Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ СÆР. ДЖИГОЦЪИУ МИССИС ЭНДРЮ



Уыди сабатбон.

Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы æ вддæ сæ м хæ дзары тыргъы мистер Бэнкс термометрмæ каст æ мæ миссис Бэнксæ н дзырдта боныхъæ ды хабæ рттæ:

— Дымы хуссарæ рдыгæ й, температурæ — куыд æ мбæ лы, ахæ м; денджыз у сабыр. Ранæ й-рæ тты, чи зоны, æ мæ уара тæ рккъæ вда. Уæ вæ н ис, æ мæ тыхджын дымгæ рацæ уа. Цы бæ ллæ х та ’рцыди?

Йæ сæ рмæ ахæ м гыбар-гыбур райхъуыст, æ мæ йæ йæ ныхас æ рдæ гыл аскъуынын бахъуыд.

Асинтыл фæ зынд Майкл. Цыдæ р кæ й кодта, уый йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд. Уынæ ргæ нгæ, асинтыл бынмæ хизынмæ фæ ци. Йæ фæ стæ Мэри Поппинс. Йæ алы дæ ларм дæ р иу фаззон, афтæ мæ й йæ уæ раджы сæ рæ й Майклы размæ схойгæ цыд. Йæ фæ стæ, йæ къухы худтæ, афтæ мæ й æ рцæ йхызт Джейн.

— Зын æ рмæ ст фыццаг къахдзæ ф вæ ййы, — зондамонæ гау дзырдта Мэри. — Æ рхиз, дæ хорзæ хæ й.

Мистер Бэнкс йæ термометр иуварс æ рæ вæ рдта æ мæ Майклмæ кæ сыныл фæ ци.

— Цы кæ ныс?.. — тызмæ гæ й бафарста мистер Бэнкс.

— Нæ мæ фæ нды тезгъо кæ нынмæ цæ уын! Мæ ног паровозимæ хъазын мæ м хуыздæ р кæ сы! — дзуапп радта Майкл.

— Æ дылы ныхæ стæ ма кæ н, мæ хъæ бул! — бауайдзæ ф ын кодта йæ мад. — Тезгъо кæ нын æ нæ мæ нг хъæ уы. Фистæ гæ й куы цæ уай, уæ д дын уыдзæ н даргъ æ мæ тыхджын къæ хтæ!

— Æ з цыбыр къæ хтæ уарзын! — йæ хи фæ ндыл фидар лæ ууыд Майкл — æ мæ асины иннæ къахмæ æ нæ барыгомау æ ргæ пп кодта.

— Æ з, гыццыл лæ ппу куы уыдтæ н, уæ д тезгъо кæ нын бирæ уарзтон, — загъта фыд. — Алы бон дæ р-иу мæ хъомылгæ нæ гимæ дыккаг телыхъæ ды онг æ мæ фæ стæ мæ тезгъо кодтон. Æ мæ иу хатт дæ р никуы схъуыр-хъуыр кодтон.

Майкл фæ лæ ууыд æ мæ æ нæ ууæ нк цæ стæ й бакаст мистер Бэнксмæ.

— Æ цæ г уыдтæ гыццыл лæ ппу? — дисхуызæ й бафарста Майкл.

Мистер Бэнксы зæ рдæ мæ уыцы ныхæ стæ нæ фæ цыдысты.

— Уæ дæ куыд æ нхъæ лдтай?! Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы! Уыимæ диссаджы зæ рдæ мæ дзæ угæ гыццыл лæ ппу. Уыдис мын сызгъæ ринхуыз къæ бæ лдзыг сæ рыхъуынтæ. Нывæ фтыд хæ дон æ мæ мыл хъæ дабæ хæ лаф куыд фидыдтой, уый та! Мæ цæ ппæ рджын батинкæ тæ м мын иууылдæ р хæ лæ г кодтой.

— Дæ ныхæ стыл не ’ууæ ндын! — загъта Майкл, — æ мæ, йæ размæ схойæ г нал хъуыд, афтæ мæ й цалдæ р гæ ппæ н йæ фыды раз балæ ууыд.

— Дæ хъомылгæ нæ джы ном цы хуынди? — бафарста Джейн, уый дæ р йæ фыды цур алæ ууыд. — Хорз хъомылгæ нæ г уыди?

— Йæ ном хуынди миссис Эндрю. Хуыцауы ’лгъыст!

— Тс-с! — уайдзæ фгæ нæ гау сдзырдта миссис Бэнкс.

— Æ з зæ гъынмæ хъавыдтæ н, — йæ ныхас иннæ рдæ м фездæ хта мистер Бэнкс, — мæ хъомылгæ нæ г тынг тызмæ г кæ й уыди. Стæ й æ дзухдæ р — раст. Фыдуаг митæ кæ нын нæ уагъта. Чи цы аккаг уыди, ахæ м бынаты-иу æ й авæ рдта! Ахæ м уыди ме ’нæ ферохгæ нгæ мисс Эндрю.

Йæ хъомылгæ нæ джы æ рымысгæ йæ -иу мистер Бэнксæ н æ дзухдæ р йæ ных анцъылдтæ. Афтæ уыди ныр дæ р.

Уыцы рæ стæ г райхъуыст дзæ нгæ рæ джы дзинг-дзинг.

Дуар байгом кодта мистер Бэнкс йæ хæ дæ г.

Æ рбахизæ ны лæ ууыд лæ ппу. Уый уыди телтæ хæ ссæ г.

— Тагъд сæ мбæ лын кæ нын кæ й хъæ уы, ахæ м тел Бэнксы номыл. Дзуапп уыдзæ н? — æ мæ мистер Бэнксы къухы фæ сагъта бурбын къонверт.

— Кæ д дзы хорз хабæ рттæ уа, уæ д хæ рзæ ггурæ ггаг райсдзынæ, — зæ рдæ йын бавæ рдта мистер Бэнкс æ мæ къонверт гом кæ нынмæ фæ ци. Тел бакаст æ мæ афæ лурс. — Дзуапмæ ма ’нхъæ лмæ кæ с, — загъта æ нкъардæ й мистер Бэнкс.

— Æ ппындæ р мын ницы ратдзынæ?

— Ницы!

Телтæ хæ ссæ г æ м æ нкъардæ й бакаст æ мæ зæ рдæ састæ й аздæ хт.

— О Хуыцау, цы ’рцыди уагæ ры? — бафарста миссис Бэнкс. — Исчи фæ рынчын?

— Фыддæ р! — дзуапп радта æ нкъард хъæ лæ сæ й мистер Бэнкс.

— Дæ куыстæ й дæ систой? — тарстхуызæ й бафарста миссис Бэнкс, афæ лурс уæ вгæ йæ.

— Уымæ й дæ р фыддæ р! Барометр тæ рккъæ вда æ мæ тыхджын дымгæ йæ хуымæ тæ джы зæ рдæ не ’вæ рдта. Хъус уæ дæ.

Тел алæ гъзытæ кодта æ мæ бакаст: «Мæ йы æ мгъуыдмæ уæ м фæ цæ уын. Абон æ ртæ сахатыл уым уыдзынæ н. Кæ м хуысдзынæ н, уыцы уаты пецы арт бандзарут. Юфимия Эндрю».

— Эндрю? Дæ хъомылгæ нæ джы дæ р афтæ хуыдтой! — загъта Джейн.

— Омæ уый мæ хъомылгæ нæ г у! — мæ стæ й тъæ ппытæ хауд, афтæ мæ й, уаты сдыууæ рдæ м уæ вгæ йæ, дзуапп радта мистер Бэнкс. — Йæ ном Юфимия хуыйны. Уый ныртæ ккæ ис фæ ндагыл. Абон æ й ардæ м хъæ уы. Æ ртæ сахатыл! — æ мæ хъæ рæ й ныхъхъæ рзæ гау кодта.

— Уый ахæ м æ взæ р хабар нæ у, мæ ахсджиаг! — загъта миссис Бэнкс æ мæ æ хсызгонæ н сулæ фыд. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уазджыты уат æ фснайгæ ’рцæ удзæ н, фæ лæ уым зынæ й ницы ис. Æ хсызгон мын уыдзæ н, зæ рдæ мæ хæ стæ г зæ ронд ус...

— Зæ рдæ мæ хæ стæ г зæ ронд ус?! — йæ хъуыры абадт мистер Бэнкс. — Цы дзурыс, уый дæ хæ дæ г дæ р не ’мбарыс. Зæ рдæ мæ хæ стæ г! Цæ мæ й у зæ рдæ мæ хæ стæ г? Мæ нæ уал æ рбацæ уа æ мæ йæ фенай! Чысыл-ма банхъæ лмæ кæ с!

Йæ худ æ мæ йæ плащмæ фæ лæ бурдта.

— Цытæ кæ ныс, мæ зынаргъ! — фæ хъæ р кодта миссис Бэнкс. — Уый æ нæ уæ здандзинад у. Йæ размæ дæ ацæ уын хъæ уы! Кæ дæ м рабæ лццон дæ?

— Кæ цæ й нал фæ зынон, уырдæ м! Зæ гъ ын-иу, амарди, зæ гъ! — йæ бинойнаджы хъæ ры бын фæ кæ нгæ йæ, фæ тъæ лланг ласта мистер Бэнкс æ мæ, мæ стæ й цæ хæ ртæ калгæ, дуары ’дде фæ ци.

— Майкл, дæ умæ гæ сгæ уыцы хъомылгæ нæ г цавæ р хъуамæ уа? — бафарста Джейн.

— Иу гæ ды, дам, фырцымыдисæ й йæ уд фелвæ ста, — загъта Мэри Поппинс. — Уæ худтæ -ма ныккæ нут.

Фаззæ тты уæ рдоны нывæ рдта, æ мæ уæ рдон тагъдгомау уынгмæ фæ цæ йтылдта. Джейн æ мæ йæ Майкл тыххæ й æ ййæ фтой.

— Абон кæ дæ м цæ уæ м, Мэри Поппинс? — бафарстой сабитæ.

— Паркыл æ ртын фарæ стæ м автобусы фæ ндагыл ацæ удзыстæ м Хайстриты онг, хидыл фаллаг фарсмæ бахиздзыстæ м, уырдыгæ й æ фсæ нфæ ндаджы сæ рты бахизæ ны рæ зты — нæ химæ! — тызмæ г дзуапп радта Мэри Поппинс.

— Уæ д нæ æ хсæ в-бонмæ цæ уын куы бахъæ удзæ н! — Джейны хъусы хъуырхъуыргæ нæ гау бадзырдта Майкл. — Æ мæ, мисс Эндрю куыд æ рбацыд, уый нæ фендзыстæ м.

— Уый æ нæ хъæ н мæ й уыдзæ н ам, — Джейн ын йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кодта телы мидис.

— Уый зонын, фæ лæ мæ н йе ’рбацыд фенын фæ ндыд.

— Рæ вдздæ р цæ ут! — бауайдзæ ф сын кодта Мэри Поппинс. — Сæ тæ лхъузджытæ куы не стут, мыййаг!

Куы йæ баййæ фтой, уæ д сæ иудзæ вгар баурæ дта, цæ мæ й, кæ сæ гтæ уæ йгæ нæ н дуканийы рудзынгыл цы стыр кæ сæ н уыди, уырдæ м йæ химæ, йæ зæ рдæ цас зæ гъы, уыйбæ рц фæ кастаид. Йæ уæ лæ уыди сырх дзæ ццытæ й аивгонд ног урс кофтæ. Кæ сæ ны йæ хи уынгæ йæ, йæ зæ рдæ кæ й барухс, уый йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд. Цæ мæ й йæ кофтæ хуыздæ р разындаид, уый тыххæ й йæ пъалтойы цæ ппæ ртæ суагъта. Йæ химæ уæ дæ й рæ сугъддæ р никуыма фæ каст. Афтæ йæ м каст, цыма, кæ сæ ны фæ йнæ фарс цы кæ сæ гты нывтæ уыд, уыдон дæ р йæ цæ стыты æ рттывд æ нкъарынц æ мæ уый хуызæ н цин кæ нынц йæ рæ сугъддзинадыл...

Æ ппынфæ стаг, кæ сæ нмæ йæ хицæ н йæ сæ рæ й акувгæ йæ, дарддæ р араст.

Хай-стритыл кæ ронмæ ацыдысты, хиды сæ рты бахызтысты. Æ фсæ нвæ ндаджы сæ рты бахизæ н фæ сте куы аззад, уæ д Джейн æ мæ Майкл дугъ радтой æ мæ æ нæ рлæ угæ йæ фæ тахтысты суанг Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы тигъмæ.

— Ура! Такси! Уый, æ вæ ццæ гæ н, мисс Эндрю æ рбацыд.

Сабитæ тигъыл æ рлæ ууыдысты æ мæ, таксийæ сæ цæ ст нæ исгæ йæ, æ нхъæ лмæ кастысты Мэри Поппинсмæ. Такси сабыргай цыди цæ хгæ рмæ уынджы, стæ й æ ппынфæ стаг æ рлæ ууыд æ вддæ сæ м хæ дзары дуармæ. Æ рлæ ууыди хъæ рзгæ æ мæ хъысхъысгæ нгæ, уымæ н æ мæ цæ лхытæ й суанг йæ сæ рмæ дзаг уыди алыхуызон уæ ргътæ й. Машинæ йæ, зæ гъæ н уыд, æ мæ ницыуал зынд. Чумæ дантæ амад уыдысты йæ сæ рыл, баст уыдысты йæ фæ рстæ м, цалдæ р та дзы æ рзæ бул йæ чъылдыммæ. Рудзгуытæ й зындысты чырынтæ, дзæ къултæ, голлæ гтæ. Схизæ нтыл баст уыди алыхуызон къоппытæ. Суанг ма шофыры æ мбуар дæ р уыди цыдæ р тыхтæ ттæ.

Æ ппынфæ стаг уыдоны бынæ й разынд шофыр. Цыма бæ рзонд хохæ й хызт, уый хуызæ н арæ хстгай зæ ххыл æ рæ нцад æ мæ фæ стаг дуар байгом кодта.

Уырдыгæ й сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ ратахт, батинкæ тæ кæ м вæ ййы, ахæ м къопп, йæ фæ стæ — гæ ххæ тты дынджыр тыхтон, стæ й бæ ттæ нæ й баст зонтыкк æ мæ лæ дзæ г. Æ ппæ ты фæ стæ гуыргуыргæ нгæ сæ рибармæ раирвæ зт дынджыр тæ раз æ мæ шофыры скъуырдта.

— Арæ хстгайдæ р æ внал, уыдон зынаргъ дзаумæ ттæ сты! — таксийæ райхъуыст бæ зджын хъæ лæ с.

— Æ з та зынаргъ шофыр дæ н! — дзуапп радта таксист. Фестад æ мæ йæ уæ раджы цæ ф аууæ рста. — Уый дæ, мæ нмæ гæ сгæ, ферох.

— Мæ фæ ндагæ й иуварс ацæ ут! Фæ хизын! — дзуаппы бæ сты райхъуыст арвынæ рдæ нгæ с хъæ лæ с.

Æ мæ машинæ мæ хизæ н къæ пхæ ныл фæ зынд æ вирхъау дынджыр къах. Сабитæ цæ рæ нбонты ахæ м никуыма федтой. Уый фæ стæ радыгай зынын райдыдтой мисс Эндрюйы буары иннæ хæ йттæ дæ р.

Мисс Эндрюйыл уыди цæ рмын æ фцæ гготджын æ вæ джиауы дынджыр пъалто. Йæ сæ рыл — уæ рæ хчъил нæ лгоймаджы худ. Йæ иу къухæ й хæ цыди йæ дæ ллаггуыры фæ дджийыл, иннæ мæ й та — чырынтæ хъуымацы тыхт цавæ рдæ р тымбыл цыдæ рыл.

Сабитæ быруйы фæ стæ сæ хицæ н нæ тарстысты æ мæ машинæ мæ хæ стæ гдæ р бацыдысты, цæ мæ й сæ м алцыдæ р хуыздæ р зындаид, уый тыххæ й. Сылгоймагæ н уыдис цæ ргæ сы хуызæ н гуыбыр фындз, фыдынд дзых. Йæ гыццыл цæ стытæ кæ сæ нцæ стытæ й налат каст кодтой.

Мисс Эндрю таксистимæ сбыцæ у. Йæ тыхджын хъæ лæ с сабиты, чысыл ма бахъæ уа, ма бакъуырма кæ на.

— Цыппар шиллинджы æ мæ æ ртæ пенсы! Ничи йæ м хъусы! — загъта уый. — Адæ ймаг мæ сты дæ р куыннæ кæ на?! Уыцы æ хцатæ й æ з дунейы алыварс æ рзылдаин. Нæ дын бафиддзынæ н! Пъæ лицæ мæ дыл бахъаст кæ ндзынæ н!

Шофыр йе уæ хсчытæ базмæ лын кодта.

— Кæ й дæ ’рбаластон, уый тыххæ й æ хца фидын хъæ уы, мадам, — загъта сабырæ й таксист. — Кæ д дыл цæ стытæ ис, уæ д нымайæ нмæ бакæ с. Таксийы лæ вар ратæ хбатæ хгæ нæ н нæ й. Уæ лдайдæ р — ахæ м уæ ргътимæ!

Мисс Эндрю, йæ фындз мæ сты марзт ныккæ нгæ йæ, йæ дынджыр дзыпмæ нывнæ лдта æ мæ дзы тынг гыццыл æ хцадон систа. Уырдыгæ й та — лыстæ г æ хца. Таксист æ хца райста, йæ къухы йæ аразил-базил кодта, цыма, кæ й никуыма федта, ахæ м дзаума уыди, уый хуызæ н, æ мæ мæ сты худт бакодта.

— Цай цæ мæ й балхæ нон, уый мын дæ ттыс? — йæ маст тыххæ й уромгæ йæ, бафарста шофыр.

— Æ ппындæ р нæ! Кæ й мæ ’рбаластай, уый тыххæ й! Æ з цайæ н æ хцадæ тджытæ й нæ дæ н, — дзуапп радта мисс Эндрю.

— Уый бæ рæ г у! — загъта шофыр æ мæ йын йæ цæ стытæ м комкоммæ бакаст. Стæ й, цыма йæ хицæ н дзырдта, уый хуызæ н загъта: — Йæ уæ ргътæ парчы æ мбис бацахсиккой, æ мæ, дам, æ з цайæ н æ хцадæ тджытæ й нæ дæ н! Сылгоймаг нæ, фæ лæ — халон!

Уыцы ныхæ стæ мисс Эндрю нæ фехъуыста. Кæ ртмæ бахизæ н дуары цур сабиты ауыдта æ мæ сæ м хæ стæ гдæ р бацыд.

— Мæ нмæ кæ сут? — райхъуыст йæ бæ зджын хъæ лæ с. Йæ мидбылты бахудын йæ зæ рды уыд, фæ лæ дзы ницы рауад. — Сымах, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ з чи дæ н, уый нæ зонут?

— Зонæ м, зонæ м! — хъæ лдзæ гæ й дзуапп радта Майкл. Эндрюимæ базонгæ уæ вын æ й тынг кæ й фæ ндыд, уый йæ хъæ лæ сыл дæ р бæ рæ г уыд. — Ды дæ Хуыцауы æ лгъыст!

Мисс Эндрюйы цæ сгом суанг йæ фæ схъустæ м сырх-сырхид афæ лдæ хт.

— Ды тынг æ нæ гъдау, æ нæ хъола лæ ппу дæ. Дæ фыдыл дæ ардаудзынæ н!

Майкл æ м дисгæ нгæ йæ бакаст.

— Æ з дæ бафхæ рынмæ нæ хъавыдтæ н, — загъта Майкл. — Уый мæ фыд загъта, цыма ды...

— Ныхъхъус у! Мемæ быцæ у кæ ныны бар дын нæ дæ ттын! — загъта мисс Эндрю æ мæ Джейнмæ йе ’ргом аздæ хта. — Ды та, мæ нмæ гæ сгæ, Джейн дæ? Уыцы ном мæ зæ рдæ мæ никуы цыд!

— Дæ бон хорз! — уæ зданæ й йын салам радта Джейн, кæ д Юфимия ном йæ зæ рдæ мæ нæ цыд, уæ ддæ р.

— Дæ къаба æ гæ р цыбыр у! — райхъуыст та йæ нæ ргæ хъæ лæ с. — Цъындатæ та дыл цæ уылнæ ис? Мæ заманы чызджытæ гомзæ нгæ й никуы цыдысты! Дæ мадимæ мæ аныхас кæ нын бахъæ удзæ н.

— Æ з цъындатæ нæ уарзын, — загъта Джейн. — Цъындатæ æ рмæ ст зымæ джы фæ дарын.

— Къулбадæ г митæ! Сывæ ллæ ттæ хъуамæ сæ дзыхыл хæ цой! — фæ хъæ р кодта Эндрю.

Уæ рдонмæ æ ргуыбыр кодта æ мæ фаззæ ттæ н салам радта сæ рустæ нылхысчъытæ кæ нынæ й.

Джон æ мæ Барби ныккуыдтой.

— Фу! Уыдон цавæ р миниуджытæ сты? — райхъуыст Эндрюйы бæ зджын хъæ лæ с. — Сондон æ мæ сын мырæ г (патокæ ) нæ фаг кæ ны, — æ мæ, Мэри Поппинсмæ раздæ хгæ йæ, загъта. — Раст хъомылгонд сывæ ллæ ттæ афтæ нæ фæ кæ уынц. Сондон æ мæ сын мырæ г дæ ттут. Стæ й, куыд гæ нæ н ис, афтæ — фылдæ р. Уый уæ рох ма уæ д!

— Бузныг дæ ныхæ стæ й, æ хсин, — загъта Мэри Поппинс уазал хъæ лæ сыуагæ й, — фæ лæ, сывæ ллоны куыд хъомыл кæ нын хъæ уы, уый мæ хæ дæ г хуыздæ р зонын, уынаффæ хъуаг нæ дæ н.

Мисс Эндрюйы Мэрийы ныхæ стæ дисы бафтыдтой. Цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ м афтæ фæ каст, цыма йæ йæ хъустæ фæ сайдтой.

Мэри Поппинс æ м касти сабыр, фæ лæ ныфсджын цæ стæ нгасæ й.

— Хъус-ма, — загъта мисс Эндрю, йе ’муд куы ’рцыд, уæ д. — Цыма дæ химæ æ гæ ртæ исыс, афтæ дæ м нæ кæ сы? Цы ’взагæ й дзурыс мемæ? Æ вæ ццæ гæ н мæ, цæ мæ й ацы хæ дзары дæ дымгæ дæ р мауал уа, ууыл бацархайын хъæ удзæ н. Мæ ныхæ стæ дæ зæ рдыл бадар!

Кæ ртмæ бахизæ н дуар байгом кодта æ мæ, чырынтæ хъуымацы тыхт уаргъ тилгæ, къахвæ ндагыл хæ дзармæ фæ цæ уæ г. Йæ алы къахдзæ фæ н дæ р дзырдта «Фу» æ мæ «Фи»!

Миссис Бэнкс йæ размæ разгъордта.

— Мидæ мæ, мидæ мæ, мисс Эндрю. Алы бон æ гас цу! — ныццин ыл кодта сылгоймаг. — Нæ зæ рдæ тæ нын барухс кодтай, кæ й фæ зындтæ, уымæ й. Дæ фæ ндагæ й разыйæ кæ й баззадтæ, уый мæ уырны.

— Ма дæ уырнæ д! — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта мисс Эндрю. — Фæ ндæ гтыл цæ уынæ й ме сæ фт уынын.

Уыцы ныхæ стæ дзургæ йæ, мисс Эндрю æ лхынцъæ рфыгæ й дыргъдоныл йæ цæ ст æ рхаста.

— Уæ митæ мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уынц! — загъта æ нæ рвæ ссонхуызæ й. — Сæ тæ ккæ бындзарæ й сæ стонут, — æ мæ йæ къухæ й æ хсынæ ны æ взартæ м ацамыдта. — Сæ бæ сты сын дидинджытæ ныссадзут. Уыдоныл къаддæ р фыдæ бон и. Æ хца æ мæ рæ стæ г дæ р сфæ стауæ рц кæ ндзыстут. Стæ й зæ хх дæ р фидауцджындæ рæ й разындзæ н. Ноджы хуыздæ р та уыдзæ н, бетонæ й йæ куы бамбæ рзат, уæ д. Уæ кæ рт кæ рты хуызæ н фæ уыдзæ н.

— Æ з, — къуызгæ хъæ лæ сæ й райдыдта миссис Бэнкс, — дидинджытæ фылдæ р уарзын.

— Дзæ гъæ л ныхæ стæ! Ницытæ æ мæ мацытæ! Сылгоймаджы рог митæ! Уæ сывæ ллæ ттæ æ нæ гъдау сты. Уæ лдайдæ р лæ ппу!

— Майкл, дисы мæ бафтыдтай! Раст дзуры мисс Эндрю? Ныртæ ккæ дзы хатыр ракур!

Миссис Бэнксæ н йæ равг æ рбайхæ лд.

— Мамæ, æ з ын æ взæ рæ й ницы загътон. Æ з ын... — Майкл, цы ’рцыди, уый йын радзурынмæ хъавыд, фæ лæ йæ мисс Эндрюйы тыхджын хъæ лæ с басабыр кодта.

— Дæ лæ ппу мæ бафхæ рдта, — загъта мисс Эндрю. — Æ вæ стиатæ й йæ пансионмæ арвитын хъæ уы! Чызгæ н та хъомылгæ нæ г бацагурут. Уæ вгæ йын мæ хæ дæ г ссардзынæ н. Чи сæ м кæ сы, — æ мæ цæ стæ нгасæ й Мэри Поппинсмæ ацамыдта, — уый тыххæ й та афтæ зæ гъдзынæ н: æ вæ стиатæ й йæ арвитын хъæ уы, хуырым æ мæ гуымиры кæ й у, уый тыххæ й. Æ ууæ нк ыл нæ й!

Миссис Бэнкс фырадæ ргæ й цы акодтаид, уый нал зыдта.

— Баууæ нд мыл, мисс Эндрю, рæ дийыс. Мэри Поппинс агургæ æ мæ æ нæ аргæ хæ зна у!

— Ды ницы ’мбарыс. Æ з ныронг дæ р никуыма фæ рæ дыдтæ н. Цы дзы дарут, уый йын раттут æ мæ йæ феддæ дуар кæ нут!

Æ мæ мисс Эндрю къахвæ ндагыл хæ дзармæ фæ цæ уæ г.

Миссис Бэнкс тарст æ мæ зæ рдæ састæ й йæ фæ дыл фæ цагайдта.

— Æ з... ммм... Мæ нмæ гæ сгæ, мисс Эндрю, махмæ дæ зæ рдæ мæ фæ цæ удзæ н, — загъта рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й миссис Бэнкс, фæ лæ йæ хинымæ р афтæ нæ хъуыды кодта.

— Гм! Хæ дзар, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, сæ раппæ линæ гтæ й нæ у, загъта мисс Эндрю. — Æ нæ зылд, чъизи! Ахæ м уавæ рæ н быхсæ н куыд ис? Пълотникмæ уæ фæ дзурын хъæ уы. Фæ стаг хатт ма къултæ чъырæ й кæ д сцагътат? Чъизийæ сæ м бакæ сæ н куы нæ и.

Миссис Бэнкс йæ былыл дæ ндагæ й ныххæ цыд. Уазæ джы ныхæ стæ йын йæ хæ рзæ фснайд, аив хæ дзар дæ лæ мæ дзыд къæ с фестын кодтой æ мæ æ рæ нкъард.

— Райсом сæ сцæ гъддзыстæ м, — багуым-гуым кодта миссис Бэнкс.

— Цæ мæ н райсом, абон цæ уылнæ? Райсом никуы ралæ ууы, уый нæ зоныс? Уæ дуар та урс цæ мæ н сахуырстат? Хуыздæ р уыдаид тар морæ хуыз. Асламдæ р, стæ й йыл чъизи дæ р афтæ нæ хæ цыдаид. Уæ ртæ ма уыцы сау стъæ лфытæ м бакæ с. Дардмæ дæ р бæ рæ г дарынц. — Йæ хæ ссинаг тыргъы æ рæ вæ рдта æ мæ сау стъæ лфытæ амонынмæ фæ ци: — Мæ нæ! Уæ ртæ! Ноджыдæ р ма уæ ртæ! Нымæ ц дæ р сын нæ й. Худинаг æ мæ аллайаг!

— Æ нæ мæ нг уыдоны куыст бакæ ндзынæ н! — аххосджынау ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта миссис Бэнкс. — Дæ уатмæ схизын дæ нæ фæ нды?

Мисс Эндрю æ фсины фæ стæ хæ дзармæ араст.

— Пец дзы кæ й ис, ууыл мæ зæ рдæ дарын.

— Ис дзы. Мæ нæ ардæ м, мисс Эндрю. Роберт Эй дын дæ дзаумæ ттæ ’рбахæ сдзæ н.

— Хорз. Зæ гъ ын, æ мæ арæ хстгай æ внала! Мæ хостæ æ вгты конд сты, æ мæ сæ ма асæ ттæ д. Ме ’нæ низдзинадмæ мæ иудадзыг мæ хъус дарын хъæ уы.

Мисс Эндрю, йæ алыварсмæ кæ сгæ йæ, асинтыл хизынмæ фæ ци.

— Обойæ тæ ивинаг сты. Уый тыххæ й мæ Джорджимæ аныхас кæ нын хъæ удзæ н. Мæ размæ та цæ уылнæ рацыд? Уый йе ’нæ уæ здандзинадыл дзуры. Куыд кæ сын, афтæ мæ й йе ’взæ р миниуджытыл йæ къух нæ ма систа.

Асинтыл куыд уæ лдæ р хызт, афтæ йæ бæ зджын хъæ лæ с мынæ гæ й-мынæ гдæ р кодта. Миссис Бэнксы бон йæ уазæ джы ныхмæ сдзурын нæ уыд, æ мæ йæ хъæ лæ с æ ппындæ р нал хъуыст.

Майкл, Джейнмæ раздæ хгæ йæ, бафарста.

— Джордж кæ й хоны?

— Папæ йы.

— Папæ йы иууылдæ р Бэнкс нæ хонынц?

— О, фæ лæ йын ном дæ р ис. Йæ ном Джордж хуыйны.

Майкл арф ныуулæ фыд:

— Мæ й тынг бирæ у. Раст нæ зæ гъын?

— О... Цыппар къуырийы æ мæ ма цалдæ р боны, — дзуапп радта Джейн. — Йæ хинымæ р куыд хъуыды кодта, афтæ мæ й йæ м уыцы мæ й мисс Эндрюимæ афæ дзæ й даргъдæ р каст.

Майкл йæ хомæ хæ стæ гдæ р балæ ууыд.

— Хъус-ма, — æ мæ йын йæ хъусы бадзырдта: — куыд дæ м кæ сы, Мэри Поппинсы сын асурын кæ ндзæ н?

— Æ нхъæ л нæ дæ н. Фæ лæ мæ м цыдæ р æ нахуыр кæ сы. Папæ нæ хицæ й кæ й ацыд, уый хуымæ тæ джы нæ уыд.

— Æ нахуыр!

Уыцы ныхас арвы нæ рынау сæ сæ рмæ гуыр-гуыр кодта. Сабитæ фæ стæ мæ фæ кастысты. Мэри Поппинс уазæ джы фæ стæ ахæ м æ нæ уынон цæ стæ й каст, æ мæ йæ амарын дæ р йæ бон уыд.

— Æ нахуыр! — былысчъилгæ нæ гау сфæ лхат кодта. — Уый æ гæ р уæ здан ныхас у. Сывæ ллæ тты хъомыл кæ нын, дам, нæ зоныс. Гуымиры æ мæ, дам, хуырым дæ н? Суанг ма мыл æ ууæ нк дæ р нæ й. Уый бæ рæ г уыдзæ н!

Джейн æ мæ Майкл Мэри Поппинсы æ ртхъирæ нтыл ахуыр уыдысты, фæ лæ абон йæ хъæ лæ с уæ лдай тызмæ гдæ р уыд.

Æ нæ дзургæ йæ йæ м кастысты, фæ лæ, дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ н ницы зыдтой.

Уыцы рæ стæ г райхъуыст цавæ рдæ р уынæ р. Кæ нæ кæ йдæ р арф улæ фт уыд, кæ нæ æ хситт.

— Уый цы уыди? — бафарста Джейн.

Уынæ р та ногæ й райхъуыст. Ацы хатт хъæ рдæ рæ й. Мэри Поппинс æ ргуыбыр кодта æ мæ йæ галиу хъус тыргъы ’рдæ м бадардта.

Ногæ й та райхъуыст цъыбар-цъыбур. Ацы хатт — ноджы хъæ рдæ рæ й. Мэри Поппинс, мисс Эндрю йæ чырынтæ хъуымацæ й æ мбæ рзт хæ ссинаг кæ м æ рæ вæ рдта, уырдæ м бауад, æ мбæ рзæ н фелвæ ста æ мæ дзы ауыдта маргъы къалати. Мидæ гæ й дзы рæ вдуанхъæ дыл, йæ базыртæ ныппака сты, афтæ мæ й фæ лæ бурынæ ввонгæ й бадти морæ цъиу. Рухсмæ йæ цæ стытæ фæ тъæ бæ ртт-фæ тъæ бæ ртт кодтой, стæ й тарстхуызæ й йæ алыварс ахъахъхъæ дта. Мэри Поппинсы куы ауыдта, уæ д фырдиссагæ й хæ рдмæ сгæ пп кодта. Стæ й йæ бырынкъ фегом æ мæ йæ цъыс-цъыс ссыд. Джейн æ мæ Майкл ахæ м тæ ригъæ ддаг цъыс-цъыс никуыма фехъуыстой.

— Уымæ н уæ вæ н нæ й! Ай-ай-ай! Æ ви уый у?.. Цытæ дзурыс? — загъта Мэри Поппинс æ мæ йæ сæ р тæ ригъæ дгæ нæ гау дыууæ рдæ м батылдта.

— Чирп-чирруп! — загъта цъиу æ мæ йæ базыртæ фæ ллад уагъд æ ркодта.

— Цас? Дыууæ азы?! Ацы къалатийы? Худинаг æ мæ аллайаг! — загъта Мэри Поппинс, æ мæ фырмæ стæ й йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт.

Сабитæ фырдисæ й цавдуртау лæ ууыдысты.

Цъиу адæ ймаджы ’взагæ й иу ныхас дæ р не скодта, афтæ мæ й Мэри Поппинс йемæ дзырдта адæ ймагау.

— Цы дзурынц? — бафарста Майкл, фæ лæ йæ Джейн дарддæ р дзурын нал бауагъта. Цæ мæ й йæ дзыхыл фæ хæ ца, уый тыххæ й ма йын йæ рæ мбыныкъæ дз дæ р фелхыскъ кодта.

Цъиу æ фтуанхъæ дыл Мэри Поппинсмæ хæ стæ гдæ р бауад æ мæ йæ, цыма цæ мæ йдæ р фарста, ахæ м хъæ лæ сæ й базарыд.

Мэри Поппинс иуцасдæ р ахъуыды кæ ныны фæ стæ загъта:

— Афтæ дард нæ у. Тæ хын æ м иу сахаты бæ рц бахъæ удзæ н, хуссарæ рдæ м.

Цъиу бахъæ лдзæ г. Æ фтуанхъæ дыл скафæ гау кодта, йæ базыртæ батылдта. Æ рдæ бонæ й ноджы зæ ланггæ нагдæ р хъæ лæ сæ й базарыд æ мæ лæ гъстæ хуызæ й Мэри Поппинсмæ бакаст.

Мэри Поппинс асинтыл йæ цæ ст æ рхаста.

— Фæ нды мæ æ ви нæ, уымæ й мæ фæ рсыс? Куыннæ мæ хъуамæ фæ нда?! Æ рдæ бон æ м нæ хъуыстай? Æ ууæ нк, дам, ыл нæ й. Уый мæ ныл! — Æ мæ æ лгъгæ нæ гау ныффутт кодта.

Цыма худгæ кодта, уый хуызæ н маргъы уæ хсчытæ базмæ лыдысты.

Мэри Поппинс къалатимæ æ ргуыбыр кодта.

— Цы кæ нынмæ хъавыс, Мэри Поппинс? — йæ хиуыл хæ цын нал бафæ рæ зта Майкл. — Ай цавæ р маргъы мыггаг у?

— Джигоцъиу, — къалатийы дуар гом кæ нгæ йæ, цыбыр дзуапп радта Мэри Поппинс. — Джигоцъиуы къалатийы ды уыныс фыццаг æ мæ фæ стаг хатт! — Æ мæ къалатийы дуар фегом кодта.

Маргъ йæ базыртæ фæ пака кодта æ мæ хъæ лдзæ г цъыбарцъыбургæ нгæ стахти. Иу зылд æ ркодта æ мæ Мэри Поппинсы уæ хскыл абадт.

— Куыд у? — бафарста йæ Мэри Поппинс. — Афтæ хуыздæ р у?

— Чирр-ап! — сразы йемæ маргъ æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

— Уæ дæ тæ хгæ! — загъта Мэри. — Ныртæ ккæ йæ ардæ м хъæ уы.

Уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, джигоцъиу ноджы хъæ рдæ рæ й ныззарыд. Йæ базыртæ й Мэри Поппинсы рустæ рæ вдаугæ æ мæ йæ сæ р разыйы тылд кæ нгæ йæ.

— Уыдзæ н, уыдзæ н, — хъуырхъуыргæ нгæ йын дзуапп лæ вæ рдта Мэри Поппинс. — Уый тыххæ й мын арфæ кæ нын нæ хъæ уы. Мæ хицæ н дæ уæ й æ хсызгондæ р у. Джигоцъиуы къалатийы уынын мæ бон нæ у. Стæ й мæ куыд бафхæ рдта, уый дæ р дæ, мæ нмæ гæ сгæ, нæ ферох.

Джигоцъиу йæ сæ р фæ стæ мæ аппæ рста æ мæ йæ базыртæ батылдта. Банхъæ лæ н уыд, цыма йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н ныххудти. Стæ й æ ргуыбыр кодта æ мæ йæ сæ р, цыма цыдæ р фехъусынмæ хъавы, уый хуызæ н иуварсæ рдæ м фæ къул.

— Куыд мæ айрох, — райхъуыст уæ ле зонгæ бæ зджын хъæ лæ с. Карузойы бынæ й ныууагътон. Уыцы чъизи тыргъы. Æ з æ м ныууайон.

Æ мæ мисс Эндрюйы къæ хты бын асинты тыхджын уынæ р райхъуыст.

— Цы? — миссис Бэнкс æ м цы фарст радта, уый сфæ лхат кæ ныны тыххæ й сдзырдта мисс Эндрю. — А-а, уый мæ джигоцъиу афтæ хуыйны. Раздæ р хорз зарыд æ мæ йæ Карузо уымæ н схуыдтон... Цы загътай? Нæ -а, ныр цæ мæ ндæ р гæ сгæ нал зары. Куы йæ ’рцахстон æ мæ йæ къалатийы куы бакодтон, уæ дæ й фæ стæ мæ йæ зарынæ й банцад. Ахæ м диссæ гтæ!

Куыд хæ стæ гдæ р кодта, афтæ йæ хъæ лæ с хъæ рдæ рæ й хъуыст.

— Ницы хуызы, — дзуапп радта миссис Бэнксы цавæ рдæ р фарстæ н. — Æ з æ й мæ хæ дæ г схæ сдзынæ н. Уыцы къулбадæ г сывæ ллæ ттыл æ й не ’ууæ ндын. Уæ асинты гæ зæ нхъæ дтæ ахоринаг сты! Стæ й æ вæ стиатæ й!

«Топ-топ! Топ-топ! » — хъуыстысты мисс Эндрюйы къахдзæ фтæ.

— Æ рбацæ уы! — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Мэри Поппинс. — Тæ хгæ! — æ мæ йе уæ хск фезмæ лын кодта.

— Рæ вдздæ р! — тарстхуызæ й фæ хъæ р кодта Майкл.

— Тагъддæ р! — загъта Джейн.

Джигоцъиуы сæ р фæ гуыбыр æ мæ йæ систæ й иу ратыдта.

— Чирр-чирр-чири-чирруп! — ныззарыди маргъ, йæ сис Мэри Поппинсы худы ленты атъыста, йæ базыртæ фæ пака сты æ мæ уæ лдæ фмæ стахт.

Уыцы уысм дуар байгом, æ мæ къæ сæ рыл фæ зынд мисс Эндрю.

— Уыдон та цавæ р диссæ гтæ сты?! — Майкл, Джейн æ мæ фаззæ тты ауынгæ йæ, фæ хъæ р кодта мисс Эндрю. — Нырмæ уæ хуыссæ нтæ нæ ма бацагуырдтат? Уый уын никæ й зæ рдæ мæ фæ цæ удзæ н! Æ гъдауджын сывæ ллæ ттæ, — æ мæ æ нæ уынон цæ стæ й бакаст Мэри Поппинсмæ, — æ гъдауджын сывæ ллæ ттæ хъуамæ изæ ры фондз сахатыл сæ хуыссæ нтæ бацагурой. Уый тыххæ й æ з æ нæ мæ нг уæ фыдимæ аныхас кæ ндзынæ н. — Фæ стæ мæ ракаст. — Кæ м æ рæ вæ рдтон мæ...

Æ васт йæ ныхæ стæ йæ хъуыры фæ бадтысты. Йæ къæ хты бын ауыдта къалати, йæ дуар уæ рæ х гом, афтæ мæ й.

Мисс Эндрю цавддурау фæ ци. Йæ цæ стытыл баууæ ндын æ й нæ фæ ндыд.

— Ай цавæ р диссаг у? Чи? Кæ д? Кæ дæ м? Кæ м? — ралæ хурдта уый, стæ й æ рæ джиау бафарста бæ зджын, тыхджын хъæ лæ сæ й:

— Чи бавнæ лдта къалатимæ?

Сабитæ базыр-зыр кодтой.

— Дуар чи байгом кодта?

Дзуапдæ ттæ г ын нæ фæ ци.

— Мæ джигоцъиу цы фæ ци?

Дзуапп та йын ничи радта.

Мисс Эндрю йæ цæ стæ нгас æ рхаста æ ппæ т сабитыл дæ р.

Æ рæ джиау йæ тызмæ г цæ стæ нгас æ рхæ ццæ Мэри Поппинсмæ дæ р.

— Уый ды уыдтæ! — фæ хъæ р кодта мисс Эндрю æ мæ йæ дынджыр æ нгуылдзæ й ацамыдта Мэримæ. — Дæ фындзыл бæ рæ г у! Куыд бауæ ндыдтæ? Тæ ккæ абон ацы хæ дзарæ й ахъуытты уыдзынæ! Дæ дымгæ дæ р ам куыднæ уал уа, афтæ! Налат, къæ йных, ницæ йаг!..

— Чиррап!

Уæ лдæ фæ й райхъуыст цъæ хснаг худын.

Мисс Эндрю хæ рдмæ скаст.

Джигоцъиу, æ хсынæ ны чъириты сæ рмæ йæ базыртæ тилгæ, иу ран лæ ууыд.

— Уæ лæ кæ м дæ, Карузо! — фæ хъæ р кодта мисс Эндрю. — Тагъддæ р ардæ м рацу! Бирæ ’нхъæ лмæ кæ сын мæ ма бауадз. Дæ сыгъдæ г райдзаст къалатимæ ратæ х, æ мæ дыл æ з дуар сæ хгæ нон!

Фæ лæ джигоцъиу, фыццагау йæ базыртæ тилгæ, иу ран лæ ууыд æ мæ йæ хъæ лæ сы дзаг худти. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу, йæ базыртæ йæ фæ рстыл хойгæ йæ, йæ сæ р фæ стæ мæ аппæ рста.

Мисс Эндрю къалатимæ фæ лæ бурдта æ мæ йæ йæ сæ рмæ систа.

— Карузо, æ з куыд загътон! Ныртæ ккæ дæ бынат бацагур! — къалати тилгæ йæ, бардзырд радта мисс Эндрю.

Джигоцъиу ныллæ джыты ратахт æ мæ Мэри Поппинсы худы рæ зты ацъыввытт ласта.

— Чирр-чирруп! — райхъуыст йæ хъæ лæ с.

— Хорз, — дзуапп ын радта Мэри Поппинс æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

— Карузо, æ з цы загътон, уый фехъуыстай? — ноджы хъæ рдæ рæ й бафарста Эндрю.

Кæ д цыфæ нды хъæ рæ й дзырдта, уæ ддæ р йæ хъæ лæ сыл бæ рæ г уыд, йæ бардзырдтыл йæ хæ дæ г дæ р кæ й не ’ууæ нды. Къалати æ рæ вæ рдта æ мæ хъавыди джигоцъиуы æ рцахсынмæ, фæ лæ уый йæ хи фæ сайдта æ мæ бæ рзонддæ р стахт.

Мэри Поппинс ын айхъуыста йæ уынæ ртæ.

— Цæ ттæ дæ н! — дзуапп ын радта Мэри.

Ацы ран æ рцыд æ нахуыр хабар.

Мэри Поппинс йæ цæ стытæ ныццавта мисс Эндрюйы. Уыцы цæ стæ нгас бауромын мисс Эндрюйы бон нæ баци, æ мæ йыл зыр-зыр бахæ цыд. Йæ гæ ндзæ хтæ тилгæ, уæ лдæ ф зыд ныхъуырдгæ нгæ цалдæ р къахдзæ фы размæ акодта æ мæ æ васт къалатийы фæ мидæ г. Уый фæ стæ, къалати фæ дынджырдæ р æ ви мисс Эндрю фæ къаддæ р, уый Джейн дæ р æ мæ Майкл дæ р нæ бафиппайдтой, афтæ мæ й сæ хи цæ стытæ й федтой, къалатийы дуар куыд бахгæ дта æ мæ мисс Эндрю мидæ гæ й куыд аззад, уый.

— Ах! Ах! — ныхъхъæ р кодта мисс Эндрю.

Уыцы уысм джигоцъиу дуры хуызæ н æ рхауд, къалати фелвæ ста æ мæ йæ уæ лдæ фмæ систа.

— Цы ми мын кæ нут? Кæ м дæ н? — райхъуысти мисс Эндрюйы кæ уын хъæ лæ с. — Ам мын къуындæ г у! Улæ фт мын нæ фаг кæ ны! — хъæ р кодта мисс Эндрю.

— Уымæ н дæ р æ нцон нæ уыди! — дзуапп ын радта Мэри Поппинс.

Мисс Эндрю йæ хъæ лæ сыдзаг цъæ хахст кодта:

— Дуар байгом кæ нут! Хъусут! Ауадзут мæ!

— Уымæ й ницыуал рауайдзæ н! — æ рдæ гхъæ лæ сæ й худæ нбылæ й загъта Мэри Поппинс.

Джигоцъиу, заргæ йæ, къалати бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р хаста.

Эндрю цы къалатийы бадт, уый уæ ззау уыд. Уæ лдæ фы сæ рбихъуырæ йттæ кодта. Кæ цыфæ нды уысм дæ р ын тæ ссаг уыд джигоцъиуы ныхтæ й феуæ гъд уæ вынæ й.

Джигоцъиу зарыныл бæ ргæ архайдта, фæ лæ зарæ джы мыртыл уæ лахиз кодта мисс Эндрюйы цъæ хахст. Сывæ ллæ ттæ м дзæ бæ х хъуыстысты сылгоймаджы хъæ ртæ:

— Мæ нæ цы уавæ рмæ ’рхаудтæ н! Мæ хицæ й уæ здандæ р адæ ймаг нæ уыд! Иу рæ дыд дæ р чи никуы ’руагъта, уый худинаджы уавæ ры бахауд!

Уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, Мэри Поппинс йæ мидбылты бахудт.

Джигоцъиу дзæ бæ х зынгæ дæ р нал кодта, фæ лæ уæ ддæ р уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р зилгæ дымгæ йы фæ змæ гау тахт. Ахæ м зылдтытæ кодта къалати дæ р. Мисс Эндрю-иу куы йæ иу къуы-мы стæ лфыд, куы иннæ йы.

— Ауадзут мæ! Хъусут? Ауадзут мæ, зæ гъын! — йæ хъæ р хъыллистмæ рахызт мисс Эндрюйæ н.

Уыцы рæ стæ г джигоцъиу йæ зарынæ й фенцад. Стæ й иуварсæ рдæ м фæ зылд, æ мæ та йæ зарæ г, — ацы хатт ноджы сæ рибардæ р æ мæ хъæ рдæ рæ й, — райхъуыст. Æ васт къалати феуæ гъд кодта æ мæ хуссарæ рдæ м атахт.

— Фæ тæ хы! — загъта Мэри Поппинс.

— Кæ дæ м? — фæ хъæ р кодтой Джейн æ мæ Майкл.

— Сæ химæ — йæ уарзон уыгæ рдæ нтæ м, — дзуапп радта Мэри Поппинс, хæ рдмæ кæ сгæ йæ.

— Къалати йæ ныхтæ й феуæ гъд! — ныхъхъæ р кодта Майкл æ мæ, йæ цæ стытæ, цы уыдысты, уымæ й фестырдæ р сты.

Иууылдæ р сæ каст уæ лдæ фмæ скодтой. Цæ мæ кастаиккой, уый та уыди.

Къалати сæ рбихъуырæ йттæ гæ нгæ бынмæ тæ хынмæ фæ ци. Йемæ сæ рбихъуырæ йттæ кодта мисс Эндрю дæ р. Сабитæ м дзæ бæ х зынд, мисс Эндрю-иу йæ сæ рыл куыд алæ ууыд, стæ й та-иу йæ къæ хтæ куыд фæ бынмæ сты, уый... Къалати тахти, тахти, тахти æ мæ тыргъы йæ тъæ пп фæ цыд.

Мисс Эндрюйæ н тыххæ йты йæ бон дуар байгом кæ нын баци, æ мæ æ ппынфæ стаг ссæ рибар. Цыма дзæ вгар фестырдæ р, сабитæ м афтæ фæ каст æ мæ дзы ноджы тынгдæ р тæ рсын райдыдтой.

— Куыд бауæ ндыдтæ афтæ бакæ нын! — сдзырдта æ ппынæ рæ джиау фæ сус æ мæ ныфссаст хъæ лæ сæ й мисс Эндрю æ мæ йе ’нгуылдзæ й Мэри Поппинсы ’рдæ м ацамыдта. Йе ’нгуылдз кодта зыр-зыр, стæ й йæ цæ стытæ раздæ ры хæ рамдзинады бæ сты æ вдыстой тас. Уый сабитæ уайтæ ккæ дæ р бафиппайдтой. — Ды... ды... — схæ цæ рхæ цгæ нгæ къæ зæ нæ гау дзырдта мисс Эндрю. — Ды, æ гъатыр, хæ лд, къæ йных, хивæ нд чызг, куыд бауæ ндыдтæ афтæ бакæ нын?

Мэри Поппинс æ м комкоммæ ныккаст. Йæ цæ стытæ æ рдæ гæ хгæ д, афтæ мæ й йæ м иудзæ вгар фæ кæ сыны фæ стæ бафарста:

— Сывæ ллæ ттæ хъомыл кæ нын нæ зонын, зæ гъгæ, загътай? — алы ныхас дæ р бæ лвырд дзургæ йæ, бафарста Мэри Поппинс.

Мисс Эндрю йæ хъузджы аныгъуылæ гау фыртæ ссæ й барызт æ мæ фæ стæ мæ цалдæ р къахдзæ фы акодта.

— Æ з... æ з фæ рæ дыдтæ н... Хатыр дæ курын, — бынæ й ласæ гау тыххæ йты сфæ рæ зта мисс Эндрю.

— Æ нæ хъола æ мæ мæ хуырым рахуыдтай? — дарддæ р фæ рстытæ лæ вæ рдта Мэри Поппинс.

— Уымæ й дæ р раст нæ уыдтæ н. Ныббар мын, — багуым-гуым кодта мисс Эндрю.

— Æ ууæ нк кæ уыл нæ й, ахæ м чызг мæ рахуыдтай? — бафарста та йæ Мэри Поппинс.

— Мæ ныхæ стæ фæ стæ мæ исын, — тыхулæ фт кæ нгæ йæ, фæ смонгондæ й дзуапп лæ вæ рдта мисс Эндрю. — Мæ алы ныхасы тыххæ й дæ р хицæ нæ й, стæ й се ’ппæ тæ й иумæ дæ р дæ хатыр курын, æ рмæ ст мæ ауадз. Æ ндæ р дæ ницы курын! — Фырадæ ргæ й йæ къухтæ æ ууæ рдгæ йæ, лæ гъстæ кодта мисс Эндрю æ мæ æ ххуысагур цæ стытæ й Мэри Поппинсмæ каст. — Ауадз мæ. Ам лæ ууын мæ бон нал у! Ауадз мæ, æ мæ ацæ уон!

Мэри Поппинс иуцасдæ р æ нæ дзургæ йæ алæ ууыд, стæ й, йæ къух ауигъгæ йæ, сдзырдта:

— Цæ угæ!

— Бузныг! Бузныг! — багуым-гуым кодта мисс Эндрю.

Йæ цæ стæ нгас Мэри Поппинсæ й нæ исгæ йæ, асинтыл сыдзмыдзы цæ уынмæ фæ ци. Стæ й разылд æ мæ къуырдтытæ гæ нгæ цæ хæ радонæ й лыгъд радта.

Таксист мисс Эндрюйы дзаумæ ттæ æ вдæ лонгонд фæ ци, машинæ скусын кодта æ мæ, куыддæ р йæ бынатæ й фезмæ лынмæ хъавыд, афтæ йæ м мисс Эндрю, йæ зырзыргæ наг къух фæ хъил кæ нгæ йæ, фæ хъæ р кодта:

— Фæ лæ уу-ма. Фæ лæ уу-ма мæ м! Ардыгæ й мæ куы аласай, уæ д дын уæ лдай дæ с шиллинджы ратдзынæ н!

Шофыры дзых фырдисæ й хæ лиуæ й баззад.

— Нæ дæ уырны? — хъæ р кодта мисс Эндрю. — Мæ нæ!

Тагъд-тагъд йæ дзыппытæ сгарынмæ фæ ци æ мæ дзы уайтагъд æ хца фелвæ ста.

— Мæ нæ, айс сæ — æ мæ цæ уæ м!

Мисс Эндрю машинæ мæ бахызт æ мæ бадæ ныл йæ тъæ пп фæ цыд.

Таксист йæ дис кæ нынæ й нæ ма банцад æ мæ сылгоймаджы фæ дыл дуар багуыпп кодта.

Тагъд-тагъд фæ стæ мæ дзаумæ ттæ æ вгæ нынмæ фæ ци. Робертсон Эй чумæ данты сæ р хуыррытт фынæ й кодта. Таксист æ й хъал дæ р нæ ракодта. Иуварс æ й æ рæ вæ рдта æ мæ мисс Эндрюйы дзаумæ ттæ тагъд-тагъд фæ стæ мæ машинæ йы бавгæ дта.

«Ацы зæ рондæ н, æ вæ ццæ гæ н, йæ сæ рызонд фæ цыд! » — хъуыдытæ кодта йæ хинымæ р шофыр. — Цыбыр рæ стæ гмæ æ ндæ рхуызон куыд фæ ци?! Диссæ гтæ æ мæ тæ мæ стæ! »

Зæ ронд усыл цы ’рцыд, уымæ н таксист ницы зыдта, стæ й, фондзыссæ дз азы куы фæ цæ ра, уæ ддæ р æ й нæ базондзæ н...

— Мисс Эндрю цы фæ ци? — тыргъмæ рауайгæ йæ, тарстхуызæ й бафарста миссис Бэнкс.

— Ацыди! — дзуапп радта Майкл.

— Ома, куыд ацыди?

Миссис Бэнксæ н уыди тарст хуыз.

— Мæ нмæ гæ сгæ йæ ам баззайын нал бафæ ндыд, — бамбарын кодта Джейн.

Миссис Бэнксы æ рфгуытæ æ рбалхынцъ сты.

— Цы ’рцыди? — бафарста Мэри Поппинсы.

— Ницы дын зæ гъын мæ бон у, æ хсин, — загъта Мэри Поппинс æ цæ гæ лонхуызæ й. Цыма хабæ рттæ м æ ппындæ р ницы бар дары æ мæ сæ м æ цæ гæ лон цæ стæ й кæ сы, уый хуызæ н. Йæ ног уæ лаггуырмæ æ ркаст æ мæ йын йе ’нцъылдтæ æ рлæ гъз кодта.

Миссис Бэнкс сыл радыгай йæ цæ ст æ рхаста, стæ й, йæ сæ р батилгæ йæ, загъта:

— Диссæ гтæ! Цы ’рцыди, уый бамбарынхъом нæ дæ н!

Уыцы уысм кæ ртмæ æ рбахизæ н дуар байгом, æ мæ къахвæ ндагыл хъуызгæ æ рбацæ йцыд мистер Бэнкс. Иууылдæ р æ м ракастысты, уый куы бафиппайдта, уæ д дызæ рдыггæ нгæ йæ иу къахыл æ рлæ ууыд.

— Æ рбацыд? — бафарста мистер Бэнкс.

— Æ рбацыд æ мæ ацыд, — дзуапп ын радта миссис Бэнкс.

Мистер Бэнкс фæ уыргъуыйау:

— Ацыд? Æ цæ г ацыд? Мисс Эндрю?

Миссис Бэнкс йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

— Мæ нæ мын цы цины хабар фехъусын кодтай! Мæ нæ цы тынг амондджын дæ н! — базарæ гау кодта лæ г, йæ пæ лæ зы фæ дджитыл фæ хæ цыд æ мæ къахвæ ндагыл шотландиаг кафт æ ркодта.

Стæ й, æ васт фæ лæ угæ йæ, сдзырдта:

— Цæ мæ н? Куыд? Кæ д?

— Дæ хæ дразмæ, таксийы. Мæ нмæ гæ сгæ, сывæ ллæ ттæ йæ м фæ стæ мæ кæ й сдзырдтой, уый тыххæ й. Хъаст мын сæ кодта. Æ ндæ р æ фсон мæ бон æ рхъуыды кæ нын нæ у. Ды та цы зæ гъдзынæ, Мэри?

— Æ з дæ р ахæ м зондыл хæ ст дæ н, — загъта Мэри Поппинс, йæ ног кофтæ æ рсæ рфгæ йæ.

Мистер Бэнкс, сывæ ллæ ттæ м раздæ хгæ йæ, бафарста:

— Миссис Эндрюмæ фæ стæ мæ дзырдтат? Мæ хъомылгæ нæ гмæ? Диссаджы хæ ларзæ рдæ зæ ронд усмæ? Фæ худинаг мæ кодтат! Сымах æ нæ гъдау кæ й стут, уый тыххæ й фырæ фсæ рмæ й мæ цæ сгом судзы!

Кæ д цыфæ нды тызмæ гæ й дзырдта, уæ ддæ р йæ зæ рдæ йы цины цæ хæ ртæ æ рттывдтытæ калдтой.

— Æ з тынг æ намонд адæ ймаг дæ н! — йæ къухтæ йæ дзыппыты нытътъысгæ йæ, дарддæ р дзырдта мистер Бэнкс. — Æ хсæ вæ й-бонæ й мæ куысты мæ хид калын, архайын сымах раст фæ ндагыл саразыныл, æ мæ мын мæ бирæ фыдæ бæ ттæ н хорз дзуапп дæ ттут! Мисс Эндрюйы лидзæ г фæ кодтат! Худинаг æ мæ аллайаг! Искуы уын ныххатыр кæ ндзынæ н, уый нæ зонын, фæ лæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ууыл бацархайдзынæ н. Тынг бацархайдзынæ н!

Йæ дзыппæ й дыууæ дынджыр шикалады систа æ мæ сæ рухсцæ сгомæ й сывæ ллæ ттæ н радта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.