Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Мугæ



Ныгуылæ ны дымгæ уазал фæ ззыгон мигътæ хаста Хъарман-Сындзыхъæ уы сæ рмæ. Маша Залихантæ м удаистæ й бауад.

— Дæ хорзæ хæ й, хос мын, мæ лæ ппу дысон-бонмæ арвмæ асинтæ æ вæ ры...

— Æ ллæ х, æ мæ цы кодта? — батыхст Залихан æ мæ, Маша йæ ныхас æ ххæ ст нæ ма фæ ци, афтæ сынтæ джы бынæ й раласта чумæ дан. Хæ цъилы басты йе ’нгуылдзтæ куы стæ лфыдысты, уæ д райхъуыст хъæ ддых гæ ххæ тты сыр-сыр...

Маша йæ был кæ уынарæ зт авæ рдта, йæ роцъо анцъылдтæ...

— Фехъуыстай, хæ ст нын нæ рæ сугъд æ мæ бæ ркадджын къæ биц, Сылтаныхъы къуылдымтæ æ мæ рæ гътæ, хойын кæ й райдыдта, уый? — Залиханы къух бандзыг хосты кæ рийыл. Дыууæ сылгоймаджы исдуг кæ рæ дзимæ кæ сгæ аззадысты, æ мæ, цыма сæ цæ стæ нгæ стæ сæ цæ ссыджы донмарæ нтæ скъуырдтой, афтæ, сæ рæ стæ гæ й дзæ вгар раздæ р чи ныттар, уыцы уадултыл, æ рызгъордтой цæ ссыгтæ.

— Тыххæ й ма сæ удтæ раирвæ зтысты нартхортонджытæ н... Уыцы сызгъæ рин нартхоры хуыммæ, дам, бакæ сын... Знаджы хæ дтæ хджытæ йыл бомбæ тæ калынц... Зæ хх, дам, фæ рчытæ й схъиудта... Нартхоры хуым сау хъулæ ттæ -хъулæ ттæ фестад...

Дыууæ усы кæ рæ дзийы уæ хсчытыл сæ сæ ртæ æ рæ вæ рдтой æ мæ куыдтой... Маша схæ къуырцц кодта, йæ зæ рдæ йыл сау калмау цы æ рхæ ндæ г æ ртыхст, уый къуыбылой халæ гау, цæ ссыг райхæ лдта æ мæ стыфæ й сулæ фыд.

— Бузныг, — хос райста æ мæ цæ уынмæ фæ рæ вдз.

— Æ вдадзы хос ын фæ уæ д, — загъта Залихан.

Маша дуар байгом кодта къæ сæ рыл ахизыны зæ рдæ йæ, фæ лæ фæ стæ мæ фездæ хт, йæ фæ сонтæ æ хгæ д дуармæ сбыцæ у кодта æ мæ йæ хъарæ г райхъуыст:

— Залихан, мæ дыууæ цæ сты, акæ с-ма уынгмæ... нæ хъæ убæ сты сæ рмæ, сау мигъты æ хсæ нты... йæ хицæ н фæ ндаг гæ рды къæ луайы хус тæ ф...

Дыууæ сылгоймаджы та кæ уын райдыдтой. Залиханы сабитæ фынгæ й пецы æ хсæ н бадзыгуыр сты æ мæ уыдон дæ р куыдтой...

— Нæ бæ ркадджын хоры къæ биц, нæ Сылтаныхъ хæ рзаг зæ гъы, акæ -æ -сут-ма уыдонмæ, мæ нæ н, дам, мæ цыкурайы фæ рдгуыты æ фсиртæ мæ туджы мæ цынц, мæ фæ лмæ н зæ рдæ фæ хсынтæ й хауы, уыдон та... сау бæ гæ ны фыцынц... Нæ! Нæ, нæ буц Сылтаныхъ, дæ хъæ рзынмæ махæ н дæ р нæ сæ ртæ нæ кой сты, æ мæ... нæ сабиты мамæ лайы комдзæ гтæ й къæ луагонд кæ нæ м...

Фæ лтæ рдджын хоскæ рдæ г йæ фæ ллад цæ вæ г сау дурыл куыд ассы æ мæ, иу уысм аулæ фыны фæ стæ, сатæ г дымгæ мæ йæ цæ вæ джы æ хситт хъæ дрæ бынты куыд айзæ лы, афтæ та æ рыгон сылгоймæ гтæ, дзыхъхъынногæ й кæ уынмæ бавдæ лдысты. Афтæ æ нхъæ л уыдысты, байсысдзæ н сæ цæ ссыджы гуырæ н. Афтæ æ нхъæ л уыдысты, мæ нæ ныр, ацы фæ ззæ г, кæ уынц æ рмæ стдæ р. Афтæ æ нхъæ л уыдысты, хæ ст фæ уыдзæ н æ мæ уæ д кæ угæ нæ, фæ лæ хъæ лдзæ г денджызы найдзысты сæ хи... Æ нхъæ л афтæ уыдысты, фæ лæ... цæ мæ й зыдтой! Сæ кæ уæ нбонтæ да-а-аргъ кæ й сты...

Æ ппынфæ стаг сæ кæ уындзæ джы къуту æ рафтид æ мæ, ривад куыройы фыдтæ зæ рдæ риссæ н гуыррытт-гуыррытт куыд кæ ной, афтæ сæ иу хæ къуырцц иннæ йы æ ййæ фта...

Маша Залиханмæ арфæ йы цæ стæ нгасимæ иу каст куы фæ кодта, уæ д бафиппайдта æ фснайд агъуыст.

— Ды хъæ дмæ нæ лидзыс? Куы ницы змæ лд дæ м и? — фефсæ рмы, зыдта цæ мæ й базмæ ла, уымæ й кадавар кæ й у. — Иветæ йы мемæ рарвит, æ з дын ссады тæ пп авæ рон.

— Нæ -гъа, нæ, — батыхст Залихан. — Ис мæ м алцы дæ р.

— Абон мæ нмæ ис, райсом та — дæ умæ. Цард афтæ у, — бакаст Фаризæ ттæ м. — Æ нхъæ лыс, цæ рæ нбонты дæ р де ’фсин ахæ м дзагарм уыдзæ н? Нæ, мæ хур! Цард уæ рдоны цалхау дæ ндаггай зилы. Гъе стæ й, мулкджын дæ р Тамбийы руаджы у. Æ дзæ сгом. Кæ м сты, кæ?

— Дысон алыгъдысты.

— Тыхсгæ ма кæ н, мæ лæ ппу куыддæ р фæ дзæ бæ хдæ р уа, афтæ иумæ алидздзыстæ м. Стæ й нырма хъæ у ам ис, бирæ тæ лидзынмæ дæ р нæ хъавынц.

— Ницы тыхсын, фæ лæ... Арыпханты лæ ппу нæ м æ рцæ уинаг уыд æ мæ никæ цæ й зыны.

— Куыд дын фæ зына, нартхор тонынц Цырауы зæ ххыты. Æ гæ р афæ ститат дæ н. — Иветæ йы къухыл фæ хæ цыд æ мæ атындзыдта сæ химæ.

Кæ д нырма иугай бинонтæ й æ ндæ р ничима алыгъд. уæ ддæ р сыхбæ стыл фæ бæ рæ г æ нкъарддзинад. Хæ дзæ рттæ, цыма кæ рæ дзимæ сæ ркъулæ й банцой сты, афтæ зынди. Фехъуыст уасæ джы уасын, куыйты рæ йын. Хæ рз хæ стæ г ныййлæ -лай кодта хæ рæ г.

Чысыл рæ стæ джы фæ стæ Иветæ æ рцæ йцыд, йæ рахиз къухы бедрайы хуызæ н чыргъæ д, афтæ мæ й. Мидæ гæ й куыд бæ стон сæ рст уыди, уый лыстæ г уисты быдæ й бæ лвырд зынд. Куыддæ р Арыпханты цæ хæ радоны кæ ронмæ æ рбахæ ццæ, афтæ доныбылы ’рдыгæ й æ мвæ тæ нæ гæ й æ рбатахтысты цалдæ р хæ дтæ хæ джы. Ахæ м тæ ссаг хъæ р фæ кодтой æ мæ чызг æ мбаргæ дæ р нæ бакодта, каурæ бынмæ йæ хи куыд нылхъывта, уый. Ие ’муд нæ ма æ рцыд, афтæ фехъуыст, цыма хæ хтæ ракалдысты, ахæ м гуыппытæ. Сæ хæ дзары дæ ле быдырæ й скалд фæ здæ г. Зулаивæ й скаст хæ рдмæ. Æ рдæ боны сау халæ ттæ æ рбатахтысты фæ стæ мæ. Бæ лвырд федта хæ дтæ хджыты гуыбынтыл, цъиусур йæ дзæ мбыты карчы цъиу куы фæ цæ йхæ ссы, раст ахæ м цыдæ р къуыбыртæ -къуыбыртæ, сæ фæ рстыл та хæ луарæ джы æ нгæ с ныв. Атахтысты доны фаллаг фарсмæ.

Иветæ йы йæ æ дзæ мæ й æ рчъицын кодта гогызты фæ дисон хъæ р. Æ вæ ццæ гæ н, уыдоны зæ рдæ мæ дæ р нæ фæ цыдысты «хæ ддзу уазджытæ ». Йæ чыргъæ д систа. Фæ каст мæ ргъты æ нæ нцой уынæ рмæ. Цалдæ р гогызы расур-басур кæ нынц æ ндæ р бур гогызы. Чызг сын хыл кæ нын æ нхъæ л уыд, баиргъæ вынмæ сæ хъавыд, фæ лæ бур гогызы дзыхы мугæ, адджын хъæ ддаг дыргъ ауыдта. Чыргъæ д зæ ххыл авæ рдта. Бур маргъы йæ разæ й скодта. Гогызæ н йæ дзых хæ лиуæ й куы афæ ллайы, уæ д — æ нтысгæ та йын куыд акæ ны, мугæ зæ ххыл авæ ры, стæ й та йæ рæ вдз фелвасы.

Цас æ й фæ расур-басур кодта, чи зоны. Иу ран, сæ хæ дзармæ хæ стæ г та мугæ февзæ рд зæ ххыл. Йæ хи йыл ныппæ рста чызг, раст цыма сусæ ны мæ йы доны малы йæ хи ныгъуылдтытæ кодта, афтæ. Мæ нæ и! Мæ нæ и зынаргъ мугæ! Йæ рахиз къухы армытъæ пæ ны йæ ратул-батул кæ ны. Ахæ рынмæ йæ хъавыд, фæ лæ йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд, Асланитæ дæ р мугæ тæ бирæ кæ й уарзынц. Лæ мбынæ г æ м æ ркаст, цыппар хайы акæ нынмæ сарæ хсдзæ н, æ ви нæ? Сарæ хсдзæ н, уымæ й къаддæ р чылауи дæ р адихтæ кæ ны.

Сæ кулдуармæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд йæ хæ ссинаг.

— Æ ллæ х! — фæ хъæ р кодта æ мæ цыппæ рвадæ й азгъордта.

Хæ рæ г йæ сæ р нытътъыста чыргъæ ды. Чызг каурæ бынæ й фелвæ ста цыдæ р хъил, ныппырх æ й кодта хæ рæ джы рагъыл, фæ лæ уæ ддæ р хайуан къæ рттæ й цъула не ’ппары. Дурæ й йæ ныххафт кодта, дуры цæ ф æ м бахъардта. Йæ сæ рыл систа чыргъæ д. Чызг архайы мигæ нæ н суæ гъд кæ ныныл.

Йæ амондæ н Олгæ рацæ йцыд. Сывæ ллоны тухитæ кæ нгæ куы ауыдта, уæ д фæ тагъд кодта.

— Оки-оки, — сдзырдта хæ рæ гмæ æ мæ феуæ гъд кодта хæ рæ джы сæ р. Сау хæ рæ джы хæ мхуттæ урс хъулæ ттæ уыдысты ссадæ й. Нычъчъыллипп кодта, йæ сæ р зæ хмæ фæ ныллæ г кæ нгæ æ мæ асирдта быдыры ’рдæ м.

Иветæ ныккаст чыргъæ дмæ, йæ быныл, йæ фæ рстыл уылæ нтæ -уылæ нтæ й бæ лвырд зындысты хъилхъусы дæ рзæ г æ взаджы стæ рдтытæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.