Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хæсгард æмæ æндахы къæбæл



Дыууæ изæ рыастæ у Залихан арыныл ныллæ ууыд. Абон райсом уыцы уæ ззауæ й куы сыстад, уæ д быдырмæ ацæ уын нал бафæ рæ зта. Ныртæ ккæ та фæ дис у, йæ къахыл цæ уынхъом чи у, уыдон — чысылæ й-стырæ й мæ нæ у кæ рдынмæ сты: зæ ронд лæ гтæ, зæ ронд устытæ, æ рыгон сылгоймæ гтæ сæ сывæ ллæ ттимæ. Хъæ уы иу адæ ймаг не ссардзынæ. Бынтон зæ рæ дтæ та кæ сынц чысыл сабитæ м.

Гъе афтæ у дыккаг хæ ст, фæ счъылдымы хæ ст.

Сывæ ллæ ттæ н тыргъты хуыссæ нуат бакодта, йæ хæ дæ г агъуысты катай кæ ны. Иунæ г кæ й у, уый ноджы стырдæ р тас уадзы йæ рыст æ мæ тарст зæ рдæ йы. Иветæ йы арвыста Олгæ мæ, быдырæ й нæ ма æ рбацыд, уый кæ д зыдта, уæ ддæ р.

— Иветæ, мæ хур, ма бафынæ й у. Мидæ мæ ма ’рбацу, цалынмæ дæ м адзурон, уæ дмæ, — йæ былыл фæ хæ цыд, къулы æ нцæ йтты бацыд агъуыстмæ. «Амæ лдзынæ н иунæ гæ й... Иунæ гæ й мæ лдзынæ н»... — хъуыст агъуыстæ й арæ г сылгоймаджы хъæ рзгæ ныхæ стæ...

Чызг æ рбадт къæ сæ рыл. Йæ сæ р йæ уæ рджытыл æ руагъта, йæ цæ стытæ -иу фæ хæ цыдысты кæ рæ дзиуыл, фæ лæ та-иу мады сонт хъæ рмæ хæ рдмæ фæ хауд. Ахъавыд-иу мидæ мæ цæ уынмæ, фæ лæ мады фæ дзæ хст йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд. Иветæ йæ хи мидæ г бирæ ардауинæ гтæ æ мæ фарстатæ æ рцæ ттæ кодта йæ фыды ссæ уынмæ. Сардаудзæ н, бæ гуыдæ р, нана æ мæ бабайы, сæ химæ сæ цæ уын куыннæ уагътой, стæ й ма ноджы бирæ цыдæ ртæ сардаудзæ н папæ йыл...

Агъуыстæ й райхъуыст зæ рдæ халæ н хъæ р. Чызг та фесхъиудта, дуары раз февзæ рд, фæ лæ йæ байгом кæ нын йæ ныфс нæ бахаста. Уæ дмæ йæ хъустыл ауад сывæ ллоны цъæ хснаг кæ уын...

— Иве-е... — арф уæ рмæ й дзурæ гау фехъуыст йæ мады мæ ллæ г хъæ лæ с.

Залихан уыцы хъæ рзгæ йæ йæ хицæ н сарæ зта арæ н бынат: сынтæ г æ мæ стъолы æ хсæ н сæ вæ рдта дыууæ бандоны æ мæ авдæ н. Хуыссæ нæ мбæ рзæ нтæ сыл байтыдта. Йæ хи бааууон кодта сабийы цæ стытæ й. Цырагъ æ рæ вæ рдта йæ разы.

Чызг мидæ мæ куы бацыд, уæ д цырагъы рухс фæ мынæ г.

— Иве... æ рбадæ тт-ма мæ м хæ сгард æ мæ урс æ ндах... стъолыл...

Хæ сгард æ мæ урс æ ндахы къæ бæ л авæ рдта мады къухмæ, халагъуды сæ рты. — Ацу... а-цу, мæ хур. Куы дæ м фæ дзурон, уæ д та-иу æ рбазгъор.

Чызг æ рбадт йе ’фсымæ ры раз. Куыд æ рфæ лдæ хт æ мæ афынæ й, уый æ мбаргæ дæ р нал бакодта ацы хатт.

Фехъал хуры рухсмæ. Агуыридурты зыхъхъыртæ й цы рухс калди, уыдон аив хъазыдысты къулыл.

— Иве, дойныйæ мæ лын, — айхъуыста мады æ нæ бон, тæ ригъæ ддаг хъæ лæ с.

Чызг базгъордта мады размæ. Уый хуыссыд, йæ фарсмæ чысыл сывæ ллон тыхт.

— Хо та дын, чысыл хо, — йæ мидбыл бахудт мад, æ мæ йæ армытъæ пæ нæ й чызджы сæ р æ рсæ рфта. Уайтагъд æ рбайсæ фт мидбылхудт. Сау пæ лæ з баппæ рста æ нкъарддзинад фæ лурс цæ сгомыл. — Дæ уæ н фыдæ бонæ н райгуырд, — акаст æ бæ рæ г кæ дæ мдæ р. — Мæ н уый цур бадынмæ нæ æ вдæ лдзæ н... — астæ рдта йæ хус былтæ. — Дон...

Иветæ бедра æ мæ иннæ мигæ нæ нты дон ацагуырта, фæ лæ дзы цъыртт дæ р нæ разынд никуы. Раскъæ фта кърускæ. Цыппæ рвадæ й донгуырæ нæ й сдавта дон. Лæ флæ фгæ нгæ бамидæ г. — Гъа, мама! Дон дын мæ нæ!..

Мад йæ хи раргъæ вта. Кърускæ йы бын уыди иу хуыпп. Æ вæ ццæ гæ н ын згъоргæ йæ фæ калд. Мад æ й зыдæ й анызта.

— Сдав та, мæ хур...

Цалдæ р хатты схаста чызг, фæ лæ мады дойны нæ басаста. Цæ ллахъхъ-мыллухъгæ нгæ -иу дон кърускæ йæ фæ калд. Мæ нæ та ныр дæ р фезгъоры.

Чи зоны, кæ дмæ дугъ скъæ рдтаид чысыл дондзау, сæ сыхаг Габетæ м уазæ гуаты цы чызг уыди, уый донмæ куы нæ рацæ йцыдаид, уæ д.

— Уый кърускæ йы куы хæ ссыс дон?

— Мамæ йæ н... Мамæ йæ н хæ ссын.

Дзаг дыууæ бедрайы дон бахаста Залихантæ м чызг.

— Хорз амонд дæ хай, мæ хур Дзирæ т, — раарфæ йын кодта рынчын.

Æ мбаргæ æ вддæ саздзыд чызг азгъордта, фæ стæ мæ фездæ хт цыдæ р хæ ринæ гтимæ...

Уыцы бон изæ рæ й фæ лладæ й цыдысты сыхы устытæ рынчынфæ рсæ г Залиханмæ. Куы бамбæ рстой хъуыддаг, уæ д Фаризæ тæ н алывыд калдтой:

— О, гормон, майдыма амарди, — загъта Дуне. — Иу каст æ м цæ уылнæ бакодтай?

— Искуы ма уый æ рцыд, æ мæ сылгоймаг зыбыты иунæ гæ й ныййарæ д. Мæ нæ адæ мы сæ фт куыд æ рцыд! — йæ къухтæ кæ рæ дзиуыл ныццагъта Любæ.

Фаризæ т цъыллинджытæ гæ нгæ йæ хи раст кодта:

— Худæ гæ й марут. Æ ппын æ фсарм нал ис, æ ви? Куыд хъуамæ бацыдаин æ з йæ размæ. Йе ’фсин куы хуыйнын.

— Мауал дзур «æ фсин! » — былысчъилæ й загъта сыхаг ус Маша.

— Уе ’нæ зонгæ у? — загъта сын Олгæ. — Ныууадзут æ й.

Сывæ ллоны бикъ йæ хæ дæ г куыд алыг кодта æ мæ бабаста, ууыл дисгæ нгæ рацыдысты æ мхуызонæ й.

Сабийы райгуырды къуырийы бонмæ, райсомæ й сæ хъуг Уырымты каурæ бын нал уыди...

Залихан æ нæ хъаруйæ, фæ сæ вгъæ д, кæ угæ йæ хъуг агуырдта йæ къæ хтыл тыххæ й лæ угæ йæ. Цыппæ рæ м бон ын йæ бирæ гъты хæ рддзæ гтæ ссардта Бадзийы комы хъæ дрæ бын...

Налыхъы хæ дзар йæ хуыз аивта. Къæ лидор дыууæ дихы фæ ци: Залиханæ й се ’хсæ н акодтой ставд уисæ й хъилбыд сахъари. Кæ ртæ й куы бацæ уай, уæ д хæ дзарæ н йæ галиуырдыгæ й — Фаризæ ты хай, рахизырдыгæ й та — Залиханы. Къæ лидормæ дуар — ног конд, схизæ ны асинты бæ сты стыр дур æ вæ рд. Сывæ ллæ ттæ н иу нæ мыг дæ р нæ радта Фаризæ т. Иу кæ рдзынхор нæ федтой Тамбийы сывæ ллæ ттæ уыцы бирæ нартхор æ мæ мæ нæ уæ й.

Кæ рт фосæ й, маргъæ й — йедзаг. Хæ дзары цар бынмæ сæ тты нартхоры уæ зæ й. Къутутæ фæ йнæ рдæ м рæ мудзынц сырх мæ нæ уæ й. Цæ хæ радоны цæ ттæ кæ нынц дыргътæ, халсартæ. Афтæ мæ й Тамбийы сабитæ та сыдæ й мæ лынц. Тæ ригъæ ддаг цæ стытæ й фæ кæ сынц кæ ртмæ, цы чылауитæ æ рызгъæ лы, уыдонмæ.

Иу хатт цыппараздзыд Аслан азгъордта, каурæ бынмæ цы егъау сау чылауи æ рхауд, уымæ. Йæ дзыхмæ йæ куыд сцæ йхаста, афтæ Фаризæ т йæ цуры фегуырд, йæ къух ын æ ртъæ пп кодта. Лæ ппу кæ угæ базгъордта Иветæ мæ. Сæ мады уынгæ дæ р нæ кодтой, бонсауизæ рмæ -иу быдыры уыд.

Уыцы цау се ’ппæ тæ н дæ р амардта сæ мондаг. Мæ нæ ныр дæ р каурæ бын йедзаг у чылауитæ й, кæ рчытæ æ мæ сæ гогызтæ куыд хæ рынц, уымæ стонгцæ стæ й кæ сынц сабитæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.