Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Алы белæн — дыууæ сывæллоны



Нæ узæ ххæ й, тауинаг нæ мыг чи бамбæ рза, уый бæ рц мæ ры армыдзаг байсыныл хъæ бысхæ сты Залихан фæ рыст. Иветæ дæ р, куыд алы уæ ззау куысты фæ стæ, афтæ ныр дæ р æ хсæ в-бонмæ тыхст, рыстысты йæ къæ хтæ æ мæ -иу сæ атъæ пп-змæ лд кодта. Йæ дæ лфæ дтæ м хуыссыдысты йæ кæ стæ ртæ Розæ æ мæ Нада. Уыдон-иу йæ рыст къæ хты цæ фæ й фесхъиудтой, фехъал сты. Боныцъæ хты бригадиры хойынмæ Залихан тыххæ й йæ хи раргъæ вта... Уæ лбæ хмæ йæ м лæ гъстæ йæ дзуры:

— Зæ рæ стон зæ хх бел æ мæ фæ рæ тæ й къахынæ й тынг бастад æ мæ йæ абон уадз...

— Уымæ н гæ нæ н нæ й, — карзæ й загъта бригадир.

— Дысон-бонмæ фыр фæ лладæ й йæ гæ ндзæ хтæ тилы...

— Кой дæ р æ й ма кæ н, — йæ ныхас ын рацахста Зауырбег. — Дыууæ боны нæ хъæ уы лæ ппутæ сæ хи уæ нгуытæ й похци кодтой мыггаджы картофы быдыр. Знон нæ фестæ м æ мæ станы æ хсæ вæ ттæ баззадыстæ м. — Абон сæ умæ цъæ хæ й фестадысты. Афонмæ æ йтгæ й похци кæ нынц. Раст дын куы зæ гъон, уæ д Галлæ æ мæ Гидтайы лæ ппутæ дæ р знон похци кодтой сæ уæ нгуытæ й, сæ мадæ лтимæ. Уыдон дæ р дæ чызгæ й хистæ р не сты, кæ д кæ стæ р нæ уой, уæ д.

Залихан æ м хæ стæ гдæ р балæ ууыд æ мæ та йæ м дзуры:

— Омæ, æ гайтма, уыдон знон бонсауизæ рмæ, мæ чызгау, шахтæ йы быраузилæ г згъæ рдур къахæ гау, зæ хх нæ къахтой, стæ й сымахæ н дæ р уæ хæ с у, кæ м æ мбæ лы, уым дыууæ ныхасы зæ гъын мæ фыд зынцарды уавæ рты тыххæ й...

— Ма тыхс, — загъта бригадир, йæ быны бæ х, цыма, мæ гуыр, сылгоймаджы тыхст æ мбæ рста, афтæ тæ лфыд. Уый идон æ рбалвæ ста, æ мæ бæ х бамыр-мыр кодта йæ сæ р фæ хъил кæ нгæ. — Зæ гъдзыстæ м, — фæ лæ йæ ныхасы уаг аивта. — Белæ й картоф садзын ахсджиагдæ р хъуыддаг у, картофы дзыхъхъыты рæ нхъытæ топпы фатау æ мраст хæ ссын хъæ уы.

Зæ рдæ лхæ нæ н ныхас кодта... — Мæ нæ куыддæ р мыггаджы картоф фæ дæ лсыджыт кæ нæ м, нартхор байтауæ м...

— Уæ д мæ м фæ кæ сдзыстут зæ хх къахынмæ... — йæ ныхас ын рацахста Залихан, — суг дæ р нæ м нал ис...

— Æ рæ джы кæ ны картофæ н. Ахъуыды-ма кæ н, цал сывæ ллоны картофы мыггаг хæ сса, цал дзыхъхъыты картоф æ ппара, уал белы та дзыхъхъытæ кæ ндзæ н! Алы белæ н — ома дзыхъхъытæ кæ нæ гæ н нæ м, дыгай ас кусæ джы кæ м ис, и?! — Уадз æ й абон, — лæ гъстæ кæ ны Залихан.

Бригадир рамæ сты, фæ лæ уæ зданæ й зæ гъы:

— Залихан, бахатыр кæ н... Нæ фæ разгæ дæ, зонæ м æ й, фæ лæ дæ м дохтырæ й гæ ххæ тт нæ й æ мæ дæ фæ стæ бригадæ йы номхыгъды «нæ й»-тæ куы уа, уæ д... дæ чызг дæ бæ сты цæ уæ д, æ нæ уый дæ р дын дæ куысты хæ йттæ бригадæ бакусы, кæ мæ н йæ бон куыд вæ ййы, афтæ... Стæ й, тынг хорз зоныс, нæ хæ цæ г хъæ батыр æ фсады хъæ уы хæ ринаг, уæ лæ дарæ с, хотыхтæ... «Алцы дæ р — фронтæ н». Уый цæ уыл дзурæ г у, и?! Цæ мæ й нæ сывæ ллæ ттимæ нæ хæ дзæ ртты баццотæ кæ нæ м?! — йæ ных йæ рахиз цонгæ й асæ рфта. — Бауырнæ д дæ, паддзахы чызгмæ минæ вар цыма дæ н, мæ химæ афтæ кæ сын...

Сæ ууон дымгæ йы уддзæ ф сын сæ хъустыл ауайын кодта сылгоймæ гтæ æ мæ сывæ ллæ тты уынæ р. Бригадир та, бæ хы рохтæ æ рбалвасгæ йæ, бахатыд:

— Марадз, чызджы фæ гæ пп кæ нын кæ н. Уыныс, æ нæ хъæ н отряд æ рцæ уынц. Абон стыр зиу ис мыггаджы картоф садзынмæ. Æ гæ р афæ стиат дæ н демæ.

Хæ рзкойгонд хуымы адæ м, сæ фылдæ р сывæ ллæ ттæ, æ мызмæ лд кодтой, бедраты æ вгæ дтой уæ рдæ ттæ й картофы мыггаг. Хуымы кæ рон ног конд æ хсæ р уисы къæ цæ лтæ рæ нхъæ й сагъд уыдысты æ ртæ уыдиснæ й æ ртæ уыдиснмæ. Амыдтой картофы рæ нхъытæ н сæ фыццаг дзыхъхъытæ. Хъæ ды ’рдæ м та хуымы кæ рон къæ цæ лтæ сагъд уыдысты иу уыдиснæ й иу уыдиснмæ. Адон та амыдтой картофы дзыхъхъæ й дзыхъхъы æ хсæ н — бæ рц. Хуымы тигъæ й цæ стæ нгас куы ахæ ссай къæ цæ лты сагъд рæ гъыл, уæ д куыд дарддæ р, афтæ зынынц цыма дæ ргъæ й-дæ ргъмæ æ хсæ р уис ауагъдæ уыд. Къæ цæ лтæ уисхуыз кæ м баисты, уым зынди, похцигæ нджыты кæ рæ дзийы фæ дыл цæ уыны рæ гъ. Хъæ ды ’рдæ м та къæ цæ лты «уис» райдыдта хæ стæ гдæ рæ й...

Бригадир æ мæ звеноводтæ амыдтой куысты уагæ вæ рд, куыст фæ рæ вдздæ р кæ ныныл архайдтой. Зауырбег амыдта:

— Рæ нхъытæ н фæ къæ дзгæ нæ н нæ й, чи зоны йæ губакк кæ нæ м культивацийæ, уæ д уæ лауæ дзы æ ппæ рст, ома картæ фтæ, фæ уæ лгоммæ уыдзысты... Сывæ ллæ ттæ, — æ нахуыр фæ лмæ н уагæ й сæ м дзуры. — Сымах куыст та у ноджы ахсджиагдæ р. Дзыхъхъы уæ мыггаг чи нæ ныппара, уый æ руромдзæ н йæ фæ стæ дзыхъхъытæ гæ нæ г белты... Æ мбарут, æ ппæ т картофсадзыны фæ тк æ рлæ удзæ н. Æ ппарут æ ртыгай картæ фтæ. Алы картоф дæ р нымад у.

Чысыл фæ стæ дæ р рæ нхъытыл æ рлæ ууыдысты белджынтæ. Сæ алкæ й раз дæ р картофы мыггагæ й дзаг бедратимæ — лæ ппутæ æ мæ чызджытæ.

Сабыр æ нцойæ йæ улæ фт чи уагъта похцийы судзинты фæ стæ, уыцы тауинаг хуым мæ лдзыджыты губаккау æ мзилахар сси.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.