Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Бæндæн æмæ сабийы уæхсчытæ



Танк

Изæ рæ й Залиханмæ æ рфысым кодтой дыууын аст сырхæ фсæ ддоны.

— Æ гас нæ м цæ ут, — сæ размæ рухсцæ сгомæ й рауад Залихан.

Ам дæ р хæ ст ныууагъта йæ сау тæ лм: бæ гънæ г-бæ гъæ ввад сывæ ллæ ттæ батымбыл сты, арт цы пецы нæ ма уыд, уый алыварс. Кæ д дыууæ азы дæ ргъы хæ сты быдырты хæ стонтæ н сæ зæ рдæ тæ ныхъхъæ бæ р сты, уæ ддæ р сæ риуы нæ бамынæ г сывæ ллæ ттæ м уарзондзинад. Сæ хæ цæ нгæ рзтæ тыргъты æ рæ вæ рдтой æ мæ цин кодтой сабитыл. Сæ алкæ мæ дæ р дзы разынд исты рæ вдауæ н: чи сын лæ вæ рдта сæ кæ ры къæ рттытæ, чи — хус дзулы муртæ. Иу бурхил салдат та басгæ рста йе ’ппæ т дзыппытæ, фæ лæ йæ м нæ разынд — хæ ринæ г. Йæ цæ сгом ныттар. Иу хатт ма йæ къухтæ атъыста йæ хæ доны дзыппы, фæ хъæ лдзæ г. Ссардта сырх стъалы! Радта йæ фондзаздзыд лæ ппуйæ н. Лæ ппу йæ хицæ й ныббуц æ мæ сæ рыстырæ й архайын райдыдта: хъуамæ стъалы йæ зæ ронд худыл бафидар кæ на!

Фæ тæ гены цырагъы рухсмæ рудзынджы тарвазыл буррихиджыны цæ ст æ рхæ цыд дидинæ джы къоппыл.

— Трофей!.. — дисæ й хъæ лдзæ г ныххудти æ мæ йæ м бацыд. — Сбæ ззыд, сбæ ззыд трофей!

Иветæ фестъæ лфыд. Ныртæ ккæ салдат зæ ххыл ныффæ здæ г кæ ндзæ н сæ æ нæ уынон къопп. Йæ мадæ й дæ р æ нæ мастæ й нæ баззайдзæ н. Сырхæ фсæ ддон дидинæ гмæ рæ вдаугæ куы бавнæ лдта, уæ д дæ р æ дас нæ ма уыди. Йæ дæ рзæ г уырзты æ хсæ н æ й ацъæ л кæ ндзæ н. Чызг бахудт... Рихиджын йæ дынджыр къухтæ й, арæ хстгай, раст цыма ноггуырд саби уыди, афтæ райста къопп. Сау мæ рæ й йедзаг æ ртгиваг къопп, къаннæ г кæ рдæ гхуыз къабуз йæ астæ у сагъд. Иннæ æ фсæ ддонтæ й чидæ р фынг астæ умæ раггуырста æ мæ йыл зынаргъ сæ ртæ г авгау æ рæ вæ рдтой æ рдзы рæ сугъд лæ вар Хæ стонтæ йыл æ ртыгуыр сты, дидинæ гмæ сæ даргъ цæ нгтæ ивæ зтой.

— Дзæ бæ х тæ ф кæ ны...

— Къухæ вдылд æ й ма кæ нут...

— Ныридæ гæ н нырма лæ мæ гъ у...

— Цæ мæ й бæ рæ г у?..

— Немыц нырма дысон адымычъи кодтой...

— Гæ нæ н уыд æ мæ сæ рæ стæ джы сагъд æ рцыд...

— Нæ гъа, ногсагъд у, — загъта буррихиджын æ мæ йæ уырзтæ й æ рхæ цыд къабузы зæ нгыл. — Фидар лæ ууы. Схæ цдзæ н! — йæ ныхбынтæ сыджытæ й айдзаг сты æ мæ сæ м æ ркаст. — Сызгъæ рин, сызгъæ рин у Кавказы сау мæ р!

Бæ рзонд, саухил, тæ нæ гцæ сгомджын æ фсæ ддон йе ’ргом Залиханмæ аздæ хта:

— Рæ вдз фæ лæ ууыдтæ трофеймæ. Хорз дзы апайда кодтай.

— Мæ нæ чызг уыди, æ з сын сæ хабæ рттæ мæ хæ дзармæ хæ стæ г нæ уагътон.

— Дзæ гъæ лы, хъыгæ й йæ дзырд баппæ рста буррихиджын, йæ сæ р батилгæ йæ. — Бынтон дзæ гъæ лы: ацы къоппытæ н сæ сæ ры былтыл цы уаддзаг ис, къала уадздзаг, уый аркъауæ й фелвас æ мæ хæ дзары мигæ нæ нтæ н иттæ г хорз цæ удзысты. Чызг та, — разыйæ бахудт. — Чызг та хæ дзардзин æ фсин уыдзæ н. Бирæ дзы ныссадзут. Уадз æ мæ нæ бæ стæ дидинæ г кала.

Йе ’ргом аздæ хта фынджы уæ лхъус хъæ лæ бамæ.

— Махмæ, хъуымыхъмæ, кæ угæ дидинæ г хуыйны, — загъта фæ тæ н цæ сгомджын салдат.

Уæ д буррихиджын загъта:

— Махмæ Мордовийы та йæ хонынц зынг дидинæ г.

— Зынг дидинæ г æ й хонынц махмæ дæ р, — загъта, уырыссагау сыгъдæ г чи дзырдта, уый.

— Æ цæ г, æ цæ г, махмæ, белорусийы, нæ хæ дзары хъæ бысыдзаг сырæ зыд. Цæ хæ рау дидинæ г ракалы...

Сывæ ллæ ттæ дуары фæ стæ сынтæ гыл батымбыл сты. Агъуыстмæ бахызт бæ рзонд, хæ рзæ лвæ ст сырхæ фсæ ддон. Иветæ йын фестад, ныридæ гæ н йе уæ нгты æ рбынатон æ гъдау, фæ лæ йæ уый не ’рхъуыды кодта.

— Афицер... — сусæ гæ й сдзырдта Аслан.

Иветæ йæ цæ мæ йдæ р афæ рсынмæ хъавыд, фæ лæ агъуысты хæ стонты змæ лдмæ йæ былтæ кæ рæ дзийæ куыд фæ хицæ н сты, афтæ мæ й аззадысты.

— Уæ хорзæ хæ й, сырддонцъиу æ рцахстат, æ ви? — фехъуыст нæ лгоймаджы зæ рдæ мæ дзæ угæ хъæ лæ с.

Йæ ныхасмæ æ фсæ ддонтæ фæ иуварс сты, раст нартхоры хуымы фыццаг комбайн уынг куыд айгæ рда, афтæ разынд фынг æ д дидинæ г.

Афицеры цæ сгом дæ р бахудынызмæ л. Йæ сæ р чысыл фæ къул кодта æ мæ дидинæ гмæ кæ сгæ йæ баззад. Йæ былтыл бандзыг мидбылхудт, йæ цæ стыты та — къонайыл æ нкъарддзинад...

— Уырыссаг у, — загъта Иветæ...

— Мæ нмæ гæ сгæ нæ у, — аслæ гау загъта лæ ппу.

Иветæ хæ лæ ггæ нгæ бафарста:

— Аслан, æ ппæ т уыдæ ттæ цæ мæ й зоныс? Немыцæ й дæ р румынаг чи у, эсэс чи у, уый-иу куыд базыдтай? Гъер цæ мæ й зоныс афицер у, уый?

— Куыд цæ мæ й? Йæ уындæ й!

— Цавæ р уындæ й? Йæ риуыл цæ хгæ рмæ гæ рз уагъд кæ й ис, гъе уымæ й?

Лæ ппуйæ н фæ хъыг и йæ хойы ныхас, схъæ л алæ ууыд æ мæ бустæ хуызæ й загъта:

— Уый портупей у! Зоныс, портупей!.. Гæ рз нæ фæ лæ...

— Цæ мæ й йæ зоныс? — цымыдисæ й та бафарста чызг. Йæ кæ стæ р дзы фылдæ р хъуыддæ гтæ хуыздæ р кæ й æ мбары, уый йæ м иу чысыл хардзау касти.

Лæ ппу ноджы æ мрастдæ р алæ ууыд, цыма йæ садзгæ ачынди. Йæ риуыл йæ къух авæ рдта.

— Махонтæ н портупей цæ уы рахиз уæ хсчы пъагоны бынты. Мæ нæ афтæ, — ацамыта йæ галиу сины сæ р ронбастмæ. — Наган та вæ ййы рахизфарсырдыгæ й ронмæ фидаргонд. Немыцæ гтæ та сæ нагантæ галиуырдыгæ й хæ ссынц.

Иветæ нынкъард. Ахæ м хъуыддæ гтæ м гугын кæ й у, уый йæ м бынтон хардзау æ ркаст.

— Аслан, уыдон цæ мæ й зоныс?

Лæ ппу сбустæ кодта.

— Ноджы ма фылдæ р дæ р зонин, фæ лæ мын дæ у аххос у.

— Цы кодтон?

— Абон лæ ппутимæ фæ скъул куы ныхæ стæ кодтам, уæ д мæ ды нæ химæ æ рбакодтай.

— Кæ д?

— Дон куы сцæ йхастай, уæ д.

— Омæ, ныссау дæ уазалæ й.

— Портупей уым фехъуыстон, фæ лæ сырхæ фсæ ддонтæ наган рахиз фарс кæ й дарынц, немыц та — галиу фарс, уый мæ хæ дæ г федтон.

Цас ма фæ ныхас кодтаиккой, чи зоны, фæ лæ сæ хъусыл æ рцыд сæ мад æ мæ афицеры æ нкъард ныхас.

— Дæ хорзæ хæ й, æ хсæ вæ рæ н нын исты амал скæ н, — бахатыд Залиханмæ афицер.

— Тынг хæ цыдыстут, — æ нкъардæ й загъта Залихан, ацамыдта Цыколайы ’рдæ м.

Афицер йæ сæ р æ руагъта, ныууынæ ргъыдта:

— Хуртуанау баззадысты нæ лæ ппутæ Сырх Дыгуры быдырты...

Чысыл раздæ р сабыр цы къона уыди, уый ныр æ мызмæ лд сси. Салдæ ттæ й чи дон хаста, чи арт æ ндзæ рста каухалæ нтæ й, чи картæ фтæ æ хсадта. Уайтагъд стыр картæ фты цугун æ мæ насы аг уæ ларт фесты. Залихан цыппар нартхоры кæ рдзыны ракодта.

Хъарм нартхоры кæ рдзын, картæ фтæ, нас æ мæ æ нæ мисын цывзыдзæ хдонæ й сæ хи хорз федтой салдæ ттæ, стæ й фысымæ й бар ракуырдтой, хъæ мп æ рбахастой æ мæ пъолыл бахуыссыдысты.

Залихан йе ’фсинмæ акодта сывæ ллæ тты. Фездæ хт ма хъæ ццулмæ æ мæ сырхæ фсæ ддонтæ й иуы бадгæ баййæ фта:

— Æ мæ ды, мæ къона, дæ фæ ллад цæ уылнæ суадзыс?

— Бæ ргæ, фæ лæ мæ хæ с бадгæ у, — загъта хæ стон æ мæ йæ уæ ззау сæ рыл схæ цыд.

— Кæ д мæ бон исты баххуыс кæ нын у — нæ зивæ г кæ нын.

— Æ гæ р зын дын уыдзæ н...

— Ницы кæ ны, иу æ хсæ в ма лæ г калм йæ роны дæ р куы бадары.

— Хорз уæ дæ, дæ хъус дар, æ мæ куыддæ р Дур-Дуры ’рдыгæ й танкты хъæ р фехъуыса, афтæ нæ фехъал кæ ндзынæ. Нæ сæ йраг патрул чысыл уæ лдæ р хъахъхъæ ны, уый не ’ппæ тæ н дæ р фехъусын кæ ндзæ н. Æ з та дæ фæ рцы иу чысыл арæ дзæ -мæ дзæ кæ нон, — загъта фæ ллад хæ стон æ мæ йæ фынæ й æ мбæ лтты фарсмæ йæ хи æ руагъта. Дзырды уысммæ аст æ мæ ссæ дз сырхæ фсæ ддоны адджын фын йæ хъæ бысы акодта. Залихан кæ стæ р сывæ ллæ тты Фаризæ ттæ м бахуыссын кодта, йæ хæ дæ г Иветæ имæ уынгмæ рацыд.

Уыди зымæ гон уазал æ хсæ в. Арвыл денджызы уылæ нтау хурыскæ сæ нæ й ныгуылæ нмæ бырыдысты бæ зджын бæ гæ ныхуыз мигътæ. Сæ фæ стæ дзаг мæ й зынди. Мигътæ ныгуылæ нырдæ м згъордтой æ мæ афтæ зынди, цыма мæ й лидзы фæ стæ мæ скæ сæ нмæ. Дымгæ йы ныхмæ мигъы мæ къуыл куы фæ вæ ййы, уæ д æ й фæ тдзæ гъдæ нæ й къуымбил цæ гъдæ гау апырхытæ кæ ны, пырхæ нтæ й ма дзы аззайы иугай урсбын æ нæ хъару цъуппытæ. Куыдфæ стæ мæ мигъы пирæ нгæ мттæ бынтондæ р атайынц æ гæ рон арвы тыгъдады. Мигътæ й сæ рибар арвыл фæ зынынц стъалытæ сæ цæ стыты ныкъуылдæ й кæ рæ дзийæ н салам дæ тгæ йæ. Бæ лвырд зыны Фыййауы лæ дзæ г мæ йы бынмæ. Уымæ й уæ лдæ р арвыл симгæ ссæ уынц Авд хойы. Цæ гат-скæ сæ ны ’рдыгæ й «Фисынмæ цæ уджытæ н» йæ иу кæ рон куы разыны, куы та йæ фæ стæ мæ амбæ рзы сау мигъ.

Мад æ мæ чызг сæ хи айстой донбылмæ. Залихан æ ргуыбыр кодта донмæ. Ныхъхъуыста. Ницы уынæ р æ рцахста йæ хъус. Чызг йæ дæ ндæ гтæ кæ рæ дзийыл хоста, фæ лæ уæ ддæ р, йæ мад æ й хæ дзармæ куы арвита æ мæ уый раздæ р куы нæ фехъуса, йæ фыды тракторы хъæ рау танкæ йы хъæ р, уымæ й тæ рсгæ йæ фæ рæ зта. Сæ химæ фæ раст сты. Æ нцад лæ угæ йæ лæ г басидзæ н, зæ гъгæ, дыууæ рдæ м, донгуырæ нæ й сæ хæ дзары кулдуармæ, æ нæ уынгæ тын нывæ стой.

Иветæ йæ дæ ндæ гтæ нылхъывта, цæ мæ й сæ фыруазалæ й кæ рæ дзиуыл куыд хойы, уый ма фехъуса йæ мад. Æ рмæ ст йæ былтæ тæ лфыдысты, куыройы гæ ркъæ раг зилгæ фыдыл йæ хи хойгæ йæ куыд тæ лфа, афтæ. Залихан дæ р басыди, фæ лæ ма йын уымæ й уæ лдай тасдзинад дæ р æ лвæ ста йæ зæ рдæ. Сæ рæ зты азгъордта урсбын гæ ды. Дынджыр куыдз рагæ пп кодта сæ сыхæ гты кауы сæ рты. Сылгоймаг дзы тынг фæ тарст, фæ лæ йæ цыппаркъахыг хъуыды дæ р не ’ркодта, æ нæ вдæ лонæ й згъордта йæ хи хъуыддаджы фæ дыл. Залихан уынджы хæ рдмæ скаст. Федта: сырхæ фсæ ддон дыууæ рдæ м рацу-бацу кæ ны. Фæ ныфсджындæ р. Чызджы къухыл фæ хæ цыд æ мæ атындзыдтой донгуырæ нмæ. Хъусынц. Ницы уынæ р цæ уы. Мад тыхсы уазалæ й. Йе ’нгуылдзтæ æ ууæ рды, куы сæ йæ роны акæ ны, куы — йæ дысты. Чызг та чысыл æ ддæ дæ р ауайы, мæ ймæ скæ сы æ мæ йæ дæ ндæ гты гæ ртт-гæ ртт ссæ уы, стæ й та сæ æ рæ лвасы, гæ ркъайæ суджы уæ рдон æ лвасæ гау. Бастад Залихан æ мæ йæ æ рфæ ндыд, рæ вдздæ р куы фехъусид йæ Уæ ртейы тракторы хъæ рау танкæ йы хъæ р. Фефсæ рмы хæ ствæ ллад адæ мæ й. Худинаг ын фæ уæ д, уый иу æ хсæ в куы нæ фæ разы, уæ д уыдоныл цы уды фидар ис?.. Фæ лтау ахсæ в афæ дзы дæ ргъæ н фестæ д. Уадз æ мæ сæ фæ ллад иу чысыл ссæ уа. Йæ хи фæ хъæ ддыхгæ нгæ та фæ гуыбыр кодта донгуырæ нмæ. Йæ фыдыфыды ныхас йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд: «Æ хсæ вы сабыры донгуырæ нмæ æ ргуыбыр кæ н æ мæ фехъусдзынæ, хъæ угæ рон дзынгатæ сынæ р куыд цæ гъдынц?.. » Фæ лæ та ныр дæ р сабыр уыди бæ стæ. Скаст арвмæ. Бæ зджын мигъты уылæ нтæ уæ збын лæ сынц ныгуылæ нмæ. Арв ранæ й-рæ тты бынтондæ р ссыгъдæ г. Кæ д афтæ зыны, мæ й фæ стæ мæ лидзы, уæ ддæ р фæ къул ныгуылæ нмæ.

Залихан та æ ргуыбыр кодта донмæ. Йæ хъус рацахста цыдæ р уынæ р. Йæ астæ у сраст кодта: сабыр. Æ ргуыбыр та кодта. Чызг æ й бафиппайдта, æ мæ уый дæ р ныхъхъуыста донмæ.

— Мамæ, цыма цыдæ р хъуысы, — цин æ мæ къуызгæ загъта Иветæ.

— Æ цæ г? — афарста мад æ мæ æ ргуыбыр кодта донмæ. Æ цæ гдæ р йæ хъус ацахста иугæ ндзон гуыв-гуыв... Хъæ ды хъæ лæ сæ й хъуысти доны абухын. Чызг дæ р уыцы уысм йæ хи систа.

— Мамæ, æ нæ уый нæ хъуысы, донмæ ныхъхъусгæ йæ та цæ мæ н хъуысы?

Мад фæ сах дзуапмæ, фæ лæ цъусдуг рæ стæ джы фæ стæ загъта:

— Донбеттыр, мæ хур. О, о, Донбеттыр дæ р ацы æ хсæ в уырдыг лæ ууы æ мæ йæ зæ хмæ хъусæ н хъусæ й рацахста танчы уынæ р.

— Мах æ й уымæ н хъусæ м?

— О, мæ цæ ст, махæ н æ й хъусын кæ ны.

Стыр æ мæ къаннæ г дыууæ гуыры та æ рныллæ г сты донмæ, раст цыма Донбеттырæ н арфæ кодтой, афтæ. Стырдæ р гуыр æ гæ р ныггуыбыр кодта. Залиханы фæ дджи ахуылыдз. Фестад. Иветæ та йæ зонгуытыл æ рбадт, йæ рус донгуырæ ны рæ бын тæ нæ г ихцъарыл андзæ выд.

— Папæ, — йæ сæ р рæ вдз фæ хъил кодта, — папæ йы тракторы хъæ р!..

Иветæ йы ма фæ ндыд хъæ рмæ хъусын, фæ лæ йын йæ мад йæ къухыл фæ хæ цыд æ мæ æ вæ ндонæ й фестад. Азгъордтой. Иу цалдæ р къахдзæ фы куы акодтой, уæ д Залиханы фæ дджи асалд æ мæ хыбыртт-хыбыртгæ нгæ бахæ ццæ сты сæ кулдуармæ. Ам фæ лæ ууыдысты. Ныр бæ лвырд хъуысти, Иветæ мæ йæ фыды тракторы хъæ рау чи касти, танчы æ рмæ ст уыцы хъæ р нæ, фæ лæ ма суанг йæ калмдзæ лхыты «зыхъхъ-зыхъхъ» дæ р...

Лæ ууынц мад æ мæ чызг сæ агъуысты дуармæ. Залиханы зæ рдæ нæ куымдта фæ ллад адæ мы райхъал кæ нын. Фæ лæ... Уастæ н, знагæ н йæ хъæ бул æ рбамæ лæ д!.. Дыууæ паддзахады рæ згæ фæ сивæ ды кæ рæ дзийыл чи сардыдта!.. Æ мæ сындæ г бахоста дуар. Хæ стонтæ уайгагъд фæ гæ ппытæ кодтой. Дуар фегом. Салдæ ттæ, дысоны æ хсæ вæ рæ й ма цы аззад, уыцы уазал картæ фтæ æ мæ насы къæ рттытæ сæ дзыппыты афсæ рстой. Командир йæ кителы мидæ ггаг дзыппæ й систа къаннæ г тетрадгонд æ мæ дзы ныффыста Залихан æ мæ йæ чызджы нæ мттæ. Раарфæ сын кодтой æ мæ рацыдысты кæ ртмæ.

Æ хсæ в æ мæ бон кæ рæ дзийæ хицæ н кодтой, афтæ сырхæ фсæ ддонтæ ныфсджын санчъехтæ й араст сты Салыгæ рдæ ны ’рдæ м (Алагирмæ ).

Бæ ндæ н æ мæ сабийы уæ хсчытæ

Немыц Сындзыхъæ уæ й куы алыгъдысты, уæ д нартхор тыдтой адæ м. Изæ рæ й та-иу сылгоймæ гтæ куы иу, куы иннæ хæ дзары æ рæ мбырд сты æ мæ кодтой къуымбилы куыст. Иветæ дæ р йæ уæ раджы сæ рæ й мит лæ гæ рдгæ бавзæ рста нартхор тонын.

Иу изæ р сæ м Залиханы æ фсымæ р Геор Чырыстонхъæ уæ й ссыд. Ацыдысты хъæ дмæ... Уыдысты Скъæ тты комы.

— Ды ам лæ уу, æ з ныртæ ккæ дыууæ талайы ракæ ндзынæ н æ мæ — нæ химæ, — загъта Геор. Йæ ронбасты тъыст фæ рæ тыл йæ къух æ рхаста æ мæ фæ аууон æ хсæ р бæ ласы фæ стæ. Сæ сыхæ гты дзоныгъ кæ нæ та уæ рдон фæ курынц, фæ лæ уыцы бон сæ хи хъуыд æ мæ рацыдысты сыфцæ й. Иветæ йы мæ ллæ г уæ хсчытæ зонынц, суг сыфцæ й куыд зын ласæ н у, уый. Фæ лæ цы гæ нæ н ис? Йæ мад рынчын у. Иветæ æ гуыстæ й æ нкъард кодта. Фæ ндаджы кæ рæ тты, къудзитыл цы хус къæ цæ лтæ уыди, уыдон æ мбырд кодта, кæ д, сæ химæ сæ кæ й нæ аласдзысты, уый зыдта, уæ ддæ р: афтæ æ мбырдгондæ й сæ чи ссара, уымæ н уадз æ мæ æ хсызгон уа.

Хъæ ды арфмæ згъордтой хъæ ддзаутæ; кæ мæ н йæ дзоныгъы уæ ныг ифтыгъд, кæ мæ н — къамбец, чи лæ гдзоныгъæ й. Иу дзоныгъы бадтысты Ким æ мæ Маша. Дзоныгъы ифтыгъд уыди сау дынджыр хъуг. Хъугæ н йæ афтид фæ здон, йæ цыппар фæ дæ гимæ, къæ хты истмæ гæ сгæ, дыууæ рдæ м дзортт-дзортт кодта. Чызгмæ уый худæ г фæ каст. Æ рбаййæ фта сæ, хæ рæ г ифтыгъд кæ м уыди, ахæ м дзоныгъ. Фæ ндагыл чысыл уæ лдæ р фæ зилæ ны уыди егъау тæ рс бæ лас. Уыцы тæ рсы размæ хъæ ддзаутæ куы схæ ццæ вæ ййынц, уæ д сæ нал ауыны. Цавæ р бæ лас у? Цас уæ рдæ ттæ æ мбæ хсы йæ фæ стæ? Чызг æ хсæ ры къудзийæ хус къæ цæ л расæ ттынмæ куы фæ гуыбыр кæ ны, уæ д йæ фæ сонтыл чырс æ взист фæ рдгуытау æ рызгъæ лы. Уазалмæ йæ уадултæ туг æ мæ æ хсырау афæ лдæ хтысты. Хус къæ цæ лтæ дзæ вгар æ рæ мбырд кодта. Йæ зæ рдæ æ хсайдта Геормæ. Куыд æ рæ гмæ цæ уы? Дыууæ суджы ракæ нынæ н бирæ рæ стæ г куы нæ хъæ уы?.. Батыхст. Акаст, лæ ппу кæ цырдæ м ацыд, уырдæ м, цыма йæ бæ зджын хъæ ды федтаид. Къудзиты ’хсæ нты нарæ г фæ ндагыл фæ хæ рд кодта хъæ дмæ. Йæ къæ хтæ быргæ кодтой æ мæ -иу куы иу къалиуыл фæ хæ цыд, куы иннæ уыл. Æ дзæ м хъæ ды-иу айзæ лыд йæ хъæ р:

— Геор! Г-е-о-о-о-р!!!

Иветæ æ дас нæ уыд: хур ныртæ ккæ комы фæ стæ ныххаудзæ н. Тæ рс бæ лас йæ уазджыты дзагæ й уадзын райдыдта. Дæ лæ фæ цæ уы хæ рæ гдзоныгъ, йæ фæ стæ къамбец бæ рзондамад суджы дзоныгъ ласы. Разынд сау хъуджы дзоныгъ дæ р. Хъуджы сæ рбосыл хæ цыд лæ ппу, урс уæ рыкдзарм стыр худ йæ ныхыл ныллæ г æ ркодта. Дзоныгъы фæ стæ куы акаст Иветæ, уæ д бахудт. Бæ рзондамад дзоныгъæ н йæ сæ рыл, йæ фæ рстыл, уыцы гуппар æ нгом тъыстытæ й лæ ууыдысты хус къæ цæ лтæ. Афтæ зынд, цыма егъау уызын фæ быры фæ ндагыл. Хъуг йæ сæ р тылдта иудадзыгдæ р, цыма йын уый исты æ ххуыс уыд уæ ззау æ ргъом ласынæ н. Ус цыди дзоныгъы фæ стæ, къæ цæ лтæ й рахауынмæ чи фæ хъавы, уыдонмæ базгъоры, сугты æ хсæ н сæ авæ ры. Хъуджы фæ здон ныттыппыр, йæ фæ дджытæ джебогътау ныттынг сты. Дзоныгъ æ хсæ ры къудзийы фæ стæ мæ куы фæ цæ йхæ ццæ кодта, уæ д чызг разгъордта æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Маша-а!..

Сылгоймаг сывæ ллоны хъæ рмæ фæ каст:

— Цы ми кæ ныс? Кæ имæ дæ?

Чызгæ н йæ кæ уын йæ хъуырмæ схæ ццæ:

— Геор куыд æ рæ гмæ цæ уы?..

Ус хъавыд иннæ хъæ ддзауты бауромынмæ, фæ лæ ауыдта лæ ппуйы.

— Уæ лæ ис! — цингæ нгæ сдзырдта Маша.

Геор йæ фæ стæ тала æ рцæ йласта.

— Ацæ ут, — загъта чызг. — Мах дæ р ныртæ ккæ ацæ удзыстæ м.

— Сыфцæ й стут? — йæ цæ ст уæ зласæ н дзаумайыл куы нæ æ рхæ цыд, уæ д бафарста ус. — Ма раласут, райсом уын нæ хъуджы ратдзынæ н. Цæ й, мах фæ цæ уæ м, — атындзыдта йæ дзоныгъы фæ стæ.

— Кæ м уыдтæ, æ ххормаг дын нæ у? — райхæ лдта чызг хæ ринæ гты баст.

— Нæ ма бахордтай?

— Æ нæ дæ у куыд бахордтаин?

Æ рбадтысты Иветæ йы æ мбырдгонд къæ цæ лтыл.

Хæ ргæ -хæ рыны радзырдта лæ ппу, акъоппы куыд ныххауд æ мæ ма йæ фæ рæ ты æ ххуысæ й лæ гдыхæ й куыд сбырыд, уый.

— Дæ хи аххос у. Мамæ дын нæ загъта, нæ сыхы хъæ ддзаутимæ ацæ ут, зæ гъгæ? Ныр уым куы баззадаис, уæ д та? — скуыдта чызг.

— Цæ уыл кæ уыс, æ дылы? — лæ ппу фестад, йæ къухтæ стыр лæ гау фæ йнæ рдæ м акодта. — Мæ нæ нæ дæ н?!

Бæ ндæ нтæ й иу афтыдта къаддæ р суджы талайыл æ мæ йæ бакодта чызджы бар. Егъаудæ р сугыл та йæ хæ дæ г рахæ цдзæ н.

Иветæ, хæ ринаг цы хæ цъилы баст уыд, уый йæ роны афсæ рста æ мæ бауад Геормæ, йæ фæ сонтæ йæ м бадардта. Лæ ппу чызджы ифтындзы. Бæ ндæ н æ фсондзау æ рбадт бæ рзæ йыл, æ рцахста уæ хсчытæ, абырыд дæ лæ рмтты. Йæ кæ рæ ттæ, талайы сæ рæ й дыууæ уыдисныйы дæ лдæ р цы уырынггонд ис, уым баиу сты.

— Ахæ ц, — сдзырдта Геор! — Нæ йæ фæ разыс?!

— Фæ разын, — загъта чызг. Ахæ цыд. Йæ бæ рзæ й æ мæ йын йæ уæ хсчытæ дыууæ æ нгуылдзы стæ вдæ н бæ ндæ н кардæ й кæ рдæ гау акарста. Алвæ ста йын йæ рæ уджытæ æ мæ зæ рдæ йы ауындзæ нтæ.

Нæ фезмæ лыд суг.

— Ныртæ ккæ, — сæ рæ н архайдта Геор, — йæ бынатæ й фенкъуысæ д, æ ндæ р та згъордзæ н ам дæ лæ мæ, — аифтыгъта йæ хи, йæ фæ стаг тыхтæ й фезмæ лын кодта суг. Тала фенкъуысыд. Йæ къæ дзил уагъылыйы къудзийы бын фæ мидæ г. Чызг та ахæ цыд йæ сугыл. Нæ та йæ фæ разы.

Лæ ппу къæ цæ лты амадмæ фæ комкоммæ:

— Уыцы лыстытыл дæ хи бафæ ллайын кодтай. Нæ йæ зыдтай, кæ й сæ нæ аласдзыстæ м, уый? — бустæ тæ кæ ны мадыфсымæ р.

— Уæ дæ цы ми кодтаин? — зæ рдæ худтæ й загъта чызг. Æ мæ уæ лахиз хуызæ й бакаст лæ ппумæ. — Зæ ронд калд сугтæ куы ссарыс, уæ д дын æ хсызгон вæ ййы, нæ?

— А-а, уæ дæ та кæ йдæ р мæ т кодтай? Дæ хи суг та ам баззайдзæ н!

— Ницы баззайдзæ н, — сдзырдта Иветæ. Ахæ цыд. Йæ туг æ гасæ й дæ р йæ цæ сгоммæ раивылд. Лæ ппу йын аххуыс кæ нынмæ хъавыд, фæ лæ уæ дмæ фæ бырыд тала йæ бынатæ й. Азгъордта чызг.

—Тагъддæ р! Дæ къæ хтæ дын ма скъуырæ д! — ахъæ р ма кодта мадыфсымæ р йæ фæ стæ.

Хъæ дрæ бынты цы æ фсæ нвæ ндаг уыди, ууыл æ хситгæ нгæ азгъордта «кукушкæ ». Хъæ ды лыггæ гтæ й дзаг вагæ тты хал йæ фæ стæ ласта Салыгæ рдæ нмæ.

Релсытæ й куы ахизы хъæ ддзау, уæ д цыма сæ химæ вæ ййы, афтæ æ хсызгон улæ фт скæ ны. Бирæ фыдæ бон æ мæ тухитæ уынын кæ ны уыцы æ фсæ нвæ ндаджы бахизæ н а хъæ ддзаутæ н.

Геор æ мæ Иветæ дæ р, уыцы зынвадат схизæ н фæ сте куы фæ уагътой, уæ д æ рулæ фыдысты. Сæ риуты рыст сæ сулæ фын дæ р нæ уагъта. Геор æ ргуыбыр кодта фæ свæ ндаг миты лæ гъз буармæ. Йе ’нгуылдзтæ й ныффыста: 12. 1942.

— Уый цы ныффыстай? — афарста йæ чызг.

— Нæ ма зоныс нымæ цтæ? — Лæ ппу бакаст чызгмæ. — Фыццаг нымæ ц у «иу», дыккаг — «дыууæ », дыууæ иумæ — «дыууадæ с». Мæ ныл, — ацамыдта йæ риумæ, — цæ уы дыууадæ с азы, ныр у декабры мæ й, уый дæ р у дыууадæ сæ м мæ й...

Фыццаг хатт Иветæ базыдта, афæ дзы дыууадæ с мæ йы кæ й ис, ноджы кæ й у 1942 аз. Базонгæ нымæ цтæ иу, дыууæ, цыппар æ мæ фарастимæ. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд: айразмæ йæ мад газеты каст æ мæ загъта: «1942 аз... Сталинграды хæ ст»...

Сабитæ ласынц сыфцæ й, цæ уынц фæ рсæ й-фæ рстæ м. Лæ ппу зын схæ цæ нты аххуыс кæ ны чызгæ н.

Зымæ гон изæ рмилтæ сæ хи æ руагътой тæ гтыл, къанæ уттыл, быдыртыл. Хъæ у дард нал у. Хорз зыны, хæ дзæ ртты тохынатæ й урс фæ здæ г хæ рдмæ æ мраст цæ джындзæ й куыд слæ ууы, стæ й та йæ дымгæ ныгуылæ нмæ куыд асуры, уый.

Сæ рдыгон хур кæ цæ й скæ сы, раст уырдыгæ й скаст дзаг тымбыл сыгъзæ ринхуыз мæ й. Сывæ ллæ ттæ сæ фæ ллад суадзынмæ æ рлæ ууыдысты. Иветæ йæ сæ р арвæ й нæ исы. Бирæ стъалыты къордтæ йын бацамыдта йæ мад.

— Кæ с-ма, уæ лæ уыцы стъалы арвы астæ умæ куыд тындзы! — дзуры Геормæ Иветæ, — уарзы, цæ ст ныкъулгæ «Фыййауы лæ дзæ джы» бынты чи згъоры, уыцы æ рттиваг стъалы. «Авд хойы» уымæ й бæ рзонддæ рæ й симынц, сыгъдæ г хурскæ сæ н арвыл. Чызджы сæ р азылд ныгуылæ нырдæ м, уым мигъы аууонæ й бирæ стъалытæ нæ зыны. Мæ йы рухсмæ бæ стæ ныйирд, цыма йæ æ взист донæ й бапырх чындæ уыд.

Тындзы мæ й арвы астæ умæ. Йæ размæ цы мигъы цъуппытæ фæ вæ ййынц, уыдон лидзынц ныгуылæ нмæ. Мингай стъалытæ разыны сæ фæ стæ йæ æ мæ хъæ лдзæ гæ й ныкъулынц кæ рæ дзимæ сæ цæ стытæ. Мит хъыс-хъыс кæ ны чысыл хъæ ддзауты къæ хты бын. Сæ химæ куы ’рхæ ццæ сты, уæ д чызг хæ дзармæ базгъорынмæ хъавыд, фæ лæ мады фæ дзæ хст йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд: «Æ хсæ в уæ рдон ифтыгъдæ й куы ныууадзай, уæ д ын йе ’фснайыныл æ хсæ в-бонмæ, ныййарджытæ й мард чи уа, уый фыдæ бон кæ ны». Æ мæ дзуры Геормæ:

— Геор, дæ уæ н дæ фыд раджы амард æ мæ афснай дæ бæ ндæ н.

— Дæ уæ н та?

— Мæ нæ н бæ рæ г нæ у, — ныфсхастæ й загъта чызг, — фæ лæ йæ уæ ддæ р æ фснайын.

Мидæ мæ бацыдысты. Хæ дзар æ мызмæ лд кодта сыхы устытæ й. Рæ вдз кодтой къуымбил цъындатæ фронтæ н. Суанг боны цъæ хтæ м куы иутæ м фæ бадынц, куы иннæ тæ м. Чи пиргæ фæ кæ ны, чи ’лвисгæ, чи къуымбил фæ цæ гъды, чи та цъындатæ кæ ны. Дынджыр фæ смын цъындатæ бæ стон æ вæ рынц Олгæ æ мæ Любæ, Дуне æ мæ Маша хуыйынц лыстæ г зæ гæ лтæ й асыччыты сæ ртæ. Залихан химикон кърандасæ й хуылыдз асыччы сæ рыл ныффыссы:

—... Фронтæ н, Хъарман-Сындзыхъæ уы сылгоймæ гтæ й... — бакаст Геор æ мæ асыччытæ æ ддæ гуæ лæ авæ рдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.