Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цæмæй ныммæла хæст



Цыколайæ Чырыстонхъæ умæ фæ дисонæ й згъоры уæ зласæ н машинæ. Йæ Туыффæ йы — мæ гуырфæ лыст хæ дзары дзаумæ ттæ: скъапп, зæ ронд стъол. дыууæ æ фсæ йнаг сынтæ гæ й иуы сеткæ йы бæ сты уыди фæ йнæ джытæ конд. Дыууæ бандоны æ мæ авдæ н. Хурмæ ферттивы егъау тымбыл æ рхуы тас. Æ рмæ ст уый у хуызæ нæ н дзаума хæ дзары. Уыдон сты арвæ й зæ ххы ’хсæ н Тамбиты Тамбийы мулк. Йæ бинонты ласы Хъарман-Сындзыхъæ умæ. Кабинæ йы йæ фарсмæ бады Залихан, йæ хъæ бысы — йæ дыууæ аздзыд чызг. Хистæ р чызг, лæ ппу æ мæ тракторист Æ хсар та бадынц гуыффæ йы.

Фæ ндагæ н йæ рахиз фарс — æ нæ кæ рон мæ нæ уы денджыз. Хъуыдыды мæ нæ уы дзаг æ фсиртæ дымгæ мæ уылæ нтæ -уылæ нтæ й уæ ззау базмæ лынц. Арф ныуулæ фыд Тамби, йæ цæ стытыл ауадысты, нæ бæ стæ йы ныгуылæ ны знаг хоры быдыртæ куыд ссæ нды, уый. Галиу фарс та картоф калдта дидинæ г, æ мæ зынди урс ленджызау.

Йæ цæ ссыгæ й йæ хи æ хсы Залихан. Цымæ уыйбæ рц цæ ссыг кæ м æ вæ рд вæ ййы адæ ймагмæ?

— Цæ уыл дæ хи марыс, иунæ г ды дæ? — фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й йын бауайдзæ ф кодта Тамби.

— Мæ н, Уæ рте (афтæ хуыдта фæ сномыгæ й Залихан йæ лæ джы), иннæ тимæ ма бар. Уыдон сæ хæ дзæ ртты æ рæ ййæ фта фыдбон. Æ з та цæ рæ нбонты хæ тæ г-хауæ ггагæ й фæ хаудтæ н. Уæ д Чырыстонхъæ уы МТС йæ къахыл лæ ууын хъуыд, уæ д Салыгæ рдæ ны, уæ д Мæ здæ джы. Æ мæ мын мæ сæ р кæ й фæ сдуарæ й нæ ракæ сын кодтай?..

Куыдта Тамби дæ р. Дисæ й мард, дыууæ дзырды æ ддæ гуæ лæ зæ гъын æ нхъæ л кæ мæ н нæ уыд, уый афтæ дæ сны куыд хъарæ г кæ ны?

... — Цынæ адæ мы хатт мын бавзарын кодтай? Иронæ й, уырыссагæ й, пысылмонæ й... Уæ уу-уæ уу!.. Цы кæ нон... ма нæ лас дæ фыдыусмæ... Раздæ х, Уæ рте, курын дæ, раздæ х, фæ лтау, дзæ бидыр къæ дзæ хы сæ р лæ ууæ гау, æ рлæ уу Хæ зныдоны былгæ рон æ мæ нæ акал Æ рæ фы донмæ!..

Раст уыцы рæ стæ г Налыхъ дæ р сау марой кодта, кæ рты къуымты адæ ргæ й рауай-бауайгæ нгæ йæ къухтæ хæ рдмæ сдары, йæ сæ р ныххойы:

— О Хуыцау! Нæ фæ сивæ д — де уазæ г! Мæ нæ нæ фæ сивæ ды сæ фт куыд æ рцыд. Кæ с-ма уыцы цъаммар Гитлермæ?! Дыууæ паддзахады рæ згæ фæ сивæ ды кæ рæ дзиуыл куыд сардыдта. Ноджы куыд бахъавыд афæ дзæ н йæ рæ сугъддæ р рæ стæ гмæ. Быдырты фæ ллой — æ рдæ гцæ ттæ. У-у, æ взæ рмæ бирæ æ взæ р миниуджытæ ис!..

Йæ размæ рауад Фаризæ т, сбустæ йыл кодта.

— Ныууадз-ма де ’рдиаг, — уынгмæ фæ раст. — Мæ родтæ доныбыл сты.

— О, Хуыцау, ма мæ ныууадз ацы сау хæ йрæ гимæ, — касти йæ фæ стæ лæ г. — Мæ хъæ бултæ — де уазæ г, бæ рзондылбадæ г Уастырджи! — кæ рты астæ у æ рлæ ууыд зæ ронд тулдз бæ ласау. Йæ рахиз къухы цыппар æ нгуылдзы хæ рдмæ схъил кодта кауы михтау. Кæ сы сæ м. — Цыппар! Мæ цыппар фырты, мæ цæ ргæ стæ, — æ дзынæ г ныккаст æ нгуылдзтæ м, нымайы сæ кæ стæ ргай, — Дрис, Адам, Чертыби, Тамби. Цыппар уæ йыджы. Уыдон мæ н сты, — æ нгуылдзтæ уыцы пакайæ йæ риумæ нылхъывта. — Цыппар! — ныййазæ лыд йæ хъæ р, зырзыргæ нгæ æ рхауд кæ рты.

Уынджы фæ цæ йцыдысты Габе æ мæ Дуне. Æ рбазгъордтой Налыхъмæ. Схæ цыдысты йыл.

— Мæ гуыры бонтæ, — йæ уæ рджытæ æ рхоста Фаризæ т йæ родтæ æ рбаздахгæ йæ.

Габе æ мæ Дуне зæ ронды бандоныл æ рбадын кодтой. Уынгæ й адæ мы хъæ лæ ба, куыйты ниуын, фосы уасын иу кодтой æ мæ уыцы иугæ ндзон æ рхæ ндæ г уынæ рæ й хъуысыдысты.

Хур ма дыууæ бæ ндæ нбæ рцæ й фылдæ р уыдаид, фæ тæ н амад мæ къуыл йæ гуымы уæ хскæ й куыд фæ къул вæ ййы, афтæ, арв дæ р ныгуылæ нмæ кæ м фæ уырдыг, уырдыгæ й стæ ммæ мæ рдты дыдзы хур кæ цæ й рагудзи кæ ны, уым цыма сæ куырдадз ис, афтæ Налыхъы хæ дзарæ н йæ цæ гатырдыгæ й суанг йæ хуссар Ларсмæ уыцы æ мвæ тæ нæ й дæ ргъæ й-дæ ргъмæ æ рфæ з сты тар бæ зджын мигътæ, сæ кæ рæ ттæ й цыма туг калди, уыйау сырхбын дардтой дыдзы хуры тынтæ м.

Налыхъы хъустыл æ рцыд машинæ йы уынæ р. Йæ хиуыл схæ цæ гау кодта, фæ лæ йæ Габе æ мæ Дуне фестын нæ бауагътой.

— Нæ лæ ппу...

Уалынмæ кæ ртмæ æ рбахызт Тамби. Габе йыл йæ хи баппæ рста.

— Залиаг калм нæ хæ рынвæ нд куы скодта, Тамби!..

Дыууæ нæ лгоймаджы цыма фондзыссæ дз азы кæ рæ дзи нæ федтой, афтæ ныхъхъæ быс кодтой.

— Ма тæ рсут! Фыдбон æ мæ фыдлæ гæ н бирæ цæ рæ нбон нæ й!..

— Лæ ппу! — сдзырдта Налыхъ кæ уынхъæ лæ сæ й. — Рабæ лццон дæ, и?!

— Баба... — йæ хъæ бысы йæ акодта фырт.

Сыхæ гтæ фæ раст сты, фæ лæ Залиханы ауыдтой йæ сывæ ллæ ттимæ æ мæ уыдонмæ сæ хи байстой.

Рауад Фаризæ т. Сывæ ллæ ттæ йæ м базгъордтой, фæ лæ сæ уый хъуыды дæ р не ’ркодта, — асхуыста сæ. Дзагъултæ гæ нгæ бауырдыг Тамбимæ.

— Æ нхъæ лдæ н æ мæ дæ кæ фхъуындарты ме ’ккой æ рбаггуырсынмæ хъавыс?

Тамби йæ сонтæ й нæ фембæ рста, фыдмæ фæ рсæ джы каст бакодта. Гъе стæ й фездæ хт дуармæ, фæ лæ уæ дмæ Фаризæ т цъиуджын каркау йæ хи ныццавта кауын кулдуарыл. Фырт дуар гом кодта, фыдыус æ й нæ уагъта. Се ’хсæ н кау сахаты дзедзройау дыууæ рдæ м кодта. Алы фыдми, алы налат ми бакæ ныны хъару кæ й ис йæ фыдыусмæ, уый раджы бамбæ рста Тамби, фæ лæ бæ стысæ фт æ мæ бæ ллæ хы рæ стæ г йæ хи афтæ равдисдзæ н, уый æ нхъæ л ын уæ ддæ р никуы уыд. Къæ мдзæ стыгæ й бакаст йæ усмæ. Уый лæ ууыд сау чылауи бæ ласы бын йæ сабитæ æ мæ Дунеимæ. Лæ ууыд ахæ м хуызы, цыма йæ æ ркувæ н кæ рты цытæ цæ уы, уыдон уый хъысмæ тмæ ницы бар дарынц. Тамбийæ н йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г, акæ с-ма, æ гас фæ ндаг кæ угæ фæ цыд, ныр куыд фидар лæ ууы. Фæ лæ... сæ цæ стæ нгас фæ дзуарæ вæ рд ис. Тæ нзæ рдæ Тамби нæ, фæ лæ къæ дзæ х дæ р рыг фестадаид йæ усы цæ стæ нгасы æ ндæ вдæ й. Цæ ф арсау ныууынæ ргъыдта æ мæ йæ сæ р æ рæ ппæ рста кауыл. Йæ хъустыл ауад Æ хсары мæ сты хъæ р:

— Тамби, дæ хи айс, æ з ныртæ ккæ баскъæ рдзынæ н... Машинæ йы фындзы тæ вд банкъардта йæ фæ сонтæ й... Æ хсарæ й машинæ йæ кæ цы мæ стджындæ рæ й абухта, уый бæ рæ г нæ уыд. Тамби банкъардта — Дуне йæ иуварс куыд ахуыдта. Исдуг бауадзыггомау. Йæ хи куы æ рæ мбæ рста, уæ д федта: кулдуарыл æ рбассæ ндгæ йæ кæ рты æ рлæ ууыди машинæ.

— Мæ нæ цы æ мбисæ ндтæ ис!.. — йæ къухтæ цагъта Дуне. — Афтæ -иу куы загътай: «Æ з Тамбийы мæ хицæ й никуыдæ м ауадздзынæ н. Мæ рдты дæ р æ мæ уæ лæ уыл дæ р ын мæ тæ нæ г риуыл фæ ндаг».

— Уæ д уæ д уыди, ныр та ныр у!.. — фæ тъæ лланг кодта Фаризæ т Дунейыл.

— Мæ нæ адæ мыл хъаймæ т куыд сыстад, — æ рдиаг кодта Габе. — Адæ ймаджы йæ тугвæ ллой хæ дзармæ ма уадзæ нт.

— Хуымæ тæ джы нæ фæ зæ гъынц, хæ дзаргæ нæ джы мард — фæ сдуар, — загъта Дуне. Залихан æ мæ сывæ ллæ тты сæ химæ хонынмæ хъавыд, фæ лæ Залихан ком нæ радта.

Габе æ мæ Æ хсар стъолыл схæ цыдысты, Тамби сын цы уатмæ ацамыдта, уырдæ м æ й хъуамæ ахастаиккой, фæ лæ йыл Фаризæ т ныззæ гæ л, æ мæ йæ нæ уадзы хæ ссын. Базыдта Æ хсары.

— Дæ умæ æ нæ уый дæ р мæ сты дæ н! — баздæ хти Æ хсармæ, — цыдæ ртæ зæ гъынмæ ма хъавыд, фæ лæ йыл тракторист фæ хъæ р кодта:

— Ацу, аиуварс у! Æ з дæ дæ бынаты бæ ргæ сбадын кæ нин!..

— Тамби, алас дæ бинонты мæ кæ ртæ й! Нырмæ сын хорз кæ м уыди, ныр дæ р сæ уым уадз!..

Тамбийæ н йæ цæ стытыл ауад:

... Чысыл лæ ппу ма куы уыд, уæ д сæ гæ дыйæ н фæ зынди лæ ппынтæ. Фыдыус сæ аппæ рста сарамæ. Гæ ды, мæ гуыр, куы йæ иу лæ ппыны, куы иннæ йы хаста фæ стæ мæ хæ дзармæ. Фаризæ т та-иу сæ аппæ рста митмæ. Дуар сæ хгæ дта. Уæ д кæ сынц, æ мæ сæ м рудзынджы дæ лвæ йнæ гæ й æ рбакаст, йæ лæ ппын йæ дзыхы, афтæ мæ й. Ныр уыцы гæ дыйау фæ каст йæ химæ. Цæ ф сырдау ныббогъ ласта:

— Оу-у! Цы ма кæ нон ныр, Габе? Цы аххосджын фæ дæ н абон мæ мад æ мæ мæ фыды раз? — Ставд цæ ссыгтæ йæ хæ нкъуытæ уадултыл фæ стиатгæ нгæ, згъæ лдысты æ фсæ ры къæ дзæ й, фæ скъæ вда ма бæ ласы сыфты кæ рæ ттæ й ставд æ ртæ хтæ куыд хауа, афтæ.

— Уæ ууа, цæ й лæ мæ гъ дæ?

— Дæ хиуыл фæ хæ ц...

Уайдзæ фтæ йын кодтой сыхæ гтæ рæ вдаугæ хъæ лæ сыуагæ й. Фæ смонгонд нæ лгоймаг йæ сæ р хойынмæ фæ ци. Габе æ мæ йын Дуне йæ цæ нгтыл ныххæ цыдысты.

— Цæ мæ н ахæ м уавæ ры дæ н, Габе æ мæ Дуне? Цы кодтон? Ныр æ з цы кæ нон? Раны мæ ссардта мæ фыдыус!..

Æ хсар нæ мынарæ зтæ й йæ хи баскъæ рдта Фаризæ тмæ, фæ лæ йæ иу къухæ й иннæ йы рацахста æ мæ мæ стæ лгъæ дæ й загъта:

— Ды бирæ гъ дæ, бирæ гъ! На-а, бирæ гъ дын æ гæ р уæ здан ном у, фæ лæ... — Кæ рты къуымты цæ хæ ртæ калгæ рауай-бауай систа. Сахлæ уд фæ кодта æ мæ Фаризæ тыл ныхъхъæ р кодта:

— Ус-бирæ гъ дæ ды!!!

Фаризæ т цы ахъуыды кодта, чи зоны, æ мæ ацамыдта дæ ллаг — хурскæ сæ нырдыгæ й — уатмæ. Фæ каст Тамбимæ æ мæ мæ стæ ймарæ гау йæ сины сæ ртыл æ рхæ цыд:

— Хорз, дæ хъыбылты къуым фæ ци, фæ лæ дын æ ууилгæ та цы кæ ндзысты, æ ууилгæ?

Тамбийы бæ сты дзуапп радтой сыхæ гтæ:

— Куыд цы?! Тамби машинæ йæ цы нартхор, мæ нæ у æ мæ исбон фæ ласта, уыдон, æ ндæ р цы! Æ ви афтæ æ нхъæ л дæ æ мæ адæ м ницы зонынц æ мæ уынынц?

— Уый сымах хæ дзары фæ нд нæ у! — фæ тъæ лланг кодта Фаризæ т.

— Ды куыд зæ гъыс, бынтон афтæ дæ р дын нæ рауайдзæ н, — бадодой кодта Габе.

— Иу нæ мыг дæ р нæ ратдзынæ н... — загъта афтæ, фæ лæ йæ гуыры ахастыл бæ рæ г уыди, «ус-бирæ гъ» æ й кæ й схуыдтой, уый йын йæ марг цыма фæ лæ мæ гъдæ р кодта æ мæ донластхуызæ й йæ хи каурæ бынмæ байста. Фæ лæ, уый та цы у — кулдуары раз æ рлæ ууыд дыккаг автомобиль, йæ гуыффæ йы фæ ныкхуыз хъуг.

Фаризæ т ныхъхъæ р кодта, йæ лыстæ г цæ нгтæ тилгæ:

— Нæ уæ уадзын! Ацæ ут мæ хæ дзарæ й!..

Тамби хъуг бабаста сæ сыхæ гтæ — Уырымты каумæ...

Уыцы æ хсæ в Тамби дæ ллаг уаты йæ мæ гуыр дзаумæ ттæ æ рæ вæ рдта. Сывæ ллæ ттæ н фæ йнæ дынджыр дзулы карсты æ мæ халвайы кæ рдихы радта. Цыколайы балхæ дта дыууæ дзулы буханкæ йы æ мæ халвайы килæ. Уыдон уадзы царды фæ рæ зæ н йæ бинонтæ н. Æ ниу сæ хæ дзар йæ фæ ллойæ йемыдзаг, фæ лæ... «Уый уæ д уыд, ныр та ныр у», — иудадзыг йæ хъусты зæ лы фыдыусы ныхас. Залихан мидæ мæ бацыд. Ауыдта сабиты къухты дынджыр къæ бæ ртæ.

— Цæ йас дзултæ сын радтай?

— Уадз æ мæ хæ рой, — дуары раз бандоныл абадт Тамби.

— Ныр сæ м ахæ м хæ йттæ нал хауы, — загъта Залихан.

Бинонты кæ стæ р бамбæ рста — фыд йæ къæ хтæ æ хсынмæ кæ й хъавы, уый æ мæ -иу алыхатт куыд кодта, афтæ ныр дæ р йæ хæ рын фæ уагъта. Йæ фазыл быргæ, «æ з, æ з» кæ нгæ сынтæ джы бын смидæ г. Агуры дзабыртæ. Мад сæ систа асыккæ й, æ рæ вæ рдта сæ сынтæ джы раз. Саби сæ ахæ р-хæ р кодта фыдмæ.

Ныййарджытæ чысыл чызгмæ фесты. Ничи сæ бафиппайдта, хистæ р — æ хсæ заздзыд чызгæ н — мады ныхасы фæ стæ йæ комдзаг йæ хъуыры куыд нал цыди, уый. Æ рызгъордтой ставд цæ ссыгтæ тымбыл рустыл. Æ мбары, цыдæ р æ взæ р хъуыддаг кæ й æ рцыди, уый. Фæ лæ йæ чысыл зонды бон нæ уыди, йæ цæ стытæ й цы митæ уыдта, уыдон бамбарын.

Мад ацыд тыргътæ м, æ фснайдта пысултæ. Æ мбаргæ фыдæ й нæ аирвæ зт чызджы мидудхар. Фæ дзырдта йæ м:

— Иветæ, мæ хур, рауай-ма мæ нмæ.

Чызг йæ къæ бæ р æ рæ вæ рдта скъаппы сæ р. Донæ йдзаг цæ сгытимæ æ рлæ ууыд фыды раз, йæ комдзаг йæ дзыхы иу къулæ й иннæ мæ раппар-баппаргæ нгæ.

— Аныхъуыр дæ комдзаг, мæ хур, гъе та йæ аппар.

Чызг ауад æ ддæ мæ, стæ й фæ стæ мæ фездæ хт.

— Кæ угæ та цæ уыл кæ ныс? Асæ рф-ма дæ цæ ссыгтæ.

Æ мæ йæ м куыд фæ лмæ ндæ р æ мæ рæ вдаугæ дæ рæ й дзырдта фыд, афтæ бæ ркадджындæ рæ й згъордтой цæ ссыгтæ.

— Ма ку, — йæ хъæ бысмæ йæ систа фыд.

Чызг скаст фыдмæ, дидинæ джы буц сыфтæ ртæ рог дымгæ мæ куыд змæ лой, йæ былтæ афтæ змæ лыдысты:

— Папæ... — йæ хъуыры та доныфых хъæ бынау цыдæ р фæ бадт.

— Басабыр у, мæ чызг, дæ у... — фыд зæ гъынмæ хъавыд: «Дæ у кæ уынмæ не ’вдæ лы, фæ лæ не сфæ рæ зта, æ рмæ ст ын йæ сæ р сæ рфта йæ армытъæ пæ нæ й.

— Па-пæ... Зæ гъ-ма, цæ мæ н кæ уы мамæ?.. Цæ мæ н куыдтай ды? Цæ уылнæ уал нæ уарзы нана?

— М-мм... Мæ сты уыди æ мæ уымæ н...

Нæ фæ цыд уыцы дзуапп сывæ ллоны зæ рдæ мæ.

— Папæ, цы у хæ ст?.. Цæ мæ н цæ уынц папæ тæ хæ стмæ? Хæ ст лæ гты хæ ргæ кæ ны? — йæ бæ рзæ йыл ын ныттыхст, дзыхыдзагæ й ныккуыдта. — Нæ, æ з дæ у нæ ауадздзынæ н, дæ у дæ р бахæ рдзæ н уыцы хæ ст!..

Тамби фестад, йæ чызджы фелвæ ста агъуысты цары онг:

— Мæ н?! — ныххудти. — Æ з уыцы хæ сты мæ хæ дæ г амардзынæ н! Куы мæ зоныс, мæ чызг, куыд тыхджын дæ н, уый! — Радав-бадав кæ ны йæ чызджы агъуысты къуымты.

Иветæ йæ фыды домбай уæ хсчы сæ рты донæ йдзаг цæ стытæ й уыдта, æ лыгæ й сæ рст агъуысты зæ хбын зæ ххыл йæ фыды хуылыдз бæ гъæ ввад къæ хты диссаджы аив фæ дтæ...

Сабийы уырныдта, йæ тыхджын фыд къогъомарæ гау кæ й амардзæ н, адæ м кæ й тыххæ й кæ уынц, уыцы хæ сты. Фæ лæ йæ цард йæ сындзджын къухæ й хойын куы райдыдта, уæ д бамбæ рста, цæ мæ й ныммæ ла хæ ст, уый тыххæ й тохы быдырты дæ сгай милуан нæ лгоймæ гтæ раттынц сæ цард, сæ ныййарджыты, сæ бинонты æ мæ сывæ ллæ тты æ гъатыр хъысмæ ты бар бакæ нгæ йæ, уымæ н æ мæ, æ лгъыст хæ ст æ ндæ р ницæ мæ й мæ лы...

Боныцъæ хтæ. Хурыскæ сæ н сырх-сырхид дары. Уынгæ й хъуысы адæ мы тыхст хъæ лæ ба. Налыхъ уыцы бонивайæ нты бады æ хсынцъы бæ ласы бын:

— Мæ лæ ппу! Мæ хицæ н дæ стыр ныфсытæ куы æ вæ рдтон... Ды та мæ м дæ сабиты куы ’рбаластай. Мæ бон сын ницы бауыдзæ н. Нæ, уыцы артæ й мæ хъæ бултæ нæ аирвæ здзысты. Сидзæ рмæ ахæ м амонд нæ кæ сы. Сидзæ р амондджын куы уаид, уæ д-иу йæ мад нæ амæ лид.

Уаты рудзынгæ й ракаст Фаризæ т.

— Дæ хорзæ хæ й, нæ лæ г, æ хсæ вбадæ н цæ мæ н кæ ныс? Цал хæ лынбыттыры атахт дысон-бонмæ? Куы ницы дзурыс... Æ ниу, цæ й. Лæ мбынæ гдæ р сæ нымай. Нырма бонмæ бирæ атæ хдзæ н... Рацыд Тамби.

— Баба, кæ цæ й æ ркалон мæ нæ у?.. Нартхор?..

Уый дын айхъуыста Фаризæ т. Рагæ пп сæ м кодта:

— Цы загътай, цы?

— Цы загътон, уый загътон, — хъæ ддых фæ лæ ууыд Тамби.

— Ничи йæ м кæ сы! Хуыйы кæ римæ куы уадзай, уæ д йæ сæ рмæ хизы. Хæ дзармæ дын дæ циганты æ рбауагътон, ныр та ма дæ хæ ринаг хъæ уы? Æ з æ ргом дзурын: акæ н дæ хæ ссинæ гты ардыгæ й!

— Баба, цытæ дзуры? Мæ фæ ллойæ мын ницы дæ ттынмæ хъавы, æ ви?!

— Иу галаган дæ р нæ, иу судзгæ нæ мыг дæ р! — загъта карзæ й ус.

Тамби фæ раст сарамæ, фæ стаг хатт цы нартхор æ рласта, уый æ ркалынмæ. Асиныл рог сгæ пп кодта. Кæ рты фехъуыст Фаризæ ты хъæ рæ й худын.

Тамби, цары уырзæ й сгаргæ, гуыбырæ й бауад зонгæ бынатмæ. Йæ къухтæ æ рхаста хъæ бæ р фæ йнæ гыл... Æ рбадт йæ мидбынат æ мæ ныккуыдта.

— Æ дылы къоппа, а сау чызг дæ уæ н уым нартхор цæ ттæ йæ дары! — мæ стæ ймарæ гау та йæ м райхъуыст сылгоймаджы худын.

Тамби æ рхызт сарайы царæ й, йæ хъултæ фембылд хуызæ й. Æ рлæ ууыд йæ фыды раз æ мæ йын лæ гъстæ кæ ны:

— Баба, курын дæ, сывæ ллæ тты æ ххормагæ й сæ фын ма бауадз...

Фыд ницы дзуры.

Фырт йæ фыр катай æ мæ йæ фыр æ вæ рæ з уавæ ры, йæ рахиз къух æ д пака æ ртæ æ нгуылдзимæ бæ рзонд систа, æ рхуыгуырды сæ рмагонд æ рттигъон нысанау, æ мæ йæ къух ахъаззаг тилгæ та йæ фыдмæ дзуры:

— Баба, æ ртæ, æ ртæ мæ йæ фылдæ р знагæ н нæ зæ ххыл бынат нæ й! Конд къæ бæ р, æ рмæ стдæ р, конд къæ бæ р — дзулы буханкæ æ мæ æ рдæ г уадзын... — Бамбæ рста, йæ хъуырдухæ нмæ йæ фыд æ дзæ мæ й кæ й бады, уый, æ мæ калд тæ рсау, йæ зонгуытыл æ рхауд йæ фыды раз: — Баба, дæ умæ куы дзурын, радт мын иу чысыл нартхор, картоф...

Æ мæ гъе уæ д кæ уынхъæ лæ сæ й фыд дзуры:

— Лæ ппу, дæ бæ сты цæ уын мæ лæ тмæ, фæ лæ...

— Фæ лæ цы?! — фырадæ ргæ й цъилау ныззылд йæ мидбынат. — Ды дæ р мын ницы ныфс æ вæ рыс?!

— Мæ бон нæ у... — загъта фыд.

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — Фырт æ м фæ рæ вдз. — Ау, мæ фыд нæ дæ?!

— Лæ ппу, уæ мад куы амард, уæ фыд дæ р уæ д амард...

Тамби йæ фыдæ й цы æ вирхъау зæ рдæ риссæ н ныхас фехъуыста, уый йæ фæ смонгонд сæ рымагъз æ ххæ ст нæ ма афыхта, афтæ йæ м бауырдыг йæ фыдыус:

— Тамби... — мæ стæ ймаргæ ивазы йæ дзырдтæ, — уæ дæ, зæ гъыс, знагæ н æ ртæ мæ йæ фылдæ р ам бынат нæ й?..

— Иу уысмы бæ рц дæ р сын махмæ бынат нæ й! — йæ ныхас ын аскъæ фта Тамби.

— Æ ртæ, — раст цыллæ уадзгæ йæ фыцгæ аджы къуыбæ рттæ цы лæ гъз лыстæ г æ ртæ сыгон стуанæ й фезмæ нтынц, ахæ м хуыз æ нгуылдзтимæ йæ рахиз къух хæ рдмæ систа, бонивайæ нты рухсмæ кæ д дзæ бæ х нæ зыны, зæ гъгæ.

— О, æ ртæ, — фæ рæ вдз Тамби.

— Æ дылы гуырдтæ уыдысты Абионы фырттæ, æ ндæ р барвæ ндонæ й кæ дæ м ныттарасинтæ дæ? Трактортæ аразæ н заводмæ дæ æ рвитынц æ мæ ацу. Дæ бинонты дæ р алас, — ныххудти. — Сыбыры къæ й нæ ма басгæ рстай.

— Мæ кæ стæ р æ фсымæ ртæ — уым! — ацамыдта йæ галиу цонгæ й донгуыронмæ, — арты фыцынц, æ з та — ам?! — ацамыдта йæ къæ хты бынмæ, — пецы сæ р куы сбадин... Æ ртæ, Фаризæ т! Æ ртæ мæ йы фæ стæ мах аныхас кæ ндзыстæ м. Нырмæ йы хуызæ н дын нал рауайдзæ н. Дæ мыды къус ныккалди, Джыбылон!..

Фаризæ ты уыцы хъаймæ ты райсом истæ уыл асагъæ с кæ нын æ мбæ лди, фæ лæ йæ фындзы бынæ й дарддæ р нæ уыдта, уымæ н æ мæ йæ цыбыр зонд, йæ марг зæ рдæ йы идонтыл æ рхæ цын æ мбаргæ дæ р нæ кодта æ мæ нытътъæ лланг ласта, йæ мард фесæ фа!

— Тамби-и, æ мæ, дам, хæ сты маргæ дæ р кæ нынц. Гъемæ, знаджы фат æ хситт кæ нгæ куы рацæ уа æ мæ дæ фæ тæ н ныхы куы ныссæ дза, уæ д та дын чи хæ сдзæ н дæ сывæ ллæ тты, чи?!

Тамби исдуг фæ джих. Гъестæ й ныххудти æ мæ загъта:

— Сталин! Сталин сæ хæ сдзæ н!

Чи зоны, æ мæ федде уыдаид афтæ худгæ йæ уынгмæ, фæ лæ ауыдта Залиханы. Йæ хистæ р чызг ын ныззæ гæ л йæ фæ дджийыл æ мæ йæ дыууæ къухы армытъæ пæ нтæ й æ мвæ тæ нæ й сæ рфта йæ цæ ссыг. Йæ усы рæ сугъд цæ сгом исдуг нал базыдта: уыцы фæ лурс, уыцы фыдхуыз, армьггъæ пæ ныйас дæ р нал уыд. Йæ зæ рдæ туджы æ вдылд, йæ къухтæ й йæ сæ ры фæ рстыл фæ хæ цыд. Ныккуыдта, афтæ мæ й азгъордта уынгмæ, уым æ й, хæ стмæ рараст уæ вæ г фæ сивæ ды тар æ хсæ рдзæ ны уылæ н йæ уæ лныхты фелвæ ста...

Тамбийы бон уыди иу-дæ с суткæ йы афæ стиат уын: сæ егъау цæ хæ радоны йæ хурскæ сæ нырдыгæ й йæ закъонæ й зæ ххы хайыл — гектарæ н йæ цыппæ рæ м хайыл (0, 25) ног кау абийын, скъæ т ацаразын, кæ рт фæ хицæ н кодтаид ног кау быдæ й, хæ дзарæ н йæ хурскæ сæ нырдыгæ й, донгуырæ ны ’рдæ м (цæ гатмæ ) кæ рты дуар акодтаид — уисæ й быд бацæ уæ н дуар æ мæ кулдуаримæ... Ноджы стыр сывæ рджын бинойнаг кæ мæ н уыди, уыдон дæ р уæ гъд уыдысты сывæ ллон райгуырынмæ.

Фæ лæ, Тамбимæ дæ р, куыд йæ фæ лтæ ры милуангай лæ ппутæ м, афтæ уымæ дæ р Райгуырæ н бæ стæ мæ удуæ лдай уарзондзинад уыди æ ппæ тæ й зынаргъдæ р.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.