Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Тамби. Лæвæрттæ



 

Дзабайты Таисæ. Сидзæ ртæ æ мæ сидзæ ргæ стæ: Роман.

Дзæ уджыхъæ у, рауагъдад «Ир», 2009 аз.

ISBN 5-7534-1194-0 (978-5-7534-1194-5)

Инженер МТС Тамби, уходя на фронт, отправляет жену и детей в родное село, в дом отца. Злая, коварная мачеха превращает жизнь его семьи в сплошные муки. Больше всех достается Ивете — старшей дочери, героине романа. Добрая и беспокойная Ивета не покоряется судьбе. Она оканчивает школу, институт, строит дом, воспитывает с матерью младших сестер и брата.

 

 

Дзабайты Таисæ

Сидзæ ртæ æ мæ сидзæ ргæ стæ

Мæ чиныгæ й арын мæ сывæ ллæ ттæ Ритæ, Эльбрус, Иветæ æ мæ Светланæ йы нæ мттæ

 

Тамби. 3

Лæ вæ рттæ.. 7

Бæ хджын. 10

Цæ мæ й ныммæ ла хæ ст. 12

Хæ сгард æ мæ æ ндахы къæ бæ л. 16

Папæ хæ цыд, мамæ та карста мæ нæ у... 18

Стъалыты сагъæ с. 20

Цыбыр къухтæ.. 23

Мугæ.. 26

Сындзыхъæ уы зæ хх. 28

Хистæ р хо. 32

Басы хуыпп. 33

Танк. 36

Бæ ндæ н æ мæ сабийы уæ хсчытæ.. 39

Нæ узæ хх. 41

Алы белæ н — дыууæ сывæ ллоны.. 43

Сау къоппа. 44

Æ хсырф.. 45

Пырындзы хуызæ н кас. 50

Хъæ дуры гагатæ.. 54

Сидзæ рæ н сывæ ллоны къухтæ нæ й. 58

Дыууæ армыдзаджы.. 60

Хъуг агъуысты.. 63

Тæ рс бæ лас. 67

Зиу. 70

Мæ уарзон стъалы.. 75

Цъата. 78

Нæ бæ стæ хъусы, нæ бæ стæ зоны.. 81

Æ рмкъухтæ.. 84

Комдзог. 87

Къаба. 91

Писмо. 94

Адæ м хорз сты.. 97

Куыдз хосы мæ къуылыл. 99

Дæ лджинæ г. 102

Ходыгъд. 105

Æ зынма кæ й хуызæ н дæ... 107

Зынаргъ костюм.. 109

Хъысмæ ты ракæ нд. 111

Зыхъхъыр. 114

Фæ стаг мидбылхудт. 116

 

Тамби

Хуры тынтæ фæ лмæ н бырынц æ взист хæ хты цъуппытыл. Сæ хъæ бысты бæ зджын цъæ х мигъ сын хур сагойы фындзыл фелвасынмæ фæ хъавы, фæ лæ уый ноджы æ нгомдæ р æ рбамбырд вæ ййы хæ хты саггæ мтты. Тарбын хъæ д хæ хтæ м æ мбуар лæ ууы, æ рæ г-вæ ззæ гмæ æ нæ карст чи баззайы, уыцы гæ ны быдырау. Кæ д дæ лбазырты хъæ д тар зыны, уæ ддæ р хъæ дгæ рæ ттыл, тæ рфытыл, донхæ рис бæ лæ стыл рагуалдзæ г ахаста йæ кæ рдæ гхуыз зæ лдаг кæ лмæ рзæ н. Хъæ ддаг æ хсынцъы бæ лæ стæ та зæ лдаг кæ лмæ рзæ ны уддзæ фмæ дидинæ г фестадысты. Ӕ мæ афтæ зыны дардмæ, цыма хъæ ды дымæ гмæ уыцы гуппартæ й æ рфистæ г сты урс-урсид парашюттæ.

Хъæ угæ рон — Налыхъы хæ дзар. Цæ гатырдæ м, Урсдоны донгуырæ ны ’рдæ м, хæ дзарæ н уыди аст рудзынджы. Астæ уæ й — стыр къæ лидор, йæ кæ рæ тты — уæ тты дуæ рттæ, уæ ттæ н сæ дыгай рудзгуытæ кæ ртмæ, — хуссармæ арæ зт. Хæ дзары хурныгуылæ н фарс къабузджын æ хсынцъы бæ лас йæ буц дидинсыфтæ зивæ ггæ нгæ згъалы сæ ууон æ ртæ хæ й уымæ л зæ хмæ æ мæ афтæ зыны, цыма бæ ласыл дæ р æ мæ йæ быны дæ р хæ ххон рог дымгæ мæ миты гæ лæ бутæ змæ лынц. Бæ ласы сæ рæ й фæ дисы зард кæ нынц цъиутæ. Рудзынджы тарвазыл зæ рватыкк абадт æ мæ ныцъцъыбар-цъыбур ласта. Сæ рдыгон цæ лгæ нæ ны тохынайы фæ здæ г куы æ мраст цæ джындзæ й слæ ууы хæ рдмæ, куы та акъул вæ ййы хурыскæ сæ нырдæ м.

Налыхъ бады æ хсынцъы бæ ласы бын бандоныл æ мæ хæ рынкъайæ кæ рддзæ м амайы. Йæ хъуыдытæ йæ ахастой йæ фырттæ м, Уæ рæ сейы йын службæ кæ нынц. Хистæ ры кæ стæ р Чертыбийæ н фарон уыди йе ссæ уæ н, фæ лæ нырма дæ р никуыцæ й зыны. Фырттæ й æ ртыккаг — хъуамæ а дыууæ боны зына. Кæ стæ рмæ нæ ма æ нхъæ лмæ кæ сы — уымæ н иннæ уалдзæ г у йе ссæ уæ н. Налыхъ ныууынæ ргъыдта: алыхатт дæ р ын йæ хъуыдытæ цыдæ р тасдзинад бауадзынц йæ зæ ронд уæ нгты. Чертыби Финляндийы хæ сты Дæ р куы уыди, уæ д цымæ цæ уылнæ бацагуырдта йæ къона? Зæ ронд лæ г йæ амайын фæ уагъта, дард кæ дæ мдæ р тарæ рфыгæ й акаст — Чертыбийы æ рыгон бинойнаг дыууæ сабиимæ удхарæ й мæ лы ныр æ ртыккаг аз. Хъæ мпæ й æ мбæ рзт къæ сы сæ ныууагъта лæ ппу. Йæ цæ стæ нгас ахаста кæ ртыл, йæ размæ сусхъæ ды амайæ нтæ урс кæ лмытау здыхтытæ й лæ ууыдысты зæ ххыл æ мæ уыдонмæ ныджджих. Хуыцауæ й разы, уæ ддæ р ма йæ хистæ р фырт йæ цуры кæ й ис. Йе ’фсымæ ры сабитæ н дæ р аххуыс кæ ны, йæ бон цы вæ ййы, уымæ й. Сæ хæ дзары хъæ мпын сæ р сын аивта агуыридурæ й. Раст зæ гъын хъæ уы, чындз йæ хæ дæ г дæ р тынг сæ рæ н у... Зæ ронд лæ г бæ ласы цъупмæ скаст, кæ д, мыййаг, мæ ргътæ м гæ ды сбырыд, зæ гъгæ, сæ фæ дисы цъыбар-цъыбур ын йæ хъуыдытæ фескъуыдта.

Налыхъæ н йæ бæ зджын рихитыл халас фæ хæ цыд. Хъæ убæ сты нымад у ацы хиуылхæ цгæ бæ зæ рхыг зæ ронд лæ г. Иу сæ рмагонд миниуæ г æ м ахæ м уыдис — дзидза æ мæ айк нæ хордта. Йæ хистæ р фыртты мад куы фæ зиан, уæ д дыккаг усимæ дзæ вгар фæ зындæ р йæ цард. Йæ хъустыл ауад автомобилы уынæ р. Базыдта, йæ фырт Тамби æ рцæ уы: ацы хъæ уы уый хæ дзары дуармæ æ рфистæ г вæ ййы машинæ. Ныхъхъуыста. Цыма уыдон дæ р хъусгæ кодтой, уыйау йæ къухтæ æ д мигæ нинаг æ рæ нцадысты йæ уæ раджы сæ ртыл. Иу уысмы фæ стæ та базмæ лыдысты, йæ сæ р фæ хъил кодта, цæ й æ рæ гмæ хæ ццæ кæ ны? Æ ниу, кæ д æ рцæ уы æ нæ къуылымпыйæ. Кæ нæ йæ исчи бахоны, кæ нæ та машинæ æ нæ мæ нг искæ й бахъæ уы. Йæ мады зæ рдæ йы конд мæ рдтæ м нæ ауагъта, уый дæ р ахæ м лæ ггадгæ наг уыди. Машинæ йы хъæ р хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р хъуысын райдыдта æ мæ æ ппынфæ стаг хæ рз хæ стæ г бамыр. Æ хсæ р уисæ й быд кулдуары сæ рты акаст Налыхъ æ мæ ауыдта кæ рдæ гхуыз хæ дтулгæ. Фæ раст йæ размæ.

Кæ ртмæ бацыдысты Тамби æ мæ йæ бинойнаг Залихан.

— Баба! — мыдхуызхил хæ рзконд бæ зæ рхыг лæ ппулæ г йæ хъæ бысы акодта йæ фыды. — Куыд стут?

Йæ егъау игæ рхуыз цæ стытæ æ дзухдæ р уыдысты фæ ллад æ мæ сагъæ схуыз. Залихан — авд æ мæ ссæ дзаздзыд, тымбылдзæ сгом сылгоймаг æ фсæ рмхуызæ й лæ ууыди.

— Æ гас цæ ут, æ гас, — бацин кодта Налыхъ. — Нæ хæ дзаргæ с цæ хæ радоны ис. Сывæ ллæ тты цæ уылнæ æ рбаластат? Куыд сты бабайы хуртæ?

— Нæ фысымтæ м сæ ныууагътам. Уыдонæ н ницы у, фæ лæ уæ хæ дæ г куыд стут?

— Йучысыл-ма мæ цуры абад. Сымах мын дзæ бæ х, æ нæ низ куы уат, уæ д мах, зæ рæ дтæ дæ р дзæ бæ х уыдзыстæ м.

Цæ хæ радонæ й, йæ къухтæ йæ куатæ йыл сæ рфгæ, рацыд Тамбийы фыдыус Фаризæ т. Тамби фестад.

— Мæ нæ нæ м цы зынаргъ уазджытæ æ рбалæ ууыд сæ умæ райсом! — Фаризæ т хъæ быстæ кæ ны Тамби æ мæ Залиханæ н. — Знон бон-сауизæ рмæ, абон райсомсарæ й мæ мæ фындзы рагь хордта. — Сбадт фыд æ мæ фырты æ хсæ н, раздæ хт йæ лæ гмæ. — Æ ццæ й, нæ лæ г?! Нæ дын загътон, уазæ г нæ м цæ удзæ н, зæ гъгæ?

— Мах цæ й уазджытæ стæ м... — загъта фырт.

Залихан кæ рты уæ лдай рог дзаумæ ттæ æ фснайынмæ фæ ци.

— Мæ къонайыл, — фæ гæ пп кодта æ фсин, чындзы цонгыл фæ хæ цыд. — Мацæ мæ æ внал, фæ рисдзынæ. Ацу мидæ мæ. Исты хæ ринаг арæ вдз кæ н, мæ хур.

Хæ дзары йæ фæ мидæ г кодта æ мæ та йæ бынаты абадт.

— Бадынмæ дæ æ вдæ лы? — бафарста фыд.

— Стæ -ма, куыстытæ н кæ рон нæ й. Мæ нæ диссæ гтæ? Мæ нæ мын цæ й æ хсызгон у уæ фенд!

— Гæ ркъæ раг та куы басгуыхтæ. Дзырды бар ма искæ мæ н дæ ттыс гъер?

— Цæ й æ рæ гмæ цыдтæ? — йæ сæ рыхицауы уайдзæ фмæ Фаризæ т йæ хъус не ’рдардта.

— Ныртæ ккæ уалдзыгон куыстытæ сæ тæ ккæ цыреныл сты. Нæ къухтæ м æ мхасæ нтæ агурæ м.

Æ з æ й уайтагъддæ р зыдтон, кæ й фæ зындаис, уый. Цæ виттоны хъуыддагæ й, мæ н мæ фындзы къоппа схордта, зæ гъгæ, уæ д мæ чырыны куы нывæ рай, чырыны, уæ ддæ р фæ мæ нг уæ вæ н нæ й. О, о! — йæ ныхас ныффидар кодта ус.

Тамби бахудт. Фестад æ мæ, кæ рты каурæ бын цы тæ скъ биинаг уыди, уымæ æ ргуыбыр кодта, æ рдæ бонсарæ й дæ р æ м йæ зæ рдæ æ хсайдта æ мæ ныр, йæ къухты сæ рæ н архайды фæ ткмæ гæ сгæ, æ хсæ ры уистæ кæ рæ дзийы æ хсойгæ æ мзилахар систой. Къухтæ куыд тагъддæ р змæ лыдысты, тæ счъы быды тæ лм зæ ххæ й цас бæ рзонддæ р йæ хи иста, уыйас уистæ цыбырдæ р кæ й кодтой, ууыл мæ стæ лгъæ дæ й ноджы рæ вдздæ р тæ лфыдысты сæ кæ рæ ттæ.

— Цавæ р чырыны кой кæ ныс? — йæ кæ рддзæ мимæ архайгæ йæ бафарста лæ г усы, — дæ хи пысылмон куы хоныс, уæ д?

— Мæ гуыры сау бонтæ, — тыхстæ й бауад Фаризæ т Тамбимæ, — цытæ дзуры дæ фыд? — фездæ хт фæ стæ мæ, мæ стыйæ абадт йæ бынаты. — Адон мæ хъармæ й сау сыджыты атъысдзысты мутакатыхтæ й!

— Ма тæ рс, Фаризæ т, — бахудт Тамби. — Фондзыссæ дз азы нын фæ цæ р дзæ бæ хæ й. Гъе стæ й дын æ з сыгъдæ г сызгъæ рин чырын скæ ндзынæ н!

— Æ рсызгъæ рин ын кæ ндзыстæ м, — стырзæ рдæ йæ загъта зæ ронд лæ г. — Ацу, аходæ н исты фен.

Фаризæ т хæ дзармæ бахъæ р кодта:

— Чындз, уæ чындз!

Залихан ракаст:

— Мæ уды гага, мæ бæ сты фынг авæ р. Дæ разы скъаппы — цыхт, кæ рдзын... Охх! — йæ синтыл фæ хæ цыд йæ дыууæ къухæ й.

— Цыдæ р нæ фæ разгæ дæ? Исты дæ риссы? — афарста Тамби йæ фыдыусы.

— Мæ дыууæ фарсæ й мæ лгæ кæ нын. Охх!..

— Фæ рстæ дæ р дын цы кæ ной? Æ фсæ йнаг сты, мыййаг, — хъазгæ йæ загъта зæ ронд лæ г. — Изæ рæ й карк æ фтуанхъæ дмæ нæ ма бахизы, уæ д схуыссы æ мæ...

— Де ’гæ рыл! Цытæ дзурыс, цы? Кæ ркуасæ нтæ й раздæ р мæ сæ р нывæ рзæ ныл куы нæ æ рæ вæ рын. Гъе стæ й фехъал вæ ййын æ мæ æ хсæ в-бонмæ... — йæ сæ р бахоста, — мæ сæ ры цынæ хъуыды аленк кæ ндзæ н!.. Цæ стытыл хуыссæ джы цъыртт нал æ рхæ цы. Цынæ мæ фæ риссы, цынæ...

— О, о. Дæ «фыртыхстæ й» æ хсæ в-бонмæ дæ цæ стæ й дæ р нæ ракæ сыс. Диссаг мæ м уый кæ сы, æ мæ афтæ куы фæ зæ гъыс, хуыссæ г мæ нæ ахсы, зæ гъгæ, афтæ мæ й та дæ фын дзурын куы райдайыс... Æ стæ мæ й йæ астмæ дзырд нæ фæ вæ ййыс! — бакаст Налыхъ йæ фыртмæ.

Иууылдæ р ныххудтысты.

— О, цæ й, нæ лæ г, ныууадз-ма! Æ з æ нæ уый дæ р афтæ уарзын: изæ рæ й раджы бахуысс, райсомæ й та сæ ударæ й фæ гæ пп кæ н.

Тамби йæ мидбылты бахудт.

— Уыдон иууылдæ р хорз, фæ лæ истæ мæ й тыхсут?

— Дæ цæ рæ нбон бирæ, лæ ппу. Дæ руаджы мах ницы хъуаг стæ м.

Фырт фефсæ рмы:

— Цытæ дзурыс, баба...

— Æ нæ исты хъуаг та кæ м и ирон хæ дзар! Фæ лæ, Хуыцауæ й разы, къæ бæ ргур никæ мæ ацæ удзыстæ м, — йæ ныхасмæ йын афтыдта йæ ус.

Зæ ронд лæ г рамæ сты:

— Цæ мæ н зæ гъыс афтæ? Мæ фырт дæ м куы нæ хæ ссид, уæ д дæ фениккой кæ стæ ртæ.

Ус йæ къухтæ сцагъта:

— О, о! Дæ цотæ й — разы! О! Ныууадз мæ! Фæ лæ зон, Хуыцау куы нæ уаид, уæ д дæ фырт дæ р нæ уаид, æ мæ йæ фæ ллой дæ р...

— Уæ дæ ацу æ мæ дæ гуыбын хæ рдмæ дар, кæ ддæ ра дын Хуыцау цы æ рæ ппарид дæ дзыхмæ?!

Фырт бамбæ рста йæ фыды хъынцъым:

— Баба, уый æ цæ г куы смæ сты дæ?

— Ахæ м зындарæ н сси зæ рондырдæ м, æ мæ диссаг. Къæ рта бадарæ н æ м нал ис.

Налыхъ нæ саст:

— Нæ -гъа, нæ! Дæ хæ дæ г куы уыныс, хæ дзар йæ уæ хсчытыл æ нцайы. Ныр æ ртæ азы лæ ппутæ æ фсады сты. Йæ уæ лæ хæ дон-хæ лаф не скæ ндзæ н, йæ бæ рæ гбоны нæ баулæ фдзæ н. Уынджы рæ нхъыл хæ дзар лæ ппуйы фæ ллойæ дарæ м æ мæ, дам, «Хуыцауæ й разы»!

— Баба, уыдон ницы сты, — æ фсæ рмхуызæ й бакодта фырт.

— О, цыма чысыл саби дæ, уый æ ппæ лдтытæ дæ райдайы, кæ м æ рлæ ууа, уым.

— Цы у, уый зæ гъын.

— Дæ хорзæ хæ й, нæ лæ г, мæ нæ йæ хæ дзармæ ласы йæ фæ ллой, уый цы диссаг у! Уæ дæ сæ искæ й хæ дзармæ ласа?

Тамби кæ ртыл йæ цæ стæ нгас ахаста:

— Хæ дæ гай, цæ хæ радоны хуымгонд та куыд рауад? Уыцы бон æ хсæ в-бонмæ похци ластам картофы быдыртæ.

— Бæ хтæ й хуымгонд кæ м æ ййафы, фæ лæ уый дæ р хорз у. Æ ппын нæ йæ — чызг хуыздæ р...

Фаризæ т йæ мидбынаты мæ сты змæ лд бакодта:

— Куыд «хуыздæ р»?! Афæ лдæ хта йæ, хæ хтæ -къæ дзæ хтæ йæ акодта. Ныр æ й æ ртæ боны къæ пийæ хойын æ мæ хойын! — кæ уæ гау скодта. — Мæ фæ рстæ й мæ уæ дæ сулæ фæ н цæ уылнæ уал ис? Уастæ н, мæ тæ ригъæ дæ й йæ къонайыл ма сæ мбæ лæ д! Уый йын мæ арфæ!

Тамбийæ н цыма йæ фарс фæ рæ хуыстæ уыд:

— Тобæ, тобæ!..

— Уыцы æ рыгон трактористæ н кæ й «кувы», уыдон уирагдурыл нæ, фæ лæ æ нусон къæ дзæ хыл куы æ рцæ уиккой, уæ д чъыр фестид, чъыр! — йæ худыл бæ рзонддæ р схæ цыд Налыхъ. — Хæ рзгæ нæ г хорз никуы ссары, никуы...

Тамби аджих. Зæ рæ дты ныхас нал хъуыста. Ныр йæ хæ дæ г хæ дзарыдзаг бинонтæ у; цыппæ рæ м сывæ ллонмæ æ нхъæ лмæ кæ сы йæ бинойнаг, афтæ мæ й йын нырма хи къæ с нæ й. Фарон Чырыстонхъæ уы балхæ дта хæ дзар. Уый фæ дыл сæ къона туджы разылд. Фаризæ т ныллæ бурдта уæ йгæ нджытæ м, æ хцайы капеччытæ байста. Æ ппæ т сыхыл уым йæ хъæ р хъуысти: «Мæ хæ дзар мын цæ мæ н халут? Уымæ н галуантæ куы ис». Уымæ й раст загъта. Ацы хæ дзар аразгæ йæ бирæ тухи фæ кодтой. Иу хатт ма йæ дон дæ р, хъайвантæ хъæ дæ й æ фтауцгæ нгæ йæ, фæ цæ йласта. Тамби йæ къæ хтыбынæ й ныууынæ ргъыдта, йæ хъуыды дарддæ р нал фæ ци...

— Лæ ппу, скæ с-ма бæ ласмæ, цъиутæ цæ уыл фæ дис кæ нынц?

— Æ з дæ р сæ м мæ хъус раджы æ рдардтон.

— Æ вæ ццæ гæ н, сæ цæ ст калмыл æ рхæ цыд.

Тамби бафиппайдта, Фаризæ т семæ кæ й нал ис, уый. Тæ скъ бийыныл та балæ ууыд. Бæ ргæ æ мбары йæ фыдыусы зондахаст, фæ лæ йыл йæ уæ здандзинад фæ уæ лахиз вæ ййы. Йæ цæ стытыл ауад, йе ’фсымæ р Чертыбийы æ д бинонтæ куыд ратæ р-батæ р кодта иу уатæ й иннæ мæ.

Иу хатт дыууæ къуырийы æ мгъуыдæ й æ рвыст уыдис Мæ здæ гмæ, Воронцовкæ йы хъæ уы МТС-мæ. Хъуыддаджы фæ дыл рараст Салыгæ рдæ ны МТС-мæ æ мæ сæ химæ куыд нæ фездæ хтаид?! Афтæ мæ й сын сæ бызгъуыртæ тыргъты астæ у æ рбаййæ фта. Уæ ллаг уатæ й дзыгъалмыгъулгæ нгæ кæ рæ дзийы сæ рты тахтысты къустæ, уидгуытæ... Йæ къæ хты бынмæ, Балсæ джы цалхау, ратылди егъау цугун... Уатæ й фыдыусы хъæ р хъуысти: «Æ гъе, æ -гъа, гъе! ». Ныр дæ р ма йæ хъусты зæ лы.

Цы хабар у, уымæ й куы бафарста, уæ д æ фсымæ р æ мæ чындз ницы сдзырдтой æ мæ уæ д уатмæ фæ раст. Дуаргæ рон хæ рхæ мбæ лд фесты фыдыусимæ. Уый, цыма ныртæ ккæ нæ, фæ лæ йæ цæ рæ нбонты дæ р никуы смæ сты, афтæ ныццин кодта:

— Нæ бæ лццон куы схæ ццæ! — Мæ нæ диссæ гтæ, мæ нæ!

Чындзмæ, Олгæ мæ, рухсцæ сгомæ й фæ зылд:

— Чындз, мæ дыууæ цæ сты, афснай!..

Тамбимæ фездæ хт. — Мидæ мæ рацу! Адон... — ацамыдта пысултæ м. — Мæ нæ чындз чъырæ й цæ гъдынмæ хъавы.

Æ фсымæ ртæ Фаризæ тыл ахуыр уыдысты, фæ лæ йын йæ цурон митæ м чындз сагъдауæ й баззад...

Тамби хуыссæ нтæ йæ хъæ бысы фелвæ ста æ мæ дæ ллаг уаты фгсмидæ г. Чындз дæ р æ фсæ рмытæ кæ нгæ, йæ цæ ссыг йæ куатæ йæ сæ рфгæ, бацыд йæ фæ дыл. Уайсадгæ йæ м куы нæ кæ нид, уæ д ын йæ мæ стытæ бæ ргæ радзырдтаид! Уæ вгæ, бæ рзонд тиу (уæ д-иу чындзытæ хистæ р тиуы афтæ хуыдтой) æ мбары уавæ р. Бирæ хатт фæ зæ гъы ныфсджынæ й: «Барут ын, нæ фыды номыл цæ ры нæ мыггаджы æ хсæ н. Додой мын уæ сæ р кæ ны, æ рцæ уæ ггæ гтæ, искуы нæ хæ дзарæ й хъаугъайы стыф куы райхъуыса, уæ д. Барут, мах ын куыд барæ м, афтæ. Уый, мæ хуртæ, йæ иу комыкъулы зынг дары, иннæ йы та — дон. Бамбæ рстат?! »

Чертыби уатмæ куы бахызт, уæ д уый дæ р æ рсабыр кодта Тамби. Бауынаффæ кодтой æ мæ Чертыбийæ н балхæ дтой хъæ мпæ й æ мбæ рзт чысыл хæ дзар. Йæ хъæ мп ын бæ ргæ раивта Тамби, фæ лæ куыдтæ цæ рдзæ н йе ’фсымæ р дарддæ р?.. Тамби цырд фестад. Дард кæ дæ мдæ р тарæ рфыгæ й акаст:

«Цы хабар у? Æ фсымæ ртæ й иу зынæ г куы нæ ис? Æ ртæ йæ — иу... » Йæ сæ рмæ фæ лæ бурдта.

— Цы кæ ныс, цы?! — сдзырдта фыд.

— Ницы, — æ ргуыбыр та кодта йæ биинаг тæ скъмæ.

Фаризæ т рахаста æ ртыкъахыг фынг: цыхт, царв, кæ рдзын, дысоны уæ ливых, бæ гæ ныйы графин, агуывзæ тæ, цæ хх.

— Исты ахæ рут, — йæ хæ дæ г цæ хæ радонмæ ацыд.

Тамби ма йæ хъуыдыты ахæ сты уыди æ мæ уыцы уæ ззау къахдзæ фтæ й бацыд сæ рдыгон цæ лгæ нæ нмæ йæ къухтæ æ хсынмæ. Фынджы цур бадт, афтæ Фаризæ т æ рбаздæ хт хъæ дындзы сыфтимæ. Æ рбадт Тамбийы раз.

Фæ йнæ бæ гæ ныйы куы анызтой æ мæ лæ ппу иучысыл куы акомдзаг кодта, уæ д та Фаризæ т, йæ синтæ м февналгæ йæ, ныхъхъæ рзыдта:

— Охх, мæ тæ ригъæ дæ й...

Трактор кæ й æ рбарвыста, уыцы маст нæ ма систа Тамбийæ, фæ лæ йын йæ ныхас ацахста Налыхъ:

— Ма дзур, не ’фсин. Уый дæ р хорз у! Ныр ма бирæ тæ н сæ хуым конд дæ р нæ ма у.

— Цæ й хорз у?! Дæ хорзæ хæ й, цæ мæ й хорз у?! — фæ къæ ртт йæ лæ гмæ. — Дæ уæ н цы у? Бон-сауизæ рмæ хураууон, сатæ джы бадыс. Æ з та игæ рхæ лд фæ дæ н хæ хтæ æ мæ къæ дзæ хтæ хойынæ й. — Фездæ хт, Тамбимæ. — Иннæ азты нын æ й равзаргæ бæ хтæ й куы бахуым кæ ныс. Ацы аз нын æ й цæ мæ н бабын кодтай дæ æ нæ байрайгæ йы тракторæ й?! Ноджы ма æ рбарвыстай цавæ рдæ р къулбадæ джы, дæ хæ дæ г не ’рбацыдтæ, фæ лæ. Фесæ фта цæ хæ радон, — амоны йæ къухтæ й. — Йæ бур æ лыг ын фæ уæ ле кодта, йæ саумæ р та — фæ дæ ле...

— Ныхъхъус у! — фæ мæ сты зæ ронд, фестад æ мæ цæ лгæ нæ нмæ бацыд.

Фæ лæ Фаризæ ты загъд Тамбимæ нал хъуысти. Аныгъуылди йæ хъуыдыты. Не ’мбары фыдыус, куыд зынæ й сын самал кæ ны бæ х дæ р æ мæ трактор дæ р. Налыхъ фæ стæ мæ, йæ къухы æ рттиваг рæ хыс, афтæ мæ й фездæ хт. Æ рбадт йæ бадæ ны. Йæ ног кæ рддзæ мыл лыстæ г æ взист рæ хыс æ фтауын райдыдта. Фырт йæ фыдæ й фæ ныфсджын:

— Фаризæ т, бахатыр кæ н. Уыцы трактор дæ р мæ къухы хæ рз зынтæ й бафтыд. Ды куыд æ нхъæ л дæ, афтæ нæ у! Æ з уыцы трактор æ хсæ вты дыууæ къуырийы фæ цалцæ г кодтон. Æ ппынфæ стаг, мæ фыды бæ хтæ æ мæ трактортæ не сты!

Афтæ карз æ м кæ й фæ лæ ууыди, уый фыдыусæ н фæ хъыг, йæ лыстæ г сау цæ стытæ сдзагъултæ сты. Йе стæ гдар къухты æ нгуылдзтæ кæ рæ дзийы саггæ мтты ауадысты.

— Диссæ гтæ! Диссæ гтæ, мæ мард фыдыстæ н! — фестад, бауад Тамбимæ. — Уæ дæ ма дзы æ ндзылер та гуыбыннизæ н дæ, и? — фæ стæ мæ абадт йæ бадæ ны, къухтæ й куы иу фæ хъил кæ ны, куы — иннæ. — Мæ фырт æ нæ хъæ н районы хицæ утты хицау у! Афтæ мæ й та йæ зæ ронд мад æ мæ фыды цæ хæ радон бахуым кæ нынмæ бæ хтæ самал кæ нын йæ бон нæ баци! Уæ д ды цæ й хицæ утты хицау дæ, и?

— Æ з цæ й хицау дæ н? Ноджы... Хицæ утты хицау, — мæ стæ лгъæ д худт ныккодта Тамби.

— Цæ мæ й зонын? Мæ нæ дæ дæ фыд афтæ хоны, — былысчъилæ й загъта ус. — Кæ д трактор дæ р зынтæ й дæ къухы бафтыд, уæ д дæ зæ рды цы уыди? Нæ зæ ронд къæ хтæ й нын белæ й къахын кодтай? Нæ фæ лæ цæ й мæ гуыр у фыдыус, — ныххоста йæ риу. — Æ з тынг фыдæ бæ ттæ й бахъомыл кодтон мæ лæ ппуты. Зымæ гон даргъ æ хсæ в-иу мыл æ мпъузгæ æ мæ дзабыр хуыйгæ йæ æ рбарухс. Сæ рдыгон даргъ боны куыстытæ й мæ астæ у никуы сраст кодтон: хъазтмæ -иу куы бацыдысты мæ лæ ппутæ, уæ д-иу кафæ гмæ ничиуал касти, фæ лæ -иу стырæ й-чысылæ й сæ цæ стытæ уыдоныл æ рæ вæ рдтой. Сæ иуæ й се ’ннæ хæ рзконддæ р. — Ныккуыдта. — Фæ лæ уæ ддæ р фыдыус — мæ ном.

Налыхъ сæ рыстырæ й загъта:

— Мæ фырттæ н сæ гуырдз хæ дæ фсарм æ мæ хæ рзконд у. Дæ хицæ й бузныг сæ ма у.

Тамби бауад Фаризæ тмæ. Æ рбадт йæ фарсмæ. Рæ вдаугæ ныхасæ й загъта:

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? Мах дæ у никуы ферох кæ ндзыстæ м.

Фаризæ т бацыд хæ дзармæ.

Тамбийы та йæ хъуыдытæ ахастой. Йæ фыдыусыл лæ мбынæ г æ рсагъæ стæ кæ ны. Йæ цæ стытыл ауад, сæ мады амарды фæ стæ сæ м иу изæ р цалдæ р лæ джы æ мæ усы куыд æ рбахуыдтой чындз. Саулагъз бæ рзонд фыдхуыз сылгоймаджы. Йæ тæ нæ г цæ сгомыл йæ цæ стытæ дыууæ сау лыстæ г нæ мыгау разгъор-базгъор кодтой. Йæ тæ нæ г былтæ й хъуызгæ худт кодта. Йæ лыстæ г æ нгуылдзтæ -иу куы сæ иуы пехцел сæ рыхъуынтыл æ рхаста, куы сæ иннæ йы.

Тамбимæ куы бацыд, уæ д загъта: «Мæ нæ цы богал лæ ппу ис», — æ мæ йæ уазал æ нгуылдзтæ йæ дæ ллагхъуыр абырыдысты. Ныр дæ р ма ныккæ рзы, раст цыма калм амбæ лд йæ буарыл, афтæ йæ м фæ каст. Чи зоны, æ мæ сидзæ рты хистæ р кæ й уыд, уымæ гæ сгæ йæ зæ рдыл хуыздæ р лæ ууыдысты йæ ныййарæ джы хъарм къухтæ. Фыдыусæ й кæ стæ рты хъахъхъæ нгæ йæ йæ буар уыцы саутæ й бирæ фæ хаста. Уыдоны нады хай дæ р æ мæ йæ хи нады хай дæ р фæ рæ зтой йæ фæ рстæ. Фаризæ т-иу се ’ппæ ты дæ р ратардта хæ дзарæ й æ мæ сыл-иу сæ рдыгон каурæ бын дæ р æ рбон, фæ лæ зымæ гон... Скъæ ты-иу хъуджы æ гъдтæ м сæ хи нылхъывтой æ ртæ лæ ппуйы. Радыгай хъуджы фæ здоныл сæ къухтæ хъарм кодтой, дзæ ргъы алыварс хъыбылтæ куыд æ ртымбыл уой, афтæ.

Тамби йæ фыды ныхасмæ фестъæ лфыд.

— Лæ ппу, фæ уадз уал дæ куыст, фынг рох ныууагътам æ мæ фæ тæ ргай уыдзæ н. Уыцы ус, дæ фынг фæ рæ вдздæ р кæ н.

— Мæ хыссæ цæ ттæ йыл у, — хъæ лдзæ гæ й загъта Фаризæ т.

Куыддæ р фынгмæ æ рæ внæ лдта Налыхъ, афтæ чидæ р дуар бахоста æ мæ бахызт сыхаг Арыпханты лæ ппу Хъамбол. Тамби йыл бацин кодта.

— Адзæ дзеты чындз, дам, рынчын у æ мæ, дам, æ й рынчындонмæ куы ныддавис, зæ гъгæ, загътой. — Лæ ппу лæ флæ фгæ нгæ бамбарын кодта йæ цыды сæ р, уæ дмæ кæ ртмæ æ рбахызт сыхаг лæ г Габе дæ р.

— Минæ вар дæ н, Налыхъ, ахсæ в сиахсы цыд кæ ны мæ каис æ мæ дæ фырты агурынц æ д машинæ.

— Фæ лæ уу, мæ нæ уал иу æ нæ вдæ лон хъуыддаг бакæ нæ м. — Йæ хъусы йын цыдæ р бадзырдта Тамби.

— О, о, Хуыцау æ й фæ рæ стмæ кæ нæ д!

Тамби фæ тагъд кодта. Габе абадт Налыхъы раз, систа дзаг нуазæ н æ мæ Адзæ дзеты мыггагыл сахъгуырд куыд бафта, афтæ скуывта Хуыцаумæ. Дыккаг сидт йæ хъаруйы нæ ма бацыд, афтæ та кулдуар æ рбахостæ уыд. Фаризæ т акаст дзурæ гмæ.

— Бæ цойтæ сæ ноггуырдæ н номæ вæ рды куывд кæ нынц æ мæ нæ хонынц. Тамби, дам, æ нæ рацæ угæ ма фæ уæ д.

— Гъе, афтæ, æ ппын хæ дзары нæ сабыр кæ ны, — загъта Налыхъ.

— Хуыцауардыстæ н, Налыхъ, хатырæ й мын уæ д, зоныс æ й, афтæ мæ нæ ныр нæ хæ дæ г стæ м, æ ндæ р æ з демæ æ мвынг нæ ма æ рбадтæ н...

— Æ ниу нæ лæ ппу...

— Дæ лæ ппу дæ р афтæ.

— Гъе уымæ й раст зæ гъыс, — йæ рихи асхъаудта Налыхъ, — фынджы бæ рзондæ й рафæ лгæ сын мæ уарзон сыхагæ н хъус радæ ттыны охыл, æ мæ дыл кæ стæ ртимæ нæ ма æ рхæ цыд мæ цæ ст.

— Нæ кад, не ’гъдау, нæ намыс уæ лахиз уæ нт, — загъта Габе. — Хатырæ й уæ д, бæ ркады кой скæ нын афон у, Налыхъ.

— Иу чысыл ма абад.

Бæ ркад куыддæ р зæ гътой, афтæ автомобилы хъæ р ссыди æ мæ сæ размæ бамыр.

— Лæ ппу! — хъæ лдзæ гæ й базгъордта Тамби. — Лæ ппу...

Дыууæ лæ джы фестадысты. Лæ угæ йæ Адзæ дзеты гуырды фæ дыл сидт рауагътой.

Габе йæ тæ ккæ бынтæ й анызта йæ нуазæ н.

— Тамби, хæ рзæ ггурæ ггаг базгъорин, фынджы æ гъдау мæ куы нæ æ рцахстаид, уæ д.

— Махæ й сæ рæ ндæ р гуырдтæ ис ацы хъæ уы. Машинæ йы гуыффæ «Бæ тæ йы фырттæ й» йедзаг уыди, — мидбылты худти Тамби.

Къæ сæ р ма загътой æ мæ Габе, къуылыхнозтджынæ й Тамбийы сæ химæ хонгæ, ахызт уынгмæ.

— Хуыцауардыстæ н, ды абон мæ хæ дзары куы нæ сæ мбæ лай, — дзургæ дæ р дæ м нал скæ ндзынæ н.

Тынг æ нæ вдæ лон кæ й у, уый йын бамбарын кодта.

— Уæ ддæ р дын сиахсимæ æ нæ цæ угæ нæ й ахсæ в...

Тамби кæ ртмæ куы баздæ хт, уæ д йæ фыды уым нал баййæ фта, фæ лæ Залихан йæ размæ рауад.

— Цæ уын афон нæ ма у? Чумæ дан дæ р æ мæ машинæ дæ р равдæ лон кæ нын хъæ уы.

— Афон у, — сразы лæ г, — йæ хæ дæ г ног тæ скъ зæ ххæ й систа æ мæ йæ зæ рдæ рухсæ й цалдæ р хатты хæ рдмæ фехста. Уæ лдæ фы йæ рацахста æ мæ йæ, чи фæ нæ мыг, уыцы чылауи бæ ласы бын кауы михыл æ рсагъта.

Залихан йæ мидбылты бахудт æ мæ фæ раст уатмæ.

Лæ вæ рттæ

Тамби чумæ данимæ куы схызт тыргътæ м æ мæ йæ фыды дæ лфæ дтæ м куы æ рбадт, уæ д Фаризæ т цымыдисæ й ныккаст чумæ данмæ. Бандоныл абадгæ йæ:

— Уым та цы ис?

— Фæ рсæ джы цæ ст, — дзуапмæ фæ рæ вдз Налыхъ.

— Æ ри-ма йæ мæ нмæ, — йæ хъæ бысмæ ацамыдта Фаризæ т.

— Гъе та цом мидæ мæ, уатмæ... — йæ фыдыусы кæ рæ ф æ нгасмæ та ацы хатт дæ р Тамби джихæ й аззади.

— Цæ мæ н уатмæ? — йæ хи баккуырста къулрæ бынмæ зæ ронд лæ г. — Мæ нæ йæ ам æ рæ вæ р...

Фаризæ т хæ стæ г бабадт чумæ данмæ, дзаумæ ттæ исын райдыдта.

— И, нæ лæ г, мæ нæ дын цы бухайраг худ!.. — лыстæ г æ м æ ркаст. — Дæ уæ н бирæ худтæ ис. — Йæ хъæ бысы йæ авæ рдта. — Æ фцæ ггот дзы скæ ндзынæ н мæ ног пъалтойæ н...

Тамби царди æ мæ куыста Цыколайы МТС-ы сæ йраг инженерæ й. Йæ мызд, йæ фæ ллой, йæ хор цыдысты йæ фыды къонамæ. Залихан иу æ мæ дыууæ хатты нæ бакой кæ ны йæ мойæ н: «Царды цы нæ вæ ййы, уæ д иу хуызæ нæ н дзаума нæ хæ дзары нæ й. Иу сау капекк — фæ свæ д». Бирæ æ мбаргæ фæ ндтæ ма йын зæ гъынмæ фæ хъавы, фæ лæ йæ м йæ фæ лмæ н, зæ рдæ хæ лар лæ г йæ хъус никуы æ рдары. Куы нæ æ мæ йæ куы нæ уал фæ уадзы галбындзау, уæ д ын йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ ны, хи мадау æ й кæ й рæ вдауы Фаризæ т, уый. Уæ д ын ус дæ р æ рымысы, иннæ чындзæ н та куыд у, уый. «Æ нхъæ лыс, æ мæ Олгæ мæ нæ й æ взæ рдæ р у? — йæ сæ р батилы ныфсвидарæ й. — Нæ у! Фæ лæ мæ нæ н хорз дæ умæ гæ сгæ у. Дæ гуццамæ дын кæ сы. Олгæ йы лæ гæ й та цы райса, уый нæ й. Куыд мæ нгард сылгоймаг у, уый æ з раджы бамбæ рстон. Мæ зæ рды фæ ндон дын фæ зæ гъын. Дарддæ р та дæ цы фæ нды, уый кæ н».

— Ай та цы у?! Замманай тæ бын. Æ з игæ рхуыз тæ бын къаба уарзын, — йæ цæ стытæ та ферттывтой фыдыусæ н.

— Уый бабайæ н куырæ ттаг, — уæ збын дзуапп радта Тамби, йæ фыдыусмæ æ дзынæ г кæ сгæ. Цыма исты бæ гънæ г у, йæ бинойнагæ й йыл дæ с хатты фылдæ р куы ис... Дæ с хатты... Æ мæ йыл уæ вгæ та цы ис, куыдз дзы цы ратона, уый... Цæ й, иннæ мыздæ й йын исты хорз дарæ с балхæ ндзынæ н...

— Ай та кæ мæ н? Дыууæ къабайаджы куы сты?

— Сæ иу Олгæ йæ н, иннæ та Ирæ йæ н.

— Ирæ йы нæ хъæ уы, уый нырма гыццыл чызг у. Олгæ йæ н та æ ппындæ р нæ хъæ уы. Мæ хицæ н сæ хорз къаба æ мæ хорз кофтæ скæ ндзынæ н.

Цастæ йæ хъæ уы уагæ ры? Ирæ Фаризæ ты дыууадæ саздзыд чызг у, нырма къаннæ г у, фæ лæ рæ сугъд дарæ с чи нæ уарзы? Йæ лæ ппу Батырæ н та йын балхæ дта хæ лаф æ мæ хæ дон. А сæ рды йæ ногдзауты лагермæ арвитын йæ зæ рды ис.

— Ай та кæ мæ н у? — йæ дзæ бæ х хъуыдыйы таг ын фескъуыдта йæ фыдыус.

— Бабайæ н хæ лайфаг...

— Иунæ г хæ лаф дæ р нæ æ мæ дыууæ дæ р. Мæ нæ н — костюмаг, мæ хицæ н дæ ллаггуыйраг, уый дæ р — мæ нæ н...

— Уый дын диссæ гтæ! — æ рдæ бонсарæ й йæ м йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с цыди, ныр æ м фæ къæ ртт Налыхъ. «Мæ нæ н, мæ нæ н»-æ й æ ппæ т бинонты лæ вæ рттæ йæ хърихъуппы дæ ргъæ н хъуыры йæ роцъойы онг нæ самадта? — Йæ урс рихийы кæ рæ ттæ базмæ лыдысты зæ рватыччы базыртау.

— Мæ нæ н, уæ дæ кæ мæ н?!

— Мæ тæ й мæ лыс. Чындзы куы цыдтæ, уæ д дæ р дын ахæ м дарæ стæ нæ уыди.

— Уæ д мын кæ й нæ уыд, уый æ гъгъæ д нæ у?

— Мæ лæ вæ рттæ ма мын æ нцад уадз.

— Дæ уæ н æ вгъау сты! Чи дын ис, уыдон дæ р нал батондзынæ.

Раст зæ гъы уымæ й Фаризæ т. Фæ стаг рæ стæ г Налыхъыл ноджы тынгдæ р фæ зындысты йæ азтæ. Тамби аджих...

— Æ гас цу, Тамби.

Тамби фестъæ лфæ гау кодта — сæ тыргъы сыхаг устытæ Дуне æ мæ Любæ куыд балæ ууыдысты, уый нæ бафиппайдта.

Дуне — къæ схуыртæ рæ стæ мбис сылгоймаг. Йæ аив фыдхуыз цæ сгомыл хорз фидыдта йæ цыргъ фындз. Фондз сывæ ллоны мад. Любæ йæ н — дыууæ чызджы. Рæ сугъд сылгоймаг. Хъæ убæ стæ н, куыд фæ зæ гъынц, йæ иу къух фынгæ н дары, иннæ та — цырагъау. Уæ вгæ, кæ рдзын дæ ттынмæ Хъарман-Сындзыхъæ уы сылгоймæ гты ничи амбулдзæ н.

— Мæ нæ цы дзæ бæ х уазджытæ ис! — Тамби сын, цингæ нгæ бандæ ттæ авæ рдта.

— Цы æ мбæ хсыс, цы? — хъазæ гау афарста Дуне Фаризæ ты.

— Нард уарай! — мæ стæ й йæ мардта Любæ дæ р. — Цыдæ ртæ та дын æ рбаластой, и?

— Иу чысыл цыдæ р муртæ... — æ нæ бары бахъуыр-хъуыр кодта Фаризæ т. Йæ хинымæ р та сæ ралгъыста: «Ме ’нæ уынон фæ ут. Кæ д уæ м æ нæ саргъ бæ хыл хонæ г нæ арвыстон». Тъахтины бынмæ басхоинаг уыди чумæ дан. — Мæ нæ чындзæ гтæ рæ вдзытæ кæ нæ м.

Рацыд Залихан. Ноджы зæ рдиагдæ рæ й та ууыл бацин кодтой сыхаг устытæ. Фæ лæ уæ ддæ р сæ зæ рдæ чумæ данимæ уыди, æ мæ Дуне загъта:

— О, о, нæ бæ лццæ тты тагъд сæ къонатæ м хъæ уы, Хуыцауы фæ рцы, æ мæ лæ г йæ хъуыддагмæ рагацау цæ ттæ куы уа, уæ д уый æ взæ р нæ у, нæ!

Налыхъ чумæ дан равдисын кодта сыхæ гтæ н. Къафетты тыхтон сын систа Залихан. Фаризæ т йæ хи ныттар кодта.

— Ахæ м фырт бирæ тæ н нæ й, Налыхъ. Адджын цард фæ кæ нут.

Сылгоймæ гтæ къафеттимæ бацыдысты уатмæ. Уырдыгæ й сæ худын райхъуыст. Фаризæ т чумæ дан иннæ уатмæ бадавта.

Фыд, цыма йæ усы зыд миты тыххæ й хатыр куырдта, уыйау йæ фыртмæ скаст æ мæ бафарста æ нкъардхуызæ й:

— Уыцы лæ ппуты ссæ уынмæ ма бирæ бонтæ ис? Иугай ма мын сæ банымай. Фæ зæ ронд кæ нын. Хатгай мæ м иу бон дыууæ фæ кæ сы...

Диссаг сты зæ ронд адæ м! Цыма йæ фырттæ фæ лладуадзæ н хæ дзæ ртты сты нымад бонтæ...

— Æ фсады хъуыддаг дæ хæ дæ г хуыздæ р зоныс, баба. Цыбыр рæ стæ гмæ кæ рæ дзийы фендзыстæ м, фыссынц.

— Адам мæ нæ угæ рдæ нтæ м зындзæ н, — фыды цæ сгомыл æ хсызгондзинад ахъазыд.

— Раздæ р, баба, раздæ р, — загъта фырт. — Иу чысыл нартхор æ мæ картоф æ рбаластон. Уыцы чындзæ н дæ р дзы авæ рдзыстут.

— Цæ мæ н æ рбаластай? — тарстхуызæ й бакаст уатмæ. — Гормон, ауæ й йæ кæ н æ мæ дзы дæ уæ лæ исты скæ н. Ныр дæ хæ дæ г тагъд æ хсæ з бинойнаджы уыдзынæ... Уыцы чындзæ н сусæ гæ й ракалдтаис. Иу нæ мыг дæ р та йын нæ ратдзæ н. Иу нæ мыг...

Фырт аджих. Йæ ус дæ р æ й Чертыбитыл цæ уын кодта. Хиваст дæ р куыд нæ у. Йæ химæ хæ цыд. Айфыццаг йæ чындзæ н ног дыууæ бедрайы балхæ дта. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ сæ федта йæ фыдыусы цæ лгæ нæ ны. Иу изæ р сæ дуармæ сыхы лæ ппутимæ лæ ууыди æ мæ йæ чындзы донгуыронæ й æ рбацæ йцæ утæ федта. Фырдисæ й йе ’рфгуытæ йæ ныхыл бæ рзонд абадтысты. Йе ’мгæ рттæ цы дзырдтой, уый нал хъуыста. Йæ хи куы æ рæ мбæ рста, уæ д сыл аивæ й йæ цæ стæ нгас ахаста, фæ лæ уыдон ницы сæ хъус æ рдардтой. Бæ рæ г уыд, ахæ м ныв фыццаг хатт кæ й нæ уынынц.

Мæ нæ куыд фæ худинаг сты! Сонтæ й йæ хи фæ зылдта сæ кæ рты дуармæ. Хъуамæ алывыдтæ акала йæ фыдыусæ н. Бедратæ ацъæ л кæ ндзæ н. Дуары хæ цæ нмæ нæ ма февнæ лдта, афтæ Хуыцау уынгмæ Фаризæ ты рахизын кодта. Дæ рзæ г ныхас ын зæ гъинаг уыди, фæ лæ йæ дзуринæ гтæ йæ хъуыры фæ бадтысты — фыдыус ауыдта Олгæ йы æ мæ хъæ рæ й ныххудти:

«Дæ лæ ма нæ æ дылымæ ныккæ сут! Искуы ма уый фендæ уыд, æ мæ цугуны дон хæ сс, цугуны! » — фырхудæ гæ й, æ ви —

мæ нгардæ й, йæ цæ ссыгтæ згъордтой йæ тæ нæ г рустыл. Тамби бамбæ рста, йæ уайсадæ г чындз куыд фефсæ рмы, фæ лæ ма цы кодтаид. Донгуыронмæ фæ стæ мæ нæ аздæ хтаид æ мæ дзы йæ хи нæ баппæ рстаид. Чындз Арыпханты каурæ бынты куы фæ цæ йцыд, уæ д фыдыус йæ фæ дыл куыд адзырдта, уый ма абон дæ р Тамбийы хъусты зæ лы:

— Уæ лæ тъæ пкъах! Уыцы цугунæ н йæ донгæ мттæ фæ йнæ рдæ м тоныс! Дæ зæ ды хай дæ хуыздæ р фæ кæ на, гъе!

Тамбийæ н фырмæ стæ й йæ ныхыл æ нгуылдзы стæ вдæ н тугдадзин адымст...

— Лæ ппу, нæ мæ м хъусыс, æ ви? — йæ къухмæ йын февнæ лдта фыд. — Мах ницы хъуаг стæ м. Хор, зæ гъын, ауæ й кодтаис æ мæ дзы уæ уæ лæ исты скодтаиккат.

— Хъусын... Хор уæ й кæ нын нæ уарзын, искæ й фæ сдуармæ та бирæ фæ ллой нæ баласдзынæ.

Сыхаг устытæ, чындз æ мæ æ фсин уатæ й рацыдысты.

Тамби кæ ртмæ йæ хи айста.

— Машинæ йы дзаг та дын æ рбаласта, — загъта Налыхъ.

— Цы? — дисæ й афарста Фаризæ т.

— Нартхор æ мæ картоф! — карзæ й загъта фыд.

— Абоныстæ н, Фаризæ т, лæ гæ н йæ хи ныййаргæ фырт дæ р афтæ нæ уыдзæ н, — загъта Любæ.

Фаризæ т фырмæ стæ й тъæ ппытæ хауди, йæ лæ вæ рттæ йын кæ й федтой, уый æ гъгъæ д нæ уыд, фæ лæ ма, машинæ йы цы ис, уый дæ р фендзысты. Уый та ма йын калмы сæ рыл цæ хх акæ нæ гау фæ ци.

Дуне æ мæ Любæ сæ химæ цæ уынмæ хъавыдысты, фæ лæ сæ Налыхъ фæ урæ дта:

— Фæ кæ сут, мæ хуртæ, лæ ппуйы цæ уын хъæ уы.

— Нæ хæ дæ г цы бафснайæ м, уый Хуыцау куы раттид, — загъта фыдыус.

— Фæ кæ сын мах бар уадзут.

Сыхæ гтæ ацыдысты. Куы фæ аууон сты, уæ д Фаризæ т йæ лæ гмæ фæ лæ бурдта:

— Дæ абоны митыл та кæ д нæ фæ фæ смон кæ най, уæ д дын ацы сау чызг амард, — йæ тæ нæ г риумæ ацамыдта. — Адæ м картофы мыггагыл тыхст сты. Ноджы æ ндæ рхъæ уккаг мыггаг æ мбисонды зад кæ ны махмæ. Цырауы зæ ххыты. Ныр «æ ри-æ ри» кæ ндзысты.

— Ма тæ рс, дæ у хъуаг ничи у, сæ фæ ллой цы фæ кæ ной, уый куы нæ фæ зонынц. Ферох дæ, а фæ ззæ г бирæ тæ сæ фæ ллойбонмæ тыллæ г куы нæ куымдтой?!

— Гукк, æ з дын æ ндæ р мыггаджы кой кæ нын.

— Гъемæ сын ратдзынæ...

— Мæ лæ ты тæ нвæ дæ г, куыдз дæ стæ г куы нæ фендзæ н, — йæ лыстæ г даргъ сæ р батылдта Фаризæ т, — кæ дæ й нырмæ срæ дау дæ? Æ нхъæ лдæ н, уæ лмæ рдтæ м фæ хæ стæ г кæ ныс...

— Ратт дын зæ гъын æ з! — фæ тъæ лланг кодта Налыхъ.

— Уæ дмæ дæ р сæ игæ ртыл фæ хæ цæ нт! Дæ фырт ам куы вæ ййы, уæ д уæ рыкк фестыс, фæ лæ та дæ мæ къухмæ нæ хъæ уы? Æ з та дын схос кæ ндзынæ н, багъæ ц... — Йæ рахиз амонæ н æ нгуылдзæ й йæ галиу къухы армытъæ пæ н хойы, хъæ дхойы бырынкъау.

Фаризæ т нæ бауагъта цармæ нартхор сисын, фæ лæ йæ акалын кодта сарайы. Картоф та бафснайдзысты скъæ ты. Сыхæ гты сæ химæ арвыста, ныртæ ккæ алкæ й хæ дзар дæ р куыстæ й йæ тæ ккæ цъупдзаг у, зæ гъгæ. Йæ амондæ н, уæ дмæ йæ сывæ ллæ ттæ — Ирæ æ мæ Батыр — скъолайæ æ рбацыдысты.

— Рæ вдз уæ дарæ с фæ ивут æ мæ, куыд сæ рæ н стут, афтæ февналут, — ацамыдта сын Тамби.

Чысыл фæ стæ дæ р сабитæ хæ дзарæ й, къафеттæ æ мпулгæ, рагæ ппытæ кодтой. Лæ ппу уайтагъд гуыффæ йы февзæ рд: тæ скъ айдзаг кæ ны, Ирæ йы æ ккоймæ йæ æ рæ ргъæ вы.

Налыхъ æ нкъардæ й рацыд æ мæ æ рбадт æ хсынцъыйы бын. Тамби сывæ ллæ ттæ н афæ дзæ хста, куыд архайын хъæ уы, уый æ мæ йæ фыды раз йæ хи æ руагъта.

— Уæ дæ, зæ гъыс, Чертыби æ мæ Адам фæ ндагыл сты, и? — йæ лулæ йы тамако æ фсæ ргæ бафарста фыд.

— Хуыцауы фæ ндæ й, баба.

Фаризæ т йæ къæ хты æ лгътыл рацыд хæ дзарæ й, Тамбийы фарсмæ æ рбадт, хор æ рбаласты тыххæ й йын арфæ тæ кæ ныныл схæ цыд. Уый йæ м ницы уыйбæ рц йæ хъус æ рдардта.

— Не ’фсин, куыд кæ сын, афтæ мæ й нæ лæ ппуты хæ дзармæ хъæ уы. Дæ хи цæ ттæ кæ н куывд æ мæ чындзæ хсæ вмæ.

— Хуыцауæ н табу, гъе стæ й фæ ззæ г дæ р дард нал у, — стырзæ рдæ йæ загъта ус.

Зæ ронд лæ г рамæ сты:

— Цæ мæ н фæ ззæ г? Куыддæ р схæ ццæ уой, афтæ сæ иуæ н — куывд, иннæ мæ н — чындзæ хсæ в.

— Куывд кæ мæ н кæ ныс, уымæ н йæ хæ дзар — хицæ н. Чындз та — фæ ззæ джы.

— Цæ мæ н фæ ззæ джы?

— Фæ ззæ гæ й раздæ р нæ. Цæ мæ й чындзæ хсæ в кæ ныс? Арахъы хуыпп хæ дзары бæ ркад куы у, уæ д...

— Скæ н, — карзæ й алыг кота Налыхъ.

— Худæ гæ й марыс, нæ лæ г! Арахъ уадзыны рæ сгæ г нæ у ныртæ ккæ.

— Уæ д цæ уылнæ?.. Тæ вдæ й стыхсдзынæ? Нæ пъадвæ лтты дын æ взæ р фадæ ттæ ис? Сæ рд дын тæ вд ма уæ д, зымæ г — уазал...

— Æ з загътон фæ ззæ джы, уæ д — фæ ззæ джы. Дыууæ хоры æ хсæ н арахъ ничи уадзы, гукк! — Фаризæ т йæ тæ нæ г былтæ фæ цъупп кодта æ мæ йæ ныхас даргъ ауагъта: — Гу-укк!..

— Ма дзурут кæ рæ дзимæ, — бауайдзæ ф кодта Тамби. Фестад, йæ рон æ рбалвæ ста. — Æ з Чертыбитæ м суайон. Нартхорæ й иу дæ сфынддæ с тæ счъы Олгæ йæ н ратдзыстут, æ ви йын сæ ныр аласон?

— На-гъа, уæ рдоны йæ аласдзæ н йæ хæ дæ г, — фæ рæ вдз Фаризæ т.

— Фæ лæ уу-ма, лæ ппу, — фæ урæ дта йæ фыд. — Æ дзæ ттæ йæ нæ æ ййафдзысты нæ бæ лццæ ттæ. Афтæ мæ й нæ цартæ хорæ й дæ лæ мæ сæ ттынц, нæ къутутæ н сызгъæ рин мæ нæ уæ й сæ фæ рсхæ сæ хуыдтытыл фæ йнæ рдæ м рæ дувынц...

Æ нæ бон сабийау фыд йæ фыртæ й æ ххуыс куырдта...

— Ма тыхс, баба... — бахудти Тамби.

Йе ’фсымæ ры хæ дзармæ цыди уæ ззау къахдзæ фтæ й. Хорз та нæ бакодта, чындзы хæ йттæ фыды кæ рты кæ й скуыси ласта, уымæ й. Мур дæ р та йын нæ ратдзæ н уыцы налат сылгоймаг. Бафæ лварæ д ма ацы хатт! Кæ ддæ ра нæ фæ фæ смон кæ нид! Тамби йæ хинымæ р бæ ргæ фидарæ й фæ зæ гъы, хъæ ддыхдæ р æ м фæ лæ удзынæ н, зæ гъгæ, фæ лæ йын дзы ницы уайы. Йæ туджы нæ й искæ мæ н дæ рзæ г ныхас зæ гъын, йе ’фхæ рд æ фхæ рдæ й райсын. Маст скæ ныны фæ лтау та йын ноджы хуыздæ р, зæ рдиагдæ р хъуыддаг бакæ ны, мæ нæ сау калмы дзыхмæ хæ фс куыд быра, раст афтæ у йæ хъуыддаг дæ р йæ фыдыусимæ.

Фаризæ т цæ лгæ нæ нмæ бацыд. Чысыл рæ стæ джы фæ стæ тохынайæ фæ здæ г скалди. Тамбийы фездæ хынмæ уæ ливыхтæ цæ ттæ уыдзысты. Залихан, къæ ртайы хыссæ хъæ дын тæ бæ гъ йæ уæ лныхты куыд систа, уый куы федта, уæ д бадис кодта.

— Æ з, мæ хур, сем нæ дæ н, фæ лæ восым дæ н, — гæ лæ буйау срог Фаризæ т пецæ й стъолы астæ у. — Мæ нæ ма цыхт ассæ нд, мæ уды гага, — чындзы раз æ ртыкъахыг фынг æ мæ цыхтыты къус авæ рдта.

Изæ рæ й йæ бæ рзонд тиу æ мæ йæ фæ лмæ н файнусты фенынмæ æ рбауад Олгæ, ныллæ ггомау, фæ лæ хæ рзконд æ рыгон цъæ хдзаст сылгоймаг.

— Быдырæ й æ рбацыдтæ н æ мæ — нæ кæ рт æ фснайд, иу къуыри фаг суг саст... Уайтæ ккæ дæ р базыдтон Залиханы лæ джы æ рмдзæ ф, — сусæ гæ й дзырдта йæ файнусты хъусы уайсадæ г чындз.

— Чындз, — бахатыд тиу Олгæ мæ. — А дыууæ боны дæ м зындзынæ н, кæ д мын бантыса, уæ д.

Фаризæ т скуыдта:

— Уе ’рбацыд бæ ргæ æ хсызгон у, фæ лæ куы фæ раст вæ ййут, уæ д зæ рдæ йы уидæ гтæ фæ цæ йскъуыйынц!

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — загъта Тамби.

— Хъусыс, — йæ къухтыкæ лмæ рзæ нæ й йæ цæ стытæ асæ рфта Фаризæ т. — Лæ ппу, хъусыс! Уыцы хицауадæ н зæ гъ, мæ куыстæ й мæ, зæ гъ, суæ гъд кæ нут. Нæ химæ дæ р, зæ гъ, ис мæ фаг куыст. Цырагъы рухсæ й мæ, зæ гъ, агурынц...

— Кæ м ма ис мæ н хуызæ н! — ныххудт Тамби.

— Махæ н никæ м, — йæ ныхас фæ карздæ р кодта Фаризæ т. — Мæ зæ ронд мад æ мæ, зæ гъ, мæ зæ ронд фыд æ нахъом сабитимæ æ нæ фæ кæ сæ г сты. Кæ ннод сæ м, Мадымайрæ мыстæ н, цæ уын æ мæ сын сæ мæ рдтæ хурмæ ракалдзынæ н!

— «Зæ гъ, зæ гъ», цæ й бирæ дзурыс! — бауайдзæ ф ын кодта Налыхъ. — Сæ мæ рдтæ н урскъах бæ хæ й фæ хæ т! Кæ стæ р чындзы бызгъуыртæ сæ хоныс? Куыд сæ ракалдзынæ?

— Цæ й... — йæ къух ариуыгъта ус.

Хæ рзбон загътой. Афæ ндараст сты. Олгæ йы Налыхъ мидæ мæ хуыдта, исты акомдзаг кæ н, зæ гъгæ, фæ лæ чындз æ фсины цæ стæ нгасæ й атындзыдта йæ хæ дзармæ.

Зæ ронд лæ г йæ хи бандоныл æ руагъта.

— Фæ цæ уы мæ фырт. Кæ д та æ рбацæ удзæ н?

Йæ ус йæ фарсмæ абадт мæ стыйæ:

— Абон дæ р ма дын куы загътон!.. Дæ фырты цур мын цы схъал вæ ййыс? Дæ с дзыхы дыл цы базайы, и?! — Йæ рахиз къухæ й (цонгæ й) уæ лдæ фы егъау æ хсырф æ рфысгæ йæ бадодой кодта зæ рондмæ.

— Омæ дæ хæ дæ г афтæ куы фæ зæ гъыс, бирæ йæ уарзын, мæ хионтæ й фылдæ р, — къæ мдзæ стыгæ й йæ хи раст кодта лæ г.

— Уарзын! Æ з æ й мæ хицæ й никæ дæ м ауадздзынæ н, мемæ цæ рдзæ н, — йæ ныхас фæ карздæ р кодта Фаризæ т. — Фæ лæ дын æ з уæ ддæ р афтæ зæ гъын æ мæ йæ цуры бирæ ма дзур, — цыдæ ртæ зæ гъинаг ма уыди, фæ лæ сæ м чидæ р æ рбахоста. Фестад, йæ хи йæ м фæ гуыбыр кодта æ мæ ма бафтыдта йæ ныхасмæ. — Дæ абоны митыл та кæ д не ’рфæ смон кæ най, уæ д дын æ з амардтæ н! — æ мæ фæ раст кулдуармæ.

Йæ фæ стæ акаст Налыхъ æ мæ арф ныууынæ ргъыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.