Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Стъалыты сагъæс



Августы мæ й фæ уынтыл уыди, фæ лæ Хъарманы хъæ уккæ гтæ мæ нæ у найгонд нæ ма фесты. Зæ рондæ й сабийы онг, йæ къухы æ хсырф райсынхъом чи уыд, сывæ ллæ ттæ й та галы фæ стæ егъау хъæ мпы лæ вæ рæ н абæ ттын йæ бон кæ мæ н уыди, уыдон дæ р уыдысты быдыры. Сабитæ й сæ хъазæ н бынæ ттæ — доныбылтæ æ мæ хъæ ды æ рдузтæ — раджы байрох сты. Ныр сыл кæ рдæ г фæ йлауы æ мæ дзы хизынц родтæ, уæ рыччытæ, хъæ уы лыстæ г фос.

Хурыскæ сæ нырдыгæ й зынди зæ ронд мæ йы ирд нарæ г тæ лм, цыма цæ гатæ й цы рог дымгæ дымдта, уый мæ йы рагъмæ «фу» кодта, афтæ мæ йы кæ рæ ттæ й æ взистхуыз зæ лдагау цыдысты мæ йрухсы буц тынтæ æ мæ баххæ ст кодтой, мæ й йæ цалхыйас куы вæ ййы, уыйас тыбар-тыбургæ нгæ æ взист зиллакк. Мæ йы развæ ндаг мигъы цъупп куы алæ ууы, уæ д дзы йæ хи фæ тылиф кæ ны, цыма афтæ фæ зæ гъы: «Сау мигъ, ма мæ аууон кæ н, æ з фæ ллад сылгоймæ гтæ н, фæ лмаст сабитæ н цырагъдар дæ н». Сæ ууон дымгæ мæ Мæ йы æ взист зиллакк зыр-зыр кæ ны. Дыдзы зыр-зыр кæ нынц бонивайæ ны арвыл æ ппæ т стъалытæ дæ р. Сæ иуæ й-иутæ та цыма катайы уавæ ры сты: цы бæ ллæ х æ рцыд цæ гат хай Зæ ххыл?

Уалдзæ джы-иу хурныгуылæ ны къæ сæ рмæ, боныцъæ химæ хæ рхæ мбæ лд куы фесты, уæ д-иу быдырты азæ лдысты тракторты уынæ р, бæ хты мыр-мыр, галты уæ збын къахист, хуымонты зæ рдæ райгæ «ауæ дз-ауæ дз»... Уыцы æ хцон уынæ р æ мæ змæ лдимæ -иу сæ сæ ртæ хæ рдмæ сивазгæ йæ «уæ райсом хорз» — салам лæ вæ рдтой зæ хкусджытæ н.

Æ нгуз æ мæ тута бæ лæ сты сыфтæ р калын афон, сæ хотимæ «Авд хойы» дæ ргъвæ тин æ мæ дард «зæ ххы бынмæ » балцы куы фæ ндараст кодтой, уæ д адæ мы дзæ бæ хæ й куы ныууагътой?

Цæ мæ н цæ уынц хуыссæ гхъуагæ й ацафон сабитæ быдырмæ? Цæ мæ н хъуысы мæ нæ унайгæ нæ н мусæ й хъарæ г. Цы фесты нæ лгоймæ гтæ? Цæ й, зæ хх куыд зилы, афтæ бонырухсыл æ мбæ лдзысты хурыскæ сæ нмæ хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р. Куыдфæ стæ мæ фæ ззæ г йæ хъаруйы куы бацæ уа, уæ д сæ м бынтондæ р æ хсæ виуат кæ ндзысты æ мæ уæ д базондзысты, кæ м сты лæ гтæ. Катайхуыз сты «Фыййауы лæ дзæ джы» авд æ фсымæ ры, уæ ддæ р рæ вдаугæ сæ цæ стытæ фæ ныкъуылдтой «Авд хомæ ». Иу æ хсгæ каст ма фæ кодтой хурыскæ сæ нмæ æ мæ батагъд кодтой арвы денджызы аныгъуылынмæ. Хурыскæ сæ н разынд бæ гæ ныйы цуайнаджы бын нуæ рст артдзæ стау иугай мынæ г зынгтимæ. Фæ ндаджы фæ йнæ фарс, кæ рдæ гхуыз гауызыл, алыхуызон дидинджытæ. Сæ дзаг хъоппæ г цупæ лттæ раздæ хтой хуры фыццаг рæ вдаугæ тынтæ м æ мæ сыл сæ ууон æ ртæ х фæ рдгуытæ -фæ рдгуытæ й стыбар-тыбур кодта.

Хохæ й радымдта рог дымгæ. Йæ дари къухмæ рзæ нæ й рæ вдаугæ сæ рфта адæ мы цæ сгæ мттæ, сæ фæ ллад-иу сын фелвæ ста. Се ’хсызгон сулæ фтмæ та-иу йæ хицæ й ныббузныг, азгъордта размæ, бауыгъта æ нæ карст мæ нæ уы хуым. Уый дæ р базмæ лыд денджызы уылæ нтау. Фæ лæ дымгæ мæ уый фаг нæ фæ каст — раскъæ фта мусæ й найгæ нæ н молотилкæ йы хъæ р, ахаста йæ быдырты, хъæ дтæ æ мæ хæ хты сæ рты. Цымæ йæ кæ дæ м хæ ссы? Чи зоны, хæ сты быдырмæ! Уадз æ мæ хæ стонтæ н сæ хъустыл ауайа нæ мыг згъæ лыны уынæ р, ногкарст хъæ мпы тæ ф та ахъыдзы кæ на сæ фындзыхуынчъытæ!.. Ныхæ стæ гæ нгæ цыдысты сылгоймæ гтæ.

Дисæ й мардысты: æ хсæ вæ й-бонæ й быдыры куы сты, уæ д сын куыд ницы æ нтысы! Кæ м æ ййафынц нæ лгоймаджы тыхджын къухты змæ лд сылгоймаджы æ мæ сабийы æ нæ хъару къухтæ!

— Æ вæ дза, цæ й æ нæ мæ т цард кодтам, — загъта Маша, хæ рзконд, бæ рзондгомау цыппар æ мæ ссæ дзаздзыд сылгоймаг. Зарынмæ булæ мæ ргъ уыди, ныр та — хъарæ ггæ нæ г. Дыууæ лæ ппуйы æ мæ чызг хъомыл кæ ны.

— Дæ лæ джы æ рцыдмæ цы дзæ бæ хдæ р хæ ринаг саразай, уый дæ сæ йрагдæ р сагъæ с, — арф ныуулæ фыд Дуне.

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — йæ ныхас ын айста Олгæ. — Уæ д дæ р куыстам æ д сывæ ллæ ттæ Сылтаныхъы...

Дуне йын йæ хъуыды кæ ронмæ зæ гъын нал бауагъта:

— Куыстам, фæ лæ æ нæ мæ т уыдыстæ м.

— Æ нæ мæ т та куыннæ!.. Нæ зард æ мæ кафынмæ хъæ дтæ куы рызтысты, — бахæ лæ г кодта Маша.

— Омæ æ з дæ р афтæ нæ зæ гъын?.. — бакодта ма Олгæ.

— Ницы, ницы, мæ хуртæ. Уæ ды куыстытæ куыстытæ нæ уыдысты! — ныхъхъарæ г кодта Маша.

... Машайы цæ стытыл ауад... быдыр. Уыцы æ намонд бон уыдысты нартхор рувынмæ. Æ ндон къæ питы зыхъ-зыхъ хъуысы. Нартхоры æ взары алыварс æ рзилы къæ пи, æ рыгон сахъгуырд лæ ппу ирон хъазты астæ у кафæ г сау чызджы алыварс куыд зила, афтæ. Дардæ й кæ сæ гмæ афтæ фæ зыны, цыма ныртæ ккæ рувæ н атæ хын кæ ндзæ н аив саухал нартхоры æ взар. Фæ лæ æ взар ногрывд сау зæ ххыл аззайы сæ рыстырæ й, зымæ гон бæ гънæ г хъæ ды рæ сугъд цъæ х наз бæ ласау.

Хæ сы кæ ронмæ бирæ нал уыд, афтæ Маша фæ каст хъæ уы ’рдæ м. Йæ сæ рыхъуынтæ уырдыг алæ ууыдысты: «Цыдæ р æ рцыд... »

— Бæ хджын! — сдзырдта тыхстæ й.

Адæ м сæ сæ ртæ фæ хъил кодтой. Цавæ рдæ р тас сын сæ зæ рдæ тæ æ рбалвæ ста.

— Цы фæ дисонæ й згъоры уыцы барæ г! — сдзырдта Габе.

Бæ хджын æ рбахæ ццæ сæ размæ.

— Хæ ст райдыдта... Сæ йраг станмæ, сходмæ! — фæ кодта æ мæ атъæ бæ ртт кодта иннæ бригадмæ. Машайы цæ стытыл ауад: адæ м иу уысмы бæ рц кæ рæ дзимæ кастысты æ дзæ мæ й. Стæ й ныдздзынæ зтой...

Ничи йыл бадис кодта ныр йе ’мбæ лттæ й.

Сасирыйас хур сырх арвгæ ронæ й йæ был куы сдардта, уæ дмæ кæ мæ ндæ рты йæ фæ стæ фæ хъил фæ йнæ уыгæ сы. Бирæ тæ нæ зыдтой мæ нæ у кæ рдын. Фыццаг бонты Залиханæ н æ ппындæ р ницы æ нтыст. Тынг тагъд карстой Дуне æ мæ Олгæ, амыдтой иннæ тæ н дæ р.

— Кæ сут-ма ардæ м! — устытæ та æ рбамбырд сты Олгæ йы алыварс. Æ мæ уый йæ галиу къух пакаæ нгуылдзæ й систа хæ рдмæ. Æ хсырф авæ рдта галиу уæ хскыл. — Дзаг кæ нæ м æ нгуылдзты æ хсæ нты, афтæ мæ й иу къухы цæ уы цыппар лæ вæ рæ ны.

— Æ з та алы æ хсырфы комдзаг дæ р куырисыл æ вæ рын, — загъта Залихан.

— Æ з дæ р.

— Уый æ рæ гмæ у, — загъта Дуне.

— Кæ сут-ма, — кæ рдынмæ февнæ лдта Олгæ. Иу цъусдуг рæ стæ джы фæ стæ февдыста галиу къух. Къух нæ, фæ лæ æ нæ хъæ н куырис. Æ хсырфы æ ххуысæ й æ рæ вæ рдта дæ стæ г зæ ххыл.

Гъе, афтæ кæ рæ дзи æ ххуысæ й райдыдтой иууылдæ р тагъд кæ рдын. Сывæ ллæ ттæ дæ р фæ цалх сты æ мæ дзы бирæ тæ сæ ныййарджыты æ ййæ фтой. Фæ сте дæ р сæ -иу бæ ргæ фæ уадзиккой, фæ лæ уайтагъд афæ ллайынц.

Хуры тæ вдмæ нæ мыг згъæ лын куы райдыдта, уæ д бригад ацыди Гаспойы цæ хæ радонмæ дыргъ æ фснайынмæ. Цæ хæ радон уыди хæ стæ г. Алагиры ’рдыгæ й сæ хъус ацахста машинæ йы уынæ р. Кæ сынц, æ мæ сæ сæ рдар Хъасбол æ рбатæ ры найгæ нæ н.

— Райсом иууылдæ р цъынайы сæ рмæ! — хъæ лдзæ гæ й загъта Дуне.

... Сихоры улæ фт афон бригады уæ нгтæ цъынайы рæ бын сæ хи æ руагътой. Иу чысыл арæ дзæ -мæ дзæ кодтой.

Дысон изæ р Маша йæ мой Адзæ дзейæ райста сæ фты гæ ххæ тт.

— Мæ бон куыд бакалди, — йæ хинымæ р хъуырдухæ н кодта сылгоймаг, — кæ уыны рæ стæ г дæ р нын нал ис... — Аивæ й йæ цæ ст ахаста йе ’мбæ лттыл. Бамбæ рста, иу дæ р сæ фынæ й кæ й нæ у, сусæ г куыд кæ нынц Олгæ, Дуне, Залихан... Иууылдæ р.

Диссаг, кæ дæ м фæ лыгъд хуыссæ г, æ нцойдзинад? Сæ бынат сын бацахстой сагъæ с æ мæ æ рхуымы сау нымæ т, бамбæ рзта æ рыгон чындзыты рæ сугъд цæ сгæ мттæ, зæ рæ дты цæ сгæ мттыл та фæ фылдæ р кодта арф гутонвæ дтæ.

Маша рабадт. Йæ цæ стæ нгас ахаста фæ лмас адæ мыл, схæ къуырцц кодта:

— Зæ гъут-ма, мæ хуртæ! Æ хсæ вæ й-бонæ й нæ сау туг кæ м калæ м, гугукгæ нæ гау нæ сабиты цы быдырты ныууагътам, уым нæ чи нæ уадзы нæ зæ рдæ йы тыппыртæ суадзын!..

Цыма уыцы ныхæ стæ м æ нхъæ лмæ кастысты — ныккуыдтой стырæ й, чысылæ й.

Сывæ ллæ тты хæ къуырцмæ, устыты дзыназынмæ къæ дзæ х фехæ лдаид. Найгæ нæ н машинæ йыл кусæ г къуылых Хæ мæ т сæ м загъд фæ кæ ны, фæ лæ абон ницы сдзырдта: «Уадз æ мæ акæ уой, цæ стысыг хъыгдзинад тайын кæ ны».

— Нæ бæ рзонд æ фсымæ ртæ æ мæ тиутæ, нæ сæ рыхицæ уттæ, æ ллæ х, зæ гъгæ, знаджы нæ мыгæ й дæ лгоммæ куы бахауынц! — йæ химæ фæ лæ бурдта Маша. — Дон-донгæ нгæ сæ туджы куы мæ цынц!..

Сæ размæ Хъасбол куыд бацыд, уый сæ ничи бафиппайдта. Уæ ззау æ рхызт йæ бæ хæ й. Иучысыл алæ ууыд, йæ цæ ст ахаста сылгоймæ гтыл æ мæ асагъæ с кодта, бонæ й-бонмæ сидзæ ргæ сты нымæ ц куыд фылдæ р кæ ны, ууыл.

«Сидзæ ртæ æ мæ сидзæ ргæ стæ », — йæ хицæ н загъта сæ рдар, æ мæ йæ цола рустыл æ рызгъордтой цæ ссыгтæ.

— Цы хабар у?! — афтæ куыд бафарста, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ бамбæ рста.

— Куыд цы хабар у?! — ныхъхъарæ г æ м кодта Маша. — Мах афтæ бакæ ндзыстæ м æ мæ нæ сабитимæ нæ хи доны баппардзыстæ м...

Хъасболæ н йæ зæ рдæ йы цы суадон сæ мбырд, уый ракалд. Йæ риуы галиу дзыппы ныр дыууæ къуырийы хæ ссы йæ фырты сау гæ ххæ тт. Йæ мадæ й йын æ й æ мбæ хсы. Маша фæ цæ йцыд сæ рдары размæ, фæ касти бæ хмæ, — æ мæ диссаг! — бæ хы егъау цæ стытæ й дæ р згъордта ставд цæ ссыджы фæ рдгуытæ.

— Нæ мæ гуыры бонмæ ма хайуантæ дæ р кæ уынц, — йæ сæ р ын æ рбахъæ быс кодта Маша, йæ хуылыдз æ фсæ рмæ йын рæ вдаугæ бавнæ лдта йæ армытъæ пæ нæ й.

Хъасбол йæ хи фæ тызмæ г кодта:

— Мæ нæ нæ сабиты чысыл зæ рдæ тæ мауал риссын кæ нут. — бацыд сæ алкæ мæ дæ р, æ мæ сæ барæ вдыдта йæ узæ лдæ й. Йæ дæ рзæ г фæ лмæ н къухæ й сын фыдау сæ чъизи пехцел сæ ртæ æ рсæ рфта. Адæ м нæ сабыр кодтой. Сæ рдары хъуыди, æ фхæ рд адæ мы цæ ссыгты суадон чи баурома, ахæ м фæ лмæ н, зæ рдæ мæ хъаргæ донмарæ н ссарын.

— Хорз адæ м! Нæ хъæ батыр сылгоймæ гтæ! Нæ кадджын хистæ ртæ! Уæ хиуыл фæ хæ цут! — Тыхст Хъасбол æ мæ дзургæ -дзурын рацу-бацу кодта, атартæ -иу сты йæ цæ стытæ. — Зонæ м æ й, зын у ныртæ ккæ алкæ мæ н дæ р. Нæ Райгуырæ н бæ стæ ис тынг зын уавæ ры. Бафæ разут... Махæ н зын у, фæ лæ бомбæ тæ ихуарæ гау кæ уыл кæ лынц, уыдонæ н æ нцондæ р у?! Бынсыгъд кæ й хъæ утæ кæ нынц, уыдон та уæ дæ куыд фæ разынц?! Райсомæ й ацæ уынц, изæ рæ й сæ бирæ тæ нал æ рбаздæ хы, фыдызнаджы амæ ттаг фæ вæ ййынц!..

Адæ м фæ сабыр сты, æ рмæ ст ма хъуысти сабиты фæ ллад хæ къуырцц. Хъасбол йæ къух хæ рдмæ систа.

— Зонут, ам, фæ счъылдымы, ис дыккаг хæ ст! Уæ зæ рдæ бын фæ ллойæ н Советон хицауад скæ ндзæ н стыр кад æ мæ аргъ! Мæ хуртæ, уæ ныфс ма сæ ттæ д! Сымахмæ кæ сы нæ сабиты хъомыл кæ нын, нæ быдырты кусын, нæ зæ ронд ныййарджыты дарын! — йæ къухтæ фæ йнæ рдæ м акодта. — Уынут, цас хъуыддæ гтæ уæ м кæ сы. Кæ уынмæ уæ не ’вдæ лы, мæ хуртæ. — Йæ дзыппæ й систа газет. — Байхъусут-ма, нæ хъæ батыр Æ фсад знагæ н цы бæ рзæ йсæ ттæ н цæ фтæ кæ ны, уымæ.

Бакаст сын хæ стонты сгуыхтдзинæ дты тыххæ й.

— Уæ зæ рдæ тæ уын барухс кæ ндзынæ н, — мидбылты бахудт. — Нæ колхоз нæ районы иннæ колхозтæ й раздæ р ахицæ н кодта йæ паддзахады хæ с. Уæ лдай хъазуатондæ рæ й сæ хи равдыстой æ хсæ зæ м бригады фæ ллойгæ нджытæ... — æ мæ ранымадта сылгоймæ гтæ æ мæ сабитæ й цалдæ ры нæ мттæ.

— Сæ æ рхъуыды бирæ, — загъта Хæ мæ т.

— Уый дæ р хорз, фæ лæ нæ хъару асаст, алы бон... — загъта Маша.

— Зонын, — Машайы ныхас кæ ронмæ зæ гъын нæ бауагъта Хъасбол. — Уæ зæ рдыл бадарут: ныртæ ккæ сæ фты гæ ххæ тт кæ мæ й ис, уыдонæ й бирæ тæ сæ уæ лмæ рды цыртытæ сæ хи къухтæ й сласдзысты æ мæ сæ ныззыввытт кæ ндзысты дардмæ.

— О, уæ дæ нын цыртдзæ вæ нтæ садзын дæ р уымæ н нал уадзут? — райхъуыст Олгæ йы ныхас.

— Уый тыххæ й дæ р... — ахъуыды кодта. — Æ з мæ нг ныхас кæ нын нæ уарзын. Нæ нæ æ вдæ лы, — йæ риумæ гæ ххæ тт нылхъывта. — Нæ нæ æ вдæ лы кæ уынмæ! Уæ дæ, февналут! Уæ иутæ цъынайы сæ рмæ схизæ нт, иннæ тæ мæ нæ у голлæ гты æ вгæ нæ нт, аннæ тæ та голджытæ сарамæ хæ ссæ нт. Хъусут, уæ хи ма фæ риссын кæ нут. Голлæ гты кæ мттæ бæ ттут сарайы. Æ рыдонæ й нæ уæ рдæ ттæ куы схæ ццæ уой, уæ д та сæ афæ ндараст кæ ндзыстæ м. Нæ хæ дæ г та ахсæ в-бонмæ мæ нæ унайгæ нæ нæ н хъырнгæ зардзыстæ м!

Адæ м базмæ лыдысты. Рог уддзæ ф азгъодта сæ цæ сгæ мттыл. Дуне æ фсæ рмхуызæ й сæ рдармæ хæ стæ гдæ р бацыд.

— Зæ гъ-ма, Арыпханты уæ здан чындз, дæ зæ гъинаг, — мидбылты йæ м бахудт сæ рдар.

— Зымæ г... Зымæ г фæ схохы нал ис æ мæ сугæ н цы кæ ндзыстæ м? Уæ рдæ ттæ...

— Куыд кæ сæ м, афтæ мæ й нæ зымæ г дæ р ам арвитдзыстæ м, — загъта Олгæ.

Исты ныфсы дзуапп раттын хъуыд сылгоймæ гтæ н æ мæ сæ рдар йæ къух фæ хъил кодта:

— Раджы радтон бардзырд куырд Хестанты Дзебайæ н — бон кусдзæ н колхозæ н, æ хсæ в та араздзæ н лæ гуæ рдæ ттæ н цæ лхытæ æ мæ сæ мæ нтæ!

Сæ рдар йæ хи мидæ г йæ химæ хæ цыд, адæ м сугæ н цы кæ ндзысты, ууыл ныронг кæ й нæ ма ахъуыды кодта, ууыл; нæ йæ равдæ лд тыллæ гæ фснайæ нты мæ тæ й. Сгæ пп кодта йæ бæ хмæ:

— Æ з хосгæ рдджыты абæ рæ г кæ нон. Ныртæ ккæ мæ ардæ м хъæ уы, — йæ хæ дæ г та атындзыдта колхозы куырдадзмæ.

Быдыртыл айзæ лыд найгæ нæ ны хъæ р. Цъынайы сæ р мыдыбындзы чыргъæ дау адæ мæ й æ мызмæ лд кодта. Мæ нæ уы куыристæ та кæ рæ дзийы фæ дыл сæ ррæ тт кодтой молотилкæ йы хъæ лæ смæ.

Сылгоймæ гтæ сындæ ггай систой сæ зæ рдæ ты судзгæ маст. Фыццаг уал, хъарæ ггæ нæ гау, базарыд Маша, стæ й дыккаг, æ ртыккаг... Ныдздзынæ зта цъына, йæ уылæ н анхъæ взта найгæ нæ ны иннæ фарс дыккаг цъынамæ.

Рог дымгæ йæ базыртыл фелвасы зарæ джы, ахæ лиу æ й кæ ны уæ рæ х быдыры, ахæ ссы йæ къуылдымтæ м, хъæ дтæ м:

 

«... Мæ уарзон стъалы, Германы хæ стæ й мын

Кæ д ыссæ удзынæ, гъей?!

Æ мæ мын хибарæ й дæ сусæ г ныхæ стæ

Кæ д фæ кæ ндзынæ, гъей?! »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.