Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Пырындзы хуызæн кас



Залиханы æ нæ низдзинад фæ цудыдта бынтон сæ рды 1946-æ м азы.

— Иветæ, мæ хур! — дзуры иу райсом мад, йæ хъаруйыл йæ зæ рдæ куы нал дардта, уæ д. — Ды ацу быдырмæ, æ з цæ хæ радоны истытæ архайдзынæ н. Стæ й абон пенсиисæ н у, æ мæ уын исты хæ ринаг дæ р кæ д балхæ нин.

— Мамæ, иунæ гæ й?

— Цæ мæ н иунæ гæ й? Æ гас дзыллæ тæ уым куы сты.

— Мамæ, — лæ гъстæ йаг цæ стæ нгасæ й йæ м бакаст. — Аслан дæ р мемæ куы ацæ уид...

— Аслан нырма чысыл у, — тызмæ гæ й загъта мад. — Стæ й мæ иунæ г у. Исты йыл куы ’рцæ уа.

Иветæ лæ ууыд, цыма йæ йæ бынатæ й ницавæ р хъару фезмæ лын кодтаид, ахæ м хиуылæ ууæ ндонхуызæ й.

— Райс къæ пи æ мæ ацу! Хорз куы бакусай, уæ д дын дынджырдæ р кæ рдзыны хай ратдзысты. Рох дæ ма уæ д, — мад тарæ рфыгæ й бакаст чызгмæ, — иууылдæ р æ й ма бахæ рай! Сывæ ллæ ттæ н дæ р дзы фæ уадздзынæ.

Чызг лæ ууы, цыма йæ зæ хмæ садзгæ ныччынди.

— Мамæ, иунæ гæ й нæ цæ уын. Асланы рауадз. Мæ разы уæ ддæ р баддзæ н.

— Фæ стæ мæ ма мæ м дзурыс? — чызджы уадул ныццавта мад. — Мæ лæ ппуйы мын хур куы ныццæ ва, уæ д та?!

Иветæ сындæ ггай райста рувæ н æ мæ хæ къуырцгæ нгæ йæ араст уынгмæ. Мад ма йæ фæ стæ адзырдта:

— Ныр тæ вдæ й уай!

Иветæ йы кæ уындзæ гæ й дон лæ дæ рст æ мæ лæ дæ рст. Хъæ уæ й куы ахызт, уæ д федта: быдырдзаутæ й иу къорд таджы фале фæ цæ уынц, иннæ тæ та уæ ллаг сыхæ й разындысты. Никæ й уынын æ й фæ ндыд. Бахæ ццæ сæ нартхоры рувинаджы хаймæ. Æ рлæ ууыд, дысонизæ р йæ мадимæ хæ с кæ м ныууагътой, уым. Ныггуыбыр кодта æ мæ рувы. Хъыг æ й дардтой йæ кæ уынвæ ллад цæ стытæ. Цыма йын æ ддæ мæ рабырыдысты, афтæ йæ м каст.

— Иве, мамæ кæ м ис? — фарстой йæ сылгоймæ гтæ.

— Рынчын у, — зæ хмæ кæ сгæ йæ дзуапп лæ вæ рдта чызг.

Нартхоры хуымтæ зындысты цъæ х-цъæ хид мæ нæ уы хуымтау. Арф кæ рдæ г æ мæ бæ рзонд гæ дыйыдымæ джы бын нартхоры æ взар зынгæ дæ р нæ кодта, фæ лæ æ ндон къæ пи арæ хсгæ къухты рог хъазыд, карста цъæ х кæ рдæ г, цæ вæ г хосгæ рст куыд кæ рда, афтæ.

Иветæ йæ цæ стæ нгас ахаста быдырыл. Йæ дæ ллаг фарс рувы Маша, йæ чызг æ мæ йæ лæ ппу Кимимæ. Йæ уæ ллаг фарс — Олгæ Æ хсарбегимæ, уый фале Любæ йæ чызджытимæ, Машайы дæ лейы — Асиат, йæ рæ сугъд лæ ппу Аланимæ. Разæ й цæ уы Дуне йæ фондз сывæ ллонимæ. Йæ хъыджы цæ ссыгтæ, тæ рккъæ вдайы дон рудзынджы авгыл куыд згъора, афтæ æ рызгъæ лдысты. Фæ гуыбыр кодта æ мæ рувы. Райсом йæ гыццыл Розæ йы рахондзæ н, ныхæ стæ кæ ндзæ н йемæ, йæ чысыл къухтæ й бæ рзонд кæ рдæ г тондзæ н. Ахæ м хъуыдытимæ йæ сæ р хæ рдмæ нæ исгæ йæ рывта дыууадæ саздзыд чызг. Фæ ндыди йæ йемæ исчи куы аныхæ стæ кæ нид. Йæ астæ у сраст кодта, акаст Асиаты ’рдæ м, фæ лæ уайтагъд фæ стæ мæ фæ гуыбыр — уæ лæ сыхаг ус у уый. Æ ппæ т устытæ й йæ м хуыздæ р касти, фæ лæ йæ м хæ стæ г цæ уын нæ фæ уæ нды, йæ хæ дæ г æ м куы фæ дзуры, уæ д дæ р. Йæ лæ ппуйæ йын тæ рсы, æ ви æ ндæ р истæ мæ й, уый йæ хæ дæ г дæ р не ’мбары. Уыцы цъусдуг йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд...

... Къласы урочы бадтысты, æ мæ сæ м дуарæ й лæ флæ фгæ нгæ æ рбадзырдта иу дынджыр лæ ппу:

— Аланы фыд ссыди!

Дыууиссæ дз сæ ры разылд фæ стаг партæ мæ, Аланмæ. Уый фефсæ рмы, туг скалд йæ ирд цæ сгоммæ æ мæ, цыма йе ’мгæ рттæ й кæ йдæ рты фыдæ лтæ уый аххосæ й не сыздæ хтысты, уыйау загъта:

— Ницы ссыди... Куы цæ уа, уæ ддæ р ацафон не ссæ удзæ н... — йæ хæ дæ г йæ сæ р партæ мæ æ руагъта.

Тынг хæ лæ г кодта Иветæ, йæ фыд кæ мæ н ссыди, уыдонмæ. Фæ лæ бирæ нæ уыдысты. Алан бирæ нæ ацард йæ фыдимæ. Уайтагъд æ й æ рцахстой. Æ нæ бары уацары кæ й бахауд, уый тыххæ й. Хур дзæ вгар стылди æ нæ мигъ арвыл. Иветæ тыхсын райдыдта æ нтæ фæ й. Рог, сатæ г дымгæ радымы, æ ркафы кусджыты алыварс, сæ хид сын асæ рфы йæ фæ лмæ н къухмæ рзæ нæ й, уæ ззау бауигъы æ нæ рывд хуым, йæ даргъ саухалыг сыфтæ й йын салам ратты, кæ рдæ джы уацарæ й чи фервæ зт, уыцы нартхоры æ взар...

Афтæ зыны, цыма кæ рдæ гхуыз денджызы ленк кæ нынц мадæ л хъазтæ сæ хъулон-мулон лæ ппынтимæ. Мадæ л хъазтæ сæ лæ ппынтимæ кæ м баленк кæ нынц, уым цъæ х денджыз базмæ лы, сæ фæ стæ аззайынц тарбын уылæ нтæ -уылæ нтæ кæ рдæ гхуыз тæ ппытимæ. Нартхоры хуымы къордтæ -къордтæ апырх сты сылгоймæ гтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ. Иветæ йы нæ фæ ндыд, сæ хай æ ппæ ты фæ стæ рывд фæ уа, уый. Рывта тагъд-тагъд, йæ цæ сгомы хид сæ рфынмæ дæ р æ й ие ’вдæ лд. Сихоры хæ рдмæ дæ р байрæ джы кодта. Тынг стонджы йын у, йæ фыр ерыс куыстæ й йæ иу дзындзалæ г ахæ рынмæ дæ р нæ равдæ лд. Станы доны стыр боцкъайы сæ р уыди гæ нгæ лыты куырис, адæ мæ й йæ къухтæ чи цæ хсы, уый та гæ нгæ лытæ райсы æ мæ хæ ргæ аиуварс кæ ны йæ хи. Станæ й хъуысы рæ сы хыртт-хыртт. Уый хистæ р лæ ппутæ цыргъ кæ нынц сæ къæ питæ. Иветæ æ рлæ ууыд иуварс, цыма фыццаг хатт уыны ацы адæ мы, уыйау. Ауыдта Олгæ йы, йæ размæ бацыд.

— Мах дæ р дын аххуыс кæ ндзыстæ м, — зæ рдæ йын авæ рдта йæ фыды æ фсымæ ры ус. — Цу, цæ хс дæ къухтæ.

Чызг йæ хи ныхсадта. Боцкъайы раз æ рлæ ууыдысты Ким æ мæ Алан. Дæ ттынц æ м сыгъдæ г гæ нгæ лытæ.

— Ахæ р, Иветæ!

— Иве, айс!

Чызг бакаст сæ дыууæ мæ дæ р. Рахиз къухы ’рдыгæ й лæ ууыд Алан, галиуырдыгæ й — Ким.

— Бузныг, — йæ къухтæ бадардта лæ ппутæ м. Сæ дыууæ йæ дæ р райста гæ нгæ лытæ.

— Иветæ, — дзуры йæ м Хъамбол. — Радав ма дæ къæ пи, ацыргъ æ й кæ нон.

Сихоры хæ рдæ н сын уыди кæ рдæ джыты лыстæ г кæ рстытæ æ мæ, иугай нартхоры лæ хурæ джы муртæ кæ м ленк кодтой, ахæ м хъæ рмхуыпп. Спичкæ йы къоппæ й зына-нæ зына стырдæ р та нартхоры кæ рдзыны къæ бæ ртæ.

Иветæ бацымдта хъæ рмхуыпп. Кæ рдзын та йæ роны атъыста. Йæ рувæ н райста, багуыбырта кодта дарддæ р йæ куыстыл. Аныгъуылд та ног хъуыдыты. Йæ зæ рдыл та æ рбалæ ууыд: сæ хицæ н хицæ н кæ рт куы уаид, уæ д иннæ адæ мау уыдонмæ дæ р уаид кæ рчытæ, бабызтæ, хъуг. Фæ ткъуы æ мæ чылауи бæ лæ стæ ныссадзиккой. Чылауитæ... Æ мæ та йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд: ... Фарон къæ лидоры бадти сывæ ллæ ттимæ. Фаризæ тæ й рацыд хæ стыл зилæ г Саман, стыргуыбынджын лæ г. Кæ ртæ й мидæ мæ дзуры Фаризæ т: «Иветæ, марадз-ма, мæ дыууæ цæ сты, уæ лæ чылауи бæ ласмæ сгæ пп кæ н, Саманæ н чылауитæ бауигъ». Иветæ зыдта Фаризæ ты «лæ гъзæ взаг». Уымæ гæ сгæ змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта йæ бынатæ й.

— Кæ мæ дзурын, марадз, мæ хур, — дзуры та йæ м.

Зивæ ггæ нгæ рацыд, сбырыд кæ рты ставд сау чылауи бæ ласмæ. Цанæ бæ рæ г йæ бон уыд бауигъын уый хуызæ н ставд бæ лас, фæ лæ зæ хмæ æ ргæ р-гæ р кодтой дыргътæ. Иветæ иу нæ мыг ахæ рынмæ хъавыд, фæ лæ йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, кæ ддæ р Асланы иу чылауийы тыххæ й куыд фæ надта, уый. Йæ дзыхæ й æ риста чылауи, ныххауд зæ хмæ. Фаризæ т сæ рæ вдз рауыгъта, лæ джы дзыппытæ, къухтæ айдзаг кодта. Иветæ та бацыд сæ химæ.

Хæ стæ исæ г аивгъуыдта. Фаризæ т фездæ хт чызгмæ:

— Гъе, уæ ртæ цъаммар! Уагæ р ма сыдæ ймард куы нæ уаис, уæ д бæ лас æ д бындзæ фхæ дтæ нæ рафæ лдæ хтаис! Цæ мæ схызтæ бæ ласмæ?!

— Дæ хæ дæ г мын нæ загътай? — фæ тарст чызг.

— Загътон дын, æ мæ ма бакуымдтаис, ныгуылды фæ уай! Æ з бæ ласмæ нæ уæ ндын, зæ гъгæ, дыл дзых нæ уыди? — фæ цæ йцыд чызгмæ нæ мынмæ. Фæ лæ уый ралыгъд уынгмæ. Ауыдта Саманы Машаты ’рдæ м цæ угæ. Ныхъхъæ р кæ нынмæ йæ м хъавыд, фæ лæ «Са-а-а-а»-йæ уæ лдай уæ лдæ фы ницы айзæ лыд. Йæ дзых ын армытъæ пæ нæ й ахгæ дта Фаризæ т.

— У, налат, налат, мæ нæ мæ куыд худинаг кæ ны, мæ нæ!..

Тынг сæ ххормаг Иветæ. Йæ роны къæ бæ р асгары, фæ лæ дзы нæ уæ нды акомдзаг кæ нын. Стæ й йæ хи зæ рдæ дæ р нæ комы къæ бæ р йæ хотæ æ мæ æ фсымæ ры хъуагæ й бахæ рын.

Нал æ м фæ лæ ууыд. Райста кæ рдзын. Æ ркаст æ м. Йæ комыдæ ттæ æ руадысты. Æ нгуырстуаны йас мур дзы ракодта, йæ дзыхы йæ бакодта къафеттау, иннæ авæ рдта йæ роны. Зæ ххыл ын нæ й æ вæ рæ н, мæ лдзыджытæ дзы бабырдзысты.

Кæ рдзыны мур адджынæ н цъырдта комыкъултыл хафгæ.

Изæ рæ й-иу ын устытæ фæ йнæ -фæ йнæ къæ пидзæ фы акодтой. Иу бон та йын йæ хæ сæ й дзæ вгар арывтой Асиат æ мæ Алан. Залихан бынтон æ ррынчын. Сæ цæ хæ радон ма тыхтæ -амæ лттæ й бакуыста. Иу райсом нал сыстад. Барæ сыд. Йæ цæ гат æ й аластой горæ ты рынчындонмæ.

Иветæ бынтон зындоны бахауд. Колхозы быдырмæ йын æ нæ цæ угæ нæ уыди: уыцы «спичкæ йы» къоппы йас къæ бæ р уыди сæ удхос. Удхосыл та хъуыд кусын. Бирæ нæ бафæ рæ зта чызг. Йæ бон нал уыди рувын нæ, фæ лæ цæ уын дæ р. Бригадир Бело йæ м куыстмæ нал фæ дзырдта. Йæ хай йын иннæ тыл байуæ рста. Сывæ ллæ ттæ бынтон æ гуыдзæ гмæ æ рцыдысты. Иветæ -иу сын сфыхта афтид кæ рдæ джытæ. Поезд горæ тæ й Салыгæ рдæ нмæ цыди Ходы зæ ххы рæ зты. Ходы хъæ у хорз зыны Хъарман-Сындзыхъæ умæ. Сывæ ллæ ттæ алы изæ р дæ р цыдысты хъæ уы фæ стæ мæ поездмæ кæ сынмæ. Æ нхъæ л уыдысты, æ мæ сæ мад æ рцæ удзæ н ацы поезды. Æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ -иу тыдтой хæ рынæ н бæ згæ кæ рдæ джытæ, æ фсины къух, футæ г, лебæ да, фиугæ рдæ г. Уыдон ныр фæ хъæ бæ р сты, фæ лæ сæ уæ ддæ р хордтой стонг сабитæ. Бирæ хатт сæ фæ риссынц, барæ сийынц. Мæ нæ ныр дæ р ныффæ лурс Аслан, йæ чысыл къухы кæ рдæ джыты цупал, афтæ мæ й æ рбадт. Нада дæ р æ рхауд йæ фарсмæ. Аслан æ мæ Нада тынг слæ мæ гъ сты. Сæ мад дæ р сыл хуымæ тæ джы нæ аудыдта.

Иветæ сæ м базгъордта:

— Цы кæ ныс, Аслан? Цы кодтат? — фыртæ ссæ й ма сын цы кодтаид, уый нал зыдта.

Аслан æ мæ Нада скалдтой, цæ уыны размæ цы кæ рдæ джытæ бахордтой, уыдон. Уалынмæ Розæ дæ р. Иветæ ма цы кодтаид, уый нал зыдта, кæ угæ куы сæ иуы арæ вдауы, куы сæ иннæ йы.

— Кæ сут-ма, дæ лæ поезд ссæ уы. Мамæ уым ис, — сдзуры Иветæ. Сывæ ллæ ттæ æ нæ бары ракæ сынц сæ мады коймæ, фæ лæ та сæ цæ стытæ æ рцъынд вæ ййынц.

Сæ амондæ н Бело йæ «зæ ххытæ й» æ рбацæ йцыд бæ хыл. Ауыдта сабиты. Бæ лвырддæ р сæ м куы æ ркаст, уæ д бамбæ рста хъуыддаг.

— Цы кодтат? Сдæ тт-ма сæ мæ нмæ! — сдзырдта Иветæ мæ Бело.

Æ ртæ сывæ ллоны йæ разæ й авæ рдта, йæ химæ сæ абаста йæ ехс æ мæ ронæ й, йæ галиу къухæ й сыл хæ цыд, афтæ мæ й азгъордта хъæ умæ.

Иветæ бæ хы фæ стæ хæ къуырцгæ нгæ дугъы уади. Уайгæ -уайыны-иу йæ къæ хтæ адон сты, размæ -иу бахауд, фестад та-иу.

Фаризæ т сæ дуармæ бæ хджын куы ауыдта, куыристау дзедзыккатæ й сывæ ллæ тты, уæ д йæ хи æ рхоста. Белойы размæ рауад:

— Цы кодтой мæ хъæ бултæ?!

Бело хъавыд сабиты сæ хæ дзармæ бахæ ссын, фæ лæ йæ Фаризæ т нæ бауагъта:

— Махмæ сæ рахæ сс! — Розæ йы æ риста Фаризæ т, йæ хъæ бысы йæ бадавта. Дзуры йæ чызгмæ:

— Ирæ, мæ хур, пъадвалæ й ма æ хсыр сдав, фæ уæ ларт æ й кæ н!

Чысыл рæ стæ джы фæ стæ æ ртæ сывæ ллоны хуыссыдысты Фаризæ ты уаты сыгъдæ г хуыссæ нты. Мад æ мæ сын чызг æ хсыр уагътой сæ хъæ лæ сты.

Бригадир уаты астæ у лæ ууыд джихæ й, йæ даргъ цæ нгтæ æ руагъта тæ фæ рфæ сгæ нæ гау. Йæ хурмæ сыгъд сау цæ сгомыл зынди дызæ рдыгдзинад. Йæ цæ стæ нгас дзырдта: «Фаризæ т сын æ взæ р у, зæ гъгæ, ма кæ мæ й фехъусон, уыдонæ н мын сар сæ сæ р кæ ны». Фаризæ тæ н та загъта:

— Цæ й, æ з цæ уын. Дæ бар сæ уадзын.

— Де ’гæ рыл! Уый та дын цы ныхас у?.. Æ з æ нæ уыдон комдзаг куы нæ кæ нын.

Бело сгæ пп кодта бæ хмæ æ мæ атындзыдта сæ химæ.

«Ныртæ ккæ не ’фсинæ н зæ гъдзынæ н æ мæ сын алы бон дæ р æ хсыр куыд æ рвита, — бæ хы рохтыл ахæ цыд тыхджындæ р. — Æ нæ иу ныхасæ й». Цыма йæ бинойнаг йæ цуры уыд, афтæ карзæ й загъта лæ г.

Иветæ хъæ умæ куы ’рбахæ ццæ ис, уæ д йæ фындзыл ауад фых кæ рдæ джы тæ ф æ мæ къупп-къупп. Уый арынгкъахæ нæ й цæ хæ ра хойынц. Йæ къухтæ й йæ сæ ры фæ хстыл ныххæ цыд, афтæ йæ м каст, цыма йын æ фсæ йнаг чысыл бел хойы йæ сæ ры магъз. Фæ ндыди йæ ныхъхъæ р кæ нын: «Ма фыцут цæ хæ ра — марг у! » Хъæ уы уынджы фембæ лд Раяйыл — Любæ йы чызгыл. Чысыл тасмачъийы хаста Машатæ й зынг. Иветæ йы удаистæ й згъоргæ куы ауыдта, уæ д цæ сты фæ ныкъуылдмæ йæ зынгхæ ссæ н зæ ххы рыгыл фæ дæ лгоммæ кодта, йæ къухтæ й йæ рыджы бын ануæ рста. Азгъордта Иветæ йы фæ дыл.

— Цы кодтай? — афарста чызджы. Иветæ йы бон иу дзырд зæ гъын дæ р нæ баци. Сонтæ й фæ мидæ г сæ хæ дзары.

— Кæ м стут?! — сонт хъæ р фæ кодта Иветæ æ мæ æ нæ бонæ й æ рхауд зæ ххыл.

— Ма тæ рс! — разгъордта йæ м Ирæ. — Махмæ сты. Цом ды дæ р махмæ. Нана уæ уадзы, — æ мæ зæ рдæ хъæ лдзæ гæ й схæ цыд Иветæ йы къухыл.

Иветæ нæ бакуымдта.

— Уæ дæ дын ардæ м хæ ринаг æ рдавдзынæ н.

— Нæ хъæ уы, — карзæ й загъта Иветæ. Фестад, цудтытæ гæ нгæ бацыд хуыссæ нмæ. Гобан æ й йæ химæ æ лвæ ста.

Иветæ æ рчъицыдта. Сæ хæ дзар — сыхы устытæ й йедзаг. Стъолыл — хæ ринæ гтæ, цырагъы авг сыгъди хъæ лдзæ г. Сывæ ллæ ттæ хуыссыдысты иннæ сынтæ гыл. Чызг фестынмæ хъавыд, фæ лæ йæ сæ р разылд. Айхъуыста Олгæ йы ныхас.

— Иветæ, мæ хур, мах мæ нæ баныхас кодтам, — ацамыдта устытæ м. — Нæ цыппар хæ дзарыл уæ айуарæ м, ды æ мбаргæ чызг дæ...

— Куыд «айуарæ м»? — нæ бамбæ рста Иветæ. Йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты, фестад. Бамбæ рста: сæ алчидæ р сæ хуысдзæ н фæ йнæ хæ дзары. Бауад сынтæ гмæ, йæ къухтæ йыл айтыгъта, афтæ мæ й сабиты йæ фæ сонтæ й хъахъхъæ ны, йæ риу та сарæ зта сыхы устытæ м: цæ ргæ с ма йæ лæ ппынты калмæ й хъахъхъæ нгæ йæ йæ хи карз тохмæ афтæ æ рцæ ттæ кæ ны. Ныззыр-зыр кодта. — Нæ, мах хицæ нтæ й нæ хуыссæ м!.. Нæ, нæ! — ныккуыдта дзыхыдзагæ й... Бирæ цыдæ ртæ зæ гъынмæ ма хъавыд, фæ лæ йæ йæ кæ уындзæ г нæ уагъта. Ахæ м æ вирхъау ныв фенын æ нхъæ л нæ уыдысты сидзæ ргæ стæ. Сæ цæ стысыг згъалгæ рацыдысты. Уыцы æ хсæ в саби-сидзæ ргæ с æ рæ гмæ бафынæ й. Аслан æ мæ Нада йæ дæ лфæ дтæ м фæ хуыссынц. Розæ та — йæ галиуварс. Ныр æ хсæ з азы йæ гуыбыныл хъарм кæ ны ихы къæ рттытау æ хсæ з къахы. Йæ хи къæ хтæ та-иу арæ хстгай хуыссæ ны кæ ронмæ балхъывта. Ныр дæ р сæ рæ вдауы йæ дæ рзæ г къухтæ й — куы иуы къах алхъивы, куы — иннæ йы. Фыццаг хорз фæ куыдта, йæ хъуыдытæ йæ раппар-баппар кодтой иу уазал уылæ нæ й иннæ мæ. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, сæ мад сын фарон кас куыд фыхта, уый:

... Залихан нартхоры хустæ й ратыдта, карды æ ххуысæ й базгъæ лста æ фсиртæ. Хурмæ сæ бахус кодта. Куыройы фыдтæ лæ гъз кодтой æ рдæ г хус нартхоры нæ мгуытыл æ мæ ставд ралæ хурдта касаг.

— Ныртæ ккæ цæ ттæ уыдзæ н кас, — рæ вдаугæ дзырдта мад. — Пырындзы хуызæ н кас. — Сывæ ллæ ттæ никуы федтой пырындз, æ мæ бынтон сцыбæ л сты.

— Цæ й-ма, кæ д уыдзæ н?.. Мамæ, пырындзы хуызæ н кас мæ хъæ уы, — нал æ мæ нал лæ ууыдысты стонг сабитæ.

— Ныртæ ккæ, мæ хуртæ. Иветæ, цу-ма, исты лыстытæ рацагур Чертыбиты каурæ бын. Сымах та уал ахъазут, уæ дмæ цæ ттæ уыдзæ н. — Мад йе ’нгуылдзæ й фелхъывта хъæ дын стуанмæ лæ хурды мур. Нæ фæ цъæ л. Мæ сты змæ ст кæ нын райдыдта кас. «Мæ фыды æ рцыдмæ дæ р не сфыцдзæ н», загъта йæ хинымæ р. Кас фыхти, путт-путгæ нгæ.

Сабитæ бирæ рæ стæ г нæ афæ стиат сты сæ хъазæ нтыл. Райстой уидгуытæ, табуреткæ йы алыфарс æ рлæ ууыдысты.

Иветæ æ рбаздæ хт лыстдзуанæ й, лыстытæ пецы раз сындæ г æ рæ вæ рдта æ мæ æ рбадт къæ сæ рыл.

— Мамæ, нæ ма сфыхт? — фæ рсынц сабитæ, сæ уидгуытæ й-иу табуреткæ йы сæ р æ рхостой. Иветæ йы уидыг табуреткæ йæ хæ рдмæ фесхъиудта.

— Басабыр ут! Мæ фыдыстæ н, дæ лæ йæ кæ рты фæ дæ лгоммæ кæ ндзынæ н!..

Иветæ бакаст табуреткæ мæ.

Алчидæ р лæ ууыд йæ хи нысангонд фарсыл. Уæ гъдæ й лæ ууыд Иветæ йы фарс — сыгъд фарс. Залихан-иу æ й пецы дуарыл амбæ рзта кæ рдзын фыцгæ йæ. Пецы тъæ рыл цы фарс æ нцад, уый басыгъд. Бирæ хъаугъа цыди уый тыххæ й сабиты æ хсæ н, ничи куымдта сыгъдырдыгæ й лæ ууын.

Уыцы загъдæ н мад ссардта фæ рæ з:

— Ды, Иветæ, дынджыр дæ, лæ удзынæ сыгъдырдыгæ й!

Сывæ ллæ ттæ й алчидæ р ссардта, змисæ й хафт табуреткæ йыл йæ хицæ н сæ рмагонд бæ рæ ггæ нæ н: чи — зæ гæ л, чи — фæ йнæ джы фаз, кæ нæ та хъæ дæ н йæ хи мидæ г исты нывæ фтыд.

Иу уысм сабитæ нал уæ ндыдысты дзурын. Æ мбæ рстой: мад «мæ фыдыстæ н» куы зæ гъа, уæ д тынг мæ сты у.

Фæ лæ та сывæ ллæ ттæ сæ хи мидæ г фæ хъæ лæ ба сты. Сæ уидгуытæ й та хойынц табуреткæ, Иветæ йы уидыг ацы хатт асхъиудта пъолмæ. Афтæ зынди, цыма арв куы æ ркалдаид, уæ д дæ р нæ басабыр уыдаиккой.

Мад рамæ сты:

— Æ ррагæ нæ н хос бахордтат æ ви? Басабыр ут уын куы загътон! — Нæ сабыр кæ нынц. Нада ныккуыдта:

— Аслан мæ фæ надта...

— Уæ дæ афтæ у?.. — Залихан хæ цъилтæ й фæ хæ цыд тæ вд касы цугуныл, путт-путгæ нгæ йæ кæ ртмæ адавта æ мæ йæ афæ лдæ хта:

Иу цъусдуг фæ сабыр сты.

— Гъеныр мæ сау хæ рæ джы игæ ртæ бахæ рут! — афтид цугунимæ фæ мидæ г Залихан.

Сывæ ллæ ттæ йæ куы ауыдтой, уæ д кæ мæ н йæ дзых хæ лиуæ й аззад, кæ мæ н йæ къух æ д уидыг хæ рдмæ хъилæ й.

Урс касы чысыл зæ й тæ фкалгæ аивылд кæ рты. Фаризæ ты кæ рчытæ йыл амбырд сты. Уасæ г дзы йæ бырынкъ фæ цавта, ныттылдта йæ сæ р, йæ бырынкъ зæ ххыл цалдæ р сæ рфты акодта æ мæ хъохъогæ нгæ фæ раст каурæ бынмæ. Йæ фæ стæ азгъордтой кæ рчытæ дæ р.

Иветæ йæ цæ стытæ доны разылдта. Фестад. Систа йæ уидыг, араст кæ ртмæ. Йæ фæ дыл хъуызæ гау ацыдысты иннæ тæ дæ р. Дзуццæ джы æ рбадтысты касы алыварс.

Мæ нæ и! Пырындзы хуызæ н кас! Кæ сынц æ м сабитæ. Иветæ атъыста йæ уидыг касы тæ нæ г цъары, цъар фескъуыд æ мæ йæ тæ ф скалди.

— Йæ уазалтæ -уазалтæ йын хæ рут, — загъта Иветæ. Нада æ мæ Розæ йы æ ддæ дæ р абадынгæ нгæ йæ.

Цыппар уидыджы нæ уагътой касы сæ рыл цъар æ вæ рын.

— Фу! Ме ’нæ уынон фæ ут! Дæ лæ уыдонæ й хуыйы хъыбылтæ й цы хъауджыдæ р ис?! Мæ кæ рт цæ мæ йты байдзаг! — йæ сæ р тилгæ бацыд цæ хæ радонмæ Фаризæ т.

Сывæ ллæ ттæ йæ уынгæ дæ р нæ фæ кодтой. Хорз фæ минас кодтой пырындзы хуызæ н касæ й, сыджытæ мхæ ццæ йæ. Розæ æ гæ р хæ стæ г бабырыд касы зæ ймæ. Иветæ йæ æ ддæ дæ р куы аггуырста, уæ д федта — йæ мад къæ лидоры цæ джындзы æ нцой лæ ууыд æ мæ ставд цæ ссыг згъæ лдта. Цæ уылнæ бахаста йæ мадæ н кас, æ рдæ г фых кас, йæ лæ хурд змисау кæ мæ н уыд, уыцы касæ й. Уый йæ хицæ н никуы ныххатыр кæ ндзæ н. Ныр дæ р йæ цæ стытæ донæ й айдзаг сты. Иветæ йы зæ рдыл æ рбалæ ууыд сæ картоф. Чи зоны, бæ ззы хæ рынæ н. Бæ здзæ н, фарон Габеты рудзгуыты бын уарди дидинæ г куы калдта, уæ д сын сæ мад ног картæ фтæ куы сфыхта, донджахитæ уыдысты, фæ лæ уæ ддæ р хордтой. Ныр та уыцы дидинæ джы къудзитыл федта уагъылыйау мыггаджы къуыбæ рттæ.

«Райсом дзы æ нæ мæ нг æ ркъахдзынæ н. Сфыцдзынæ н ног картæ фтæ ». Ахæ м зæ рдæ рухс хъуыдытимæ афынæ й.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.