Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Басы хуыпп



... Залихан Иветæ йы фервыста бырондонмæ, сыхæ гтæ сæ фосы кæ вдæ стæ й цы нартхоры хъæ ллæ гъы фæ лхæ рттæ ракалынц, уыдонмæ, артæ ндзарæ нтæ н. Кæ рты куы фæ цæ йцыд чызг, уæ д Фаризæ ты «фатеры» бадæ г нæ мыцæ гтæ й иу афицер ын радта æ рттивагцъарджын къафеттæ æ мæ хи сойы фых дзидзайы къопп. Залихан сæ ауыдта. Рауад, мæ стыйæ скъуырдта сабийы къухтæ. Къафеттæ æ ркалдысты, йæ къæ хты бын сæ ассæ ста, дзидзайы къопп та тæ ргайхуызæ й уæ збын батылд каурæ бынмæ. Знаг ын йæ сæ ры тылдæ й бауайдзæ ф кодта. Йæ хирдыгонау дзургæ... Кæ д ын йæ ныхæ стæ не ’мбæ рстой, уæ ддæ р сæ хъуыды æ мбæ рст уыд, ома, бынтон дзæ гъæ лы, уадз æ мæ сывæ ллæ ттæ хæ рой. Фæ лæ сыл Залихан цъиусурау йæ хи ныццæ вы, фыдгултæ йын йæ сабитæ н рæ вдауæ нтæ куы фæ дæ ттынц, уæ д. Ныр дæ р знаг не ’мбары йæ ныхæ стæ, фæ лæ иттæ г хорз æ нкъары, сылгоймаг уымæ н æ мæ æ ппæ т немыцæ н, арфæ тæ кæ й нæ кæ ны, уый. Бæ лвырд «дзурынц», йæ мæ ллæ г къухты амындтытæ немыцаджы æ фсады «балц» йæ Райгуырæ н бæ стæ мæ. Афицер, бирæ нæ ахъуыды кæ нгæ йæ, йæ кителы галиу мидæ ггаг дзыппæ й арæ хстгай систа чыссæ гонд, рафæ лдæ хта йæ. Ныфсхаст къахдзæ фтæ й бацыд Залиханы размæ. Æ вдисы йæ м къам. Залиханы цæ сты тигъ рацахста дзæ бæ х бинонты хуызист æ рттиваг гæ ххæ ттыл. Куыд уæ нды?! Фæ хъыг ын. Йæ къух фезмæ лыд къам ныццæ выны уагыл, фæ лæ федта, немыцаджы къух хуызистимæ цавддурау бандзыг æ мæ, уыцы уысмы уый къух дæ р уæ лдæ фы аззад хъилæ й. Æ мæ гъе уæ д Залихан фенгас знаджы цæ стæ нгасимæ, фæ уыргъуыйау — фыдгулы донæ йдзаст цæ стытæ ауыдта. Асырх. Ау! Уымæ н дæ р бинонтæ ис? Сывæ ллæ ттæ? Йæ зæ рдæ ныссæ ххæ т ласта. Иу хатт ма йæ м бакаст æ мæ... бамбæ рста — немцаг йæ зæ ххыл йæ хи фæ ндонæ й кæ й нæ й. Банкъардта ноджы, йæ адджын бинонтæ й дæ р бархийæ кæ й нæ фæ хицæ н. Йæ æ вирхъау маст атад. Ныккаст хуызистмæ, рахизырдыгæ й бады йæ хæ дæ г немыцаг æ фсæ ддон дарæ сы, йæ хъæ бысы иу-æ ртæ аздзыд лæ ппу. Йæ галиу фарс бады йæ ус, рæ сугъд æ мæ зæ рдæ исгæ, уый хъæ бысы та чысыл чызг, лæ ппуйæ кæ стæ р.

Ныссагъæ сы и Залихан. Ау?!.

Немыцаг банкъардта, æ дзух сæ м марджы цæ стæ й чи кæ сы, бирæ гъау сæ м чи ралæ буры, уыцы сылгоймагæ н дæ р зæ рдæ кæ й ис, уый æ мæ чызджы раз дзуццæ джы æ рбадт. Иветæ федта æ рттиваг къам. Базыдта немыцаджы, йæ мидбыл бахудт, цыма нæ м уыцы немыцаг хæ цæ нгæ рзтимæ марынмæ не ’рбацыд, фæ лæ къафеттимæ æ мæ йæ бинонты къам æ вдисынмæ.

Фыдгул бафиппайдта, сывæ ллон куыд ныджджих хуызистмæ. Бамбæ рста, чызг кæ й никуы федта ахæ м рæ сугъд дарæ с, йæ бинонтæ цы къабаты фæ лыст уыдысты, ахæ м аив уæ лæ дарæ с, æ мæ, бæ рæ г нæ у — фендзæ н... Ныуулæ фыд, афтæ мæ й сыстад.

Дондзастæ й ма æ ркаст къаммæ æ мæ йæ авджын дзаумайау нывæ рдта йæ бынаты. Йæ хирдыгонау — немыцагау дзургæ йæ, йæ рахиз къухы цыппар æ нгуылдзы фæ хъил кодта. Æ нгуылдзтæ й ацамыдта Иветæ æ мæ Залиханмæ. Фæ хъил кодта йæ галиу къухы дыууæ æ нгуылдзы æ мæ сæ бакъуырдта йæ риу. Дыууæ къухæ й, сæ хъил æ хсæ з æ нгуылдзимæ батъæ пп кодта йæ сæ р, стæ й цыппар æ нгуылдзы баиу кодта, йæ хурхыл сæ хырхæ й фадæ гау хаста дыууæ рдæ м, æ мæ дзырдта:

— Secns kinder; Secns kinder!!!

Фыдгул иронау куы дзырдтаид, уæ ддæ р æ й хуыздæ р нæ бамбæ рстаиккой мад æ мæ чызг, афтæ бæ лвырд æ мбарын кодта йæ зæ рдæ йы хъыг, ома, йæ хи дыууæ хъæ булы æ мæ Залиханы цыппар сабийы баззайдзысты æ нæ фыдæ й, кæ д нырма Залиханы сывæ ллæ тты фыд хъæ батырæ й хæ цы немыцы ныхмæ, кæ д æ мæ йæ хæ дæ г дæ р нырма кæ сы Кавказы хæ хты æ взист цъуппытæ м Хъарман-Сындзыхъæ уæ й, уæ ддæ р. Йæ комдзог цæ ссыг уромыны фæ дыл йæ бурдзалыг цæ стыхаутæ скатай сты. Æ рбатыхст. Æ виппайды йæ къухты амонæ н æ нгуылдзтæ фæ дзуарæ вæ рд кодта, хырхæ й фадæ гау сæ кæ рæ дзийыл ахъаззаг хафы. Мæ стæ лгъæ дæ й йæ хирдыгонау дзуры, дзуры, загъд кæ ны... Залихан æ мæ Иветæ йы хъустæ рацахстой æ нæ мбаргæ ныхасы дыууæ дзырды: «Гитлер»... «Сталин»... Залихан фæ сонт... Фембæ рста, æ нгуылдзты кæ рæ дзийыл хафынæ й цы зæ гъы, уый. Йæ маст рафыхт. Алывыдтæ калгæ йæ м йæ хи батомар кодта, фæ лæ знаг фæ стæ мæ акъахдзæ ф кодта, бамбæ рста цы «арфæ тæ » та йын кæ ны, канд йæ хицæ н нæ, фæ лæ æ ппæ т Герман æ мæ Гитлерæ н, уый. Фæ лæ, нæ сæ тты, къухты тылдæ й æ мбарын кæ ны. «... ацы хæ сты сæ дыууæ дæ р сты аххосджын»...

Залихан фидар лæ ууы, комкоммæ йæ м цæ уы, цыма æ д дамбаца фашистимæ не сбыцæ у, фæ лæ сæ хи колхозы фыййауимæ, йæ фарсыл доны къубуска.

— Сталин цы аххосджын у?! Чи кæ мæ бабырста?! Цы цæ сгомæ й уæ ндыс Сталины рухс ном уæ бирæ гъимæ сдзурын?!.

Немыцаг афицер джихæ й алæ ууыд иу цъусдуг, гъе стæ й уæ ззау къахдзæ фæ й йæ хи айста уынгмæ. Залихан дæ р немыцы фыдæ лгъыстгæ нгæ бацыд йæ агъуыстмæ. Иветæ йы та хъæ уы цæ уын, тагъд изæ рмилтæ æ рбахъуыздзысты. Дон хæ ссын дæ р ма йæ хъæ уы. Æ дзæ стхизæ й нал уæ ндыд немыцаджы рæ зты ацæ уын ахæ м хъаугъайы фæ стæ, ноджы бырондон змæ нтын.

Фыццаджыдæ р, зæ ххыл æ рæ вæ рдта æ нæ хъæ ндæ р хъæ ллæ гъ, ууыл цæ хгæ рмæ æ вæ рын райдыдта хъæ ллæ гътæ н сæ хустæ -хустæ, уæ ддæ р йæ къухтæ змæ стысты фаджысæ й... Йæ къухтæ айтыгъта уаргъыл, фæ хæ ст цæ хгæ рмæ хъæ ллæ гъты кæ рæ ттыл. Кæ рæ ттыл куы схæ цыд, уæ д егъау уаргъ йæ хи систа зæ ххæ й, йæ цæ нгтæ та йын, цыма, гæ ркъайæ ралвæ стой, афтæ уæ хсчытæ й иртæ сæ гау кодтой. Тынгдæ р æ рбалвæ ста хæ ссинаг. Систа йæ. Цæ хгæ рмæ хъæ ллæ гъ уаргъ кæ д ронбастау æ рбалвæ ста, уæ ддæ р йæ развæ ндаг нæ уыдта. Сивæ зта йæ сæ р, хъаз уарынмæ йæ хъуыр ивазæ гау. Йæ развæ ндаг куы уына, уæ д хъæ ллæ гъты хъæ дтæ ныхстысты йæ къæ хты уæ лфæ дты, уымæ гæ сгæ -иу уаргъ æ руагъта дæ лæ мæ, акаст-иу размæ иу æ ртæ -цыппар сардзинбæ рц æ мæ та-иу уаргъ суанг йæ ныхы онг сæ ггуырста, фаджысы тæ фмæ йæ зæ рдæ хæ сгæ. Дардæ й кæ сæ гмæ афтæ зынди, цыма уаргъ йæ хæ дæ г быры. Уыцы уавæ ры дæ р йæ цæ ст дардта немыцагмæ. Æ дзух дæ р йæ мад семæ хыл кæ ны, фæ лæ ацы хатт æ ндæ р куыддæ р хыл кæ й рауад, уый æ мбæ рста Иветæ, фæ лæ куыд æ ндæ р хуызы фæ хыл сты, уый йæ авдаздзыд сæ р нæ ахста. Хуыцау бахизæ д æ мæ йыл ныххуда, Фаризæ т сын сæ мæ гуырыбоны хъизæ мæ рттыл хъæ рæ й куыд фæ худы, афтæ.

Фæ лæ фыдгул лæ ууы, йæ хъултæ цыма фембылд сты, ахæ м хуызы. Кæ рты дуармæ куы бахæ ццæ чызг, уæ д ын дуар бакодта, йæ хæ дæ г йæ фæ стæ бахызт.

Залиханы маст нæ ма ссыди æ мæ та афицерæ н алыфыд калынмæ ратомар кодта, фæ лæ йын йæ цæ сгомы уындæ й цавддурау фæ ци.

Фыдгул ацамыдта Иветæ мæ, карз, ныфсхаст дзырдыуагæ й загъта къуызгæ уырыссагау:

— Фот, Сталин!..

Уый æ гæ р у! Залихан рафыхт. Цытæ уæ нды?! Фæ тъæ лланг ласта:

— Сталин цы аххосджын у?!!

Бæ рæ г нæ у, ацы хатт фыдгул æ мæ фыдыбæ стæ уарзæ г сылгоймаджы хъаугъа цæ уыл ахицæ н уыдаид, уый. Сæ быцæ у сын бомбæ тæ æ ппарæ г хæ дтæ хæ джы уæ ззау уыргъгъ-уыргъгъ æ мæ сармадзанты уынæ ргъын сæ быны куы нæ акодтаиккой, уæ д.

Уалынмæ фæ дисонæ й кæ ртмæ æ рбазгъордтой немыцаг салдæ ттæ. Удаистæ й дыгъал-мыгъул кæ нгæ:

— Russen! Russen!..

Немыцаг афицер салдæ ттæ н цыдæ р бардзырд радта. Стæ й фæ зылд Залиханмæ пъадвалмæ ацамонгæ йæ, ома, рæ вдз сывæ ллæ тты пъадвалмæ...

Иу райсом раджы Залихан схызт ныккæ ндæ й. Бæ стæ йæ м цыдæ р дызæ рдыггаг сабыр фæ каст. Хъуызæ гау рацыд кæ ртмæ. Уæ рдон кæ рты нал, знаджы машинæ тæ уынджы нæ зынынц. Уынгмæ рацыд. Дунеимæ хæ рхæ мбæ лд фæ ци.

— Дæ хæ рзæ ггурæ ггаг мæ н, Залихан, нæ «уазджытæ » алыгъдысты.

— Куыд?! — æ нæ бонæ й кауыл банцой кодта Залихан. — Нæ мæ уырны.

— Сæ кой, сæ хъæ р дæ р нал ис, — æ рбахъæ быс æ й кодта Дуне.

— Сæ кой, сæ хъæ р ма хъуысдзæ н, фæ лæ æ цæ г алыгъдысты?

— О...

— Уæ дæ нæ хионтæ хæ рзхæ стæ г сты, — дард кæ дæ мдæ р аджих уæ вгæ йæ загъта Залихан.

Сæ ууон дымгæ уайтагъд ахаста æ хсызгон хабар:

— Знаг алыгъд!..

Адæ м талынг, тæ ссаг, уымæ л пъадвалтæ й райсомы хурмæ хызтысты. Хæ дзæ ртты тохынатæ й скалди бæ зджын, æ нæ нцой фæ здæ г, раст æ й цыма фæ тдзæ гъдæ нæ й цагъдæ уыд.

Иветæ сæ агъуысты дуармæ алæ ууыд, сурфых дзидза кæ м уыд, ахæ м немыцаг тасмачъи банкæ имæ.

— Æ рбахастай та мæ м æ й уæ ддæ р? — афарста Залихан.

— Мамæ, кæ с-ма, куыд рæ сугъд у.

— Сæ рæ сугъд дæ р емынæ æ мæ сæ хæ дæ г дæ р.

Чызг ацы хатт йæ мады ныхасы уаджы банкъардта фæ лмæ ндæ р тæ гтæ æ мæ фæ ныфсджын:

— Иу бон мын кæ й аппарын кодтай, уым Любæ дондидинæ г ныссагъта.

— Хорз, уадз æ й.

Иветæ банкæ фырцинæ й стъолыл авæ рдга æ мæ уынгмæ азгъордта.

— Куыдзы комæ й стæ г, — загъта Залихан æ мæ банкæ йы цайныккæ й ныккодта тæ вд дон, йæ сой анхъæ взынæ н. — Цы æ рттывд кæ ны, цы, йæ мидæ г, сæ мард...

Йæ æ лгъыст фескъуыд, йæ фындзыл суад басы тæ ф. Бас! Йæ сæ р разылд, цайныкк пецы къæ йыл авæ рын ма йын бантыст æ мæ, рудзынджы раз стъол æ мæ пецы астæ у табуреткæ йыл йæ хи æ руагъта...

Хъуызæ гау бакаст, стъолæ н йæ иннæ фарс къулрæ бын цы сынтæ г лæ ууыд, уымæ. Уым фынæ й кодтой йæ кæ стæ р æ ртæ сабийы. Басы хæ рзад тæ ф аивылд агъуысты. Иу хуыпп дзы куы акæ нид, иу... Йæ ныхыл, дыууæ æ рфыджы æ хсæ н, тугдадзин адымст. Фæ стаг хатт ма кæ д бацымдта бас? Дзидза, стуры дзидза кæ м сфыхт, ахæ м бас? А, хæ ст цы бон райдыдта, уыцы бон Цыколайы. Йæ сæ рыхицау сын бæ ргæ ныууагъта цардæ н фæ рæ зтæ, фæ лæ...

Йæ фындзыл ноджы хæ рзаддæ рæ й та сæ мбæ лд басы тæ ф... Ныртæ ккæ ахуыппытæ кæ ндзæ н бас. Ахуыпп кæ ндзæ н ацы фыдгулты банкæ йæ. Тынг хæ рзад у басы тылд дзул, уæ лдайдæ р дзулы къæ рис. Йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд: Иветæ йыл æ ртæ азы цыдаид, афтæ мæ й йæ басы дзул бассæ ста. Йæ зæ рдæ мæ нæ фæ цыд æ мæ йæ фыдæ н загъта, дзул мæ нæ хъæ уы. Уый йæ м æ ргуыбыр кодта æ мæ уырдыгæ й ссæ ст дзултæ уидыгæ й ахордта. Сывæ ллон йæ къусмæ куы ныккаст, уæ д ныккуыдта: мæ бас та цы фæ ци? Фыд ныххудт æ мæ загъта: «Чызг, æ з æ рмæ стдæ р дзул бахордтон».

Басы тæ фмæ йæ комыдæ ттæ уайынц. Бакаст та фынæ й сабитæ м. Ныртæ ккæ, ацы минут схуыппытæ кæ ндзæ н бас, ныртæ ккæ, фæ кæ сут-ма... Йæ химæ хæ стæ г æ рбайста банкæ æ мæ, гъа гъеныр бас ахуыпп кæ на, зæ гъгæ, афтæ агъуыстмæ æ рбахызт Иветæ, йæ къухы дидинæ джы фæ рсаг къабуз...

Ох-хай-гъе! Куыд ын нæ бантыст иу, зыбыты иунæ г хуыпп скæ нын! Иу, иунæ г хуыпп. Рæ вдздæ р куы ацæ уид, кæ ннод уазал дæ р ауыдзæ н. Куыддæ р йæ чызг федтæ уа, афтæ ануаздзæ н бас иууылдæ р! Æ ртах дæ р дзы нал фæ уадздзæ н... æ ртах...

Иветæ дидинæ джы къабуз стъолыл агуывзæ йы доны авæ рта. Банкæ райста æ мæ йын йæ мидæ г тæ нгъæ д æ хсæ ндæ ттæ калæ н бедрайы ныккалдта æ мæ, дуарæ й ахызт...

Залихан фæ уыргъуыйау. Йæ фындзыл ноджы æ хцондæ рæ й сæ мбæ лд басы тæ ф бедрайæ. Фестад, ныллæ г æ ртыкъахыг бандоныл æ рбадт бедрайы раз. Смуды басы тæ фмæ. Фæ лæ, уый та цы уа!? Йæ цæ стытыл ауад, æ ви? Нæ, нæ, æ цæ гæ й уыны бедрайы доны уæ лцъарыл, Фаризæ ттæ м чи цард, йæ сывæ ллæ ттæ н хæ ринæ гтæ чи лæ вæ рдта æ мæ уæ хойрæ гтæ мах нæ хъæ уынц, зæ гъгæ, кæ имæ загъд кодта, уыцы немыцаг афицеры цæ сгом. Цæ сгомы алыварс æ вдисæ нтау зилахар кæ нынц сойы тымбылæ гтæ...

Сылгоймаг фестъæ лфыд. Хорзау нал фæ ци... Бедра бакъуырдта... Йæ бакъуырдæ й бедрайы доны цы уад сыстад, уый уылæ нтæ немыцаджы цæ сгом агуылмызтæ кодтой. Æ рбайсæ фт цæ сгом, цыма йæ уад фæ дæ лдон кодта, афтæ.

Залихан æ дзæ стхизæ й улæ фы бедрайæ басы тæ ф. Фæ лæ, бедрайы дон куы æ рсабыр, уæ д та йæ м немыцаг афицеры цæ сгом разынд, цыма йæ давгæ -давын æ рцахста, ахæ м цæ стæ нгасимæ. Сойы тæ ппытæ дæ р та йæ алыварс зылдысты...

Чи зоны, бедра къуыргæ йæ цал æ мæ цал хатты сырдтаид знаджы цæ сгом бедрайы доны уæ лцъарæ й, куы нæ банкъардтаид йæ рахиз уæ хскыл кæ йдæ р къухныдзæ вд, уæ д?

Фырадæ ргæ й йæ сæ р нæ сисгæ йæ, бакаст рахизырдæ м æ мæ, федта йæ разы Иветæ йы къæ хтæ къалосты бынхуыйгæ дзабырты. Йæ цæ стæ нгас афæ стиат йæ галиу къахы бынхуыйгæ дзабыры зылын хъуыристыл, стæ й йæ м йæ сæ р сындæ ггай систа...

Йæ саби чызджы донæ йдзаг, æ мбаргæ цæ стæ нгасæ й Залиханы цæ ссыгтæ, кæ рæ дзийы къуыргæ, æ рызгъордтой йæ фæ лурс къæ схуыр рустыл...

Сæ размæ æ лыгæ й аив сæ рст зæ хбыныл лæ ууыд немыцаг банкæ кавказаг саумæ рæ й цъупдзаг.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.