Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ. МЭРИ ПОППИНС РАЗДÆХТ



ДЫККАГ ХАЙ. МЭРИ ПОППИНС РАЗДÆ ХТ

ФЫЦЦАГ СÆ Р. КАЛМ

Диссаджы райсом скодта. Бæ стæ алырдыгæ й æ рттывта. Цыма æ хсæ в-бонмæ дуне сыгъдæ ггæ нæ г фæ ци, уый хуызæ н рыджы мур никæ муал баззад.

Балбæ лæ сты аууæ ттæ фæ ндагыл ирдæ й зындысты. Хæ дзæ ртты рудзгуытæ цæ хæ р калдтой. Адæ м хъæ дын рудзынгæ мбæ рзæ нтæ гом кодтой æ мæ -иу æ вгты тыбар-тыбурмæ цæ стытæ ницыуал ауыдтой. Дунейы сабырдзинад хæ лдта æ рмæ стдæ р сæ лдæ гуæ йгæ нæ джы уæ рдоны цæ лхыты уынæ р.

«Мæ рæ зты ма ахиз! Мæ сæ лдæ гæ й мын фен! » — ахæ м фыст уыд йæ уæ рдоныл.

Уалынмæ фæ скъулæ й разынд тохынасыгъдæ ггæ нæ г. Уый йæ сæ гæ йдзаг сау къух сæ лдæ гуæ йгæ нæ гмæ фæ тылдта, æ мæ йæ м уый дæ р йæ уæ рдон дзыгъалмыгъулгæ нгæ батылдта.

— Иу пеннийы аргъ! — бардзырд дæ ттæ гау сдзырдта тохынасыгъдæ ггæ нæ г.

Йæ уисойыл æ рæ нцой кодта æ мæ йе ’взаджы кæ ронæ й сæ лдæ г сдæ рынмæ фæ ци.

Вафлийæ конд агуывзæ куы сафтид, уæ д æ й йæ къухмæ рзæ ны батыхта æ мæ йæ йæ дзыппы бафснайдта.

— Вафли нæ хæ рыс? — дисхуызæ й йæ бафарста сæ лдæ гуæ йгæ нæ г.

— Нæ -а. Æ мбырд сæ кæ нын, — дзуапп радта тохынасыгъдæ ггæ нæ г.

Йæ уисæ йттæ йе ’ккой акодта æ мæ адмирал Бумы хæ дзармæ уынджы ’рдыгæ й бараст, уымæ н æ мæ йæ м мисс Ларкы хæ дзарау чъылдымты цæ уæ н нæ уыд...

Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г йæ уæ рдон фæ ндагмæ фездæ хта æ мæ, дзæ нгæ рæ гæ й цæ гъдгæ, дарддæ р ацыд.

— Диссæ гтæ, — йæ хицæ н дзурæ гау загъта сæ лдæ гуæ йгæ нæ г. — Ацы уынджы афтæ сабыр никуы уыд.

Æ лхæ нæ г агурæ г, куыддæ р фæ стæ мæ фæ зылд, уыцы тæ ккæ уысм æ вддæ сæ м номыр хæ дзарæ й райхъуыст æ нахуыр тыхджын хъæ р.

Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г, хъæ р кæ цæ й фæ цыд, уыцырдæ м йæ уæ рдон фездæ хта, кæ д исчи сæ лдæ г балхæ нид, зæ гъгæ.

— Мæ бон нал у! Мæ хъару байсыст! — хъæ р кодта мистер Бэнкс æ мæ дуарæ й асинты ’хсæ н сдыууæ рдæ м.

— Цы ’рцыди? — тарстхуызæ й йæ бафарста миссис Бэнкс, хæ рæ ндонæ й рауайгæ йæ. — Кæ уыл дæ тыхтæ ’взарыс?

Мистер Бэнкс та йæ къах бæ рзонд фæ хаста, æ мæ цыдæ р сау хæ рдмæ фæ тахт.

— Мæ худыл! — мæ сты дзуапп радта лæ г. — Мæ бæ рæ гбоны куысыфтæ гыл!

Асинтыл стахт æ мæ та худ йæ къахæ й ныкъкъуырдта. Худ цъилау ныззылд æ мæ миссис Бэнксы къæ хты бын балæ ууыд.

— Æ мæ йыл цы ’рцыди? — тарстхуызæ й бафарста миссис Бэнкс.

Йæ хинымæ р сагъæ сы бацыд, кæ д мæ лæ г исты кодта, зæ гъгæ.

— Æ ркæ с æ мæ йæ фендзынæ! — ныууынæ ргъыдта уый.

Миссис Бэнкс æ ргуыбыр кодта æ мæ зырзыргæ наг къухæ й худ систа.

Худ сау стъæ лфытæ й нал зынд. Бавналгæ йæ къухтыл ныхæ стысты, ноджы цыдæ р тæ ф кодтой.

Миссис Бэнкс сæ м басмыста.

— Кремы тæ ф кæ ны.

— Гуталин у, гуталин! — æ рдæ бонæ й ноджы хъæ рдæ рæ й сдзырдта мистер Бэнкс. — Робертсон Эй йæ дзабыртæ сæ рфæ н щеткæ йæ сыгъдæ г кодта!

Миссис Бэнксы цæ сгом фырдиссагæ й фæ даргъдæ р.

— Ацы хæ дзары цытæ цæ уы, уымæ н ницыуал æ мбарын! — дзырдта дарддæ р мистер Бэнкс. — Цæ вæ г дзы марæ джы нал æ взары! Сæ рфат бæ рæ г дзы нал и! Хилдасæ ны дон дзы æ гæ р стæ вд кæ нынц, къофи та дын уазалæ й æ рæ вæ рдзысты. Уыдоныл ма абон ноджыдæ р бафтыд!

Усы къухæ й йæ худ раскъæ фта æ мæ йæ пъартфел фелвæ ста.

— Æ з цæ уын! — фехъусын кодта уый. — Æ рбаздæ хдзынæ н ма æ ви нæ, уый бæ рæ г нæ у. Æ вæ ццæ гæ н, дард бæ стæ тæ м денджызон балцы ацæ удзынæ н! — Йе ’намонд худ йæ сæ рыл арф æ ркодта, дуар ныггуыпп ласта æ мæ, уынгмæ рагæ пп кæ нгæ йæ, скъуырдта, æ рдæ бонсарæ й сын сæ ныхæ стæ м чи хъуыста, уыцы сæ лдæ гуæ йгæ нæ джы.

— Дæ хи аххос уыди! — фæ хъæ р ыл кодта мистер Бэнкс. — Ам дæ цы хъуыддаг ис?

Йæ хæ дæ г цæ хгæ рмæ уынджы Ситимæ фæ раст. Йæ сыгъдæ ггонд худ хурмæ зынаргъ дурау цæ хæ ртæ калдта.

Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г арæ хстгай сыстад æ мæ йæ йе стджытæ й ницы асаст, уый куы бауырныдта, уæ д пломбирæ й йæ хи барæ вдыдта.

— О Хуыцау! — йæ лæ г кулдуар куы нытътъæ пп ласта, уæ д сдзырдта миссис Бэнкс. — Нæ уавæ р æ цæ гæ й дæ р сæ хæ рзтæ й нæ у. Бамбарæ н ницæ мæ нуал ис. Куы — иу, куы — иннæ. Мэри Поппинсы ацыды фæ стæ нæ цард ныддызгъуымтæ.

Асинты дæ ллаг къæ пхæ ныл æ рбадт, йæ къухмæ рзæ н систа æ мæ ныккуыдта.

Кæ угæ йæ йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты, Мэри Поппинс æ васт куы фæ цыдæ р, уæ дæ й нырмæ цы хабæ рттæ æ рцыд, уыдон.

Йæ ацыды фæ стæ рæ вдауæ гæ й райстой Грины, фæ лæ сæ м къуыри дæ р нæ фæ ци, уымæ н æ мæ йыл Майкл бату кодта. Дзæ вгар рæ стæ джы фæ стæ рабæ рæ г, сылгоймагимæ кæ й фесæ фтысты се ’взист уидгуытæ се ’ппæ т дæ р.

Уый фæ стæ фæ зынд миссис Квигли. Уый та сæ м бирæ цæ й тыххæ й нæ фæ ци? Аходæ ны размæ -иу иу-æ ртæ сахаты бæ рц цагъта гаммæ тæ. Мистер Бэнкс та музыкæ йæ йе сæ фт уыдта.

— Уый фæ стæ, — йæ къухмæ рзæ нмæ схæ лбурцъ кæ нгæ йæ, сдзырдта миссис Бэнкс, — уый фæ стæ Джейн фæ рынчын фадынæ гæ й. Стæ й атыдта нæ дондзæ уæ н хæ тæ л... нæ балтæ басыдысты, æ мæ...

— Мэм, бахатыр кæ н!

Миссис Бэнкс скаст æ мæ ауыдта хæ ринаггæ нæ г миссис Бриллы.

— Цæ лгæ нæ ны хæ тæ л судзы! — æ рхæ ндæ гхуызæ й фехъусын кодта миссис Брилл.

— О Хуыцау! Уый хъуаг ма уыдыстæ м! — фæ хъæ р кодта миссис Бэнкс. — Робертсон Эйæ н зæ гъ, æ мæ йæ ахуыссын кæ на! Кæ м ис?

— Фынæ й кæ ны, мэм. Уыцы лæ ппу фынæ й куы фæ кæ ны, уæ д æ й ацы дунейы ничи райхъал кæ ндзæ н, зæ хх ма сæ нкъуысæ д, кæ нæ гуымсæ гæ йцæ гъдджыты полкъ йæ цуры ма ’рцæ гъдæ нт æ ндæ р, — хæ дзары æ фсины фæ стæ цæ лгæ нæ нмæ цæ угæ йæ, дзырдта миссис Брилл.

Тыххæ й-фыдæ й сæ хи бон баци арт ахуыссын кæ нын, фæ лæ Бэнксы æ намонддзинæ дтæ ууыл нæ фесты.

Аходæ н хæ рд нæ ма фæ ци, афтæ асинтæ й фæ цыд æ нахуыр гуыпп.

— Цы та ’рцыди уым? — фынгæ й фестгæ йæ, фæ хъæ р кодта миссис Бэнкс æ мæ æ ддæ мæ ратахт.

— Æ ллæ х, мæ къах! — райхъуыст лæ ггадгæ нæ г Элины хъæ рзын. Бабын дæ н!

Асины къæ пхæ ныл тæ бæ гътæ æ мæ къусты сæ стыты кæ рийы астæ у бадт Элин æ мæ хъæ рæ й хъæ рзыдта.

— Цы кодтай? — тызмæ гхуызæ й йæ бафарста миссис Бэнкс.

— Мæ къах асаст! — ныллæ г хъæ лæ сæ й дзуапп радта Элин, йæ хи асины уæ хскмæ нылхъивгæ йæ.

— Дзæ гъæ л ныхæ стæ! Дæ фадхъул фелвæ ст, æ ндæ р дзы ницы и!

Фæ лæ Элин ноджы тынгдæ р ныхъхъæ рзыдта.

— Æ ллæ х, мæ къах! Бабын дæ н! — сфæ лхат кодта кæ угæ йæ.

Уыцы рæ стæ г сывæ ллæ тты уатæ й райхъуыст фаззæ тты хъæ лæ ба. Уыдон фæ хыл сты хъазæ н бабызыл æ мæ бæ стæ сæ сæ рыл систой. Уыцы иу рæ стæ г Майкл æ мæ Джейн дæ р сбыцæ у сты. Обойæ тыл бæ хы ныв кодтой æ мæ йын йæ къæ дзил сырх ахорæ нæ й скæ ной æ ви цъæ х, ууыл нал фидыдтой. Фæ лæ уыцы хъæ ртыл уæ лахиз кодта Элины хъæ рзын:

— Æ ллæ х, мæ къахæ й фæ мæ лын! Бабын дæ н!

— Сæ ррамæ мæ бирæ нал хъæ уы! — йæ армытъæ пæ нтæ йæ къæ мисæ нтыл авæ ргæ йæ, сдзырдта миссис Бэнкс.

Элинæ н сынтæ гмæ бацæ уынмæ феххуыс кодта, стæ й йын йæ къахыл уазал компресс сæ вæ рдта. Уый фæ стæ сывæ ллæ тты уатмæ схызт. Джейн æ мæ Майкл йæ размæ ратахтысты.

— Хъуамæ йæ къæ дзил сырх уа, раст нæ зæ гъын? — фæ уæ лахиз уæ выныл архайдта Майкл.

— Мамæ, æ дылы ныхæ стæ кæ нын æ й ма уадз! Бæ хæ н сырх къæ дзил нæ вæ ййы, раст нæ зæ гъын? — нæ састи Джейн.

— Уæ дæ -ма мын, цъæ х къæ дзил кæ мæ н ис, ахæ м бæ х фенын кæ н! — хъæ р кодта Майкл.

— Уый мæ бабыз у! — стыхсти Джон æ мæ Барбийы къухы хъазæ нмæ фæ лæ бурдта.

— Мæ н у, мæ н у, мæ н у! — ныцъцъæ х Барби æ мæ йе ’фсымæ ры къухæ й бабызы раскъæ фта.

Мад адæ ргæ й, йæ къухтæ йæ риуыл авæ ргæ йæ, сдзырдта:

— Сабитæ! Сабитæ! Басабыр ут, цалынмæ нæ сæ рра дæ н, уæ дмæ!

Сывæ ллæ ттæ, æ цæ гæ йдæ р, æ васт фæ хъус сты. Иууылдæ р цымыдисæ й кастысты сæ мадмæ. Æ цæ гæ й сæ рра уыдзæ н? Æ мæ куы сæ рра уа, уæ д цы хуызæ н уыдзæ н?

— Уæ хи тынг æ взæ р дарут, — загъта миссис Бэнкс. — Мæ гуыр Элин йæ фадхъул кæ й ныццавта, уый зонгæ дæ р нæ кæ нут. Йæ цæ ст уæ м чи дара, уый нал и. Ныртæ ккæ паркмæ ацæ ут æ мæ, цалынмæ цай цымын афон уа, уæ дмæ ма ’рбацæ ут. Джейн æ мæ Майкл, сывæ ллæ ттæ м кæ сут. Джон, бабызæ й уал Барби хъазæ д, ды та йæ изæ ры райсдзынæ. Майкл, дæ бон у дæ ног калм демæ ахæ ссын. Ныр та уæ худтæ ныккæ нут æ мæ паркмæ цæ угæ.

— Æ з мæ бæ хы ныв кæ ронмæ фæ уынмæ хъавын, — ныццæ хгæ рмæ Майкл.

— Парчы цы кусдзыстæ м? — тъизгæ хъæ лæ сæ й бафарста Джейн. — Цæ мæ дзы цæ уæ м?

— Уымæ н æ мæ мæ н, чысыл рæ стæ г уæ ддæ р, æ нæ хъæ р æ мæ ахстæ й абадын фæ нды, — загъта миссис Бэнкс. — Ныртæ ккæ куы ацæ уат æ мæ уæ хи хорз куы дарат, уæ д уын цаимæ ратдзынæ н кокосы тъорт.

Цалынмæ сæ хъæ лæ ба нæ райхъуыст, уæ дмæ сын сæ худтæ сæ сæ ртыл арфгомау æ ркодта æ мæ се ’ппæ ты дæ р уынгмæ асырдта.

Кулдуарæ й куы федде сты, уæ д ма сæ фæ дыл ахъæ р кодта:

— Фæ ндаджы сæ рты арæ хстгай бахизут!

Джейн ласта уæ рдон. Майкл та хаста йæ калмы.

Сабитæ, фæ ндаджы сæ рты хизгæ йæ, галиуæ рдæ м акастысты — ничи æ мæ дзы ницæ уыл æ рхæ цыд сæ цæ ст. Рахизæ рдæ м куы акастысты, уæ д дæ р дзы сæ лдæ гуæ йгæ нæ г йеддæ мæ цъиуызмæ лæ г дæ р нæ уыди.

Джейн тагъд-тагъд фаллаг фарсмæ фæ цæ уæ г. Йæ фæ стæ — Майкл.

— Ай цард у! — йæ хъаст йæ калмæ н ракодта Майкл. — Хорзæ й дзы ницы ис.

Джейн уæ рдон цады цурмæ куы батылдта, уæ д æ рлæ ууыд.

— Ныртæ ккæ -ма мын бабызы æ риут!

Сабитæ дыууæ йæ дæ р бабызыл ныххæ цыдысты. Джейн сын æ й тыххæ йты сæ къухтæ й скъахта.

— Кæ сут-ма, — загъта уый æ мæ бабызы цады ауагъта. — Кæ сут-ма, сывæ ллæ ттæ, уæ бабыз Индимæ фæ ленк кæ ны!

Бабыз сæ рыстырæ й аленк кодта уылæ нтимæ. Фаззæ ттæ йæ м кастысты æ мæ хъæ лæ сыдзагæ й куыдтой. Джейн цады алыварс æ рзылд, бабызы æ рцахста æ мæ йæ фæ стæ мæ рауагъта.

— Ныр та, — йæ мидбылты худгæ йæ, сдзырдта уый, — Англисмæ ленк кæ ны!

Фаззæ ттæ йын йæ ныхæ стæ ницæ мæ ’рдардтой.

— Ныр та Америкмæ.

Сывæ ллæ ттæ ноджы тынгдæ р ныккуыдтой.

Джейн, йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцæ вгæ йæ, загъта:

— Адонимæ цы чындæ уа, Майкл? Бабыз сын куы раттон, уæ д фæ хыл уыдзысты. Куы нæ сын æ й раттон, уæ д та бæ стæ сæ сæ рыл сисдзысты.

— Ныртæ ккæ æ з калм суадздзынæ н. Ардæ м-ма ракæ сут, сабитæ!

Майкл, бур-кæ рдæ гхуызцъæ х калм цы бæ ттæ ныл баст уыд, уый кæ роныл хæ цыд, афтæ мæ й йæ хæ рдмæ фехста.

Сабитæ йæ м ницы уыйас сæ хъус æ рдардтой, уымæ н æ мæ сæ цæ стытæ сыгæ й дзаг уыдысты.

Майкл калмы йæ сæ рмæ бæ рзонд суагъта. Калм иуцасдæ р куы атахт, уæ д зæ ххыл йæ тъæ пп фæ цыд.

— Ноджыдæ р-ма иу хатт! — йе ’фсымæ ры митæ й разы уæ вгæ йæ, загъта Джейн.

Ацы хатт калм стахти бæ рзонддæ р, фæ лæ йæ дынджыр къæ дзил стыр сусхъæ д бæ ласы къалиуыл фæ хæ цыд. Бæ ттæ н алхынцъытæ, æ мæ калм бæ ласыл ауыгъдæ й аззад.

Фаззæ ттæ хъæ рæ й ныккуыдтой.

— О Хуыцау! Абон нæ хъуыддæ гтæ иуæ рдæ м дæ р нæ рæ стмæ кæ нынц! — фæ хъæ р кодта Джейн.

— Ей, ей, ей! Уый цы кусут? — сæ чъылдыммæ райхъуыст кæ йдæ р тызмæ г хъæ лæ с.

Сывæ ллæ ттæ фæ стæ мæ фæ кастысты æ мæ ауыдтой парчы хъалагъуры. Йæ уæ лæ уыдис сырх къурткæ æ мæ худ. Уый æ мбырд кодта, зæ ххы цы гæ ххæ тты гæ бæ зтæ уыд, уыдон, æ мæ сæ йæ лæ дзæ джы цыргъ кæ роныл сагъта.

Джейн ын бæ ласмæ ацамыдта. Хъалагъур хæ рдмæ скаст, æ мæ йæ цæ стæ нгас æ васт фæ тызмæ гдæ р.

— Ай-ай-ай! Сымах æ гъдау фехæ лдтат! Уый та никæ цырдæ м фидауы. Æ ви ам бырæ ттæ калæ н нæ й, уый нæ зыдтат? Зæ ххыл дæ р æ мæ бæ лæ стыл дæ р.

— Уый бырон нæ у, — мæ стыхуызæ й загъта Майкл. — Уый калм у!

Хъалагъур сусхъæ д бæ ласмæ хæ стæ гдæ р бацыд, æ мæ æ васт йæ цæ сгомыл фæ зынд æ нахуыр мидбылхудт.

— Æ цæ гæ й куы у калм. Æ з уæ лдæ фмæ калм тынг рагæ й нал суагътон. Суанг, лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ дæ й фæ стæ мæ.

Хъалагъур тагъд-тагъд бæ ласмæ сбырыд æ мæ, калм йæ дæ ларм, афтæ мæ й фæ стæ мæ æ ргæ пп кодта.

— Ныртæ ккæ йæ суадздзыстæ м! — загъта уый хъæ лдзæ гæ й. — Бæ ттæ н стухдзыстæ м æ мæ, калм куыд тæ хдзæ н, уый фендзыстут, — æ мæ бæ ттæ ны къæ бæ лмæ йæ къух бадаргъ кодта.

Майкл къæ бæ л йæ армы нылхъывта.

— Бузныг, æ з мæ хæ дæ г.

— Дыууæ йæ, — æ рхатыд æ м хъалагъур. — Бæ ласæ й дын æ й æ з кæ й æ ристон, уый дæ рох ма уæ д. Стæ й, лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ дæ й нырмæ калм уæ лдæ фмæ никуыуал суагътон.

Майклы йæ хи æ нæ уæ зданæ й равдисын нæ фæ ндыд æ мæ сразы.

— Бузныг! — бацин кодта хъалагъур. — Уæ дæ афтæ: æ з калмимæ иу-дæ с къахдзæ фы дарддæ р ацæ удзынæ н æ мæ дын, «цæ угæ », зæ гъгæ, куы зæ гъон, уæ д атæ хдзынæ. Хорз?

Хъалагъур, йæ къахдзæ фтæ нымайгæ, фæ цæ уæ г:

... аст, фараст, дæ с!

Фæ стæ мæ фæ каст, калмы йæ сæ рмæ систа æ мæ фæ хъæ р кодта:

— Цæ угæ!

Майкл фæ стæ мæ фæ каст. Калм, йæ къæ дзил тилгæ, уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р тахт.

Хъалагъур дзы йæ цæ стытæ нал иста.

— Ахæ м калм никуы федтон. Лæ ппу куы уыдтæ н, уæ д дæ р.

Уыцы рæ стæ г мигъы къуыбар хуры йæ фæ стæ амбæ хста. Мигъ хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кодта.

— Комкоммæ нæ калммæ æ рбатæ хы! — тыхстхуызæ й, ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Майкл.

Ныр калм уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р тæ хы. Куыд бæ рзонддæ р кодта, афтæ йæ асæ й хауди. Фæ стагмæ гыццыл сау стъæ лфы йас йеддæ мæ нал уыд. Мигъ та йæ м сабыргай хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кодта. Рацыд ма хæ рзчысыл рæ стæ г, æ мæ бынтондæ р мигъы фæ стæ аныгъуылд.

— Æ рбайсæ фт! — загъта Майкл.

Джейн æ нахуыр улæ фт скодта. Хъыпп-сыпп никæ мæ йуал хъуыст. Суанг ма фаззæ ттæ дæ р сæ уæ рдоны хъусæ й лæ ууыдысты. Æ рмæ ст бæ ттæ н, цыма арв æ мæ зæ хх баиу кæ нынмæ хъавыд, уый хуызæ н Майклы къухтæ й йæ хи атоныныл архайдта.

Сабитæ, сæ улæ фт ныууромгæ йæ, æ нхъæ лмæ кастысты, калм та ногæ й кæ д фæ зындзæ н, уымæ.

Джейны бон æ хъæ лмæ кæ сын нал уыд æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Майкл, æ риваз æ й!

Майкл къæ бæ л иннæ рдæ м фæ зылдта æ мæ йæ тых, йæ бонæ й бæ ндæ ныл æ рхæ цыд, фæ лæ йын нæ бакоммæ каст. Цы нæ кодта, уæ ддæ р бæ ттæ н йæ хи фæ стæ мæ тухын нæ уагъта.

— Мæ бон ын ницы у, — загъта Майкл. — Нæ мын комы!

— Æ ри-ма, æ з дæ р дын аххуыс кæ нон, — загъта Джейн, æ мæ бæ ндæ н ивазынмæ фесты, фæ лæ сæ бон ницы баци. Калм мигъæ й цæ уын нæ куымдта.

— Мæ н-ма бауадзут, — сæ рыстырхуызæ й загъта хъалагъур. Лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ д-иу мах мæ нæ афтæ кодтам. — Бæ ттæ ныл Джейны къухæ й уæ лдæ р фæ хæ цыд æ мæ йæ йæ тых, йæ бонæ й æ ртъæ пп кодта.

Бæ ндæ н цыма йæ бынатæ й фезмæ лд.

— Иумæ -ма йыл æ рхæ цæ м!

Хъалагъур йæ худ иуварс аппæ рста. Джейн æ мæ Майкл сæ къæ хтæ зæ хмæ ныббыцæ у кодтой, афтæ мæ й æ ртæ йæ сæ тых, сæ бонæ й бæ ттæ н æ ривæ зтой.

— Æ рцæ уы! — тыххæ й-фыдæ й сфæ рæ зта Майкл.

Æ васт бæ ттæ н æ рлæ мæ гъ, æ мæ чысыл сау стъæ лфæ нгæ с буаргъæ д бынмæ цæ уын райдыдта.

— Тухгæ! — фæ хъæ р кодта хъалагъур Майклыл.

Фæ лæ уæ дмæ бæ ттæ н йæ хæ дæ г къæ бæ лыл йæ хи тухын райдыдта. Калм, уæ лдæ фы цыдæ р æ нахуыр кафт кæ нгæ, йæ хи дæ лдæ рæ й-дæ лдæ р уагъта.

Джейн фæ уыргъуыйау.

— Диссагæ й цы кæ ныс! — фæ хъæ р кодта чызг. — Уый мах калм нæ у. Бынтон æ ндæ р у!

Иууылдæ р æ м дисгæ нгæ йæ кастысты.

Æ цæ гæ йдæ р, уый уыди æ ндæ р калм. Бур-кæ рдæ гхуызцъæ хæ й тар æ рвхуыз рауад.

Бынтон диссаг та Майкл фæ ци.

— Джейн! Джейн! — фæ хъæ р кодта уый. — Уый калм нæ у. Мæ нмæ гæ сгæ... цыма... уый...

— Майкл, тагъддæ р æ й тух! — йæ хицæ н бынат нал ардта Джейн. — Кæ ннод амæ лдзынæ н!

Цæ мæ й тыхстаиккой, уымæ н сын æ фсон дæ р уыди.

Бæ ттæ ныл калмы бæ сты зæ хмæ хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р чи кодта, уыцы цыдæ р, кæ д бæ лæ стæ й дзæ вгар уæ лдæ р цъыллинджытæ кодта, уæ ддæ р æ нцонæ й зæ рдыл лæ ууын кодта зонгæ адæ ймаджы æ ддаг бакаст.

... Æ рвхуызцъæ х пъалто...

... Хъæ мпын худ...

... Йæ дæ ларм зонтыкк...

... Гауызæ нгæ с хызын...

— Уый у! — ныййазæ лыд Джейны цинæ йдзаг хъæ лæ с. — Йæ хæ дæ г у!

— Æ з æ й афтæ дæ р зыдтон! — ныхъхъæ р кодта Майкл, зырзыргæ наг къухтæ й бæ ттæ н къæ бæ лыл тухгæ йæ.

— Хуыцау, мацы мын кæ н! — къаддæ р дис нæ кодта хъалагъур дæ р. Цыма йæ цæ стытыл не ’ууæ ндыди, уый хуызæ н сæ æ ууæ рста.

... Ферттывтой æ взист цæ ппæ ртæ... Йæ худыл дидинджытæ куыд змæ лынц, уый дæ р зынын райдыдта... Уалынмæ хур ныррухс кодта зонгæ цæ сгом: æ рттивгæ цъæ х цæ стытæ, схъæ л фындз æ мæ къæ цæ лын чындзы дзыккуты хуызæ н сау-сауид сæ рыхъуынтæ.

Гуыр сусхъæ ды бын кæ рдæ гыл куы æ рæ нцад, уæ д сывæ ллæ ттæ йæ размæ батахтысты.

— Мэри Поппинс! Мэри Поппинс! — хъæ р кодтой æ мдзыхæ й.

Дыууæ дæ р ыл сæ хи æ рцауыгътой.

Фаззæ ттæ сæ умæ райсомы уасджытау фæ дис систой. Хъалагъуры зæ рды цыдæ р зæ гъын уыд, йæ дзых-иу фæ хæ лиу кодта, фæ лæ та-иу æ й фæ стæ мæ ахгæ дта: ныхас зæ гъыны фадат ын нæ уыди.

— Цас дæ м фенхъæ лмæ кастыстæ м, æ мæ æ ппынфæ стаг фæ зындтæ! — йæ хъæ лæ сыдзаг хъæ р кодта Майкл æ мæ -иу ын куы йæ къухыл фæ хæ цыд, куы йæ хызыныл, куы йæ зонтыккыл. Уæ лдай йын нæ уыд: кæ цыфæ ндыйыл дзы фæ хæ ст уæ д. Сæ йрагдæ р уыди, сæ цуры кæ й уыд, уый æ нкъарын.

— Кæ й раздæ хдзынæ, уый мах зыдтам. Дæ писмо дын оревуаримæ ссардтам, — æ рвхуызцъæ х пъалтойæ н хъæ быс кæ нгæ йæ, хъæ р кодта Джейн.

Хæ рзчысыл уысм Мэри Поппинсы цæ сгомыл циндзинад йæ хи ахафта. Бахудызмул сты былтæ, фындз æ мæ йæ цъæ х цæ стытæ. Фæ лæ æ рмæ стдæ р хæ рзчысыл рæ стæ гмæ.

— Стыр хорзы мын бацæ удзыстут, — загъта уый, йæ хи сывæ ллæ тты къухтæ й уæ гъд кæ нгæ йæ, — æ хсæ надон бынаты кæ й стут, уый уæ зæ рдыл куы ’рлæ ууын кæ нат, уæ д. Ай сырддон нæ у, фæ лæ у горæ ты парк! Æ мæ уæ хи куыд дарут? Стæ й, бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ уе ’рмкъухтæ кæ м сты?

Сывæ ллæ ттæ сæ дзыппытæ сгарынмæ фесты.

— Уæ къухтыл сæ бакæ нут.

Фырамондджынæ й зыр-зыр кодтой, афтæ мæ й Джейн æ мæ Майкл се ’рмкъухтæ кæ нынмæ фесты. Сæ сæ ртыл ныккодтой сæ худтæ дæ р.

Мэри Поппинс бацыди уæ рдоны цурмæ. Фаззæ ттæ цинæ й амардысты, дзæ бæ хдæ р сæ куы æ рхуыссын кодта æ мæ сæ хъæ ццулæ й куы æ рæ мбæ рзта, уæ д.

Фæ стæ мæ фæ каст.

— Бабызы доны чи ауагъта? — бафарста сывæ ллæ ттæ н зындгонд тызмæ г хъæ лæ сæ й Мэри Поппинс.

— Æ з, — загъта Джейн. — Фаззæ ттæ кæ угæ кодтой æ мæ сæ басабыр кæ нынмæ хъавыдтæ н. Уый Америкмæ ленк кæ ны.

— Уæ дæ афтæ бакæ нут, æ мæ йæ уырдыгæ й сисут. Уый Америкмæ нæ ленк кæ ны, фæ лæ ныртæ ккæ цæ уы цай цымынмæ.

Æ мæ, йæ хызын сывæ ллæ тты уæ рдоны уæ хскыл æ рцауындзгæ йæ, фаззæ ттыл паркæ й рацæ уæ нмæ ахæ цыд.

Хъарагъул йæ фæ ндагыл æ рлæ ууыди.

— Æ рбайхъус-ма! — загъта уый, сылгоймаджы йæ цæ стытæ ныццæ вгæ йæ. — Мæ н рапорт фыссын бахъæ удзæ н! Уый æ гъдæ утты ныхмæ у. Арвæ й зæ хмæ ардæ м хауæ н ницæ мæ н ис! Ардæ м дæ цы Хуыцау æ рхаста, уый базонын мæ тынг фæ нды.

Æ мæ ныхъхъус. Мэри Поппинс æ м ахæ м цæ стæ й бакаст, æ мæ хъалагъуры бафæ ндыд æ ндæ р искæ м февзæ рын.

— Æ з парчы хъалагъур куы уаин, уæ д æ ппæ ты фыццаг мæ худ мæ сæ рыл ныккæ нин, стæ й мæ къурткæ йы цæ ппæ ртæ сæ вæ рин. Ныр та мын фæ ндаг ратт!

Æ нæ рвæ ссонхуызæ й йæ аиуварс кодта æ мæ дарддæ р фæ цæ уæ г.

Хъалагъур, фæ сырх уæ вгæ йæ, йæ худмæ æ рæ внæ лдта. Уæ дмæ Мэри Поппинс æ мæ сывæ ллæ ттæ æ вддæ сæ м хæ дзары кулдуары фæ стæ фæ аууон сты.

Хъалагъур фæ ндагмæ акаст. Скаст арвмæ дæ р. Стæ й та ногæ й фæ ндагмæ. Йæ худ фелвæ ста, йæ къæ бут аныхта æ мæ та йæ худ ногæ й ныккодта.

— Мæ царды бонты ахæ м диссæ гтæ никуы федтон, — загъта, схæ ц-æ рхæ ц кæ нгæ йæ. — Лæ ппу ма куы уыдтæ н, суанг уæ д дæ р.

Æ мæ, йæ хицæ н цыдæ ртæ дзургæ йæ, сындæ г къахдзæ фтæ й араст.

***

— Мэри Поппинс ма у?! — Тыргъты йыл амбæ лд миссис Бэнкс. — Кæ цæ й фæ дæ? Уæ ларвæ й?

— О, о, — йæ бæ сты хъæ лдзæ гæ й дзуапп дæ ттынмæ фæ разæ й Майкл. — Хизгæ та æ ркодта...

Мэри Поппинс æ м ахæ м цæ стæ й бакаст, æ мæ лæ ппуйы бон дарддæ р дзурын нал баци.

— Парчы сыл фембæ лдтæ н, мэм, — загъта Мэри Поппинс, — æ мæ сæ æ рбахуыдтон.

— Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й ам баззайынмæ хъавыс, нæ?

— Ныртæ ккæ уал о, мэм.

— Хъуыддаг цæ й мидæ г ис, уый зоныс, Мэри Поппинс? Айфыццаг нæ иунæ гæ й фæ уагътай. Зæ гъгæ дæ р никæ мæ н ницы кодтай, афтæ мæ й. Æ мæ та ныр дæ р афтæ куы бакæ най, уымæ й тæ рсын.

— Куыд бакæ ндзынæ н, уый рагацау зын зæ гъæ н у, — загъта Мэри Поппинс.

Миссис Бэнкс фæ уыргъуыйау.

— Фæ лæ... фæ лæ... уæ ддæ р ды афтæ нал бакæ ндзынæ? — дызæ рдыг кæ нгæ йæ, бафарста миссис Бэнкс.

— Рагацау дын зæ рдæ ницæ мæ й æ вæ рын, мэм.

О, зæ гъгæ ма фæ кодта миссис Бэнкс, уымæ н æ мæ ахæ м уавæ ры йæ бон æ ндæ р зæ гъын ницы уыди.

Мэри Поппинс йе ’муд куы ’рцыд, уæ д йæ хызын райста æ мæ сывæ ллæ тты дыккаг уæ ладзыгмæ ахуыдта.

Миссис Бэнкс сæ фæ стæ кæ сгæ йæ баззади.

Сывæ ллæ тты дуар куыд бахгæ дæ уыд, уый уынæ р æ м дзæ бæ х фехъуыст.

Уый фæ стæ, æ хсызгонæ н сулæ фгæ йæ, телефонмæ батахт.

— Мэри Поппинс фæ зынд! — хæ тæ лы кæ мæ ндæ р хъæ лдзæ гæ й фехъусын кодта æ хсызгон хабар.

— Æ цæ гæ й? — бафарста телефоны телы иннæ кæ рон мистер Бэнкс. — Уæ д, æ вæ ццæ гæ н, æ з дæ р раздæ хдзынæ н.

Æ мæ лæ г хæ тæ л æ рæ вæ рдта.

***

Мэри Поппинс йæ пъалто раласта æ мæ йæ сывæ ллæ тты хуыссæ н уаты дуары цур рагъæ ныл æ рцауыгъта. Уый фæ стæ йæ худ систа æ мæ йæ сынтæ джы уæ хскыл æ рæ вæ рдта.

Сывæ ллæ ттæ н йæ алы фезмæ лд дæ р зындгонд уыди, фæ лæ йæ м уæ ддæ р кастысты цымыдисæ й. Цæ мæ дæ р гæ сгæ сæ м афтæ каст, цыма æ ппындæ р никуыдæ м ацыд.

Мэри Поппинс йæ хызын байгом кодта. Уый уыдис афтид, дынджыр термометр куы нæ нымайæ м, уæ д.

— Уый та кæ мæ н? — цымыдис фарст æ й бакодта Джейн.

— Дæ уæ н! — дзуапп радта Мэри Поппинс.

— Æ з рынчын нæ дæ н! — рамæ сты Джейн. — Фадынæ гæ й рынчын куы уыдтæ н, ууыл дыууæ мæ йы рацыд!

— Байгом кæ н! — ацы ныхæ стæ Мэри Поппинс ахæ м хъæ лæ сыуагæ й загъта, æ мæ Джейн уайтагъд йæ цæ стытæ сæ хгæ дта, йæ дзых та гом бакодта. Æ мæ термометр уым балæ ууыд. — Ам куы нæ уыдтæ н, уæ д, дæ хи куыд дардтай, уый базонын мæ фæ нды, — тызмæ гхуызæ й загъта Мэри Поппинс.

Термометр райста æ мæ йæ рухсмæ бахаста.

— Рæ учи æ мæ æ дзæ лгъæ д, — бакасти уый.

Джейн йæ цæ стытæ уæ рæ х байгом кодта.

— Ууыл дис нæ кæ нын! — загъта Мэри Поппинс æ мæ градусник Майклыл сæ вæ рдта. Куы йæ райста, уæ д бакаст:

— Тынг фыдуаг æ мæ хивæ нд!

— Уый раст нæ у! — йæ маст тыххæ й уромгæ йæ, загъта Майкл.

Дзуаппы бæ сты йын Мэри Поппинс градусник йæ фындзы бынмæ бадардта æ мæ дзы уæ нггай бакаст: Тынг фыд-уаг.

— Уыныс? — фæ уæ лахизуæ вæ джы каст æ м бакодта Мэри Поппинс.

Тæ ргайгæ наг æ мæ хылгæ наг — ахæ м уыдис Джоны температурæ.

Барбийы тæ вд куы сбарста, уæ д градусник бацамыдта: Къулбадæ гдæ рæ н скæ нæ н нæ й.

— Гхм! — ныффутт кодта Мэри Поппинс. — Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й афоныл æ рбаздæ хтæ н.

Æ ппынфæ стаг градусник сæ вæ рдта йæ хиуыл, иу уысм æ й фæ уагъта æ мæ йæ фæ стæ мæ райста.

— Иуæ рдыгæ й дæ р æ м аипп æ рхæ ссæ н нæ й, — бакаст Мэри Поппинс, æ мæ йæ цæ сгомыл сæ рыстыр мидбылхудт ахъазыд. — Æ ндæ рхуызон бæ рæ ггæ нæ нмæ æ нхъæ лмæ нæ кастæ н. — Ныр та — цай цымгæ æ мæ хуысгæ!

Сывæ ллæ ттæ м афтæ фæ каст, цыма минут йеддæ мæ нæ рацыд, афтæ мæ й банызтой æ хсыр, бахордтой кокосы тъорты фæ йнæ карсты æ мæ сæ хи ныннадтой. Алкæ ды хуызæ н Мэри Поппинс алцыдæ р кодта тынг тагъд. Цæ ппæ ртæ -иу сæ хæ дæ г феуæ гъд сты, сапоны змæ лдыл цæ ст нæ хæ цыд, хисæ рфæ нæ й-иу иу хатт æ рсæ рфыны фæ стæ буарыл æ ртахы фæ д нал уыд.

Мэри Поппинс сынтæ джытыл зилгæ ацыди, алкæ й дæ р дзы хъæ ццулæ й дзæ бæ х æ рæ мбæ рзта. Йæ крахмалгонд раздарæ нæ й-иу истæ уыл куы андзæ выд, уæ д-иу йæ зæ рдæ мæ дзæ угæ уынæ р райхъуыст. Ноджы цы диссаджы зæ рдæ мæ дзæ угæ тæ ф кодта, уый та?!

Майклы сынтæ гмæ куы бахæ ццæ, уæ д æ ргуыбыр кодта æ мæ йын йæ бын асгæ рста. Минуты фæ стæ дзы арæ хстгай раласта йæ тухгæ сынтæ г. Йæ сæ рыл аив æ фснайдæ й лæ ууыд Мэрийы исбон: сапоны джипп, дæ ндæ гтæ сыгъдæ ггæ нæ н, сæ рдзæ вæ нтæ, одеколоны флакон, тухгæ бандон æ мæ хуыфæ джы хос. Уыдоны фарсмæ уыдысты æ хсæ вхуыссæ н авд фанел хæ доны, туфлитæ, халаттæ, дыууæ хинайæ н худы æ мæ хуызистыты альбом.

Джейн æ мæ Майкл сæ хуыссæ нты рабадтысты.

— Уыдон кæ м уыдысты? — нал фæ лæ ууыд Майкл. — Æ з, æ вæ ццæ гæ н, сынтæ джы бынмæ иу-фондзыссæ дз хатты бабырыдтæ н, фæ лæ дзы ахæ мæ й мæ цæ ст ницæ уыл æ рхæ цыд.

Мэри Поппинс ын ницы дзуапп радта. Уый йæ хи цæ ттæ кодта фынæ й кæ нынмæ.

Джейн æ мæ Майкл кæ рæ дзимæ бакастысты. Дарддæ р дзурынæ й ницы пайда уыд, уымæ н æ мæ сын Мэри Поппинс ницы загътаид.

Мэри Поппинс йæ хъуырæ й райста, медальон ауыгъд кæ уыл уыди, уыцы рæ хыс.

— Йæ хуылфы та цы ис? — бафарста Майкл æ мæ сызгъæ рин медальонмæ кæ сыныл фæ ци.

— Портрет.

— Кæ й?

— Йæ афон куы ’рцæ уа, уæ д æ й базондзынæ. Уымæ й раздæ р нæ.

— Æ мæ йæ афон кæ д æ рцæ удзæ н?

— Æ з куы ацæ уон, уæ д!

Сывæ ллæ ттæ дзы сæ тарст цæ стытæ нал истой.

— Мэри Поппинс! — фæ хъæ р кодта Джейн! — Ды махæ й никуыуал ацæ удзынæ! Дзырд нын ратт, ды махæ й кæ й никуыуал ацæ удзынæ, уый тыххæ й!

Мэри Поппинс æ м æ дзынæ г ныккаст.

— Мæ раны уыдзынæ н, — дзуапп ын радта Мэри Поппинс, — мæ цард сымахæ н куы снывонд кæ нон, уæ д!

— Махмæ баззайдзынæ æ ви нæ, уый нын зæ гъ? — лæ гъстæ йаг хъæ лæ сæ й сдзырдта Джейн.

Мэри Поппинс, йæ медальон хæ рдмæ сæ ппаргæ йæ, радта цыбыр дзуапп:

— Баззайдзынæ н, цалынмæ рæ хыс аскъуыйа, уæ дмæ.

Æ мæ, йе ’хсæ вхуыссæ н хæ дон йæ сæ рыл æ ркæ нгæ йæ, йæ аууон йæ дзаумæ ттæ ласын райдыдта.

— Уый хорз у, — йæ хойы хъусы бадзырдта Майкл. — Рæ хыс фидар кæ й у, уый мæ хæ дæ г федтон, — æ мæ Джейнмæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

Дыууæ йæ дæ р сæ хуыссæ нты ныттымбылтæ сты, афтæ мæ й кастысты, Мэри Поппинс йæ хæ донæ й цатыры бын цы змæ лдтытæ кодта, уымæ. Æ рымысыдысты, Мэри Поппинс Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынгмæ фыццаг хатт куы ’рбацыд, уыцы бон. Уый фæ стæ цы æ нахуыр диссаджы хабæ рттæ ’рцыд: зонтыкк æ й куыд ахаста, дымгæ æ ндæ рæ рдæ м дымын куыд райдыдта; стæ й йæ бирæ, бирæ бонты куыднæ уал уыдтой æ мæ та абон æ нæ нхъæ лæ джы куыд фæ зынд.

Уалынмæ Майкл æ васт йæ хуыссæ ны рабадт.

— Калм! — загъта уый. — Мæ калм кæ м и? Куыд мæ ’рбайрох!

Мэри Поппинсы сæ р йе ’хсæ вхуыссæ н хæ доны æ фцæ гготæ й сзынд.

— Калм? — тызмæ гхуызæ й бафарста уый. — Уый та ма цавæ р калм у?

— Мæ ног калм. Мæ бур кæ рдæ гхуызцъæ х калм! Мæ нæ абон ды кæ уыл æ ртахтæ, уый. Бæ ттæ н баст кæ уыл уыди, уыцы калм!

Мэри Поппинс æ м æ дзынæ г ныккаст. Зын равзарæ н уыд, уыцы цæ стæ нгас дис æ ви маст тынгдæ р æ вдыста, уый. Æ вæ ццæ гæ н, дыууæ дæ р æ мхуызон.

Фæ лæ куы сдзырдта, уæ д йæ хъæ лæ с йæ цæ стæ нгасæ й тæ ссагдæ р уыди.

— Кæ д дæ æ з раст бамбæ рстон, — æ нæ бары дзурæ гау райдыдта Мэри Поппинс, — уæ д æ з кæ цæ йдæ р æ рхызтæ н бæ ттæ ныл?

— Æ мæ афтæ нæ уыди? — схæ цæ рхæ цгæ нгæ йæ, бафарста Майкл. — Абон мигъæ й. Мах дæ федтам.

— Уæ дæ, зæ гъыс, бæ ттæ ныл? Маймулийы хуызæ н? Уый æ з? Раст дæ бамбæ рстон, Майкл Бэнкс?

Мэри Поппинс фырмæ стæ й цыма дыууæ хатты фæ даргъдæ р, афтæ банхъæ лæ н уыди. Уыцы дынджыр æ мæ тæ ссаг сылгоймаг тызмæ гæ й æ нхъæ лмæ каст, цы дзуапп фехъусдзæ н, уымæ.

Майкл фыртæ ссæ й гобанæ мбæ рзæ ныл ныддæ вдæ г.

— Майкл, мацуал сдзур! — йæ хъусы йын бадзырдта Джейн.

Фæ лæ уый хъуыддаг æ рдæ гыл ныууадзынмæ нæ хъавыд:

— Уæ дæ уæ д мæ калм цы фæ ци? Кæ д ды, æ з куыд загътон, афтæ не ’рхызтæ, уæ д мæ калм цы фæ ци? Бæ ттæ ныл куынæ уал уыди.

— Фæ лæ æ з уыдтæ н, нæ? — мæ сты мидбылхудт кæ нгæ йæ, бафарста Мэри Поппинс.

Майкл бамбæ рста, дарддæ р дзурынæ й кæ й ницы пайда ис, уый æ мæ йæ хи састыл банымадта.

— Нæ -а, — загъта уый саст хъæ лæ сæ й. — Нæ -а, Мэри Поппинс.

Мэри Поппинс иннæ рдæ м азылд æ мæ цырагъ ахуыссын кодта.

— Æ нхъæ лдтон, цалынмæ ам нæ уыдтæ н, уæ дмæ де ’гъдау фæ хуыздæ р уыдзæ н, зæ гъгæ, — бафиппайдта Мэри Поппинс, — фæ лæ ницы. — Бæ ттæ ныл, дам... Ахæ м æ фхæ рд мын нырма ничима бакодта. Никæ цы дуджы!

Хуыссæ ны æ рхуыссыд æ мæ йæ хиуыл хъæ ццул æ рбаппæ рста.

Майкл хуыссыди æ нæ змæ лгæ йæ, раздæ рау фидар хæ цыд гобанæ мбæ рзæ ныл.

— Джейн! — æ ппынфæ стаг мынæ г хъæ лæ сæ й бадзырдта йæ хомæ. — Бæ ттæ ныл йæ хи кæ й æ руагъта, уый кæ й загътон, уымæ й раст нæ уыдтæ н? Нæ хæ дæ г æ й нæ федтам?

Джейн ын, дзуапп раттыны бæ сты уаты дуармæ ацамыдта.

Уым рагъæ ныл ауыгъд уыд Мэри Поппинсы пъалто. Йе ’взист цæ ппæ ртæ æ хсæ всудзæ н цырагъы мынæ г рухсмæ æ рттывтой. Йæ дзыппæ й та æ рзæ бул даргъ бæ ттæ н. Уый уыди калмы къæ дзил, бур-кæ рдæ гхуызцъæ х калмы къæ дзил...

Сабитæ йæ м æ дзæ мæ й бирæ фæ кастысты, стæ й, фемдзаст уæ вгæ йæ, сæ сæ ртæ разыйы тылд бакодтой, ома Мэри Поппинсмæ ахæ м сусæ гдзинæ дтæ ис, уыдон кæ й никуы базондзысты. Фæ лæ Мэри Поппинс семæ кæ й уыдис, уый нымадтой алцæ мæ й дæ р сæ йрагдæ рыл.

Æ мбырдгæ нгæ сынтæ гæ й сæ м хъуыст йæ улæ фт.

Сабитæ æ рсабыр сты. Дыууæ йæ дæ р сæ хи нымадтой амондджыныл.

— Джейн, фæ уæ д афтæ, уадз æ мæ йæ къæ дзил уæ д кæ рдæ гхуызцъæ х! — йæ хойы хъусы бадзырдта Майкл.

— Цытæ дзурыс! — саст хъæ лæ сæ й йын дзуапп радта Джейн. — Мæ нмæ гæ сгæ, ды раст уыдтæ. Сырх къæ дзил бирæ хуыздæ р у.

Уый фæ стæ сывæ ллæ тты уаты хъуыст æ рмæ ст сæ фынæ й улæ фт.

***

— П-п! Пуф! — дзырдта мистер Бэнксы лулæ.

— Клик-клик! — дзырдтой миссис Бэнксы цъындагæ нæ н телтæ.

Иуцасдæ ры фæ стæ сабырдзинад фехæ лдта миссис Бэнкс:

— Дард бæ стæ тæ м ленк кæ нын ма дæ зæ рды ис?

— Цы? М-м-м... Нæ -а. Æ з æ взæ р денджызон дæ н. О, хæ дæ гай, мæ худæ н ницы уыдис. Тигъыл цы дзабыртæ сæ рфæ г ис, уый йæ м базылд æ мæ ноджы хуызæ нæ й агæ пп ласта. Фыццаг куыд уыди, уымæ й фæ хуыздæ р. Стæ й, кæ д Мэри Поппинс раздæ хт, уæ д мæ дасыны дон дæ р, куыд æ мбæ лы, афтæ тæ вд уыдзæ ни.

Миссис Бэнкс бахудт æ мæ дарддæ р йæ цъында кæ ныны куыст кодта. Цин кодта, мистер Бэнкс æ взæ р денджызон кæ й у æ мæ Мэри Поппинс кæ й раздæ хт, ууыл.

Цæ лгæ нæ ны миссис Брилл Элины къахы баст ивта.

— Мæ цæ сты тынг кадджын у, зæ гъгæ, нæ зæ гъдзынæ н, — сдзырдта миссис Брилл, — фæ лæ абон хæ дзар бынтон фендæ рхуызон. Цыма хуыцаубон у, уый хуызæ н иу уынæ р никуыцæ й хъуысы. Къуымтæ фырсыгъдæ гæ й æ рттывдтытæ калынц. Кæ й æ рбаздæ хт, æ з уый ныхмæ нæ дæ н.

— Æ з дæ р! — загъта Элин.

«Кæ ннод мæ нæ й цы зæ гъут! — йæ хинымæ р ахъуыды кодта Робертсон Эй. Уый сын иннæ уатæ й сæ ныхæ стæ хъуыста. — Ныр-иу адæ ймаджы кæ д искуы иу хатт йæ сæ р схъил кæ ныны бон фæ уид! »

Кæ м хуыссыди, уым йæ хи арфдæ р æ рнорста æ мæ та бафынæ й.

Æ ппæ т уыдæ тты тыххæ й Мэри Поппинс цы хъуыды кодта, уый никуы ничи базондзæ н, уымæ н æ мæ уый æ ргомæ й никуы никæ мæ н ницы дзырдта...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.