ндаджы был бæ рæ г ран нывæ рдта. Нартхоры быдыр иугай урс фæ ндагмæ æ ппæ рста фыдфæ ллад æ мæ стад нартхортонджыты.

Иветæ дæ р тынг зынтæ й, йæ цыды уаг аразгæ йæ, мачи йыл фæ гуырысхо уа, зæ гъгæ, рараст фæ ндагмæ. Быдырдзаутæ кæ рæ дзимæ æ нхъæ лмæ гæ сгæ йæ хъазæ н ныхас кодтой æ мæ, æ ппынфæ стаг, иууылдæ р куы рацыдысты хуымæ й, уæ д араст сты. Иветæ дæ р сæ фæ стæ тыххæ й схæ ц-схæ цгæ нгæ бырыди. Ныхсынц къæ хты нартхоры нæ мгуытæ. Хуыцау бахизæ д, æ мæ йын йæ цыды уагыл фæ гуырысхо уой, уæ д дæ гуырæ й райгæ у... Фæ стейы аззайы æ мæ йæ м разæ й нартхортонджытæ й фæ стæ мæ уæ д иу радзуры «рæ вдздæ р! », уæ д иннæ. Фæ стагмæ йæ м хъуысын райдыдтой сæ тæ ригъæ ддаг ныхæ стæ: «Цырыхъхъытæ йын йæ къæ хтæ схауын кодтой, «Йæ къæ хтæ хъарм бæ ргæ сты, фæ лæ йæ тухæ нæ й амардтой... »

Иветæ мусонгмæ куы фæ цæ йхæ ццæ кодта, уæ д йæ æ ппæ т буары нуæ рттæ, æ рдынбосау ныттынг сты. Æ рлæ ууыд... Исдуг ахъавыд уæ ртæ уым, мусонджы, хицауады æ мæ бригады дæ сгай цæ стыты раз, канд йæ дзыппы нæ, фæ лæ йын йæ зæ рдæ какон сындзау чи рæ хойы, уыцы згъæ лст нартхор йæ цырыхъхъытæ й ракалын. Йæ былыл дæ ндагæ й хæ цгæ цæ уы мусонгмæ. Гæ ды бæ лас рог дымгæ мæ йæ æ гас уындæ й æ мзыр-зыр куыд кæ на, ахæ м хуызы æ рлæ ууыд хъæ дын къусы раз. Йæ телогрейкæ йы рахиз дзыппæ й нартхор калы къусмæ. Йæ уавæ р нæ аирвæ зт дружинникæ й æ мæ йæ куы афæ рсид:

— Тæ фсæ гæ й ризæ гау цы ризыс?

Чызджы уд йæ къæ хты бынæ й атæ ррæ ст ласта.

Галлæ йæ м фæ цырд:

— Нæ уыныс, басыди, йæ тыртыргæ нгæ ибкæ æ мæ хуырх фæ рсудзæ н сæ рбæ ттæ ны.

Иветæ йы былтæ кæ уыны тæ лфт систой.

Авери Иветæ мæ хæ стæ г балæ уыд æ мæ уый та «хицæ уттæ м» афтæ дзуры:

— Ацы гыццыл чызг тынг фыдæ бонджын у колхозы, æ дзухдæ р мемæ кусы æ мæ йын абон, ацы уазалы йæ дзыпп куынæ сафтид кодтаиккат, ноджы йыл абон сæ ххæ ст дыууадæ с азы...

— Абон! — Аверийы ныхас аскъæ фта дружинник. — Абон дыккæ гæ м февраль, æ з 1943-æ м азы 2-æ м февралы Сталинграды бынмæ фæ цæ ф дæ н, — йæ рахиз къухæ й йæ хъусджын худ фелвæ ста æ мæ йæ сæ ры тенкайы нос Аверимæ бадардта, — мæ сæ р фæ цæ ф, уым уазалы быдырон госпитæ лы мын скодтой операци, уыцы бон — 2-æ м фералы изæ рæ й...

Йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г, афтæ мæ й йæ хи иннæ рдæ м азылдта. Иууылдæ р æ дзæ мæ й исдуг аззадысты. Стæ й та Авери дзырдхъом фæ ци:

— Иветæ йы æ мгæ рттæ 1942 азы бацыдысты скъоламæ, ныр 5-æ м къласы ахуыр кæ нынц, уый та 3-æ мы, æ мæ дæ хи зæ рдæ де ’вдисæ н — скъолайы бирæ вæ ййы?

Фæ хъус, бамбæ рста, дружинник мусонджы разæ й дард кæ й ис йæ хъуыдыйы. Æ мæ, чи зоны, афтæ цас лæ ууыдаид, Иветæ йæ къухы æ ппæ т æ нгуылдзты цъуппæ й куы нæ бакъуырдтаид, уæ д.

Дружинник фесхъиудта, йæ худ йæ сæ рыл æ ркодта æ мæ къусæ й фелвæ ста йæ армыдзаг нартхоры нæ мыг æ мæ сæ Иветæ йы къухты æ ркалгæ йæ дисæ й сдзырдта:

— Кæ с-ма, ноджы йын цы стыр къухтæ ис.

Ацы хатт та йæ м Дуне фæ рæ вдз:

— Сидзæ рæ н сывæ ллоны къухтæ нæ й.

Дружинник, сылгоймаджы æ лхыскъ ныхас цыма нæ бамбæ рста, афтæ къусæ й йæ армыдзаг нартхор фелвæ ста æ мæ дзуры, сæ сæ рбæ ттæ нтыл æ мæ нæ лгоймæ гты рихитыл чырс кæ мæ н æ рбадт, уыцы адæ ммæ:

— Иветæ имæ иу бон, (æ з дыккаг хатт) кæ й райгуырдыстæ м, уый тыххæ й ма йын йе стыр къухты дзаг дæ ттын нартхор. — Дуне чызгæ н йæ галиу дзыппы сæ р раивæ зта æ мæ, къада куыройы кæ хцæ й æ ркæ лæ гау, Сталинград хъахъхъæ нæ джы къухтæ й, нызгъордтой нартхоры нæ мгуытæ Иветæ йы дзыпмæ.

Быдырдзаутæ йын раарфæ кодтой æ мæ таджы фæ уырдыг сты. Бригадир, зæ хгæ с æ мæ дружинник мусонгмæ сæ хи айстой. Дружинник йæ хицæ н дзурæ гау сдзырдта:

— Абон нартхоры тынд хъæ ллæ гъы куырис цымæ цæ уылнæ рахаста йе ’ккой?

Кæ й кой кодта, уый æ мбæ рст уыди йе ’мбал лæ гæ н æ мæ загъта:

— Йæ чобæ ты тыххæ й цæ уы...

Иветæ ныр бынтон фæ стейы аззад. Кæ д йæ алы акъахдзæ фыл дæ р æ дзæ стхиз хъæ рæ й хъæ рзыдта, уæ ддæ р йæ сæ ры арвæ рттывдау февзæ ры хъуыды, абон цы бирæ нартхор хæ ссы, ууыл. Куыддæ р сæ химæ йæ цырыхъхъытæ феппара, афтæ Любæ тæ й нартхорхойæ н фæ хт æ рбаскъæ фдзæ н æ мæ дзы нартхор хойдзæ н. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ нартхоры фæ хты хуылфмæ дон пырх кæ ндзæ н йæ цъар фæ хицæ н кæ ныны тыххæ й æ мæ та йæ хойдзæ н тымбыл ставд дзæ ккорæ й. Фæ хты хост дзæ рна тынг хæ рзад у, æ нæ уый дзæ рна — æ д цъар у, уый та — нартхорæ н йæ хæ рзад хъапп... Афтæ райгонд хъуыдытæ кæ нгæ, йæ цыд фæ рæ вдздæ р кодта æ мæ, фæ цæ йхауд. Хуыцау бахизæ д ахауынæ й, уæ д йæ дзыппыты нартхор миты бар бауыдзæ н...

Машаты кауыл хæ цгæ -хæ цын бахæ ццæ сæ химæ. Хæ дзæ ртты рудзгуытæ й рухс калди. Сæ агъуысты дуарæ й куыддæ р бахызти, афтæ сдзырдта:

— Мæ цырыхъхъытæ, — æ мæ æ рхауд...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.