Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ СÆР. УÆЗЗАУ БОН



Тик-так! Тик-так!

Сывæ ллæ тты уаты дыууæ рдæ м кодта къулылдаргæ сахаты дзедзыройгæ нæ г. Цыма зæ ронд ус йæ сæ р тылдта, уый хуызæ н.

Тик-так! Тик-так!

Уалынмæ сахат æ васт йæ цъыкк-цъыккæ й банцад æ мæ райдыдта хъуыр-хъуыр кæ нын æ мæ хъæ рзын. Куыдфæ стæ мæ — тынгæ й-тынгдæ р. Цыма йæ гуыбын срыст, уый хуызæ н. Æ рæ джиау афтæ ныррызт, æ мæ ма, йæ бынмæ цы тæ рхæ г уыд, уый дæ р сдыууæ рдæ м. Вареннæ кæ м уыд, уыцы афтид авджын банкæ хæ рдмæ фæ хауд æ мæ йæ зыланг райхъуыст. Джейнæ й йæ сæ рвасæ н ферох æ мæ уый дæ р кафынмæ февнæ лдта. Миссис Бэнксæ н йæ гуырæ н бонмæ йæ фыды мады æ фсымæ ры чызг Кэролайн цы къаролы фарфорæ й конд тæ бæ гъ балæ вар кодта, уый фæ уæ лгоммæ æ мæ дзы, бæ хылбадынæ й цы ’ртæ лæ ппуйы хъазыд, уыдон сæ рбынмæ йæ разындысты. Банхъæ лæ н уыди, ныртæ ккæ сахат фæ йнæ рдæ м тæ гæ лтæ фæ хаудзæ н, зæ гъгæ, фæ лæ уый дзæ нгæ рæ г цæ гъдын райдыдта: «Бамм! Бамм! Æ ртæ! Цыппар! Фондз! Æ хсæ з! Авд! »

Куыддæ р «Авд! » райхъуыст, афтæ Джейн фехъал.

Хуры тынтæ рудзынгæ мбæ рзæ ны зыхъхъыртæ й мидæ мæ калдысты æ мæ сызгъæ рин уадздзæ гтæ й сынтæ гыл æ рттывдтытæ калдтой.

Джейн йæ хуыссæ ны рабадт æ мæ йæ алыварс афæ лгæ сыд.

Майкл æ нцад фынæ й кодта. Фаззæ ттæ н сæ сынтæ джытæ й сæ сым-сым цыд.

«Мæ н йеддæ мæ иууылдæ р фынæ й кæ нынц! — йæ хинымæ р ахъуыды кодта Джейн, æ мæ йæ цæ сгом фæ райдзастхуыз. — Ничи мæ хъыгдары æ мæ мæ бон у, цæ уыл мæ фæ нды, уыдæ ттыл хъуыды кæ нын».

Йæ уæ раджы сæ ртыл йæ роцъойæ æ рæ нцой кодта æ мæ, цыма хъарм ахстоны фестад, уый хуызæ н стымбыл.

«Æ з ныртæ ккæ маргъ дæ н, — загъта йæ хинымæ р. — Чысыл раздæ р авд айчы æ рæ фтыдтон æ мæ сыл къуыртты бадын. Цъипп-цъипп-цъипп! — райхъуыст чызджы ныллæ г хъæ лæ с. — Чысыл фæ стæ дæ р, зæ гъæ м, сахатырдæ джы фæ стæ райхъуысдзæ н кæ йдæ рты къуппытæ, цыргъ бырынчъытæ æ йчытæ рахуынкъ кæ ндзысты æ мæ хъузджытæ й кæ рæ дзийы фæ дыл дунемæ рагæ пп кæ ндзысты авд цъиуы: æ ртæ — бур-бурид, дыууæ — тар æ мæ дыууæ...

— Стын афон у!

Æ нæ нхъæ лæ джы кæ цæ йдæ р фæ зынд Мэри Поппинс æ мæ йын йе уæ хсчытæ й хъæ ццул иуварс аппæ рста.

— Нæ ма мæ фæ нды стын! — скæ уæ гау кодта Джейн æ мæ хъæ ццулæ й фæ стæ мæ йæ хи æ рæ мбæ рзта.

Йæ хъуыдытæ йын æ виппайды кæ й асырдта, уый тыххæ й Мэри Поппинсмæ тынг рамæ сты.

— Нæ ма мæ фæ нды стын! — сфæ лхат кодта чызг æ мæ базыл ныддæ лгоммæ.

— Æ цæ г зæ гъыс? — сабыр хъæ лæ сыуагæ й бафарста Мэри Поппинс.

Ацы хатт Мэри Поппинс хъæ ццул раскъæ фта, æ мæ Джейнæ н сынтæ гæ й æ нæ рахизгæ нал уыд.

— Ой, мамæ! — арф ныуулæ фгæ йæ, сдзырдта чызг. — Æ ппæ ты разæ й æ дзухдæ р æ з цæ мæ н хъуамæ стон?

— Ды æ ппæ тæ й хистæ р кæ й дæ, уымæ н, — загъта Мэри Поппинс æ мæ Джейны хихсæ ны ’рдæ м басхуыста.

— Нæ мæ фæ нды хистæ р уæ вын! Майкл хистæ р иу хатт уæ ддæ р цæ уылнæ вæ ййы? Зыбыты иунæ г хатт!

— Уымæ н æ мæ ды раздæ р райгуырдтæ, бамбæ рстай?

— Цæ мæ й хистæ р уон, уый тыххæ й лæ гъстæ никуы никæ мæ н кодтон. Сфæ лмæ цыдтæ н хистæ р уæ вынæ й. Уый тыххæ й мæ ахъуыды кæ нын хъæ уы.

— Ахъуыды кæ н, цалынмæ дæ дæ ндæ гтæ ’хсай, уæ дмæ.

— Дæ ндæ гтæ ’хсын æ мæ хъуыды кæ нын иу не сты.

— Æ дзухдæ р дæ иухуызон хъуыды кæ нын фæ нды?

— О!

Мэри Поппинс æ м тызмæ гæ й бакаст:

— Æ гъгъæ д!

Йæ хъæ лæ сыуагæ й Джейн бамбæ рста, хъазгæ кæ й нæ кæ ны, фæ лæ æ цæ гæ й кæ й дзуры.

Джейн йæ дæ ндæ гтæ сыгъдæ г кæ нынмæ бавнæ лдта, фæ лæ æ васт фæ лæ ууыд, дæ ндæ гтæ сыгъдæ ггæ нæ н æ рæ вæ рдта æ мæ хинайæ ны тигъыл æ рбадт.

— Уый раст нæ у! — хъуыр-хъуыр кодта, йæ къахы фындзæ й линолеум æ ууæ рдгæ йæ. — Алы ницæ йаг хъуыддæ гтыл мæ бафтауынц, æ рмæ стдæ р хистæ р кæ й дæ н, уый тыххæ й! Нал сыгъдæ г кæ нын мæ дæ ндæ гтæ дæ р!

Ацы ныхæ стæ куы загъта, уæ д дис кæ нынмæ фæ ци. Майкл æ мæ фаззæ ттæ й хистæ р кæ й уыд, ууыл æ дзухдæ р цинæ й марди. Уыдонæ й сæ йрагдæ р кæ й у, уый йæ м кæ ддæ риддæ р хорз куы каст, уæ д ыл ныр цы ’рцыди? Масты хос ын цæ мæ н фæ ци?

— Майкл раздæ р куы райгуырдаид, уæ д мын цъиутæ рауадзынæ н рæ стæ г фæ уыдаид, — йæ хиимæ ныхæ стæ кæ ныныл фæ ци Джейн.

Бонæ н æ взæ р райдайæ н уыд. Хъыгагæ н, хъуыддæ гтæ дарддæ р хуыздæ р нæ, фæ лæ фесты æ взæ рдæ р.

Аходæ ны, Мэри Поппинс куыд базыдта, афтæ мæ й пырындз се ’ппæ ты фаг не сси.

— Гæ нæ н нæ й, Джейнæ н еууы сир фыцын бахъæ удзæ н, — загъта Мэри Поппинс, сывæ ллæ тты цур тæ бæ гътæ æ вæ ргæ йæ, æ мæ йæ сым-сым ссыд, уымæ н æ мæ еууы сир фыцынæ й йе сæ фт уыдта.

— Цæ мæ н? — стъизыдта Джейн. — Мæ н пырындз хъæ уы! Пырындз! Цæ мæ н-н-н?!

Мэри Поппинс æ рбамæ сты:

— Уымæ н æ мæ ды хистæ р дæ!

Уыцы æ нæ уынон дзырдтæ й та йын йæ ных бакъуырдтой. Джейн бандон йæ къахæ й бацавта. Йæ химæ гæ сгæ йын йæ лакæ н хорз фæ ци. Еууы сир хордта тынг сындæ г. Архайдта, куыд гæ нæ н ис, афтæ къаддæ р бахæ рыныл. Фæ лтау сыдæ й куы амæ лид! Уæ д сæ м кæ д исты бахъарид! Уадз æ мæ сæ м фæ смон æ рцæ уа!

— Абон цы бон у? — бафарста Майкл, — йæ тæ бæ гъы ма пырындзы сирæ й цы уæ лдæ йттæ аззад, уыдон уидыгæ й æ мбырдгæ нгæ йæ.

— Æ ртыццæ г! — загъта Мэри Поппинс. — Дæ хорзæ хæ й, тæ бæ гъ ма фæ хуынкъ кæ н!

— Уæ дæ уæ д абон мисс Ларкмæ уазæ гуаты цæ уæ м!

— Кæ д уæ хи хорз дарат, уæ д, — загъта Мэри Поппинс. Сæ хи хорз дардзысты, уый йæ нæ уырныдта. Æ лхынцъæ рфыг дæ р уымæ н уыд.

Фæ лæ Майклæ н йæ зæ рдæ цинæ й дзаг уыд æ мæ, сылгоймаджы цæ стæ нгас цæ уыл дзурæ г у, уый нæ бамбæ рста.

— Æ ртыццæ г! — фæ хъæ р кодта Майкл. Уидыгæ й стъол æ рцавта æ мæ базарыд зындгонд æ мдзæ вгæ йы рæ нхъытæ:

Æ ртыццæ джы райгуырдтæ кæ д —

Кæ ндзынæ æ ппынæ дзух мæ т! —

Джейн æ ртыццæ джы райгуырд. Еууы сир дæ р æ м уымæ н æ рхауд, — смæ стæ й мардта лæ ппу йæ хойы.

Джейн æ м рамæ сты æ мæ йæ стъолы бын йæ къахæ й бацавта, фæ лæ уый йæ хи фæ сайдта æ мæ ныххудти.

— Хуыцаубоны чи райгуырд, уыдон

Сты тынг рæ сугъд æ мæ хæ рзудон!

— дарддæ р дзырдта йе ’мдзæ вгæ Майкл. — Уый æ цæ гæ йдæ р афтæ у! Æ з хуыцаубоны райгуырдтæ н æ мæ, куыд рæ сугъд дæ н, уымæ кæ сут!

Джейн зынæ рвæ ссон худт бакодта.

— Нæ дæ уырны, рæ сугъд кæ й дæ н, уый? Миссис Брилл мæ тынг рæ сугъд кæ й рахуыдта, уый æ з мæ хи дыууæ хъусæ й фехъуыстон. Куклайы хуызæ н рæ сугъд кæ й дæ н, уый Элинæ н дзырдта.

— Æ мæ раст загъта! — бахъуыр-хъуыр кодта Джейн. — Дæ фындз картофы хуызæ н.

Майкл æ м æ нæ уынон цæ стæ й бакаст.

Æ мæ та Джейн йæ хиуыл дис кæ нынмæ фæ ци. Кæ цыфæ нды æ ндæ р бон дæ р йе ’фсымæ ры ныхæ стимæ сразы уыдаид, уымæ н æ мæ кæ ддæ риддæ р Майклы нымадта хорз лæ ппуйыл, фæ лæ йын ныр мæ стыхуызæ й загъта:

— Уагæ ры ма зылынкъах куы нæ уаис! Фæ чепп-фæ чепгæ нгæ куы фæ цæ йцæ уыс...

Майкл ыл йæ хи ныццавта.

— Банцайут! — фæ хъæ р кодта Мэри Поппинс æ мæ Джейнмæ тызмæ г каст бакодта. — Кæ д ацы хæ дзары исчи рæ сугъд у, уæ д уый... — Ам æ васт фæ лæ ууыд æ мæ, йæ хицæ й разы уæ вгæ йæ, кæ сæ нмæ бакаст.

— Чи? — Æ мдзыхæ й бафарстой Джейн æ мæ Майкл.

— Йæ мыггаг Бэнкс кæ мæ н у, уыдонæ й ничи! — фидарæ й загъта Мэри Поппинс. — Бамбæ рстат?

Майкл зулцæ стæ й бакаст Джейнмæ. Мэри Поппинс-иу æ нахуыр истытæ куы дзырдта, уæ д-иу Майкл æ дзухдæ р афтæ кодта. Джейн бамбæ рста, йе ’фсымæ р æ м кæ й кæ сы, уый, фæ лæ йæ хи ницыуынæ г скодта. Иуварс азылд æ мæ тæ рхæ гæ й йæ ахорæ нты къопп райста.

— Æ фсæ йнаг фæ ндаджы хъазтæ й ахъазын дæ нæ фæ нды? — бафарста Майкл. Æ рфæ ндыди йæ, куы бафидыдтаиккой, уый.

— Нæ гъ! Мæ н иунæ гæ й хъазын фæ нды.

— Куыд сты абон уæ хъуыддæ гтæ, мæ ахсджиæ гтæ?

Миссис Бэнкс сывæ ллæ тты уатмæ æ рбауад æ мæ тагъд-тагъд се ’ппæ тæ н дæ р аба кодта. Æ дзухдæ р куыстæ й йæ хъуырмæ вæ ййы æ мæ кæ ддæ риддæ р дугъы уайæ гау фæ кæ ны.

— Майкл, — загъта уый, — ног дзабыртæ дын балхæ нын хъæ уы. Дæ къахы æ нгуылдзтæ æ ддæ мæ зынын райдыдтой. Мэри Поппинс, мæ нмæ гæ сгæ, Джоны сæ р æ лвынинаг у. Барби, мæ гыццыл дзиба, де ’нгуылдз ма дæ й! Джейн, бынмæ ныууай æ мæ миссис Бриллæ н зæ гъ æ мæ тъорт адджын донæ й ма байсæ рда. Мæ фæ нд аивтон.

«Мæ н та не ссардтой?! — ахъуыды кодта Джейн. — Цæ рын мæ нæ уадзынц! Исты хъуыддаг кæ нынмæ куы бавналын, уæ д та мæ райарынц! »

— Мамæ, мæ н йеддæ мæ дзы ничи ис? Майклы бон нæ у бынмæ ныууайын?

— Æ нхъæ лдтон, истæ мæ й мын куы аххуыс кæ най, уæ д дын æ хсызгон уыдзæ н! Майклы куы арвитон, уæ д æ й æ рдæ гвæ ндагыл ферох уыдзæ н, цæ мæ н æ й æ рвыстон, уый. Стæ й ды хистæ р дæ! Марадз, мæ зондджын чызг, зивæ г ма кæ н!

Джейн асинтыл хызти уæ ртджын хæ фсы къахдзæ фтæ й. Фæ ндыди йæ, цæ мæ й, цалынмæ фыццаг уæ ладзыгмæ цæ уа, уæ дмæ миссис Брилл тъорт адджын донæ й сæ рст фæ уыдаид.

Фæ лæ та ам дæ р йæ хиуыл дис кæ нынмæ фæ ци. Афтæ йæ м фæ каст, цыма йæ мидæ г бацыд, фыдынд æ мæ æ взæ р удыхъæ д кæ мæ н ис, мæ сты кæ ныныл æ й чи ардыдта, ахæ м адæ ймаг.

Йæ мады фæ дзæ хст миссис Бриллæ н куы бамбарын кодта, уæ д ын хуымæ тæ джы хъыг уыд, кæ й нæ байрæ джы кодта, уый.

— Тынг хорз у, къаддæ р куыст мын уыдзæ н, — загъта миссис Брилл. — Æ гайтма æ руадтæ. Атъæ бæ ртт-ма кæ н, мæ рæ сугъд бæ дул, дыргъдонмæ æ мæ Робертсонæ н зæ гъ, æ мæ кæ рдтæ ацыргъ кæ на. Дæ уæ н нырма дæ зæ нгтæ фæ ллад нæ зонынц, мæ нæ н та мæ быны тыххæ й цæ уынц. Базæ ронд дæ н, базæ ронд...

— Мæ бон нæ у. Нæ мæ ’вдæ лы.

Ныр та дисы миссис Брилл бацыд:

— Марадз, марадз, ды хорз чызг дæ! Мæ нæ н тæ хынтæ мæ бон нал у. Лæ угæ дæ р ма тыххæ й кæ нын.

Джейн арф ныуулæ фыд. Иу ран æ й цымæ цæ уылнæ ныууадзынц?

Йæ фæ стæ цæ лгæ нæ ны дуар къахæ й бассыдта æ мæ уыцы нæ вæ ндонæ й дыргъдонмæ араст.

Робертсон Эй дыргъдоны къахвæ ндагыл, йæ сæ ры бын нывæ рзæ нæ н донпырхгæ нæ н бакодта, афтæ мæ й хуыррыттæ й хуыссыди. Ноджы афтæ хуыр-хуыр кодта, æ мæ -иу куы раулæ фыд, уæ д-иу йæ тæ нæ г сæ рыхъуынтæ хæ рдмæ фæ цыдысты.

Робертсон æ нахуыр курдиаты хицау уыд: æ рфынæ й-иу кæ дфæ нды дæ р æ мæ кæ мфæ нды дæ р. Æ ргом дзургæ йæ йæ м хъалæ й фынæ й уæ вын хуыздæ р каст. Сывæ ллæ ттæ йын тæ ригъæ д кодтой æ мæ йæ хистæ рты цæ сты никуы бафтыдтой.

Фæ лæ абон бынтон æ ндæ р уавæ р сæ взæ рд. Джейны хуылфы цы фыдзæ рдæ адæ ймаг æ рцард, уый æ ппындæ р Робертсонæ н тæ ригъæ д нæ кодта.

— Иууылдæ р мын æ нæ уынон сты! — загъта Джейн æ мæ йæ тых, йæ бонæ й донпырхгæ нæ н ныххоста.

Робертсон Эй хæ рдмæ фæ хауд æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Фæ дис! Судзæ м! Баххуыс кæ нут!

Стæ й йæ цæ стытæ аууæ рста æ мæ Джейны ауыдта.

— А-а, уый ды куы дæ, — цыма уымæ й бирæ диссагдæ р цыдæ р фенынмæ æ нхъæ лмæ каст, уыйау фæ смонгæ нæ гау, йæ ныхæ стæ даргъ айвазгæ йæ, загъта Робертсон Эй.

— Марадз кæ рдтæ сцыргъ кæ н. Æ вæ стиатæ й! — миссис Брилл загъта.

Робертсон Эй сабыргай йæ къæ хтыл слæ ууыд æ мæ йæ хи айвæ зта.

— Æ дзухдæ р исты куыст ссарынц, — загъта æ нкъардæ й. — Иу куы нæ уа, уæ д — иннæ. Иу минут дын æ нцой нæ ратдзысты. Адæ ймаджы искуы баулæ фын дæ р фæ хъæ уы.

— Ды æ дзухдæ р улæ фгæ кæ ныс! — загъта хъæ бæ рзæ рдæ Джейн. — Æ дзухдæ р фынæ й кæ ныс!

Робертсон Эй йæ м æ фхæ рдхуызæ й бакаст. Æ ндæ р бон Джейн йæ ныхæ стыл фæ фæ смон кодтаид, фæ лæ абон ахæ м хъуыды йæ фæ сонæ рхæ джы дæ р нæ уыди.

— Адæ ймагæ н ахæ м ныхæ стæ зæ гъ! — æ нкъардхуызæ й йæ хицæ н дзурæ гау загъта Робертсон Эй. — Хистæ р ма дзы хуыздæ р цы уа! Уый æ нхъæ л дын никуы уыдтæ н!

Иу хатт ма Джейнмæ æ нкъардæ й бакаст æ мæ уæ ззау къахдзæ фтæ й цæ лгæ нæ нмæ араст.

«Æ вæ ццæ гæ н, мын никуы ныххатыр кæ ндзæ н», — ахъуыды кодта Джейн. Фæ лæ, йæ мидæ г цы фыдзæ рдæ æ рцард, уый йын дзуапп радта: «Æ мæ ма ныххатыр кæ нæ д! »

Чызг йæ фындз фесхъæ л кодта æ мæ сывæ ллæ тты уатмæ араст. Фæ ндагыл йæ къухтæ ногцагъд къултыл хафгæ цыд, уымæ н æ мæ зыдта, афтæ кæ нын кæ й нæ хъæ уы, уый.

Мэри Поппинс гыццыл цъылынæ й сæ рфта хæ дзары дзаумæ тты рыгтæ.

— Зианы уыдтæ æ ви зианмæ цæ уыс? — Джейны ауынгæ йæ, бафарста Мэри Поппинс.

Джейн æ м тарæ рфыгæ й бакаст, фæ лæ дзургæ ницы скодта.

— Иу чидæ р йæ хицæ н маст агуры. Куыд дзурынц, афтæ мæ й, чи цы фæ агуры, уый ссары, — æ ртхъирæ нгæ нæ гау загъта Мэри Поппинс.

— Уадз æ мæ йæ ссара!

— «Уадз æ мæ йæ ссара»-йы хъуыддаг нæ фæ рæ стмæ. Æ рцауыгътой, дам, æ й, — йæ ныхас фæ тызмæ гдæ р кодта сылгоймаг æ мæ йæ цъылын иуварс æ рæ вæ рдта. — Ныр та, — Джейнмæ тызмæ г каст бакæ нгæ йæ, загъта Мэри Поппинс, — æ з хъавын хæ рынмæ ацæ уынмæ. Ды та фаззæ ттæ м дæ цæ ст фæ дар, фæ лæ иунæ г ныхас дæ р куы фехъусон...

Йæ ныхас кæ ронмæ нал фæ ци, афтæ мæ й, уатæ й цæ угæ йæ, æ ртхъирæ нгæ нæ гау ныффутт кодта.

Джон æ мæ Барби Джейнмæ батахтысты æ мæ йын йæ къухтыл фæ хæ цыдысты. Фæ лæ сæ уый йæ хи фæ хицæ н кодта æ мæ дыууæ йы дæ р фæ йнæ рдæ м асхуыста.

— Цымæ æ з мæ ныййарджытæ н иунæ г сывæ ллон цæ уылнæ дæ н! — загъта Джейн мæ стджынæ й.

— Омæ хæ дзарæ й алидз! — загъта йын Майкл. — Чи зоны, исчи дæ йæ хицæ н чызг рахона.

Джейн æ м дисхуызæ й бакаст. Майклы ныхæ стæ дзы иннæ рдæ м ахызтысты.

— Æ нæ мæ н дын æ нкъард уыдзæ н!

— Нæ уыдзæ н! — æ рсабыр æ й кодта Майкл. — Кæ д æ дзухдæ р мæ сты уыдзынæ, уæ д! Дæ ахорæ нтæ мæ нæ н баззайдзысты!

— Нæ баззайдзысты! — загъта чызг. — Æ з сæ мемæ ахæ сдзынæ н.

Ахорæ нты хицау йæ хæ дæ г кæ й у, уый равдисыны тыххæ й цъылынтæ рахаста æ мæ зæ ххыл рафæ лдæ хта нывтæ гæ нæ н альбом.

— Сахаты ныв-ма скæ н, — æ рхатыд æ м Майкл.

— Нæ гъ!

— Уæ д та къаролы фарфорæ й конд тæ бæ гъ!

Джейн тæ бæ гъмæ бакаст.

Раздæ рау æ ртæ лæ ппуйы дугъ кодтой тымбыл уыгæ рдæ ны. Æ ндæ р бон куы уыдаид, уæ д, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, тынг зæ рдиагæ й бавнæ лдтаид ныв кæ нынмæ, фæ лæ йæ абон кæ нын фæ ндыд æ рмæ стдæ р фыдæ нæ н митæ.

— Нæ гъ! Цы мæ ныв кæ нын хъæ уы, уый мæ хæ дæ г хуыздæ р зонын!

Æ мæ йæ хи ныв кæ нынмæ бавнæ лдта: зыбыты иунæ гæ й къуыртты бады æ йчытыл...

Майкл, Джон æ мæ йæ м Барби кастысты йе уæ хсчы сæ рты.

Ныв кæ ныныл афтæ фæ цайдагъ æ мæ, мæ стджын кæ й уыд, уый дæ р дзы айрох.

Майкл нывмæ ныггуыбыр кодта.

— Мæ нæ ам карчы ныв скæ нын хъæ уы.

Карчы ныв кæ нын кæ м хъæ уы, уый амонгæ йæ, æ нæ нхъæ лæ джы Джоны бакъуырдта. Уый размæ бахауд, дон кæ м уыд, уыцы агуывзæ скъуырдта, æ мæ ныв ахорæ нæ й хъулон афæ лдæ хт.

Джейн фæ гæ пп ласта æ мæ йæ хъæ ры бын фæ кодта:

— Бæ стæ фесæ фтай! Хæ ц ыл!

Ахæ м схуыст æ й акодта, æ мæ Джоныл йæ хи сцавта. Фаззæ ттæ ныцъцъæ хахст кодтой. Иуæ й, сæ цæ фтæ рыстысты, иннæ мæ й, тæ рсгæ фæ кодтой. Æ ппæ ты тынгдæ р хъæ р кодта Майкл:

— Мæ сæ р мын асастай! Уæ й-уæ й-уæ й! Мæ сæ р дыууæ дихы фæ ци!

— Уадз æ мæ фæ уа! Афтæ дын хъæ уы! Ноджы фыддæ ртæ дын мæ цæ ст куы фенид! — хъæ р кодта Джейн. — Ныв кæ ныныл мæ самидин кодтай æ мæ мын мæ ныв фесæ фтай! Ме ’нæ уынон фæ у!

Дуар байгом.

Мэри Поппинс йæ цæ ст æ рхаста тохы быдырыл.

— Æ з дын цы загътон? — тынг сабыр, фæ лæ тæ ссаг хъæ лæ сæ й бафарста Мэри Поппинс Джейны. — Æ з загътон: куыддæ р иунæ г ныхас дæ р фехъусон — æ мæ æ з та цы уынын! Уазæ гуаты цæ уыны тыххæ й иунæ г ныхас дæ р нал! Уатæ й иунæ г къахдзæ ф дæ р никæ дæ м акæ ндзынæ!

— Гъемæ цы?!

Джейн йæ къухтæ йæ синтыл сæ вæ рдта æ мæ уыцы æ нæ мæ тхуызæ й иуварс ацыд. Æ ппындæ р фæ смон ницæ уыл кодта.

— Тынг хорз у.

Мэри Поппинс дзырдта фæ лмæ н хъæ лæ сæ й, фæ лæ йæ алы ныхасы дæ р цыдæ р тас æ мбæ хст.

Джейн æ дзæ мæ й каст, Мэри Поппинс сабиты дзаумæ ттæ куыд кодта, уымæ.

Иууылдæ р куы срæ вдз сты, уæ д Мэри Поппинс гæ ххæ ттын асыккæ й йæ хуыздæ р худ систа æ мæ йæ къулгомау ныккодта. Йæ хъуырыл æ рцауыгъта сызгъæ рин рæ хыс, бабаста, сырх æ мæ урс чырынтæ кæ уыл уыд, йæ уыцы хъуырбæ ттæ н. Йæ иу кæ роныл урс гæ ппæ лыл дынджыр дамгъæ тæ й фыст уыд М. П. Мэри Поппинс æ й йе ’фцæ гготы бын фæ кодта æ мæ, йæ хицæ й разы уæ вгæ йæ, кæ сæ нмæ бакаст æ мæ йæ мидбылты бахудт.

Уый фæ стæ скъаппæ й райста, йæ хæ цæ ныл тутийы ныв кæ мæ н уыд, йæ уыцы зонтыкк, йæ дæ ларм æ й акодта æ мæ сабитæ м, цæ уæ м, зæ гъгæ, сдзырдта.

— Ныр дын ахъуыды кæ нынæ н рæ стæ г уыдзæ н, — радзырдта ма йæ м Мэри Поппинс фæ стæ мæ, ныффутт кодта æ мæ дуар ахгæ дта. Джейн, иу ранмæ каст, афтæ мæ й бирæ фæ бадт. Архайдта йæ авд айкыл хъуыды кæ ныныл, фæ лæ йæ цæ мæ дæ р гæ сгæ уыдон дæ р нал æ ндæ втой.

Цымæ афонмæ, мисс Ларкмæ уазæ гуаты уæ вгæ йæ, цы ми кæ нынц? Æ вæ ццæ гæ н, куыйтимæ хъазынц. Мисс Ларк сын дзуры Эдуарды фыдæ лты тыххæ й. Варфоломейæ н та йæ бон раппæ лын ницæ мæ й у: йæ иу æ рдæ г — эрдель, иннæ — цуанон. Цыбыр дзырдæ й, дыууæ рдыгæ й дæ р — мæ гуыр. Стæ й уæ д алкæ мæ н дæ р, суанг куыйтæ н дæ р, ратдзысты шикаладхæ ццæ печенитæ æ мæ æ хсæ рхъæ стæ тъорт...

— Ой-ой-ой!

Æ ппæ т уыдæ ттæ й æ нæ хай кæ й фæ ци, ноджы йæ хи аххосæ й, уыцы хъуыды йын йæ зæ рдæ фæ рæ хуыста æ мæ ноджы тынгдæ р смæ сты.

— Тик-так! Тик-так! — хъæ рæ й загъта сахат.

— Сабырдæ р! — йæ хъæ лæ сыдзаг фæ хъæ р кодта Джейн æ мæ йыл ахорæ нты къопп ныццавта. Къопп авгыл суад, фесхъиудта æ мæ йæ тъæ пп къаролы фарфорæ й конд тæ бæ гъыл фæ цыд. Тæ бæ гъ фæ фæ лдæ хт æ мæ зæ ххы балæ ууыд.

— Хуыцау! Уый цытæ бакуыста!

Джейн йæ цæ стытæ бацъынд кодта.

— Хъус-ма, рисгæ мын кæ ны, уый нæ зоныс?! — райхъуыст кæ йдæ р зæ ланггæ наг хъæ лæ с.

Чызг йæ цæ стытæ байгом кæ нын нал уæ ндыд.

— Джейн! — ногæ й та райхъуыст æ рдæ боны хъæ лæ с. — Мæ уæ раг мын асастай.

Джейн æ васт иннæ рдæ м фæ зылд. Уаты ничи уыд.

Дуармæ батахт æ мæ йæ фегом кодта.

Уым дæ р ничи разынд.

Уалынмæ чидæ р ныххудт:

— Кæ цырдæ м кæ сыс, æ дылы къоппа? Ардæ м-ма ракæ с! Уæ лдæ р!

Джейн скаст пецы уæ хскмæ.

Сахаты фарсмæ дæ лгоммæ фæ лдæ хтæ й лæ ууыд фарфорæ й конд тæ бæ гъ. Уый афаз йæ астæ уыл. Тæ бæ гъыл нывгонд лæ ппутæ й иу рохтæ феуæ гъд кодта æ мæ йæ дыууæ къухæ й хæ цыд йæ уæ рагыл. Иннæ дыууæ лæ ппуйы йæ м кодтой тæ ригъæ ддаг каст.

— Ни-цы-у-уал æ мбарын, — загъта кæ нæ йæ хицæ н, кæ нæ æ нæ зонгæ хъæ лæ сæ н. — Æ п-пын-дæ р.

Тæ бæ гъы лæ ппу йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ Джейнмæ йæ мидбылты бахудт.

— Ницыуал æ мбарыс? Уымæ н уæ вæ н ис. Æ з иу æ мæ дыууæ хатты нæ бафиппайдтон, ды æ мæ Майкл хуымæ тæ джы хъуыддæ гтæ дæ р кæ й не ’мбарут, уый. Раст нæ зæ гъын? — Æ мæ худгæ йæ раздæ хт йе ’фсымæ ртæ м.

— Тынг раст, — загъта уыдонæ й иу. — Сæ бон суанг фаззæ тты басабыр кæ нын дæ р нæ вæ ййы.

— Суанг ма маргъы æ йчытæ сныв кæ нынмæ дæ р нæ арæ хсынц, — загъта дыккаг. — Иууылдæ р сын рауайынц дæ ргъдымбылты бæ сты тигъджынтæ!

— Фаззæ ттæ æ мæ æ йчыты хабæ рттæ та кæ цæ й зонут? — фæ сырх уæ вгæ йæ, бафарста Джейн.

— Уый дын диссаг! — загъта фыццаг лæ ппу. — Æ хсæ вæ й-бонæ й уæ м кæ сæ м æ мæ ницы уынæ м? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, кæ м фæ хуыссут, уырдæ м, стæ й хихсæ нмæ бакæ сын нæ бон нæ у. Хæ дæ гай, уым кафелæ н цавæ р хуыз ис?

— Уардихуыз, — дзуапп радта Джейн.

— Махæ н та æ рвхуызцъæ х урсимæ хæ ццæ йæ. Йæ фенын дæ фæ нды?

Джейн дывæ нд кодта. Афтæ фæ уыргъуыйау æ мæ, цы загътаид, уый нал зыдта.

— Цом! Кæ д уæ фæ нды, уæ д бæ хтæ уыдзысты Вильям æ мæ Эверард. Æ з ехс райсдзынæ н æ мæ уæ фарсмæ тæ хдзынæ н. Мæ ном хуыйны Валентин, кæ й базонгæ стæ м, уый мын æ хсызгон у. Мах æ ртæ фаззоны стæ м. Стæ й ма нын ис хо дæ р — Кристинæ.

— Æ мæ Кристинæ кæ м и? — Джейн æ дзынæ г ныккаст тæ бæ гъмæ.

Фæ лæ уым уыди æ рмæ стдæ р чысыл цъæ х фæ з æ мæ фæ рвы къутæ ртæ. Валентин, Вильям æ мæ дзы Эверард йеддæ мæ ничи уыд.

— Цом æ мæ йæ фенай! — æ рхатыди йæ м Валентин æ мæ йæ м йæ къух бадаргъ кодта. — Иннæ тæ уазæ гуаты ацыдысты, ды та мах уазæ г уыдзынæ.

Уыцы ныхæ стæ йæ м бахъардтой. Майкл æ мæ фаззæ ттæ н равдисдзæ н, уазæ гуаты цæ уын канд уыдон бон кæ й нæ у. Хæ лæ г дæ р ма йæ м кæ ндзысты. Ахæ м уавæ ры йæ кæ й сæ вæ рдтой, ууыл та сæ м фæ смон æ рцæ удзæ н.

— Хорз, — загъта Джейн, — цæ уын, — æ мæ йæ м йæ къух бадардта.

Валентин ын йæ къух фидар нылхъывта æ мæ йæ йæ фæ дыл ласæ гау акодта.

Æ васт февзæ рд уæ рæ х райдзаст æ рдузы. Йæ къæ хты бын зæ ронд гауызы бæ сты уыд дидинджытæ й фæ лыст фæ лмæ н цъæ х кæ рдæ г.

— Ура! — Джейны алыварс кафгæ йæ, хъæ р кодтой Валентин, Вильям æ мæ Эверард.

Джейн бафиппайдта, Валентин йæ иу къахæ й къуылых кæ й цæ уы, уый.

— Æ ллæ х! — сдзырдта чызг. — Дæ къах кæ й риссы, уый мæ ферох!

Валентин бахудт:

— Ницы кæ ны. Барæ й кæ й нæ уыдтæ, уый зонын.

Джейн йæ къухмæ рзæ н систа æ мæ йын дзы йæ уæ раг бабаста.

— Æ васт йæ рыст фенцаддæ р! — загъта лæ ппу уæ зданхуызæ й æ мæ йын дзæ гъдзæ гъгæ нæ нты рохтæ йæ къухы фæ сагъта.

Вильям æ мæ Эверард сæ сæ ртæ батылдтой æ мæ, бæ хты хуызæ н ныххуыррыттытæ кæ нгæ йæ, æ рдузы фæ цагайдтой. Джейн дзæ гъдзæ гъгæ нæ нтæ батылдта æ мæ сæ фæ дыл тахт.

Валентин, къуылых-къуылых йæ фарсмæ згъоргæ йæ, зарыд:

Дженни — хуры тын дæ каст,

Дженни — дидинджыты баст.

Цард мын адджын ’нæ дæ у нæ у,

Уарзын тынг бирæ æ з дæ у!

— Уар-зын т-ы-ы-нг б-и-и-ирæ æ з д-æ -у!.. — сфæ змыдтой йæ Вильям æ мæ Эверард.

Джейны хъуыдымæ гæ сгæ ахæ м зарджытæ зæ ронд заманы зарыдысты. Уæ вгæ фаззæ тты уæ лæ дарæ с дæ р сæ ногтæ й нæ уыд. Стæ й сæ хи куыд уæ здан дардтой, уый дæ р ивгъуыд бонтæ цæ стытыл тынгдæ р уайын кодта.

«Цыдæ р æ нахуыр мæ м кæ сынц! » — ахъуыды кодта Джейн.

Фæ лæ уыцы иу рæ стæ г ахъуыды кодта, ам мисс Ларкмæ уæ вынæ й бирæ хъæ лдзæ гдæ р кæ й у, ууыл. Уырныдта йæ, хабæ рттæ Майклæ н куы радзура, уæ д æ м хæ лæ гæ й кæ й мæ лдзæ н, уый дæ р.

Бæ хтæ тахтысты æ мæ тахтысты, Джейны дардæ й-дарддæ р хуыдтой сывæ ллæ тты хуыссæ н уатæ й.

Иу уысм чызг рохтæ æ рбалвæ ста æ мæ фæ стæ мæ фæ каст. Æ рдузы фале йæ м дард кæ цæ йдæ р разынд тæ бæ гъы был.

Джейн æ васт сагъæ стыл фæ ци. Æ рфæ ндыд æ й фæ стæ мæ раздæ хын.

— Мæ нæ н афон у, — загъта уый æ мæ дзæ гъдзæ гъгæ нæ нты рохтæ зæ хмæ æ рæ ппæ рста.

— Цытæ дзурыс, цытæ дзурыс, цытæ дзурыс?! — йæ алыварс амбырд сты фаззæ ттæ.

Ахæ м æ нахуыр хъæ лæ стæ й дзырдтой, æ мæ чызджы катай фæ фылдæ р.

— Нæ химæ мæ агурдзысты. Æ нæ мæ нг мæ хæ дзармæ цæ уын хъæ уы!

— Нырма раджы у, — йемæ не сразы Валентин. — Уыдон нырма мисс Ларктæ м уыдзысты. Уый бæ сты цом, æ мæ дын мæ ахорæ нтæ равдисон.

Уыцы хъуыды Джейны зæ рдæ мæ фæ цыд.

— Берлинаг æ рвхуызцъæ х ахорæ н дæ р дæ м ис? — бафарста чызг. Фæ рсгæ та уымæ н бакодта, æ мæ йæ химæ ахæ м ахорæ н нæ уыд.

— Ис! Æ взистхуыз къоппы. Цом-ма.

Кæ д æ й бынтон тынг нæ фæ ндыди, уæ ддæ р лæ ппуйы фæ стæ араст.

«Ахорæ нтæ куыддæ р фенон, — хъуыды кодта йæ хинымæ р, — афтæ иу уысм дæ р нал бафæ стиат уыдзынæ н, нæ химæ рацæ удзынæ н. Исты дзы сныв кæ нон, зæ гъгæ, дæ р ын нæ зæ гъдзынæ н».

— Æ мæ уæ хæ дзар кæ м и? — бафарста Джейн. — Тæ бæ гъыл æ й куы нæ федтон.

— Ардæ м хæ стæ г у. Æ рмæ ст хъæ ды фæ стæ ис, æ мæ дæ м уымæ н нæ зыны. Цом-ма, æ з дын æ й фенын кæ нон.

Уайтагъд хъæ ды фæ мидæ г сты. Рагон бæ лæ сты пæ лæ хсар къалиутæ арвы цъæ х бамбæ хстой, æ мæ сæ цæ уын бахъуыд æ рдæ гталынг, дзæ бæ х чи нæ уал зынд, ахæ м къахвæ ндагыл. Сыфтæ ртæ сæ къæ хты бын сыр-сыр кодтой, хатгай-иу райхъуыст бæ лæ тты базырты пæ р-пæ р.

Вильям Джейнæ н къухæ й ацамыдта къадзонæ джы дзылыйы ахстонмæ, Эверард та йын дидинджыты баст балæ вар кодта.

Кæ д Джейнмæ цыфæ нды хорз цæ стæ й кастысты, уæ ддæ р йе уæ нгты мигъ бадт, фæ лæ, хъæ дæ й куы ахызтысты, уæ д æ хсызгонæ н сулæ фыд.

— Мæ нæ дын уый та нæ хæ дзар! — къухæ й ацамыдта Валентин.

Æ мæ чызг ауыдта агуыридурæ й амад стыр хæ дзар. Йæ къултæ уыдысты хъæ дабæ йæ æ мбæ рзт. Джейн, уымæ й размæ цы хæ дзæ рттæ федта, уыдонæ й йæ м фæ каст бирæ рагондæ р. Стæ й ма йæ м афтæ дæ р фæ каст, цыма хæ дзар уый æ рдæ м къулгæ нгæ цыд. Дурын асинты фæ йнæ фарс, цыма рагæ пп кæ нынмæ хъавыдысты, афтæ сæ фæ стæ гтыл бадтысты дурын домбæ йттæ.

Джейн хæ дзары аууон куы фæ ци, уæ д хæ рдмæ фæ хауд.

— Бирæ фæ стиатгæ нæ н мын нæ й, — ризгæ хъæ лæ сæ й сдзырдта уый. — Æ нафон у.

— Æ рмæ стдæ р фондз минуты, — лæ гъстæ гæ нæ гау сдзырдта Валентин æ мæ йын хæ дзармæ бахизæ нмæ ацамыдта.

Дурын астæ рдыл зæ ланг кодтой сæ къахдзæ фтæ. Хæ дзары цъиуызмæ лæ г дæ р нæ зынд. Тыргъы дыууæ дымгæ йы къуыззитт кодтой. Афтæ зынд, цыма дзы æ ртæ фаззон æ мæ Джейн йеддæ мæ ничи ис.

— Кристинæ! Кристинæ! — фæ хъæ р кодта Валентин. — Мæ нæ ис!

Лæ ппуйы хъæ лæ с ныййазæ лыд хæ дзары. Банхъæ лæ н уыд, цыма йæ æ ппæ т къултæ дæ р сфæ змыдтой: «Мæ нæ ис! Мæ нæ ис! »

Райхъуыст кæ йдæ р къахдзæ фты уынæ р. Дуар фегом, æ мæ къæ сæ рыл фæ зынд, фаззæ ттæ й бæ рзонддæ р чи уыд, ахæ м æ рыгон чызг. Йæ уæ лæ — кæ ддæ р кæ й дардтой, ахæ м уæ рæ х къаба. Чызг Джейны куы ауыдта, уæ д ратахт æ мæ йæ йæ хъæ бысы ныккодта.

— Æ ппынфæ стаг фæ зындтæ! — фырцинæ й зæ ххыл нал хæ цыд чызг. — Лæ ппутæ дæ фæ дыл кæ дæ й нырмæ зилынц, уый зоныс?! Фæ лæ дæ сæ бон æ рцахсын нæ уыди.

— Æ рцахсынмæ мæ хъавыдысты, зæ гъыс? — бафарста йæ Джейн. — Нæ дæ ’мбарын...

Чызг катайы бацыд. Дзæ гъæ лы сразы Валентины фæ ндоныл.

— Нæ фыды фыды фыд дын алцыдæ р бамбарын кæ ндзæ н, — æ нахуыр худт бакæ нгæ йæ, загъта Кристинæ æ мæ Джейны уатмæ тыххæ й ласæ гау акодта.

— Хе! Хе! Хе! Цы ’рцыди? — бафарста чидæ р лыстæ г хъæ лæ сæ й.

Джейн хæ рдмæ фæ хауд, фæ зылд æ мæ Кристинæ йы дæ ларм йæ хи амбæ хста.

Уаты рæ бинагдæ р къуымы къæ лæ тджыны бадт лæ г. Джейн æ й куы ауыдта, уæ д йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп ссыд. Лæ г уыди, зæ ронддæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м. Цæ мæ дæ р гæ сгæ æ гас адæ ймагæ й аууоны хуызæ н тынгдæ р уыд. Йæ кадавар рихиты бынæ й зындысты йæ тæ нæ г былтæ. Кæ д ыл сау хъуымацæ й хæ дзарыдаргæ худ уыд, уæ ддæ р, йæ сæ р гæ мæ х кæ й у, уый бæ рæ г дардта. Йæ уæ лæ уыд дæ ргъæ й-дæ ргъмæ зæ ронд, йæ хуыз кæ мæ н сивта, ахæ м цыллæ пæ лæ з. Йæ лыстæ г къæ хтыл — стыр дзабыртæ.

— Цыдæ ртæ æ мбарын райдыдтон, — йæ дзыхæ й йæ къæ дз лулæ райста зæ ронд. — Æ ппынфæ стаг нæ м Джейн фæ зынд.

Йæ бынатæ й сыстад æ мæ йæ м цудтытæ гæ нгæ фæ цæ уæ г. Йæ цæ сгомыл фæ зынд тасæ фтауæ г мидбылхудт. Йæ арф æ мбæ хст цæ стыты сыгъд фыддзинадæ вдисæ г арт.

— Лæ ппутæ йæ хъæ ды фале æ рцахстой, дада, — загъта Кристинæ.

— Цы загътай? Куыд æ й æ рцахстой?

— Хистæ р уæ вын æ й нæ фæ ндыди. Смæ сты и, ахорæ нты къопп тæ бæ гъыл ныццавта æ мæ Валентины уæ раг ныппырх кодта.

— Бамбæ рстон, — сдыгъал-мыгъул кодта зæ ронд. — Хивæ нд митæ кодта, зæ гъыс? Хорз, хорз... — æ мæ æ нахуыр худт бакодта. — Уый ницы кæ ны. Махмæ та уыдзынæ æ ппæ ты кæ стæ р. Мæ кæ стæ ры кæ стæ ры кæ стæ ры кæ стæ ры кæ стæ р. Æ рмæ ст махмæ хивæ нд митæ гæ нæ н нæ й. Хе! Хе! Хе! Иунæ г хивæ нд мийæ н дæ р нæ м бынат нæ й. Ныр та хæ стæ гдæ р æ рбацу æ мæ дæ хи артмæ батав. Цай бацымдзынæ æ ви балты дон?

— Ницы мæ хъæ уы! — тыхстхуызæ й загъта Джейн. — Мæ нæ н нæ химæ цæ уын афон у. Æ з цæ рын Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы, æ вддæ сæ м хæ дзары!

— Цардтæ н зæ гъынмæ хъавыс, — йæ цин не ’мбæ хсгæ йæ йæ м бадзырдта Валентин. — Нырæ й фæ стæ мæ цæ рдзынæ ам!

— Мæ н ам цæ рын нæ фæ нды! — тарстхуызæ й фæ хъæ р кодта Джейн. — Æ ви мæ нæ химæ цæ уын кæ й фæ нды, уый не ’мбарыс?!

— Æ дылы ныхæ стæ! — фæ хъæ р кодта лыстæ г хъæ лæ сæ й зæ ронд. — Дæ уæ н уым æ взæ р уыд, хе-хе! Хистæ р уæ вын цы у, уый мæ нæ н амонын нæ хъæ уы. Æ ппæ т куыстытæ дæ р хъуамæ ды кæ най, кæ стæ ртæ та рæ стæ г хъуамæ сæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н æ рвитой. Хе-хе-хе! Махмæ та дын бирæ хуыздæ р уавæ ртæ уыдзæ н. Иууылдæ р дыл ауддзысты. Уыдзынæ нæ Зынаргъ Бæ дул, нæ Сызгъæ рины къæ ртт! Ардыгæ й уæ химæ никуыуал аздæ хдзынæ!

— Никуыуал! — æ мдзыхæ й фæ хъæ р кодтой Вильям æ мæ Эверард æ мæ йæ алыварс æ ркафыдысты.

Джейны цæ ссыгтæ æ ргæ р-гæ р кодтой.

— Мæ н нæ химæ фæ нды! Æ з нæ химæ цæ уын!

Зæ ронды æ нæ дæ ндаг дзых байгом æ мæ тасæ фтауæ г худт бакодта.

— Æ нхъæ лыс æ мæ дæ æ нцонæ й ауадздзыстæ м? — бафарста фыдзæ рдæ зæ ронд. — Нæ тæ бæ гъ нын асастай! Валентины уæ раг ныппырх кодтай. Уыдон дын лæ вар нæ ауайдзысты. Дæ хи хъуамæ балхæ най!

— Æ з... Æ з ын мæ ахорæ нтæ иууылдæ р ратдзынæ н.

— Уымæ ахорæ нтæ ис!

— Уæ д та мæ тæ лы!

— Хе-хе! Уый тæ лыйæ хъазыны карæ й раджы ахызт!..

— Уæ д та... — Джейн фæ къуыхцы. — Уæ д та, куы сдынджыр уон, уæ д ын бакомдзынæ н.

Зæ ронд та ногæ й бахудт.

Джейн æ ххуысагур цæ стæ нгасæ й бакаст Валентинмæ.

Уый йæ сæ р дыууæ рдæ м батылдта.

— Мæ нмæ гæ сгæ, уымæ н байрæ джы, — æ нкъардхуызæ й загъта Валентин. — Æ з тынг раджы сдынджыр дæ н...

— Уæ дæ уæ д куыд? Мæ бон бамбарын ницы у. Кæ м дæ н? — Джейн йæ алыварс акаст æ мæ ныккуыдта.

— Ды, мæ гыццыл хъæ бул, дæ хæ дзарæ й афтæ дард дæ, æ мæ йын зæ гъæ н дæ р нæ й! — сдыгъал-дыгъул та кодта зæ ронд. — Ды февзæ рдтæ Ивгъуыды. Кристинæ æ мæ лæ ппутæ сывæ ллæ ттæ куы уыдысты, уыцы Ивгъуыды.

Кæ д Джейны цæ стытæ донæ й се дзаг уыдысты, уæ ддæ р федта, зæ ронды цæ стытæ куыд æ рттывтой, уый.

— Æ мæ ма уæ д нæ химæ куыд бахауон? — мынæ г хъæ лæ сæ й бафарста Джейн.

— Никуыд! Ды ам баззайдзынæ! Æ ндæ р гæ нæ н дзы нæ й! Дард Ивгъуыды кæ й дæ, уый дæ рох ма уæ д. Фаззæ ттæ æ мæ Майкл, суанг ма дæ мад æ мæ фыд дæ р гуырд нæ ма сты! Æ вддæ сæ м хæ дзар дæ р арæ зт нæ ма у! Кæ дæ м ацæ уай, уый дын нæ й!

— Ис, ис! — ныккуыдта Джейн. — Уый раст нæ у! Уымæ н уæ вæ н нæ й!

Йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп ноджы фæ тынгдæ р. Ау, Майклы, йæ мад æ мæ йæ фыды, фаззæ тты... стæ й Мэри Поппинсы никуыуал фендзæ н?!

Æ васт йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта:

— Мэри Поппинс! Афтæ никуыуал бакæ ндзынæ н! Фервæ зын мæ кæ н, Мэри Поппинс!

— Хæ цут ыл, ма йæ ауадзут! — бардзырд радта зæ ронд.

Цыппарæ й йæ алыварс æ рхъула сты.

Джейн йæ цæ стытæ бацъынд кодта.

— Мэри Поппинс! — хъæ р кодта уый. Йæ хъæ лæ с азæ лгæ ацыд дурын тыргъты. — Мэри Поппинс!

Кæ йдæ р къух ыл фæ хæ цыд æ мæ йæ йæ фæ дыл аласта.

— Хе-хе-хе! — бахудт зæ ронд. — Хе-хе-хе!

Джейн æ васт банкъардта, цы къухтæ йыл хæ цыдысты, уыдон æ й уæ гъд кæ нын кæ й райдыдтой.

Чидæ р æ й асинтыл кæ й ласы, уый цъындцæ стæ й дæ р банкъардта.

Зæ ронд, Кристинæ æ мæ лæ ппуты хъæ лæ стæ кæ мдæ р бамынæ г сты.

Йæ рустæ банкъардтой хуры хъарм. Цыргъ кæ рдæ джытæ йын йæ къæ хтæ æ лхысчъытæ кодтой...

Æ васт æ й кæ йдæ р тыхджын къухтæ фелвæ стой æ мæ йæ уæ лдæ фмæ систой.

— Баххуыс мын кæ нут! — хъæ р кодта, йæ гæ ндзæ хтæ тилгæ йæ, Джейн.

Йæ тых, йæ бонæ й архайдта йæ хи феуæ гъд кæ ныныл. Хуымæ тæ джы хъуыддæ гтæ й йæ хи раттынмæ нæ хъавыд. Йæ гæ ндзæ хтæ тилдзæ н, цалынмæ...

— Мæ уæ лæ мæ хуыздæ р къаба кæ й ис æ мæ йæ сæ рдон-сæ рддæ ргъы дарынмæ кæ й хъавын, уый куы нæ рох кæ нис, уæ д дæ тынг фæ бузныг уаин, — йæ тæ ккæ хъусы цур райхъуыст зонгæ хъæ лæ с.

Джейн йæ цæ стытæ байгом кодта æ мæ фæ комкоммæ, хорз кæ й зыдта, уыцы цъæ х цæ стыты тызмæ г æ нгасмæ.

Афтæ фидар ыл чи хæ цыд, уыдон уыдысты Мэри Поппинсы къухтæ, цæ вынæ й кæ уыл нæ ауæ рста, уыдон дæ р уыдысты Мэри Поппинсы къæ хтæ.

— Æ ллæ х, уый ды куы дæ! — багуым-гуым кодта Джейн. — Æ з та æ нхъæ лдтон, нæ мæ фехъуыстай. Æ нхъæ лдтон, уырдыгæ й нал раирвæ здзынæ н! Æ нхъæ лдтон...

— Иуæ й-иутæ, — загъта Мэри Поппинс, Джейны сабыргай зæ ххыл æ вæ ргæ йæ, — æ гæ р бирæ цыдæ ртæ æ нхъæ л вæ ййынц. Дæ цæ сгом асæ рф, дæ хорзæ хæ й. — Джейнмæ йæ къухмæ рзæ н балæ вæ рдта æ мæ фынг æ вæ рынмæ фæ ци.

Джейн, дынджыр æ рвхуызцъæ х къухмæ рзæ нæ й йæ цæ ссыгтæ сæ рфгæ йæ, каст Мэри Поппинсы змæ лдмæ. Уаты йын алцыдæ р уыди зындгонд. Скъуыдтæ гауызæ й зæ гъай, хъазæ нты скъаппæ й зæ гъай, Мэри Поппинсы къæ лæ тджынæ й зæ гъай... Сæ уынд ын уыди æ хсызгон.

Мэри Поппинс архайдта фынджы уæ лхъус. Джейн хъуыста зонгæ уынæ ртæ м, æ мæ дзы чысыл раздæ ры тас дарддæ рæ й-дарддæ р кодта...

Раивылдысты йыл амонды уылæ нтæ.

«Афтæ æ взæ р уон, уымæ н уæ вæ н нæ й, — ахъуыды кодта йæ хинымæ р. — Æ нæ мæ нг уый æ ндæ р чидæ р уыд».

Æ мæ, уый чи уыдаид, ууыл сагъæ стæ кæ ныныл фæ ци...

***

Майклæ н йæ хабæ рттæ куы радзырдта ууыл чысыл рæ стæ г рацæ уыны фæ стæ æ фсымæ р йæ хомæ æ нæ ууæ нк каст бакодта æ мæ, йæ мидбылты бахудгæ йæ, загъта:

— Уымæ н æ цæ гæ йдæ р уæ вæ н нæ уыд. Ды дынджыр дæ. Дæ у йас тæ бæ гъы куыд хъуамæ бацæ уа?!

Джейн хъуыдытыл фæ ци. Цытæ радзырдта, уыдоныл йæ хæ дæ г дæ р нал æ ууæ ндыд.

— Æ вæ ццæ гæ н, раст зæ гъыс, — загъта чызг. — Уæ д мæ м, цы радзырдтон, уыдон æ цæ г кастысты.

— Ды уыцы хабæ рттæ иууылдæ р мысгæ æ ркодтай. Æ ппынæ дзухдæ р истытæ æ рхъуыды кæ ныс.

Майкл йæ хицæ й хуымæ тæ джы буц ныцци. Уый никуы ницы æ рхъуыды кæ ны.

— Уыцы мысæ ггаг хабæ рттæ й мæ хъуырмæ дæ н! — загъта Мэри Поппинс. Хо æ мæ æ фсымæ рыл фæ йнæ рдæ м ахæ цыд æ мæ фаззæ тты фынæ й кæ нынмæ бацыд. Куы сæ схуыссын кодта, уæ д тызмæ гхуызæ й бафиппайдта: — кæ д ныр æ з дæ р иучысыл баулæ фин.

Йæ ног худ фелвæ ста. Йæ хъуырæ й йæ рæ хыс рафтыдта, арæ хстгай йæ къоппы нывæ рдта. Стæ й йæ пъалто раласта, æ рцагъта йæ æ мæ йæ фæ сдуар рагъæ ныл æ рцауыгъта.

— Æ мæ дæ ног хъуырбæ ттæ н та кæ м и? — бафарста Джейн. — Сæ фгæ дын фæ кодта?

— Цытæ дзурыс! — загъта Майкл. — Куы ’рбаздæ хтыстæ м, уæ д йæ уæ лæ уыд. Æ з æ й мæ хæ дæ г федтон.

Мэри Поппинс сæ м раздæ хт мæ стджынхуызæ й æ мæ загъта:

— Уый курæ г уæ дæ н, æ мæ уæ хи хабæ рттæ кæ нут. Мæ нуæ ттимæ уæ ницы хъуыддаг ис!

— Æ з дын баххуыс кæ нынмæ хъавыдтæ н, — загъта Джейн.

— Бузныг, дæ у æ ххуысхъуаг нæ дæ н, — ныффутт кодта Мэри Поппинс. Джейн Майклæ н цæ стæ й ацамыдта, фæ лæ йæ ацы хатт Майкл нæ федта. Уый æ дзынæ г каст дурын тæ рхæ гмæ.

— Цы кæ ныс, Майкл?

— Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й, цы дзырдтай, уыдон хъуыды не ’ркодтай! — йæ хъусы йын бадзырдта Майкл æ мæ йе ’нгуылдзæ й тæ бæ гъмæ ацамыдта.

Джейн йæ цæ стæ нгас уыцырдæ м аздæ хта. Тæ бæ гъ æ цæ гæ йдæ р фаз разынди. Уæ ртæ уыгæ рдæ н, кæ рдæ г, хъæ ды æ рдуз. Æ ртæ лæ ппуйы хъазынц бæ хыл бадынæ й.

Фæ лæ уæ ртæ уый цы у? — лæ ппутæ й иуы уæ раг урс къухмæ рзæ нæ й баст. Кæ рдæ гыл, цыма кæ дæ мдæ р тагъд кодта, афтæ мæ й кæ мæ йдæ р, сырх æ мæ урс нывтæ кæ уыл уыд, йæ уыцы хъуырбæ ттæ н ферох. Йæ иу кæ роныл дыууæ дамгъæ йы фыст — М. П.

— Уæ дæ йын, æ вæ ццæ гæ н, ам ахауд! — загъта Майкл. — Ссардтам æ й, зæ гъгæ йын зæ гъæ м?

Джейн фæ стæ мæ фæ каст. Мэри Поппинс йæ раздарæ н кодта. Цыма йæ æ нæ хъæ н дуне дæ р бафхæ рдта, ахæ м хуыз ын уыдис.

— Куы нæ йын æ й зæ гъæ м, уæ д хуыздæ р у, — загъта ныллæ г хъæ лæ сæ й Джейн. — Æ вæ ццæ гæ н æ й зоны.

Джейн ма цъус рæ стæ г фæ каст саст тæ бæ гъ, æ лхынцъ къухмæ рзæ н æ мæ хъуырбæ ттæ нмæ, стæ й йæ бынатæ й фæ цагайдта æ мæ крахмалгонд урс раздарæ нæ н хъæ быстæ кæ нынмæ фæ ци.

— Мэри Поппинс! — ныхъхъæ р кодта уый. — Мэри Поппинс! Æ з тæ ргæ йттæ æ ппындæ р никуыуал кæ ндзынæ н! Ни-куы-уал!!!

Мэри Поппинсы дзыхы кæ рæ ттæ бахудæ змул сты, цыма афтæ зæ гъынмæ хъавыди, хæ йрæ г дыл баууæ ндæ д, зæ гъгæ.

— О! — загъта уый, йæ раздæ рæ н лæ гъзытæ кæ нгæ йæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.