Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æхсырф



1943-æ м азы сентябры мæ йы фыццаг бонтæ й иуы, мæ нæ уы æ фсиртæ кæ рддзыхы уидзæ г сывæ ллæ ттæ, хурныгуылды сæ афтид хызынтæ сæ уæ хсчытæ æ мæ фæ рстыл тилгæ, хъæ уы дæ ргъмæ уынгты апырх сты. Иветæ та ацыд æ мраст цæ хгæ рмæ уынджы донгуырæ ны ’рдæ м сæ химæ. Йæ хи мидæ г цыдæ р æ нахуыр тыхст, æ вæ ццæ гæ н, быдыргæ сы бæ лдойы йас къух йæ хызыны кæ й æ рзылд æ мæ дзы иу цъæ мæ л мæ нæ уы æ фсир дæ р кæ й нæ ныууагъта æ мæ та, æ фсæ йнаг æ фтулкæ йы уырынгтæ тымбыл хъæ лæ сæ й иу лæ хурды тæ пп дæ р кæ й нæ ракæ лдзæ н, ууыл... Йæ сæ ры, иу цымгæ йы фаг лæ хурдыл мæ ты мигътæ æ мзилахар кодтой кæ рæ дзийы къуыргæ æ мæ, цыма æ рвнæ рæ гау сæ хъæ р фехъуыст, афтæ йæ хъустыл ауад кæ уын... Сæ кæ ртæ й ахæ м кæ уын райхъуыст æ ртæ хатты хæ сты райдайæ нæ й, ныр та — цыппæ рæ м... «Папæ »... Исдуг цавддурау фæ ци, стæ й сонт згъорд бакодта æ мæ, сæ кæ рты кауыл ныззæ гæ л йе ’нгуылдзтæ й.

Кæ рты цалдæ р усы куыдтой. Фаризæ т ныхъхъарæ г кодта: «... Курсчы хæ сты быдырты нын Дрис æ мæ Тамби бадæ лгом сты»... Куыдтой йæ мад æ мæ йæ кæ стæ ртæ.

Йæ кæ рддзых æ мæ дæ рзæ г мæ нæ уы æ фсиртæ й скъуыдтæ къухтæ кауы уистæ тынгдæ р æ лвæ стой. Йæ цæ стытæ атартæ сты, сындæ ггай æ рлæ мæ гъ... Йæ хъусты айзæ лдысты, сæ рды дæ ргъы сын сихоры улæ фтафон хæ сты хабæ рттæ газетты кæ сгæ йæ цы дзырдтæ хъуыста, уыдон: «Харьков»; «Ленинград»; Орел-Курсчы къæ лæ т»; «Прохоровкæ... » Йæ сæ р сах уазал аци, йæ цæ сгомы цъар, цыма, йæ ныхæ й дæ лæ мæ æ рбырыд æ мæ, æ рхауд... Æ рчъицыдта йæ сынтæ джы.

Дыккаг бон боныцъæ хтыл Иветæ йы райхъал кодта йæ мад. Фæ гæ пп кæ н, мæ хур, уынджы дæ умæ кæ сынц, зæ гъгæ, йæ батылдта.

— Кæ с-ма, — йæ авгыл ног мæ йхуыз сау ала сыкъайæ кæ мæ н бадт, уыцы цырагъы рухсмæ йæ м æ вдисы йæ дзабыртæ Залихан. — Знон та сæ быдырæ й фаринтæ й æ рбахастай, кæ фы дзыхау, уæ фстæ уæ лфæ дтæ й иртæ стæ й. Дысон сæ бахуыдтон.

Иветæ рабадт, цыма йæ нартхор хойæ н фæ хты фæ хостой, ахæ м уавæ ры. Дзабыртæ йæ къæ хтыл акодта, хъуывгъаны донæ й тасмæ йæ хи æ хсгæ йæ бафарста йæ мады, сæ æ рцындзæ н йæ тигътæ куы ныггуылы сты, уæ д сæ цæ мæ й бахуыдта.

— Туас æ мæ хæ сгарды сыгты фæ зилæ нты æ ххуысæ й, — дзуапмæ фæ рæ вдз мæ гуыр мад.

Иветæ фæ сдуар зæ гæ лыл ауыгъд голлагæ й хуыд хызынмæ куы февнæ лдта æ мæ Залихан æ хцон улæ фт куы скодта, раст уыцы цъусдуг чызджы къух зæ гæ лыл афæ стиат, хъызт зымæ джы хуылыдз къух дуары æ фсæ йнаг хæ цæ ныл куыд андæ дза, афтæ æ мæ разылд... Йæ мад цырагъы рухсмæ ауыдта сывæ ллоны цæ стыты хиваст æ рттывд. Нæ фæ рæ дыд — Иветæ дын афтæ куы зæ гъид:

— Мамæ, æ з быдырмæ нал цæ уын...

— Мæ арт бауазал, уый та куыд?! — фыртас æ мæ лæ гъстæ йæ дзуры мад йæ чызгмæ. — Ды, мæ къона, быдырмæ куы нæ цæ уай, — йæ къухтæ æ ууæ рды фыр катайæ, — уæ д нын нæ ма-амæ лайы касдонваг чи амал кæ ндзæ н?..

Иветæ йе скъуыдтæ хус къух зæ гæ лæ й нæ исгæ йæ загъта:

— Бригадир нын афтæ фæ зæ гъы, быдыры кусут, кæ ннод уæ фыдæ лтæ хæ сты сыдæ й амæ лдзысты... Папæ фæ мард... кæ мæ н ма уидзон æ фсиртæ? Мамæ, быдыры кусын тынг зын у... мæ сæ р зилгæ фæ кæ ны...

— Зонын, мæ хур, фæ лæ ды быдырмæ куы нæ цæ уай, уæ д сыдæ й амæ лдзыстæ м, — йæ кæ уындзæ джы къуыбар, цыллæ йы къуыбарау, йæ хъуыры абадт...

Æ мæ гъе уæ д Иветæ йы рахиз къух зæ гæ лæ й систа хызыны бос.

Уынджы лæ ууыдысты бригадир, сылгоймæ гтæ, сывæ ллæ ттæ — лæ ппутæ й 12–13–14-аздзыдтæ н сæ уæ хсчытыл — æ хсырфытæ, иннæ тæ та — хызынтимæ.

Бригадир Залиханæ н уайдзæ ф кæ ны, йæ чызг сæ кæ й ныффæ стиат кодта, уый тыххæ й. Мад батыхст. Хуыцау бахизæ д, агъуысты сæ м цæ уыл ныхас рауад, уый искæ й хъустыл æ рцæ уа. Зауырбег сæ м уæ лбæ хæ й дзуры, фыййау йæ фысты дзугмæ дзурæ гау, цом, зæ гъгæ. Æ мæ, быдырдзаутæ афтæ æ нхъæ л куы уыдысты, Иветæ сæ кæ й ныуурæ дта, уый тыххæ й къæ мдзæ стыгæ й сæ разæ й фæ уыдзæ н, зæ гъгæ, уæ д дын сæ дисæ н æ мæ йæ мады хъыгæ н афтæ куы зæ гъид:

— Æ з быдырмæ нал цæ уын. Папæ фæ мард йе ’фсымæ ртимæ. Кæ мæ н ма æ мбырд кæ нон мæ нæ уы æ фсиртæ, Гаспойы цæ хæ радоны та æ мбыд фæ ткъуытæ?..

Адæ м фæ сах сты сывæ ллоны ныфсхаст ныхасæ й, исдуг хъуыст цъиуты зарын. Залихан та фыр æ фсæ рмæ й кауыл йæ хи бауагъта. «Куыд бауæ ндыд?.. Уый æ нхъæ л та чи уыди æ мæ хъæ убæ сты раз афтæ зæ гъдзæ н?.. » — сагъæ сы аныгъуылд фыртыхстæ й.

Æ мæ, афтæ æ нхъæ л куы уыди, мæ гуыр, ныртæ ккæ сыхы сылгоймæ гтæ æ мæ Зауырбег алывыдтæ акалдзысты йæ чызгæ н, уæ д фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й бригадир дын афтæ куы зæ гъид:

— Иветæ, бабайы хур, мах карст мæ нæ уы быдыр а дыууæ боны фæ ззыгæ ндæ н, ома, иннæ азы мæ нæ уæ н бацæ ттæ кæ нын хъæ уы. Цъæ л æ фсир нæ, фæ лæ иу нæ мыг дæ р хуымы, карст хуымы уадзæ н нæ й, — æ мæ кæ д йæ амонæ н æ нгуылдз сæ ууон сæ уæ хсиды цæ сгоммæ фæ зынд æ ртхъирæ нгæ нæ гау, уæ ддæ р та Иветæ сдзырдта:

— Нæ цæ уын. Стæ й та уыцы мæ нæ уæ н дæ р йæ сау къоппайы уидаг арынгкъахæ нæ й рувдзыстæ м?!

— Нæ, иннæ азмæ нæ ахуыргæ ндтæ исты хос æ рхъуыды кæ ндзысты йæ ныхмæ.

Хъуыддаджы фæ дыл кæ д цыди ныхас, уæ ддæ р Залиханмæ та фæ каст, цыма йæ чызджы ныхæ стæ сæ ууон дымгæ аскъæ фта хъæ убæ сты алы хæ дзармæ æ мæ йæ фыдгой кæ ндзысты... «Афтæ у?.. » — бадодой кодта йæ чызгмæ йæ хинымæ р æ мæ бауад кæ ртмæ, сæ агъуыстмæ бахизæ ны къæ лидоры решеткæ йы цæ джындз æ мæ фæ йнæ джы æ хсæ н зыхъхъырæ й фелвæ ста æ хсырфы фындз. Адæ м æ нхъæ л уыдысты сæ химæ бацыд. Фæ лæ дын уынджы февзæ рд æ хсырфимæ, бацыд Иветæ мæ, йæ къухæ й йын йæ хызын райста æ мæ йын афтæ:

— Иветæ, ды ныр стыр дæ. Аст азы æ мæ дыл карст-барстæ й авд мæ йы сæ ххæ ст. Райс æ хсырф... Кæ рд мæ нæ у...

Сылгоймæ гтæ схор-хор кодтой... «æ хсырф!.. » Æ нæ уый дæ р аивæ й сæ цæ ссыгтæ сæ рфтой. Фæ лæ дын сæ дисæ н Иветæ æ хсырф куы райсид йæ мады къухæ й. Дуне чызджы размæ бауад æ мæ ныфсджынæ й загъта:

— Иветæ йы æ хсырфæ й мачи тæ рсын кæ нæ д. Уый фаронæ й нырмæ каурæ бынты, бæ рæ зеты æ хсæ нты, мæ нтæ г кæ рды сугæ н. Аргъæ утты дзурæ г цуанон æ д къала бæ лас фездæ хт, зæ гъгæ, афтæ, мæ нтæ г йæ пылы хъустимæ, хæ дзармæ ласы.

— Кауы михы стæ вдæ н мæ нтæ джы зæ нг чи дзæ нгæ л кæ ны, — йæ ныхас баппæ рста Варигга дæ р, — уый мæ нæ уы тихалæ г зæ нг нæ кæ рддзæ н?

Бригадир, саби-чызджы къухы æ хсырфыл сæ уæ хсиды тæ мæ н куыд ахъазыд, уый куы ауыдта, уæ д быдырдзауты стыф ныхасмæ исдуг хъусгæ аззад, стæ й дын куы фæ тъæ лланг ласид:

— Мæ нæ у кæ рдын искуы-иу мæ нтæ джы зæ нг ахепп кæ нын нæ у! Гъе стæ й æ ппынфæ стаг, æ з ам чи дæ н? Кæ й къухмæ цы кусæ нгарз дæ ттын æ мбæ лы, уый æ з нæ зонын?! — Ныхасы уаг æ ххæ ст кодта йæ тыхт ехсы змæ лдæ й. Фездæ хт Иветæ мæ. — Рæ вдз, æ хсырф каубыды фæ садз. Райс дæ хызын æ мæ фæ цæ уæ м!..

Иветæ æ хсырфы фындз каубыды уылынгбæ рц куы фæ сагъта, йæ мады къухæ й йæ хызын куы райста, уæ д ма бригадир мæ стæ лгъæ дæ й афтæ сдзырдта:

— Гъе уый дын «аст азы æ мæ карст-барстæ й, авд мæ йы!.. » Хъæ уы фæ стæ уæ рæ х æ мæ арф тагæ й куы ахызтысты, уæ д дзæ бæ х æ рбарухс. Хур йе скæ сæ ны къæ сæ рмæ куыд фистæ г кодта, зæ ххы къорийы зилынмæ гæ сгæ, афтæ хурыскæ сæ ны уæ рæ х горизонт æ хсырхуыз адардта. Хуры тынтæ, арвыл цы панорамæ йыл айтыгътой сæ хи, уым цы мигътыл æ мбæ лдысты, уыдон та, мигътæ н сæ хи æ рттивагимæ, сæ тæ мæ нæ й фæ лыстой; кæ й уардихуыз, кæ й та — æ рвдидинхуыз.

Хуры тынтæ арвыл, домбай мæ лхъы пака къæ дзилау, апырхугы...

Иветæ йы æ хсырф каубыды зыхъхъыры бирæ нæ афæ стиат. Йемæ йæ хаста колхозы быдырты куыстытæ м: картофкъахæ нты быдырæ й йе ’ккой хаста хæ мпæ лты уаргъ изæ рæ й йæ хæ дзармæ. Уый фæ стæ ралæ ууыд æ хсынæ н æ фснайыны афон. Быдырдзаутæ æ хсырфæ й карстой æ хсынæ ны хурхуыз тымбыл чъиритæ æ мæ сæ хастой æ хсæ руисæ й быд тæ счъыты кæ римæ.

Иветæ афтид тæ скъимæ кæ рийæ куы фездæ хт æ мæ æ нæ карст хуымæ й куы рахызт, уæ д стыр дисæ й федта карст æ хсынæ ны ставд хъæ дтæ, ногсагъд хъæ дуры хъилтау. Уайтагъд фембæ рста — æ хсынæ ны зæ нг агургæ ’мæ æ нæ аргæ артаг кæ й у, уый. Уыцы бон изæ рæ й æ хсынæ ны зæ нгты егъау æ ргъом, гæ дидымæ джы фæ салæ й здыхт къæ рмæ гæ й куы алвæ ста æ мæ йæ йе ’ккой куы акодта, уæ д, куыд æ нхъæ л уыди, ахæ м хус æ мæ рог нæ разынд йæ артаг. Сæ химæ йæ куы æ рыргъæ вта, уæ д уыцы фæ дыл йæ хи фæ зылдта, айфыццаг Гаспойы цæ хæ радоны дыргъ бæ лæ стæ æ хсæ дынæ й цы къалиутæ æ рбахаста, фæ стауæ рц кæ й кодтой, уыдонмæ. Цыппар кауы михты стæ вдæ нтæ дзы систа, сугсæ ттæ н къодахæ й фæ рæ т фæ цъортт ласта æ мæ сæ цыргъ кæ нынмæ фæ ци. Фæ рæ ты хъæ рмæ рауад Залихан, йæ фæ стæ разгъордтой сывæ ллæ ттæ. Цы сæ кæ ны, уымæ й йæ мад куы бафарста, уæ д загъта:

— Бригадир мын бар радта æ хсынæ ны хъæ д хæ ссын, — ацамыдта æ ргъоммæ.

Мад цингæ нгæ загъта:

— Райсом бæ ндæ н ахæ сдзынæ, кæ мдæ р нæ м ис бæ ндæ ны скъуыддзаг. Æ мæ уæ ддæ р, цы сæ кæ ныс, æ нхъæ л уыдтæ н сугæ н сæ сæ ттыс, ды та сæ цыргъ куы кæ ныс?

Иветæ къæ лидоры размæ ацамыдта:

— Ам сæ амайдзынæ н дыууæ дæ ргъæ й æ мæ быцæ утæ цæ ттæ кæ нын, — лæ ппумæ дзуры. — Табуреткæ мын радав.

Аслан рæ вдз радавта табуреткæ. Цыппар михæ н сæ сæ ртæ хæ рз цыргъæ й решеткæ йы æ нцой куы алæ ууыдысты, уæ д Иветæ бандоныл алæ ууыд. Аслан æ м мих авæ рдта, Залихан табуреткæ йыл йæ дыууæ къухæ й æ нцади æ мæ, фæ рæ ты къæ бутæ й мих зæ ххы хойын райдыдтой...

Цыппар михы къæ лидорæ й 1, 5 метры æ ддæ дæ р куы алæ ууыдысты, уæ д ма сыл Иветæ йæ къух ахаста батилгæ йæ — хъæ ддых лæ ууынц æ ви нæ, уый Аслан дæ р афæ лвæ рдта æ мæ иууылдæ р зæ рдæ рухсæ й михтæ м кæ сгæ куы аззадысты, уæ д цæ хæ радонæ й дыууæ кæ рдойы бедраимæ рацыд Фаризæ т æ мæ дын айуан кæ ныныл схæ цыд Иветæ мæ дзургæ йæ:

— Уый та дын цы у, æ нæ нтыст? Нарты Сырдонæ й фæ диссагдæ р дæ, уый кулдуарæ н дыууæ михы ныссагъта, ды та — цыппар.

Цавæ р дæ, нæ дæ р фæ ллайгæ кæ ныс, нæ дæ р — зивæ г. Авдудон дæ æ ви цы? — ныххудти æ мæ, зæ ххыл дæ р кæ й нæ æ рывæ рдта, уыцы зымæ гон кæ рдоты бедратимæ азылд хæ дзары уæ лæ ты пъадвалмæ.

Пъадвалы даргъ тæ рхæ джытыл, æ йчытæ къуыртты æ вæ рæ гау, кæ рдотæ куы æ рæ вæ рдта Фаризæ т, уæ д хъуыды кодта цыппар михыл. Куыд кæ сы, афтæ мæ й йæ аныгуылинаг чызг æ хсынæ ны хъæ дæ й байдзаг кæ ндзæ н, афтæ мæ й зымæ г сæ агъуысты доны бедра нал сæ лдзæ н...

Залихан цинкæ нгæ каст михтæ м, раст ын цыма ног хæ дзары цæ джындзтæ ныссагъта йæ чызг, афтæ. Иветæ фæ рæ т къодахы фæ сагъта, æ ргъомы баст фехæ лдта æ мæ лæ ппу хъæ дтæ зæ ххыл бæ стон авæ ры... Æ виппайды сæ цуры Фаризæ т февзæ рд, йæ æ вирхъау ныхæ стæ йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ сы зыр-зыр цыма кодтой, афтæ мæ й сæ згъæ лдта æ нæ сæ рфатæ й:

— Цы мын æ рсагътат мигътæ?! Мæ тæ ккæ ракæ сæ ны. — Йæ хи баскъæ рдта Залиханмæ, — ацу ардыгæ й, ныр дæ р зæ гъыс, Тамби мард нæ у?..

— Нæ у, — фæ рæ вдз Залихан, — хæ сты фыццаг сæ рд дæ р афтæ дзырдтай.

— Мæ н аххос нæ уыд, нæ хъæ уы лæ ппутæ цы поезды цыдысты хæ стмæ, уый ныппырх... стæ й дзы писмо нал цыди... — Йæ мысты лыстæ г сау цæ стытæ ферттывтой æ ууæ нкджынæ й. — Цы бæ рæ г ис, кæ д гъе уæ д фæ мард, ныр та йæ зонгæ бакодтой...

— Æ фсæ рмы нæ кæ ныс? — дзуры йæ м Залихан, — тынг хорз зонæ м, — амоны йæ разы зæ хмæ, — ам нæ химæ кæ й хæ цыд, уый.

— Зонæ м, — йæ ныхас баппæ рста Иветæ, ахæ м бар ын йæ мад нæ дæ тты, стырты ныхасмæ дзургæ нæ, фæ лæ йæ хъус дæ р ма дарæ д, — уæ дæ папæ йы кæ рц кæ м ис? Хæ стмæ йын æ й ам мамæ нæ арвыста? — йæ мад æ м ацамыдта, «мацы дзур» — зæ гъгæ. Сывæ ллæ тты та мидæ мæ барвыста.

Фаризæ т Иветæ мæ йæ хи фæ зылдта, йæ дыууæ лыстæ г æ нгуылдзы йын йæ цæ стытæ м бахаста, чызг æ ддæ дæ р алæ ууыд, фæ лæ ус йæ фæ стæ нал акъахдзæ ф кодта, афтæ мæ й йæ м дзуры:

— Æ з дын дæ дыууæ цъæ х цæ сты феппардзынæ н, — æ нæ уынон, былысчъилæ й йæ дзыхæ й хауынц йæ зæ рдæ йы уаг æ вдисæ г ныхæ стæ. — Ничи йæ м кæ сы, æ рдæ бон дæ р ма йæ загътон, нæ дæ р фæ ллайгæ кæ ны, нæ дæ р зивæ г кæ ны. Уылынджы асæ й æ ндæ р нæ у æ мæ бинонты нæ дæ р сыдæ й мæ лын уадзы, нæ дæ р уазалæ й, — йæ рахиз къухæ й ацамыдта хъæ убæ стæ м æ мæ дардмæ, горæ ты ’рдæ м. — Акæ сут-ма, гъæ йтгæ нгæ цæ хæ радонæ й, фосæ й дзаг хæ дзæ ртты сывæ ллæ ттæ дæ р чехоткæ йæ уолæ горæ ты сæ йынц, куыд фехъуыстон, афтæ мæ й чехоткæ ты рынчындон йæ тæ ккæ цъупдзаг у адæ мæ й, уæ лдайдæ р сывæ ллæ ттæ й. Адон та æ хснырсгæ дæ р нæ кæ нынц. Фæ лæ уу, — йæ æ нгуылдз æ м тилы, — æ з дыл, хъæ усоветмæ... кæ ддæ ра нæ бахъаст кæ ндзынæ н, — ныр та Залиханмæ фæ ци. — Æ з дын афтæ зæ гъын, ацу ардыгæ й, сывæ ллæ ттæ хæ ссын дæ бон нæ у. Сывæ ллæ тты уолæ сидзæ рты хæ дзармæ ратт, дæ хæ дæ г ацу дæ цæ гатмæ, дæ амонд ссар, нырма хæ рзæ рыгон дæ...

— Æ з дын куыд фæ зæ гъын, ныр æ ртыккаг аз, афтæ дын зæ гъын ныр дæ р: Æ з Уæ ртейы ингæ нæ н удæ гас цыртдзæ вæ нæ н фæ лæ удзынæ н... — йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г...

Фаризæ т ахъаззаг мæ сты æ рбаци, æ цæ гæ йдæ р йæ хъыбылтимæ йæ кæ ртæ й куы нæ ацæ уа. Йæ хи йæ м фездæ хта цæ выны уагæ й, фæ лæ Иветæ йæ размæ алæ ууыд æ мæ йæ м хæ рдмæ кæ сы. Фыдсыл фездæ хт æ мæ цæ хæ радоны скуыси йæ афтид дыууæ бедрайы кæ рты фæ уадзгæ йæ.

Колхозы æ хсынæ ны кæ рдинаг быдыр колхозонты æ рттиваг æ хсырфыты зæ ллангæ й йæ кæ ронмæ куыд лыгъди, афтæ Залиханты тыргъы фæ йнæ гхуыд цыппар хъилы æ хсæ н та æ хсынæ ны хъæ дты цæ нд, бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р йæ хи иста æ мæ, фæ йнæ гхуды сæ рты базынд, мæ гуыр агъуыстæ н тыргъмæ цы рудзынг уыди, уырдыгæ й мидæ мæ.

Амондджын зæ рватыкк

Уалдзыгон райсом. Сыгъзæ рин хур йæ тынтæ зæ рста бæ стыл. Хур стылд сыгъдæ г цъæ х арвы тыгъдадмæ. Йæ рухс тынтæ м цъитиджын хæ хтæ æ взистау тæ мæ нтæ калдтой. Хур хъуамæ барæ вдауа йæ тынтæ й алы хæ дзар, алы къона дæ р, фæ лæ йын уый нæ бантыст. Йæ хъарм тынтæ м райхъал æ рдз, хъæ ды, хъæ уы урс фестадысты æ хсынцъы æ мæ чъерами бæ лæ стæ. Таджы былты, донхæ рис бæ лæ стæ кæ рдæ гхуыз дарийæ сæ хи сфæ лыстой. Иннæ бæ лæ стæ нырма нæ ма æ вдисынц сæ буц дидинсыфтæ р, фæ лæ сæ тыппыр къуыбыртæ æ ввонгæ й лæ ууынц. Æ ртахтысты хъарм бæ стæ й цъиутæ. Сæ хъæ лдзæ г цъыбар-цъыбурмæ зæ рдæ райы. Гаккгукгæ нæ джы уаст куы иу ранæ й, куы иннæ ранæ й райхъуысы. Нæ ма æ ртахт зæ рватыкк.

Колхоз «Сырх Тырыса»-йы разамонджытæ бауынаффæ кодтой: 14–15-аздзыд лæ ппутæ хъуамæ Сылтаныхъмæ хуым кæ нынмæ ацæ уой, гутоны ифтындзынмæ чи бæ ззы, ахæ м уæ нгуытæ æ мæ хæ рджытимæ. Сидзæ ргæ стæ й та рацæ уæ нт æ д белтæ. Дыууæ мæ йæ фылдæ р хъæ убæ сты ничиуал федта хъомыл лæ ппуты.

Сылтаныхъы уыдысты куыстхъомдæ ртæ. Иннæ тæ та — æ ввахс быдыры. Картофы бедра хæ ссынхъом чи у, уыцы сывæ ллæ ттæ дæ р семæ, картоф садзын йæ бон кæ мæ н нæ у, уыцы сабиты та Гаспойы цæ хæ радонмæ дыргъ бæ лæ стæ чъырæ й цæ гъдынмæ акодтой. Гъе, афтæ бæ стон уæ рст уыдысты куыстытæ кусæ гкъухмæ гæ сгæ. Гаспойы цæ хæ радонмæ хæ стæ г колхозонтæ садзынц картоф. Алкæ мæ н дæ р ис хайгонд. Чи куыд кусы, уымæ гæ сгæ сын лæ вæ рдтой кæ рдзыны къæ бæ р. Уыцы бон картоф садзынмæ Залихан дæ р уыди быдыры. Æ ппæ рста картофы мыггаг дзыхъхъытæ м.

Иууылдæ р сылгоймæ гтæ. Ныййарджытæ кусынц белæ й, сæ хъæ бултæ æ ппарынц мыггаг. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ сæ сæ ртæ схъил кæ нынц æ мæ тарст цæ ргæ сау акæ сынц дыргъдонмæ. Маша бакатай кодта:

— Кæ д мæ чысыл чызджы цæ сты чъыр бакалд, мыййаг?..

— Ма тæ рс, — зæ рдæ йын авæ рдта Олгæ.

— Зæ рватыкк! — ныццин кодта Иветæ.

Иууылдæ р сæ сæ ртæ фæ хъил кодтой арвмæ: зæ рватыкк сыгъдæ г арвы тыгъдады цъыбар-цъыбургæ нгæ тахти.

— Сыгъзæ рин æ рбауай!..

— Цæ й æ рæ гмæ нæ м зындтæ?..

Зæ рдæ рухс ныхæ стæ кодтой фæ ллад адæ м, цъиуы фæ стæ кæ сгæ йæ.

— Мæ гуыры бонтæ! — тарстхуызæ й сдзырдта Олгæ. — Акæ сут-ма! Бæ хджын нæ м куы æ рбатындзы!

Иууылдæ р, стырæ й-чысылæ й, сæ сæ ртæ аздæ хтой хъæ уы ’рдæ м. Цъæ х мæ нæ уы хуымты æ хсæ нты фæ ндагыл згъоры барæ г.

— Цы хабар та ис? — йæ къухæ й хураууон акæ нгæ йæ загъта Залихан, — нæ сæ рдары фырт Петр куы у.

Сæ белтæ аппæ рстой, амбырд сты иу ранмæ, сидзæ р цъиутæ къæ вдабон сарайы къуымы куыд батымбыл вæ ййынц, афтæ.

Иветæ йæ бедра авæ рдта, бел систа зæ ххæ й, дзыхъхъытæ кæ нын райдыдта. Карчы æ фтуаны хуызæ н дзыхъхъытæ гæ нгæ, рæ гъ бахæ ццæ кодта Машайы хайы онг. Ким дæ р Иветæ мæ гæ сгæ райста бел. Тынг æ нæ зивæ г февнæ лдта лæ ппу, фæ лæ не ’ййæ фта чызджы. Уый архайдта тынг тагъд æ мæ цырд. Бедра йæ хицæ й æ ддæ дæ р авæ ры, дыууæ къухæ й æ ппары мыггæ гтæ дзыхъхъытæ м.

— Иветæ, — загъта Ким. — Цæ й, иумæ кусæ м, æ з дзыхъхъытæ кæ ндзынæ н, ды — æ ппар.

— Цæ й, — сразы чызг. Уыцы рæ стæ г йæ хъустыл ауад бæ хы къæ хты хъæ р.

— Хæ ст банцад! Хæ ст фæ ци! — йæ дзыхыдзаг хъæ р кодта дæ рддзæ фæ й Петр.

Сылгоймæ гтæ ныккуыдтой. Иветæ æ мæ Ким æ рызгъордтой сæ ныййарджыты цурмæ.

— Мамæ, цы кодтай? Мамæ, цæ уыл кæ уыс?

— Хæ ст банцад. Хæ ст басабыр, — Залихан йæ чызджы æ рбахъæ быс кодта. Акаст барæ джы фæ дыл. Уый тæ хы, цины уац хæ ссы иннæ бригæ дтæ м.

Хъæ умæ здæ хын райдыдтой хæ стонтæ, чи æ нæ къахæ й, чи æ нæ къухæ й, чи та рæ уджыты низимæ. Æ нæ уæ нгхъуаг чи уыди, уыдонæ й та кæ мæ н йæ риуы, кæ мæ н йæ къахы — знаджы нæ мыджы схъис.

Амондджын зæ рватыкк бирæ ты хæ дзары сæ р нæ абадт. Налыхъы хæ дзары рæ зты тæ хгæ дæ р нæ акодта.

Налыхъ уыцы аз амард.

Олгæ йæ н йæ лæ г Чертыби службæ мæ куы ацыди, уæ д аргæ вста дыууæ хъазы. Иу дзы сывæ ллæ ттæ н бахæ рын кодта, иннæ йы та сауыгъта цары тохынайы фæ здæ гмæ, «махон куы фæ зына». Цары нард хъаз фæ здæ гдзыд бурбын сси. Йæ адджын тæ ф фындзы хуынчъытæ цæ вы: фæ лæ йæ м кæ сгæ дæ р никуы фæ кодта, махоны былыл исты рауайдзæ н, зæ гъгæ. Æ хсæ вæ й — райсоммæ, райсомæ й — изæ рмæ, уалдзæ гæ й — фæ ззæ гмæ, фæ ззæ гæ й — уалдзæ гмæ, æ мгъуыдтæ кæ нгæ æ нхъæ лмæ каст æ рыгон сылгоймаг йæ цардæ мбалы ссыдмæ. Цары ауыгъд хъазæ й ма баззад стæ гдар, ныххус, нымпылд. Чертыбийы æ рæ ййæ фта Германы хæ ст. Фыццаг къуыри йын райста йæ сæ фты гæ ххæ тт, срæ лæ нæ фæ ллайы Олгæ æ нхъæ лмæ кæ сынæ й. Хъазы стæ гдар тохынайы сæ рмæ лæ ууы. Цал азы ма фæ лæ ууыдаид, чи зоны? Фæ лæ йæ хæ дзары сæ ры тигъты сæ рстытæ æ рызгъæ лдысты. Габе хæ стæ й куы æ рцыд, уæ д схызт фисынтæ сæ рдынмæ. Ауыдта хъазы стæ гдар, дисæ й бафарста:

— Дæ хорзæ хæ й, Олгæ, ай та дын цы у?!

— Цы?! — сонтæ й афарста, фембæ рста йæ. — А-а, ницы, — æ нкъардæ й загъта ус.

— Уый папæ йы æ рцыдмæ ныууагътам...

— Уый папæ йы хай у! — Æ хсарбег æ мæ Цета — Олгæ йы сывæ ллæ ттæ, кæ рæ дзийæ н бар нæ лæ вæ рдтой дзурынмæ. — Ма йæ м бавнал, папæ йы у!..

Габе тохынайы раз æ рбадт, каст цары къуыммæ джихæ й.

Уыцы хабар радзырдта йæ усæ н, уый та йæ фæ кой кодта.

— Уæ дæ й фæ стæ мæ Олгæ йы «рæ мпæ г» схуыдтой.

«Рæ мпæ г» йæ цардæ й бирæ хатт ратыхсы, фæ лæ йæ алыварсмæ куы акæ сы, уæ д та æ нхъæ лмæ кæ сын райдайы. Стæ й цæ уылнæ хъуамæ æ нхъæ лмæ кæ са? Арыпханты Дуне æ мæ Адзæ дзеты Маша куы фæ разынц. Йæ файнуст уыцы зын фадæ тты быхсы, æ нхъæ лмæ кæ сы. Æ нхъæ лмæ кæ сынц, мингай æ мæ мингай сылгоймæ гтæ. Æ мæ уæ д кæ мæ й æ гуыдзæ гдæ р у Олгæ, цæ уылнæ хъуамæ æ нхъæ лмæ кæ са?.. Æ рæ джы Досги дæ р — сæ сыхаг «дæ сны» — афтæ куы загъта:

— Чертыбийæ н хæ дзармæ фæ ндаг ис.

Дæ сны Досгимæ -иу сæ ргуыбыр, æ нкъард, фæ лмаст сидзæ ргæ с куы балæ ууыд, уæ д-иу дзы зæ рдæ рухсæ й рацыд: «Дæ бæ лццон фæ ндагыл лæ уд у». «Дæ хæ дзармæ йын фæ ндаг ис». «Дæ мой дæ къæ сæ рæ й куы кæ сы уæ д, гормон, дæ хи цæ уыл хæ рыс? »

Гъе ахæ м зæ рдæ вæ рæ н ныфсытæ æ вæ рдта мæ гуыр сидзæ ргæ стæ н Досги.

Хорз фынæ й дæ р-иу барухс сидзæ ргæ сы зæ рдæ.

Иу бон Залихан донгонд хыссæ йæ скодта картофджынтæ. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, Маша йын цы бацамыдта, уый. Хыссæ йы мур йæ армытъæ пæ ны аууæ рста, тула дзы акодта, тæ вд къæ йыл æ й авæ рдта. Тула йын цыма йæ царды хъысмæ т равдыстаид, афтæ цымыдисæ й йæ м касти. Сидзæ ргæ сы цинæ н кæ рон нал уыди. Тула афаст иу кæ ронæ й иннæ мæ. Уый æ вдыста: «Уæ ртейæ н хæ дзармæ фæ ндаг... » Йе уæ нгтæ й æ рбайсæ фт йæ фæ ллад. Сывæ ллæ тты бахуыссын кодта, йæ хæ дæ г æ фснайынмæ фæ ци. Афтæ æ нæ фснайдæ й йæ куы сæ ййафа йæ лæ г?.. Худинаг...

Тула дæ р афæ ды кæ рæ й-кæ ронмæ, Досги дæ р дзуры «хæ дзармæ йын фæ ндаг ис», фæ лæ уæ ддæ р никæ цæ й зынынц бæ лццæ ттæ! Кæ мдæ р ныффæ стиат сты!..

Сидзæ ргæ с! Уыцы æ вирхъау ном йæ химæ æ мгæ рон дæ р ничи уагъта, йæ уарзон цардæ мбал хæ сты фыццаг бон кæ мæ н бадæ лгом, уыцы сылгоймаг дæ р. чи зоны, æ мæ исчи у сидзæ ргæ с, æ рмæ ст уый нæ у. Сæ фты гæ ххæ тт дæ р дзы афтæ æ нæ уый ссыди. Акæ с-ма, хæ сты æ мтъерыйы фæ рæ дийын цас диссаг у? Гъер Любæ дæ р уыдон хуызæ н уыди, æ мæ йын Габе не ссыди? Ссыди. Уымæ н дæ р зындзæ н. Уæ вæ н нæ й æ мæ æ рыгонæ й сидзæ ргæ сы гуыргъахъ æ мæ фыдбоны фæ ндаджы сæ р æ рлæ ууа. Фæ лæ... мæ нæ кæ мæ н сыздæ хт, уыдоны быдыры кусæ нгæ рзтыл ныридæ гæ н згæ куыд фæ хæ цыд, уый афтæ нæ бакæ ндзæ н. Цæ угæ скæ нæ д æ мæ ма йæ хæ дзары йæ къахвæ д фæ зынæ д, æ ндæ р алыбон дæ р цыппæ рвадæ й згъордзæ н быдырмæ. Нæ, хъалхуыз нæ уыдзæ н, уæ д æ м æ нæ лæ г устытæ хæ лæ г кæ ндзысты, уый куыд хæ лæ г кæ ны, афтæ, фæ лæ йæ хи дардзæ н æ нæ уæ лдайхуыз, мæ нæ гъер куыд у, афтæ.

Бирæ тæ -иу зæ гъгæ афтæ кодтой, фæ лæ Салыгæ рдæ нæ й Урсдоны хъæ дмæ згъорæ г «кукушкæ йæ » кæ й лæ г æ ргæ пп ласы, уый дыккаг бон быдыры сылгоймæ гты рæ нхъæ й фæ хъæ уы. Искуы ма иу хатт куадзæ нау ма фæ зынæ д, æ ндæ р. Кусæ г къухæ н быдыры уыди егъау хæ йттæ. Кусинаг быдыртæ дзæ вгар тъæ пæ нтæ уыдысты, сæ къæ бицтæ та — гаффутт. Сылгоймæ гты «кусгæ -къухтæ » лæ мæ гъ кæ й уыдысты, уый тыххæ й.

Цæ виттон, зæ ххы къорийы, æ мбал кæ мæ н нæ й, нæ уыцы намысджын Уæ лахизмæ цыдыстæ м æ мдых-æ мзондæ й гуыргъахъ фæ ндæ гтыл.

Хæ сты сидзæ ргæ стæ ныфсджынæ й хастой хæ сты æ мæ хæ сты фæ стæ йы царды уæ ззау къæ лæ т. Уырныдта сæ, уæ лдæ р куыд загътон, афтæ хæ сты къæ нцылар фæ рæ дыди, æ ндæ р, æ нæ мæ нг, уымæ н ссæ удзæ н. Уый сидзæ ргæ с нæ у... Æ мæ сæ уыцы ныфсджын хъуыды сайдта царды æ фсондзы бын цæ уынмæ, хæ фс калмы дзыхмæ цæ уæ гау.

Фæ лæ, оххай-гъе! — паддзахад дæ р зыдта, колхозы сæ рдар дæ р зыдта, уæ дæ Досги дæ р зыдта, хæ сты къæ нцылар хурау кæ й кусы...

Иветæ йы ацы аз дæ р не ’вдæ лы скъоламæ.. Хъæ хъхъаг куыдз йæ хицауы бæ стыхæ йттыл æ хсæ в-бонмæ дугъ куыд кæ на, афтæ уый зилдух кодта сæ цæ хæ радоны алыварс бон-изæ рмæ. Сыхæ гты хуытæ, куы иу ран, куы иннæ ран сæ бырынчъытæ атъыссынмæ фæ хъавынц кауы бын. Хуы йæ бырынкъ кæ м атъысса, уым йæ гуыр абыры. Иу хатт баирвæ зт, уæ д æ й ничиуал бауромдзæ н. Æ мæ йæ цæ стыгагуыйау хъахъхъæ ны. Бон æ й хуытæ й хъахъхъæ ны, изæ р та хъомтæ й. Хъомтимæ зындæ р у ноджы. Уыдон уыцы гуппарæ й æ рбаивылынц. Цæ хæ радонæ н йæ дыууæ фарсыл æ ртыхсынц. Чызг куы иуырдæ м азгъоры, куы иннæ рдæ м фос здахгæ. Йæ уд æ рдуйæ нарæ гдæ р свæ ййы. Хъуг кауы сæ рты йæ хи баивазы, кауы къæ р-къæ р ссæ уы. Хе, — зæ гъгæ, азгъоры стурты фæ дыл...

Гъе, афтæ Иветæ хур хæ донæ н дардта, сау зæ хх та — дзабырæ н.

Йе ’фсымæ р Аслан дæ р фыдæ бон кодта, фæ лæ -иу æ й куы бафæ ндыд, уæ д бекъæ æ мæ лæ дзæ гæ й хъазыд. Цæ хæ радонæ й та хуыты къорд куы расырдта, уæ д йæ размæ фæ ци сæ бригадæ йы звеновод Къуындих.

— Цалдæ р боны быдыры нæ уыдтæ, æ нхъæ л уыдтæ н скъоламæ цæ уын райдыдтай. Ды та мæ нæ зындоны куы фыцыс. Уæ зæ ххы хай зæ рæ стон зæ хх у, ам нæ лгоймаджы къухтæ хъæ уынц. Уыцы гæ ппæ лтæ дæ р фос банай кодтой. Фехъуыст кауы къæ р-къæ р. Иветæ азгъордта, фæ каст æ мæ — иннæ кæ рон иу хъуг кауыл бахæ цыд, йæ фæ стæ ныййарц сты цалдæ р стуры. Иветæ дæ хи хъахъхъæ н фосæ й, зæ гъгæ, хъæ ргæ нгæ звеновод дæ р азгъордта. Уæ дмæ кау бафæ лдæ хт æ мæ стуртæ бабырстой, мидæ гæ й ма цы ссæ ст нартхоры цъæ л хъæ ллæ гъ зынди, уым скуыси сты. Расырдтой сæ. Кауыл куы схæ цыдысты, уæ д æ рпырх. Æ мæ, гъе уæ д, Къуындих афтæ зæ гъын бауæ ндыд Иветæ йæ н:

— Æ з фарон дæ р Залиханæ н загътон, йæ зæ ххы хайæ мын йе ’мбис раттæ д, кæ нæ йæ æ ртыккæ гæ м хай дæ ргъмæ æ мæ уæ д каубийынæ й æ нæ мæ т уыдзыстут. Куыд фехъуыстон, афтæ мæ й йæ иннæ дæ ргъы ’рдыгæ й та кæ мæ ндæ р радтой. Дыууæ нарæ г цæ хгæ рмæ ныхæ н та исты амал кæ ндзыстут. Мæ хай æ з цыппарæ рдыгæ й дæ р къаропкæ йы хуызæ н æ рыхгæ ндзынæ н, — фæ цæ йцыд, фæ лæ дзыхълæ уд фæ кодта. — Райсом быдырмæ рацу, уæ цæ хæ радоны æ нæ уый дæ р ницыуал ис хъахъхъæ нинаг, картоф уидзынмæ. Трактор нын радтой æ мæ уый къахдзæ н, — йæ ныхас фæ сабыр кодта, раст цыма сæ разы исчитæ ис, афтæ. — Æ з дын дæ бедрайы иу чысыл картæ фтæ рахæ ссын бауадздзынæ н. — Сæ рæ н къахдзæ фæ й фæ раст уынджы...

Бæ рæ зейæ цы чернилæ скодта а фæ ззæ джы Залихан, уыцы чернилæ йæ дзаг авг, кæ ттагæ й хуыд хызын, цъылыны хъæ дмæ пъеро æ ндахæ й фидаргонд, уый та у ручкæ. Уыдон цæ ттæ йæ лæ ууыдысты рагæ й, фæ лæ сæ Иветæ райста фыццаг хатт ноябры мæ й 1945-æ м азы æ мæ йæ мадимæ рараст сты Хъарманы райдайæ н скъоламæ. Скъола уыди Хестанты хæ дзар. 1933-æ м азы хæ дзары хицауы æ д бинонтæ ахастой Хъазахстанмæ. Бацæ уæ ны даргъ къæ лидормæ — кълæ сты дуæ рттæ. Ам цыди Иветæ йы тыххæ й быцæ у ныхас ахуыргæ нджытæ æ мæ директоримæ. Залихан та лæ ууыд къулы æ нцой æ мæ аивæ й йæ цæ ссыгтæ сæ рфта. Директор æ ххæ ст кодта ахуырады закъонтæ æ мæ йæ иста 1-æ м къласмæ. Иветæ нæ куымдта, ноджы уым бадти йе ’фсымæ р, кæ цы къæ рццæ й зыдта Къостайы «Ирон фæ ндыр», уый та иу дамгъæ дæ р нæ.

Ахуыргæ нджытæ æ мбарын кæ нынц сæ хæ дзары уавæ р, стæ й чызгыл ныр цæ уы дæ с азы æ мæ дæ с мæ йы. Фæ лæ директор ком нæ дæ тты:

— Фыццаг къласмæ, — карзæ й загъта, — æ мæ фестæ м ныхасгонд.

Иветæ дæ р дзыхъхъы лæ уд нæ уыди æ мæ ныфсхастæ й афтæ куы зæ гъид:

— Кæ нæ 2-æ м къласмæ, кæ ннод æ з æ ппындæ р скъоламæ нæ цæ удзынæ н никуы, — æ мæ фæ зылд дуармæ.

Æ мæ гъе уæ д æ рцыд æ мбисонды цау. Ахуыргæ нæ г Хæ мыцаты Верæ Иветæ йы галиу къухыл фæ хæ цыд æ мæ фидарæ й загъта:

— Æ з æ й сахуыр кæ ндзынæ н кæ сын дæ р æ мæ фыссын дæ р, — æ мæ йæ бахуыдта йæ хи 2-æ м къласмæ...

Бирæ нæ ахастой скъолайы амондджын бонтæ.

Иу хуыцаубон йæ мадимæ ацыдысты хъæ дмæ. Сæ уæ рдон æ фсæ нвæ ндаджы схизæ ны нынныхст, схæ ц-схæ ц кæ нынц...

— Афтæ мæ й нæ «кукушкæ » куы ’рбаййафа, уæ д кæ йдæ р уæ рдон ныппырх кæ ндзæ н, — ныккуыдта Залихан.

Тухитæ кæ нынц, уæ ддæ р сын нæ комы. Уæ рдоны цалх нынныхст релсы тæ ккæ схизæ ны.

— Иветæ, мæ къона, дæ хъус ма авæ р релсыл, кæ д поезд æ рбацæ уы, мыййаг?

Иветæ раджы базонгæ релсы миниуæ гимæ. Йæ хъус ыл авæ рдта.

— Нæ ма хъуысы зыр-зыр релсытыл.

Уазал æ фсæ йнаг æ м цыма хъару бауагъта, афтæ фæ гæ пп кодта Иветæ. Уæ рдоны бын дзуццæ джы абадт, йæ рахиз уæ хскæ й схæ цыд сæ мæ ныл. Уæ рдон сгæ пп кодта. Ахызти релсытæ й, фæ лæ чызг баззад уæ лгоммæ хуысгæ цъыфæ мхæ ццæ митыл.

— Мæ бон бакалди! — нырдиаг кодта мад.

Иветæ йæ н басаст йæ бæ хбæ ттæ н... Дыууæ мæ йы фæ хуыссыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.