|
|||
БæхджынУыцы сæ рдыгон хуыцаубон колхозонтæ, МТС-ы æ мæ къæ нцылары кусджытæ, æ д цъил, æ д мил, зæ гъгæ, куыд фæ зæ гъынц, иууылдæ р уыдысты зиуы — быдыры нартхор рувынмæ. Тамби æ мæ МТС-ы директор Хасан бацыдысты чысыл цæ угæ доны былмæ, сæ къухтæ фæ къусгонд кодтой æ мæ афтæ мæ й сæ дойны куы басастой, уæ д та дзы, æ хцонæ й футтытæ кæ нгæ, сæ хидæ йдзаг цæ сгæ мттыл скалдтой. Гъе стæ й сæ къæ питы сæ ртæ доны нывæ рдтой. Рæ стæ г уыди аходæ нæ й сихоры ’хсæ н. Æ рбадтысты дыууæ æ рдхорды. — Ног хабар дын куы нæ ма фехъусын кодтон. — Хъæ лдзæ гæ й дзуры Хасан. — Ростовмæ балцмæ дæ хи бацæ ттæ кæ н. — Цæ мæ н? — Дзыхъхъынног мæ нæ унайгæ нæ н нын дæ ттынц. — Иттæ г хорз. Директоры лæ мбынæ г цæ стæ нгасæ й нæ аирвæ зт, йе ’мбал цыдæ р æ нкъард кæ й у, уый. Æ хсызгон хабар дæ р æ й нæ бахъæ лдзæ г кодта. Бакаст та йæ м æ мæ æ ндæ р адагыл аздæ хта ныхас. — А, æ рхъуыды йæ кодтон. Дæ фыртæ н номæ вæ рæ г лæ удзынæ н æ мæ мæ м фæ ллад галы дзагъултæ уымæ н кæ ныс? — Кæ цырдæ м ныххостай? Æ ниу, лæ ппу уыдзæ н, уый бæ лвырд зоныс? — Уæ дæ цы кæ ныс? — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й бафарста Хасан. — Æ мæ гъа, куыд дын зæ гъон, уый мæ сæ р нæ ахсы. Куыддæ р æ рбавæ ййын! Цыма цыдæ р æ взæ р хъуыддаг бакодтон, афтæ мæ зæ рдæ сриссы. Ахъуыды кæ нын, куыд фæ зæ гъынц, мæ фæ стæ ацагурын, кæ д, мыййаг, искæ й бафхæ рдтон... — А фæ стаг рæ стæ джы дæ фыдæ й куы æ рбаздæ хыс, уæ д вæ ййыс æ нкъард. Тамби йемæ нæ разы кæ нинаг уыди, фæ лæ йыл уый йæ къухтæ сцагъта: — Ма дзур, ма дзур. Канд æ з нæ, фæ лæ ма дæ нæ кусджытæ дæ р бафиппайдтой. — Нæ -гъа, фæ лæ... — Фæ лæ цы? — фæ цырд æ м Хасан. — Зоныс, худгæ дæ р мыл фæ кæ н... — Дæ хиуыл-ма чысыл фæ хæ ц, цы кæ ныс? — фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й та йæ м сдзырдта Хасан, кæ д ын фæ оцанийæ стъæ лфыди, уæ ддæ р. Дзурынмæ тылавæ ст никуы уыди Тамби. Сæ рæ н, куыстæ нтыст æ мæ йæ æ нæ зивæ гæ й зоны, ныр нымпылд, саухалыг нартхоры æ взары уидæ гтæ ставд мæ лдзыджытæ куы бахæ рынц, æ мæ уый куыд бампылы, афтæ. — Уый дын диссаг! Цæ мæ н дыл хъуамæ фæ худон, æ з дæ у цы хуызы нæ бамбардзынæ н, ахæ м хъуыддаг не ’хсæ н нæ й... Тамбийы зæ рдæ йы дуæ ртты æ вдузæ нтыл цыма згæ фæ хæ цыд æ мæ сæ ныр Хасан йæ æ мбаргæ ныхасæ й царвæ й айсæ рста, афтæ фæ ныфсджын. Мидбылты бахудт, йæ дзуарæ й хост хæ нкъуытæ уадултæ дæ р ма цыма алæ гъз сты, афтæ фæ каст Хасанмæ æ мæ йе ’мбалæ й йæ цæ стæ нгас хизгæ йæ, йæ хи бацæ ттæ кодта ныхасмæ хъусынмæ. — Ныр ыл иу къуыри цæ удзæ н, уæ д федтон фын. Цыма дун-дунейы адæ м — фæ сивæ д — лæ ууыдыстæ м кæ мдæ р хъæ дрæ бын. Нæ сæ рты тахтысты стыр сау цæ ргæ стæ. Сæ дзæ мбытæ й туг тагъди зæ хмæ. Нæ сæ рты-иу куы æ рбатахтысты, уæ д-иу сæ базырты сыф-сыфæ й нæ хъустæ акъуырма сты. Сæ дымгæ йæ фæ сивæ дæ н сæ худтæ тахтысты. Алчи-иу йæ худ ахсынмæ хъавыд æ мæ -иу сдзолгъо сты. Нæ къухтæ й хæ цыдыстæ м нæ худтыл. Кæ сæ м, æ мæ та нæ сæ рты ратахтысты сау цæ ргæ стæ. Мæ риуыл туджы цæ хъал æ рлæ дæ рст. Мæ къухæ й йæ асæ рфтон. Раст уыцы цъусдуг мæ худ мæ сæ рæ й атахт. Йæ фæ дыл азгъордтон мæ къухтæ размæ хæ сгæ... Кæ сын, æ мæ æ рбайсæ фт иннæ худты ’хсæ н... Исдуг ныхъхъус сты дыууæ æ мбалы... Сабырдзинад фехæ лдта Хасан. — Æ мæ -гъа! — бахудт, йæ ныхас, куыд гæ нæ н ис, уымæ й хъæ лдзæ гмæ раздахынмæ хъавыд. — Мæ фыдымад рухсаг уæ д, афтæ -иу загъта: «Кæ рдæ гзмæ лæ н æ мæ кæ рдæ гсысæ н афоны фынтæ ницы зонынц». Ома — уалдзæ г æ мæ фæ ззæ джы... — Кæ д ныфсæ вæ рæ н ныхас кодта, уæ ддæ р асагъæ с и йе ’мбалы фыныл æ мæ фестад. Фестад Тамби дæ р. — Цы хабар?! — удаистæ й афарста Тамби, хъæ уы ’рдыгæ й цыппæ рвадæ й згъоргæ бæ хджынмæ амонгæ йæ. Уыцы иу уысмы фæ гуыбыр кодтой сæ рувæ нтæ м æ мæ фæ раст сты адæ ммæ. — Хæ -с-т! — стыр тæ ссæ й ныббогъ кодта барæ г æ мæ, сау уац таугæ, атъæ бæ ртт ласта дарддæ р уæ рæ х быдырты. Исдуг иутæ фегуыппæ г сты... иннæ тæ тарст цæ стæ й кæ сгæ аззадысты барæ джы фæ дыл, аннæ тæ нырдиаг кодтой... Хъарæ г йæ дæ рзæ г дзæ мбытæ й аххæ ссыд æ ппæ т быдырыл... «Виллис» фæ лæ ууыд къанторы раз. Рахызти дзы райкомы бæ рнон секретарь Хъайтыхъты Майрæ м. Цæ угæ -цæ уын зæ рдæ вæ рæ н ныхæ стæ кодта адæ мæ н, афтæ мæ й агъуыстмæ баивгъуыдта. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ адæ мы размæ рацыд. — Хорз адæ м! — райдыдта йæ ныхас. — Хорз адæ м... зындзинадæ н хъару æ мæ ныфс йе знаг сты! Хъару æ мæ ныфс цас тыхджындæ р уой, уыйас зындзинад тагъддæ р ссæ ст æ рцæ удзæ н... Æ з дызæ рдыг нæ кæ нын, нырмæ нæ сабыр царды куыд æ мзæ рдæ йæ, æ мхъаруйæ куыстам, афтæ ноджы æ нгомдæ рæ й, уæ хски-уæ хск, Коммунистон партийы алыварс æ рбатымбыл уæ вгæ йæ, знагæ н кæ й ратдзыстæ м бæ рзæ йсæ ттæ н цæ ф! Майрæ м йæ ныхас фидар кодта йæ къухты амындæ й; куы-иу йæ арм дардыл ахаста, йæ фæ тæ н риу адæ ммæ фæ къул кæ нгæ йæ, куы та-иу йæ къух æ рбатымбыл кодта егъау бæ лдойау. Дзуры дарддæ р. Нæ фыдæ лтæ туг æ мæ стæ гæ й цы сæ рибар советон цард балхæ дтой, уый немыцаг салдæ тты чъизи цырыхъхъыты бын ныссæ ндын кæ й нæ бауадздзыстæ м, уый тыххæ й. Йæ рахиз къухы амонæ н æ нгуылдзæ й фидар кодта, адæ мы зæ рдæ тæ м арф чи хызти, уыцы ныхæ стæ. — Мах, — ацамыдта йæ риумæ, — хæ цæ нгæ рзтæ райсдзыстæ м нæ къухмæ. Тох кæ ндзыстæ м знаджы ныхмæ! Уым, — æ нгуылдз ацамыдта дард кæ дæ мдæ р, хæ хтæ æ мæ быдырты сæ рты, — уым! Ис иу хæ ст, — йæ хъуыры цыдæ р цыма фæ бадт, уыйау фæ сабыр йæ хъæ лæ с, стæ й та ноджы хъæ рдæ рæ й райхъуыст. — Ам! — ацамыдта йæ къæ хты бынмæ, — ам та уыдзæ н дыккаг хæ ст! Дыккаг!.. Адæ м-иу базмæ лынмæ хъавыдысты, фæ лæ хорз зыдтой, Майрæ м кæ й нæ уарзы уагæ вæ рд халын. Нырмæ дæ р-иу сæ хъæ уы исты бæ рæ гбон рæ стæ г куы дзырдта, уæ д адæ м афтæ сабыр бадтысты, æ мæ бындзы базырты дыв-дыв дæ р хъуыстаид. Ныр дæ р се ’гъдау нæ халынц. Æ рмæ ст хатгай фехъуысы мынæ г хæ къуырццы уынæ р. — Нæ буц сылгоймæ гтæ, сымахмæ дзурын, — йæ зæ рдæ æ рбауынгæ г, йæ галиу дзыппæ й фелвæ ста къухтыкæ лмæ рзæ н, асæ рфта йæ цæ сгом. — Сымахæ н махæ й зындæ р уыдзæ н. Нæ лгоймаг царды цы æ фсæ нздахæ н цалхыл хæ цыд, ууыл ныр хæ цдзæ н сылгоймаг!.. Адæ м сæ хи нал баурæ дтой. Иу цъусдуг сæ нæ бахъыгдардта Майрæ м. Систа та йæ рахиз къух хæ рдмæ. Адæ м фæ сыпп сты. Йæ дыууæ къухы иумæ æ рбатымбыл кодта: — Æ нгомдæ рæ й — знаджы ныхмæ!
|
|||
|