Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆСТÆМ СÆР. НЫГУЫЛÆЙНАГ ДЫМГÆ



Уыди уалдзæ джы фыццаг бон.

Уый Джейн æ мæ Майкл уайтæ ккæ дæ р бамбæ рстой, уымæ н æ мæ ваннæ йæ райхъуыст сæ фыды зарын. Сæ фыд та-иу уым иу бон йеддæ мæ никуы зарыд.

Уыцы райсом сывæ ллæ ттæ й никуыуал ферох уыдзæ н. Фыццаджыдæ р, уымæ н, æ мæ сын уæ д фыццаг хатт бар радтой хистæ ртимæ иумæ хæ рыныл æ рбадынæ н. Дыккаджы та, уымæ н, æ мæ уæ д фесæ фт сæ фыды сау пъартфел. Цыбыр дзырдæ й, уыцы бон æ рцыд дыууæ æ нахуыр хабары.

— Мæ пъартфел цы фæ ци? — бæ стæ йæ сæ рыл систа мистер Бэнкс. Цыма куыдз йæ къæ дзил æ рцахсынмæ хъавыд, уый хуызæ н фатермæ æ рбахизæ ны мамазила кодта.

Иннæ тæ дæ р цъил фестадысты. Элинæ й зæ гъай, Бриллæ й зæ гъай, сывæ ллæ ттæ й зæ гъай. Суанг ма Робертсон Эй дæ р дыууæ зылды æ ркодта. Уый та ахæ м митæ м тынг уæ збын у.

Æ рæ джиау мистер Бэнкс йæ пъартфел ссардта йæ кусæ н уаты. Фатермæ бахизæ нмæ йæ тилгæ раскъæ фта æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Мæ пъартфел æ дзухдæ р мæ нæ ам, рагъæ ныл ауыгъд куы вæ ййы, уæ д æ й мæ кусæ н уатмæ чи бахаста?

— Дæ хæ дæ г уыдтæ, мæ зынаргъ, — загъта миссис Бэнкс, — дысонизæ р фиддонты квитанцæ тæ куы агуырдтай, уæ д.

Мистер Бэнкс æ м ахæ м хæ рам цæ стæ й бакаст, æ мæ сылгоймаг фæ фæ смон кодта, æ нæ нхъæ лæ джы йæ лæ джы кæ й бафхæ рдта, ууыл. Фæ лтау æ й, мæ хæ дæ г бахастон, зæ гъгæ, куы загътаид, уæ д бирæ хуыздæ р уыдаид.

— Ааап-чххи! — йæ къухмæ рзæ нмæ æ рыхснырста мистер Бэнкс.

Рагъæ нæ й йæ пъалто райста æ мæ цæ хæ радонмæ рацыд.

— Диссæ гтæ! — фæ хъæ лдзæ гдæ р уæ вгæ йæ, загъта уый. — Тюльпантыл къуыбыр фæ зынд! — æ мæ æ хсызгон улæ фт скодта. — Мæ нмæ гæ сгæ, дымгæ ныгуылæ нæ рдыгæ й кæ ны, — загъта мистер Бэнкс адмирал Бумы хæ дзары ’рдæ м акæ сгæ йæ, бæ лвырддæ р дзургæ йæ та — флюгер-телескоп ауынгæ йæ. — Æ з дæ р афтæ хъуыды кодтон. Ныгуылæ нæ рдыгæ й дымы. Уымæ н афтæ хъарм у, стæ й арв дæ р — сыгъдæ г. — Йæ тегла худ йæ сæ рыл арфдæ р æ ркодта æ мæ Ситимæ араст.

— Цы загъта, уый фехъуыстай? — бафарс Майкл, Джейны къухыл фæ хæ цгæ йæ.

Уый, «о», зæ гъгæ, йæ сæ р батылдта.

— Ныгуылæ нæ рдыгæ й, дам, дымы, — дзуапп радта Джейн.

Ничиуал сæ ницы сдзырдта, фæ лæ сæ дыууæ йы сæ ры дæ р февзæ рд иу хъуыды. Уый куы не ’рбацыдаид, уый сæ тынг фæ ндыди.

Фæ лæ сæ цыбыр рæ стæ джы фæ стæ æ рбайрох. Куыд сæ м каст, уымæ гæ сгæ, хъуыддæ гтæ цыдысты иннæ хæ ттыты хуызæ н. Уалдзыгон хуры тынтæ рæ вдыдтой хæ дзар; чъырæ й цæ гъдын æ й кæ й хъæ уы, ууыл ничи хъуыды кодта. Йæ обойæ тæ ивинаг кæ й сты, уымæ дæ р йе ’ргом ничи здæ хта. Уый нæ, фæ лæ йæ цæ рджытæ сæ хæ дзар нымадтой Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы хуыздæ р хæ дзарыл.

Фæ лæ дыккаг аходæ ны фæ стæ хъуыддæ гтæ ивын райдыдтой.

Джейн цæ хæ радоны æ ххуыс кодта Робертсон Эйæ н. Куыддæ р мæ ймæ булчъытæ сагъд фесты, афтæ сывæ ллæ тты уатæ й райхъуыст тæ ссаг цъæ хахст. Асинтыл ссыд къæ хты уынæ р. Цæ хæ радонмæ, ныссырх, афтæ мæ й лæ флæ фгæ нгæ æ рбатахт Майкл.

— Мæ нæ -ма ардæ м æ рбакæ с, Джейн! — æ мæ йæ м йæ къух бадаргъ кодта.

Йæ армытъæ пæ ны уыд хъыбыллæ — Мэри Поппинсы хъыбыллæ. Йæ фат сдыууæ рдæ м, уымæ н æ мæ Джейны къухыл зыр-зыр бахæ цыд.

— Мэри Поппинсы хъыбыллæ у? — загъта Джейн æ мæ Майклмæ фæ рсæ джы каст бакодта.

Майкл æ нæ нхъæ лæ джы ныккуыдта.

— Мæ нæ н æ й радта, — кæ угæ -дзургæ йæ, дзуапп радта лæ ппу. — Ардыгæ й фæ стæ мæ, дам, дæ у уыдзæ н. Уым хорзæ й мацæ мæ ’нхъæ лмæ кæ с. Ныронг мын æ ппындæ р никуы ницы балæ вар кодта!

— Кæ д дын циндзинад æ рхæ ссынмæ хъавыд, — йе ’фсымæ рæ н зæ рдæ тæ авæ рдта Джейн. Фæ лæ йæ хинымæ р уый дæ р лæ варыл нæ бацин кодта, уымæ н æ мæ зыдта, Мэри Поппинс ахæ м уæ здан митæ м æ мхиц кæ й нæ у.

Иннæ мæ й та, уыцы бон Мэри Поппинсæ й иу æ фхæ рæ н ныхас дæ р нæ сирвæ зти. Уæ вгæ, йæ дзых гом дæ р нæ бакодта. Афтæ зынди, цыма йæ хинымæ р арф хъуыдыты ахæ сты бахауди. Сывæ ллæ ттæ -иу æ й истæ мæ й куы бафарстой, уæ д-иу сæ цыма нæ фехъуыста, уый хуызæ н йæ хи скодта.

Æ ппынфæ стаг Майкл йæ хиуыл хæ цын нал бафæ рæ зта.

— Мэри Поппинс, курын дæ, æ мæ смæ сты у. Иннæ хæ ттытау та смæ сты у, кæ ннод дæ хи хуызæ н нал дæ. Æ з, цæ мæ дæ р гæ сгæ, тæ рсын райдыдтон.

Æ цæ гæ йдæ р, лæ ппу йæ чемы нæ уыд. Афтæ йæ м каст, цыма Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы æ вддæ сæ м хæ дзары цыдæ р æ рцæ удзæ н. Фæ лæ цы, уый нæ зыдта æ мæ тынгдæ р уымæ й тыхст...

— Фыдбылыз фынæ й куы уа, уæ д æ й хъал кæ нын нæ хъæ уы! — зонгæ тызмæ г хъæ лæ сæ й йыл фæ хъæ р кодта Мэри Поппинс.

Лæ ппуйæ н æ васт фенцондæ р.

— Кæ д махмæ афтæ фæ каст, — загъта Джейн. — Кæ д мах цыдæ ртæ мысæ м. Куыд зæ гъыс, Джейн?

— Æ вæ ццæ гæ н, — чысыл ахъуыды кæ ныны фæ стæ загъта Джейн. Фæ лæ уæ ддæ р йæ катай нæ фæ къаддæ р.

Изæ рæ рдæ м тынгдæ р дымын райдыдта. Хæ тæ лты æ хситт кодта, дæ лрудзгуыты зыхъхъыртæ й-иу йæ сыффытт райхъуыст, сывæ ллæ тты уаты зæ ххыл тыд гауызты кæ рæ ттæ -иу схъил кодта.

Мэри Поппинс сывæ ллæ ттæ н æ хсæ вæ р бахæ рын кодта æ мæ, йæ зæ рдæ куы ницæ мæ уал æ хсайдта, уæ д иучысыл ахъуыды кæ ныны фæ стæ, йæ иу къух Майклы сæ рыл, иннæ къух та Джейны уæ хскыл æ рæ вæ ргæ йæ, загъта:

— Ныр æ з хъуамæ туфлитæ бынмæ ахæ ссон. Цæ мæ й сæ Робертсон Эй ныссæ рфа. Цалынмæ фæ стæ мæ здæ хон, уæ дмæ уæ хи хорз дарут.

Æ мæ рацыд, йæ фæ дыл æ нæ уынæ рæ й дуар ахгæ нгæ йæ.

Куыддæ р федде, афтæ сывæ ллæ ттæ бамбæ рстой, йæ фæ дыл тæ хгæ сын кæ й у, фæ лæ сæ цыдæ р тых баурæ дта. Сæ рæ мбыныкъæ дзтæ сæ роцъотæ м сбыцæ у кодтой, афтæ мæ й стъолы уæ лхъус бадтысты æ мæ йе ’рбацыдмæ æ нхъæ лмæ кастысты. Кæ рæ дзийæ н сæ зæ рдæ тæ авæ рын тынг фæ ндыд.

— Нæ фæ лæ ’мæ цы ’дылытæ стæ м, — сдзырдта Джейн. — Ницы ’рцыдис, афтæ мæ й цытæ ’рымысыдыстæ м!

Фæ лæ, цы дзырдта, ууыл йæ хæ дæ г дæ р не ’ууæ ндыдис.

Къулылдаргæ сахаты цъыкк-цъыкк тынгæ й-тынгдæ р хъуысын райдыдта. Пецы арт сындæ ггай йе ’взæ гтæ бынмæ ’руагъта. Иуцасдæ ры фæ стæ зынгтæ фæ нычы бын фесты. Сывæ ллæ ттæ æ нцад бадтысты æ мæ фыццагау æ нхъæ лмæ кастысты.

Æ ппынфæ стаг Майкл тыхстхуызæ й загъта:

— Цыдæ р æ рæ гмæ цæ уы.

Цыма йын дымгæ дзуапп лæ вæ рдта, уый хуызæ н ныхситт кодта, стæ й та йæ цъæ хахст райхъуыст. Сахат дæ р йæ цъыкк-цъыччы куыст кодта.

Уалынмæ фæ цыд дуары хъæ р.

— Майкл! — фæ гæ пп ласта Джейн.

— Джейн! — афæ лурс уæ вгæ йæ, дзуапп радта Майкл.

Сывæ ллæ ттæ рудзынгмæ батахтысты æ мæ æ ддæ мæ акастысты.

Бынæ й, пъалто æ мæ уæ рæ хчъил худ йæ уæ лæ, йæ иу къухы — хызын, иннæ йы — зонтыкк, афтæ мæ й лæ ууыди Мэри Поппинс. Йæ алыварс дымгæ йæ бæ ттæ нтæ тыдта. Куы-иу ын йæ дæ ллаггуыры фæ дджитæ фелвæ ста, куы йын-иу йæ худ фæ цæ йхаста. Фæ лæ уый хъуыды дæ р ницы кодта. Йæ мидбылты худти, цыма дымгæ имæ кæ рæ дзийы æ мбæ рстой, уый хуызæ н.

Асинтыл иучысыл алæ ууыны фæ стæ дуармæ бакаст, стæ й тагъдгомау йæ зонтыкк байгом кодта. Ныр къæ вдайæ н йæ кой дæ р нæ уыди. Йæ сæ рмæ йæ бæ рзонд систа.

Сылгоймаджы дымгæ фелвæ ста æ мæ йæ ахаста.

Фыццаг æ й афтæ ныллæ джыты хаста, æ мæ йæ туфлитæ цæ хæ радоны кæ рдæ гыл ныдзæ выдысты. Уый фæ стæ йæ æ мбонды сæ рты балбæ лæ стæ й уæ лдæ рмæ систа...

— Джейн! Фæ тæ хы! Фæ тæ хы! — кæ уынхъæ лæ сæ й сдзырдта Майкл.

— Фаззæ ттæ м дæ р фæ дзурæ м! — фæ хъæ р кодта Джейн. — Уадз æ мæ ма йæ уыдон дæ р фæ стаг хатт феной.

Майкл дæ р æ мæ Джейн дæ р дызæ рдыг нал кодтой, Мэри Поппинс кæ й никуыуал раздæ хдзæ н, ууыл.

Фаззæ тты фелвæ стой æ мæ сæ рудзынгмæ бадавтой.

Уæ дмæ Мэри Поппинс стахти тынг бæ рзонд. Зонтыккыл фидар хæ цыд, афтæ мæ й бынмæ хæ дзæ ртты сæ ртæ м каст.

Фаззæ ттæ скуыдтой.

Джейн æ мæ Майкл ма фæ стаг фæ лтæ рæ н скодтой Мэри Поппинсы раздахыныл æ мæ æ мхъæ лæ сæ й ныхъхъæ р кодтой:

— Мэри Поппинс, раздæ х! Раздæ х!

Фæ лæ сæ уый кæ нæ нæ хъуыста, кæ нæ та йæ нæ фæ ндыд, цæ мæ й сæ фехъуыстаид. Уый уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р тахти. Схæ ццæ суанг æ врæ гъты онг. Æ ппынфæ стаг бынтондæ р æ рбайсæ фт.

— Куыд загъта, афтæ бакодта. Цалынмæ иннæ рдæ м дымын нæ райдыдта, уæ дмæ лæ ууыди, стæ й нæ ныууагъта, — загъта Джейн, уæ ззау улæ фт ныккæ нгæ йæ, æ мæ рудзынгæ й иннæ рдæ м азылд.

Джоны ахаста æ мæ йæ йæ сынтæ джы сæ вæ рдта. Майкл зæ гъгæ ницы кодта, афтæ мæ й, Барбийы йæ хуыссæ ны æ вæ ргæ йæ, йæ сым-сым ссыд.

— Дæ умæ гæ сгæ ма йæ искуы фендзыстæ м? — бафарста Джейн.

Бынæ й сыхъуыстысты катайаг хъæ лæ стæ.

— Сывæ ллæ ттæ! Сывæ ллæ ттæ! — хъæ р кодта миссис Бэнкс, дуар гомгæ нгæ йæ. — Мæ хъæ бултæ, æ намонд хабар: Мэри Поппинс нæ ныууагъта.

— Зонæ м æ й, — загътой Джейн æ мæ Майкл.

— Зыдтат æ й, уæ дæ, нæ? — дисхуызæ й бафарста миссис Бэнкс. — Цæ угæ кæ ндзæ н, уый уын загъта?

Сывæ ллæ ттæ сæ сæ ртæ дыууæ рдæ м батылдтой.

— Ахæ м диссаг никуыма ’рцыди! — дзырдта дарддæ р миссис Бэнкс. — Ныртæ ккæ дæ р ма ам уыди, ныр æ васт æ рбайсæ фт. Хатыр дæ р нæ нæ ракуырдта. Æ рмæ стдæ р, цæ уын, зæ гъгæ, загъта æ мæ ныппæ ррæ ст ласта. Ахæ м ма дзы дурзæ рдæ, æ нæ четар, рог ми бакæ нгæ уыдзæ н?.. Цы кæ ныс, Майкл? — йæ ныхас фæ урæ дта æ мæ тызмæ гæ й бафарста лæ ппуйы. Уый йын йæ фæ дджи æ риваз-æ риваз кодта. — Цы кæ ныс, мæ къона? — фæ лмæ ндæ р хъæ лæ сæ й бафарста дыккаг хатт мад.

— Æ рбаздæ хыны тыххæ й дын исты загъта? — хъæ рæ й бафарста Майкл. — Загъта æ ви нæ? — йæ мады къабайыл афтæ тынг рахæ цыд, æ мæ, чысыл ма бахъæ уа, ма йæ афæ лдаха.

— Сырды митæ ма кæ н! — загъта мад æ мæ йæ къабайы фæ дджи Майклы къухтæ й ратыдта. — Цæ угæ кæ й кæ ны, уымæ й дарддæ р цы загъта, уый нал хъуыды кæ нын. Куы раздæ ха, уæ ддæ р æ й æ з, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нал æ рбауадздзынæ н. Уæ зæ джы къæ йыл мæ æ нæ ’ххуысгæ нæ гæ й чи фæ уагъта, уый мæ н нал хъæ уы.

— Мамæ! — уайдзæ фгæ нæ гау загъта Джейн.

— Ды тынг æ нæ хатыр сылгоймаг дæ! — срæ цыгъта Майкл æ мæ, цыма искæ й ныццæ вынмæ хъавыд, уый хуызæ н йæ къухтæ æ рбатымбыл сты.

— Сабитæ, сымах мæ фæ худинаг кæ ндзыстут! Уæ мады уын чи бафхæ рдта, уымæ н уæ хицæ й тæ ригъæ дгæ нджытæ цы сарæ зтат, уый мæ м тынг диссаг кæ сы.

Джейнæ н йæ цæ ссыгтæ фемæ хстысты.

— Мæ н ацы дунейы Мэри Поппинс йеддæ мæ ничи хъæ уы! — йæ кæ уын тыххæ й уромгæ йæ, загъта Майкл æ мæ йæ хи зæ ххыл ныццавта.

— Сабитæ! Сабитæ! Цы уыл æ рцыд? Уæ хи дарын зонут. Абон уæ м, чи кæ са, уый нæ уыдзæ н. Æ з уазæ гуаты цæ уын, Элинæ н та улæ фæ н бон у. Миссис Бриллæ н зæ гъын мæ бахъæ удзæ н. Кæ ннод уæ чи схуыссын кæ на, уый нæ уыдзæ н.

Йæ сывæ ллæ ттæ н абатæ кодта æ мæ уыцы тыхстхуызæ й ацыди.

***

— Уый дын гъе! Чысыл сывæ ллæ тты ныууадз, дæ хæ дæ г уазæ гуаты адым! — уысмы фæ стæ хъуыр-хъуыр кодта миссис Брилл, сывæ ллæ тты уаты фæ мидæ г уæ вгæ йæ. Сывæ ллæ тты дзаумæ ттæ ласгæ йæ дæ р йæ хъуыр-хъуырæ й нæ банцад. — Дурзæ рдæ у уыцы чызг, уый уын æ з зæ гъын. Æ ви æ з Кларæ Брилл нал дæ н. Йæ фындз æ дзухдæ р схъæ лæ й дардта. Йæ фæ стæ къухмæ рзæ ны гæ ппæ л дæ р нæ ныууагъта. Курын дæ, мистер Майкл, уæ лæ мæ сыст. — Йæ хъуыр-хъуырæ й не ’нцад миссис Брилл. — Куыд бирæ йын барстам, уый мæ м диссаг кæ сы. Йæ тæ ргæ йттæ æ мæ йæ хивæ нд митæ н. Мисс Джейн, уыйбæ рц цæ ппæ ртæ та дæ цæ мæ н хъæ уы? Æ нцад-ма иучысыл фæ лæ уу, дæ дзаумæ ттæ ласын мæ бауадз, мистер Майкл. Йæ бакаст уæ д та истæ йаг куы уыдаид. Фæ лæ йæ м ахæ мæ й дæ р ницы уыдис. Кæ й дзы фервæ зтыстæ м, уый, чи зоны, хуыздæ р у. Мисс Джейн, де ’хсæ вхуыссæ н хæ дон кæ м и? Дæ базы бын та цы ис?

Миссис Брилл базы бынæ й цыдæ р гыццыл тыхтон райста.

— Æ ри мын æ й! Цы у? Æ ри йæ ардæ м! — фæ хъæ р кодта Джейн æ мæ йын тыхтон йæ къухтæ й раскъæ фта.

Майкл йæ цуры февзæ рд æ мæ цымыдисæ й каст, тыхтон куыд хæ лдта, уымæ. Миссис Бриллы тыхтоны мæ т нæ уыд æ мæ фаззæ ттæ м ацыд.

Тыхтоны гæ ххæ тт зæ хмæ ’рхауд æ мæ Джейны къухы аззад ныв.

— Уый йæ хи ныв у! — загъта ныллæ г хъæ лæ сæ й Джейн æ мæ ныв йæ цæ стытæ м хæ стæ г бахаста.

Æ цæ гæ йдæ р, чысыл фæ лгæ ты уыдис Мэри Поппинсы ныв.

Майкл, цæ мæ й йæ хуыздæ р фена, уый тыххæ й йæ йæ къухмæ райста æ мæ йæ м кæ сынтыл фæ ци. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й нывимæ уыдис фыстæ г дæ р. Джейн æ й рафæ лдæ хта æ мæ йæ хъæ рæ й кæ сын райдыдта. «Мæ зынаргъ Джейн, Майклæ н хъыбыллæ радтон, дæ уæ н та — мæ ныв. Au revoire! Мэри Поппинс».

Къухфысты размæ цы дзырдтæ уыди, уыдон Джейны бон бакæ сын нæ уыди.

— Миссис Брилл, — ныхъхъæ р кодта Джейн. — Au revoire цы амоны?

— Оривуяр! — иннæ уатæ й йæ м рахъæ р кодта миссис Брилл. — Ныртæ ккæ, фæ лæ уу. Уый махæ рдыгонау нæ у. Уый цыма францагау у. Фæ лæ уу, фæ лæ уу. Мæ нмæ гæ сгæ, уый, демæ Хуыцау, зæ гъгæ, амоны. Фæ рæ дыдтæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, мисс Джейн, уыцы фыст «хæ рзбон», зæ гъгæ, амоны.

Джейн æ мæ Майкл кæ рæ дзимæ бакастысты. Сæ дыууæ йы цæ стытæ дæ р æ рттывдтытæ калдтой.

Мэри Поппинс цы зæ гъынмæ хъавыд, уый бамбæ рстой.

Майкл æ хсызгон улæ фт ныккодта.

— Алцыдæ р хорз у, — загъта уый ризгæ хъæ лæ сæ й. — Уый æ дзухдæ р, цы фæ дзуры, уый фæ кæ ны.

Æ мæ иуварс азылд.

— Майкл, кæ угæ кæ ныс? — бафарста йæ Джейн.

Майкл, йæ сæ рыл схæ цгæ йæ, загъта:

— Нæ гъ. Мæ цæ стытæ кæ уынц, мæ хæ дæ г — нæ.

Джейн йе ’фсымæ ры хуыссæ нмæ йе уæ хскæ й басхуыста. Лæ ппу куы ’рхуыссыди, уæ д ын Мэри Поппинсы ныв йæ къухы фæ сагъта.

— Ахсæ в дæ умæ фæ уæ д, — йæ хъусы йын бадзырдта Джейн æ мæ йæ Мэри Поппинсы хуызæ н хъæ ццулæ й æ рæ мбæ рзта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.