![]()
|
|||
Цыбыр къухтæХур ма бæ ндæ нбæ рц уыди ныгуылæ ны сæ рмæ, афтæ быдырдзауты рауагътой хъæ умæ. Залихан дæ р æ рбацыд йæ зæ ронд, бызгъуыртæ дарæ сы. Йæ сагой къулрæ бын æ рæ вæ рдта. Æ рбадт къæ лидормæ схизæ н къæ сæ рыл. Йæ ронæ й райста дзулы чысыл къæ бæ р. Акомдзаг кæ нынмæ дзы хъавыд, фæ лæ йæ фæ стæ мæ æ риста. Ахæ йттæ йæ кодта. — Иветæ, — бадзырдта мидæ мæ. Чызг цингæ нгæ разгъордта, мады хъæ бысмæ йæ хи баппæ рста. — Æ рбацыдтæ, мамæ?! — Куыд сты сывæ ллæ ттæ? Ахæ сс сын сæ хæ йттæ. — Бафынæ й сты. Сæ нывæ рзæ нты сын сæ нывæ рдзынæ н райсоммæ, — загъта чызг æ мæ къæ бæ ртимæ азгъордта. Залихан дзулы муртæ уидзы, йæ чдзыхмæ сæ æ ппары. Фаризæ т дыууæ роды кæ ртмæ æ рбакодта, скъæ тмæ сæ куы фæ цæ йскъæ рдта, уæ д ауыдта чындзы. Худæ гæ й бакъæ цæ л: — Карчы цъиу дæ? Ууыл дæ р нæ уыдзынæ, фæ лæ уу!.. Чындз æ нкъард цæ стытæ й бакаст æ фсинмæ. — Уæ ртæ цы ис, уæ ртæ! — фесчъил кодта æ фсин йæ былтæ. — Мæ фыдгул дæ умæ бакæ сæ д. Цæ рæ нбонты дæ фу-фуйæ фæ дардта, ныр уаллонау дзæ бæ х куы сдæ! Гъе, афтæ алы изæ р дæ р хылкъахæ н кодта Фаризæ т. Залихан æ м кæ й ницы фæ дзуры, уый йæ ноджы мæ стджындæ р кæ ны... Иветæ мады цурмæ рацыд. — Æ ххормагæ й бафынæ й сты? — бафарста мад æ мæ ныууынæ ргъыдта. — Нæ -гъа. Абон нын Нену цæ хæ райы фых æ мæ кæ рдзын æ рхаста. Æ ххормаг, фæ лмаст цæ стæ нгасæ й бакаст ныййарæ г йæ хъæ булмæ: — Нал дзы ис?.. Иу уысм сæ ничиуал ницы сдзырдта. Мад фæ фæ смон кодта йæ ныхасыл. Чызг загъта аххосджынхуызæ й: — Кæ рдзын æ рдæ г уыди... Тæ бæ гъ та Аслан йе ’взагæ й басдæ рдта, — чызг йе стыр цæ стытæ доны разылдта. Æ мбары, мæ гуыр, мады фæ ллад æ мæ стонг. Мад фестад, йæ хъæ бысы йæ æ рбакодта: — Мæ зæ рдæ лæ ууæ н! — йæ цæ ссыгтæ чызджы сæ рыхъуынтæ м цыхцырæ гау ныллæ ууыдысты. — Бирæ нал фæ тухи кæ ндзыстæ м. Нæ кæ рт уыдзæ н хицæ н. Не ’хсæ н бæ рзонд кау сбидзыстæ м. — Цы хорз уыдзæ ни! — сцин кодта чызг. — Кæ рты хъаздзыстæ м. Чылауи бæ лæ стæ дæ р ныссадздзыстæ м... Нæ, мамæ?! Зæ хмæ цы чылауитæ æ рхауой, уыдонæ й-иу хæ рдзыстæ м, нæ? — О, мæ хур... — Дуары хъæ р-иу куы фæ цæ уа, уæ д зондзыстæ м, махмæ чидæ р æ рбацæ уы... — Уæ дæ, зæ гъыс, — сæ ныхас сын фескъуыдта Фаризæ ты дзурын, — уæ дæ, зæ гъыс, хъæ усоветмæ мыл хъæ стмæ бацыдтæ, и?! — Балæ вæ рдтон, цæ уынмæ мæ не ’вдæ лы, — загъта Залихан. — Кæ с-ма, куыд рогæ н æ й зæ гъы?! Мæ фыдæ бонджын кæ рт мын дыууæ дихы кæ нын кæ ныс?! — йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с ссыд! усæ н. — Цæ мæ н кæ рт? — Уæ дæ?! — цымыдисæ й афарста Фаризæ т. — Цæ хæ радонимæ... Уый сдзырдта, цы?! — Бынтон рафыхт. Залихан æ м фæ каст, къулрæ бынмæ йæ хи нылхъывта. — Цæ хæ радонимæ, зæ гъыс? — Фаризæ т йæ фырмæ стæ й цæ ттæ уыд искæ й акъабæ зтæ кæ нынмæ. — Ацу! Ацу дын зæ гъын мæ кæ ртæ й! Ацу, дзæ бæ хæ й дын зæ гъын! — ахъуыды кодта, куы нæ йæ фæ тæ рсын кæ на, уæ л æ цæ гæ й дæ р йæ бон у, цæ хæ радонæ й Тамбийы хай бадомын. Йæ хи йæ м фæ фæ лмæ нхуыз кодта. — Чындз, дæ цардыл ахъуыды кæ н. Ацу дæ цæ гатмæ, Тамбийæ писмо нæ й... — Тобæ, тобæ, цытæ дзурыс? — фырадæ ргæ й йе ’нгуылдзтæ саста Залихан. — Иветæ, ацу мидæ мæ, ацу! — Цы диссаг дæ м кæ сы? Сывæ ллæ тты уæ лæ горæ ты сидзæ рты хæ дзармæ ратт. Дæ бон сывæ ллæ ттæ схæ ссын нæ у... — Йæ ныхас ын дарддæ р зæ гъын нал бауагъта чындз: — Æ з мæ хъæ булты хæ тæ нхуаг нæ кæ нын. Гъестæ й мын иунæ г сывæ ллон дæ р куы нæ уаид, уæ ддæ р æ з махоны ингæ нæ н цыртæ н... — йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г, — удæ гас цыртæ н фæ лæ удзынæ н. Курын дæ, мауал мын бафæ раз ахæ м ныхас зæ гъын! Писмо дзы нæ й «дыууæ боны» æ мæ йæ мардыл нæ нымайын æ з. — Афтæ у?! — Афтæ... — йæ сæ ры тылдæ й бафидар кодта йæ хъуыды Залихан. — Æ з дæ уæ лхъæ дæ й бахус кæ ндзынæ н, уый зон! — фыдыус адæ ргæ й кæ рты рауай-бауайыл фæ ци, агуырдта, цæ мæ й ма йæ афхæ ра, ахæ м фæ рæ зтæ. Бауад Залиханмæ. Схызт къæ лидормæ. — Хъус-ма! Абон та, гъе стæ й алы бон дæ р, быдыры мæ кой цæ мæ н фæ кæ ныс? — Ницы фæ кæ нын, — сыгъдæ гзæ рдæ йæ загъта чындз. — Уæ д та дæ дзæ гъæ лдзых æ мбæ лттæ вæ ййынц, — йæ къухтæ дыууæ рдæ м тилы. Хъæ уæ й — быдырмæ, быдырæ й — хъæ умæ ныхæ стæ радав-бадав чи кæ ны, æ ндæ р куыст кæ мæ н нæ й, дæ уыцы æ мбæ лттæ! — Мах ныхæ стæ м не ’вдæ лы. — «Нæ сæ æ вдæ лы»!.. Уæ дæ абон... — йæ мæ нтæ джы сыфы йас галиу хъус раивæ зта, — гакк-гукк уасæ н бон, бон-сауизæ рмæ мæ хъус сырх пилллон цæ мæ н фæ калдта!.. И? — хæ стæ г æ м балæ ууыд. — Дæ у нæ фæ рсын, цæ мæ н мын сыгъди? Дæ умæ дзурын, зæ гъ-ма? — Уымæ й дæ хъусы бафæ рс, — йæ хи аиуварс кодта Залихан. — У, налат, налат! Уæ ддæ р ма фæ стæ мæ дзуры. Куыд мæ м уæ ндыс дзурын?! — Баст хæ рæ г дæ р дæ м нæ фæ лæ удзæ н æ нæ сдзургæ... — Æ з дæ куыдзы мард акæ ндзынæ н, уый зонгæ кæ н. — Мæ нмæ дæ къух сисынмæ ма дæ ногæ й райгуырын хъæ уы, — фидарæ й загъта чындз, уæ вгæ дзы тæ рсгæ та фæ кодта. Фæ лæ йын цæ мæ й йæ тасдзинад ма бамбара, уый тыххæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Дæ къухтæ æ гæ р цыбыр сты мæ н фæ нæ мынмæ. — У, налат, — йæ къух цæ вынмæ куыд фæ хъил кодта, афтæ Иветæ рауад æ мæ Фаризæ т федтæ... — Мæ нæ мæ куыд смæ сты кодта, мæ нæ, — катай кæ ны Залихан. — Чи?! — афарста Иветæ. — Ничи. Йæ ныхæ стыл мæ сты кæ нгæ дæ р нæ у, — мад райста бедратæ. — Æ з дон æ рбахæ ссон, ды та ма иу чысыл суджы къæ цæ лтæ æ рбамбырдтæ кæ н. Исты пысултæ ахсæ м, — афтæ ныхæ стæ кæ нгæ ацыдысты уынгмæ. Æ рталынг. Стъолыл æ нæ авг цырагъ мынæ г рухс кæ ны. Йæ къахæ й узы авдæ н Залихан, йæ къухтæ й та æ хсы дзаумæ ттæ. Зары йæ хицæ н мынæ г хъæ лæ сæ й Къостайы «Сидзæ ргæ с» æ мæ йæ цæ стысыг згъæ лы тасмæ. Дуне, Любæ æ мæ Олгæ куыд æ рбацыдысты, уый нæ бафиппайдта. — Рагæ й нæ нал федтай? — загъта Дуне. — Æ гас цæ ут, — бацин сыл кодта Залихан. Уазджытæ стъолыл æ рæ вæ рдтой цыхт, кæ рдзын, ссады дзæ къул. — Ай та цы у? — афарста Залихан. — Дзидза, — загъта Любæ. — Нæ фырæ нæ вдæ лонæ й дæ м нæ къух ницæ мæ й æ ххæ ссы... — Дзидза кæ м амбæ хса, уый агуырдта. — Хъыбыл аргæ встам. Сыхбæ стæ н фæ йнæ -фæ йнæ хайы кодтон. — Дæ -дæ -дæ й! — батыхст Залихан. — Цы кодтай? — афарста Дуне. — Нæ кæ нгæ моллойæ тæ рсы, — загъта Олгæ. — Уый мæ гуыры бон нæ у? — батыхсти Любæ. — Ницы кæ ны... Мах æ мхуызонæ й хъæ стмæ бацæ удзыстæ м хицауадмæ. Куы фæ хицæ н уат, уæ д дæ хиуыл фæ хæ цдзынæ. Чи дын хъыбыл ратдзæ н, чи карк, чи цы æ мæ афтæ мæ й бахæ дзар уыдзынæ. — Æ з дын мæ заинаг дыгæ рдыг ратдзынæ н, — загъта Олгæ. — Бузныг уе ’ппæ тæ н дæ р, — загъта Залихан æ мæ тарстхуызæ й бакаст дзидзамæ. — Ахсæ в æ й иу афон сфыцон, и?.. Фæ каст кæ ртмæ тарстхуызæ й. — Æ ллæ х, æ рбацæ уы, — дзидза авдæ ны амбæ хста. Авдæ н бахаста мидæ мæ. Æ рбацыди Фаризæ т. — Мæ нæ ма кæ й уынæ м! — бацин ыл кодтой сыхаг устытæ. — Мидæ мæ. — Æ гас нæ м цæ ут! «Мидæ мæ » чи кæ мæ н хъуамæ зæ гъа, и? — бауайдзæ фгæ нæ гау сын кодта Фаризæ т. — Хъæ дæ й хъæ умæ нæ цæ ут æ мæ... Сбадут. Залихан дисæ й мæ лы. Цыма цæ рæ нбонты дæ р æ фхæ рæ н ныхас йæ дзыхæ й никуы схауд, афтæ йæ хи дардта Фаризæ т. Залиханæ н йæ лæ джы ныхас йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд: «Йæ иу комыкъулы зынг дары, иннæ йы — дон»... — Цæ мæ н хъæ дæ й? Быдырæ й, — фæ бæ лвырд кодта Любæ Фаризæ ты ныхас. — Иу бон нæ м фæ кæ с! Не ’ппæ ты дæ р уæ д фендзынæ, — загъта Дуне, йæ цæ ст Любæ мæ фæ ныкъулгæ йæ. — Æ цæ г, æ цæ г, Фаризæ т, фæ кæ с-ма нæ м, хал халæ н æ ххуыс у... — Æ з æ рду дæ н? — фæ хъыг ис йæ ныхас Фаризæ тæ н. — Ды æ рду нæ дæ, æ нæ хъæ н тын дæ, уый афтæ æ нæ уи зæ гъын ныхасæ н. Фæ кæ с-ма нæ м хъæ мпы рæ гътæ амайынмæ. Кæ ннод уарынтæ куы райдайой, уæ д фесæ фдзысты, — лæ гъстæ кодта Дуне. — Зиуууон ма лæ г знагæ н дæ р ацæ уы, — загъта Любæ. Фаризæ т аивæ й йæ рахиз къухы æ нгуылдзтæ й йæ рахиз цæ ст æ мæ уадул бамбæ хста. — Худæ гæ й марут, нартыкæ ндыстæ н! — йæ дзырдтæ ивазгæ ауагъта. — Арвæ й зæ ххы ’хсæ н иунæ г, зыбыты иунæ г цæ сты хицау дæ н! Гъы! Уыцы иунæ г цæ ст та ма мын исчи йæ сагойы сиукæ й куы феппарид. — Цæ стæ н авд хъахъхъæ нæ джы ис, — бахудти Дуне. — Афтæ æ нцон феппаргæ нæ у. — Нæ, мæ нæ й уын зиууон нæ й. Æ ндæ р ран æ й агурут, нартыкæ ндыстæ н. Мæ цæ ст риссы. — Ау, куыд дын иу цæ ст ис? — Дуне дисхуызæ й амоны хæ хтæ м. — Уæ лæ Хъазыбеджы хохы фахсыл æ хсæ нкъ куы фæ цæ йбыры, уæ д æ й куы ауыныс!.. — Уый æ хсæ нкъ зоны, — загъта Любæ. — Кæ д арсы йас вæ ййы... — Æ з бирæ цыдæ ртæ уынын, — æ лхыскъ ныхасæ й загъта Фаризæ т, — фæ лæ кæ йдæ ртау дзæ гъæ лдзых нæ дæ н. — Уагæ ры цытæ уыныс, дæ хорзæ хæ й? — бахатыд æ м Дуне. — Уынын, уынын, бирæ тæ колхозы фæ ллой сæ хæ дзæ рттæ м куыд хæ ссынц, уый. Сæ роны къуымты дæ рзæ г мæ нæ уы æ фсиртæ чи давы, уыдон æ з мæ фондз æ нгуылдзы хуызæ н зонын. Фæ лæ æ з дзургæ нæ кæ нын, нæ!.. Устытæ кæ рæ дзимæ бакастысты: Залихан иу хатт йæ роны цы æ фсиртæ æ рбахаста, уыдонæ й кæ й зæ гъы, уый фембæ рстой. Нал æ м фæ лæ ууыд Дуне æ мæ æ нцадæ й загъта: — Кæ с-ма, дæ хорзæ хæ й, куыдтæ кæ нынц? Фаризæ тæ й айрох, йæ цæ ст кæ й æ мбæ хста, уый æ мæ йæ амонæ н æ нгуылдз абырыд рахиз тæ нуадулмæ, æ ртæ æ нгуылдзы та бамбæ рзтой фындз. Цæ ст сæ гъы цæ стау касти. Цыма ницы бафиппайдтой, уыйау устытæ дарддæ р сæ ныхас кодтой. — Фаризæ т, ничи давы мæ нæ у. Тæ ригъæ д зæ гъыс, — загъта Любæ. — Куыд нæ давынц? Æ з сæ уынын, куыройы ног мæ нæ у чи фессы, уыдоны, — мæ сты змæ лд бакодта ус. — Нæ сыхы устытæ м та иу миниуæ г ахæ м ис, æ мæ куыройы рад мæ нмæ куы вæ ййы, уæ д сæ къухыдзæ гтимæ згъорын байдайынц, — амоны йæ къухæ й. — Фаризæ т, мах быдырæ й хъæ умæ куы нæ цæ уæ м, дæ хи загъдау, уæ д дæ кæ м хъыгдарæ м? — бафарста Дуне. — Æ з ныр нæ зæ гъын, — фæ тыхст ус, — фæ лæ айразмæ ты. — Æ мæ йæ сæ р хъал бæ хы сæ рау батылдта. — Цæ й, цомут, — фестад Дуне. Уатæ й рацыд Олгæ. Фаризæ т æ м зулмæ бакаст. Ахъуыды кодта: «Олгæ мæ хи хæ стæ гдæ р ласын хъæ уы. Афтæ хуыздæ р уыдзæ н». Иууылдæ р ацыдысты. Залихан зыдæ й ахордта цыхт æ мæ кæ рдзынæ й. Иучысыл аулæ фа, стæ й бонырдæ м фестдзæ н, гæ рзтæ цæ хсдзæ н, дзидза сфыцдзæ н, йæ тæ ф сæ «моллойыл» куыд нæ ссæ уа, афтæ, скаст Фаризæ ттæ м. Æ мæ зæ рдæ рухсæ й бахуыссыд. Скæ сæ нырдыгæ й мæ йы нарæ г тæ лм бæ ласы сæ рæ й куы скасти, уæ д Залихан фестад, хæ ринаг фæ уæ ларт кодта, авдæ н рахаста. Сывæ ллон куы скæ уы, уæ д æ й аузы къахæ й, къухтæ й та гæ рзтæ æ хсы. Стъолыл фæ тæ гены цырагъ судзы. Йæ зæ рдæ йы къуымы та февзæ рд йæ дысоны зарæ г:
«... Даргъ æ хсæ в фыдбонæ й Цард удæ н хуыздæ р. Рухс цæ уы кæ ронæ й, Бадынц ма кæ мдæ р... »
Залихан хæ рдмæ фæ хауд. Йæ цуры алæ ууыд Фаризæ т: — Офф, офф, офф!.. — Мæ гуыры бонтæ, нæ ус, фæ тарстæ н дæ! — фесхъиудта Залихан. — Уыцы сæ пп-сæ пгæ наджы дзидза та кæ мæ й ракуырдтай? — йæ фындзыл ныххæ цыд фыдыус. — Сыдæ ймæ рдтæ, мæ гуыргуртæ! Æ з дын афтæ куы загътон, æ мæ мын мæ кæ рты уыцы джауыры тæ ф ма уадз! — О, нæ ус, о, нал! — Ацу мæ кæ ртæ й!.. — Кæ дæ м!.. Кæ дæ м ацæ уон? — карзæ й афарста чындз. — Дæ цæ гатмæ. Сывæ ллæ тты уадз! — Цытæ дзурыс?! — фæ ныллæ г кодта йæ хъæ лæ с. — Сидзæ ргæ стæ Уæ рæ сейы бонæ й-бонмæ фылдæ р кæ нынц. Мах, сидзæ ргæ стæ, стæ й æ з сидзæ ргæ с нæ дæ н... дыууæ боны нæ й... æ з æ й фæ мардыл нæ нымайын, æ ппæ т нæ цæ гæ ттæ м куы фæ цæ уæ м, уæ д зæ ххы къори дзæ гъæ лдзу сывæ ллæ ттæ й куы байдзаг уыдзæ н. Куыд не ’мбарыс, мах хъомыл кæ нын хъæ уы, ныртæ ккæ хæ сты быдыры чи хæ цы, йæ цард чи радта, уыдоны чи раива... ахæ м ног фæ лтæ р... — Ды цы схъомыл кæ ндзынæ? Дæ фæ стæ халæ тгæ куы тæ хынц. — Халæ ттæ мæ нæ й ницы фендзысты. Мæ н мæ лынмæ не ’вдæ лы, — æ ргуыбыр кодта йæ тасмæ Залихан. — Сабырæ й дæ бар ис: хъæ усоветæ й дæ хъаст фæ стæ мæ райс. Æ з дын мæ цæ хæ радонæ й уырзы йас дæ р нæ ратдзынæ н, — хæ стæ гдæ р æ м бацыд. — Зоныс, уырзы йас!.. — Сабырдæ р дзур, исчи нæ фехъусдзæ н, — мынæ г хъæ лæ сæ й куры чындз. — Ничи нæ фехъусдзæ н, ма тæ рс, нырма карк йе ’фтуанхъæ дæ й нæ ма рахызт. Ацу мæ кæ ртæ й! Тæ худы, тæ худы, æ мæ ма мæ нæ ацы кæ рты дæ риуыдзаг сулæ ф. Мæ кæ рт цигантæ й байдзаг, сыдæ ймард цигантæ й! — Ницы дæ хъыгдарын. — Хуыцауæ й курæ гау дæ курын æ мæ мæ ма хъыгдар! — авдæ н узынмæ фæ ци фырадæ ргæ й, кæ д сывæ ллон æ нцад фынæ й кота, уæ ддæ р. —, Куыд мæ ницы хъыгдарыс? Мæ бæ стыхæ йттæ мын пырх кæ ныс... Æ мæ, дам, дæ ницы хъыгдарын, — хæ стæ гдæ р та йæ м балæ ууыд Фаризæ т. — Дæ хъаст хъæ усоветæ й исыс æ ви нæ?! Залихан тарст зыр-зыр кæ ны. Узы авдæ н. Уæ д та сывæ ллæ ттæ й исчи куы фехъал уаид. Йæ хи къулмæ нылхъывта. Бамбæ рста: нæ мгæ йæ кæ ндзæ н æ фсин. Къулыл, мынæ г цырагъы рухсмæ, зыны Фаризæ ты аууон. Æ нахуыр тас уадзы Залиханы уæ нгты. Ныхъхъæ р кæ нид æ мæ йæ йæ сæ рмæ нæ хæ ссы. «Макуы райхъуысæ д нæ хæ дзарæ й хъæ р», — йæ сæ ры февзæ рд йæ лæ джы фæ дзæ хст. Судзаг рис банкъардта йæ буар, бамбæ рста: цыдæ р цæ вæ нгарзæ й йыл ралæ ууыд. Йæ цæ стытæ атартæ сты, скуыдта: — Мауал ныццæ в! — йæ хи хъахъхъæ дта æ фсины цæ фтæ й. — Исыс дæ хъаст æ ви нæ?! — хафт-хафтæ й ралæ ууыд Фаризæ т чындзыл ноджы тынгдæ р. Сырды цæ стытау ссыгъдысты йæ цæ стытæ. — Ныр дæ р ма зæ гъдзынæ, цъаммар, мæ н фæ нæ мынмæ дæ къухтæ æ гæ р цыбыр сты, зæ гъгæ? — Æ гъгъæ д у, мауал ныццæ в! — æ рхауд авдæ ны раз чындз. Фестад, тарстхуызæ й скаст æ фсинмæ. — Æ рбарухс кæ ны бон, ацу! Ацу, исчи нæ базондзæ н... Фæ худинаг уыдзыстæ м. Мауал ныццæ в! — Ахауд, йæ былы туг фемæ хст... — Фест уæ лæ мæ! — йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с ссыд æ фсинæ н, схæ цыд чындзыл. Уый стынмæ хъавы, фæ лæ та æ рхауд. Кæ лы йæ былты туг. — Дæ хъаст хъæ усоветæ й исыс æ ви нæ, зæ гъын æ з?! Æ ви ма ныр дæ р мæ къухтæ цыбыр сты дæ у нæ мынмæ?! — Нал, нал! — ахауд Залихан пъолыл дæ лгоммæ. Цæ ф цæ фы уæ лæ уайы буарыл, фæ лæ нал стъæ лфы, йæ хи нал хъахъхъæ ны... Чи зоны, цы ’рцыдаид дарддæ р, фæ лæ уæ дмæ Любæ йы хъæ р æ рбайхъуыст уынгæ й. — Залихан, цом! Фаризæ т уыцы иу гæ пп ракодта. Сыхаг ус фембæ рста, Фаризæ т ус-бирæ гъау куыд рауад, уый. Хуымæ тæ джы нæ у... Любæ сонт уад бакодта мидæ мæ. Залиханы зæ ххыл йæ туджы мæ цгæ ауыдта. — Фæ дис! Фæ дис! — уынгмæ разгъордта. — Фæ дис! — бауад фæ стæ мæ. — Мæ нæ йæ куыд амардта, кæ уы, афтæ мæ й схæ ц-схæ ц кæ ны усыл. — Ма хъæ р кæ н... Фæ худинаг уыдзыстæ м... — райхъуыст æ ппынæ рæ джиау, гарзы комæ й дзурæ гау, Залиханы æ нæ бон хъæ лæ с. Уæ дмæ адæ м æ рбамбырд сты. Кæ угæ, æ фхæ рæ н ныхæ стæ кæ нгæ бакой кодтой Залиханы. Уыцы бон æ ппæ т адæ мы фæ стæ атардта Фаризæ т йæ хъом хизæ нуатмæ.
|
|||
|