Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хъæдуры гагатæ



Урсдоны дон куы раивылы, уæ д аргъауы уæ йыгæ й уæ лдай нæ у: раласы къала бæ лæ стæ, хъæ дтæ, пыхсытæ æ мæ лыстытæ. Тыхджын къæ вдатæ й раивылд ныр дæ р. Адæ м чысылæ й, стырæ й лæ ууыдысты йæ былгæ рæ тты æ мæ зæ рдæ рухсæ й кæ сынц уыцы æ рдзон рæ сугъддзинадмæ.

— Кæ сут-ма, цы бæ лас раласта!

— Уæ ртæ дыууæ хъæ ды кæ рæ дзийы куыд скъуырдтой!

— Дон йæ хицæ н рахизфæ рсты фæ ндаг куыд айгæ рста!

Хъуысыд алыхуызон æ ппæ лæ н ныхæ стæ сæ доны домбайдзинады фæ дыл.

Дыккаг бонмæ донæ н йæ тых басаст. Адæ м знон дæ р æ мбырд кодтой доны былты донласт сугтæ.

— Цомут, — дзуры Иветæ йæ хотæ æ мæ æ фсымæ рмæ, — мах дæ р исты къæ цæ лтæ æ рæ мбырд кæ нæ м. — Дысоны уазал картæ фтæ хæ цъилы тухгæ, — мамæ йы æ рцыдмæ æ рцæ ттæ кæ нæ м суг.

Рараст сты. Доны был адæ м æ мызмæ лд кæ нынц. Чи æ мбырд кæ ны, чи йæ уæ ныгыл сыфцæ й ласы дынджыр хъæ д, дон йæ хицæ н цы сакъадах сарæ зта, уырдыгæ й, чи цæ уы доны ныхмæ хæ рдмæ, сагойы сыггыл тæ скъ бакæ нгæ йæ. Ахсы кæ саг. Кæ мæ н та йæ ног ахст кæ сæ гты хал суанг зæ хмæ æ рхæ ццæ. Æ рбацæ уы дынджыр кæ сæ гты халимæ Хъамбол. Иветæ мæ дзы авæ рдта цыппар хуыдзыхы.

— Бузныг! — раарфæ кодта чызг æ мæ сæ хæ цъилы атыхта.

Доны былыл даргъ сугты æ мбырдтæ зындысты, гæ ны куыристæ й амад уыгæ стæ -уыгæ стау, чысыл сугты кæ ритæ та — хосгæ рсты хосы лæ вæ рæ нтау. Фæ скъæ вда хур касти йæ ирд цæ стæ й. Иветæ æ мбырд кодта, иннæ тæ та сæ иу ранмæ хастой. Уайтагъд сæ фæ стæ фæ зынд цалдæ р кæ рийы. Иветæ цинæ й марди донласт сугтыл, æ ппынфæ стаг, фæ рæ тæ й сæ уæ ддæ р нæ хъæ уы цæ гъдын.

— Иве, — даргъ хъил йæ фæ дыл ласгæ йæ дзуры Розæ. — Мæ нæ цы лæ гъз у, — йæ къух хъилыл æ руагъта. — Уый дæ р Габе слæ гъз кодта?

Розæ бафиппайдта, Габетæ й цы кусæ нгарз ракурынц, уымæ н йæ хъæ д куыд лæ гъз вæ ййы, уый.

— Уыцы хъилтæ н, хъæ дтæ æ мæ дуртыл йæ хи хойгæ йæ, сæ цъар астъыхст, — чызг ахъуыды кодта, чысыл хо цы хъил рæ вдыдта, уый хъæ дуры хъилæ н куыд хорз уыдаид, ууыл. — Аслан, дæ умæ дзурын. Мах иннæ азмæ æ рцæ ттæ кæ нын хъæ уы хъæ дуры хъил.

— Кæ м? — æ нæ рхъуыдыйæ афарста лæ ппу.

— Уæ лæ Скъæ тты комы, — ацамыдта чызг хъæ дмæ. — Йæ хуссар фахсыл тынг арæ х у.

— Уырдæ м куыд сбырдзыстæ м? — бафарста лæ ппу.

— Бекъæ йы хуызæ н лæ дзджытæ зæ ххы садзгæ йæ, — дзуапп радта Иветæ.

— Зын у...

Дыууæ чызджы сæ размæ æ ркалдтой сугтæ. Хуылыдз сугтæ й сæ гуыбынтæ ныххуылыдз сты.

— Æ нæ зынæ й кæ м цы ис? Нæ хъæ дур æ нæ хъилæ й куыд фесæ фт, уый нæ федтат?

— Федтам, — загъта Нада.

— Æ з дæ р федтон, нанатæ н сæ кауы сæ рты касти, махæ н та зæ ххыл ныффæ лдæ хт, — загъта Розæ.

— Цæ мæ й махæ н дæ р кауы сæ рæ й ракæ са, уый тыххæ й нæ хъæ уы хъил садзын. Ласын та йæ хъæ уы хъæ дæ й.

Чызг бамбæ рста йæ чысыл хотæ æ мæ æ фсымæ ры цæ сгæ мттыл ’нæ вæ ндондзинад. Ахъуыды кодта, цæ мæ й сæ асайа.

— Нанатæ м цас хъæ дур ис, уый дæ р федтат?

— Æ з федтон, — йæ дыууæ æ нгуылдзæ й хъæ дын сагой акæ нгæ йæ загъта Розæ, — дыууæ голладжы дзаг.

— Махмæ дæ р уыдзæ н бирæ хъæ дур, тæ ккæ райсом, иннæ азмæ хъил ласын куы райдайæ м, уæ д. Цомут ныр, уæ ртæ сакъадахæ й дзæ бæ х сугтæ æ рбахæ ссæ м. — Асланимæ бацыдысты сау лакъон доны. Дон сæ уæ раджы сæ ртæ м хæ ццæ кодта. Донбылтыл ма уыд иугай змæ лджытæ. Хур ныгуылæ нырдæ м фæ къул. Иветæ æ рцæ ттæ кодта цыппар уаргъы. Радыгай сын сæ уæ ргътæ аккой кодта. Йæ хи уаргъ зынæ й систа йе ’ккоймæ. Дон ацы ивылды йæ хицæ н скодта дыууæ фæ рсагдонвæ ды. Иуы сæ рты æ рбахызтысты, иннæ донвæ дмæ куы æ рбахæ ццæ сты, уæ д Аслан æ рæ вæ рдта йæ уаргъ.

— Æ з æ й нал фæ разын... — йæ сугты раз æ рлæ ууыд æ нæ хъаруйæ.

Иветæ йын тынг фæ тæ ригъæ д кодта. Æ рæ вæ рдтой сæ уæ ргътæ. Аслан йæ уаргъæ й къæ цæ лтæ исы.

— Ма кæ н! — фæ зыст кодта хо. — Æ ркæ с-ма, — амоны кæ стæ ртæ м, — уыдонæ й къаддæ р дæ?

— Хъæ ды дæ р афтæ фæ кæ ныс, — загъта Нада.

Аслан куы бамбæ рста, йæ хæ ссинаг нæ фæ рогдæ р уыдзæ н, уый, уæ д донбылты фæ дæ лæ мæ.

— Аслан! Раздæ х! — ныдздзынæ зта Иветæ. — Ахæ сс дæ сугтæ...

Иветæ æ рбадт дыууæ уаргъы астæ у æ мæ ныккуыдта.

— Куыд сæ ахæ ссон? Нæ сæ афæ раздзынæ н!..

Дыууæ хойы йæ разы æ рбадтысты, скуыдтой йæ кæ уынмæ.

— Аслан æ взæ р у, — загъта Розæ.

— Розæ, — сæ сæ ртæ сын йæ риумæ æ рбалхъывта, — макуыуал зæ гъ афтæ.

— Уæ дæ цæ уылнæ кусы?

— Йæ бон нæ у?

— Дæ у бон та у? — афарста Нада.

— Мæ бон у! — фестад Иветæ. Дыууæ уаргъы иумæ абаста, схæ цыд. Æ рбадт æ мæ ныккуыдта. — Нал у мæ бон!..

— Мæ нæ н ратт сугтæ й, — загъта Розæ.

— Уæ хи уæ ргътæ куы ахæ ссиккат!

Кæ д сугты уымæ л хурмæ айсысти, уæ ддæ р уæ ззау уыдысты. Хуымæ тæ джы нæ фæ зæ гъынц: донласт суг. Радыгай сын аккой кодта Иветæ. Йæ хи уаргъ уыди æ гуыдзæ г хъæ ддзауы хæ рæ гуаргъы йас. Къæ дзилырдыгæ й йыл схæ цыд. Хъил æ й авæ рдта, фæ гуыбыр кодта, йæ галиу уæ хск æ м бадардта, йæ къухтæ й йæ фергъæ вта йæ уæ хскмæ. Хæ ссинаджы уæ зæ й фæ цудыдта, размæ йæ ахаста, фæ лæ фæ лтæ рд чызг фидар фæ лæ ууыд...

Фæ раст сты сæ химæ. Балæ гæ рстой дыккаг донвæ ды, уый разынд тæ нæ гдæ р æ мæ æ нцонæ й бацыдысты. Дыууæ чызджы цыдысты разæ й, Иветæ сæ фæ стæ, йæ уæ ззау уаргъы бын, йæ уæ ззау хъуыдытимæ. Йæ сæ йраг мæ т уыди, æ фсымæ р хъæ дмæ куы нал кома, уæ д куыд уыдзæ н. Æ нæ Аслан нæ уæ ндынц хъæ дмæ. Æ мæ уæ д суг дæ р нæ æ мæ хъæ дуры хъил дæ р нæ. Кусын дæ р ын ницы кæ нын кæ ндзæ н, æ мбалæ н нын цæ уæ д æ рмæ ст. Хъæ дуры хъилтæ цæ ттæ кæ нын хъæ уы.

Йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд:

... Фаризæ т кæ рты дынджыр кæ ддагыл хурмæ æ ркалдта хъæ дуры æ фсиртæ. Цалдæ р боны фезгъæ лста. Иу бедра иннæ йы фæ дыл згъæ лст хъæ дур æ вгæ дта голладжы. Иу голладжы ком бабаста, райдыдта иннæ йы æ вгæ нын. Йæ сыфтæ арт æ ндзарынæ н хорз уаиккой, зæ гъгæ, ракуырдта Фаризæ тæ й згъалæ нтæ. Къæ лидоры къуымы сæ ныфсæ рста. Æ мбисонды артаг уыдысты. Уайтагъд-иу сыл хæ ринаг рафыхт. Сæ сугтыл та ауæ рста зымæ гмæ. Сыфты кæ рийы кæ рон куы фæ къахыр, уæ д дзы разынд хъулон-мулон хъæ дуры гагатæ. Сыфты азмæ ста, ноджы фылдæ р... Æ руыгъта сæ.

Фаризæ ты фæ дсмудæ г фындзыл ауад хъæ дуры фыхы тæ ф. Йæ хъæ дур згъалын фæ уагъта. Залихантæ м фæ мидæ г. Иветæ йæ куы ауыдта, уæ д фæ джих.

— Иветæ, дæ цугуны та цы фыцы? — дзуапмæ нæ банхъæ лмæ кæ сгæ йæ, цолпы атъыста хъæ рмхуыппы, цолпы сбырыд, йæ фæ рстыл æ рзæ бултæ сты цæ хæ райы сыфты даргъ кæ рстытæ, йæ хуылфы та картæ фты кæ рстытæ æ мæ хъæ дуры гагатæ. — Давгæ сæ ракодтай?

Чызг дзы фæ тарст, фæ лæ куы бамбæ рста хъуыддаг, уæ д æ хсызгонæ й загъта:

— Мæ нæ сæ сыфты бын æ руыгътон, — йæ къухтæ й азмæ ста хъæ дуры цъæ рттæ.

— Хорз... — даргъ ауагъта йæ дзырд. Уæ лартмæ ацамыдта. — Уыцы кæ рдæ джытæ мауал фыц, зæ гъгæ, нæ ма фехъуыстай?! Æ з уын куы нæ уыдаин, уæ д уæ афонмæ сау мæ р хæ рид. Фæ лæ сымах цъаммартæ стут. Ницы уын бузны цæ уы.

Нал радта хъæ дуры цъæ рттæ фыдсыл. Иветæ стыр хæ знамæ æ нхъæ лцаухуызæ й тæ ригъæ ддаг каст кодта, хæ дзары фæ стæ бæ рæ зеты æ хсæ нты зынаргъ артаг куыд ныппырх, уымæ. Фаризæ ты сусæ гæ й голладжы хаста хъæ дуры цъæ рттæ, бæ рæ зейы æ хсæ нты та æ мбырд кодта сыгъзæ рин нæ мгуытæ — хъæ дуры гагатæ сыджытимæ æ мхæ ццæ йæ уыгъта, цъиуджын каркау...

— Иветæ! — айхъуыста чызг, цыма йæ хъæ дуртæ уидзгæ баййæ фта Фаризæ т, афтæ фесхъиудта. — Иветæ! — йæ хъустыл та ауад цъæ хснаг хъæ лæ с. Уаргъы бынты акаст, фæ лæ йæ развæ ндагæ й æ ндæ р кæ й ницы уыдта, уымæ гæ сгæ йæ бахъуыд йæ хæ ссинаг æ рæ вæ рын.

— Фæ лæ уут, — адзырдта йæ хотæ м.

Йæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой: сæ алыварс амбырд сты йе ’мбæ лттæ, йе ’мкъласонтæ æ д бедратæ.

— Иветæ, быдырмæ нал цæ удзынæ?

— Кæ с-ма, цы фæ ткъуытæ тонæ м, — дзурынц æ м быдырдзау сабитæ.

— Гъа, ахæ р! — цалдæ р къухы йæ м байвæ зтой сæ хи, дынджыр сырхварс фæ ткъуытимæ. Нада æ мæ Розæ йæ н дæ р авæ рдтой. Уыдон сæ уайтагъд рустæ кæ ныныл фесты.

— Бузныг.

Æ нувыд ыл уыдысты йе ’мбæ лттæ, æ мæ ныр быдырмæ кæ дæ й нал ацыди, уæ дæ й йыл æ нкъард кæ нын райдыдтой. Сфæ нд кодтой сæ фæ ндаг Иветæ йыл акæ нын. Сæ сыхæ гтæ — Любæ йы чызг Рая æ мæ Ким дæ р семæ уыдысты. Æ ниу ын се ’ппæ ты фенд дæ р тынг æ хсызгон уыд, фæ лæ иу партæ йыл цы Зитæ имæ бадт, уый фенд ын уæ лдай адджындæ р уыд.

— Райсом рацæ удзынæ? — лæ гъстæ хуызæ й йæ бафарста Зитæ.

— Нæ гъа, — йæ сæ р батылдта Иветæ.

— Иветæ, — æ ри-ма, æ з дын дæ сугтæ адавон, — загъта Ким.

— Мæ хæ дæ г, — йæ хи ныццавта сугтыл. — Ды сæ нæ афæ раздзынæ.

— Æ ри-ма, — йæ хи фæ разæ й кодта Алан. — Æ з афæ раздзынæ н. Чызг сæ нæ уагъта, фæ лæ лæ ппутæ тыхджындæ р разындысты. — Уæ ззау у... — сразы Ким, йæ æ ккоймæ йæ рогæ н сисынмæ хъавгæ йæ куы фæ цудыдта, уæ д.

— Мæ хæ дæ г... — загъта та Иветæ.

— Нæ гъа! — Алан, аххуыс ма мын кæ н, — сдзырдта Ким.

— Æ ри-ма йæ!

— Нæ! — стох сты. Æ ппынфæ стаг Кимы уæ хск бамбæ рста уæ з.

— Æ з та мæ нæ адон ахæ сдзынæ н, — дыууæ чызджы уæ ргътæ фæ иу кодта Алан. — Зитæ, мæ бедра мын рахæ сс.

Аслан, Аркади, Зитæ æ мæ Лизæ иу сыхы цæ рынц. Аланитæ æ мæ Зитæ иты æ хсæ н та ис æ рмæ ст иу бæ лас, тута бæ лас. Сывæ ллæ тты хъæ лдзæ г хъæ лæ ба, бедраты дзыгъал-мыгъул сиу сты. Иветæ акаст Ким æ мæ Аланы фæ дыл. Зын ын уыди, исчи уый тыххæ й тухийы бахауа, уый. Лæ ппуты къæ хты исты фæ ткмæ гæ сгæ, дыууæ уаргъы узгæ -узгæ фæ цæ йхæ ццæ кодтой сæ хæ дзармæ. Иветæ мæ т кодта. Тагъд скъоламæ цæ уын афон у, афтæ мæ й ницæ мæ й рæ вдз сты. Нæ дæ р чингуытæ й, нæ дæ р уæ лæ дарæ сæ й. Постхæ ссæ г сын сæ пенси æ рбалæ вæ рдта. Балхæ дта дзы фондз фæ лысты къалостæ. Къалосы дзабыртæ та сын чи бахуыйдзæ н? Сæ мад? Æ мæ рынчындонæ й куы никуыцæ й зыны...

Иу къæ вда бон Иветæ царæ й дзабыртæ н æ риста цыдæ р бызгъуыртæ æ мæ дзы цыппар фæ лысты дзабыртæ æ рцæ ттæ кодта машинæ йæ рæ тауынæ ввонг. Изæ рæ й Олгæ тæ м ацыд.

— Мæ къонайыл, — ныккатай кодта мады файнуст, — сывæ ллæ ттæ н дзабыртæ хуыйынмæ ма дæ равдæ лд. Ацы быдыры куыстæ й лæ джы йæ сæ р схъилы бон дæ р нæ й, — рахаста къухæ йзилæ н машинæ. Чызджы хъæ бысы йæ авæ рдта. — Афтæ уал сæ барæ тау, стæ й кæ д сæ разилын мæ къухы бафтид.

Дыккаг бон хъæ дæ й дыууæ хатты суг куы æ рхастой сæ цыппар дæ р, уæ д Иветæ æ рбадт машинæ йы уæ лхъус. Йæ мад-иу куы хуыдта, уæ д-иу æ й уагъта рæ тауын, кæ д-иу йæ рæ тыд зылын-мылын рауад, уæ ддæ р. Дзабыры ныв æ рæ вæ рдта, мелæ й ахахх кодта æ мæ айста ныв. Дзабыры хуыз уыцы аивæ й аззад сау хъуымацыл. Хæ сгард ауагъта, мел кæ уылты амыдта, ууылты. Нæ хъæ угæ уадздзæ гтæ æ рхаудысты зæ хмæ. Цæ ттæ дзабыры карст нывмæ акаст рухсмæ, æ мæ йæ цæ ст ацахста: дзабыры хъуыры зылд рауад зылын, куыддæ ртæ ма йæ арæ хсæ дтытæ кодта, фæ лæ ницы уыйас сраст.

— Цæ й, ницы йын у, — загъта чызг æ мæ, йе ’фсымæ ры бæ гъæ ввад къæ хтæ й сындзытæ куыд фæ къахы, уый йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд. — Сындзытæ йæ къæ хты нал ныхсдзысты.

— Иве, кæ мæ н хуыйыс раздæ р? — афарста йæ Нада.

— Асланæ н, — стæ й та сымахæ н.

— Дæ хицæ н та кæ д хуыйдзынæ? — бафарста Розæ.

— Уый фæ стæ та мæ хицæ н.

— Хæ ргæ дæ р «уый фæ стæ », хуысгæ дæ р — «уый фæ стæ ». Ныр та хуыйгæ дæ р «уый фæ стæ », — йæ чысыл къухтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рста, афтæ мæ й ас адæ ймагау загъта Розæ.

Æ хсызгон цæ стæ нгасæ й бакаст йæ хотæ м.

Иветæ йы зæ рдыл æ рлæ ууыд, дзабырты фындзтыл цыдæ р сау хуыд кæ й вæ ййы. Æ рæ джы Фаризæ т чылауийы тæ нæ г фых фæ йнæ гыл ауагъта. Цалдæ р боны хурмæ фæ лæ ууыд, стæ й йæ стыхта, бахаста йæ мидæ мæ. Ирæ сын дзы тетрады сыфы йас радта. Иветæ йæ бамбæ хста зымæ гмæ. Ныр æ й рахаста. Фындзтæ æ мæ дзы зæ вæ ттæ скарста. Нæ зыдта, уыдон сæ ракæ й кæ й вæ ййынц, уый. Хæ сгард æ й бæ ргæ хорз карста, фæ лæ судзинæ й рæ хсын нæ куымдта. Бæ гуы лæ гау æ й авæ рдта машинæ йы судзины бын. Галиу къухæ й аразы хуыйинаг, рахиз къухæ й зилы машинæ йы хæ цæ н.

— Диссаг! Судзин нæ быры дзабыры фындзы, кæ рдгæ йæ цыди.

Бирæ фæ тухитæ кодта. Йæ бон куы базыдта, уæ д систа дзабыр машинæ йы судзины бынæ й. Фæ ракæ с-бакæ с æ м кодта.

— Цæ уылнæ хуыйы? Ма басæ ттæ д машинæ!

Дзабыр йæ къухы, афтæ мæ й рацыд кæ ртмæ. Йæ зæ рдæ йы маст Ирæ йæ н фæ дзуры. Ныр дæ р та йæ агуры йæ цæ стæ нгасæ й, кæ саг дон куыд агура, афтæ. Йæ дзабыр йæ фæ стæ амбæ хста. Уæ ртæ æ рбацæ уы доны оедратимæ. Иветæ йæ м ацамыдта, уый йын дзуапп радта сæ ры тылдæ й.

— Хæ йрæ джытæ ныры фæ сивæ д, — йæ къухтæ цæ гъдгæ сарайæ рауад Фаризæ т. — Хъыпп-сыпп сæ иуæ й дæ р не схауд, афтæ мæ й сæ ныхæ стæ акодтой, — æ мæ фæ стæ мæ фездæ хт Иветæ мæ. — Дæ къухы та цы ис? — Æ ри-ма, фенон æ й! — Райста дзабыр. — Гъе, уæ ууæ й, гъе, искуыдæ р ма уый æ рцыд æ мæ хълапийы хусæ й дзабыры фындзтæ счынд?

— Бацамон ын, — сдзырдта Ирæ.

Сæ размæ куыд алæ ууыд, уый Иветæ æ мбаргæ дæ р нæ бакодта.

— Хæ дæ гай, кæ м дын уыди ацы чылауийы хусы цъар та? — Иветæ мæ тарæ рфыгæ й бакаст Фаризæ т.

Чызг ницы дзуры, Ирæ сын æ й сусæ гæ й радта, уый.

— Цы йæ баййардтай? — фæ зыст кодта чызг йæ мадыл. — Æ ви дæ уæ й æ ндæ р чылауи никæ мæ ис?

— Ды та дæ дзыхыл хæ ц! Адæ мæ н сæ дыргътæ сау къозо æ мбыд кæ нынц. Мæ хæ дзары та иу æ хсынцъыйы гага дæ р нæ фесæ фдзæ н.

— Адæ м æ хсæ вæ й-бонæ й быдыры кусынц, — фæ къæ йных æ м йæ чызг.

Фаризæ т дзабырæ й йæ чызджы цæ сгом ныдздзæ хст ласта, дзабырæ н йæ фындзы æ рдæ г фæ хауд.

— Гъеуый дын «кусынц!.. »

Залихан æ рцыд сæ химæ. Сывæ ллæ тты цинæ н кæ рон нал уыди. Се ’ппæ тæ й тынгдæ р та цин кодта Иветæ. Уæ ззау уаргъ ын цыма исчи йе ’ккойæ айста, афтæ рогæ й, хъæ лдзæ гæ й згъордта скъоламæ. «Мамæ æ рцыд! Мамæ æ рцыд! » — зарыд йæ зæ рдæ йæ фæ ллад риуы, кæ д йæ куыстытæ нæ фæ къаддæ р сты, уæ ддæ р. Æ дзух-иу дисæ й марди йе ’мбæ лттыл, скъолайы дæ р æ мæ быдыры дæ р сæ м худын куыд цæ уы? Ныр абон скъолайы кæ ртмæ куы бахызт, уæ д ыл йе ’мбæ лттæ æ рбамбырд сты æ мæ йæ цымыдисæ й фарстой:

— Иве, цæ уыл худыс?

— Иветæ, цы дзæ бæ х дæ?

— Мамæ нын æ рцыди.

Чызджытæ йæ хъæ быстæ кодтой. Иветæ йы æ мбал Зитæ сæ ауыдта æ мæ сæ м æ рбазгъордта:

— Иве, дæ мад æ рцыд? — бацин кодта. Йæ хинымæ р та фæ суцъа: «Ныр мæ нæ й хуыздæ р ахуыр кæ нын райдайдзæ н».

— О, æ рцыд, — Зитæ йы йæ хъæ бысы акодта Иветæ, хъæ лдзæ г ныхасгæ нгæ бацыдысты скъоламæ.

Физкультурæ йы ахуыргæ нæ гæ н йæ къухы уасæ н, афтæ мæ й тыргъты фегуырд, фехъусын кодта:

— Иууылдæ р кæ ртмæ! Линейкæ мæ!

Скъоладзаутæ слæ ууыдысты кълæ стæ м гæ сгæ. Иу рæ нхъ иннæ йæ къаддæ р, афтæ мæ й, æ мраст рæ нхъытæ й.

Директор — урссæ р, бæ рзонд нæ лгоймаг Олысаты Дзамбег фидар ныхасыуагæ й райдыдта:

— Колхозæ н æ ххуыс кæ нынмæ уæ гъдгонд цæ ут! Æ рвылбон куыд иу адæ ймаг, афтæ быдырмæ, — рацу-бацу кодта, сабыр, фæ лæ фидар æ нæ фæ цудгæ ныхасыуагæ й дзырдта. — Мæ н уырны, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæ р не скъолайы цæ сгом кæ й нæ фæ чъизи кæ ндзыстут!

Дарддæ р дзырдта: се скъола уалдзæ джы куыстыты, стæ й сæ рды рувæ нты, мæ нæ угæ рдæ нты, дыргъæ фснайæ нты, æ ппæ т уыцы куыстыты районы иннæ скъолатæ й раздæ р кæ й у. Районы газеты. сæ, сæ хорз куысты тыххæ й кæ й рауагътой, уый зæ гъын дæ р дзы нæ ферох.

— Не скъола уыцы намыс райста, — йæ къухæ й ацамыдта скъоладзаутæ м, — сымах руаджы.

Директоры ныхасмæ хъусгæ йæ, сывæ ллæ ттæ афтæ сразæ нгард сты, цыма ныртæ ккæ колхозы быдыртæ иннæ рдæ м афæ лдахдзысты.

Æ вдæ м, æ стæ м, фарæ стæ м æ мæ дæ сæ м кълæ стæ цæ уынц картоф къахынмæ. Кæ стæ ртæ та — æ хсынæ н æ фснайынмæ! Цас æ нувыддæ рæ й бакусæ м, уыйас нæ æ ввахс быдырты куыстытæ тагъддæ р фæ уыдзысты æ мæ уæ д? — йæ рæ сугъд сæ р сывæ ллæ ттæ м фæ къул кæ нгæ йæ афарста:

— Кæ дæ м хъуамæ ацæ уæ м?

— Сылтаныхъмæ! —... Цалдæ р сæ дæ сабийы хъæ лæ с иумæ радта дзуапп: «Сы-хъ-мæ -æ! » — ныййазæ лыдысты уæ гъд скъолайы рудзгуыты æ вгтæ. Директор æ мæ ахуыргæ нджытæ сæ мидбыл бахудтысты.

— Ацы аз бацархайæ м, цæ мæ й миты размæ Сылтаныхъы нартхор æ фснайд æ рцæ уа! — загъта директор.

Иветæ скъолайæ цыди уæ ззау хъуыдытимæ: алы бон быдырмæ куы цæ уа, уæ д сæ цæ хæ радон куыд бафснайдзысты? Мады мæ ллæ г, фæ лурс цæ сгом йæ цæ стыты раз февзæ рд, цыма йын афтæ дзырдта «мæ бон дын ницы у».

Дыууæ боны нæ ацæ удзæ н быдырмæ, уæ дæ сæ фæ ллой фесæ фа. Фæ лæ йæ цæ стыты раз февзæ рд Дзамбег. Йæ ныхæ стæ йæ хъустыл айзæ лдысты. Скъолайы залы дæ р æ мæ кæ рты дæ р йæ рацыд сывæ ллæ тгæ н фæ зминаг кæ мæ н у. Æ ниу æ ппæ т ахуыргæ нджытæ н сæ рацыд, се сдзырд дæ р кодтой фæ сивæ ды хъомыл. Нæ, алы бон дæ р цæ удзæ н быдырмæ. Зыбыгы иунæ г сахат дæ р нæ фæ цух кæ ндзæ н æ мæ гъеныр йæ цæ сгомæ й туг аздæ хт йæ цæ лхвæ ндагыл.

Иветæ -иу райсомæ й, цалынмæ быдырмæ цæ уын афон вæ ййы, уæ дмæ -иу сæ картоф къахта, кæ стæ ртæ та-иу æ й уидзгæ кодтой. Залихан сын иу чысыл аххуыс кæ ны, стæ й йæ хи каурæ бын телогрейкæ йыл æ руадзы. Изæ рæ й быдырæ й куы ’рбацæ уы, уæ ддæ р та — цæ хæ радонмæ.

Сыхы иу ахæ м хæ дзар нæ уыд, Залиханæ н æ хсыр, цыхт, айк чи нæ æ рхаста. Йе та — хъарм хæ ринаг. Уæ ддæ р рынчын сылгоймаг йæ къæ хтыл нæ фæ разы слæ ууын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.