|
|||
ÆВДÆМ СÆР. МÆЙРУХС ÆХСÆВÆ нæ хъæ н бон Мэри Поппинс кæ дæ мдæ р тагъд кодта. Тагъд куы фæ кæ ны, уæ д та йæ м алы ныхас дæ р хъыг фæ кæ сы. Джейны митæ й йæ зæ рдæ мæ ницы цыд. Йæ зæ рдæ мæ нæ цыд, Майкл цы кодта, уый дæ р. Суанг ма-иу фаззæ ттыл дæ р бустæ й ралæ ууыд. Джейн æ мæ йæ м Майкл хæ стæ г нæ цыдысты, уымæ н æ мæ зыдтой, ахæ м заман сæ куы нæ уына æ мæ куы нæ хъуса, уæ д хуыздæ р кæ й у. — Нæ фæ лæ ’мæ, кæ й нæ уынынц, ахæ мтæ куы фестиккам, уæ д цы хорз уаид! — загъта Майкл. Ахæ м хъуыдымæ ’рцыд, Мэри Поппинс ын, дæ иунæ г фендæ й, йæ хицæ н аргъ кæ нын чи зоны, уымæ н йæ масты дзæ къул адæ нгæ л уыдзæ н, зæ гъгæ, куы загъта, уый фæ стæ. — Уымæ н бирæ нæ хъæ уы, — загъта Джейн. — Диваны фæ стæ бамбæ хсæ м, æ мæ нæ ничиуал уындзæ н. Фæ лæ уал раздæ р, не ’вæ рæ н къоппы цы æ хца æ рæ мбырд, уый банымайæ м. Æ хсæ вæ ры фæ стæ, чи зоны, йæ зæ рдæ фæ фæ лмæ ндæ р уа. Куыд загътой, афтæ бакодтой. — Æ хсæ з æ мæ цыппар пенсы иумæ сты дæ с, стæ й ма пеннийы æ мбис æ мæ æ ртæ пенсон, — загъта Джейн. — Мæ нуæ ттæ та — цыппар пеннийы æ мæ æ ртæ фартингы, æ мæ... æ мæ ницыуал, — арф ныуулæ фыди Майкл æ мæ йе ’хцатæ кæ рæ дзийы сæ рыл æ рæ вæ рдта. — Мæ гуыргуры къусæ н сæ фембырд кодтай? — диваны фæ стæ мæ бакæ сгæ йæ, ныффутт кодта Мэри Поппинс. — Мæ хицæ н! — тæ ргайхуызæ й дзуапп радта Майкл. — Мæ хицæ н сæ фембырд кодтон. — Æ вæ ццæ гæ н та дзы исты сумалет æ лхæ нынмæ хъавыс! — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта Мэри Поппинс. — Пыл дзы æ лхæ ндзынæ н. Хъуамæ мæ химæ пыл уа. Сырддоны пыл Лиззийы хуызæ н. Æ рмæ ст уый мæ хи уыдзæ н. Æ з-иу уæ ууыл ралас-балас кæ ндзынæ н. — Майкл кæ д иуварсæ рдæ м каст, уæ ддæ р аивæ й Мэри Поппинсы хъахъхъæ дта, фæ ндыди йæ, йæ хъуыды йæ м куыд фæ кæ сдзæ н, уый базонын. — Цытæ йæ зæ рды æ рæ фтыд! — загъта Мэри Поппинс. Фæ лæ йæ цæ сгомыл бæ рæ г уыд, фыццаджы хуызæ н мæ сты кæ й нал у. — Диссаг мæ м цы кæ сы, — загъта, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, Майкл, — адæ м сæ химæ куы ацæ уынц, уæ д цымæ æ хсæ выгон сырддоны куыд вæ ййы? — Бирæ куы зонай, уæ д тагъд базæ ронд уыдзынæ! — фæ хъæ р ыл кодта Мэри Поппинс. — Æ з бирæ зонынмæ нæ тырнын, афтæ дæ æ нæ уи бафарстон, йæ хи раст кæ нынмæ фæ ци Майкл. — Æ мæ йæ ды зоныс? — бафарста Мэри Поппинсы. Сылгоймаг уыцы рæ стæ г уыд йæ тæ ккæ фынг æ фснайгæ йæ. — Куыддæ р ма мæ м иунæ г фарст дæ р раттай, афтæ æ нæ иу ныхасæ й хуыссынмæ фæ цæ ут! — фæ тъæ лланг ыл ласта Мэри Поппинс æ мæ сывæ ллæ ттæ н уат кæ нынмæ февнæ лдта. Цыма йæ раздарæ н æ мæ къабайыл зилгæ -дымгæ йæ хи бауагъта, уый хуызæ н сæ базыртæ ныппака сты. — Дзæ гъæ лы йæ бафарстай, — йæ хъусы йын бадзырдта Джейн. — Зонгæ алцыдæ р кæ ны, фæ лæ дын ницы зæ гъдзæ н! — Цы зоныс, уый куы нæ дзурай, уæ д дæ зонындзинæ дтæ кæ й хъæ уынц?! — бахъуыр-хъуыр кодта Майкл. Йæ ныхæ стæ афтæ сабырæ й загъта, æ мæ Мэри Поппинсмæ дæ р нæ фехъуыстысты... Джейн æ мæ Майклы афтæ раджы никуыма хуыссын кодтой. Мэри Поппинс цырагъ дæ р тынг раджы ахуыссын кодта. Ноджы йæ хæ дæ г дæ р æ васт фæ тар. Цыма йæ æ нæ зынгæ дымгæ йæ разæ й айста, уый хуызæ н фæ цыдæ р. Минут дæ р нæ ма рацыд, афтæ фæ сдуарæ й æ рбайхъуыст кæ йдæ р сусу-бусу. — Джейн, Майкл, тагъддæ р! — сæ хъустыл ауад кæ йдæ р хъæ лæ с. Уæ дзаумæ ттæ акæ нут æ мæ — мæ фæ стæ! Сывæ ллæ ттæ сæ хуыссæ нтæ й рагæ ппытæ кодтой. — Цом! — загъта Джейн. — Цыдæ р диссаг нæ м æ нхъæ лмæ кæ сы! — æ мæ талынджы йæ къаба агурынмæ фæ ци. — Рæ вдздæ р! — райхъуысти та æ рдæ боны хъæ лæ с. — О Хуыцау, худ æ мæ æ рмкъухтæ йеддæ мæ мæ бон ссарын ницы у! — стыхсти Майкл. Уаты къуымты силлæ г, асыччытæ сгæ рста, тæ рхæ джыты агуырдта, фæ лæ ницæ уыл хæ ст кодта. — Ныууадз. Цы ссардтай, уый акæ н. Æ дде афтæ уазал нæ ма у. Цом. Джейны къухы дæ р Джоны гыццыл пъалто йеддæ мæ ницы бафтыд. Тыххæ йты йыл ссыди. Джейн дуар байгом кодта, фæ лæ тыргъы ничи уыд. Цыма асинтыл чидæ р бынмæ фæ цæ йцыд, сывæ ллæ ттæ м афтæ фæ каст. Джейн æ мæ Майкл дæ р йæ фæ дыл фæ цагайдтой. Фæ лæ, кæ д чи фæ нды уыд, уæ ддæ р æ й æ ййафгæ дæ р нæ бакодтой, уынгæ дæ р. Сывæ ллæ ттæ бамбæ рстой, чидæ р сæ йæ фæ дыл кæ й хоны, уый. Цъиуызмæ лæ г дæ р кæ м нæ уыд, уыцы уынгты тагъд згъордтой, æ мæ уайтагъд сæ лæ ф-лæ ф ссыд. — Тагъддæ р! — цæ хгæ рмæ уынджы фæ зилæ нæ й та сæ м фæ сидти æ нæ зонгæ хъæ лæ с. Цæ хгæ рмæ уынджы куы фæ зылдысты, уæ д æ нхъæ лдтой, чи сæ м сидти, уый фендзысты, зæ гъгæ, фæ лæ фæ рæ дыдысты. Хъæ лæ с сæ м кæ цырдыгæ й хъуысти, уыцырдæ м тахтысты æ мæ тахтысты уынгты, аллейты, фæ зты, парктыл. Æ ппынфæ стаг æ рлæ ууыдысты, йæ фæ йнæ фарс бæ рзонд сис кæ мæ н уыд, ахæ м турникеты цур. — Æ рбахæ ццæ стут! — загъта æ нæ зонгæ хъæ лæ с. — Кæ дæ м? — хъæ рæ й бафарста Майкл. Фæ лæ йын дзуапдæ ттæ г нæ фæ ци. Джейн Майклы къухыл хæ цгæ йæ, турникеты цурмæ бацыд. — Кæ с-ма! — загъта уый. — Ай сырддон куы у! Арвæ й мæ й йæ цалхыдзагæ й каст, æ мæ Майклмæ хорз зынд æ фсæ йнаг хызæ г. Мидæ мæ куы бакаст, уæ д базыдта, сырддоны дуармæ кæ й лæ ууынц, уый. Раздæ р æ й кæ й нæ базыдта, уый йæ м диссаг дæ р ма фæ каст. — Æ хца нæ м куы нæ ис, уæ д мидæ мæ куыд бацæ удзыстæ м? — бафарста Майкл. — Уый мæ т ма кæ н! — райхъуыст быруйы фалейæ кæ йдæ р хъуырхъуырæ мхæ ццæ хъæ лæ с. — Ацы ’хсæ в хуынд адæ мы лæ вар уадзæ м. Турникет-ма дæ къахæ й басхой. Джейн æ мæ Майкл, куыд сын загъта, афтæ бакодтой, æ мæ уайтагъд сырддоны февзæ рдысты. — Мæ нæ уæ билеттæ, — загъта бæ зджын хъæ лæ с. Сывæ ллæ ттæ бæ стондæ р куы ’ркастысты, уæ д бамбæ рстой, хъæ лæ сы хицау дынджыр Бур Арс кæ й у. Йæ уæ лæ уыди къурткæ æ рхуы цæ ппæ ртæ æ мæ худимæ. Йæ дзæ мбыйы уыди дыууæ сырх билеты. Арс сæ м хæ стæ гдæ р бацыд æ мæ сын билеттæ радта. — Мах-иу раздæ р билеттæ контролермæ лæ вæ рдтам, — загъта Джейн. — Раздæ р, цы уыди, уый уыди. Абон та уæ билеттæ айсут! — загъта Арс æ мæ йæ мидбылты бахудт. Майкл Арсмæ кæ сынтыл фæ ци. — Æ з дæ у зонын, — загъта Арсæ н. — Иу хатт дын сиропы авг дæ р радтон. — Зонын æ й, — сразы Арс. — Фæ лæ дæ йæ байгом кæ нын ферох. Йæ байгом кæ ныныл цæ йбæ рц фæ тухæ н кодтон, уый зоныс? Æ нæ хъæ н дæ с боны! Дæ хорзæ хæ й, иннæ хатт мын-иу æ й гомæ й ратт. — Æ мæ къалатийы та цæ уылнæ дæ? Æ ви уæ æ хсæ выгон рауадзынц? — бафарста йæ Майкл. — Нæ -а. Къалатийæ нæ рауадзынц, гуырæ н бон мæ йногимæ куы баиу вæ ййы, уæ д. Мæ нæ н бахатыр кæ нут, нæ мæ ’вдæ лы: мидæ мæ цæ уджытæ м мæ мæ хъус дарын хъæ уы. Арс турникетмæ бацыд æ мæ йæ ногæ й зилын райдыдта. Джейн æ мæ Майкл, сæ билеттыл фидар хæ цгæ йæ, нарæ г къахвæ ндагыл ацыдысты. Мæ йы рухсмæ хорз зындысты бæ лæ стæ, къутæ ртæ, суанг ма дидинджытæ дæ р. — Ам цыдæ р уыдзæ н, — загъта Майкл. Æ мæ нæ рæ дыди. Æ ппæ т къахвæ ндæ гтыл дæ р разгъор-базгъор кодтой алыхуызон сырдтæ, иуæ й-иутыл та — мæ ргътæ дæ р. Дыууæ бирæ гъы даргъкъах къадзимæ зæ рдиаг ныхасгæ нгæ сæ рæ зты асыффытт ластой. Цæ уыл дзырдтой, уый Джейн æ мæ Майкл нæ бамбæ рстой, фæ лæ сæ м сæ ныхæ стæ й дыууæ дзæ бæ х фехъуыст: «Мæ йног» æ мæ «Гуырæ н бон». Чысыл дарддæ р аллейы тезгъо кодтой æ ртæ теуайы. Сæ рахизфарсæ рдыгæ й цæ уылдæ р зæ рдиаг ныхас кодтой Доны уыры æ мæ америкаг Кондор. Сывæ ллæ ттæ куыд бамбæ рстой, афтæ мæ й сæ ныхасы сæ р уыди иу. — Цымæ сæ кæ й гуырæ н бон у? — бафарста Майкл. Фæ лæ уæ дмæ Джейны цымыдисдзинад йæ фæ дыл ахуыдта æ мæ йын йæ ныхæ стæ нал фехъуыста. Пылдоны цур йæ цыппæ ртыл рацу-бацу кодта иу стæ вдтæ зæ ронд лæ г. Йе ’ккой дыууæ чысыл бандоныл бадти маймулийы аст лæ ппыны. — Диссæ гтæ! Иууылдæ р сæ раззаг къæ хтыл лæ ууынц! — фæ хъæ р кодта Джейн. Зæ ронд лæ г æ м тызмæ гхуызæ й бакаст. — Сæ раззаг къæ хтыл! Чи лæ ууы йæ раззаг къæ хтыл? Æ з? Уый æ з мæ хицæ н æ фхæ рдыл нымайын. Маймулитæ худæ гæ й бакъæ цæ л сты. — Бахатыр кæ нут, мæ нмæ сымах кой нæ уыд. Æ з дун-дунейæ афтæ загътон! — бамбарын кодта Джейн æ мæ зæ ронд лæ гмæ хæ стæ гдæ р бацыд. — Зындгонд куыд у, афтæ мæ й адæ мы цæ рæ гойтæ фæ ласынц, ам та цæ рæ гойты адæ ймаг ласы, æ мæ мæ м уый диссаг фæ каст, уыцы ныхæ стæ дæ р мæ уымæ н сирвæ зтысты. Фæ лæ зæ ронд лæ гмæ хатыр кæ ныны зонд нæ уыд, уымæ н æ мæ йæ, йæ нымадмæ гæ сгæ, бафхæ рдæ уыд. Иуцасдæ р ма фæ хъуыр-хъуыр кодта æ мæ йæ бæ лццæ ттимæ кæ дæ мдæ р атындзыдта. Нал æ й баййафдзæ н, уый йæ куы бауырныдта, уæ д Джейны къухыл фæ хæ цыд æ мæ æ ндæ рæ рдæ м фæ цæ уæ г. Æ васт сывæ ллæ тты къæ хты бынæ й райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с, æ мæ сæ мидбынаты сагъдауæ й аззадысты. — Ардæ м-ма æ рхизут. Уæ дыууæ дæ р, æ мæ, апельсины цъæ рттæ м куыд ленк кæ ндзыстут, уый уын равдисон. Хъæ лæ сы хицау тынг кæ й смæ сты, уый æ нцон раиртасæ н уыд. Сабитæ æ дзынæ гдæ р куы ’ркастысты, уæ д федтой, мæ йы рухсмæ йæ уæ лцъар кæ мæ н æ рттывта, уыцы малæ й сæ м чысыл сау Тюлень кæ й дзуры. — Рæ вдздæ р æ ргæ ппытæ кæ нут, кæ ддæ ра уæ зæ рдæ мæ куыд фæ цæ уид! — ноджы тызмæ гдæ рæ й сдзырдта Тюлень. — Мах ленк кæ нын нæ зонæ м, — загъта Майкл. — Уый мæ хъуыддаг нæ у! — загъта Тюлень. — Ууыл раздæ р хъуыды кæ нын хъуыд. Ленк кæ нын зонын, нæ, мæ н дæ р уымæ й ничи фарста. Цы загътай? Ногæ й-ма йæ зæ гъ! Йæ фæ стаг ныхæ стæ хаудысты, йæ тæ ккæ цур донæ й йæ сæ р чи сдардта, уыцы Тюленьмæ. Куыд бамбæ рстой, афтæ мæ й йын уый йæ хъусы цыдæ ртæ адзырдта. — Чи? — бафарста фыццаг Тюлень. — Хъæ рдæ рæ й дзур! Дыккаг Тюлень та йын йæ хъусы цыдæ ртæ бадзырдта. Джейн дзы бамбæ рста скъуыдтæ ныхæ стæ: «Хуынд уазджытæ... » «Йæ хи хæ лæ рттæ... » Фыццаг Тюлень, кæ й фæ фыдæ нхъæ л, уый бæ рæ г уыд, фæ лæ уæ ддæ р уæ зданхуызæ й Джейн æ мæ Майклæ н загъта: — Бахатыр кæ нут, уæ хорзæ хæ й! Æ хсызгонæ й сымахимæ базонгæ уыдзынæ н, — æ мæ сæ м йæ дзæ мбы бадардта. Уыдон ын æ й радыгай райгондæ й райстой. Уыцы рæ стæ г тæ хгæ -тæ хын чидæ р йæ хи Джейныл скъуырдта. — Куырм бадæ æ ви? — фæ хъæ р ыл кодта Тюлень. — Къæ хты бынмæ кæ сын хъæ уы! Джейн фæ стæ мæ фæ каст, æ мæ йæ уд йæ къæ хты бынæ й ауад: йæ цуры лæ ууыд дынджыр, хъуынджынсæ р Домбай! Домбайы цæ стытæ, Джейны ауынгæ йæ, ферттывтой. — Бахатыр кæ н! — аххосджынау сдзырдта Домбай. — Ды дæ, уый нæ базыдтон. Абон тынг тыхст стæ м. Адæ мæ н хæ ринаг дæ ттынмæ тагъд кодтон, æ мæ, кæ уылты тахтæ н, уый мæ хæ дæ г дæ р нæ зыдтон. — Уæ д та нæ ды бахæ ццæ кæ нис? — загъта Джейн. Раст зæ гъын хъæ уы, фыццаг Домбайæ тæ рсгæ дæ р фæ кодта, фæ лæ йæ м, цыма хæ ларзæ рдæ у, афтæ фæ каст æ мæ йæ м æ рхатын дæ р уымæ н бауæ ндыд. — Стыр æ хсызгонæ й! — сдзырдта фæ лмæ н хъæ лæ сæ й Домбай æ мæ йæ м йæ дзæ мбы бадаргъ кодта. Джейн æ й райста æ мæ йæ хи Майклмæ хæ стæ гдæ р балхъывта. Уæ ддæ р та Майкл бæ зæ рхыгтæ, хъæ ддыхтæ арæ зт уыд, Домбай та цыфæ ндыйæ дæ р Домбай у, æ мæ дзы йе уæ нджы мигъ бадти. — Мæ барц мыл хорз фидауы? — бафарста Домбай, куы араст сты, уæ д. — Æ з æ й бæ рæ гбонмæ скъæ бæ лдзыг кодтон. Джейн æ м бакаст æ мæ федта, йæ барц æ цæ гæ йдæ р къæ бæ лдзыг кæ й уыди. — Тынг, — загъта чызг. — Фæ лæ... Фæ лæ цымæ Домбайæ н ахæ м митæ кæ нын æ мбæ лы? Мæ нмæ гæ сгæ... — Цы загътай?! Мæ ахсджиаг, Домбай сырдты паддзах кæ й у, уый дæ зæ рдыл дар. Хъуамæ дзы, цы бынат ахсы, уый рох ма уа. Мæ хицæ й куы зæ гъон, уæ д уый мæ нæ й æ ппындæ р рох никуы вæ ййы. Æ з куыд нымайын, афтæ мæ й Домбай хъуамæ, кæ мфæ нды куы уа, уæ ддæ р иннæ ты ’хсæ н бæ рæ г дара... Мæ нæ ацырдæ м, дæ хорзæ хæ й! Йæ раззаг къахæ й стыр тугдзых сырдты павильоны дуармæ ацамыдта Домбай æ мæ сабиты разæ й ауагъта. Сæ цæ стыты раз цы ныв сыстад, уый ауынгæ йæ, Джейн æ мæ Майкл сæ улæ фынæ й фенцадысты. Дынджыр агъуыст йæ тæ ккæ дзаг уыд сырдтæ й. Иуæ й-иутæ сæ хи бауагътой, адæ мы къалатитæ й чи хицæ н кодта, уыцы гæ рæ ныл, иннæ тæ лæ ууыдысты даргъ бандæ ттыл. Æ мæ дзы цынæ хуызон сырды мыггаг уыди! — пантерæ тæ æ мæ ягуартæ, бирæ гътæ, тигртæ æ мæ антилопæ тæ, маймулитæ æ мæ уызынтæ, хъæ ддаг фыстæ æ мæ жирафтæ, стæ й бирæ чайкæ тæ æ мæ цъиусуртæ. — Диссаг у, нæ? — загъта сæ рыстырæ й Домбай. — Раджы кæ ддæ р, джунглиты куыд уыди, афтæ! Æ рмæ ст рæ бындæ р бацæ уæ м æ мæ хуыздæ р бынæ ттæ æ рцахсæ м. Æ мæ сабиты разæ й фæ ндаг гæ рдгæ ацыди. Йæ фæ дыл цыдысты Джейн æ мæ Майкл дæ р. Æ рæ джиау бахæ ццæ сты сыгъдæ г бынатмæ æ мæ федтой къалатитæ. — Уæ ртæ -ма кæ с! — комхæ лиуæ й бафиппайдта Майкл. — Цæ йбæ рц адæ м дзы ис! Æ цæ гæ йдæ р дзы уыдис бирæ адæ м. Иу къалатийы уæ рæ хчъил худтæ æ мæ дæ ргъытæ хæ лæ фты размæ -фæ стæ мæ кодтой рæ стæ мбис кары дыууæ хæ рзхуыз лæ джы. Кæ дæ мдæ р цымыдисæ й кастысты. Сæ цæ стæ нгасыл бæ рæ г уыд, цæ мæ дæ р тынг кæ й æ нхъæ лмæ кæ сынц, уый. Иннæ къалатийы та уыдысты алы кары сывæ ллæ ттæ. Сырдтæ кæ сджыты цымыдисæ н кæ рон нæ уыд. Сабитæ н-иу сæ къалатийы куы сæ дзæ мбытæ фæ цавтой, куы — сæ къæ дзилтæ. Афтæ мæ й сывæ ллæ тты æ нкъард кæ нын нæ уагътой. Жираф йæ даргъ къубал сырдты сæ рты къалатимæ байвæ зта æ мæ, денджызоны хæ дон кæ уыл уыди, уыцы лæ ппуйæ н йæ фындз аныхын бауагъта. Æ ртыккаг къалатийы уыдис æ ртæ ацæ ргæ сылгоймаджы, пæ лæ зтæ æ мæ сыл къалостæ. Иу дзы кодта цъында, иннæ дыууæ къалатийыл банцой кодтой. Сæ зонтыччытæ й февзидгæ йæ -иу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ сырдтыл фæ хъæ р кодтой. — Æ наккæ гтæ! Фесæ фут! Мæ н цай хъæ уы! — хъæ р кодта ставддæ р. — Цытæ йæ зæ рды ’рæ фтыди! — райхъуысти сырдты æ хсæ нæ й. Бирæ тæ сæ худын нал баурæ дтой. — Джейн, дæ лæ -ма кæ с! — кæ ройнаг къалатимæ ацамонгæ йæ, фæ хъæ р кодта Майкл. — Уый... — Адмирал Бум! — йæ ныхас ын айста Джейн. Æ цæ гæ йдæ р, уый уыди адмирал Бум. Уый къалатийы дыууæ рдæ м сцоппай. Хуыфыди, ту кодта, фырмæ стæ й йæ комы фынк калд. — Мæ фарсылæ взаг дыууæ куыннæ ахауы! Сæ фт — дыууæ сæ фты! — хъæ р кодта адмирал. Алы хатт дæ р, къалатийы фарсыл-иу куы амбæ лд, уæ д-иу æ й цавæ рдæ р Тигр къæ цæ лæ й фæ рæ хуыста. Адмирал-иу фырмæ стæ й цæ хæ ртæ акалдта, карз æ лгъыстæ й цыдæ риддæ р зыдта, уыдон ыл-иу ныккалдта. — Уырдæ м куыдæ й бахаудысты? — бафарста Домбайы Джейн. — Фæ дзæ гъæ л сты, — загъта Домбай. — Растдæ р зæ гъгæ йæ та, цы кæ нын хъуыд, уый нал зыдтой. Æ рбацæ уджытæ й ахæ мтæ ис, æ мæ, кулдуар сæ хгæ ныны фæ стæ, парчы чи баззайы. Исты фæ кæ нын сæ фæ хъæ уы, æ мæ сæ мах дæ р къалатийы бакодтам. Уæ ртæ уымæ й уæ хи хъахъхъæ нут, — адмирал Буммæ ацамонгæ йæ, загъта Домбай. — Уымæ й хи тынг хъахъхъæ нын хъæ уы. Æ рæ джы йæ хъахъхъæ нæ джы фæ цæ ймардта. — Иуварс ацæ ут, уæ хорзæ хæ й! Иу ран бирæ йæ ма лæ уут! Фæ ндаг нын раттут! — фæ хъæ р кодтой цалдæ рæ й. — Æ -а! Ныртæ ккæ сын хæ ринаг дæ ттын райдайдзысты, — загъта Домбай æ мæ, чи схъомпал, уыдоны ’хсæ нты йæ хицæ н фæ ндаг гæ рдгæ ацыди. — Уæ ртæ хъахъхъæ нджытæ æ рбацæ уынц. Цыппар бур арсы, сæ сæ рыл сæ рмагонд худтæ, афтæ мæ й, къалатитæ й сырдты æ хсæ н цы нарæ г тыргъ уыди, ууылты уæ рдæ тты æ рбацæ йластой хæ ринаг. — Иуварс алæ уут! — бардзырд дæ ттæ гау хъуысти сæ хъæ рæ й ныхас. Цы къалатимæ -иу бахæ ццæ сты, уый дуар-иу байгом кодтой æ мæ -иу сагæ йттæ й хæ ринаг баппæ рстой. Джейн æ мæ Майкл Леопард æ мæ Дингойы æ хсæ нты хæ ринагдæ тджытæ м хæ стæ гдæ р балæ ууыдысты, æ мæ сæ м алцыдæ р дзæ бæ х зынын райдыдта. Чысыл сывæ ллæ ттæ н-иу къалатимæ баппæ рстой æ хсыры гыццыл æ вгтæ. Уыдон-иу сæ м фæ лæ бурдтой æ мæ -иу æ й нуазынмæ фесты. Хистæ ртæ та-иу, сагæ йттыл цы пряниктæ æ мæ кекстæ уыд, уыдоныл сæ хи ныццавтой æ мæ -иу сæ æ мпулынмæ февнæ лдтой. Къалостæ кæ уыл уыд, уыцы сылгоймæ гты æ хсæ вæ р уыд бутербродтæ æ мæ адджын гуылтæ. Пæ лæ хсархудджын нард лæ гтæ м æ рхауд фысы фыдæ й катлеттæ æ мæ пудинг. Нард лæ гтæ н сæ хæ ринаг сæ къухы куы бафтыд, уæ д къалатийы къуыммæ бацыдысты, сæ пæ лæ хсар хæ дæ ттыл къухмæ рзæ нтæ æ рытыдтой æ мæ хæ рынмæ бавнæ лдтой. Хъахъхъæ нджытæ æ ппæ т къалатитыл дæ р зылд фæ уынхъус уыдысты, афтæ райхъуыст кæ йдæ р хъустæ арауæ г уынæ ргъын: — Адон хæ ринæ гтыл нымайут? Дзидзайы карст æ мæ æ нæ хъæ н къабуска! Науæ д уæ къæ доры цыхт та! Мæ стæ й уæ м адæ ймаг тъæ пп ахаудзæ н! Худинаггæ нджытæ! Науæ нгуыр-ма сисут, мæ наулæ ууæ н та кæ м и? Сымахмæ дзурын, портвейн, зæ гъын, кæ м и? Камбузы чи ис, уыдон фынæ й баисты? Адмиралы портвейн рахæ ссут! — Хъусут? Сæ рра та ис! Тæ рсын дзы хъæ уы, зæ гъгæ уын нæ дзырдтон? — загъта Домбай. Кæ й кой кæ ны, уый Джейн æ мæ Майклæ н амонын нæ хъуыд: адмиралы дзыхыуаг сын зындгонд уыд. — Уæ дæ афтæ, — загъта Домбай, — павильоны хъæ лæ ба чысыл куы фæ сабырдæ р, уæ д. — Дарддæ р дзы, æ вæ ццæ гæ н, ницыуал уыдзæ н. Фæ хицæ н уæ вын нæ бахъæ удзæ н. Ныфс мæ ис, Стыр Хъазты ма кæ й фембæ лдзыстæ м, уымæ й. Æ з уæ мæ хæ дæ г ссардзынæ н. Къæ сæ ргæ ронмæ семæ рацыд, хæ рзбон сын загъта æ мæ, йæ барцæ й хъазгæ, кæ дæ мдæ р атындзыдта. — Чысыл-ма фæ лæ уу! — ахъæ р кодта йæ фæ дыл Джейн, фæ лæ уымæ н йæ дымгæ дæ р нал уыд. — Искуы сæ къалатийæ рауадзынц нæ, уымæ й йæ бафæ рсынмæ хъавыдтæ н. Мæ гуыр сæ бон! Ахæ м уавæ ры бахауын сæ бон уыд Джон æ мæ Барби, стæ й нæ дыууæ йæ н дæ р!.. Ацы ныхæ стæ Джейн кодта Майклæ н, фæ лæ чызг йе ’фсымæ ры йæ фарсмæ нал ауыдта. Къахвæ ндагыл кæ дæ мдæ р фæ раст. Джейн æ й ныхæ стæ гæ нгæ баййæ фта цавæ рдæ р Пингвинимæ. Уымæ н йæ иу базыры бын уыд дынджыр тетрад, иннæ йы бын та — ставд кърандас. Пингвин лæ ууыд фæ ндаджы астæ у æ мæ, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, йæ кърандас æ хсыдта. — Мæ бон æ рхъуыды кæ нын нæ у, — йæ хъустыл ауадысты Майклы ныхæ стæ. Æ вæ ццæ гæ н ын цыдæ р фарстæ н дзуапп лæ вæ рдта. Пингвин раздæ хт Джейнмæ. — Уæ д та мын ды баххуыс кæ н, — загъта уый. — «Мэри» цавæ р дзырдимæ рифмæ кæ ны? «Херы» æ взæ р рифмæ нæ у, фæ лæ мæ ахæ м сылгоймаджы хъеццауимæ барын нæ фæ нды. Уæ дæ «Уыхеры» дæ р уымæ й хуыздæ р нæ у. — «Æ мтъеры», — фæ хъæ р кодта Майкл. — Поэзийы ахæ м дзырд не сфидаудзæ н. — Уæ д та «бери», — йæ хъуыды загъта Джейн дæ р. — Нæ -а... — Пингвин, æ вæ ццæ гæ н, хъуыдыты ацыди. Иучысыл хъусæ й алæ ууыны фæ стæ загъта: — Нæ, уый дæ р мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы. Цы мæ зæ рды ис, уый уын бамбарын кæ нон. Гуырæ н бонмæ арфæ йы ныхæ стæ æ мдзæ вгæ йы хуызы ныффыссынмæ хъавын. Мæ нмæ гæ сгæ йæ афтæ куы райдайон. «О Мэри, Мэри... », уæ д æ взæ р нæ уыдзæ н. Фæ лæ, дарддæ р цы зæ гъон, уый нал зонын. Къуырцдзæ вæ нмæ кæ й бацыдтæ н, уымæ й тынг стыхстæ н. Пингвинмæ та иууылдæ р исты ногдзинадмæ æ нхъæ лмæ фæ кæ сынц æ мæ сæ, фæ фыдæ нхъæ л кæ нон, уый мæ нæ фæ нды. Цæ й, уый тыххæ й нал дзурын... Ма мæ хъыгдарут. Хъуыды кæ нын мæ бауадзут. Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ Пингвин къахвæ вдагыл араст, йæ тетрад — йæ дæ ларм æ мæ йæ кърандас æ хсынгæ. — Уыцы хъуыды кæ нын, æ мæ кæ й гуырæ н бон у, уый базонын мæ бон нæ у, — загъта Джейн. — Сабитæ, рацæ ут ардæ м, сымах дæ р, æ вæ ццæ гæ н, бафæ нддзæ н гуырæ н боны фæ дыл арфæ тæ ракæ нын, — айхъуыстой кæ йдæ р бæ зджын хъæ лæ с Джейн æ мæ Майкл. Фæ стæ мæ куы фæ кастысты, уæ д ауыдтой, билеттæ сын чи радта, уыцы Бур Арсы. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, — дзуапп радта Джейн, кæ д, йæ гуырæ н боны тыххæ й арфæ тæ кæ нын кæ мæ н хъуыди, уый нæ зыдта, уæ ддæ р. Бур Арс сæ се уæ хсчытæ й æ рбахъæ быс кодта æ мæ сæ йемæ фæ цæ йхуыдта. Йæ фæ лмæ н æ мæ хъарм хъуын сæ куыд рæ вдыдта, уый дыууæ йæ дæ р æ нкъардтой. Исты-иу куы сдзырдта, уæ д-иу йæ гуыбыны хъуыр-хъуыр куыд ссыди, уый дæ р сæ м хорз хъуысти... — Æ рбахæ ццæ стæ м! — загъта Арс æ мæ ныллæ г хæ дзары цур æ рлæ ууыд. Хæ дзары рудзгуытæ æ рттывдтытæ калдтой. Уыцы цæ хæ ркалгæ рухсыл уайтагъд сæ цæ стытæ фæ цахуыр сты, æ мæ сабитæ бамбæ рстой, террариумы кæ й сты, уый. Къалатитæ иууылдæ р уыдысты гом. Кæ лмытæ сæ рибарæ й рахил-бахил кодтой — иутæ зæ ххыл, иннæ тæ стымбыл сты къуыбылæ йттау. Агъуысты астæ у, йæ алыварс кæ лмытæ, афтæ мæ й бадти Мэри Поппинс. Джейн æ мæ Майкл сæ цæ стытыл нæ баууæ ндыдысты. — Ноджыдæ р ма дыууæ арфæ гæ нæ джы, æ хсин, — нымдгæ нгæ йæ загъта Бур Арс. Кæ лмытæ иууылдæ р сывæ ллæ ттæ м ныккастысты. Мэри Поппинс змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта. Уыйхыгъд дзурынмæ фæ ци. — Æ нæ пъалто та цæ мæ н дæ? — бафарста тызмæ гхуызæ й Майклы. Ам кæ й сты, ууыл кæ й нæ фæ дис кодта, уый йæ хъæ лæ сыуагыл бæ рæ г уыд. — Дæ худ æ мæ де ’рмкъухтæ та кæ м сты? — ацы ныхæ стæ та хаудысты Джейнмæ. Сæ дзыхтæ байгом кæ ныны фадат дæ р сын нæ ма фæ ци, афтæ террариум змæ лды бын фæ ци. — Ссссссссс! Ссссс! Кæ лмытæ сæ къæ дзилтыл слæ ууыдысты æ мæ, ныллæ г хъæ лæ стæ й æ хситгæ нгæ, Джейн æ мæ Майклы чъылдыммæ кæ мæ ндæ р сæ сæ ртæ й куывтой. Бур Арс йæ худ систа. Мэри Поппинс дæ р сындæ ггай сыстад. — Мæ чысыл хур! Мæ зæ рдæ йы уидаг! — райхъуыст фæ лмæ н, рæ вдаугæ æ хситгæ нгæ хъæ лæ с, æ мæ æ ппæ ты стырдæ р къалатийæ уæ здан тасгæ -уасгæ йæ сындæ ггай рахылд Къаролы Кобрæ. Йæ сæ рæ й йын чи куывта, уыцы кæ лмыты æ хсæ нты, Бур Арсы иувæ рсты азилгæ йæ, комкоммæ Мэри Поппинсмæ бахылд. Куы йæ м баввахс, уæ д йæ сызгъæ ринæ нгæ с дæ ргъæ й-дæ ргъмæ буары æ мбис хæ рдмæ систа, йæ хъустæ адымстысты, афтæ мæ й Мэри Поппинсæ н раздæ р йæ иу русæ н аба кодта, стæ й та — иннæ русæ н. — Зæ -æ р-диаг арфæ дын кæ нын, — фæ лмæ н æ хситт ныккодта калм. — Æ з ты-нг амо-ндджын дæ н! Дæ гуырæ н бон æ мæ мæ йног рагæ й нал баиу сты, мæ ахсджиаг! Кобрæ фæ стæ мæ разылд кæ лмытæ м. — Сб-ад-ут, æ мб-æ лт-тæ! — загъта уый æ мæ сын йæ сæ рæ й акуывта. Уыдон зæ ххыл сæ хицæ й къухдарæ ны хуызæ н зиллæ ччытæ ацарæ зтой æ мæ иууылдæ р сæ цæ стæ нгас æ рæ вæ рдтой Къаролы Кобрæ æ мæ Мэри Поппинсыл. Кобрæ та Джейн æ мæ Майклмæ касти. Сывæ ллæ тты хъуын арц сбадти æ мæ фыртæ ссæ й размæ иу къахдзæ ф акодтой. Цыма сæ Кобрæ йæ химæ æ лвæ ста, афтæ сæ м фæ каст. Йæ цæ стытæ кодтой æ рдæ гфынæ й, тар каст. Даргъ гагуыты арфæ й цыкурайы фæ рдгуытау æ рттывтой æ нæ хуысгæ зынгтæ... — Бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ адон чи сты? — йæ фæ лмæ н хъæ лæ сæ й бафарста Кобрæ. Кæ д йæ ныхæ стæ уæ зданхуызæ й загъта, уæ ддæ р сæ фехъусгæ йæ, адæ ймаджы туг уазал кодта. — Джейн æ мæ Майкл, — дзуапп радта Бур Арс. Цыма дзы тæ рсгæ кодта, уый хуызæ н йæ ныхæ стæ м къæ зæ нæ г фæ хæ ццæ. — Йæ хæ лæ рттæ... — Йæ хæ лæ рттæ, зæ гъыс? Уæ д — табуафси. Сбадут, мæ ахсджиæ гтæ! Джейн æ мæ Майкл тыххæ й-фыдæ й се ’муд æ рцыдысты æ мæ сæ алыварс бынатагурæ г ахъахъхъæ дтой. Арс сын аххуыс кодта: йæ фæ стæ гтыл æ рбадт, æ мæ сывæ ллæ тты йæ хъæ бысы ’рбакодта. — Цыма къаролы ус у, афтæ ныхас кæ ны, — загъта ныллæ г хъæ лæ сæ й Джейн. — Æ цæ гæ йдæ р афтæ у. Уый не ’ппæ ты хицау у. Йæ хицæ й зондджындæ р æ мæ тызмæ гдæ р зын ссарæ н у, — ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Бур Арс. Кобрæ йæ мидбылты бахудт æ мæ Мэри Поппинсмæ дзуры: — Мæ уарзон хо! — Æ цæ гæ й у йæ хо? — куыд ничи йæ фехъуса, ахæ м хъæ лæ сæ й бафарста Майкл. — Сæ фыдæ лты фыдæ лтæ н иу ныййарджытæ уыди. Мады ’рдыгæ й, — йæ дзæ мбы йæ дзыхыл авæ ргæ йæ, дзуапп радта Бур Арс. Ныр байхъусæ м. — Ныртæ ккæ йын лæ вар дæ тдзæ н. — Мæ уарзон хо, — сфæ лхат кодта Кобрæ, — дæ гуырæ н бон æ мæ мæ йног рагæ й нал баиу сты. Абоны хуызæ н æ й куы бæ рæ г кодтам, уæ дæ й нырмæ бирæ бонтæ рацыд. Уымæ гæ сгæ мын рæ стæ г уыд, цавæ р лæ вар дын бакæ нон, ууыл ахъуыды кæ нынæ н. Æ з æ рцыдтæ н ахæ м хъуыдымæ, — Кобрæ йæ ныхас фæ урæ дта, террариумы иу сыбыртт дæ р никæ цæ йуал хъуыст, уымæ н æ мæ иууылдæ р сæ улæ фт ныуурæ дтой, — æ з хъавын дæ уæ н мæ царм балæ вар кæ нынмæ... — Бузныг, мæ хо, дæ рæ даудзинадæ й, — арфæ кæ нынмæ фæ ци Мэри Поппинс. Фæ лæ йæ Кобрæ дарддæ р дзурын нал бауагъта. — Уый рæ даудзинадыл дзурæ г нæ у. Ды зоныс, æ з рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ мæ хæ рв кæ й акалын. Мæ хæ рвытæ иу къаддæ р кæ й фæ уыдзысты, уый мæ нмæ нымады дæ р нæ у. Æ ви æ з нал дæ н... — Кобрæ йæ ныхас фæ урæ дта æ мæ йæ алыварс афæ лгæ сыд. — Джунглийы хицау дæ, Джунглийы! — цыма, цы фарст сæ м ратдзысты, уый зыдтой, уый хуызæ н æ мхуызонæ й ныхъхъæ р кодтой кæ лмытæ. Кобрæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Уæ дæ афтæ, — дзырдта дарддæ р калм, — мæ нæ н хорз цы у, уый дæ уæ н дæ р хъуамæ хорз уа. Мæ зынаргъ Мэри, уый, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, зынаргъ лæ вар нæ у, фæ лæ дзы бахуыйæ н ис рон, кæ нæ дыууæ туфлийы, кæ нæ та худаивгæ нæ н уадздзаг. Цыбыр дзырдæ й, истæ мæ н дын бабæ здзæ н. Уыцы ныхæ сты фæ стæ Кобрæ ратас-батас кæ нын райдыдта. Джейн æ мæ Майклмæ афтæ фæ каст, цыма калм сæ рæ й къæ дзилмæ чысыл уылæ нтæ гæ нгæ ацыд. Стæ й æ васт йæ хи бауыгъта æ мæ февзæ рд æ взистæ нгæ с ног дарæ сы. Зæ ронд, сызгъæ ринхуыз царм та зæ хмæ æ рхауд. — Фæ лæ уу уал! — бардзырд дæ ттæ гау загъта Кобрæ, Мэри Поппинс царммæ куы ’ргуыбыр кодта, уæ д. — Мæ арфæ йы ныхæ стæ йыл ныффыссон. Кобрæ йы къæ дзил, калм цы цармæ й фæ хицæ н, ууыл йæ хи хафгæ ацыд. Стæ й йæ зиллактыхт скодта, цыма паддзахы сызгъæ рин худ уыд, уый хуызæ н æ й йæ сæ рыл æ ркодта æ мæ йæ сæ рыстырхуызæ й Мэри Поппинсмæ радта. Уый лæ вар райста æ мæ Кобрæ йæ н йæ сæ рæ й акуывта. — Куыд дын раарфæ кæ нон, уый нæ зонын, — райдыдта Мэри. Лæ вар йæ зæ рдæ мæ афтæ тынг фæ цыд, æ мæ йæ дзыхы дзырд нал бадт. Æ рмæ ст æ й йæ армытъæ пæ нæ й даудта æ мæ даудта. — Ма мын арфæ тæ кæ н, — загъта Къаролы Кобрæ. — Тс-с! — йæ хæ дæ г йæ хи фæ урæ дта æ мæ йæ рустæ атыппыр сты. Цæ мæ дæ р кæ й ныхъхъуыста, уый бæ рæ г уыд. — Æ нхъæ лдæ н нæ Стыр Хъазтмæ хонынц. Иууылдæ р хъусынмæ фесты. Райхъуыст дзæ нгæ рæ джы хъæ р. Кæ йдæ р хъæ лæ с хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кодта. — Хъазтмæ, хъазтмæ! Батагъд кæ нут! Уе ’ппæ тæ й дæ р курæ м, æ мæ Сæ йраг фæ змæ рацæ ут! Иууылдæ р хъазтмæ! — Нæ фæ рæ дыдтæ н, — загъта Кобрæ, йæ мидбылты худгæ йæ. — Афон дын у, мæ ахсджиаг. Æ нхъæ лмæ дæ м кæ сынц. Дæ иннæ гуырæ н бонмæ уал! Къаролы Кобрæ та ногæ й йæ сæ р бæ рзонд систа æ мæ Мэри Поппинсы рустæ н аба кодта. — Мауал фæ стиат кæ н! — загъта уый. — Де ’взонг хæ лæ ртты мæ бар уадз. Сывæ ллæ ттæ сыстадысты æ мæ, дуармæ чи фæ цагайдта, уыцы кæ лмытæ й куыд никæ уыл ныллæ ууой, афтæ се ’хсæ нты дуармæ сæ ных сарæ зтой. — Ды сæ рибар дæ, — загъта Къаролы Кобрæ Бур Арсæ н. Уый, йæ худ йæ дзæ мбыйы, афтæ мæ й йæ сæ рæ й акувгæ йæ, иннæ тимæ цæ уынмæ фæ ци. Иууылдæ р цыдысты, Сырддоны бæ рæ гастæ у цы цъæ х фæ з уыд, уырдæ м. — Мемæ цæ уын уæ фæ нды? — фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й бафарста Кобрæ æ мæ, дзуапмæ нал банхъæ лмæ кæ сгæ йæ, Джейн æ мæ Майклы астæ у февзæ рд. Уымæ й сын бамбарын кодта, йæ фæ йнæ фарс цæ угæ сын кæ й у. — Райдыдтой! — æ хсызгон æ хситт ныккодта Калм. Æ цæ гæ йдæ р, стыр хъазт райдыдта. Фæ з ахæ м хъæ р кодта, æ мæ дзы цæ вæ г марæ джы нал æ взæ рста. Домбæ йттæ æ мæ леопардтæ, теуатæ æ мæ уырдтæ, антилопæ тæ æ мæ хърихъуппытæ æ мæ бирæ æ ндæ р сырдтæ æ мæ мæ ргътæ зарыдысты, хъæ р кодтой сæ хъæ лæ сыдзаг Мэри Поппинсы алыварс. Уалынмæ кафджытæ зиллакк ацарæ зтой æ мæ джунглиты хъæ ддаг зарæ г заргæ зилын райдыдтой. Уыцы хъæ рыл фæ уæ лахиз кæ йдæ р цъæ хснаг хъæ лæ с: О Мэри, Мэри-и, Дæ бадæ н — цъери! Сывæ ллæ ттæ ауыдтой Пингвины. Уый йæ цыбыр базыртæ тылдта, афтæ мæ й кафгæ йæ, зарыд йе ’нахуыр зарæ г. Сабиты уый дæ р федта. Кобрæ мæ, йæ сæ рæ й акувгæ йæ, ныхъхъæ р кодта: — Фæ рæ стмæ! Куыд зарын, уый фехъуыстат? Ноджы йын цы рифмæ ссардтон, уый та! «Мэри — цъери». Кобрæ ницы дзырдта. Хъусæ й лæ ууыдысты Джейн æ мæ Майкл дæ р. Цымыдисæ й кастысты кафтмæ. Фæ лæ сæ хæ лар Арс сæ рæ зты куы атахт æ мæ, йæ дзæ мбы Сындзуасæ гмæ куы бадардта, уæ д, Джейнмæ цы хъуыды фæ зынд, уый йæ æ ргомæ й зæ гъын бафæ ндыд. — Æ хсин, æ з æ нхъæ л уыдтæ н... — Фæ лæ, фæ къæ мдзæ стыг уæ вгæ йæ, дарддæ р дзурын нал бафæ рæ зта. — Дзур, дзур, мæ чысыл хур, — æ рхатыд æ м Кобрæ. — Цы ’нхъæ л уыдтæ? — Домбæ йттæ æ мæ мæ ргътæ, тигртæ æ мæ чысыл цæ рæ гойтæ цыма иууылдæ р... — Джейн та дарддæ р дзурын нал бафæ рæ зта. Кобрæ йын аххуыс кодта: — Уыдон иууылдæ р знæ гтæ сты, зæ гъынмæ хъавыдтæ. Хъуамæ Домбай æ нæ мæ нг Антилопæ йы бахæ ра, Тигр — Тæ рхъусы? Джейн, фæ сырх уæ вгæ йæ, йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Уымæ й ницы мæ нг зæ гъыс. Иуæ й, уый афтæ у, фæ лæ гуырæ н бон нæ, — загъта Кобрæ. — Абон лæ мæ гътæ тыхджынтæ й нæ тæ рсынц, стыртæ хъахъхъæ нынц гыццылты. Суанг æ з дæ р — Кобрæ иуцасдæ р хъусæ й алæ ууыд. Афтæ зынд, цыма арф хъуыдыты аныгъуылд. — Суанг ма æ з дæ р Хъæ ддаг Хъазыл куы амбæ лин, уæ д мæ, хæ рын кæ й хъæ уы, уый мæ зæ рды кæ рон дæ р не ’рæ фтид. Абон ахæ м бон у. Чи зоны, — йæ тæ ссаг саджил æ взагæ й йæ былтæ сдæ ргæ йæ, дзырдта дарддæ р Калм, — хæ рын æ мæ хæ рды фæ уынæ й уæ лдай нæ й. Мæ царды фæ лтæ рддзинад дæ р ууыл дзурæ г у. Мах иууылдæ р: сымах — горæ ты, мах — джунглиты — иу буаргъæ дæ й конд стæ м. Нæ сæ рмæ цы бæ лæ стæ æ мæ нæ къæ хты бын цы дуртæ ис, уыдон иу æ рмæ гæ й конд сты. Сырд, маргъ, стъалы иууылдæ р иу нысанмæ тырнæ м. Мæ н куы ферох кæ най, уæ ддæ р уыдæ ттæ дæ зæ рдыл дар. — Бæ лас æ мæ дур иу куыд хъуамæ уой? Æ з маргъ нæ дæ н, Джейн та — тигр! — хъæ ддыхæ й загъта Майкл. — Дзæ гъæ лы дæ м афтæ кæ сы, — загъта Кобрæ. — Акæ с-ма! — æ мæ, кæ м кафыдысты, уыцы фæ змæ ацамыдта. Сырдтæ æ мæ мæ ргътæ Мэри Поппинсы алыварс цоппай кодтой. Мэри йæ хæ дæ г дæ р ратас-батас кæ нынæ й не ’нцад. Сырдтæ æ мæ мæ ргътæ, цыма дынджыр сахаты иу дзедзыро уыдысты, уый хуызæ н хъеллау кодтой. Суанг ма сæ бæ лæ стæ дæ р бафæ змыдтой: куы-иу иуæ рдæ м атасыдысты, куы та-иу сраст сты. Фæ сте нæ баззади мæ й дæ р. Цыма денджызы уылæ нтæ науы узтой, уый хуызæ н-иу куы иуæ рдæ м акъул, куы — иннæ рдæ м... — Сырд æ мæ маргъ, стъалы æ мæ дур — иууылдæ р иу стæ м, — йæ тыппыр рустæ æ руадзгæ йæ, дыууæ рдæ м ратас-батас кæ нгæ йæ, йæ хъуыр-хъуыр цыд Кобрæ йæ н. — Калм æ мæ саби, дур æ мæ стъалы — иууылдæ р иу стæ м... Йæ сыф-сыф мынæ гæ й-мынæ гдæ ргæ нгæ цыд. Сабырдæ р, лæ мæ гъдæ р кодтой кафджыты хъæ ртæ дæ р. Уыдонмæ хъусгæ йæ, ратас-батас кæ нын райдыдтой Джейн æ мæ Майкл дæ р. Кæ д сæ исчи узта, уæ ддæ р бæ рæ г нæ уыд. Фæ лмæ н, мынæ г рухс сæ цæ сгæ мттыл йæ хи æ рбауагъта. — Хуыссынц æ мæ фынтæ уынынц, — райхъуыст кæ йдæ р мынæ г хъæ лæ с. Къаролы Кобрæ уыдаид æ ви сæ мад. Ацафон сæ уый абæ рæ г кæ ны, суазалæ й сын фæ тæ рсы æ мæ сæ дзæ бæ хдæ р бамбæ рзы. — Гъемæ тынг хорз у! Уадз æ мæ фынæ й кæ ной. Кæ й бæ зджын хъæ лæ с уыдаид уый — Бур Арсы æ ви мистер Бэнксы? Джейн æ мæ Майкл ратас-батас кодтой... ратас-батас кодтой... Уыдон нæ зыдтой... Нæ зыдтой... *** — Цы диссаджы фын федтон, уый куы зонис! — загъта Джейн, аходæ ны йæ касыл сæ кæ р кæ нгæ йæ. — Цыма дын сырддоны февзæ рдыстæ м. Мэри Поппинсæ н уыдис йæ гуырæ н бон. Къалатиты та сырдты бæ сты адæ м бадтысты, сырдтæ та уæ гъдибарæ й рацу-бацу кодтой... — Уый ды мæ фын дзурыс! Уыцы фын æ з федтон! — дисхуызæ й загъта Майкл. — Уый та куыд у? Искуы ма иу фын дыууæ йæ фендæ уыди?! — загъта Джейн. — Мыййаг, нæ рæ дийыс? Зæ гъæ м, сырддоны, йæ барц къæ бæ лдзыг кæ мæ н уыд, ахæ м Арсы дзы федтай, стæ й Тюлены?.. —... апельсины цъар сисыны тыххæ й нæ донмæ чи гæ пп кæ нын кодта, уыцы Тюлены? — ныхас йæ химæ айста Майкл. — Куыннæ ма сæ федтон?! Къалатийы цы сывæ ллæ ттæ уыд, уыдоны дæ р федтон. Æ мдзæ вгæ æ рхъуыды кæ нынмæ чи нал арæ хст, уыцы Пингвины дæ р, Къаролы Кобрæ йы дæ р. — Уæ дæ уый фын нæ уыд! — фæ уæ лахизуæ вæ джы хъæ р фæ кодта Джейн. — Уый æ цæ г уыдис! Æ мæ уæ д... Уыцы рæ стæ г Мэри Поппинс, уæ ларты цы æ хсыр тæ вд кодта, уымæ æ дзынæ гæ й каст. — Мэри Поппинс, — загъта Джейн. — Майклимæ нæ бон иу фын фенæ н уыдис? — Мæ лæ ты фынуынджытæ! — ныффутт кодта Мэри Поппинс. — Уæ кас хæ рыны куыст кæ нут, кæ ннод адджын гуылтæ й æ нæ хай фæ уыдзыстут! Фæ лæ Джейны цыфæ ндыйæ дæ р базонын фæ ндыд æ цæ гдзинад. — Мэри Поппинс, — загъта Джейн, сылгоймагмæ комкоммæ кæ сгæ йæ, — дысон сырддоны нæ уыдтæ? Мэри Поппинсы дзых уæ рæ х байгом. — Сырддоны? Æ хсæ выгон? Æ з — сырддоны? Йæ уæ здандзинадæ н æ мбал кæ мæ н нæ й, цы кæ нын æ мбæ лы æ мæ кæ нын цы не ’мбæ лы, уый йæ чысылæ й нырмæ чи зоны, уыцы сылгоймаг? — Зæ гъ-ма: уыдтæ æ ви нæ? — бæ лвырд дзуапп райсынвæ нд скодта Джейн. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ уыдтæ н. Уыцы хъуыды та дæ м кæ цæ й æ рæ фтыд? — загъта Мэри Поппинс. — Дæ кас хæ рд фæ у æ мæ дзæ гъæ л дзæ нгæ да мауал цæ гъд! Джейн йæ касыл æ хсыр ныккодта. — Цыфæ ндыйæ дæ р уый, æ вæ ццæ гæ н, фын уыдис, — загъта æ нкъардхуызæ й чызг. Фæ лæ Майкл комхæ лиу æ мæ дзагъырцæ стæ й Мэри Поппинсмæ каст. — Джейн, — йæ рæ мбыныкъæ дзæ й йæ хойы барæ хойгæ йæ, ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Майкл, — кæ с-ма! Æ мæ йын, кæ дæ м кæ сын хъæ уы, уый къухæ й ацамыдта. Мэрийы астæ уыл уыди калмы хæ рвæ й сызгъæ ринхуыз рон, дæ ргъæ й-дæ ргъмæ йыл рæ сугъд дамгъæ тæ й уыдис ахæ м фыст: Сырддонæ й зæ рдыл дарынæ н!
|
|||
|