Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Сындзыхъæуы зæхх



Залихан хъæ дмæ лидзыны рæ вдзытæ бакодта. Зынаргъ дзаумайæ йæ м цалдæ р авджын тæ бæ гъы æ мæ къусы уыд. Бæ стон сæ нывæ рдта сау чумæ даны, йæ хæ дæ г сæ хæ дзармæ хæ стæ г баныгæ дта. Сывæ ллæ тты бахъæ рмттæ кодта. Лæ ппуйыл скодта йæ фыды бæ мбæ джджын, Иветæ йыл — телогрейкæ, Розæ йы мутакатыхт бакодта зæ ронд сгæ ллад хъæ ццулы, Иветæ йы хъæ бысы йæ фæ сагъта. Асланы къухы фæ ныкхуыз хæ цъилы баст — хæ ринæ гтæ. Нада йæ къахæ й æ дæ рсгæ нæ ма цыд, йæ гуыбынмæ йæ бабаста сау зæ ххыл урс чырынтæ кæ лмæ рзæ нæ й, хуыссæ нты тыхтон та йе ’ккой баггуырста. Æ вæ джиау хорз урæ дта уаргъы йæ синтыл кæ лмæ рзæ ны егъау æ лхынцъ.

Хур ма бæ ндæ нбæ рц уыдаид, афтæ хъæ уæ й рахызтысты. Цæ уынц Тамбийы бинонтæ хъæ дмæ. Сæ галиу фæ рсты, гурæ й-гурмæ бырынц сæ аууæ ттæ, хъæ дмæ куыд хæ стæ гдæ р кæ нынц, афтæ даргъæ й-даргъдæ р зынынц. Залиханы аууон, — хохаг хæ рæ г быдырæ й разуæ з-фæ стæ уæ зæ й куыд æ рбацæ уы, раст уыйау, Иветæ йы аууон та амыдта: нана æ д сывæ ллон. Чызгæ н йæ хæ ссинаг уæ ззауæ й-уæ ззаудæ р кæ ны. Йæ къухты æ нгуылдзтæ кæ рæ дзийæ куы фæ цæ йхицæ н кæ нынц, уæ д мутака бынмæ æ рбыры. Чызг йæ тых йæ бонæ й йæ иу къухæ й иннæ йыл фæ хæ цы.

Залихан йæ уæ ззау уаргъы бын цыд уæ ззау хъуыдытимæ... Уалдзæ гмæ йын хъæ усовет зæ рдæ бавæ рдта сæ рмагонд зæ ххы хай раттынæ й, фæ лæ... Цы уыдзæ н ныр?.. Цыкола æ мæ Сырх Дыгур знаджы зынгæ й пиллон куы уадзынц. Æ мбары, немыцæ н ам, бирæ цæ рæ нбон нæ й, фæ лæ... Кæ д уыдзæ н уый? Кæ д фæ уыдзæ н хæ ст?

— Мамæ, — йæ хъустыл ауад Иветæ йы уынгæ г хъæ лæ с, — нал æ й фæ разын...

— Уадз æ й, кæ д æ й нал фæ разыс, уæ д, — фæ стæ мæ нæ ракæ сгæ йæ сдзырдта мад.

Авдаздзыд чызджы сæ ры февзæ рд: йæ чысыл хойы хæ ссын йæ бон куы нæ бауа, уæ д æ й ахсæ в сырдтæ... Йæ риумæ йæ æ рбалхъывта. Æ вæ ццæ гæ н ын æ гæ р æ лхъывд фæ ци æ мæ саби базмæ лыд. Сывæ ллон кæ й æ рыхъал, уый тыххæ й уыди, æ ви фыртæ ссæ й, фæ лæ йæ ныфс фæ фидар æ мæ йæ уаргъыл рогдæ рæ н схæ цыди. Æ фсæ нвæ ндагмæ нæ ма схæ ццæ сты, афтæ хæ дтæ хджыты тасæ фтауæ г гуыв-гуыв сæ хъустыл ауад. Уæ ртæ уыцы иу рæ нхъæ й æ рбатæ хынц ныгуылæ нырдыгæ й. Залихан цъиуджын каркау йæ хи баппæ рста йæ хъæ бултæ м, дæ лвæ ндаг пысыраты сæ фæ мидæ г кодта. Сау халæ ттæ й сæ иуæ н цыма йæ гуыбын фæ къæ ртт, уыйау дзы æ ркалд ставд михæ й амад бекъæ ты хуызæ ттæ. «Бекъæ тæ й» зæ ххыл чи куыд æ мбæ лд, афтæ гуыпп кодтой. Зæ хх ныррызт, фæ ркгай фæ йнæ рдæ м тахт. Родтæ æ мæ фыстæ цы кæ рдæ гхуыз гауызыл фæ хизынц, уый саухъулон мигъы бын фæ ци. Сау халæ ттæ фæ стæ мæ куы аздæ хтысты, уæ д Залихан йæ сабитимæ рацыди сæ æ мбæ хсæ нæ й. Сылгоймаджы ноджы æ нгомдæ р æ лвасын райдыдтой йæ хъуыдыйы тæ лытæ.

Куыддæ р æ фсæ нвæ ндагæ й схызтысты, афтæ æ хсæ ры къудзийы фæ стæ йæ фæ зынд уæ рдон, Арыпханты сырх уæ ныг дзы ивтыгъд, афтæ мæ й.

— Æ з та ма сымахмæ куы цыдтæ н, — загъта цыппæ рдæ саздзыд Хъамбол.

— Дæ ныййарæ джы фæ ндиаг бахъомыл у, — бацин кодта Залихан.

Уæ рдон хъæ ды йæ сæ р нæ ма фæ цавта, афтæ та æ рбатахтысты «урс хæ луарæ гджынтæ ». Сæ удхæ ссæ г хъæ р хъæ ды ноджы тынгдæ р азæ лыд.

— Ардæ м дæ р хæ ццæ кæ нынц? — сывæ ллæ тты йæ химæ æ рбалвасгæ йæ бафарста Залихан.

— О, æ рмæ ст бон нæ, фæ лæ суанг æ хсæ выгон дæ р, — йæ ныхас фæ ныллæ гдæ р кодта лæ ппу. — Партизантæ хъæ ды арфы сты. Зæ ронд лæ гтæ зæ гъынц, хъæ ды стыр хæ ст уыдзæ н æ мæ, дам, хъæ уы æ дасдæ р уыдаид.

— Æ цæ гдæ р, — загъта сагъæ схуызæ й сылгоймаг. — Кæ д нæ хионтæ ам сты, уæ д сæ æ хсдзысты хъæ дмæ.

— Нæ хионтæ та немыцы æ хсдзысты, — стыр лæ гау загъта лæ ппу.

Хъæ уы хуыздæ р у, — асагъæ с кодта Залихан, нæ пъадвал æ дасдæ р у хъæ дæ й.

Хъæ д æ мызмæ лд кодта адæ мæ й. Чысыл лæ ппутæ æ нæ мæ тæ й, æ з фæ раздæ ронæ й, згъордтой сæ уисын бæ хтыл. Чысыл чызджытæ тæ рс бæ лæ сты бын уыгътой тæ рсытæ.

Хъамбол уæ рдон сæ хи мусонджы ’рдæ м куыд фæ цæ йздæ хта, афтæ Фаризæ т сæ размæ рауад. Бадис кодта:

— Уый та куыд? — Нæ химæ. Нæ хи мусонгмæ!

Мусонджы къуымы бахуыссын кодта йæ сывæ ллæ тты Залихан. Сæ къухтæ м сын фæ йнæ хус къæ бæ ры авæ рдта æ мæ уайтагъд мыстытау сæ къыбар-къыбур ссыд. Розæ йы хай та доны баудæ ста. Мусонджы дуары разæ й калди хæ рзад дзидза æ мæ уæ ливыхты тæ ф. Иветæ федта, нана æ хсæ вæ р куыд цæ ттæ кодта, уый. Дуармæ суанцъæ йы бын — арт, йæ уæ лæ — цугун, цугуны нывæ рдта дынджыр дзидзайы къуылдых. Фæ нычы та фыхта уæ либæ хтæ.

Мынæ г мæ йрухсмæ бæ рæ г дардтой фысымты æ ндæ ргтæ. Иу афон æ ндæ ргтæ атадысты. Нал хъуысыд хæ рыны уынæ р. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ Залихантæ м бабырыд Ирæ.

— Сабыр, — мынæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта чызг, — мæ нæ уын мæ хай...

— Нæ хъæ уы, — катайгæ нгæ загъта Залихан, нæ хъæ уы, мах бахордтам...

— Райс, сымахмæ дзидза нæ й.

— Махмæ дæ р уыдзæ н, — йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Машайы ныхас.

— Ахæ рут, — батыхст чызг, — цалынмæ нана æ мæ баба нæ ма æ рбацыдысты, уæ дмæ.

Залихан Ирæ йы æ рбахъæ быс кодта. Сывæ ллæ ттæ сæ сæ ртæ сдардтой хъæ ццулы бынæ й. Уырзацауæ й[1] сын ахæ йттæ кодта мад дзидза æ мæ уæ либæ хы къæ бæ р.

Фаризæ т райсомæ й Залиханты ’рдыгæ й федта фæ рсчы стæ г æ мæ нытътъæ лланг ласта:

— Дзырды уысмы бæ рц хæ дзар фæ уагътон æ мæ адавтай дзидза!

— Мæ бынатæ й змæ лгæ дæ р нæ фæ кодтон, — æ фхæ рдхуызæ й загъта Залихан, зæ ронд лæ г ын йæ ныхас куыд нæ фехъуса, афтæ. Ирæ имæ фемдзаст вæ ййы, уый йæ м амоны, ма мæ схъæ р кæ н, зæ гъгæ.

— Дæ уæ н дæ цæ стытæ скъахын хъæ уы ацы стæ гæ й! — хъæ р кодта æ фсин.

Йæ хъæ рмæ æ рбацыдысты Дуне æ мæ цалдæ р усы, хъæ уысæ йрæ гтæ, æ вæ ццæ гæ н, Залихан сæ нæ зыдта. Æ нæ зонгæ устытæ й æ фсæ рмæ й марди Залихан. Бæ ргæ зæ гъид æ цæ гдзинад, фæ лæ уæ д Ирæ йы амардзæ н йæ мад. «Фæ лтау мæ куыйтæ бахæ рæ нт», — скарста йæ хинымæ р Залихан.

— Цы хабар у, бæ стæ дæ сæ рыл куы систай?! — бафарста Дуне.

— Уынут? — стылдта стæ г Фаризæ т. — Уыныс, Дуне? Æ з æ й мæ роны æ рбакодтон, уый та — давгæ! — фырналатæ й ма цы акодтаид, уый нал зыдта.

Залихан йæ къухтæ й йæ цæ сгом амбæ рзта æ мæ ныккуыдта.

— Амæ лæ т дын фæ уæ д, — уайдзæ ф кодтой æ нæ зонгæ устытæ Фаризæ тæ н, — кæ д йæ сабитæ н...

— Нæ, — фæ урæ дта сæ Дуне, — уый ахæ м нæ у.

— Æ дзæ сгом! — уайдзæ фтæ мисхалмæ дæ р нæ даргæ йæ хъæ р кодта Фаризæ т. — Уайсадæ г чындз ма дзы хæ йрæ г вæ ййы?!

— Ныхъхъус у! — фæ хъæ р кодта зæ ронд лæ г.

Иветæ бæ ргæ загътаид æ цæ гдзинад, фæ лæ йæ мадæ й нæ бауæ ндыд. Йæ ныййаргеджы тæ ригъæ дмæ йæ цæ ссыг æ нæ вгъау згъордта йæ рустыл.

Мусонгæ й рабырыдысты Нада æ мæ Розæ. Нада бабырыд йæ мадмæ, Розæ та — Иветæ мæ.

— Иветæ, — хæ къуырццæ й дзуры Залихан, — мæ бон... Надайы сисын нæ у... Ардыгæ й фæ стæ мæ Нада дæ у, Розæ — мæ н...

Чысыл рæ стæ джы фæ стæ Залихан йæ пысултæ рамбырд кодта, тæ рс бæ ласы бынмæ сæ рахаста.

— Бирæ гътæ нæ куы хæ рой, уæ ддæ р нал æ рæ хсæ виуат кæ ндзынæ н уым, — загъта Залихан æ мæ бæ ласы бын лыстæ н æ ркодта.

Хур фахсы аууон нæ ма фæ ци, афтæ йæ м Любæ йы чызг Рая суади.

— Мамæ афтæ зæ гъы, цом, дам, нæ химæ.

— Ам дæ р нын ницы у, — нæ йæ бамбæ рста Залихан.

— Нæ химæ! — цинæ й загъта чызг. — Хъæ умæ. Дæ хуыссæ нтæ, дам, уæ рдоны сæ вæ р.

— Хъæ умæ! — сабийау сцин кодта Залихан. — Ныртæ ккæ. — Хуыссæ нтæ атыхта, йе ’ккой сæ баппæ рста. Асланы къухыл фæ хæ цыд, згъоргæ -згъорын Иветæ мæ сзырдта:

— Сывæ ллоны раскъæ ф.

Иветæ Надайы йæ хъæ бысы хæ ссын нæ фæ рæ зта. Зæ ххы йæ авæ рдта, йæ фæ сонтæ йæ м фездæ хта, дзуццæ джы æ рбадт. Чызджы йе ’ккой акодта. Нада Иветæ йы къубалыл йæ къухтæ й ныззæ гæ л. Æ нахъом чызг иу къухæ й сабийы уромы, иннæ къухæ й та йæ хъуырмæ фæ лæ буры, афтæ мæ й згъорынц. Аслан сæ разæ й фæ ци. Залихан фырцинæ й зæ ххыл дæ р нал хæ цыд. Йæ тыхджын æ фхæ рд дæ р дзы айрох. Сæ химæ цæ уы, ахсæ в йæ хъæ бултимæ бахуысдзæ н йæ мæ гуыр, фæ лæ адджын къонайы.

Чи зоны, æ мæ йæ фырцинæ й, чи зоны, æ мæ, суанг йæ райгуырдæ й абоны онг, Розæ Иветæ йæ иу цъусдуг дæ р кæ й никуы фæ цух, уымæ гæ сгæ мад стырзæ рдæ уыд Розæ йыл, æ мæ саби йæ хъуыдыйы не ’рцыд. Ферох дзы, абон Иветæ имæ куыд баныхас кодта, уый дæ р. Уæ рдоны фæ йнæ фарс цыдысты Дуне æ мæ Залихан. Куы иу тыхтонмæ февналынц, куы иннæ мæ. Залихан акаст йæ цоты фæ дыл. Ауыдта сæ адæ мы фæ стæ цæ угæ, Иветæ йы æ ккой — сывæ ллон. Иветæ сывæ ллонимæ кæ й ис, уый сæ йрагдæ р хъуыддаг у. Кæ цы саби у, ууыл нал ахъуыды кодта. Уыйхыгъд Иветæ йы зæ рдæ та Розæ мæ æ хсайдта. Цыма йын йæ ныййарæ джы хъæ бысы æ взæ рдæ р уыдаид. Чызг йæ хи мидæ г тыхсти, цыма дзы цыдæ р ферох, цæ мæ ндæ р æ м афтæ касти. Розæ сабыр куы фæ хуыссы, уæ д дæ р йæ кæ уын æ дзух йæ хъусты фæ зæ лы. Ныр дæ р æ м афтæ фæ каст, цыма та сабийы кæ уын хъуысы. Фæ каст йæ мадмæ. Йæ хъæ бысы ницы, æ вæ ццæ гæ н æ й уæ рдоны сæ вæ рдта, зæ гъгæ, ахъуыды кодта. Иучысыл ма ауад æ мæ æ рлæ ууыд. Æ рæ вæ рдта Надайы зæ ххыл. Арыпханты уæ рдон сæ размæ куы æ рхæ ццæ, уæ д йæ мады Розæ йæ афарста.

— Мæ гуыры бонтæ... — йæ сывæ ллæ ттыл йæ цæ ст ахæ сгæ йæ йæ хи уæ рдонмæ æ рхоста Залихан. Йæ зæ рдыл æ рлæ ууыд, Иветæ имæ сæ «сывæ ллæ тты» кæ й баивтой, уый. Фæ стæ мæ фездæ хт. Иветæ — йæ фæ дыл.

— Ма тæ рсут, хъæ д адæ мæ й æ мызмæ лд кæ ны, — иннæ сывæ ллæ тты йæ размæ æ рбатымбыл кодта, афтæ мæ й сын ныфсытæ авæ рдта Дуне.

Залиханæ н йæ зæ нгтæ йæ быны нал цæ уынц, уæ ддæ р размæ тырны. Иветæ йæ разæ й фæ ци. Бæ ласмæ æ ххæ ст нæ ма бахæ ццæ, афтæ йæ хъустыл ауад Розæ йы æ мыр куыд. Хъыбылау лыстæ ны сæ вдылд. Иветæ йæ м фæ лæ бурдта æ мæ æ рбадт...

— Ма-ма, — уазалæ й гæ ртгæ ртгæ нгæ дзырдта Розæ, æ ппæ т дзырдтæ й уал кæ й базыдта, уый — ма-ма...

Иветæ йы цыма цавæ рдæ р уæ ззау дур æ ривæ зта зæ хмæ, афтæ йыл йæ тас æ ртæ фст, фæ лæ цæ уын хъæ уы фæ стæ мæ. Мамæ удаистæ й æ нхъæ лмæ кæ сы, зæ гъгæ, чызг цалдæ р къахдзæ фы куы акодта, уæ д Залихан дæ р æ рбахæ ццæ. Йæ мидбынаты æ рхауд фырадæ ргæ й. Хъæ дæ й лидзæ г адæ мы уындæ й зæ рдæ йæ хи къултыл хоста. Чысыл уæ рдæ ттæ хæ рдмæ дзаумæ ттæ й цъуппамад... Сабитæ, зæ рæ дтæ... Фосы уасын, фысты бæ гъ-бæ гъ, уæ рдæ тты хъинц-хъииц зæ рдæ йы уагътой тасдзинад. Хъæ ды цæ рæ нуатæ й æ фсæ нвæ ндагмæ адæ м иумæ цыдысты, фæ лæ ам фæ къордтæ вæ ййынц, чи — хъæ уы сæ рмæ, чи — хъæ уы астæ умæ. Залиханты къорд та араст хъæ уы бынмæ. Фæ ндаджы былыл уагъылыйы къудзийы рæ бын Иветæ цыдæ р ауыдта — рæ сугъд кърускæ йы хуызæ н. Фелвасынмæ йæ куыд хъавыд, афтæ йыл Залихан фæ хъæ р кодта.

— Ма йæ сис! Хуыцау йæ зонæ г, цы у?

— Уый хорзæ н нæ уыдзæ н, — загъта Дуне.

— Исты бæ рæ ггæ нæ н конд ыл куы уаид, цæ мæ й йæ м мачи бавнала, — батыхст Залихан.

Дыккаг бон хъæ убæ стыл айхъуыст æ вирхъау хабар: хъæ дæ й лидзæ г адæ мæ й — уæ лæ сыхаг ус ссардта рæ сугъд кърускæ йы хуызæ н къопп, æ мæ йыл фехæ лд. Уыцы бон æ рлыгъдысты Налыхътæ дæ р. Зæ ронд лæ г йæ хæ дзары алыварс æ рзылди, раст цыма дыууæ æ хсæ вы нæ, фæ лæ дыууæ азы ам нæ уыд, афтæ. Залиханиты ’рдыгæ й иу ран зæ хх ногкъахт кæ й у, уый бафиппайдта:

— Ай та цы у?! — Бел! Тагъд бел!..

— Цы кодтам, нæ лæ г? — белимæ йæ разы балæ ууыд Фаризæ т.

— Нæ уыныс? Мæ нæ ам чидæ р цыдæ р баныгæ дта.

— Нартыкæ ндыстæ н, нæ лæ г, чидæ р дзы цыдæ р хинтæ фæ дæ лсыджыт кодта.

Фæ уæ лæ уайтагъд Залиханы чумæ дан.

— Æ з æ й уайтагъддæ р зыдтон, уый нæ мæ гуыргуры куыст кæ й у, — загъта Фаризæ т. — Уагæ ры ма фылдæ р куы фæ уыдаиккам æ ддæ, уæ д цæ хæ радон нæ, фæ лæ хæ дзар нæ рафæ лдæ хтаид бындзарæ й!

Раст уыцы рæ стæ г хъæ бысыдзаг хосимæ тыргътæ м фæ цæ йхызт Залихан. Рахизырдæ м куыд фæ каст цæ хæ радонмæ, афтæ Фаризæ ты чумæ даны сæ р белæ й хойгæ ауыдта. Мынæ г хъæ рзт фæ кодта, йæ хосы мур ныппырх къæ сæ ртыл. Цыма йын исчи йæ къæ хтæ æ рбакъуырдта, афтæ æ нæ бонæ й æ рхауд...

Кæ рты æ рбацæ йцыд Маша.

— Нæ хи амæ ттаг у, — хъазгæ мхасæ н ныхас баппæ рста Залиханмæ, афтæ фенхъæ лдта, æ мæ уый æ нæ бары йæ къах скъуырдта. Залихан æ м куы ницы дзырдта, уæ д фæ тагъд кодта. — Цы кæ ныс?

— Ницы, — Залихан фестад. — Мидæ мæ рауай, — пъадвалмæ йын ацамыдта. Нæ йæ фæ ндыд, Маша загъд фехъуса, уый. Фæ лæ æ ппæ т сыхбæ стыл айхъуыст Фаризæ ты хъæ р.

— Ничи йæ м кæ сы, цæ хæ радон иннæ рдæ м куыд афæ лдæ хта!.. Маша фæ каст хъæ рмæ. Чумæ даны сæ р пырхытæ й уыд уæ лгоммæ æ ппæ рст. Тæ бæ гъты сæ стытæ фæ ззыгон æ нæ хъару хурмæ, доны былыл ихы къæ рттытæ куыд æ рттивой, афтæ зындысты. Ус æ мбаргæ дæ р нæ бакодта, зæ рæ дты цур куыд февзæ рди, уый.

— Æ -уæ ууæ й-гъе, Налыхъ æ мæ Фаризæ т! — йæ сæ р уайдзæ фгæ нгæ тылдта Маша. — Ныртæ ккæ адæ м нæ, фæ лæ ма сырдтæ дæ р кæ рæ дзийы роны бырынц, уæ д сымах цавæ р стут?

Фаризæ т цыдæ р сдзурынмæ хъавыд, фæ лæ Машайы уайдзæ фмæ хæ лиудзыхæ й аззад. — А Фаризæ т æ рцæ уæ ггаг у, фæ лæ ды та, ды, Налыхъ, фыды ном куы хæ ссыс, фыднизæ й макуы фæ сæ йай!..

Æ виппайды доны былмæ фæ каст æ мæ фæ сыпп, йæ химæ фæ лæ бурдта:

— Залихан!

Фæ дисоны хъæ р кæ нгæ Маша азгъордта уынгмæ.

— Цы кодтай?! — разгъордта Залихан йæ фæ дыл.

Маша йæ хи хойгæ ацамыдта донгуырæ нмæ. Залихан фæ каст æ мæ ауыдта æ буалгъ ныв: Урсдоны былтæ сау адардтой егъау сау «пылтæ й», сæ хæ тæ лтæ дæ лæ мæ -уæ лæ мæ кодтой, афтæ мæ й, сыгъдæ г уæ лдæ ф сæ марг тæ фæ й сафгæ, æ рбацæ йлæ сыдысты знаджы танктæ.

Чертыбиты хæ дзары аууон æ рбамбырд сты зæ рæ дтæ, сывæ ллæ ттæ, сылгоймæ гтæ. Машайы хъарæ гмæ къæ дзæ хтæ дæ р арæ мыгътаиккой.

— Нæ бæ рзонд тиутæ æ мæ æ фсымæ рты, нæ дарджыты удхæ сджытæ нæ м куы æ рбацæ уынц! Сæ туг райсынæ н сын исты бафæ нд кæ нæ м!.. Мæ бон бакæ ла...

Дымгæ доны хæ л-хæ лимæ æ рбахаста æ лгъаг тæ ф æ мæ æ над дзырды ныхас.

— Æ ниу ма сæ м кæ сгæ кæ нут, — ныккуыдта Залихан, — куыд ныфсджынæ й æ рбабырсынц?

— Кæ м сты нæ адæ м?! — йæ химæ фæ лæ бурдта Дуне. — Иу исчи сæ ныхмæ!... — Уыдон, мæ хур, адæ мы сæ быны куы ассæ нддзысты... — йæ рустæ м фæ лæ бурдта Дуне...

Залихан устытæ н бауайдзæ ф кодта:

— Цы митæ кæ нут? Худинаг! Уыдон нæ уынгæ кæ нынц, — йæ къухтæ йæ цæ стыты размæ кæ сæ нцæ стытау авæ рдта... — Иунæ г цæ ссыг дæ р куыннæ феной, афтæ бакæ нæ м.

Сылгоймæ гтæ сæ сабиты къухтыл фæ хæ цыдысты æ мæ фæ раст сты сæ рбæ рзондæ й, афтæ мæ й сæ цæ ссыг та æ нæ къуылымпыйæ згъордта.

Танктæ Урсдоны рæ суг доны фæ стæ сæ фындз хъæ уы цъыфы куы афсæ рстой æ мæ сæ кæ лмдзалхыты саггæ мттæ цъыфæ й куы айдзаг сты, уæ д сын цыма уый фæ хъыг, афтæ ныууынæ ргъыдтой. Тæ ссаг сырдтау, сæ фæ стæ фæ лмæ н цъыфы дыууæ арф æ мхуызон къæ лидоры хуызæ н фæ ды уадзгæ, уынджы афсæ рстой. Танкты хæ д фæ стæ хъæ уы дæ лейæ фæ зындысты кæ ттагсæ р егъау автомобильтæ...

Дзæ гъæ лы йæ къухы фыдтæ м лæ бурдта Дуне, иу исчи сæ ныхмæ, зæ гъгæ, — æ рлæ ууыд цæ лхдурау знаджы размæ Сындзыхъæ уы фæ лмæ н зæ хх. Йæ фырттæ Уæ рæ сейы быдырты хæ цыдысты, уый та ам бацыд тохы фыдгулимæ. Йæ цæ рæ нбонты ахæ м æ вирхъау къахдзæ ф никуы бавзæ рста йæ риу. Мæ нæ ныр дæ р æ рбалæ сынц, бæ дæ йнæ гтæ. Нæ, не ’рбацæ удзысты!

Æ цæ гæ лон уæ йгуыты размæ зæ хх, Сындзыхъæ уы зæ хх æ рлæ ууыд цæ лхдурæ н æ мæ сæ бæ рзонд цæ лхытæ куыройы фыдтау уымæ н зылдысты сæ мидбынат. Сæ хус тæ ф калд. Бæ зджын фæ здæ г æ рбадт машинæ ты сæ рмæ. Хъуысти æ над хъæ лæ сыуаг. Цас тынгдæ р зылдысты цæ лхытæ сæ мидбынат, афтæ зæ ххы риуæ й цъыфы егъау лауасигæ ндтæ кæ рæ дзийы фæ дыл схъиудтой фæ йнæ рдæ м.

Хъæ рзы зæ хх... ниуынц цæ лхытæ... Цæ уы тох, хъазуатон тох! Нæ сæ тты зæ хх. Æ мæ, тох куыд карздæ р æ хсиды, афтæ зæ ххы риуыл дыууæ æ мрæ нхъ тыргъы арфæ й-арфдæ р кæ нынц. Уæ ддæ р хæ цы... Уалынмæ... Кæ сы хъазуатон зæ хх æ мæ... Мæ нæ бæ ллæ х!.. Æ цæ гæ лон адæ м цæ лхыты бынмæ хъæ бысыдзагæ й калын райдыдтой каухалæ нтæ, хъæ дурхъилты сæ стытæ æ мæ нартхоры хъæ ллæ гъы куыристæ...

***

Цалдæ р немыцаджы фæ мидæ г сты Залихантæ м. Сæ хæ мхуттæ сзылынтæ кодтой, афтæ мæ й фæ стæ мæ фездæ хтысты. Æ рцардысты Фаризæ ттæ м. Иу бонæ й иннæ мæ хæ сты уынæ р карзæ й-карздæ р кодта. Хъæ дæ й æ хстой партизантæ, немыц та — хъæ дмæ. Арæ хæ й-арæ хдæ р тахтысты знаджы «сау халæ ттæ » хъæ уы сæ рты хъæ дмæ. Адæ м ныккæ ндты цардысты.

Иу бон Дуне йæ фосæ н холлаг æ вæ рдта сарайы кæ вдæ сы. Цæ хæ радоны цыдæ р фехæ лд, уымæ куыд фæ каст, афтæ йын цыма исчи йæ сагой фæ рæ тæ й ныдздзæ хст кодта, уыйау сагойы хъæ д фæ пырх, йæ хæ дæ г бахауд сарайы къуыммæ. Дыууæ хъуджы, уæ ныг, фыстæ сдзолгъо сты, тарст уаст скодтой.

Дуне йе ’муд æ рцыд æ нæ нцой фосы змæ лдмæ æ мæ ауыдга: Джиуæ ргуыбатæ м цы фыркъа снывонд кодтой, уый уæ лгоммæ хуысгæ йæ гæ ндзæ хтæ цæ гъды. Цавæ рдæ р æ фсæ йнаг йæ тæ ны нынныхст.

— Лæ гтыдзуар уæ бæ рзæ йсæ стытæ фæ кæ нæ д, уый уын мæ хуыздæ р арфæ! — ралгъыста Дуне немыцы.

Иубон цыппар немыцаджы Арыпханты сарайæ рахæ цыдысты сау хъугыл. Хъуг-иу баст уыди, сæ къонайыл сын ауыгъдæ й цы рæ хыс æ рæ ййæ фта Дуне, уымæ й. Нену бæ ргæ лæ гъстæ кодта немыцæ гтæ н, хъуг аласут, фæ лæ рæ хыс уадзут, зæ гъгæ. Уæ дмæ Дуне дæ р, йе ’ккой голладжы ’рдæ г ссад, афтæ мæ й фæ зынд. Немыцы куы ауыдта, уæ д сæ м бæ гуылæ гау йæ ных батардта.

— Ныууадз, — урæ дта Дунейы æ фсин, фæ лæ чындз хъуджы босыл фæ хæ ст æ мæ йæ нæ уæ гъд кæ ны:

— Мæ амæ лæ т ме ’мгъуыд! Нæ ратдзынæ н мæ бындуры рæ хыс...

— Ныууадз, — раивæ зта та-иу Нену Дунейы. Знæ гтæ дæ р архайдтой сæ размæ цæ лхдур аиуварс кæ нæ ныл, фæ лæ сидзæ ргæ сы бæ лдоæ нгæ с къухтæ фидар хæ цыдысты хъугыл.

— Нæ ратдзынæ н мæ бындуры рæ хыс!..

Немыцæ гтæ й иу æ над мидбылхудт бакодта, фелвæ ста дамбаца, Дунейы риумæ йæ фæ дардта.

— Ныууадз сæ! — тарст хъæ р фæ кодта Нену æ мæ та Дунейы къухыл рахæ цыд.

— Нæ бындуры рæ хыс! — ныдздзынæ зта та Дуне æ мæ зæ рдæ рыстæ й акаст æ цæ гæ лон адæ мы фæ стæ. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, йæ ног чындзæ й-иу йæ мой сæ рдыгон къонайы фарсмæ куыд абадт, къонайы астæ у-иу сыгъди арт, суанг царæ й уагъд рæ хысыл уыд аг æ фтыд...

— Рæ хыс!.. — йæ хи та аппæ рста сарайы дуармæ.

Нену афтæ лæ мæ гъæ й никуыма федга йæ чындзы, фæ лæ йын кæ д рæ хысыл Дунейæ тынгдæ р йæ зæ рдæ рысг, уæ ддæ р бауайдзæ ф кодта:

— Бындур нæ лгоймагæ й фидар у, æ фсæ йнаджы муртæ й нæ, фæ лæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.