Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хистæр хо



Иветæ йæ н фæ тæ гены цырагъ йе ссудзын, Залиханæ н дæ р быдырæ й йе ’рбацæ уын, Тамбийы кирз цырыхъытæ йæ къæ хтыл, йæ телогрейкæ та йæ уæ лæ, афтæ мæ й бандоныл уæ збын йæ хи æ руагъта. Сывæ ллæ ттæ йыл амбырд сты. Кæ стæ р чызг та йæ м йæ фазыл бабырыд. Мад æ й йæ хъæ бысмæ систа. Куыд алы хатт, афтæ ныр дæ р, лæ ппу йын йæ цъыф цъырыхъхъытæ ласынмæ фæ ци, фæ лæ йæ йæ мад йæ сæ ры тылдæ й фæ урæ дта. Йæ ронæ й райста æ хсæ з картофы дихы, сæ дих фæ рстæ асау уæ вгæ йæ. Иветæ сæ стъолы сæ р цырагъмæ хæ стæ гдæ р авæ рдта æ мæ, уыцы фæ дыл, чи сæ кæ й æ рдæ г у, уый агурынмæ фæ ци, цыма сæ фæ стæ мæ баныхасынмæ хъавыд, ахæ м хуызы... Цыппар карсты ссардтой сæ астæ, иннæ дыууæ мæ дæ р куыд февнæ лдта, афтæ йæ м мад дзуры, фæ уæ ларт сæ кæ н, зæ гъгæ, йæ хæ дæ г сабийы зæ ххыл авæ рдта. Фестад, сынтæ джы бынæ й раласта асыкк, систа дзы Уæ ртейы рæ тыд бæ мбæ джджын мидæ ггаг хæ лаф. Йæ егъæ уттæ телогрейкæ йы мидæ г æ й афсæ рста, йæ рахиз къухы амонæ н æ нгуылдз телогрейкæ йы сæ хтæ джы къæ ндзыггонды фæ сагъта æ мæ дуармæ фæ раст. А ныр дуары хæ цæ нмæ февнала, афтæ Иветæ удаистæ й дуарыл йæ хи ныццавта æ мæ афтæ зæ гъы:

— Мамæ, æ з райсом ацæ удзынæ н быдырмæ... Æ з цæ удзынæ н быдырмæ, æ з мæ роны хæ сдзынæ н алы бон дæ р фондз картофы. Фæ кæ сæ нт ма-иу бригадир дæ р æ мæ дружинник дæ р...

Мад æ м дисæ й кæ сы, куыд æ м уæ нды, фæ лæ загъта:

— Уыдон ницы аххосджын сты. Нæ бæ стæ йы зæ ххытæ кæ рæ й-кæ ронмæ судзгæ кæ нынц... Хæ цæ г æ фсады хæ ринаг хъæ уы... Гъе стæ й, мæ хур, зоныс айфыццаг хæ лафмæ цы ус æ рбацыд, уымæ н æ й куы нæ радтон...

— Зонын, мамæ, ныр дæ р æ й ма дæ тт, æ з...

— Куыд цæ удзынæ? — амоны йæ къæ хтæ м, — картофы быдыр цъыфæ й уæ раджы сæ рмæ у, — æ нæ бары йæ мидбыл бахудгæ йæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Ма тыхс, кæ рц ма нæ м ис, кæ рц, хорз кæ рц, уый никæ мæ н ратдзынæ н, сыдæ й куы мæ лæ м, уæ ддæ р, — æ мæ чызджы дуарæ й фесхойæ гау кæ нгæ йæ, дуары æ ддейы фæ ци...

— Папæ йы хæ лаф!.. — ныккуыдта Иветæ æ мæ фæ сдуар æ рбадт. Кæ угæ йæ йыл атымбыл сты йæ æ ртæ кæ стæ ры.

Чысыл рæ стæ джы фæ стæ зæ рдæ райгæ йæ дуарæ й æ рбахызт сæ мад, дыууæ лыстæ г картофы бедраимæ. Фæ лæ фæ тыхст, сывæ ллæ тты кæ уынвæ ллад хæ къуырцц кæ нгæ куы ауыдта, стæ й скъаппы сæ рыл та картæ фты дихтæ, уæ д.

Фыды зынаргъ хæ лаф аивгъуыдта дыууæ картофы бедрайыл.

Рацыд рæ стæ г... Сæ картæ фтæ й ма иу бедрайы быны аззад дыууæ армыдзаджы бæ рц. Иветæ сæ ныхсадта, хъæ рмуст пецы къæ йыл сæ ахуртуан кодта. Пецы хæ мпæ лтæ æ мæ къæ цæ лты уæ лæ бавæ рдта сæ фæ стауæ рц фæ рв сугтæ й цалдæ р æ мæ сыл зынг бафтыдта. Къæ й куыд тæ вд кодта, афтæ уазал æ мæ гæ взыкдзагъд агъуысты къуымты апырх ногæ хсад картæ фты уымæ л пыс-пыс. Агъуысты ивылд картæ фты цъæ ртты хус хæ рзад тæ ф æ мæ стонг сабитæ пецмæ сæ хи байстой. Кæ стæ р чызг та къахæ й нæ ма уади æ мæ уæ лгоммæ табуреткæ йы мидæ г йæ хи куы иу къахæ вæ рæ нмæ сбыцæ у кæ ны, куы иннæ мæ, стæ й æ рбадт æ мæ афтæ зынд, цыма цыппæ рдигъон агъуды ис, йæ хæ дæ г та хуыз у... Уый дæ р уырдыгæ й йæ цæ ст нæ исы пецæ й. Иветæ сывæ ллæ тты, басудзынæ й сын тæ рсгæ йæ, иуварс акодта пецæ й, фæ лæ та-иу æ м уæ ддæ р хæ стæ г бацыдысты. Уæ д кæ стæ ры систа табуреткæ йæ йæ хъæ бысмæ, йæ галиу къухæ й бандон авæ рдта пецы чъилы ’рдыгæ й къæ йы размæ. Æ рбадт. Сабийыл йæ рахиз къухæ й хæ цы йæ хъæ бысы. Галиу къух та къæ йыл зилахар кодта, кæ д, майдыма, картæ фтæ й исчи афыхт... Сывæ ллæ ттæ кæ уын райдыдтой, хом ма сты, уый сæ нæ уырныдта, къæ ймæ кæ д хæ стæ г лæ ууыдысты, уæ ддæ р æ м хистæ р хойæ æ вналын нæ уæ ндыдысты — басудзынæ й сын тарсти. Нада — йæ рахиз цонджы раз, Аслан та уый раз лæ ууыд, пецы дуармæ хæ стæ г. Иветæ та къæ ймæ йæ хи разылдта афтæ, æ мæ йæ галиу къухæ й картæ фтæ рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ азмæ нты. Аслан æ й бафарста, пецы хæ мпæ лтæ бавæ ра æ ви нæ, уымæ й.

— Дыууæ фæ рвы къæ цæ лы бавæ р, уадз æ мæ уæ збын фыцой.

Йæ къух та ахæ ссы картæ фтыл, йе стыр æ нгуылдзæ й дæ сгæ йттæ къæ ймæ æ лхъивгæ... Æ мæ, сæ иу фæ цъæ л. Куыддæ р къух æ д пырх картофимæ йæ хи систа, афтæ йæ м æ ртæ сабийы къухтæ баивæ зтой сæ хи, фæ лæ оххай-гъе, картофы мур хистæ р галиу къухы æ нгуылдзты хъæ лæ сы аленк кодта фæ стæ мæ пецы чъилмæ, кæ цы уыди агъуысты рудзынджы тарвазимæ æ мбуар æ мæ, уым, хъæ дын тæ бæ гъы, æ рынцад. Фыдæ нхъæ л сывæ ллæ ттæ сцæ йкуыдтой, фæ лæ сын хо бамбарын кодта, куыд уазал кæ ной, афтæ сын сæ дæ тдзæ н, кæ ннод тæ вд картофæ й басудздзысты, зæ гъгæ. Нада æ мæ Аслан фæ сабыр сты, фæ лæ йæ хъæ бысы саби тæ вд пецы сæ рты тæ бæ гъмæ йæ хи æ ппæ рста æ мæ йæ тыххæ й урæ дта.

Иветæ йы къух зилы æ мæ зилы къæ йыл, цæ ргæ с хæ хты сæ рмæ холы агурæ г куыд зилдух кæ на, афтæ. Йæ галиу къухы стыр æ нгуылдзæ й куы иу картоф алхъивы, куы иннæ къæ ймæ, раст фыс-фосы дзуджы кусæ рттаг агурæ г нæ лгоймаг фыстæ нардæ й æ взарæ гау, чи йын фæ цъæ л вæ ййы, хом дæ р уæ д, æ рмæ ст, акомæ д цъæ л кæ нын, уый — тæ бæ гъмæ, тæ бæ гъæ й та хъæ рмуст картоф хъæ бысы сабийы дзыхмæ, дыккаг — Надайы, æ ртыккаг та Асланы... Иу картофы æ лхъывды уысмы «уæ уу», зæ гъгæ, фæ хъæ р кодта Иветæ, йæ цъæ лгæ нæ г стыр æ нгуылдзы сонт срыстæ й... Уаг фæ къуылымпы æ мæ сывæ ллæ ттæ тæ вд пецмæ сæ къухтæ ивазын райдыдтой, æ мæ уæ д, хæ сты быдыры фæ цæ ф хæ стон йæ фатдзæ ф хъæ дгом ницæ мæ даргæ йæ йæ тох куыд нæ ныууадзы, афтæ уый дæ р, астдзагъд рисгæ æ нгуылдз ын кæ д картоф æ лхъивгæ йæ ноджы тынгдæ р сриссы, уæ ддæ р йæ кæ стæ рты чысыл «куырæ йтты» фæ ривад кæ нын нæ бауагъта, кæ д йæ дудгæ æ нгуылдз, куы йæ русыл авæ ры, куы йæ роцъойы бын, уæ ддæ р... Йæ рахиз къухы æ нгуылдзтæ рисгæ æ нгуылдзыл ахаста æ мæ фыр тæ ссæ й базыдта — галиу стыр æ нгуылдз йæ фæ тасæ н хъулыл уæ гъдæ й æ рхауы...

Иветæ йæ хæ дæ г дæ р сывæ ллон уыд, авд азы æ мæ йыл фараст мæ йы цыди йæ райгуырдæ й æ мæ -иу, Асланы фæ стæ йæ фæ ллад къух æ д картоф йæ хи дзыхмæ дæ р куы фæ рæ дыд, уæ диу йæ хъæ бысы сывæ ллон скуыдта, йæ гыццыл цонг фырфыдхуыз æ нгуылдзтимæ йæ хи фехста хойы къухмæ: «Уый та куыд, Асланы фæ стæ мæ рад куы у?.. »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.