Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ СÆР. КЪАРОЛМÆ ЧИ КАСТ, УЫЦЫ ГÆДЫ



Майклæ н йæ гуырæ н боны фæ стæ райсомæ й йæ дæ ндæ гтæ риссын райдыдтой. Сынтæ джы хуыссыди æ мæ хъæ рзыдта. Фæ ндыди йæ, цæ мæ й йæ м Мэри Поппинс йе ’ргом раздæ хтаид.

Уый бадти зæ ронд къæ лæ тджыныл æ мæ къуымбил æ взæ рста. Джейн дзуццæ джы йæ цуры бадт æ мæ йæ алы фезмæ лдмæ дæ р æ дзынæ г каст. Бынæ й фаззæ ттæ хъазыдысты, æ мæ сæ хъæ р хъустæ арыдта. Сæ хъус сæ м дардта Элин. Сывæ ллæ тты уатæ й иу сыбыртт нæ хъуыст. Мэри Поппинсы къухы къуыбылой стырдæ ргæ нгæ цыди. Сахаты цъыкк-цъыкк зæ рдыл лæ ууын кодта карчы хъуыдатт, чысыл раздæ р айк чи æ рæ фтыдта, ахæ м карчы хъуыдатт.

— Джейны дæ ндæ гтæ куы нæ риссынц, уæ д мæ дæ ндæ гтæ цæ мæ н риссынц? — бахъуыр-хъуыр кодта Майкл, æ мæ йын Мэри Поппинс цы хъуырбæ ттæ н радта, уымæ й йе ’фсæ р тынгдæ р балвæ ста.

— Уымæ н æ мæ дысон адджинæ гтæ æ гæ р бирæ бахордтай! — фæ тъæ лланг ыл кодта Мэри Поппинс.

— Æ мæ исты мæ гуырæ н бон нæ уыди? — йе ’нæ разыдзинад бамбарын кодта Майкл.

— Уый афтæ нæ амоны, æ мæ бæ рц мауал зонай! Мæ нæ н мæ гуырæ н боны фæ стæ мæ дæ ндæ гтæ никуы фæ риссынц!

Майкл æ м мæ сты каст бакодта. Хаттæ й-хатт, Мэри Поппинс ахæ м æ нæ аипп кæ й у, уый йæ зæ рдæ мæ нал фæ цæ уы. Фæ лæ йæ уыцы хъуыды хъæ рæ й никуы загъта.

— Æ з афтæ бакæ ндзынæ н æ мæ амæ лдзынæ н! — бартхъирæ н кодта Майкл. — Уадз æ мæ, æ нæ хатыр кæ й дæ, ууыл фæ фæ смон кæ най.

Сылгоймаджы æ нæ уынон сым-сым райхъуыст, фæ лæ йæ куыст нæ ныууагъта.

Майкл йæ дыууæ къухæ й хæ цыд йе ’фсæ рыл. Фæ ндыди йæ, йæ рыст ын чи фæ къаддæ р кодтаид, ахæ м исты фенын. Сывæ ллæ тты уатæ й йæ м тæ ригъæ дгæ нæ джы цæ стæ й кастысты йæ зæ ронд хæ лæ рттæ: къултыл ныхæ ст нывджын гæ ххæ ттытæ, хъазæ н бæ х, ихсыд сырх гауыз.

Майкл фæ комкоммæ пецы фарсмæ тæ рхæ гмæ. Мæ нæ хъыбыллæ æ мæ къаролы фарфорæ й конд тæ бæ гъ; мæ нæ вареннæ йы банкæ, уæ лдæ фон калмы къопп æ мæ Мэри Поппинсы тæ вдбарæ н. Уыдоны астæ уæ й æ рттывдтытæ калдта æ рвхуызцъæ х æ мæ кæ рдæ гхуызцъæ х дидинджытæ й фæ лыст урс фарфорæ й конд гæ дыйы лæ ппын. Уый йын знон Флосси балæ вар кодта. Гæ дыйы лæ ппын йæ къæ дзилæ й йæ къæ хтæ æ рæ мбæ рзта, афтæ мæ й йæ кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ й, арф хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, касти рудзынгæ й.

Майкл æ м йæ мидбылты бахудт. Флосси хорз сылгоймаг у. Майкл æ й бирæ уарзы. Тынг æ хсызгон ын уыд, ахæ м лæ вар ын кæ й бакодта, уый.

Уыцы рæ стæ г та йæ дæ ндаг срæ хуыста.

— Ойй! — ныхъхъæ рзыдта Майкл. — Мæ сæ р тъæ ппытæ хауы! — æ мæ Мэри Поппинсмæ тæ ригъæ ддаг каст бакодта. — Мæ рыст æ ппындæ р куыд никæ мæ хъары! — тыхстхуызæ й ма бафтыдта йæ ныхасмæ.

Мэри Поппинс былысчъил мидбылхудт бакодта.

— Ахæ м каст мæ м ма кæ н! — бахъуыр-хъуыр кодта Майкл, йе ’фсæ р ноджы тынгдæ р нылхъивгæ йæ.

— Цæ уылнæ? Зындгонд куыд у, афтæ мæ й къаролмæ кæ сын гæ дыйы бон дæ р у!

— Æ з къарол нæ дæ н, — сбустæ йыл кодта Майкл. — Ды та гæ ды.

Майклы фæ ндыд, Мэри Поппинс йемæ быцæ у кæ нын куы райдаид, уæ д дзы, чи зоны, йæ дæ ндæ гты рыст ферох уаид.

— Дæ умæ гæ сгæ, алы гæ дыйы бон дæ р у къаролмæ кæ сын? Зæ гъæ м, Майклы гæ дыйы бон у? — бафарста Джейн.

Мэри Поппинс æ м йе ’ргом аздæ хта. Йе ’рвхуызцъæ х цæ стытæ баиу сты гæ дыйы кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытимæ.

Иуцасдæ р ничиуал ницы сдзырдта.

— Алы гæ дыйы бон дæ р у, — загъта æ рæ джиау Мэри Поппинс. — Ацы гæ дыйы бон та — уæ лдайдæ р, — æ мæ, йæ хицæ й разы уæ вгæ йæ, йæ мидбылты бахудт. Уыцы рæ стæ г пецы фарсмæ тæ рхæ гыл цыдæ р стæ лфыд. Гæ дыйы фарфорæ й конд рихитæ базмæ лыдысты, йæ сæ р схъил кодта æ мæ йæ ком айвæ зта. Сабитæ йын ауыдтой йæ цыргъ дæ ндæ гтæ æ мæ йæ сырх æ взаг. Уый фæ стæ гæ ды айвæ зта йæ дидинджытæ й фæ лыст астæ у æ мæ, йæ къæ дзил батилгæ йæ, зæ хмæ æ ргæ пп кодта.

— Мурррр! — загъта гæ ды.

Гауызыл Мэри Поппинсы цурмæ бацыд æ мæ йæ м йæ сæ р батылдта. Стæ й тæ рхæ гмæ сгæ пп кодта æ мæ рудзынгæ й асæ ррæ тт ласта.

Майклæ й йæ дæ ндæ гты рыст æ рбайрох.

Джейны къухæ й къуыбылой æ рхауд. Фырдисæ й цы акодтаид, уый нал зыдта.

— Диссæ гтæ! — æ мдзыхæ й сдзырдтой дыууæ йæ дæ р. — Цæ мæ н? Кæ дæ м?

— Ус-къаролмæ уазæ гуаты, — дзуапп радта Мэри Поппинс. Мæ йы дыккаг майрæ мбоны йæ м вæ ййы бацæ уæ н. Джейн, мауал дис кæ н. Дымгæ æ дзух иуæ рдæ м нæ фæ дымы. Майкл, ды та дæ дзых сæ хгæ н, дæ дæ ндæ гтæ суазал уыдзысты.

Майкл йæ дзых ахгæ дта. Фæ лæ та йæ æ васт фегом кодта.

— Цы уынын, уыдон цæ уыл дзурæ г сты, уый мæ бамбарын фæ нды, — фæ хъæ р кодта лæ ппу. — Уый фарфорæ й конд куы у! Уд ын куы нæ ис! Уæ д куыд гæ ппытæ кæ ны? Алцыдæ р мæ хи цæ стытæ й куы федтон!

— Ус-къаролмæ уазæ гуаты цæ мæ н ацыд? — бафарста Джейн.

— Мыстытæ ахсынмæ, — сабыр хъæ лæ сыуагæ й йын бамбарын кодта Мэри Поппинс. — Стæ й ма кæ ддæ ры хабæ рттæ æ рымысыны тыххæ й дæ р.

Джейн хъавгæ сынтæ гæ й рахызт æ мæ хъуызгæ къæ лæ тджынмæ бацыд. Куы йыл банцой кодта, уæ д йæ хъыс-хъыс ссыд, фæ лæ, куыд бамбæ рста, афтæ мæ й Мэри Поппинс ницы банкъардта. Уый рудзынгæ й дард кæ дæ мдæ р каст ницыуынæ г цæ стытæ й.

— Цардис æ мæ уыдис, — райдыдта уый сындæ ггай, — раджы кæ ддæ р цардис æ мæ уыдис иу Къарол. Уый фидарæ й æ ууæ ндыд, зæ ххыл уый цы нæ зоны, ахæ мæ й кæ й ницы ис, ууыл. Уый цас зыдта, ома, йæ химæ гæ сгæ, уымæ н аргъæ утты радзурæ н дæ р нæ уыд, ныффыссæ н дæ р. Йæ сæ ры хабæ рттæ æ мæ нымæ цтæ уыди, дынджыр харбызы цал аппы вæ ййы, уымæ й дæ р фылдæ р.

Афтæ бирæ зыдта, ахæ м зондджын уыди, æ мæ -иу дзы цыдæ ртæ æ рбайрох. Цыдæ ртæ нæ, фæ лæ йæ зæ рдыл ницыуал дардта. Æ вæ ццæ гæ н мыл æ ууæ ндгæ дæ р нæ бакæ ндзыстут, хаттæ й-хатт-иу дзы йæ ном дæ р ферох и, зæ гъгæ уын куы зæ гъон, уæ д. Хонгæ та йæ кодтой Коль.

Йæ амондæ н, йæ Фыццаг Министр диссаджы зæ рдæ ргъæ вд адæ ймаг уыдис, æ мæ -иу Къаролæ н йæ ном йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кодта.

Къарол æ ппæ тæ й фылдæ р уарзта хъуыды кæ нын. Æ хсæ в-бонмæ -иу ыл хъуыдытæ гæ нгæ йæ аивгъуыдта. Хъуыды ма-иу кодта райсомæ й дæ р. Хъуыды кодта хæ ргæ -хæ рын, йæ хи найгæ йæ. Æ ппынæ дзухдæ р хъуыды кæ й кодта, уымæ гæ сгæ, йæ алыварс цытæ цæ уы, уыдонæ й ницы уыдта.

Кæ д сымахæ й искæ мæ афтæ кæ сы, Къарол йæ адæ мы цард фæ хуыздæ р кæ ныныл хъуыды кодта, уыдоны самондджын кæ ныныл уыд йæ сагъæ с, зæ гъгæ, уæ д рæ дийы, уымæ н æ мæ йæ хъуыдытæ бынтон æ ндæ р уыдысты. Уый хъуыды кодта, зæ гъæ м, Индийы цал маймулийы ис, ууыл, кæ нæ Цæ гат полюсæ й Хуссар полюсæ й кæ цы стырдæ р у, кæ нæ, та, хуыйы зарыныл куыд сахуыргæ нæ н ис, уыдæ ттыл. Фæ лæ уыдæ ттыл канд йæ хи сæ р нæ риссын кодта, фæ лæ алкæ й сæ р дæ р. Алкæ й сæ р дæ р, йæ Фыццаг Министрæ й фæ стæ мæ. Уый та, хъуыдыкæ нынхъом чи уыд, уыдоны номхыгъдмæ нæ хауд. Уый уыдис хуымæ тæ джы зæ ронд лæ г, æ ппындæ р ницы кусгæ йæ, хурмæ бадын чи уарзта, ахæ м зæ ронд лæ г. Фæ лæ архайдта, цæ мæ й йын йæ уыцы миниуджытæ мачи базона, уымæ н æ мæ сæ чи базыдтаид, уымæ н Къарол йæ сæ р акъуырдтаид.

Къарол царди дзæ нхъайæ конд галуаны. Раджы кæ ддæ р уыцы галуан цæ хæ ртæ калдта. Йæ рæ зты-иу чи ’рцæ йцыди, уыдон-иу сæ цæ стытæ бацъынд кодтой, куы бакуырм уой, уымæ й-иу тарстысты. Фæ лæ рæ стæ г куыд цыд, афтæ галуаны æ рттывд мынæ г кæ нын райдыдта: сбадти йыл бæ зджын рыг. Чи йæ ныссæ рфтаид, уый нæ уыди, уымæ н æ мæ никæ й æ вдæ лд: иууылдæ р æ ххуыс кодтой Къаролæ н хъуыды кæ нынмæ. Иууылдæ р — суанг хæ ринаггæ нджытæ, лæ ггадгæ нджытæ æ мæ къустæ хсджытæ дæ р. Кæ цыфæ нды уысм дæ р кæ мæ фæ ндыдæ р фæ дзырдтаиккой, йæ куыст ын ныууадзын кодтаиккой æ мæ -иу æ й арвыстаиккой Китаймæ, цæ мæ й банымадтаид, бæ стæ йы цал цыллæ йы калмы ис, уый; кæ нæ Соломоны сакъадæ хтæ м, цæ мæ й базыдтаид, ус-паддзах Савская дзы паддзахиуæ г кодта æ ви нæ, уый. Фæ стæ мæ -иу бирæ хабæ рттимæ куы ’рбаздæ хтысты, уæ д-иу сæ Къарол æ мæ йæ дæ лдæ ртæ, цармæ й цъæ рттæ кæ мæ н уыд, уыцы бæ зджын чингуыты фыссыныл бафтыдтой. Æ нæ дзуаппæ й-иу чи ’рбаздæ хти, уымæ н-иу æ вæ стиатæ й йæ сæ р акъуырдтой.

Æ гуыст уыди æ рмæ стдæ р Ус-къарол. Бон-сауизæ рмæ -иу бадти йæ сызгъæ рин къæ лæ тджыны æ мæ, йæ хъуырыл цы фæ рдгуытæ уыд, уыдонæ й хъазыди. Хаттæ й-хатт-иу йæ мидбынаты фесхъиудта æ мæ -иу йæ тинтычъи пæ лæ зы арфдæ р аныгъуылд. Уымæ н æ мæ галуаны афтæ чъизи уыди, æ мæ дзы мыстытæ дыууæ рдæ м дугъ кодтой. Ус-къаролтæ та мыстытæ й тынг кæ й тæ рсынц, уый уын алчидæ р зæ гъдзæ н.

Иуæ й-иу хатт-иу суанг йæ къæ лæ тджынмæ дæ р сгæ ппытæ кодтой.

Ахæ м заман-иу Къарол йæ хи ныхъхъуынтъыз кодта.

— Сабыр дæ хос! — сбустæ -иу кодта сылгоймагыл. — Чысыл уынæ р дæ р мæ хъуыды кæ нгæ йæ хъыгдаргæ кæ ны.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ -иу мыстытæ лидзынмæ фесты, æ мæ -иу цасдæ р рæ стæ г бæ стæ ныссабыр. Хъуысти ма-иу æ рмæ стдæ р хъазы систы æ хситт. Уыдонæ й-иу Къарол æ мæ йæ дæ лдæ ртæ чингуыты фыстой, дард бæ стæ тæ й сæ м цы хабæ рттæ æ рхастой, уыдон.

Ус-къарол бардзырдтæ, суанг, чи йæ м зылди, уыдонæ н дæ р нæ лæ вæ рдта, уымæ н æ мæ йын Къарол иу бардзырд дæ р æ ххæ ст кæ нын никуы бауагъта: куыддæ р-иу æ й айхъуыста, афтæ -иу æ й аивта.

— Ус-къаролы дæ ллаггуыр бампъузын хъæ уы? — бафарста-иу уый мæ стыйæ. — Уый та ма цавæ р дæ ллаггуыр у? Дæ ллаггуырты тыххæ й дзурыныл рæ стæ г сафын цæ мæ н хъæ уы? Уый бæ сты фыссæ н систæ райсут æ мæ диссаджы маргъ Фениксы хабæ рттæ фыссынмæ бавналут!

Ус-къаролы лæ ггадгæ нджытæ н æ нæ бакоммæ гæ сгæ цы сæ бон уыд! Ус-къаролæ н та-иу, мæ гуыр йæ бон, йæ дæ ллаггуыр йæ хи ’мпъузгæ ’рцыди, кæ нæ та-иу æ й скъуыдæ й хаста.

Ус-къарол-иу йæ къæ лæ тджыны æ нкъардæ й бадт æ мæ мысыд кæ ддæ ры амондджын дуг. Уый та уыди, чындзы куыддæ р æ рцыди, уæ д. Куыд бæ рзонд æ мæ хæ рзконд уыди Къарол уыцы рæ стæ г! Тыхджын æ мæ цардхуыз лæ ппу æ рттывдтытæ калдта. Æ рмæ ст йæ къæ бæ лдзыг сæ рыхъуынтæ дæ р адæ ймаджы цæ стæ нгас сæ химæ здæ хтой.

— Æ вæ дза! — арф ныуулæ фгæ йæ -иу загъта, ивгъуыд бонтæ мысгæ йæ, Ус-къарол.

О, уæ д æ й йæ мой мыдамæ ст гуылтæ й хынцта. Дзулы къæ бæ р-иу ын нæ лхæ йæ айсæ рста, хатгæ йы тæ нæ г карст æ мæ -иу ыл цыхты уадздзаг æ рæ вæ рдта æ мæ йын-иу æ й йæ къухы фæ сагъта! Ахæ м уарзæ гой цæ стытæ й-иу æ м каст, æ мæ -иу ног чындзы зæ рдæ фырцинæ й уæ рыккау скафыд. Ус-къарол-иу иннæ рдæ м азылд, цæ мæ й фырамондджынæ й йæ уд ма систаид.

Уæ дмæ ралæ ууыд уыцы æ намонд изæ р...

— Дæ цæ стытæ стъалытæ й тынгдæ р æ рттивынц, — загъта Къарол æ мæ арвмæ скаст.

Фæ лæ йын ацы хатт йæ цæ сгоммæ бакæ сыны бæ сты арвмæ йæ кæ сын нæ ныууагъта.

— Цымæ арвыл цал стъалыйы ис? — бафарста сагъæ схуызæ й уый. — Мæ нæ н сæ, æ вæ ццæ гæ н, мæ бон банымайын бауыдзæ н. Иу, дыууæ, æ ртæ, цыппар, фондз, æ хсæ з, авд...

Æ мæ нымадта, цалынмæ Ус-къарол нæ бафынæ й, уæ дмæ.

— Иу мин дыууæ сæ дæ цыппор фараст, иу мин дыууæ сæ дæ фæ ндзай, — дзырдта уый, сылгоймаг куы райхъал, уæ д дæ р.

Ус-къарол бамбæ рста, нымайгæ ма кæ й кæ ны, уый. Йæ хицæ н бынат нæ ардта, цалынмæ йæ дæ лдæ рты иууылдæ р нæ райхъал кодта æ мæ сæ стъалытæ нымайыныл нæ бафтыдта, уæ дмæ. Фæ лæ сæ дзуæ ппытæ кæ рæ дзиуыл куы нæ бадтысты, уæ д Къарол тынг смæ сты.

Алцыдæ р уырдыгæ й райдыдта.

Дыккаг бон Къарол фæ хъæ р кодта:

— Мæ ахсджиаг, дæ рустæ дыууæ сырхмæ тæ джы хуызæ н сты!

Æ мæ Ус-къарол уыди тынг амондджын, цалынмæ йæ мой йæ ныхæ стæ м нæ бафтыдта, уæ дмæ:

— Сырхмæ тæ джы хуызæ н цæ мæ н? Къабускаты хуызæ н цæ уылнæ? Рустæ сырх цæ мæ н сты, къабускайы сæ ртæ та — цъæ х? Иннæ рдæ м цæ уылнæ? Уый тынг ахсджиаг фарст у. Æ з ыл хъуамæ бæ стон ахъуыды кæ нон!

Æ ртыккаг бон та йын афтæ зæ гъы:

— Дæ дæ ндæ гтæ — дзындзы хуызæ н.

Ус-къаролы йæ мидбылты бахудыны фадат дæ р нæ ма фæ ци, афтæ ма лæ г йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Уæ вгæ уым диссагæ й ницы ис. Дæ ндæ гтæ алкæ мæ н дæ р ис. Йæ дæ ндæ гтæ дзындзы хуызæ н кæ мæ н сты, ахæ мтæ дæ р дзæ вгар сты, фæ лæ дзындзыл афтæ арæ х нæ фембæ лдзынæ. Ууыл хъуыды кæ нын хъæ уы, дæ ндæ гтыл нæ фæ лæ.

Уæ дæ й фæ стæ мæ хъуыды кæ нын райдыдта æ нæ сцухæ й. Хъуыды кодта æ мæ кодта. Хъуыды кодта æ мæ æ мбырд кодта хабæ рттæ, цаутæ, бæ рæ ггæ нæ нтæ, Ус-къаролмæ та, зæ гъæ н ис, æ мæ кæ сгæ дæ р нал кодта. Стæ й йæ м куы бакастаид, уæ ддæ р æ й зынæ й федтаид, уымæ н æ мæ афтæ бирæ каст æ мæ фыста, æ мæ цæ стæ й хорз нал уыдта. Йæ сырх æ мæ тымбыл цæ сгом бахус, нынцъылдтæ, йæ сæ р афонæ й раздæ р сурс.

Мæ гуыр Ус-къарол цы уавæ ры уыд æ мæ куыд æ нкъард кодта, уый зын бамбарæ н нæ уыд. Хатгай-иу зæ ронд Министр йæ къæ лæ тджынмæ бахъуызыд æ мæ йын-иу йæ къух лæ гъз æ рсæ рфта. Æ ндæ р хатт та-иу æ м лæ ггадгæ нæ г лæ ппу, Къаролæ н йæ чернилæ доны чернилæ кæ нгæ йæ, йæ хицауы сæ рты кæ сгæ йæ, йæ мидбылты бахудт. Фæ лæ зæ ронды дæ р æ мæ чысыл лæ ппуйы дæ р сæ куыстæ й не ’вдæ лд æ мæ сын уымæ гæ сгæ Ус-къаролы бирæ рæ стæ г ирхæ фсыны фадат нæ уыди. Стæ й сын уыцы фадат куы уыдаид æ мæ сæ Ус-къаролы цур куы баййæ фтаиккой, уæ д сын уайтæ ккæ сæ сæ ртæ акъуырдтаиккой.

Къаролæ н фыдзæ рдæ æ нхъæ л ма ут. Уый фидарæ й æ ууæ ндыд, йæ дæ лдæ ртæ дунейы æ ппæ ты амондджындæ р кæ й сты, ууыл, уымæ н æ мæ сын уыдис ахæ м зондджын æ мæ ахуыргонд Къарол. Фæ лæ, хъыгагæ н, цалынмæ Къарол йæ зондыл æ фтыдта, уæ дмæ йæ дæ лдæ ртæ та мæ гуырæ й-мæ гуырдæ р кодтой. Сæ хæ дзæ рттæ хæ лддзагмæ цыдысты, сæ хуымтæ хæ мпæ лы бын фесты, уымæ н æ мæ нæ лгоймæ гтæ Къаролæ н æ ххуыс кодтой хъуыды кæ нынмæ...

Сæ сылгоймæ гтæ мæ стæ й тъæ пп хаудтой. Уыдоны хъуыдымæ гæ сгæ Къаролы ахуыры хабæ рттæ н æ ппындæ р ницы бындур уыд. Хуыдтой сæ хуымæ тæ джы рæ стæ гсафæ нтæ. Цыфæ нды бæ рæ ггæ нæ нтæ æ мæ цаутæ й дæ р сывæ ллæ тты хæ ринагæ й нæ бафсаддзынæ. Уæ дæ дзы фатеры мызд дæ р нæ бафиддзынæ, — хъуыды кодтой уыдон. Уавæ рæ й разы нæ уыдысты суанг хуыгæ стæ æ мæ фыййæ уттæ дæ р. Кæ д ма йæ хъуыды кæ нут, уæ д уыдонæ й алчидæ р йæ химæ æ лдар æ мæ æ хсин фæ кæ сы, уымæ гæ сгæ сæ хи амондджын фæ хонынц. Æ мæ кæ д уыдон дæ р сæ цардæ й хъаст кæ нын райдыдтой, уæ д бамбардзыстут, къаролад цы уавæ рмæ æ рцыд, уый.

Иу бон та Къарол æ мæ йæ дæ лдæ ртæ, иннæ хæ ттыты хуызæ н, стыр залы бадтысты æ мæ сæ фыссæ н систы æ хситт дардмæ хъуыст. Ус-къарол æ рыхъуыста систы уынæ р æ мæ уæ рмæ й мысты цъист-цъистмæ. Уый афтæ æ нæ уынæ рæ й бадт, æ мæ иу æ дзæ сгом мыст залы иу кæ ронæ й иннæ кæ ронмæ ратахт, къæ лæ тджыны цур абадт æ мæ йæ хи дзæ бæ хтæ кæ нынмæ февнæ лдта. Ус-къаролæ н йæ уд йæ къæ хты бынæ й ауад.

Цæ мæ й Къаролы ма бахъыгдара, уый тыххæ й йæ дзых йæ армытъæ пæ нæ й ахгæ дта, йæ тинтычъи пæ лæ зы фæ дджитæ æ рбамбырд кодта æ мæ зырзыргæ нгæ йæ хъузджы аныгъуылд.

Уыцы уысм къæ сæ рыл алæ ууыд Гæ ды.

Уый уыдис къаппа-къуппайы хуызæ н фæ лмæ нхъуынджын гæ дыйы лæ ппын. Йæ рихитæ й йæ къæ дзилы онг уыди сæ кæ ры хуызæ н урс-урсид. Залмæ афтæ сабыргай æ рбацыд, цыма кафгæ кодта. Афтæ зынд, цыма йын бирæ рæ стæ г ис æ мæ йæ тагъд кæ нын никуыдæ м хъæ уы.

Чысыл рæ стæ г гауызы кæ рон алæ ууыд æ мæ цымыдисæ й каст Къарол æ мæ йæ фæ сдзæ уинтæ м. Уыдон ныггуыбыр сты æ мæ сæ чингуыты цыдæ ртæ фыстой. Уый фæ стæ йæ цъæ х цæ стытæ аздæ хта Ус-къаролы ’рдæ м. Æ васт хæ рдмæ фæ хауд, йæ буар ныззыр-зыр кодта. Йæ астæ у скъуыпп. Йæ рихитæ арц абадтысты. Иу гæ ппæ н залы кæ рон балæ ууыд æ мæ Ус-къаролы къæ лæ тджыны бын фæ мидæ г.

Уалынмæ райхъуыст æ нахуыр хъуыр-хъуыр. Фæ цыд æ мыр цъист. Æ мæ мыстытæ иу къаддæ р фесты.

— Сабырдæ р, дæ хорзæ хæ й! Уый цавæ р уынæ р кæ ныс, мæ ахсджиаг! Хъуыды кæ нын мæ нæ уадзыс! — бахъуыр-хъуыр кодта Къарол.

— Уый æ з нæ дæ н! — аххосджынхуызæ й загъта Ус-къарол. — Уый гæ ды у.

— Гæ ды! — йæ сæ р не схъил кæ нгæ йæ, йæ рохстхуызæ й сфæ змыдта Къарол. — Гæ ды у цыппæ ркъахыг æ хсырæ йхæ сгæ хъуынæ й æ мбæ рзт цæ рæ гой. Гæ дыйæ н, куыд хæ дзарон, афтæ хъæ ддагæ н дæ р, полярон зонæ йæ фæ стæ мæ фенæ н ис зæ ххы къорийы алы ран дæ р. Хæ ры мыстытæ, кæ сæ гтæ, игæ ртæ æ мæ мæ ргъты. Куы хъырнгæ фæ кæ ны, куы та — уасгæ. Йæ равгмæ гæ сгæ. Уарзынц иугæ йттæ й рацу-бацу кæ нын. Куыд дзурынц, афтæ мæ й йын ис авд уды. Йæ иннæ хабæ рттæ бакæ сæ н ис, куыддæ р бацæ уай, афтæ рахизæ рдыгæ й фæ ндзæ м скъаппы фæ ндзæ м тæ рхæ гыл æ вдæ м томы дыккæ гæ м фарсыл.

Къарол, чысыл ма бахъæ уа, хæ рдмæ ма фæ хауа. Уымæ н æ мæ стъолыл йæ тæ ккæ комкоммæ ауыдта Гæ дыйы бадгæ.

— Дæ къæ хты бынмæ кæ с! — тызмæ гæ й загъта Къарол. — Фæ стагмæ мын цы цаутæ æ рбахастой, уыдоныл æ рбадтæ. Уым ахсджиаг фарстайыл цæ уы ныхас: гогызтæ Индийы равзæ рдысты æ ви нæ? Кæ д нæ, уæ д цæ уылнæ? Зæ гъ, цы дæ хъæ уы, уый. Дæ хъырнын фæ уадз æ мæ, цæ мæ ’рбацыдтæ, уый зæ гъ.

— Мæ н фæ нды дæ умæ бакæ сын, — сабыргай загъта Гæ ды æ мæ йæ къæ дзил чернилæ доны атъыста.

— Æ цæ гæ й? Уый дын хабæ рттæ, гъе! Æ мæ цы кæ ны! Адæ м хуымæ тæ джы фæ зæ гъынц, гæ дыйы бон Къаролмæ кæ сын у, зæ гъгæ! Табуафси, бар дын ис: кæ с мæ м!

Къарол къæ лæ тджыны йæ хи фæ стæ уæ з ауагъта æ мæ, цæ мæ й Гæ дымæ хуыздæ р зындаид, уый тыххæ й йæ сæ р уый æ рдæ м разылдта.

Гæ ды æ дзынæ гæ й каст Къаролмæ.

Дæ лдæ ртæ сæ фыссæ н систæ æ рæ вæ рдтой æ мæ Гæ дыйæ сæ цæ ст нал истой.

Дзæ вгар рæ стæ г сыбыртт никæ цæ йуал райхъуыст.

— Ы, — загъта æ ппынфæ стаг Къарол, йæ мидбылты æ нæ рвæ ссон худт бакæ нгæ йæ, — дæ зæ рдæ мæ фæ цыдтæ н?

— Ницы уыйас, — былысчъилхуызæ й дзуапп радта Гæ ды, йæ раззаг галиу къах асдæ ргæ йæ.

Дæ лдæ ртыл зыр-зыр бахæ цыд, афтæ мæ й сæ фыссæ н систæ м фæ лæ бурдтой.

— Цы загътай, цы-ы-ы? — фæ тъæ лланг ласта Къарол. — Ницы уыйас, зæ гъгæ, уый куыд æ мбарын хъæ уы? Ницæ йаг, æ нæ хъола цæ рæ гой! Цавæ р Къаролмæ кæ сыс, уый æ мбарыс?

— Къаролтæ иууылдæ р иухуызæ ттæ сты, — загъта Гæ ды.

— Уымæ й тынг рæ дийыс! — мæ стыхуызæ й загъта Къарол. — Мæ н бæ рц чи зоны, иу ахæ м къаролы ном зæ гъын дæ р дæ бон нæ бауыдзæ н!

Дунейы алы кæ рæ ттæ й мæ м профессортæ зондагур хуымæ тæ джы нæ цæ уынц. Мемæ дзы сахаты ’рдæ джы бæ рц аныхас кæ ныны фадат кæ мæ н фæ вæ ййы, уый йæ хи амондджыныл банымайы. Æ з цы цаутæ, хабæ рттæ æ мæ бæ рæ ггæ нæ нтæ æ рæ мбырд кæ нын, уыдонæ н æ мбал нæ й. Мæ дæ лбартæ сты æ ппæ ты зондджындæ ртæ! Джек — Уæ йгуыты Рæ тъузæ г — йæ цæ ст дары мæ дыргъдонмæ. Мæ фосы дзугтæ хъахъхъæ ны æ нгуылдзы йас лæ ппу. Уæ дæ мæ чъиритæ н дæ р æ мбал ничи ссардзæ н. Æ мæ, дам, уый фæ стæ — «ницы уыйас»! Уæ вгæ, дæ хæ дæ г та чи дæ? Къаролимæ дын афтæ дзурыны бар чи радта?

— Чи дæ н, зæ гъгæ, мæ кæ д фæ рсыс, уæ д дын æ й зæ гъын: хуымæ тæ джы Гæ ды. Цыппæ ркъахыг. Мæ фæ ндзæ м та — мæ къæ дзил. Стæ й ма — рихитæ.

— Уыдон мæ хæ дæ г дæ р уынын! — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта Къарол. — Æ ддаг бакаст ницæ уыл дзурæ г у. Мæ нæ н сæ йрагдæ р у иу хъуыддаг: бирæ зоныс æ ви нæ.

— Дунейыл цы нæ зонын, ахæ м нæ й, — сабыр хъæ лæ сыуагæ й бамбарын кодта Гæ ды æ мæ йæ къæ дзилы кæ рон асдæ рдта.

— Цы загътай, цы? — Ацы хатт Къарол фырмæ стæ й цы акодтаид, уый нал зыдта. — Ахæ м хиппæ лойыл мæ царды бонты никуыма сæ мбæ лдтæ н. Дæ сæ р акъуырын мæ м афтæ тынг æ рцыд æ мæ йын зæ гъæ н дæ р нæ й.

— Табуафси, — сразы Гæ ды. — Фæ лæ алцæ мæ н дæ р афон ис!

— Дунейыл, дам, цы нæ зонын, ахæ м нæ й! Æ дзæ сгом чи у, уый! Алцы чи зоны, ахæ м нæ й. Мæ н йеддæ мæ.

— Гæ дыты дæ р демæ банымай, — загъта Гæ ды. — Бауырнæ д дæ, гæ дытæ алцыдæ р зонынц!

— Иттæ г хорз! — хъуырхъуыргæ нгæ йæ загъта Къарол. — Æ рмæ ст дæ дæ ныхæ сты рæ стдзинад хъуыддагæ й равдисын бахъæ удзæ н. Кæ д, куыд дзурыс, æ цæ гæ йдæ р афтæ зондджын дæ, уæ д дæ м æ з æ ртæ фарсты ратдзынæ н, æ мæ фендзыстæ м, цы кæ ндзынæ, уый!

Æ мæ йæ фындзы бын бахудгæ йæ, йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Кæ д ацы хиппæ лой нæ сæ тты, уæ д йæ ныхæ стыл фæ смон фæ кæ ндзæ н».

— Уæ дæ афтæ, — загъта Къарол, йæ армытъæ пæ нтæ йæ гуыбыныл авæ ргæ йæ, — мæ фыццаг фарст...

— Иучысыл фæ лæ уу! — фæ урæ дта йæ Гæ ды. — Хатыр бакæ н, фæ лæ, цалынмæ нæ быцæ уы фæ стиуджытыл æ рныхас кæ нæ м, уæ дмæ мæ нæ н дæ фæ рстытæ н дзуапп дæ ттын мæ бон нæ у. Гæ дыты æ хсæ н æ дылытæ нæ й, зæ гъгæ, дын куы загътон. Æ з цæ ттæ дæ н дæ уимæ бадзырд саразынмæ. Ды мæ м æ ртæ фарсты раттынмæ хъавыс, нæ? Иттæ г хорз! Фæ лæ уый фæ стæ та хъуамæ фæ рстытæ дæ ттон æ з. Афтæ, мæ нмæ гæ сгæ, раст уыдзæ н. Чи нæ фæ уæ лахиз уа, къаролад уый бауыдзæ н.

Дæ лдæ ртæ н сæ фыссæ н систæ сæ къухтæ й æ рхаудысты. Къаролæ н фырдисæ й йæ цæ стытæ рацæ йлиуырдтой.

Фæ лæ йæ хиуыл хæ цын бафæ рæ зта.

— Иттæ г хорз, — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта уый. — Æ мбарын æ й, рæ стæ г дзæ гъæ лы кæ й фесæ фдзæ н, уый, фæ лæ афтæ фæ уæ д: разы дæ н дæ ныхæ стыл. Æ рмæ ст дæ м фæ стæ дæ р фæ смон куы ’рцæ уа, уæ д дын никæ й аххос уыдзæ н: дæ хæ дæ г уыдзынæ азимаг.

— Уæ дæ дæ Къаролы худ дæ сæ рæ й сис æ мæ йæ нæ дыууæ йы астæ у стъолыл æ рæ вæ р, — бардзырд дæ ттæ гау загъта Гæ ды.

Къарол йæ алыхуызон зынаргъ дуртæ й аивгонд худ фелвæ ста æ мæ йæ стъолыл æ рæ вæ рдта.

— Ацы ницæ йаг митæ н тагъддæ р кæ рон скæ нын хъæ уы! Мæ нмæ куыст æ нхъæ лмæ кæ сы, — фырмæ стæ й цæ хæ ртæ калгæ йæ, сдзырдта Къарол. — Цæ ттæ дæ? Уæ дæ дæ м дæ ттын фыццаг фарст: лæ ппу æ рбацыди куыроймæ. Куыройæ н уыди цыппар къуымы, алы къуымы дæ р — цыппар голладжы, алы голладжы дæ р — цыппар гæ дыйы, алы гæ дыйæ н дæ р — цыппар лæ ппыны. Цас у æ дæ ппæ тæ й къæ хты нымæ ц?

— Уый æ нцон банымайæ н у! — йæ мидбылты бахудт Гæ ды. — Дыууæ.

— Куыд дыууæ? — рамæ сты Къарол. — Дзæ бæ хдæ р-ма анымай!

— Цы нымаинаг дзы ис, — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта Гæ ды. — Къæ хтæ куыройгæ сæ н ис. Гæ дытæ н та, зындгонд куыд у, афтæ мæ й вæ ййы дзæ мбытæ!

Дæ лдæ ртæ тарстхуызæ й кæ рæ дзимæ бакастысты. Ахæ м диссæ гтæ дзы никуыма ничи фехъуыста. Къарол йæ хи ныхъхъуынтъыз кодта. Бæ рæ г уыд, Гæ дыйы дзуапп йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ фæ цыд.

— Хорз! — æ рхуымæ й загъта Къарол. — Зæ гъ-ма мын уæ дæ, теуа æ мæ æ фсæ нфæ ндаджы уæ ргътæ хæ ссæ гæ й цы хъауджыдæ р ис?

— Ницы, — æ васт дзуапп авæ рдта Гæ ды. — Сæ дыууæ дæ р сæ къæ бæ р кусынц се рæ гъты фæ рцы...

— Фæ лæ уу-фæ лæ уу-фæ лæ уу! — йемæ не сразы Къарол. — Æ з цавæ ртæ м æ нхъæ лмæ кастæ н, ахæ м дзуæ ппытæ нæ дæ ттыс.

— Ды цавæ р дзуæ ппытæ м æ нхъæ лмæ кастæ, уый нæ зонын, загъта Гæ ды, — фæ лæ æ з дæ фæ рстытæ н радтон раст дзуæ ппытæ. Кæ д дæ нæ уырны, уæ д гæ дытæ й кæ цыфæ ндыйы дæ р бафæ рс.

Райхъуыст Къаролы æ взаджы мæ сты цъыкк.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й ацы æ дылы хъазт æ гæ р ныддæ ргъвæ тин. Цæ й, цыфæ нды уæ д! Хъус уæ дæ ме ’ртыккаг фарстмæ, бафæ лвар-ма уымæ н дзуапп раттынмæ!

Къарол ацы хатт Гæ дыйы къуырцдзæ вæ нмæ кæ й батæ рдзæ н, ууыл фидарæ й кæ й æ ууæ ндыд, уый йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд.

Йæ къух размæ аппаргæ йæ, райдыдта:

— Дыууадæ с адæ ймаджы, бон аст сахаты кусгæ йæ — хуыцаубонтæ дæ р нымайгæ йæ — скъахын хъæ уы дæ с миля æ мæ æ рдæ джы æ рфæ н дзыхъхъ. Зæ гъ-ма, цас рæ стæ г бахъæ удзæ н, цæ мæ й куыст кæ ронмæ ахæ ццæ кæ ной, уымæ н?

Къаролы цæ стытæ рагацау уæ лахиздзауы æ рттывд кæ нын райдыдтой.

Фæ лæ Гæ дыйæ н йæ дзуапп цæ ттæ уыд.

— Æ ртæ секунды, — загъта уый æ мæ йæ къæ дзил батылдта.

— Æ ртæ секунды? Æ рра сдæ?! Зæ гъ, цал азы, уый?

Къарол фырцинæ й йæ армытъæ пæ нтæ й йæ къухтæ æ ууæ рдынмæ фæ ци. Цин кодта, йæ химæ гæ сгæ, Гæ дыйыл кæ й фæ уæ лахиз, ууыл.

— Дыккаг хатт дын æ й зæ гъын, — сдзырдта та Гæ ды, — æ ртæ секунды. Уыцы рæ стæ гмæ уыдон бамбардзысты, сæ бон ахæ м уæ рм скъахын кæ й никуы бауыдзæ н, стæ й йæ къахын дæ р кæ й ницæ мæ н хъæ уы, уый.

— Фарсты хъуыды уым нæ й, — тызмæ гæ й загъта Къарол.

— Мæ нмæ гæ сгæ дзы хъуыды æ ппындæ р нæ й, — загъта Гæ ды. — Кæ д нæ рæ дийын, уæ д ныр та мæ рад у фæ рстытæ дæ ттын.

Къаролы уæ хсчытæ базмæ лыдысты. Æ хсызгон ын кæ м уыдаид, цавæ рдæ р Гæ ды йæ м, йе стъолыл бадгæ йæ, фæ рстытæ дæ тта, уый, фæ лæ йын цы гæ нæ н уыд, æ мæ йæ м дзуры:

— Дæ хорзæ хæ й, æ рмæ ст тагъддæ р. Æ нæ уи дæ р мæ рæ стæ гæ й дзæ гъæ лы бирæ фесæ фт.

— Мæ фæ рстытæ хуымæ тæ г æ мæ цыбыр сты, — зæ рдæ йын бавæ рдта Гæ ды.

Уысмæ й фылдæ р рæ стæ г нæ рацæ удзæ н, афтæ сын дзуапп раттын йæ бон бауыдзæ н кæ цыфæ нды гæ дыйæ н дæ р. Къаролмæ дæ р уыйбæ рц зонд кæ й разындзæ н, ууыл нæ зæ рдæ дардзыстæ м. Фыццаг фарст: арв бæ рзонд у?

Къаролы зæ рдæ мæ фæ цыд фарст æ мæ, йæ мидбылты бахудгæ йæ, загъта:

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Æ рмæ ст зæ рдыл дарын хъæ уы, барын кæ цырдыгæ й райдайай, уый, уымæ н æ мæ, денджызы æ мвæ задæ й баргæ йæ, иухуызон нымæ ц рауайдзæ н, хохы цъуппæ й йæ куы барæ м, уæ д та — æ ндæ рхуызон. Уыдæ ттæ иумæ хынцгæ йæ, стæ й йын йæ дæ ргъ æ мæ уæ рх сбаргæ йæ, метеорологийы, психологийы, геологийы, топологийы æ мæ дзæ нгæ далогийы бæ рæ ггæ нæ нтæ нымайгæ йæ. Рохгæ нинаг не сты астрономийы, физиономийы, статистикæ йы, лингвистикæ йы, беллетристикæ йы æ мæ мистикæ йы хатдзæ гтæ дæ р. Æ ппæ т уыдæ ттæ баиу кæ нгæ йæ, махæ н нæ бон бауыдзæ н...

— Бахатыр кæ н! — фæ урæ дта йæ Гæ ды. — Уый мæ фарстæ н дзуапп нæ у. Дæ хорзæ хæ й, иу хатт-ма мæ м байхъус: арв бæ рзонд у?

Къаролæ н фырмæ стæ й æ мæ фырдиссагæ й йæ цæ стытæ рацæ йбырыдысты. Уыйбæ рц фæ царди, æ мæ йын йæ ныхас æ рдæ гыл никуыма ничи аскъуыдта.

— Арв, — хъуырхъуыргæ нгæ йæ загъта Къарол, — уый... м-м-м... уый. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, метртæ й баргæ йæ цас у, уый дын мæ бон зæ гъын нæ у. Стæ й дын, мæ нмæ гæ сгæ, æ ндæ р исчи дæ р дзуапп нæ ратдзæ н. Фæ лæ рæ стæ мбис нымадæ й, æ вæ ццæ гæ н, уыдзæ н... м-м-м... ее-е...

— Мæ н бæ лвырд дзуапп хъæ уы, — загъта Гæ ды æ мæ йæ цæ ст ахаста, цымыдисæ й йæ м чи каст, Къаролы уыцы дæ лбартыл. — Чи зоны, наукæ йы галуаны уæ вджытæ й искæ мæ н йæ бон у мæ фарстæ н дзуапп раттын...

Къаролмæ тарстхуызæ й бакæ сгæ йæ, йæ къух зырзыргæ нгæ сдардта зæ ронд Министр.

— Æ з æ дзухдæ р афтæ нымадтон, — тæ рсгæ -ризгæ йæ райдыдта уый: — арв ис, цæ ргæ стæ кæ м фæ тæ хынц, уымæ й чысыл уæ лдæ р. Æ з, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, зæ ронд адæ ймаг дæ н æ мæ рæ дийын дæ р зонын...

Гæ ды йæ урс дзæ мбыйæ стъол æ рцавта.

— Нæ -а, нæ -а! Нæ рæ дийыс! Тынг раст сты дæ ныхæ стæ! — загъта рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й Гæ ды, æ мæ йæ кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ фемдзаст сты зæ ронд лæ джы тарст цæ стытимæ.

Къарол фырмæ стæ й ныффутт кодта:

— Дзæ гъæ л дзæ нгæ да! Сæ нттæ!

Гæ ды йæ дзæ мбы фæ хъил кодта, басабыр ут, зæ гъгæ.

— Дæ хорзæ хæ й, дзуапп ратт мæ дыккаг фарстæ н. Кæ м вæ ййы æ ппæ ты адджындæ р æ хсыр?

Къаролы цæ сгом æ васт фæ рухс. Хиуылæ рвæ ссон худт бакодта.

— Уымæ н дзуапп раттын, дыууæ хатты дыууæ цас уыдзæ н, уый зæ гъынæ й æ нцондæ р у. Дзуапп: кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Сардинийы. Уым хъуццытæ н холлагæ н дæ ттынц сырхмæ тæ г æ мæ мыд, æ мæ се ’хсыр сиропы хуызæ н адджын у. Æ рымысæ н ма ис Дæ ргъæ й-Дæ ргъмæ сакъадæ хтæ дæ р. Уым та сæ хъуццытæ м сæ кæ ры хъæ зæ й зилынц. Кæ нæ Грекъ. Цыбыр ныхасæ й, уыдæ ттæ нымайгæ йæ...

— Мæ нæ н мæ бон ницы банымайын у, мæ дыккаг фарстæ н дæ р дзуапп кæ й нæ радтай, уымæ й фæ стæ мæ. Ноджыдæ р ма дæ иу хатт фæ рсын: Къарол, кæ цы ран вæ ййы æ ппæ тæ й адджындæ р æ хсыр?

— Æ з æ й зонын! — цыбыр рæ стæ гмæ чернилæ доны чернилæ кæ нын фæ уадзгæ йæ, фæ хъæ р кодта лæ ггадгæ нæ г гыццыл Лæ ппу, — пецы цур чысыл тæ бæ гъы!

Гæ ды Лæ ппумæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта æ мæ Къаролы цæ сгоммæ бынтон хæ стæ г йæ ком айвæ зта.

— Æ з дын зондджындæ р æ нхъæ л уыдтæ н! — загъта Гæ ды. — Чи зоны, ды къаролтæ н се ’ппæ ты ахуыргонддæ р дæ, фæ лæ мæ фарстæ н дзуапп радта æ ндæ р чидæ р! Уæ ддæ р тыхсгæ ма кæ н, де ’рфгуыты æ лхынцъ райхал. — Гæ ды федта, Къарол лæ ггадгæ нæ г Лæ ппумæ тызмæ гæ й куыд каст, уый. — Цæ мæ й дæ хи сраст кæ най, уымæ н ма дын фадат ис. Мæ нæ дын ме ’ртыккаг æ мæ фæ стаг фарст: зæ ххыл æ ппæ ты тыхджындæ р цы у?

Къаролы цæ стытæ цины ’рттывд фæ кодтой. Йæ хус æ нгуылдзтæ й йæ боцъо адаудта. Ацы хатт йæ дзуапп кæ й фæ рæ стмæ уыдзæ н, ууыл æ ппындæ р гуырысхо нæ кодта.

— Тигр, — райдыдта уый сындæ ггай, — кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, тынг тыхджын у. Тыхджын сты пыл æ мæ домбай дæ р. Ма рох кæ нæ м вулкантæ, стæ й денджызы цалдæ руæ ладзыгон уылæ нтæ. Тыхджын сты зæ йтæ æ мæ хæ ххон лæ сæ нтæ. Зæ ххæ нкъуыстытæ, чи зоны...

— Раст та нæ рауад дæ дзуапп, — фæ урæ дта йæ Гæ ды. — Чи уæ зæ гъдзæ н, зæ ххыл æ ппæ ты тыхджындæ р цы у?

Æ мæ та галуаныл йæ цæ ст ахаста. Ацы хатт ныхас йæ химæ айста Ус-къарол.

— Мæ нмæ гæ сгæ, — ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта уый, — зæ ххыл æ ппæ ты тыхджындæ р у фæ разондзинад, уымæ н æ мæ уый æ ппынфæ стаг алцæ уыл дæ р фæ уæ лахиз вæ ййы.

Гæ дыйы кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ Ус-къаролыл сæ хи ныццавтой.

— Æ нæ мæ нг афтæ, — раппæ лыд дзы Гæ ды æ мæ йæ дзæ мбы Къаролы худыл æ рæ вæ рдта.

— Къаролты тæ ккæ зондджындæ р! — фæ хъæ р кодта Гæ ды. — Æ нæ дызæ рдыгæ й ды стыр ахуыргонд дæ, æ з та хуымæ тæ джы хæ дзарон гæ ды. Фæ лæ æ з де ’ппæ т фæ рстытæ н дæ р дзуапп радтон, ды та дзы — иуæ н дæ р нæ. Ам дарддæ р дзурын нал хъæ уы. Къаролы худ мæ н у!

Къарол былысчъил худт бакодта:

— Дзæ гъæ л дзæ нгæ да ма цæ гъд! Цымæ йын дæ зæ рды цы ис? Дæ уæ н дæ бон закъонтæ уадзын æ мæ адæ мæ н разамынд дæ ттын нæ у. Ды суанг кæ сын æ мæ фыссын дæ р нæ зоныс. Мæ Къаролад гæ дыйæ н раттон? Фæ лтау мæ æ рцауындзæ нт!

Гæ ды хинæ йдзаг худт бакодта.

— Кæ д цыфæ нды ахуыргонд стут, уæ ддæ р, куыд кæ сын, афтæ мæ й аргъæ уттимæ зонгæ не стут, æ ндæ р зониккат, цæ мæ й гæ дыйæ кæ лæ нгонд æ лдар рауайа, уый тыххæ й йын йæ сæ р акъуырын йеддæ мæ кæ й ницы хъæ уы.

— Уыдон иууылдæ р сæ нттæ сты! Аргъæ уттæ! Æ з хъуыды кæ нын мæ Къароладыл!

— Кæ д дын цыфæ нды зын уыдзæ н, уæ ддæ р дын æ нæ зæ гъгæ нæ й: дæ Къаролад дæ у нал у. Дæ уыл ма æ рмæ стдæ р ис иу хæ с: куыд гæ нæ н ис, афтæ мын тагъддæ р мæ сæ р акъуыр. Иннæ хъуыддæ гтæ м ды ницыуал бар дарыс: иууылдæ р мæ бæ рны сты. Дæ у сæ сæ р кæ й ницæ мæ нуал хъæ уы, уымæ гæ сгæ мæ химæ куыстмæ исын зондджын зæ ронд лæ г, ома Министры, мæ нæ ацы зондджын сылгоймаджы, ома дæ бинойнаджы æ мæ зæ рдæ ргъæ вд лæ ггадгæ нæ г чысыл Лæ ппуйы. Се ’ппæ т дæ р сæ худтæ сисæ нт æ мæ мæ фæ дыл рацæ уæ нт. Мах цыппарæ й тынг дзæ бæ х разамынд дæ тдзыстæ м Къароладæ н.

— Уæ д æ з та цы фæ уыдзынæ н? — ныхъхъæ р кодта Къарол. — Кæ дæ м цæ уон? Куыд цæ рдзынæ н?

Гæ дыйы цæ стытæ æ рбанарæ г сты.

— Ууыл дæ раздæ р хъуыды кæ нын хъуыд! Фылдæ р адæ м гæ дыимæ быцæ у кæ ныны размæ дыууæ хатты ахъуыды кæ нынц. Ныр та, ахуыргонд лæ г, дæ цирхъ слас. Цыргъ кæ й уыдзæ н, ууыл дызæ рдыг нæ кæ нын.

— Æ рлæ уут! — ныхъхъæ р кодта Министр æ мæ йæ армытъæ пæ н Къаролы цирхъы фистоныл æ рæ вæ рдта. Уый фæ стæ Гæ дымæ разылд æ мæ йын, йæ сæ рæ й акувгæ йæ, загъта:

— Æ хсин, байхъус-ма мæ м. Раст у, æ нæ хæ рам тохы кæ й фæ уæ лахиз дæ, уый. Раст у, Къаролы худ кæ й рамбылдтай, уый дæ р. Чи зоны, ды æ цæ гæ йдæ р æ лдар дæ. Фæ лæ æ з дæ фæ ндоныл разы нæ дæ н. Æ з Къаролæ н лæ ггад кæ нын, йæ фыды галуаны цумайы лæ ппуйæ кусын куы райдыдтон, уæ дæ й фæ стæ мæ. Къаролы худ ын баззайдзæ н æ ви нал, Къарол ма уыдзæ н æ ви хæ тæ гхуаг суыдзæ н — æ з æ й уарзын æ мæ йыл мæ зæ рдæ не сивдзынæ н. Æ з демæ нæ ацæ удзынæ н.

— Æ з дæ р, — загъта Ус-къарол æ мæ йæ сызгъæ рин къæ лæ тджынæ й сыстад. — Æ з йæ фарсмæ уыдтæ н, æ рыгон æ мæ рæ сугъд куы уыди, уæ д. Бирæ азты æ нæ дзургæ йæ, æ нкъардæ й æ рвыстон мæ бонтæ. Зондджын у æ ви æ дылы, хъæ здыг æ ви мæ гуыр — æ з æ й уарзын æ мæ мæ хъæ уы. Æ з демæ нæ ацæ удзынæ н.

— Æ з дæ р, — загъта цумайы Лæ ппу æ мæ чернилæ доны сæ р сæ хгæ дта. — Ацы хæ дзар мæ хæ дзар у. Къарол дæ р мæ Къарол у, æ мæ йын æ з тæ ригъæ д кæ нын. Стæ й чернилæ доны чернилæ кæ нын бирæ уарзын. Æ з демæ нæ цæ уын!

Гæ ды йæ мидбылты бахудти. Йæ фæ ндоныл чи не сразы, уыдонмæ куы бакаст, уæ д йæ кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ сæ рттывтой.

— Цы фехъуыстай, уыдæ тты фæ стæ ды та цы зæ гъдзынæ, Къарол? — бафарста Гæ ды, стъолмæ раздæ хгæ йæ.

Фæ лæ йын дзуапдæ ттæ г нæ фæ ци. Уымæ н æ мæ Къарол кæ угæ кодта.

— Цæ уыл кæ уыс, куырыхон? — бафарста йæ Гæ ды.

— Уымæ н æ мæ мæ химæ æ гад æ ркастæ н! — схæ къуырцц кодта Къарол. — Æ з мæ зондæ й æ ппæ лыдтæ н. Æ нхъæ лдтон, алцыдæ р кæ нæ та, зæ гъæ н ис, æ мæ алцыдæ р зонын, зæ гъгæ. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й зæ ронд лæ г, сылгоймаг æ мæ саби мæ нæ й бирæ зондджындæ р разындысты. Ма мын æ ххуыс кæ нут! — фæ хъæ р кодта уый, Ус-къарол æ мæ Министр йæ дæ лæ рмтты куы бацыдысты, уæ д. — Æ з уый аккаг нæ дæ н. Æ з æ ппындæ р ницы зонын! Æ з, чи дæ н, уый дæ р нæ зонын.

Йæ цæ сгом йæ армытъæ пæ нтæ й бамбæ рзта.

— Ох, æ з зонын, Къарол кæ й дæ н, уый! — ноджы хъæ рдæ рæ й загъта уый. — Зонын, куыд хуыйнын, уый дæ р! Фæ лæ æ з ацал-ауал азы нæ базыдтон, æ цæ гæ й чи дæ н, уый.

— Мæ нмæ ’рбакæ с æ мæ йæ уæ д базондзынæ, — сабырæ й йын загъта Гæ ды.

— Æ мæ дæ м исты нæ кастæ н?! — йæ фындз къухмæ рзæ нæ й мæ рзгæ йæ, загъта Къарол.

— Куыд æ мбæ лди, афтæ мæ м нæ кастæ, — йæ хи фæ ндыл лæ ууыди Гæ ды. — Æ хсгæ каст мæ м æ рбакодтай. Дæ хæ дæ г куы загътай, Гæ дыйы бон у Къаролмæ кæ сын. Фæ лæ Къаролы бон дæ р у Гæ дымæ кæ сын. Æ мæ мæ м куы ’рбакæ сай, уæ д базондзынæ, чи дæ, уый. Мæ цæ стытæ м мын æ рбакæ с æ мæ дæ мæ ныхæ стæ бауырной.

Къарол йæ къухмæ рзæ н æ руагъта æ мæ, йæ цæ стытæ доны зилгæ йæ, Гæ дымæ бакаст. Йæ цæ стæ нгас Гæ дыйы цæ стæ нгасимæ куы баиу, уæ д æ м дзы разынди йæ хи фæ лгонц.

— Хæ стæ гдæ р, хæ стæ гдæ р! — бардзырд дæ ттæ гау сдзырдта Гæ ды.

Къарол æ м тынгдæ р æ ргуыбыр кодта.

Гæ дыйы æ нæ бын цæ стытæ м куы ныккаст, уæ д федта, йæ хуыз ивгæ куыд цыд, уый.

Йæ цæ сгом тымбылдæ р кодта. Йе ’нцъылдтæ фæ цыдæ р сты. Йæ русты хуыз сырхæ й ивын райдыдта. Йæ мыдхуыз сæ рыхъуынтæ къæ бæ лдзыг кæ нынмæ фесты. Йæ урс боцъо фæ тардæ р. Йæ цæ стытæ æ взонджы цæ стытау сæ рттывтой.

Къарол фырцинæ й, фырдиссагæ й йæ хицæ н бынат нал ардта. Йæ мидбылты бахудт, æ мæ йæ м Гæ дыйы кæ сæ ны хуызæ н цæ стыгагуытæ й дæ р бахудт фæ тæ нуæ хск, сырхуадул, хæ рзхуыз адæ ймаг.

— Диссæ гтæ! — фæ хъæ р кодта Къарол, — уый æ з куы дæ н! Ныр æ з зонын, чи дæ н, уый. Иу куырыхон дæ р нæ дæ н æ мæ иу ахуыргонд дæ р! — Æ мæ, йæ сæ р фæ стæ мæ аппаргæ йæ, йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудт. — Хохо! Ха-ха-ха! Ныр алцыдæ р бамбæ рстон. Мæ химæ зонды къуыбар дзæ гъæ лы кастæ н. Æ з дæ лæ мæ дæ р æ мæ уæ лæ мæ дæ р дæ н Хъæ лдзæ г Къарол!

Сæ дзыхтæ хæ лиуæ й кæ мæ н баззадысты, йæ уыцы дæ лбартæ м раздæ хт æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Хорз адæ м! Ныддыввытт ласут уæ фыссæ н систæ æ мæ гæ ххæ ттытæ. Ныскъуыдтæ кæ нут бæ зджын чингуытæ! Стъолтæ зæ ххы баныгæ нут! Æ мæ ма мын уæ «цаутæ » æ мæ «хабæ ртты» кой чи скæ на, уымæ н æ з йæ сæ р атæ хын кæ ндзынæ н!

Къарол та ногæ й йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти æ мæ йæ Фыццаг Министры йæ хъæ бысы ныттыхта. Чысыл ма бахъæ уа, зæ ронд лæ джы ма ныххуыдуг кæ на.

— Ныххатыр мын кæ н, мæ иузæ рдион хæ лар! — ныхъхъæ р кодта Къарол. — Байдзаг-ма кæ нут агуывзæ тæ! Фæ дзурут-ма мæ фæ ндырдзæ гъдджытæ æ мæ мæ гуымсæ гæ йцæ гъдджытæ м! Ды та мæ м, уæ ларвон æ хсинæ г, мæ амонд, мæ цинты цин, ногæ й дæ къух æ ри, цæ мæ й йæ макуал суадзон, уый тыххæ й.

Цины цæ ссыгтæ æ ргæ р-гæ р кодтой Ус-къаролы рустыл, æ мæ йын сæ Къарол арæ хстгай асæ рфта.

— Мæ н æ рвон стъалытæ ницæ мæ нуал хъæ уы, — бадзырдта йын йæ хъусы. — Дæ цæ стыты æ рттывд мын фагæ й фылдæ р у!

— Кæ д уæ бахъыгдардтон, уæ д хатыр курын, фæ лæ æ з та? Æ ви дзы æ з нымады никуы дæ н? — бафарста Гæ ды.

— Къаролад æ мæ Къаролы худ дæ у куы баисты, уæ д ма дæ цы хъæ уы? — йæ фарстæ н ын фарстæ й дзуапп радта Къарол.

— Уыдон мæ тæ й дын мæ лын! — загъта Гæ ды. — Уæ хицæ н сæ уадзут. Фæ лæ гæ дытæ лæ вар кæ й ницы фæ кæ нынц, уымæ гæ сгæ мæ м дыууæ курдиаты ис.

— Цыдæ риддæ р дæ дзыхæ й схауа, уый æ ххæ стгонд æ рцæ удзæ н! — фæ хъæ р кодта Къарол.

— Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу мæ, — загъта Гæ ды, — ацы галуаны абæ рæ г кæ нын бафæ ндид...

— Мæ н? Табуафси! Кæ ддæ риддæ р дæ бафæ нда, уæ д, — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта Къарол.

—... Ус-къаролы, — дарддæ р дзырдта Гæ ды.

— Ус-къаролы? Табуафси! Кæ дфæ нды дæ р! Мыстытимæ тохы нæ м фæ кæ сдзынæ.

— Стæ й ма мæ м ноджыдæ р иу курдиат ис, — йæ ныхас дарддæ р кодта Гæ ды. — Фæ нды мæ, Ус-къаролы диссаджы фæ рдгуытæ мæ н куы уаиккой, уый.

— Райс сæ æ мæ сæ амондимæ дар! — цингæ нгæ йæ йæ фæ ндоныл сразы Къарол. — Фæ лæ, ды куыд æ нхъæ лыс, афтæ зынаргъ не сты.

Ус-къарол, чысыл афæ стиаты фæ стæ фæ рдгуытæ йæ хъуырæ й рафтыдта æ мæ сæ Гæ дыйыл цалдæ р тыхты æ ркодта. Уый йæ сæ рæ й йæ къæ дзилы онг иууылдæ р фæ рдыг фестад. Уый фæ стæ Гæ дымæ дзæ вгар фæ каст. Сæ цæ стæ нгастæ цæ уыл дзырдтой, уыцы сусæ гдзинад сæ дыууæ йеддæ мæ ничи зыдта, уымæ н æ мæ, ус-къаролтæ æ мæ гæ дыты ’хсæ н цы ахастдзинæ дтæ вæ ййы, уый никæ й цур фæ дзурынц.

— Уазджытæ м фенхъæ лмæ кæ сын алы майрæ мбон дæ р, — загъта Ус-къарол æ мæ Гæ дымæ йæ мидбылты бахудт.

— Æ з æ рбацæ удзынæ н! — йæ сæ р разыйы тылд бакæ нгæ йæ, загъта Гæ ды.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ æ ддæ мæ фæ цæ уæ г. Йæ къæ дзил тырысайау хæ рдмæ схъил, йæ пух буарыл фæ рдгуытæ цæ хæ ртæ калдтой.

— Чысыл-ма бахатыр кæ н, — Гæ ды дуармæ куы фæ цæ йхæ ццæ кодта, уæ д æ м радзырдта Къарол. — Ды æ цæ гæ й дæ аргъæ утты æ лдар? Дæ сæ р дын куы акъуырдтаин, уæ д ницы фыдбылыз æ рцыдаид?

Гæ ды разылд æ мæ йæ м æ нæ ууæ нк каст бакодта. Стæ й бахудт, цыдæ р сусæ гдзинад кæ м æ мбæ хст, ахæ м худтæ й.

— Ацы дунейы æ ууæ ндæ н цæ уыл ис? Фембæ лынмæ уал! — загъта уый, йæ кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ ферттывтой, æ мæ феддæ дуар. Кæ рдæ гæ й æ мбæ рзт фæ згонды ауыдта Сæ гъы. Уый доны малмæ, йæ хуыз кæ сæ ны хуызæ н кæ м зынд, уырдæ м нымдзаст.

— Ды чи дæ? — бафарста Сæ гъ, Гæ ды йæ рæ зты куы фæ цæ йцыд, уæ д.

— Æ з дæ н, Къаролмæ чи каст, уыцы Гæ ды, — дзуапп радта Гæ ды.

— Æ з та дæ н, — йæ сыкъатæ батилгæ йæ, загъта Сæ гъ, — сабитæ м чи цæ уы, уыцы Сæ гъ.

— Æ цæ г? — загъта Гæ ды. — Цæ мæ н?

Сæ гъмæ уыцы фарст диссаг фæ каст. Ууыл ныронг никуы ахъуыды кодта. Æ цæ гæ йдæ р, цæ мæ н цæ уы сабиты сыкъайæ цæ вынмæ? Ницæ йаг митæ кæ й кæ ны, уый йæ м фыццаг хатт бахъардта.

— Мæ -хæ -дæ г, — загъта Сæ гъ къуызгæ йæ, — мæ хæ дæ г дæ р æ й, æ вæ ц-цæ гæ н, нæ зонын.

Æ мæ иуварс ацыд, цæ мæ й, йæ хи куыд дары, ууыл ахъуыды кæ на.

Фæ ндагыл Гæ ды амбæ лд дынджыр Каркыл. Уый хъуыдатгæ нгæ йæ йæ базыртæ тылдта.

— Æ з дæ н, сызгъæ рин æ йчытæ чи ’фтауы, уыцы Карк! — сæ рыстырæ й ныхъхъуыдатт кодта уый.

— Æ цæ г? — бафарста йæ Гæ ды. — Æ мæ дæ цъиутæ кæ м сты?

— Цъиутæ? — афæ лурс уæ вгæ йæ, сфæ лхат кодта Карк. — Худинаг, худинаг, ай мын цъиутæ æ цæ г дæ р куы нæ и. Æ дзух мын цы нæ фаг кодта, уый нырма ныр бамбæ рстон!

Æ мæ кæ ркдонмæ атагъд кодта хуымæ тæ г айк æ фтауынмæ.

Уалынмæ Гæ дыйы тæ ккæ размæ фæ цыди кæ йдæ р тъæ пп.

— Æ з дæ н, гæ ппытæ æ мæ сæ ррæ ттытæ гæ нгæ чи фæ цæ йтахт, уыцы Галхæ фс! — сæ рыстырæ й фæ кодта уый.

— Æ мæ Паддзахы хæ дзармæ бахаудтæ, нæ? — бафарста Гæ ды. — Мæ нмæ гæ сгæ та дын хуыздæ р уыдаид цъымарайы!

— Раст зæ гъыс! Тынг раст сты дæ ныхæ стæ! — сразы Галхæ фс. — Æ нхъæ лдæ н æ мæ тынг фæ рæ дыдтæ н!

Гæ ды дарддæ р йæ фæ ндаг дардта, йæ къæ дзил фыццагау схъæ л даргæ йæ. Фæ рдгуытæ дæ р хурмæ æ рттывдтытæ калдтой.

Гæ дыйыл чидæ риддæ р æ мбæ лди, уыдон иууылдæ р сæ хи хуыдтой амондджын, уымæ н æ мæ æ ндæ рхуызон цардæ й цæ рын райдыдтой. Сæ гъ, Карк æ мæ Галхæ фс амондджын уыдысты, ницæ йаг митыл сæ къух кæ й систой, уымæ й. Лæ ггадгæ нджытæ бон-сауизæ рмæ кафыдысты фæ ндыры цагъдмæ. Къарол ныууагъта йæ хъуыды кæ нын. Ус-къаролы амонд та баст уыд ахсджиагдæ р хъуыддагимæ — амондджын уыди, Къарол амондджын кæ й уыди, уымæ й.

Цумайы лæ ппу дæ р уыди амондджын: цас æ й фæ ндыд, уыйбæ рц йæ бон уыд чернилæ авгæ й чернилæ доны кæ нын, стæ й та йæ чернилæ донæ й фæ стæ мæ авджы кæ нын. Куы-иу ын дзы акалди, уæ ддæ р æ м ничиуал хæ цыд.

Фæ лæ æ ппæ тæ й амондджындæ р уыд зæ ронд Министр.

Уый ныффыста Къаролы указ. Къарол дзы йæ къух бавæ рдта: æ ппæ т бæ стæ йы дæ р хъуамæ скодтаиккой куывд, скодтаиккой хъеццаутæ æ мæ æ ндæ р хиирхæ фсæ нтæ, цæ мæ й адæ м сæ рæ стæ г хъæ лдзæ гæ й æ рвыстаиккой. Стæ й хъуамæ хылтæ дæ р мауал кодтаиккой.

Ныр зæ ронд Министрæ н йæ бон уыд йæ бирæ фыдæ бæ тты фæ стæ йæ фæ ллад суадзын æ мæ ма йын цы бонтæ баззад, уыдон, йæ хи йæ хъеллаугæ нæ г къæ лæ тджыны хурмæ тавгæ йæ, æ ппындæ р ницы кусгæ йæ, арвитын...

Гæ ды та — уый та, йæ фæ рдгуытæ йæ уæ лæ, афтæ мæ й разил-базил кæ ны дунейыл. Хатгай адæ мæ н сæ цæ стытæ м бакæ сы, æ мæ сæ йæ хи чи фены, уый базоны, æ цæ гæ й цы у, уый.

***

Ныхасгæ нæ г йæ дзурынæ й банцад. Сывæ ллæ тты уаты ма хъуысти æ рмæ стдæ р къулылдаргæ сахаты цъыкк-цъыкк.

Уалынмæ Мэри Поппинс, цыма фынæ й уыд, уыйау æ васт хæ рдмæ фæ хауд æ мæ сывæ ллæ ттыл фæ тъæ лланг ласта:

— Ныронг уæ хуыссæ нтæ цæ уылнæ бацагуырдтат? Майк, цыма дæ дæ ндæ гтæ й хъæ рзыдтай, афтæ мæ м кæ сы. Джейн, дæ цæ стытæ мæ м цы ныдздзагъыр кодтай? Æ ви дæ м æ рмахуыр арсы хуызæ н кæ сын?!

Майкл æ виппайды йæ хуыссæ ны стæ лфыд, фæ лæ Джейн йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд.

— Дæ умæ гæ сгæ æ з чи дæ н? — йæ хицæ н дзурæ гау бафарста Мэри Поппинс.

— Æ з, чи дæ н, уый зонын! — сæ рыстырæ й загъта Майкл. — Æ з дæ н Майкл Джордж Бэнкс! Æ мæ, чи дæ н, уымæ й иу Гæ дыйы дæ р нæ бафæ рсдзынæ н!

— Ды махæ н цы нæ зоныс, ахæ м нæ й. Иу ныхасæ й, ды дæ зонды къуыбар, — былысчъил мидбылхудт бакодта Мэри Поппинс.

— Куыддæ р æ рбаздæ ха, — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Джейн, — афтæ йын æ з комкоммæ бакæ сдзынæ н йæ кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ м.

— Уый бæ сты дæ чъиллон цæ сгоммæ бакæ с æ мæ йæ æ хсæ вæ ры размæ ныхс, — æ дзухдæ р куыд фæ кæ ны, афтæ йыл ныффутт кодта Мэри Поппинс.

— Æ мæ æ ппындæ р куынæ уал æ рбаздæ ха, уæ д та? — дызæ рдыггæ нгæ йæ бафарста Майкл æ мæ йæ хинымæ р ахъуыды кодта: «Къаролмæ чи каст, уыцы Гæ дыйы цæ рæ нбонты пецы уæ хскыл бадын зынæ й бафæ нддзæ н».

— Уымæ н та æ з цы зонын! — фæ тъæ лланг ыл кодта Мэри Поппинс. — Æ з дын, фæ рстытæ н дзуапп кæ м фæ дæ ттынц, ахæ м ран кусæ г дæ н?

— Омæ уыцы Гæ дыйы Майклæ н куы балæ вар кодтой, — ныхас йæ химæ айсынмæ хъавыд Джейн, фæ лæ уыцы рæ стæ г бынæ й сыхъуыст миссис Бэнксы хъæ лæ с:

— Мэри Поппинс! Иучысыл рæ стæ г бынмæ ’рхизын дæ бон нæ у?

Сывæ ллæ ттæ кæ рæ дзимæ бакастысты. Сæ мады хъæ лæ с цыдæ р тарстхуыз уыд.

Куыддæ р Мэри Поппинс сывæ ллæ тты уатæ й ахызт, афтæ Джейн Майклимæ асинты фæ змæ рахъуызыдысты.

Бынæ й къæ лæ тджыны утæ хсæ н кодта мистер Бэнкс. Миссис Бэнкс ын адæ ргæ й куы йæ сæ р æ рлæ гъз кæ ны, куы йын агуывзæ йæ дон адары.

— Æ вæ ццæ гæ н, йæ зæ рдæ цæ мæ й сæ нкъуыса, ахæ м хабар фехъуыста, — бамбарын кодта Мэри Поппинс. — Джордж, Джордж, зæ гъ-ма нын, цы ’рцыди?

— Мæ нервытæ сызмæ лыдысты! — загъта мистер Бэнкс, йæ сæ рыл схæ цгæ йæ. — Мæ нмæ гæ сгæ, хъуыддаг уый мидæ г ис. Мæ цæ стытыл æ вирхъау нывтæ уайын райдыдта.

— Цавæ р æ вирхъау нывтæ? — фæ хъæ р кодта миссис Бэнкс.

Мистер Бэнкс агуывзæ йы донæ й анызта.

— Куыддæ р цæ хгæ рмæ уынгæ й æ рбахызтæ н, афтæ, — йæ цæ стытæ сæ хгæ нгæ йæ, зырзыргæ наг хъæ лæ сæ й дзурын райдыдта Бэнкс, — афтæ йæ нæ кулдуары цур лæ угæ ауыдтон...

— Кæ й, кæ й? — фæ хъæ р ласта миссис Бэнкс.

— Урс сырды. Леопарды хуызæ н мæ м фæ каст. Йæ буар иууылдæ р аивгонд уыд дидинджытæ й. Кулдуары цурмæ куы ’рбахæ ццæ дæ н, уæ д мæ м... уæ д мæ м... æ рбакаст. Йæ тасуадзæ г кæ рдæ гхуызцъæ х цæ стытæ й. Мæ цæ стытæ м мын комкоммæ ныккаст! Уый фæ стæ мын йæ сæ рæ й акуывта æ мæ... æ мæ... æ мæ загъта: «Де ’зæ р хорз, Бэнкс! » æ мæ фæ ндагыл фæ лидзæ г.

— Уый... — цыдæ р сдзурынмæ хъавыд миссис Бэнкс, фæ лæ йæ мистер Бэнкс, йæ къух фæ хъилгæ нгæ йæ, æ рурæ дта:

— Цы зæ гъынмæ хъавыс, уый зонын. Леопардтæ иууылдæ р сырддонты кæ й фæ бадынц æ мæ дидинджытæ й фæ лыст кæ й нæ вæ ййынц, уый æ з дæ р зонын. Йæ мардæ рцыд уый мидæ г ис, æ мæ уыцы нывтæ мæ цæ стыл уайгæ кæ й акодтой. Уый та ууыл дзурæ г у, æ мæ æ з уæ ззау рынчын фæ дæ н. Дардыл ныхæ сты бæ сты ма мын дохтыр Симпсонмæ фæ дзур.

Миссис Бэнкс телефонмæ фæ лæ бурдта.

Уыцы рæ стæ г асинты фæ зæ й райхъуыст цыдæ р уынæ ртæ. Фенхъæ лæ н уыд, цыма чидæ р хæ къуырцц скодта.

— Цы уыл æ рцыди? — мæ лæ г уды хъæ лæ сæ й бафарста мистер Бэнкс.

Фæ лæ Джейн æ мæ Майклы бон иу ныхас сдзурын дæ р нæ баци. Уыдон фырхудæ гæ й зæ ххыл ратул-батул кодтой.

Стæ й сын æ фсон дæ р уыди. Мистер Бэнкс йæ хабæ рттæ куы кодта, уыцы рæ стæ г сывæ ллæ тты уаты рудзынджы тæ рхæ гыл фæ зынд урс цыдæ р. Уый æ нæ уынæ рæ й тæ рхæ гæ й æ ргæ пп кодта, уырдыгæ й та сгæ пп кодта пецы уæ хскмæ. Уыцы ран, йæ къæ дзил йæ быны, афтæ мæ й бадт Майклы фарфорæ й конд гæ дыйы лæ ппын.

— Ахæ м хъæ бæ рзæ рдæ сывæ ллæ ттæ никуыма федтон, — загъта мистер Бэнкс, йæ кæ стæ рты митæ м кæ сгæ йæ.

Фæ лæ уыдон сæ худын ноджы фæ тынгдæ р кодтой. Худтысты æ мæ ратул-батул кодтой, цалынмæ сæ м Мэри Поппинс нæ бадзагъул кодта, уæ дмæ.

Уыцы цæ стæ нгас ахæ м тызмæ г уыд, æ мæ кæ мæ фæ нды дæ р бахъардтаид. Сывæ ллæ ттæ иу сыпп дæ р нал скодтой. Сæ хæ къуырццæ й дæ р банцадысты...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.