Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Папæ хæцыд, мамæ та карста мæнæу.



Цæ гатварс рудзынгæ й æ рбакаст хур. Йæ тынтæ хъазыдысты фæ здæ гдзыд пецы къулыл. Афон у сывæ ллонæ н хæ ринаг фыцынæ н. Арт цæ мæ й скодтаид, уый сæ м нæ разынд. Асланæ н бафæ дзæ хста Иветæ:

— Авдæ н уздзынæ, æ рмæ ст Надайы ма фæ нæ м, нæ? Æ з та сугтæ рауидзон.

Чысыл чызг бамбæ рста, сæ «мад» кæ дæ мдæ р кæ й цæ уы, уый. Скуыдта, æ мæ йæ фазыл быргæ, фæ раст йæ размæ.

— Ма ку, Нада, — рæ вдаугæ йæ м дзуры Иветæ. — Æ з ныртæ ккæ æ рбацæ удзынæ н, æ мми быффо скæ ндзынæ н. — Федде къæ лидоры ныллæ г дуарæ й, иу хъæ р ма сæ м фæ кодта фæ стæ мæ: — Аслан, хъазæ н чындз ма йæ м ратт!

Лæ ппу йæ м авæ рдта нымæ тын чындз, фæ лæ йæ кæ угæ сывæ ллон фехста. Йæ къухтæ й дуар хоста æ мæ куыдта.

— Аслан, ма йæ фæ нæ м. Авдæ н ауз, — афæ дзæ хста та йæ æ мæ уынгмæ ахызт.

Сыхæ гты каурæ бынты æ мæ быронкалæ нты ныр цал æ мæ цал хатты азилы лыстæ ндзуан. Иу хаттæ й иннæ хатмæ йæ хъæ быс æ рæ гмæ дæ р фæ дзаг кæ ны, фæ лæ афтидæ й никуыма æ рбаздæ хт.

Дысон Залихан быдырæ й йæ роны æ рбахаста мæ нæ уы æ фсиртæ. Баууæ рста сæ. Æ фтулкæ йæ сæ цалдæ р хатты балæ хурдта. Йæ лыстæ г ын ахицæ н кодта дзидзидай сывæ ллонæ н, йе ставддæ р лæ хурæ гæ й та æ хсæ вæ рæ н скодта цымгæ. Уыцы цымгæ йæ ма райсомæ й дæ р бахордтой.

Чызг сыхæ гты каурæ бын лыстытæ уидзгæ йæ ссардта цалдæ р чылауийы, сисынмæ сæ хъавыд, фæ лæ нæ бауæ ндыд. Уымæ н дæ р Асланау йæ къухтæ куы фæ хойой. Уымæ й афтæ, æ ппæ т нанатæ дæ р афтæ нæ мынц, зæ ххы цы дыргъ æ мбийы, уый куы сисай, уæ д. Кауы рæ бынмæ къæ цæ лтæ м куыд фæ гуыбыр кодта, афтæ йæ м цæ хæ радонæ й чидæ р радзырдта:

— Иветæ, мæ хур, гъа, мæ нæ дын кæ рдотæ, — кауы сæ рты йæ м Нену ралæ вæ рдта цыппар стыр кæ рдойы.

Чызг йе ’ргъом зæ хмæ не ’риста, афтæ мæ й сыхаг усмæ разылд. Уый йын сæ йæ лыстыты сæ р æ рæ вæ рдта. Чызг сæ м æ ркаст, иу дзы уæ лдай уыд.

— Нана, иу дзы айс фæ стæ мæ...

— Уæ д цæ мæ н, мæ цæ ст, цæ?

— Уый нын хылы хос уыдзæ н, — сыгъдæ г цæ стытæ й бакаст Ненумæ. Уый бахудт:

— Уыцы уæ лдай дæ хæ дæ г ахæ р, мæ хур. Ды бирæ кусыс, æ мæ, фылдæ р чи куса, уый хъуамæ хæ ргæ дæ р фылдæ р кæ на. Дæ сугтæ уæ химæ адав æ мæ фæ стæ мæ разгъор, æ з ма дын ноджыдæ р авæ рдзынæ н.

Фæ лæ Иветæ йы нал равдæ лд. Сугтæ пецы цур æ рæ вæ рдта. Фæ йнæ кæ рдойы бахордтой, цыппæ рæ м кæ рдо та бамбæ хста йæ мадæ н. «Чи фылдæ р кусы, уый хæ ргæ дæ р хъуамæ фылдæ р кæ на», — йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд сыхаг усы ныхас. Æ мæ уæ д мамæ кусы бирæ », — бамбæ хста йын кæ рдо.

Иветæ цугун пецы сæ р сæ вæ рдта. Дон дзы æ ркодта. Чысыл аджы та сабийæ н цымгæ сфыцдзæ н. Уым æ ркодта дон кърускæ йы æ рдæ г. Фылдæ р куы ныккæ на, уæ д райсоммæ нал баззайдзæ н ссадæ й. Тæ бæ гъы ссад уыди, гæ ды иу сдæ рдæ н йæ æ взагыл кæ й фелвæ стаид, уыйбæ рц.

Фыццаг бандзæ рсты пец хæ рдмæ нæ фелвасы, адæ мæ н сæ рдыгон цæ рæ нтæ ис, фæ лæ Залиханæ н ахæ м фадæ ттæ кæ м и йæ хи хæ дзары?..

Иветæ цъылынæ й пецы дуармæ дымгæ кæ нын байдайы, цалынмæ тохына сæ лвасы, уæ дмæ. Уæ дмæ агъуыст дæ р фæ здæ гæ й байдзаг вæ ййы. Хæ ринаг цæ ттæ у. Куы æ руазалдæ р, уæ д æ й авджы ныккодта. Авджы хъуырыл сывæ дæ г бакодта. Ныр нал тухитæ кæ ны саби зæ ронд сывæ дæ гимæ.

Чызг цугунæ й хъарм дон æ ркодта тасы. Сывæ ллоны систа авдæ нæ й. Цæ хсадта йæ. Сынтæ джы йæ базы сæ р авæ рдта, йæ хæ дæ г дыууæ аздзыд Надайы æ нæ хсад хæ лаф æ мæ авдæ ны хæ цъилтæ æ хсынмæ фæ ци. Чи зоны, баз æ гæ р цъупп æ вæ рд уыди æ мæ чысыл сабийы уæ з нæ банкъардта. Гъе та, æ вæ ццæ гæ н, базыл бæ стон æ вæ рд не ’рцыд ноггуырд. Сывæ ллон ратылди, сынтæ джы хызфидаргæ нæ н æ фсæ йнагыл æ рзæ бул, йæ сæ р æ ддæ мæ, йæ чысыл къæ хтæ та — хызы ’рдæ м. Йæ цъæ хахстмæ сонт каст фæ кодта Иветæ. Баз у афтид.

Батъæ бæ ртт кодта. Агуры йæ сынтæ джы пысулты æ хсæ нты. Нæ й! Бакаст сынтæ джы бынмæ. Ауыдта йæ ауындзæ гæ й æ фсæ йнагыл. Ныккуыдта Иветæ. Фелвæ ста йæ, хъарм æ й атыхта, йæ сæ р ын йæ дæ ллагхъуырмæ нылхъывта. Кæ угæ, рæ вдауæ н ныхæ стæ гæ нгæ йæ агъуысты рахæ сс-бахæ сс кæ ны.

Сæ «мады» кæ угæ куы федтой, уæ д иннæ дыууæ дæ р райдыдтой кæ уын. Чызг ма дзы кæ мæ н цы кодтаид, уый нал зыдта. Æ рбадт зæ ххыл. Йæ галиу къухæ й сабийыл хæ цыд, йæ рахизæ й та æ рбахъæ быс кодта йæ гыццыл хо æ мæ æ фсымæ ры.

Чи зоны, кæ дмæ фæ куыдтаиккой, Иветæ стъолы сæ р авгмæ куы нæ фæ комкоммæ уыдаид, уæ д. Хæ къуырцгæ нгæ сдзырдта:

— Аслан, æ ри-ма гагийæ н гуыппа.

Лæ ппу радта авг. Чызг сывæ дæ г бадардта сывæ ллоны дзыхмæ. Уый фæ сабыр цъусдуг. Фæ лæ иннæ дыууæ хæ дзар систой сæ сæ рыл сæ кæ уынæ й. Уæ д та Иветæ йы зæ рдыл æ рбалæ ууыд, мадæ н цы кæ рдо бамбæ хста, уый.

— Аслан, гобаны бын ма æ ри кæ рдо, стæ й кард.

Лæ ппу кард æ мæ кæ рдо авæ рдта чызгмæ. Иветæ дыууæ хайы акодта дыргъ Аслан æ мæ Надайæ н. Розæ йы чысыл дзыхмæ та дары сывæ дæ г. Уый нæ комы цымгæ, йæ былтæ й æ ркæ лы, æ рызгъоры догъытау йæ роцъойыл.

— Æ мми-æ мми, — лæ гъстæ йын кæ ны, фæ лæ саби нæ дæ йы, кæ уы æ мæ кæ уы. Уæ д йæ цæ стæ нгас æ рхæ цыд, чысыл сабийы былтæ куыд атæ ппæ лттæ сты, ууыл.

— Æ ллæ х, басыгътон æ й, æ нхъæ лдæ н! — фæ тарст. Йæ къухы аратул-батул кодта авг, фæ лæ нæ банкъардта тæ вд. «Фæ лтау уазал уæ д, тæ вд хæ ринаг ын макуы ратт» — йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд мады фæ дзæ хст.

Авг йæ дзыхмæ схаста. Цыппар чысыл къухы йæ м сивæ зтой сæ хи.

— Фæ лæ уут, хæ ргæ йæ нæ кæ нын, — сдзырдта Иветæ, ацъырдта сывæ дæ гæ й. — Æ ллæ х! — рату йæ кодта. Ныр æ рхъуыды кодта, æ нæ рхъуыдыйæ йыл цæ хх кæ й ныккодта. Ныккуыдта та Иветæ. Сагъуыдысты та иннæ тæ дæ р. Къæ лидормæ рахаста авдæ н. Уым сатæ гдæ р уыди. Бабаста сывæ ллоны, сабийы цымгæ ныккодта тæ бæ гъы, чызг æ мæ йæ лæ ппу басдæ рдтой. Авджы ныккодта дон, дары йæ ноггуырдæ н. Узы авдæ н.

Аслан бацыд каубыдмæ. Нада дæ р йæ фæ дыл бабырыд, йæ мæ ллæ г æ нгуылдзтæ й ныххæ цыд уистыл, слæ ууыд. Кæ сынц хуынчъытæ й нанатæ м.

— Аслан, рацу ардæ м! — дзуры йæ м Иветæ. Фæ лæ йæ уыдон хъусгæ дæ р нæ кæ нынц. — Рацæ ут, калм уыл хæ цы.

Залихан сын афтæ фæ зæ гъы, се ’хсæ н цы сахъари ис, уымæ амонгæ йæ: «Хæ стæ г æ м ма цæ ут, кауы рæ бынæ й уæ м калм рабырдзæ н». Афтæ дзургæ йæ алы хатт дæ р бацамоны нысан: пъолы фæ йнæ джытæ й иуæ н йæ хи мидæ г цы дæ ргъæ ццон картофы хуызæ н нывæ фтыд ис, уымæ — цалдæ р æ ддæ г-мидæ г зиллаччы. Цæ мæ й æ мбарынц сывæ ллæ ттæ, барæ й сын кæ й фæ зæ гъы. Цæ мæ й кауы зыхъхъырæ й ма уыной, ма хæ лæ г кæ ной хæ ринæ гтæ м.

Иветæ лыстытæ уидзгæ йæ фены, каурæ бынæ й кæ рдæ гхуыз калм куыд рабыры, уый. Гæ ккуыри йæ хонынц, фæ лæ дзы тынг тæ рсы. Калм та, дам, ноджы тæ ссагдæ р у. Тымбыл тыхтытæ й йæ сæ р сдары.

Чызг бафтыд дывыдон арты. Иуæ рдыгæ й — авдæ ны саби кæ уы, нæ й йын фæ уадзæ н, иннæ рдыгæ й, йæ хо æ мæ ’фсымæ рмæ... ныртæ ккæ кауы хуынчъытæ й йæ сæ р радардзæ н уыцы æ вирхъау калм.

— Аслан, калм уыл хæ цы, рацæ ут! — йæ уд суæ лæ нгай чызгæ н.

— Нана, бабоф гæ уы, баба, баппа гæ уы!

Иветæ бауад сывæ ллæ ттæ м, раскъæ фынмæ сæ хъавыд залиаг калмæ й, фæ лæ сахъарийы хуынчъытæ й цы федта, уый йын йæ хи цавддурау лæ угæ аззайын кодта.

Стонг сабиты æ хсæ з цæ сты кастысты дзаг фынгмæ, Фаризæ т æ мæ сæ баба бадтысты æ ртыкъахыг тымбыл фынджы раз. Фынгæ й хæ рдмæ калди хъарм нартхоры кæ рдзыны æ мæ ногфых картофы тæ ф нурыдзæ хдонимæ æ мхæ ццæ йæ æ мæ стонг Иветæ йы былтыл æ хсызгонæ н æ мбæ лд. Æ рлæ ууыд иннæ тимæ уый дæ р, йе ’нгуылдзтæ й ставд уистыл ныззæ гæ л уæ вгæ йæ.

— Нана, бабоф гæ уы, баба, баппа гæ уы... — уыцы иугæ ндзонæ й дзуры цыппараздзыд Аслан.

Фаризæ т рамæ сты:

— Фу, ме ’нæ уынон фæ ут! Бæ ллæ х нæ у, дæ хæ дзары дын слабоднæ къæ бæ р бахæ рыны фадат ма уæ д! — фæ лæ бурдта фынгмæ, бадавта йæ агъуыстмæ. Фæ стæ мæ ма фездæ хт бандæ ттæ м. — У-у, кæ фхъуындары лæ ппынтæ! Сыдæ ймæ рдтæ!..

— Дæ хи аххос у, — загъта Налыхъ фестгæ йæ. Кард, дам, кусарт акодта æ мæ йæ къæ дзилыл асаст. Сахъари сбийын баци дæ бон, фæ лæ йæ байсæ рдын нал.

— Ныртæ ккæ, нæ лæ г! — дыууæ бандоны фелвæ ста. — Куыддæ р ахæ рæ м, афтæ хæ ссын сыджыт... — Бацыдысты мидæ мæ.

Цæ рæ нбонтæ м Иветæ йы цæ стыты раз баззад тымбыл фынг — æ мбал кæ мæ н нæ й, ахæ м диссажы натюрморт. Йæ фыдаивдзинад ын æ ххæ ст кодта, тæ вд картæ фтæ й хæ рдмæ, фынджы сæ рмæ, цы имонау тæ ф цыди, уый...

Иветæ йы æ рчъицын кодта цыдæ р гуыпп. Фесхъиудта. Йæ гыццыл хо уæ лгоммæ ахауд. Чысыл чызг æ нæ бон куыдæ й басур, арæ х ахауы дыууæ аздзыд чызг.

Иветæ, алыхаттау, ныр дæ р ныттылдта сывæ ллоны. Йæ хъусы йын ныхъхъæ р кодта йæ номæ й. Дон ыл куы бакалдта, уæ д ракаст æ мæ ныккуыдта...

Куыдтой æ ртæ йæ дæ р. Бæ ргæ сæ сабыр кодта. Авдæ ны Розæ йæ н фыр кæ уынæ й йæ хъуыр ныххус. Иветæ, йæ зонгуытыл авдæ ны раз æ рбадгæ йæ, уызта авдæ н, афтæ мæ й сæ м дзуры:

— Ма кæ ут, нырма авд хатты куы схуыссæ м, уæ д мамæ æ хца райсдзæ н æ мæ нын халва балхæ ндзæ н.

Фæ лæ сывæ ллæ ттæ нæ сабыр кодтой. Авдæ н узгæ йæ йæ уадул сабийы уадулыл авæ ры, куы та йын доны авг сдары йæ былтыл...

— Папæ хæ стæ й тагъд ссæ удзæ н æ мæ нын къафеттæ æ мæ печенитæ балхæ ндзæ н...

Сывæ ллæ ттæ н сæ былтыл, сæ дондзаст цæ стытыл ахъазыд æ ууæ нкджын бахудт. Сæ уадултыл та, сæ чъизи къухты фæ дтыл, цъусдуг афæ стиат сты цæ ссыгты æ ртæ хтæ...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.