Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Нæузæхх



Нæ бауагъта Фаризæ т Тамбийы бинонты сæ закъонæ й лæ вæ рд зæ хмæ. Æ мæ сын уæ д фæ схъæ у рахай кодтой зæ ххы гæ баз, гектарæ н йæ 0, 20 хайы. Йæ цæ рæ нбонты гутон кæ м нæ ацыд ахæ м цъæ х нæ уу. Уый уыд майы мæ й 1943 аз.

Залихан бел куы иу ран атъыссы, куы иннæ ран, фæ лæ æ нусон фидар кæ рдæ джы уидæ гтæ нæ уадзынц белæ н сæ хи сафын. Нæ комы кæ рдын цъæ х нæ уу, нæ лæ сы бел хъæ бæ р зæ ххы. Ныккуыдта, ныдздзынæ зта йæ гæ ныстоны цæ хæ радоныл. Йæ кæ уынмæ ныккуыдта Иветæ дæ р. Куыд нæ дзынæ зтаиккой?! Цæ хæ радонæ н йæ æ ртæ фарсыл хъуыди быру бийын. Уыйас мих æ мæ уис æ ркæ нынмæ йæ ныфс нæ хаста.

Бел æ вæ ндонæ й ныббырыд зæ ххы. Белгом сисынмæ хъавы, фæ лæ уый ком нæ дæ тты. Схæ ц-схæ ц кæ ны белыл. Чызг мады алыварс зилдух кодта, нæ зыдта, куыд ын аххуыс кæ на, уый. Фæ лæ бурдта, фыр доны дард æ мæ хæ дзары æ фсинад сæ фæ д кæ уыл ныууагътой, йæ уыцы къухтæ й астаздзыд сывæ ллон архайдта белы ком кæ рдæ джы фидар уидæ гтæ й феуæ гъд кæ ныныл.

— Дæ къæ хтæ дын кæ рдын, — тыхстæ й дзуры мад.

— Ницы мын уыдзæ н, — сдзырдта чызг, афтæ зæ рдиагæ й архайдта æ мæ нæ бамбæ рста, йæ ныхбынтæ й туг куыд ракалд.

Сæ ппæ рстой белгом. Цъæ х нæ ууыл фæ зынд сау стъæ лф. Зæ рватыччытæ цъыбарцъыбургæ нгæ атæ хынц йæ сæ рты, цыма сау белгомыл цин кæ нынц.

Сæ размæ бацыд Маша. Зæ рдæ тæ авæ рдта Залиханæ н.

— Лæ г амалæ н конд у, тыхсгæ ма кæ н. Æ гайтма дæ зæ ххы гæ ппæ л фæ ци. Уыцы налат куыд нæ радта цæ хæ радон!..

— Хицауад у аххосджын. Нæ хъæ усовет, — ныуулæ фыд Залихан. Нæ зонын, цытæ кæ ндзынæ н? Быру йыл цы амалæ й сбидзынæ н?!

Дыууæ усы ныхæ стæ цалынмæ кодтой, уæ дмæ Иветæ архайдта йæ бæ гъæ ввад къахæ й бел зæ ххы нытътъыссыныл.

— Иветæ, цом æ з дын Кимы дзабыртæ æ мæ чысыл бел радтон, — загъта Маша.

Чызг федта йæ хи йас лæ ппуйы кауы михтæ н ломæ й дзыхъхъытæ кæ нгæ. Цыма йыл уый размæ дæ р кæ мдæ р фембæ лд?!

Кимы дзабыртæ йын сбæ ззыдысты.

Æ фсæ ддон чысыл бел балæ ууыд дынджыр белы фарсмæ. Дыууæ белы æ мраст къуымæ г аразгæ йæ кæ рдынц нæ узæ хх...

Иветæ кусы, йæ сæ р нæ сисгæ йæ. Бамбæ рста, белæ н йæ хæ д хъусрæ бын куы хæ ца, уæ д кæ д астæ у риссы æ мæ туг цæ сгомы бады, уæ ддæ р дзæ вгар æ нцондæ рæ й лыггонд кæ й цæ уынц нæ узæ ххы мидæ г æ нусон гæ рзæ хсæ ны уидæ гтæ. Хид къоппæ й кæ лы.

Цыма йын стыр белæ й хуыздæ р æ нтысид...

— Мамæ, мæ н дæ р дынджыр бел хъæ уы.

— Æ гæ р зын дын нæ уыдзæ н? — фæ рсгæ афтæ бакодта мад, фæ лæ йын æ рдæ бонсарæ й дис кæ ны йæ къухты ахаст æ мæ йæ сæ рæ н змæ лдыл. «Йæ фыды архайдтытæ, йæ фыдау арт у куыстмæ ». Хæ дзары зилæ нтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ м кæ сынмæ куыд арæ хсы, уæ ззау куыстмæ та — ноджы рæ вдздæ р. Йæ чызгæ й йæ зæ рдæ барухс. Æ фсæ ддон бел йæ къухты чындзытæ й хъазæ н белау кæ й у, уый сæ зæ хх къахыны фыццаг уысмы дæ р раиртæ ста, фæ лæ ницы сдзырдта. Йæ бел æ м бадаргъ кодта:

— Æ з Машатæ й бел ракурон, кау бийынц æ мæ сын æ вдæ лон уыдзæ н.

Иветæ йæ къаннæ г бел иу-дыууæ сардзинбæ рц фалдæ р æ рсагъта. Кæ ддæ ра йæ м кæ д бахæ ццæ уаиккой? Райста йæ мады бел æ мæ та багуыбыр. Афтæ зынди, цыма бел йæ кусæ нгарз нæ у, фæ лæ йæ архайд æ вдисæ г, раст уæ рдоны ивтыгъд бæ хы къахист уæ рдоны цæ лхытæ куыд æ вдисынц, афтæ... Йæ хид лæ сæ нтæ й кæ лы. Йæ бон баци белгомæ н йæ æ ртæ фарсы бел айгæ рдын, цыппæ рæ мæ рдыгæ й бел ауагъта тæ ссармæ афтæ, цæ мæ й мæ ры мидæ г ахепп ласа, уидæ гтæ й ма чи ныййичъи мæ рмæ, саби йæ мады фæ дджийыл ныззæ гæ лау, уыцы уидæ гтæ... Æ ппынфæ стаг систа белгом æ мæ, цъæ х нæ ууыл, йæ мады белгомы фарсмæ, фыййауы сау нымæ т худау, æ рфысым кодта сау тъæ пп. Мæ ры мидæ г, дыууæ белгомы хъæ бысхæ стæ й зæ ххæ й кæ м байстой, уыцы дзыхъхъы та, уызыны судзинтау тыхтона лыггæ ндтæ й зындысты хиваст гæ рзæ хсæ ны туасы хуызæ н уидæ гтæ. Зæ рдæ райгæ йæ та чызджы бел лæ гæ рды æ нусон зæ рæ стон зæ ххы. Йæ хъустыл ауад сылгоймæ гты стыф ныхас. Бацыдысты йæ м йæ мад — йæ къухы бел, Маша æ мæ сæ хъæ уы Хъарманы райдайæ н скъолайы ахуыргæ нджытæ Толасты Соня æ мæ Верæ Хæ мыцаты. Иветæ йы афтæ сах архайд куыстгæ нгæ куы федтой, уæ д Верæ зæ рдæ уынгæ гæ й афтæ дзуры:

— Ам фæ рæ т хъæ уы. Белæ й ницы бакæ ндзыстут, — ныккаст дзыхъмæ, — фæ рæ тæ й кæ рдын хъæ уы гæ рзæ хсæ ны уидæ гтæ.

Соня та Залиханæ н уæ здан ныхасы уагæ й æ мбарын кодта, йæ чызджы æ мгæ рттæ дæ р ныр 2-æ м къласмæ кæ й бацæ удзысты, уый.

Иветæ уыргъуыйау лæ ууыд йæ белы раз, кæ цы йæ хъусты онг уыди зæ ххы ныгъуылд. Верæ йæ м дзуры:

— Иветæ, мæ хур, дæ уæ н ацы аз зымæ джы дæ аст азы дæ хи фесты. Фæ ззæ г дын æ нæ мæ нг скъоламæ цæ угæ у...

Сывæ ллон æ м нал хъуыста, йæ хъуыдыйы цæ уы сæ хи фарс чысыл скъоламæ. Стыр скъола та ис цæ угæ дон Урсдонæ н йæ галиу фарс стыр хъæ уы... Йæ амондджын хъуыды йын амхæ ццæ кодта йæ мады дзурын:

— Иветæ скъоламæ куы цæ уа, мах уæ д æ ппæ т бинонтæ й былæ й, куыдзæ ппарæ нæ й аппарут, æ з мæ сывæ ллæ тты Иветæ йы руаджы бон æ ддæ дæ рæ й хæ ссын... Быдыры куыстытæ м дæ р мæ бæ сты цæ уы... Æ з, æ з рынчын дæ н... — загъта Залихан æ мæ йæ былтæ æ мæ роцъо базмæ лыдысты, ивылд доны разæ й хъæ ды пыхс тулæ гау.

Сывæ ллоны кæ уындзæ джы къуыбар дæ р йæ хъуыры абадт.

Фæ лæ Соня уæ ддæ р чызджы хъысмæ тыл сагъæ с кæ нгæ йæ та афтæ зæ гъы:

— Мах æ мбарæ м хæ дзары уаг. Ацы чысыл чызг бинонтæ н касдонваг кæ й амал кæ ны, йæ æ ккой хъæ дæ й суджы къæ цæ лтæ кæ й хæ ссы, æ мæ зæ гъæ м нæ хæ ссы, зæ гъгæ, уæ д уазал æ ххормагæ й фыддæ р у, чехоткæ йæ цас сæ йы, уый алчидæ р зоны æ мæ уыны хъæ убæ сты дæ р æ мæ сыхбæ сты дæ р æ мæ, куыд кæ сын, афтæ мæ й ацы чызг скъоламæ нæ цæ удзæ н.

— Цæ уылнæ? — стырзæ рдæ йæ фæ рæ вдз дзуапмæ Залихан. — Мæ нæ йæ фыд куы ссæ уа, уæ д цæ удзæ н скъоламæ, — йæ фыдхуыз, фыдцарды фæ д цы морæ цæ стыты уыди, уыдоны ферттывта циндзинады зынг.

Æ ртæ сылгоймаджы фæ æ дзæ м сты:

Æ ппынфæ стаг Верæ бафæ рæ зта сдзурын:

— Хæ ст нырма Кавказы куы цæ уы, Ростов немыцы къухы куы ис...

Æ мæ сын цæ мæ й æ нæ бон сылгоймаг сæ уымæ л цæ стытæ ма фена, уый тыххæ й рæ вдз сæ хи айстой. Иветæ та дондзæ стæ й разылд йæ белгоммæ.

Залихан йæ белимæ йæ хи айста дæ рддзæ ф, уадз æ мæ йæ чызг йæ хæ дæ г кусæ д. Уалынмæ йæ хъустыл ауад хъæ лдзæ г хъæ лæ ба уынгæ й.

Фæ касти æ мæ... О, Хуыцау! Хъамбол, Дунейы лæ ппу, æ рбазгъоры, йæ къухы бæ рзонд систа æ ртæ къуымон писмо, йæ фæ стæ сыхæ гты зæ рæ дтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ, хъæ ргæ нгæ: «Хæ рзæ ггурæ ггаг, хæ рзæ ггурæ ггаг!.. »

Залихан æ мæ Хъамболы алыварс адæ м амбырд сты...

— Ногæ й ма бакæ с, — куры Маша йæ цæ ссыгкалгæ, йæ куатæ йæ сæ сæ рфгæ йæ, — Кавказы хæ стытæ æ мæ кæ рцы тыххæ й кæ м фыссы, уый. «... 4 майы суæ гъд кодтам станицæ Крымская... Ардæ м ма ныффысс... тагъд кæ нын... Бузныг, мæ кæ рц мын кæ й рарвыстай. Æ хсæ рдæ сгай сырхæ фæ сæ ддонты къæ хтæ басийынæ й аирвæ зын кодтам Кавказы хæ стыты. Сывæ ллæ ттæ — де уазæ г... май. 1943 аз. Тамби»

Иууылдæ р ныджджих сты.

Сыхæ гты сæ уыргъуыйау лæ удæ й фезмæ лын кодта Залиханы дзурын йæ чызгмæ:

— Цом, иу фæ йнæ белгомы ма сæ ппарæ м...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.