|
|||
ÆХСÆЗÆМ СÆР. МАРМÆР ЛÆППУАцæ уыны размæ миссис Бэнкс Джейнæ н аба кодта, дыууæ пенсы йын радта æ мæ йын загъта: — Изæ рон газет балхæ нын дæ ма ферох уæ д! Майкл йæ мадмæ уайдзæ фгæ нæ джы цæ стæ й бакаст. — Æ ндæ р нын ницы дæ ттыс? — бафарста уый. — Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г ныл куы амбæ ла, уæ д та? — Фæ уæ д афтæ, — загъта миссис Бэнкс дызæ рдыггæ нгæ йæ. Мæ нæ ма уын ноджыдæ р æ хсæ з пенсы. Фæ лæ уæ цыма æ гæ р къулбадæ г кæ нæ м, афтæ мæ м кæ сы. Æ з гыццыл куы уыдтæ н, уæ д сæ лдæ г алы бон нæ хордтон. — Æ вæ ццæ гæ н-иу фыдуаг кодтай, æ мæ дын уый тыххæ й не ’лхæ дтой, — загъта Майкл æ мæ æ хца тагъд-тагъд йæ дзыппы авæ рдта. — Хъус-ма, сæ лдæ гæ н цыппар пенсы дæ р фаг у, иннæ тæ й та «Диссаджы хъæ лдзæ г нывтæ » балхæ ндзыстæ м, — загъта Джейн. — Разы дæ? — Фæ ндагæ й иуварс! — фæ стæ рдыгæ й райхъуыст зонгæ хъæ лæ с. Аив дзаумæ тты, хæ рзæ лвæ стæ й, цыма нывгæ нæ джы конд уыд, уый хуызæ нæ й асинтыл æ рцæ йхызт Мэри Поппинс. Аннабел уыди йæ хъæ бысы. Уæ рдоны йæ сæ вæ рдта æ мæ æ ддæ мæ фæ цæ уæ г. — Тагъд иууылдæ р паркмæ! — бардзырд дæ ттæ гау загъта уый. Джейн æ мæ Майкл фæ тъæ бæ ртт ластой. Джон æ мæ Барби — сæ фæ стæ. Хур Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы сæ рмæ æ рцауындзæ г дынджыр æ рттиваг зонтыччы хуызæ н. Бæ лæ стыл зарыдысты сауцъиутæ æ мæ бурдымтæ. Къуымы адмирал Бум къудзитæ æ хсæ ста. Дардæ й хъуыстысты маршы зæ лтæ. Парчы цагъта æ фсæ ддон оркестр. Бæ лæ сты ’хсæ н, сæ сæ рмæ зонтыччытæ, афтæ мæ й тезгъо кодтой сылгоймæ гтæ æ мæ дзырдтой алыхуызон хабæ рттæ. Паркмæ цæ стдарæ г йæ сæ рдыгон дарæ сы разил-базил кодта æ мæ æ дзынæ г касти, йæ хи чи куыд дары, уымæ. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу йæ хъæ лæ с райхъуыст: — Æ гъдау ма халут! Кæ рдæ гыл ма цæ ут! Бырон бырондæ ттæ м калут! Мэри Поппинс æ мæ сывæ ллæ ттæ йæ рæ зты ахызтысты æ мæ, йæ фæ йнæ фæ рсты сусхъæ д бæ лæ стæ сагъд кæ мæ н уыд, уыцы фæ ндагыл араст сты. — Парк ма чъизи кæ нут! — фæ хъæ р кодта хъахъхъæ нæ г. — Æ гæ р бирæ ма дзур! — зынæ рвæ ссонхуызæ й йын дзуапп авæ рдта Мэри Поппинс. Хъахъхъæ нæ г йæ худ систа æ мæ йæ м, Мэри Поппинсмæ кæ сгæ йæ, смудынмæ фæ ци. Сылгоймаг йæ мидбылты кæ й бахудт, уымæ й бамбарæ н уыдис, хъахъхъæ нæ г йæ фæ дыл кæ й кæ сы, уый кæ й зоны. Æ мæ куыннæ хъуамæ кæ са йæ фæ дыл, — хъуыды кодта йæ хинымæ р Мэри Поппинс, — кæ д æ мæ йыл абон уардихуыз æ фцæ ггот, сиренхуыз рон æ мæ, цыппар цæ ппæ ры кæ уыл ис, ахæ м урс жакет ис?! — Абон та кæ дæ м цæ уæ м? — бафарста Майкл. — Фæ стæ дæ р бæ рæ г уыдзæ н, — дзуапп радта Мэри Поппинс. Йæ хъæ лæ сыуагыл бæ рæ г уыд, фарст йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ фæ цыд. — Æ з дæ æ рмæ стдæ р бафæ рсынмæ хъавыдтæ н! — бахъуыр-хъуыр кодта Майкл. — Ма хъав! — æ ртхъирæ нгæ нæ гау ныффутт кодта Мэри Поппинс. — Мæ дзых схæ лиу кæ ныны бар дæ р мын куыннæ дæ тты! Джейны хъусы бадзырдта Майкл. — Искуы куы бакъуытты уон, уæ д æ м хорзау нал кæ сдзæ н. Сабитæ йæ фæ дыл цыдысты æ нæ дзургæ йæ. Архайдтой йæ æ ййафыныл. Хур тынгæ й-тынгдæ р æ ндæ вта. Мэри Поппинс сывæ ллоны уæ рдон афтæ тагъд схуыста, æ мæ банхъæ лæ н уыдис, цыма цæ лхдурты сæ рты ерысты дугъ кодта. — Ауылты! — сдзырдта Мэри Поппинс, сывæ ллæ тты уæ рдон рахизæ рдæ м фæ зилгæ йæ. Сабитæ бамбæ рстой, кæ дæ м цæ уынц, уый, уымæ н æ мæ ацы фæ ндаг цыди цадмæ. Уым æ рттывдтытæ калдта доны уæ лцъар. Хуры тынтæ доны уæ лцъарыл куыд хъазыдысты, уый ауынгæ йæ, сывæ ллæ тты цинæ н кæ рон нал уыди æ мæ малмæ адугъ кодтой. Майклæ й йæ маст æ рбайрох æ мæ хъæ лдзæ гæ й фæ хъæ р кодта: — Æ з нау сараздзынæ н, æ мæ дзы Африкæ мæ аленк кæ ндзыстæ м! — Æ з та кæ саг ахсдзынæ н! — йæ разæ й фæ уыныл архайгæ йæ, фæ хъæ р кодта Джейн. Гæ ппытæ кæ нгæ йæ, худгæ æ мæ сæ худтæ сæ къухты тилгæ йæ, доны былмæ батахтысты. Цады алыварс уыди, рыг кæ уыл æ рбадт æ мæ æ рбацæ уджытæ м æ нхъæ лмæ чи каст, ахæ м фæ хсбандæ ттæ. Былгæ рæ тты ленк кодтой бабызтæ. Уыдон та æ нхъæ лмæ кастысты, чи сын цы аппардзæ н, уымæ. Фаллаг былгæ рон лæ ууыди мармæ рæ й конд цыртсурæ т: лæ ппу дельфинимæ. Хур æ мæ доны æ рттывдæ й зындис урс-урсидæ й. Лæ ппуйæ н йæ фындзы кæ рон нал уыд. Йæ къахыл цы зыхъхъыр фæ зынд, уый уыди сау носы хуызæ н. Йæ галиу къахы кæ стæ р æ нгуылдзæ н нуæ рттæ нæ фаг кодта. Къæ хты æ нгуылдзтæ иууылдæ р уыдысты скъуыдтæ. Цыртдзæ вæ ны бындур уыди бæ рзонд. Лæ ппу йæ къæ бæ лдзыг сæ р донмæ æ ркъул кодта æ мæ, дельфины æ рбахъæ быс кæ нгæ йæ, йæ дынджыр мармæ р цæ стытæ й хъуыдыдзастæ й каст. Цыртсурæ т кæ уыл лæ ууыд, ууыл, йæ хуыз чи сивта, ахæ м сызгъæ рин дамгъæ тæ й фыст уыди йæ ном: Нелей. — Абон хъæ лдзæ г у! — Джейны хъусы бадзырдта Майкл. Уыцы тæ ккæ уысм ауыдта ацæ ргæ джентльмены. Уый бадти цыртсурæ ты бын æ мæ дамгъæ тæ стырдæ рæ йæ вдисæ г авджы руаджы касти чиныджы. Йæ гæ мæ х сæ р ын хуры тынтæ й хъахъхъæ дта зæ лдаг къухмæ рзæ н. Йæ фарсмæ фæ хсбандоныл та уыдис йæ уæ рæ хчъил худ. Сабитæ æ нахуыр адæ ймагæ й сæ цæ ст нал истой. Цыма йыл кæ мдæ р фембæ лдысты, афтæ сæ м каст. — Уый у Мэри Поппинсы уарзон фæ хсбандон, — æ васт йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Майклæ н. — Хæ рзаг смæ сты уыдзæ н. — Æ цæ г? Æ мæ æ з искуы мæ сты фæ кæ нын? — йæ чъылдымæ й райхъуыст Мэри Поппинсы хъæ лæ с. Майкл дисæ й амард. — Æ ргом дзургæ йæ, Мэри Поппинс, ды арæ х мæ сты кæ ныс, — загъта уый. — Бон иу-дæ с æ мæ дыууиссæ дз хатты. — Никуы! — цæ хгæ р йæ ныхмæ фæ лæ ууыд Мэри Поппинс. — Мæ фæ разондзинадæ н зæ ххыл æ мбал куы нæ и! Æ з æ рмæ стдæ р фиппаинæ гтæ фæ кæ нын! Сылгоймаг иуварс ацыд æ мæ æ рбадти, цыртсурæ ты комкоммæ цы фæ хсбандон уыд, ууыл. Уырдыгæ й ныккаст ацæ ргæ джентльменмæ. Йæ цæ стæ нгас та ахæ м уыд, æ мæ дзы кæ йфæ нды дæ р амардтаид. Фæ лæ йæ ацæ ргæ джентльмен, йæ амондæ н нæ уыдта. Уый раздæ рау бадт æ мæ йæ кæ сыны куыст кодта. Мэри Поппинс мæ сты футт ныккодта, сывæ ллæ тты уæ рдонæ й йæ хызын систа æ мæ цъындатæ æ мпъузынмæ бавнæ лдта. Сывæ ллæ ттæ доны былгæ рæ тты апырх сты. — Ай уыдзæ ни мæ нау! — бырондонæ й хуызджын гæ ххæ тты гæ баз сисгæ йæ, фæ хъæ р кодта Майкл. — Æ з та кæ саг ахсын! — дæ лгоммæ æ рхуысгæ йæ æ мæ донмæ йæ къух бадаргæ йæ, загъта Джейн. Йæ химæ гæ сгæ йæ къухы уыди æ нгуыр даргъ босимæ. Куыддæ р кæ саг æ рбацæ уа æ мæ æ нгуырыл фæ хæ ца, афтæ йæ былмæ раппардзæ н, йæ худы йæ авæ рдзæ н æ мæ йæ сæ химæ ахæ сдзæ н. «Уый дын гъе!.. — зæ гъдзæ н миссис Брилл. — Йæ тæ ккæ афон æ й æ рбахастай! Æ з та ма, сихор цæ мæ й скæ нон, ууыл сагъæ с кодтон! » Йæ фарсмæ доны хъæ лдзæ гæ й цъæ пп-цъæ пп кодтой фаззæ ттæ. Майклы нау знæ т уылæ нтимæ тохы бацыд. Мэри Поппинс фатау схъæ лæ й бадт æ мæ сывæ ллоны уæ рдон къахæ й узта. Хаттæ й-хатт-иу йæ судзин хурмæ ферттывта. Парчы уыди сабыр, цыма бæ стæ иууылдæ р фынæ й уыд. Тъæ пп! Уый ацæ ргæ джентльмен бахгæ дта йæ чиныг. — Цы бакуыстай? — райхъуыст кæ йдæ р зæ ллангæ наг хъæ лæ с. Кæ ронмæ кæ сын мæ бауагътаис! Джейн æ мæ Майкл сæ алыварс дисгæ нгæ йæ акастысты. Сæ бакомкоммæ кæ рдæ гыл лæ ууыди мармæ р лæ ппу æ мæ мармæ р дельфиныл йæ къухæ й хæ цыд. Ацæ ргæ джентльмены дзых ныххæ лиу. Стæ й йæ сæ хгæ дта æ мæ та йæ фæ стæ мæ байгом кодта. — Ды цыма цыдæ р загътай? — æ ппынæ рæ джиау бафарста уый. Йе ’рфгуытæ афтæ уæ лиау ссыдысты, æ мæ сæ сæ ры тенкамæ схæ ццæ уæ вынмæ бирæ нал хъуыд. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, загътон, — сабыр хъæ лæ сыуагæ й дзуапп радта мармæ р лæ ппу. — Æ з дæ р кæ сгæ кодтон, фæ лæ ды дæ чиныг æ васт ахгæ дтай. Пылы хæ тæ лфындз кæ цæ й цæ уы, уый базонын мæ фæ ндыд, фæ лæ мын кæ ронмæ кæ сыны фадат нал фæ ци. — Дæ Хуыцауы хатыр бакæ н! — загъта ацæ ргæ джентльмен. — Мæ нæ н мæ зæ рды кæ рон дæ р не ’рæ фтыд ахæ м... ахæ м хъуыддаг. Æ з æ дзухдæ р фæ кæ сын цыппар сахатмæ. Цай цымынмæ мæ нæ химæ цæ уын фæ хъæ уы. Уыцы ныхæ стимæ сыстад, йæ къухмæ рзæ н батыхта æ мæ йæ худ райста. — Кæ д ды каст фæ дæ, — загъта мармæ р лæ ппу, — уæ д ма мын дæ чиныг авæ р, тынг дæ фæ бузныг уыдзынæ н. Ацæ ргæ джентльмен йæ мидбынаты фесхъиудта æ мæ, йæ чиныг йæ риумæ нылхъивгæ йæ, сдзырдта: — Бахатыр кæ н, фæ лæ уымæ н гæ нæ н нæ й. Ацы чиныг нырма ныртæ ккæ балхæ дтон. Гыццылæ й фæ стæ мæ йæ бакæ сынмæ мæ былыцъæ рттæ хордтон, фæ лæ йæ хистæ ртæ æ дзухдæ р сæ хæ дæ г кастысты. Ныр мæ химæ фæ зынд, æ мæ дзы фæ хицæ н уæ вынмæ нал хъавын. Æ мæ йын цыма мармæ р лæ ппу, йæ чиныг куы аскъæ фа, уымæ й фæ тарст, уый хуызæ н æ м тарстхуызæ й бакаст. — Пылы цымыдис лæ ппыны дарддæ ры хабæ рттæ дын æ з радзурдзынæ н, — нæ уæ ндонхуызæ й сдзырдта Джейн. Мармæ р лæ ппу йæ м цæ хгæ р фæ зылд. — Æ цæ г, Джейн? — дисхуызæ й бафарста уый æ мæ йæ мармæ р цæ сгом ныррухс. — Æ з та дын бур хъæ ддаг куыдз Дингойы тыххæ й радзурдзынæ н, стæ й ма, йæ къахæ й чи æ ртъæ пп кодта, уыцы гæ лæ буйы тыххæ й дæ р, — загъта Майкл. — Афтæ нæ! — æ васт фæ кодта ацæ ргæ джентльмен. — Æ з бæ гънæ г дæ р нæ дæ н, бæ гъæ ввад дæ р, мæ гуыр лæ ппуйæ н та, йæ уæ лæ æ мæ йæ къахыл цы скæ на, уый дæ р нæ й! Æ з ын мæ чиныг ратдзынæ н. Æ вæ ццæ гæ н, — арф ныуулæ фыд лæ г, — хъысмæ ты нæ фæ нды, цæ мæ й мæ м ацы чиныг уа. Йæ чиныгмæ иудзæ вгар фæ каст, стæ й йæ мармæ р лæ ппуйы къухты фæ сагъта æ мæ цæ уынмæ рахъавыд. Фæ лæ уыцы рæ стæ г лæ ппуйы къухы дельфин базмæ лыд. Ацæ ргæ джентльмен æ й бафиппайдта æ мæ фæ стæ мæ фæ зылд: — О хæ дæ гай, ацы кæ саджы кæ м æ рцахстай, уымæ й бафæ рсынмæ дæ хъавыдтæ н. Æ нгуырæ й æ ви хызæ й? — Уый кæ саг нæ у, — йæ мидбылты бахудт лæ ппу. — Стæ й йæ æ з не ’рцахстон. Куы райгуырдтæ н, уæ д мын æ й дæ тгæ ракодтой. — Бамбæ рстон дæ. — Ацæ ргæ джентельмен уæ ле бынмæ йæ сæ р батылдта, фæ лæ йæ цæ сгомыл зынди катайы фæ д. — Мæ нæ н цæ уын афон у! Дзæ бæ хæ й баззайут! — Йæ худ систа, йæ сæ рæ й акуывта æ мæ тагъд-тагъд къахвæ ндагыл фæ цæ уæ г. — Бузныг! — йæ фæ дыл ахъæ р кодта мармæ р лæ ппу æ мæ чиныгмæ фæ лæ бурдта. Фыццаг фарсыл лыстæ г дамгъæ тæ й фыст уыд чиныджы хицауы мыггаг: «Вильям Везеролл Вилкинс». — Æ з æ й ныххах кæ ндзынæ н æ мæ дзы мæ хи мыггаг ныффысдзынæ н, — йæ мидбылты бахудгæ йæ, загъта лæ ппу Джейн æ мæ Майклæ н. Майклы дисæ н кæ рон нал уыд æ мæ йæ фæ рстыты бын фæ кодта: — Æ мæ дæ ном цы хуыйны? Стæ й кæ сын зоныс? Стæ й... — Мæ ном у Нелей. Æ ви кæ сын нæ зоныс? — æ мæ лæ ппу ныххудти. — Дæ лæ ууæ нæ й куыд рахызтæ? — бафарста Джейн. Цыртдзæ вæ нтæ цæ уын куы нæ зонынц! — Рагæ пп кодтон, — бамбарын кодта Нелей æ мæ та йæ мармæ р сæ рыхъуынтæ ныттылдта. — Аргъау кæ ронмæ каст куы нæ фæ дæ н, уæ д мæ мæ къæ хтæ фæ рсгæ дæ р нал бакодтой, афтæ мæ й рагæ пп ластой. Зæ ххы куыд февзæ рдтæ н, уый зонгæ дæ р нæ бакодтон. Æ мæ йæ мармæ р къахæ й зæ хх æ ртъæ пп кодта. — Адæ м, сымахмæ хæ лæ г кæ нын, уæ бон æ дзухдæ р цæ уын кæ й у, уый тыххæ й. Æ з-иу уæ ам арæ х федтон. Куыд тынг-иу мæ фæ ндыди æ рхизын æ мæ сымахимæ ахъазын... Ныр æ ппынфæ стаг баиу стæ м. Æ з афтæ тынг цин кæ нын, æ мæ диссаг! Сымах та? Нæ цин кæ нут? Фырцинæ й гæ ппытæ гæ нгæ, сæ алыварс æ рзылди. Цалынмæ йын дзуаппæ н ныхæ стæ агуырдтой, уæ дмæ уый цады былгæ рон балæ ууыд æ мæ доны йæ къух атъыста. — Мæ нæ дон цы хуызæ н у! — фæ хъæ р кодта уый. — Копрадзы хуызæ н æ рвхуызцъæ х, стæ й уæ лдæ фау — рог. — Æ мæ донмæ ныггуыбыр кодта. Дельфины къæ дзил базмæ лыд æ мæ лæ ппуйы къухæ й ацъыввытт ласта. — Рацахс æ й! Фæ дæ лдон уыдзæ н! — тарст хъæ р фæ кодта Майкл. Фæ лæ дельфинæ н дæ лдон кæ нын йæ зæ рды кæ рон дæ р нæ уыд. Цæ сты фæ ныкъуылдмæ цады былгæ рæ тты æ рзылд, стæ й йæ къæ дзилæ й доны уæ лцъар ныдздзæ хст ласта, скаст, йæ къæ дзил рацахста, уæ лдæ фмæ сгæ пп кодта æ мæ та ногæ й доны аныгъуылд. Афтæ тæ ма цирчы фæ кæ нынц. Уый фæ стæ, йæ дон лæ дæ рсти, афтæ мæ й цадæ й комкоммæ йæ хицауы къухмæ сгæ пп ласта. Сабитæ йыл сæ мбæ лдысты къухæ мдзæ гъдимæ. — Хорз уыди? — бафарста йæ Нелей. Хæ лæ г æ м кæ й кодта, уый йæ хъæ лæ сыл дæ р æ мæ йæ цæ сгомыл дæ р бæ рæ г уыд. Дельфин, мидбылты худгæ йæ, йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Хорз?! — фæ сте райхъуыст зонгæ хъæ лæ с. — Уæ дæ æ з та афтæ зæ гъин: тынг æ взæ р! Цады был лæ ууыди Мэри Поппинс æ мæ йæ цæ стытæ мæ сты æ рттывд кодтой. Нелей йæ бынатæ й фесхъиудта æ мæ æ фсæ рмыгæ нгæ йæ йæ цуры алæ ууыд. Къæ схуыр, нæ уæ ндаг, æ намонд лæ ппу æ нхъæ лмæ каст, цы тæ рхон ын рахæ сдзæ н, уымæ. — Бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ дын рахизыны бар чи радта? Сылгоймаджы цæ сгом уыд тынг ракæ нынæ ввонг. Нелей йæ сæ р æ руагъта. — Ничи, — йæ фындзы бын багуым-гуым кодта уый. — Мæ къæ хтæ сæ хæ дæ г рагæ пп кодтой, Мэри Поппинс. — Кæ д афтæ у, уæ д ныртæ ккæ йы уысм фæ стæ мæ сгæ пп кæ нæ нт. Тагъд! Дæ уæ н дæ бынатæ й хизыны бар нæ й! Мармæ р лæ ппу йæ сæ р фæ стæ мæ аппæ рста, æ мæ хуры тынтæ йæ гыццыл фындзыл схъазыдысты. — Мэри Поппинс, иучысыл рæ стæ г-ма мæ бынæ й бауадз! — лæ гъстæ хуызæ й загъта уый. — Бынтон чысыл! Майкл æ мæ ма мæ Джейнимæ ахъазын тынг фæ нды. Иунæ гæ й лæ ууын куыд зын у, уый куы зонис, уæ д мын фæ тæ ригъæ д кæ нис. Йе ныхас макæ имæ акæ н, йе — хъазгæ. Курын дæ, Мэри Поппинс, иучысыл рæ стæ г ма мæ ам бауадз, — йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл авæ ргæ йæ, ныллæ гъстæ кодта лæ ппу. Сылгоймаг чысыл рæ стæ г хъуыдыты аныгъуылд. Стæ й йæ сæ рыл схæ цыд. Йæ цæ стæ нгас фæ фæ лмæ ндæ р. Йæ дзыхы кæ рæ тты фæ зынд мидбылхудты фæ д, йæ рустыл та — чысыл дзыхъгæ ндтæ. — Абон ма афтæ фæ уæ д! — загъта уый. — Æ рмæ стдæ р иунæ г хатт, Нелей. Фыццаг æ мæ фæ стаг хатт. — Фæ стаг хатт, дзырд дын дæ ттын! — загъта Нелей æ мæ хинæ йдзаг худт бакодта. — Мэри Поппинсы цæ мæ й зоныс? — бафарста йæ Майкл. — Йемæ кæ м базонгæ дæ? — Æ з æ й рагæ й зонын, — ныххудти Нелей. — Мæ фыды æ рдхорд у. — Æ мæ дæ фыд та чи у? Кæ м цæ ры? — Джейн фырцымыдисæ й цы акодтаид, уый нал зыдта. — Ардыгæ й тынг дард. Бердзенты бæ стæ йы сакъадæ хтыл. Денджызы паддзах æ й хонынц. Нелейы мармæ р цæ стытыл æ нкъарддзинады хæ рв абадт. — Æ мæ уым цы кусы? — ныр та йæ Майкл бафарста. — Мæ фыды хуызæ н уый дæ р Ситимæ фæ цæ уы? — Нæ -а. Уый никуыдæ м фæ цæ уы. Денджызы был къæ дзæ хыл лæ ууы. Йæ къухы джебогъ æ мæ тохмæ сидæ г сыкъа. Йæ фарсмæ бады мæ мад æ мæ йæ дзыккутæ фасы. Сæ къæ хты бын та мæ кæ стæ р æ фсымæ р Пелий хъазы мармæ р сæ тæ лхъузгимæ. Бон-сауизæ рмæ сæ сæ рты ратæ х-батæ х кæ нынц кæ сагдзау мæ ргътæ æ мæ сын дзурынц наулæ ууæ ны ног хабæ рттæ. Наутæ куы донбакæ лæ нæ й ацæ уынц, куы — денджызæ й æ рбаленк кæ нынц, æ мæ сын уыдон æ хсызгонæ й кæ сынц сæ алыхуызон ахорæ нтæ й ахуырст наупæ лæ зтæ м. Æ хсæ выгæ тты та хъусынц, уылæ нтæ сæ хи былгæ роныл куыд цæ вынц, уымæ. — Цы хорз у! — фæ хъæ р кодта Джейн. — Ды уыдонæ й цæ мæ н фæ хицæ н дæ? Æ мæ йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Миссис Бэнкс æ мæ мистер Бэнксы бердзенты бæ стæ йы иунæ гæ й ницæ й тыххæ й ныууадзин». — Бæ ргæ мæ нæ фæ ндыди, — загъта мармæ р лæ ппу. — Фæ лæ цыртсурæ ттæ н адæ мы ныхмæ дзурын сæ бон нæ у. Уыдон-иу æ дзухдæ р æ рбацыдысты мах фенынмæ, сæ зæ рдæ мæ кæ й цыдыстæ м, уый-иу аххытæ æ мæ оххытæ й равдыстой. Иу хатт дзы чидæ р, мæ нмæ ацамонгæ йæ, афтæ фæ кодта: «Æ з æ й исын! » Æ мæ мын цæ угæ æ рцыди... Мармæ рæ й конд лæ ппу йæ цæ сгом цыбыр рæ стæ гмæ дельфины дæ ларм амбæ хста. — Дарддæ р та хабæ рттæ куыд рауадысты? — нæ къаддæ р кодта Джейны цымыдисдзинад. — Нæ паркмæ куыдæ й æ рбахаудтæ? — Асыччы, — ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Нелей æ мæ, сабиты цымыдис цæ сгæ мттæ м кæ сгæ йæ, йæ мидбылты бахудт. — Мах æ дзухдæ р балцы афтæ фæ цæ уæ м. Нæ хæ дзарвæ ндаджы бирæ агурджытæ ис. Мах хъæ уæ м паркты дæ р, музейты дæ р, цæ хæ радæ тты дæ р. Балхæ нынц нæ æ мæ нæ асыччыты арвитынц. Хатгай нæ ’рхæ ндæ г йæ быны кæ й скæ ны, ууыл ныронг иу ахъуыдыгæ нæ г нæ ма фæ ци. Ацы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ ферхæ цыд. — Цæ й, уыцы хабæ рттæ мауал мысæ м! — фæ хъæ р кодта уый æ мæ йæ сæ р ныттылдта. — Сымах ам стут, æ мæ алцыдæ р хорз у. Афтæ мæ м кæ сы, цыма хæ стæ джытæ стæ м. Сымах тыххæ й æ з алцыдæ р зонын! Калмы хабæ рттæ дæ р, Къаролы фарфорæ й конд тæ бæ гъы хабæ рттæ дæ р, Робертсон Эйы хабæ рттæ дæ р. Суанг ма, сихорыл уæ фынгыл цы хæ ринæ гтæ вæ ййы, уыдон дæ р зонын. Æ ви уын уæ ныхæ стæ м кæ й фæ хъусын, уый дæ р нæ бафиппайдтат? Уе уæ хсчы сæ рты уын уæ аргъæ уттæ кæ й фæ кæ сын, уый дæ р нæ зонут? Джейн æ мæ Майкл, нæ, зæ гъгæ, сæ сæ ртæ батылдтой. — Æ з «Алисæ диссæ гты бæ стæ йы» чиныгмæ нæ кæ сгæ йæ зонын! — дзырдта дарддæ р уый. — Стæ й, зæ гъæ н ис, æ мæ «Робинзон Крузо» дæ р. «Æ цæ г сылгоймаджы цы зонын хъæ уы» Мэри Поппинсы уарзон чиныг кæ й у, уый дæ р мын амонын нæ хъæ уы. Фæ лæ, æ ргом куы дзурон, уæ д мын æ ппæ ты уарзондæ р сты «Диссаджы хъæ лдзæ г нывтæ ». О, хæ дæ гай, тигры лæ ппын Тимæ йы хъуыддæ гтæ ацы къуыри куыд ацыдысты? Мопсийæ йæ хи бахъахъхъæ нын бафæ рæ зта? — Абон фæ зындзæ н ног номыр, — загъта Джейн, — æ мæ йæ иумæ бакæ сдзыстæ м. — Æ вæ дза, абон цы тынг амондджын дæ н! — фæ хъæ р кодта Нелей. — Пылы цымыдис лæ ппын дæ р, «Диссаджы хъæ лдзæ г нывтæ » дæ р... Мæ къæ хтæ мæ м базырты хуызæ н кæ сын хуымæ тæ джы нæ райдыдтой. Мæ гуырæ н бон кæ д у, уый нæ зонын, фæ лæ цыма абон у, афтæ мæ м кæ сы. Дельфин æ мæ чиныг йæ риумæ нылхъывта æ мæ кафын райдыдта. — Гъей! Кæ дæ м цæ уыс, уырдæ м кæ сын хъæ уы! — фæ хъæ р кодта сæ лдæ гуæ йгæ нæ г. Уый, йæ уæ рдон тулгæ, сцæ йцыд цады былгæ рæ тты. Йæ уæ рдоны сæ рмæ ставд дамгъæ тæ й уыди фыст: «Фæ лæ уу, зæ гъгæ, зæ гъ æ мæ иу сæ лдæ г айс! » — Фæ лæ уу! Фæ лæ уу! Фæ лæ уу! — æ мхуызонæ й ныхъхъæ р кодтой сабитæ æ мæ уæ рдонмæ фæ цагайдтой. — Шикаладимæ! — загъта Майкл. — Лимонимæ! — загъта Джейн. Тыппыр фазæ ттæ сæ къухтæ радардтой æ мæ сын цы лæ вæ рдтой, уыдон цингæ нгæ йæ райстой. — Дæ уæ н та цавæ р? — бафарста сæ лдæ гуæ йгæ нæ г Нелейы, æ фсæ рмыгæ нгæ йæ йæ цуры куы ’рлæ ууыд, уæ д. — Æ з нæ зонын, кæ цы дзы райсон, уый. Никæ цыйæ ма дзы фæ хъæ стæ дæ н. — Цы загътай? Сæ лдæ г никуыма бахордтай? Дæ у хуызæ н стыр лæ ппу хъуамæ сæ лдæ джы тыххæ й алцыдæ р зона. Фæ лæ уу-ма! Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г йæ уæ рдон сгарынмæ фæ ци. Æ рæ джиау дзы систа мæ нæ ргъыйы сæ лдæ джы дынджыр къопп. — Айс æ мæ йæ фен, кæ ддæ ра дæ зæ рдæ мæ нæ фæ цæ уид! — загъта уый æ мæ йæ м къопп бадардта. Нелей йæ дыууæ дихы фæ кодта æ мæ дзы иу æ рдæ г дельфины дзыхы баппæ рста, иннæ йæ хæ дæ г сдæ рынмæ фæ ци. — Æ вæ джиауы хорз! — загъта уый. — Доны зайæ гойтæ й бирæ хæ рзаддæ р у. — Доны зайæ гойтæ й? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Уæ вгæ йæ доны зайæ гойтимæ та цæ мæ н барыс? — бафарста сæ лдæ гуæ йгæ нæ г. — Уыдæ ттæ дæ р хорз, фæ лæ дæ уæ лæ исты скæ н, кæ ннод суазал уыдзынæ. Бахатыр кæ н, афтæ дæ м кæ й бауæ ндыдтæ н, уый тыххæ й!.. — Дзæ нгæ рæ гыл ныххæ цыд. Æ мæ дарддæ р йæ уæ рдон атылдта. Нелей сабитæ м бакаст, æ мæ æ ртæ йæ дæ р сæ хъæ лæ сыдзаг ныххудтысты. — О Хуыцау! — фырхудæ гæ й хуыдуг кодта Нелей. — Диссагæ й цы кæ ныс: сæ лдæ гуæ йгæ нæ г мæ адæ ймаг фенхъæ лдта. Уæ д та йæ аййафин æ мæ йын алцыдæ р бамбарын кæ нин? Дыууæ мин азы дæ ргъы афтæ мæ й цæ уын æ мæ мыл æ хснырсæ г дæ р никуыма уыд. Сæ лдæ гуæ йгæ нæ джы асурынмæ куыд рахъавыд, афтæ Майкл ныхъхъæ р кодта: — Уæ хи хъахъхъæ нут! Варфоломей æ рбацæ уы! Æ мæ ма, йæ сæ лдæ гæ й цы баззад, уый йæ дзыхы баппæ рста. Мисс Ларкмæ чи цард, нæ уыцы рагон æ рдхорд Варфоломеймæ уыд иу æ взæ р миниуæ г: сабитæ й-иу хæ ргæ кæ й баййæ фта, уымæ н-иу, йæ къухы цы уыди, уый акъахта. Йæ уыцы æ взæ р миниуæ г ныр дæ р нæ ныууагъта. Кæ д ма йæ хъуыды кæ нут, уæ д Варфоломей равзæ рд дыууæ куыдзы мыггагæ й. Сæ иу дæ р дзы куыйты æ хсæ н кадджыныл нымад нæ уыд... Уый йæ дæ ргъæ й-дæ ргъмæ æ взаг раппæ рста, афтæ мæ й дзæ лæ пп-дзæ лæ пгæ нгæ згъордта разæ й, æ гъдауджын Эдуард та — йæ фæ стæ. Тыхулæ фтгæ нгæ сæ æ ййафыныл архайдта мисс Ларк. — Цады размæ азгъорын сфæ нд кодтам. Куыйтæ мæ бакъуымы кодтой, — загъта уый. — Диссаджы бон скодта æ мæ, дам, цады былмæ цом. О Хуыцау, цытæ уынын? Сылгоймаг ферхæ цыд. Лæ флæ фгæ нгæ йæ, Нелеймæ нымдзаст. Йæ цæ сгом æ нæ уи дæ р сырх уыди, фæ лæ ныр ноджы фæ сырхдæ р. — Уæ ртæ ма уыцы дурзæ рдæ лæ ппумæ исчи бакæ сæ д! — фæ хъæ р кодта сылгоймаг. — Цæ мæ н хурхæ й марыс уыцы мæ гуыр кæ саджы? Æ ви, æ нæ донæ й кæ й æ рбамæ лдзæ н, уый нæ зоныс? Нелей йæ мармæ р æ рфыгыл схæ цыд. Дельфин йæ къæ дзилæ й йæ бырынкъ амбæ рзта, цæ мæ й, кæ й бахудти, уый ма разына. — Кæ сыс! — загъта миссис Ларк. — Йæ зæ рдæ хъарм кæ нын райдыдта. Ныртæ ккæ йы минутыл æ й донмæ бауадз! — Мæ бон нæ у, — йæ ныхмæ фæ лæ ууыд Нелей. — Тæ рсын, æ нæ мæ н æ нкъард куы кæ на, уымæ й. Лæ ппу дзырдта уæ зданæ й. Фæ лæ дельфинмæ уæ здандзинæ дтæ -йедтæ нымад нæ уыдысты: йæ къæ дзилæ й зæ хх хоста, раздыхс-баздыхс кодта, йæ мидбылты худти. — Æ дылы ныхæ стæ ма кæ н! Кæ сæ гтæ æ нкъард никуы фæ кæ нынц! Стæ й дæ мæ нимæ быцæ у кæ ныныл ничи домы. Ныр та мисс Ларк фæ ци уайдзæ фтæ кæ нынмæ. — Мæ нмæ гæ сгæ, мисс Поппинс, — загъта уый, — сывæ ллæ ттæ м тызмæ гдæ р уæ вын хъæ уы! Ацы къулбадæ г лæ ппуйæ н зæ гъ, æ мæ кæ саджы ауадза, кæ м æ й æ рцахста, уырдæ м! — Тæ рсын, куы ницы дзы рауайа, уымæ й, — загъта Мэри Поппинс. — Уый ардыгæ й тынг дард у. — Дард у, хæ стæ г у — уæ лдай нæ у! Йæ сæ рыл радзурæ г кæ мæ н нæ й, уыцы цæ рæ гойты хъизæ марæ й марæ н нæ й! Эдик, Варфоломей, ардæ м! Ныртæ ккæ æ з хабæ рттæ Лорд-мэрæ н радзурдзынæ н! Æ мæ ардауынмæ атындзыдта. Йæ фæ стæ фæ цагайдтой куыйтæ дæ р. Варфоломей дельфины цурты куы фæ цæ йтахт, уæ д æ м, йæ мидбылты хин худт бакæ нгæ йæ, йæ цæ ст фæ ныкъуылдта. Мисс Ларк ма цæ угæ -цæ уын радзырдта: — Стæ й йын зæ гъ, æ мæ йæ уæ лæ исты скæ на. Хур тынг æ ндавы æ мæ йæ басудздзæ н. Нелей худæ гæ й бакъæ цæ л. — Хур, дам æ й басудздзæ н! — ныхъхъæ рзæ гау кодта уый. — Мэри Поппинс, мармæ рæ й конд кæ й дæ н, уый æ цæ гдæ р ничи зоны? — Гхм, — багуым-гуым кодта Мэри Поппинс. Нелей та йæ мидбылты бахудт. — Афтæ денджызон домбæ йттæ фæ дзурынц, — загъта лæ ппу. Уыдон фæ бадынц къæ дзæ хыл æ мæ, хур куыд фæ ныгуылы, уымæ кæ сгæ йæ, фæ зæ гъынц: «Гхм». — Фæ уæ д афтæ! — æ ртхъирæ нгæ нæ гау загъта Мэри Поппинс. Сывæ ллæ ттæ банхъæ лдтой, ныртæ ккæ исты тæ ссаг хъуыддаг æ рцæ удзæ н, зæ гъгæ, фæ лæ ахæ мæ й ницы ’рцыд. Мэри Поппинс дæ р Нелейæ н дзуапп радта фæ лмæ н мидбылхудтæ й. Цъæ х æ мæ мармæ р цæ стытæ кæ рæ дзийы барæ вдыдтой фæ лмæ н кастæ й. — Нелей, — сабыр хъæ лæ сæ й загъта Мэри Поппинс, — дæ с минуты йеддæ мæ дын рæ стæ г нал ис. Уый дын фаг у, махимæ газеттæ уæ йгæ нæ н киоскмæ ацæ уын æ мæ фæ стæ мæ раздæ хынæ н. — Уый фæ стæ та? — бафарста лæ ппу, дельфины тыхджын æ рбахъæ быс кæ нгæ йæ. Мэри Поппинс ын ницы дзуапп радта, æ рмæ ст йæ сæ ры фæ тылдæ й доны фаллаг фарсмæ, кæ цæ й æ рхызт, уырдæ м ацамыдта... — Мэри Поппинс, — æ рхатыдысты йæ м сабитæ, фæ лæ сын Мэри Поппинс цæ стæ й ацамыдта, сымах ничи фæ рсы æ мæ уæ дзыхтыл хæ цут, зæ гъгæ. — Уæ дæ рæ стæ г мауал сафæ м! — фæ хъæ р кодта Нелей. Йæ къæ хтыл алæ ууыд æ мæ загъта: — Фæ тæ хæ м! Джейны къухыл фæ хæ цыд, æ мæ хурæ фсæ ст фæ ндагыл фæ цагайдтой. Сусхъæ д бæ лæ стæ кæ м фæ уд кодтой, уым лæ ууыд рæ сугъд нывтæ й аивгонд газетты киоск. Уыдис ыл ахæ м фыст: «Мистер Фолли. Чингуытæ, газеттæ æ мæ журналтæ. Кæ д уыдон агурут, уæ д ам сты». Киоскы фæ рстæ æ рттывдтытæ калдтой алыхуызон журналты хуызджын нывтæ й. Сабитæ йæ цурмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д сæ м гыццыл рудзынгæ й йæ сæ р радардта мистер Фолли йæ хæ дæ г. Уыдис ын тымбыл цæ сгом, хæ лар цæ стæ нгас. — Мæ нæ Джейн Бэнкс йæ хæ дæ г дæ р, йæ хæ лар дæ р йемæ, афтæ мæ й! — цингæ нгæ йæ загъта уый. — Цæ мæ ’рбацыдыстут, уый цыма зонын, афтæ мæ м кæ сы. — «Изæ ры хабæ рттæ » æ мæ «Тынг хъæ лдзæ г нывтæ », — лæ флæ фгæ нгæ йæ загъта Джейн æ мæ æ хца дæ ттынмæ фæ ци. Нелей аив фæ лгонцгонд журналмæ фæ лæ бурдта æ мæ йæ фæ лдахынмæ фæ ци. — Куыд у? Тигры лæ ппын Тим фервæ зти? — сæ цурмæ батæ хгæ йæ, фæ хъæ р кодта Майкл. — Ура-а! Фервæ зти! — ноджы хъæ рдæ рæ й йын дзуапп радта Майкл. — Хъусут! «Тигры лæ ппын Тим фыдзæ рдæ Мопсийæ алыгъди! Ног хабæ рттæ — иннæ номыры! » — Ура-а! — ныхъхъæ р кодта Майкл, дельфины сæ рты нывмæ кæ сгæ йæ. Мистер Фолли дæ р Нелеймæ къаддæ р цымыдисæ й нæ каст. — Цы диссаджы рæ сугъд гæ дыйы лæ ппын дæ м ис! — загъта уый. Кæ м æ й æ рцахстай, мæ хъæ бул? — Лæ вар мын æ й бакодтой, — дзуапп радта Нелей, журнал кæ сын фæ уадзгæ йæ. — Уый диссаджы лæ вар у! Дæ хæ дæ г та кæ цон дæ? Дæ мад кæ м ис? — Ардыгæ й — тынг дард, — фенкъард уæ вгæ йæ, сдзырдта Нелей. Мистер Фолли, йæ сæ р дыууæ рдæ м батилгæ йæ, бафарста: — Фыд дæ р дын нæ й? Нелей йæ сæ р батылдта æ мæ йæ мидбылты бахудт. — Ма дзур! Бынтон тæ ригъæ ддаг куы дæ уæ дæ! — Мистер Фолли мармæ р лæ ппуйæ н тынг фæ тæ ригъæ д кодта. — Уазал дæ р дын уыдзæ ни, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы: бынтон бæ гънæ г дæ. Мистер Фолли йæ дзыпп сгарынмæ фæ ци. Цыдæ р дзæ гъ-дзæ гъ дзы ссыди. — Хæ ц! — æ мæ Нелеймæ йæ къух бадаргъ кодта. — Дæ хицæ н дзы исты балхæ ндзынæ. Афтæ гомæ й цæ уæ н нæ й. Дæ рæ уджытæ фæ сахъат уыдзысты, грипп кæ нæ æ ндæ р исты низæ й фæ рынчын уыдзынæ. Нелей цымыдисæ й каст æ взист æ хцамæ. Уый æ рттывдтытæ калдта мистер Фоллийы армытъæ пæ ны. — Уый цы у? — бафарста мармæ р лæ ппу. — Уый у кронæ йы æ рдæ г, — дзуапп радта мистер Фолли. — Никуы федтай? — Никуы, — бахудт Нелей. Дельфин дæ р цымыдис каст бакодта æ хцамæ. — Диссагæ й цы кæ ныс?! Мæ гуырæ г! Кронæ йы æ рдæ г никуы федта æ мæ бæ гънæ гæ й цæ уы! Чи дыл батыхса, ахæ м нæ й. Мистер Фолли Мэри Поппинсмæ уайдзæ фгæ нæ гау бакаст. Уый дæ р ын дзуапп радта ахæ м цæ стæ нгасæ й. — Бузныг, дæ зæ рдæ йыл афтæ тынг кæ й риссы, уый тыххæ й, фæ лæ йыл чи батыхса, ахæ мтæ ис, — загъта уый. Уыцы ныхæ сты фæ стæ йæ ног урс жилет раласта æ мæ йæ мармæ р лæ ппуйы уæ хсчытыл æ ркодта. — Афтæ -гъе! — загъта Мэри Поппинс. — Ныр дын уазал нал уыдзæ н. Нелей дисхуызæ й куы жилетмæ каст, куы — Мэри Поппинсмæ. — Мæ нæ н æ й дæ ттыс? — бафарста уый. — Бынтондæ р? Мæ зæ рдæ йæ н адджын денджызон домбай! Бузныг, стыр бузныг! — фæ хъæ р кодта, Мэри Поппинсы йæ хъæ бысы ныккæ нгæ йæ. — Джейн, æ рбакæ с-ма мæ ног урс жилетмæ! Майкл, цы цæ ппæ ртæ йыл и, уый та?! Æ мæ йæ ног уæ лæ дарæ с æ вдисгæ йæ, куы сæ иумæ батæ хы, куы — иннæ мæ. — Уый æ ндæ р хъуыддаг у! — цингæ нгæ йæ, загъта мистер Фолли. — Кронæ йы æ рдæ гæ й та дæ хицæ н хæ лаф балхæ ндзынæ. — Уый та иннæ хатт, — ныхас йæ химæ айста Мэри Поппинс. — Æ рæ джы нын кæ ны. Тагъд — мæ фæ дыл! Иу уысм дæ р фæ стиат — нал! Æ мæ цырд къахдзæ фтæ й бæ лæ сты æ хсæ нты къахвæ ндагыл араст. Хур æ рныгуылынæ ввонг уыд. Оркестры зæ лтæ нал хъуыстысты. Алыхуызон ахорæ нтæ й хъулон зонтыччытæ дæ р сæ хæ дзæ рттæ бацагуырдтой. Суанг хъахъхъæ нæ г дæ р фæ цыдæ р. Бæ лæ стæ хъусæ й лæ ууыдысты. Сæ даргъ æ ндæ ргтæ хуыссыдысты змисыл... Джейн æ мæ Майкл, Нелейы къухтыл хæ цыдысты, афтæ мæ й æ дзæ мæ й цыдысты. Æ нкъардтой, се ’нахуыр хабæ ртты кæ рон ацы сæ рдыгон боны хуызæ н кæ й æ рхæ ццæ. Ууыл, иуæ й, цин кодтой, иннæ мæ й — æ нкъард. — Нелей, æ з дæ бирæ уарзын! — ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Джейн. — Æ дзухдæ р махимæ куы уаис, уый мæ тынг фæ нды! — Æ з дæ р дæ уарзын, — мидбылты худгæ йæ йын дзуапп радта уый, — фæ лæ мæ н аздæ хын хъæ уы. Ныхас загътон. — Уæ д та нын дельфины ныууадз, — денджызы цæ рæ гойы рагъ фасгæ йæ, загъта Майкл. Джейн æ м рамæ сты: — Цытæ дзурыс? Нелей кæ цæ й рахызт, уым цæ рæ нбонты иунæ гæ й лæ ууыныл сразы уаис? — О! Дельфин мæ м куы уаид, стæ й Мэри Поппинсы денджызон домбай хонын мæ бон куы уаид, уæ д бæ гуыдæ р сразы уаин. — Цы дын зæ гъон, Майкл, уый зоныс? — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта Нелей. — Дельфины раттын дын мæ бон нæ у, уымæ н æ мæ уый мæ иу хай у, фæ лæ дын кронæ йы æ мбис дæ ттын, — æ мæ йын æ хца йæ къухы фæ сагъта. — Чиныг та — дæ уæ н, Джейн. Æ рмæ ст мын зæ рдæ бавæ р æ мæ мын ард бахæ р, кæ сынмæ мæ м æ й кæ й ратдзынæ, уый тыххæ й. Стæ й мæ м алы къуыри дæ р кæ й цæ удзынæ æ мæ мын «Тынг хъæ лдзæ г нывты» ног номыртæ кæ й кæ сдзынæ. — Ард дын хæ рын! — загъта Джейн хъæ ддыхæ й. — Æ нхъæ лмæ дæ м кæ сдзынæ н, — фæ лмæ н хъæ лæ сæ й загъта Нелей. — Æ з дæ никуы ферох кæ ндзынæ н. — Уæ дзæ нгæ да цæ гъдын фæ уадзут, цæ уын нæ хъæ уы! — фæ хъæ р сыл кодта Мэри Поппинс æ мæ цады ’рдæ м аздæ хт. Сывæ ллæ тты уæ рдон хъистхъистгæ нгæ араст. Фæ лæ æ васт цæ лхыты уынæ р йæ быны фæ кодта кæ йдæ р зонгæ тыхджын хъæ лæ с. — Æ з æ м нæ бавнæ лдтон! — йæ хи раст кодта зонгæ хъæ лæ с. — Стæ й йæ м бавналынмæ дæ р нæ хъавын! Цады был, Нелей кæ цæ й рахызт, уый цур лæ ууыдысты Лорд-мэр æ мæ йæ дыууæ уынаффæ гæ нæ джы. Уыдон сæ тызмæ г цæ стытæ нал истой хъахъхъæ нæ гæ й. Уый йæ къухтæ й цыдæ ртæ амыдта, хъæ рахст кодта, цыбыр дзырдæ й, йæ хи дардта, куыд не ’мбæ лы, афтæ. — Ам æ з æ ппындæ р ницы аххосджын дæ н, дæ иуылбæ рзонддзинад! — йæ хъæ лæ с арыдта уымæ н. — Æ з ацы ран æ ппындæ р ницæ мæ й зылынджын дæ н! — Уыдон ницы ныхæ стæ сты, Смит! — хъæ ддыхæ й загъта Лорд-мэр. — Парчы цыртдзæ вæ нты тыххæ й дзуапп ды дæ ттыс. Дæ у йеддæ мæ афтæ ничи бакодтаид. — Фæ лтау ыл басæ тт! — æ рхатыд æ м фыццаг уынаффæ гæ нæ г. — Уый дæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ фервæ зын кæ ндзæ н, — бафтыдта йæ м дыккаг, — фæ лæ дын чысыл фенцондæ р уыдзæ н. — Нæ йæ м бавнæ лдтон, зæ гъгæ уын куы зæ гъын, уæ д мыл цæ уылнæ ’ууæ ндут?! — Хъахъхъæ нæ г фыртыхстæ й йæ къухтæ сæ ттыны онг сси. — Уыцы митæ дæ нæ фервæ зын кæ ндзысты, Смит! — Лорд-мэр йæ сæ р мæ сты тылд ныккодта. — Дзæ гъæ лы нын нæ рæ стæ г сафыс. Раздæ р уал хъуамæ уыцы бæ гънæ г лæ ппуйы ссарон. Мисс Ларкы ныхæ стæ м гæ сгæ цавæ рдæ р кæ саджы хъизæ марæ й чи мары, уыцы къулбадæ джы ссарын хъæ уы. Уый иу бæ ллæ х у. Стырдæ р бæ ллæ х та у, нæ парчы æ ппæ ты хуыздæ р скульптурæ тæ й иу кæ й фæ цыдæ р, уый. Дис дæ р кæ нын, стæ й мæ сты дæ р. Æ з дыл, Смит, мæ зæ рдæ дардтон, ды та цытæ бакуыстай? — Куыд уынын, афтæ мæ й... Уæ вгæ, æ з æ ппындæ р ницыуал уынын! Цытæ дзурын, уый мæ хæ дæ г дæ р нал æ мбарын. Æ рмæ стдæ р ма мæ бон фидарæ й зæ гъын у: ацы цыртсурæ тыл æ з мæ къухы æ нгуылдзæ й дæ р нæ андзæ выдтæ н! Хъахъхъæ нæ г йæ алывæ рсты акаст, цыма, чи йын баххуыс кæ на, ахæ мы агуырдта, уый хуызæ н, æ мæ йæ цæ стæ нгас æ рхæ цыд Мэри Поппинсыл. — Дæ иуылбæ рзонддзинад, уæ ртæ аххосджын йæ хæ дæ г фæ зынд! — фæ хъæ р кодта хъахъхъæ нæ г, Мэри Поппинсмæ къухæ й ацамонгæ йæ. Йæ хъæ лæ сы тарст мыртимæ уыди цинæ вдисæ г мыртæ дæ р. — Ард уын хæ рын, иууылдæ р уый хъуыддæ гтæ сты! Лорд-мэр фыццаг Мэри Поппинсмæ бакаст, уый фæ стæ та хъахъхъæ нæ гмæ. Дæ ныхæ стæ й æ фсæ рмы нæ кæ ныс, Смит? — æ нкъардæ й йæ сæ р батилгæ йæ, загъта Лорд-мэр. — Худинаг дын нæ у, йæ хъомылгæ нинæ гты тезгъо кæ нынмæ чи рахуыдта, уыцы сыгъдæ гзæ рдæ, æ наххос сылгоймагыл тугтæ мысын? Йæ хæ дæ г йæ сæ рæ й уæ здан акуывта Мэри Поппинсæ н. Уый дæ р ын, мидбылты худгæ йæ, салам радта. — Сыгъдæ гзæ рдæ, æ наххос æ й хоныс? Уæ ртæ уый у ахæ м? — нырдиаг кодта хъахъхъæ нæ г. — Дæ иуылбæ рзонддзинад, цы дзурыс, уый дæ хæ дæ г дæ р не ’мбарыс! Ацы сылгоймаг куыддæ р парчы фæ зыны, афтæ бæ стæ æ ддæ г-мидæ г ауайы. Адæ м уæ ларвæ й хауын райдайынц, премьер-министр та уæ лдæ фон тымбылæ гыл тæ хынмæ фæ вæ ййы. Бæ стæ æ ррадон фесты. Уæ ртæ уый аххосæ й! — хъахъхъæ нæ г йæ тымбылкъухæ й бавзыста Мэри Поппинсмæ. — Мæ гуыр йæ бон! — æ нкъардæ й загъта фыццаг уынаффæ гæ нæ г. — Йæ сæ ры зонд цæ уын райдыдта. — Æ вæ ццæ гæ н æ й бæ ттын бахъæ удзæ н! — тарстхуызæ й йæ ныхас баппæ рста дыккаг. — Цы уæ фæ нды, уый мын кæ нут, æ рцауындзут мæ, фæ лæ æ з ницы аххосджын дæ н! Æ намонд хъахъхъæ нæ г, Нелей кæ цæ й рахызт, уый бындзæ фхадыл ныддæ лгом æ мæ ныккуыдта. Мэри Поппинс иуварс азылд æ мæ Нелеймæ фæ сидт. Уый йæ м æ рбатахт æ мæ йæ хъæ бысы йæ сæ р атъыста. — Афон у? — йæ хъусы йын бадзырдта мармæ р лæ ппу. Уый йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Сылгоймаг æ й йæ хъæ бысы æ рбатыхта æ мæ йын йæ ныхæ н аба кодта. Иу уысм хъусæ й алæ ууыд, стæ й, йæ хъæ бысæ й йæ хи атонгæ йæ, йæ сым-сым ссыд. — Джейн, Майкл! Хæ рзбон! Ма мæ рох кæ нут! Радыгай сын йæ уазал рус сæ рустыл авæ рдта. Сабиты зæ рды йын цыдæ ртæ зæ гъын уыдис, фæ лæ уый бæ лæ сты аууон æ рбайсæ фт. — Цæ рæ нбонты мæ хъуыддæ гтæ й иу дæ р нæ рæ стмæ кæ ны! — кæ уынхъæ лæ сæ й сдзырдта хъахъхъæ нæ г. — Гыццыл лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ дæ й фæ стæ мæ. — Цыртдзæ вæ н йæ бынаты куы нæ сæ вæ рай, уæ д дæ уыдæ ттæ æ рбайрох уыдзысты! — бадодой йæ м кодта Лорд-мэр. Фæ лæ Джейн æ мæ Майкл хъахъхъæ нæ джы дæ р æ мæ Лорд-мэры дæ р нæ уыдтой. Уыдон цымыдисæ й кастысты, цыртдзæ вæ ны бындзæ фхады фæ сте къæ бæ лдзыгсæ р лæ ппу куыд скаст, уымæ. Нелей, дельфин йæ къухы, афтæ мæ й йæ лæ ууæ нмæ сгæ пп кодта æ мæ æ мраст алæ ууыд. Уый йæ мармæ р къух фæ хъил кодта æ мæ сабитæ н фæ ндараст загъта. Йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд, фæ хицæ н кæ нын æ й кæ й нæ фæ ндыд. Уыдон дæ р æ м сæ къухтæ фæ тылдтой. Цыма мармæ р лæ ппу дыз-дыз кодта, афтæ сæ м фæ каст. Чи зоны, йæ цæ ссыгтæ рустыл кæ й æ ртылдысты, уый аххос уыд. Нелей дельфины йæ химæ тынгдæ р æ рбалхъывта, йæ къæ бæ лдзыг сæ рыхъуынтæ йæ армæ й æ рсæ рфта, йæ сæ р фæ гуыбыр кодта æ мæ афтæ мæ й æ нæ змæ лгæ йæ баззад. Банхъæ лæ н уыд, цыма Мэри Поппинсы жакет дæ р мармæ р фестад... — Мæ бон æ й æ рбахæ ссын нæ у, уымæ н æ мæ йæ нæ райстон! — кæ уын хъæ лæ сæ й дарддæ р дзырдта хъахъхъæ нæ г. — Хъус-ма, Смит, — цыдæ р зæ гъынмæ хъавыд Лорд-мэр, фæ лæ æ васт йæ мидбынаты хæ рдмæ фæ хауд. — О Дунескæ нæ г! — фæ хъæ р кодта уый. — Цыртдзæ вæ н æ рбаздæ хт! Фæ лæ йæ хи хуызæ н нал у! Ноджы йæ м æ дзынæ гдæ р ныккаст æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудт. Йе ’ртæ къуымон худ фелвæ ста æ мæ йæ тилынмæ фæ ци, стæ й, хъахъхъæ нæ джы фæ сонтæ æ рхойгæ йæ, загъта: — Æ, мæ нæ цæ стфæ лдахæ г! Дæ сусæ гдзинад дын нырма ныр базыдтон, Смит! Раздæ р æ й цæ уылнæ загътай, мæ ахсджиаг? Уый диссаджы æ рхъуыды куы у! Ныр æ фсæ нттæ мауал кæ н, — йæ ныхасмæ ма бафтыдта Лорд-мэр, хъахъхъæ нæ г фырдиссагæ й куы байгомыг æ мæ мармæ р цыртдзæ вæ нæ й йæ цæ ст куы нал иста, уæ д. — Джентльментæ! — уынаффæ гæ нджытæ м раздæ хгæ йæ, йæ ныхас дарддæ р кодта Лорд-мэр. — Мах зылынджын стæ м мæ гуыр Смиты раз. Уый нын равдыста, горæ тыл аудджыты хуыздæ р кæ й у, канд уый нæ, фæ лæ ма нывгæ нæ г дæ р кæ й у! Цы бакодта, уый уынут? Цыртдзæ вæ ныл скодта мармæ р къурткæ! Тынг æ ппæ линаг хъуыддаг у уый, Смит! Тынг æ ппæ линаг! Мæ нæ н бæ гънæ г цыртдзæ вæ нтæ мæ зæ рдæ мæ никуы цыдысты! — Мæ нæ н дæ р, — йæ сæ р батылдта фыццаг уынаффæ гæ нæ г. — Мæ нæ н дæ р, — загъта дыккаг дæ р. — Зынаргъ Смит, тыхсгæ ма кæ н: æ нæ хæ рзиуæ гæ й нæ баззайдзынæ. Абонæ й фæ стæ мæ дæ мыздыл бафтдзæ н, дæ худыл фæ зындзæ н ног хахх, стæ й дæ æ нæ мæ нг йæ иуылбæ рзонддзинадæ н раппæ лдзынæ н. Лорд-мэр ма иу хатт Мэри Поппинсæ н йæ сæ рæ й акуывта æ мæ йæ уынаффæ гæ нджытимæ зæ рдæ хъæ лдзæ г æ мæ сæ рыстырæ й ацыд. Хъахъхъæ нæ г сæ фæ дыл бирæ фæ каст. Цыма, цы дунейы ис, уый нал æ мбæ рста, ахæ м цæ стæ нгас ын уыдис. Уый фæ стæ раздæ хт цыртдзæ вæ нмæ æ мæ дзы йæ цæ стытæ нал иста. Мармæ р лæ ппу æ мæ мармæ р дельфин, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, кастысты цадмæ. Кæ д исты фехъуыстой, уæ ддæ р æ й æ ддæ мæ не ’вдыстой. Æ дзух куыд вæ ййынц, ныр дæ р уыдысты афтæ — æ нæ змæ лгæ, сабыр æ мæ æ дзæ м. — Тагъд цæ угæ ут нæ химæ! — фæ дзырдта сабитæ м Мэри Поппинс. Æ мæ иууылдæ р æ нæ иу сыбырттæ й йæ фæ дыл араст сты. Мармæ ры хуызæ н уазал уыдис, Джейны дæ ларм цы чиныг уыд, уый дæ р. Цыдысты æ нæ дзургæ йæ, алчи дзы йæ хи хъуыдыты аныгъуылд, афтæ мæ й. Уалынмæ æ васт сæ чъылдымæ й райхъуыстысты кæ йдæ р уæ ззау къахдзæ фтæ. Фæ стæ мæ фæ кастысты æ мæ ауыдтой, хъахъхъæ нæ г сæ кæ й æ рбасуры. Йæ къурткæ йæ лæ дзæ гыл бакодта æ мæ йæ тырысайау тылдта. Сабиты уæ рдоны цурмæ батахт æ мæ къурткæ Мэри Поппинсмæ бадаргъ кодта. — Айс! — загъта уый, тыхулæ фтгæ нгæ йæ. — Дæ жилет уымæ н куы радтай. Æ з æ й йæ цæ ппæ ртæ м гæ сгæ базыдтон. Ацы къурткæ уæ ддæ р скæ н, кæ ннод суазал уыдзынæ. Мэри Поппинс къурткæ сабыргай скодта. Йе ’рттиваг æ рхуы цæ ппæ ртæ й йæ м ферттывта йæ хи худгæ сурæ т. — Бузныг! — хъахъхъæ нæ гæ н æ нæ рвæ ссонхуызæ й арфæ ракодта Мэри Поппинс. Хъахъхъæ нæ г лæ ууыди йæ разы æ мæ йæ м дисхуызæ й каст. — Мæ нмæ гæ сгæ, дæ уæ н алцыдæ р æ мбæ рстгонд у. Раст нæ зæ гъын? — бафарста йæ дызæ рдыггæ нгæ йæ. — Чи зоны, — сæ рыстырхуызæ й дзуапп радта Мэри Поппинс. Æ мæ, иу ныхас дæ р нал скодта, афтæ мæ й йæ разæ й уæ рдон атылдта. Хъахъхъæ нæ г бирæ, тынг бирæ фæ каст йæ фæ стæ. Цалынмæ парчы кулдуары фæ стæ нæ фæ аууон, суанг уæ дмæ...
|
|||
|