Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆНДЗÆМ СÆР. ТЫМБЫЛÆГТÆ ДÆР АЛЫХУЫЗÆТТÆ ВÆЙЙЫНЦ



— Мэри Поппинс! — сывæ ллæ тты уатмæ æ рбауайгæ йæ, сдзырдта миссис Бэнкс. — Мэри Поппинс, цыдæ ртæ мæ хъæ уы æ мæ сæ, сывæ ллæ ттимæ тезгъо кæ ныны рæ стæ г нæ алхæ нис? — æ мæ хатыркурæ гау йæ мидбылты бахудт, цыма йын йæ курдиат куы нæ сæ ххæ ст кæ на, уымæ й тарст, уый хуызæ н.

Мэри Поппинс пецы фарсмæ хус кодта ноггуырд сывæ ллон Аннабелы кофтæ æ мæ миссис Бэнксмæ раздæ хт.

— Чи зоны, — сдзырдта Мэри Поппинс. Йæ хъæ лæ сыуагæ й бамбарæ н уыд, сылгоймаджы ныхæ стæ йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ фæ цыдысты.

— Æ мбарын дæ, — загъта миссис Бэнкс.

— Чи зоны — нæ, — йæ ныхас дарддæ р кодта Мэри Поппинс, Аннибалы фæ смын хæ дон ныллæ маргæ йæ æ мæ йæ пецы сæ р рагъæ ныл ауындзгæ йæ.

— Омæ хорз. Кæ д дын рæ стæ г фæ уа, уæ д дын мæ нæ номхыгъд æ мæ æ хца. Стерлингты фунт. Кæ д ма дæ м дзы баззайа, уæ д-иу сæ, дæ хи цы фæ нда, уыдæ ттыл бахардз кæ н.

Миссис Бэнкс номхыгъд дæ р æ мæ æ хца дæ р къамодыл æ рæ вæ рдта.

Мэри Поппинс ницыуал сдзырдта.

— О, хæ дæ гай. Фаззæ тты абон къахæ й цæ уын бахъæ удзæ н, — æ васт йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд миссис Бэнксæ н. — Абон райсомæ й Робертсон Эй бандоны ’фсон сæ уæ рдоныл æ рбадт, æ мæ йæ цалцæ г кæ нынмæ раттын хъæ удзæ н. Æ нæ уæ рдонæ й дын зын нæ уыдзæ н? Ноджы Аннабел — дæ хъæ бысы!

Мэри Поппинс йæ дзых фегом кодта, стæ й йæ æ васт ахгæ дта.

— Мæ нæ н æ ппындæ р зын ницы у! — хъæ ддыхæ й загъта уый. — Æ з цæ мæ н нæ бафæ разон, ахæ мæ й зæ ххыл ницы ис. Æ рмæ стдæ р мæ бафæ ндæ д.

— Зонын æ й, зонын! — йæ фындзы бын дзурæ гау бакодта миссис Бэнкс æ мæ дуары ’рдæ м фæ цæ уæ г. — Ды агургæ æ мæ æ нæ аргæ хæ зна дæ. Аргъæ утты дæ р зын ссарæ н чи у, ахæ м, — йæ фæ стаг ныхæ стæ ма райхъуыстысты асинтыл бынмæ хизгæ йæ.

— Цыфæ ндыйæ дæ р, ахæ м æ наипп кæ й у, уый мæ иуæ й-иу хатт нал фæ фæ нды, — хæ рæ ндоны рыгтæ сæ рфгæ йæ, миссис Бэнкс йæ хъаст ракодта къулыл ауыгъд йæ фыды мады мады хуызистæ н. — Йæ цуры цыма саби вæ ййын, афтæ мæ м фæ кæ сы. Æ з та гыццыл чызг нал дæ н.

Фондз сывæ ллоны мын ис. Адæ мы ’хсæ н нымад сылгоймаг дæ н. Уымæ й та уыдæ ттæ ферох вæ ййынц.

Йæ рыгтæ сæ рфын нæ ныууадзгæ йæ, хъуыдытæ кодта, Мэри Поппинсæ н цытæ зæ гъинаг уыд, уыдæ ттыл, кæ д хорз зыдта, кæ й йын сæ никуы зæ гъдзæ н, уый, уæ ддæ р.

Мэри Поппинс, цытæ йæ балхæ нын хъæ уы, уыдоны номхыгъд æ мæ æ хца йæ хызыны нывæ рдта. Цæ сты фæ ныкъуылдмæ йæ худ йæ сæ рыл акодта æ мæ, Аннабел йæ хъæ бысы, афтæ мæ й хæ дзарæ й ратахт. Майкл æ мæ йæ Джейн, фаззæ тты къухтыл хæ цгæ йæ, тыххæ й æ ййæ фтой.

— Тагъддæ р уайут! — бардзырд дæ ттæ гау тызмæ гæ й загъта Мэри Поппинс.

Сабитæ сæ цыдыл бафтыдтой, фаззæ тты сæ фæ дыл ласгæ йæ. Сæ къухтыл сын афтæ фидар хæ цыдысты æ мæ сын атонынæ й тæ ссаг уыд, фæ лæ уыдон ууыл нæ хъуыды кодтой. Уыдоны сæ йраг мæ т уыд Мэри Поппинсæ й фæ сте нæ зайын. Хъуыды кодтой, æ хцайæ ма цы баззайа, уымæ й цы балхæ ндзæ ни, ууыл...

— Дыууæ сойын цырагъы, цыппар фунты пырындз, æ ртæ фунты лыстæ г сæ кæ р, æ хсæ з фунты къæ ртт сæ кæ р, дыууæ банкæ йы пъæ мидорты дон, къустæ хсæ н уызынгонд, иу фæ лыст æ рмкъухтæ, мыцъайы æ мбис, ссады дзæ къул, дыууæ къоппы спичкæ тæ, дыууæ къабускайы æ мæ мæ ймæ булчъыты баст! — хъæ рæ й бакаст Мэри Поппинс, фыццаг цæ хгæ рмæ уынджы дуканийы фæ мидæ г уæ вгæ йæ.

— Голладжы дзаг æ рмкъухтæ, — сфæ лхат кодта нæ лгоймаг дуканигæ с, кърандасы кæ рон йæ дзыхы акæ нгæ йæ.

— Ссад загътон æ з! — тызмæ гæ й йын йæ курдиат йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кодта Мэри Поппинс.

Дуканигæ сы цæ сгом фырæ фсæ рмæ й асырх:

— Бахатыр кæ н. Барæ й нæ уыдтæ н. Боныхъæ д хорз у, нæ? Уæ ллæ й, фæ рæ дыдтæ н. Уæ дæ, зæ гъыс, ссады дзæ къул, и?

Тагъд-тагъд æ й йæ химæ афыста.

— Дыууæ къоппы къустæ хсæ н уызынгæ ндтæ...

— Спичкæ тæ! — æ нæ барыгом сдзырдта Мэри Поппинс.

Дуканигæ сы къухтыл зыр-зыр бахæ цыд:

— Дæ хорзæ хæ й, бахатыр кæ н! Уый, æ вæ ццæ гæ н, мæ кърандасы аххос у — æ дзухдæ р, цы нæ хъæ уы, уыдæ ттæ фæ фыссы. Ног мæ æ лхæ нын хъæ уы. Спичкæ тæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы! Стæ й ма цы загътай?

Хæ рдмæ скаст, йæ цæ стытæ фæ стæ мæ æ руагъта æ мæ кърандасмæ нымдзаст.

Мэри Поппинс йæ гæ ххæ тт систа æ мæ та номхыгъд хъæ рæ й мæ сты каст бакодта.

Каст куы фæ ци, уæ д дуканигæ с æ нкъардхуызæ й загъта:

— Хъыгагæ н нæ м къабуска нæ й. Уый бæ сты хъонтхоратæ райсис?

— Ницы хуызы! Дзæ къулы дзаг пальмæ йы ссад!

— Ой, Мэри Поппинс, пальмæ йы ссад нæ хъæ уы. Ивгъуыд къуыри дзы бахордтам, — йæ къæ хтæ зæ ххыл æ рхойгæ йæ, бахъуыр-хъуыр кодта Майкл.

Мэри Поппинс фыццаг Майклмæ бакаст, стæ й дуканигæ смæ, æ мæ дыууæ йæ дæ р бамбæ рстой, пальмæ йы ссадæ н æ нæ лхæ нгæ кæ й нæ й, уый.

Дуканигæ сы цæ сгом ноджы тынгдæ р фæ сырх æ мæ пальмæ йы ссад барынмæ фæ цæ уæ г.

— Афтæ мæ й æ хцайæ ницыуал баззайдзæ н, — ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Джейн æ мæ æ нæ уынон цæ стæ й бакаст, тæ рхæ гыл рагъамадæ й цы æ лхæ д хойрæ гтæ æ мæ дзаумæ ттæ лæ ууыд, уыдонмæ.

— Лыстæ джытæ ма дзы кæ д баззайа, уæ д хорз! — загъта Джейн æ мæ æ нкъардæ й каст, Мэри Поппинс йæ хызынæ й стерлингты фунт куыд иста, уымæ.

— Бузныг, — раарфæ йын кодта Мэри Поппинс, дуканигæ с ын лыстæ г æ хцатæ куы ралæ вæ рдта, уæ д.

— Бузныг дæ уæ н! — уæ здан дзуапп радта дуканигæ с æ мæ йæ рæ мбыныкъæ дзтæ тæ рхæ гыл æ рæ вæ рдта. — Диссаджы дзæ бæ х рæ стæ г скодта! — Цыма боныхъæ д уый фæ рцы зæ рдæ мæ дзæ угæ уыди, уый хуызæ н ма йæ ныхасмæ бафтыдта уæ йгæ нæ г.

— Къæ вда куы рауарид, уæ д хуыздæ р уаид, — цæ хгæ р алыг кодта Мэри Поппинс æ мæ уыцы иу рæ стæ г сæ хгæ дта йæ хызын дæ р æ мæ йæ дзых дæ р.

— Тынг раст зæ гъыс! — уайтагъд йемæ сразы дуканигæ с. — Уый алы хуызы дæ р архайдта йемæ разы уæ выныл. — Къæ вдайæ хуыздæ р ма цы уа!

— Дзæ гъæ лы дæ м афтæ кæ сы! — бахъуыр-хъуыр кодта Мэри Поппинс.

Дуканигæ сы цæ сгом фырдисæ й йæ хуыз аивта. Цыфæ нды куы фæ зæ гъы, уæ ддæ р Мэри Поппинсы зæ рдæ мæ нæ фæ цæ уы.

— Мæ зæ рдæ дарын, — загъта дуканигæ с, Мэри Поппинсæ н дуар байтындзгæ йæ, — кæ й та нæ абæ рæ г кæ ндзынæ, ууыл.

— Дзæ бæ хæ й баззай! — загъта Мэри Поппинс æ мæ дуары ’дде фæ ци.

Дуканигæ с æ хсызгон улæ фт скодта.

— Чысыл-ма фæ лæ уут, — загъта сабитæ н æ мæ асыччы цыдæ ртæ агурынмæ фæ ци. — Хæ цут. Хуыцауæ й уын сомы кæ нын, бафхæ рынмæ уæ кæ й никæ й хъавыдтæ н, уый тыххæ й. Æ рмæ стдæ р мæ фæ ндыди сымахæ н хорздзинад ракæ нын.

Джейны къухы фæ сагъта дыууæ шикалады, æ ртæ та Майклæ н радта.

— Сымахæ й алкæ мæ н дæ р — фæ йнæ, уымæ н дæ р — иу, — Мэри Поппинсмæ сæ ры фæ тылдæ й ацамонгæ йæ, загъта дуканигæ с.

Сабитæ йын арфæ ракодтой æ мæ Мэри Поппинсы фæ стæ азгъордтой. Цæ угæ -цæ уын иууылдæ р шикаладтæ хæ рынмæ февнæ лдтой.

Мэри Поппинс, Майклы былтæ шикаладæ й ахуырстæ й куы ауыдта, уæ д æ й бафарста:

— Цы ’ууилыс?

— Шикалад, дуканигæ с нын сæ радта, мæ нæ ай та дæ уæ н рарвыста. — Æ мæ йын фæ стаг шикалад радта.

— Цы ’дзæ сгом у! — загъта Мэри Поппинс, фæ лæ шикалад хæ рынмæ фæ ци.

— Æ хца ма дæ м бирæ баззад? — тыхстхуызæ й йæ бафарста Майкл.

— Фæ стæ дæ р æ й базондзыстæ м.

Афтечы цурмæ куы схæ ццæ сты, уæ д Мэри Поппинс уым фæ мидæ г. Фæ стæ мæ сапоны джипп, горчичникты баст æ мæ дæ ндæ гтæ хсæ н пастæ имæ фездæ хт.

Джейн æ мæ Майкл арф ныуулæ фыдысты.

Бамбæ рстой, стерлингты фунт сæ цæ стыты цур кæ й тайы, уый...

— Ныр та — адджинæ гты дуканимæ! — загъта Мэри Поппинс, номхыгъдмæ æ ркæ сгæ йæ, æ мæ дуканийы фæ мидæ г.

Сывæ ллæ ттæ рудзынгæ й уыдтой, Мэри Поппинс адджын гуылтæ м къухæ й куыд ацамыдта, уый. Федтой, уæ йгæ нæ г æ м дынджыр тыхтон куыд ралæ вæ рдта, уый дæ р.

— Æ вæ ццæ гæ н дзы бирæ балхæ дта! — æ нкъардæ й загъта Джейн.

Кæ цыфæ нды æ ндæ р бон дæ р сывæ ллæ ттæ, Мэри Поппинс цы балхæ дта, уыдоныл цинæ й амардаиккой, фæ лæ сæ ныр тынг фæ ндыди, дунейы адджын гуылтæ н сæ кой дæ р куы нæ уаид, уый.

— Ныр та кæ дæ м? — бафарста Майкл. Тынг æ й фæ ндыди, æ хцайæ ма цас баззади, уый базонын. Кæ й ницыуал дзы баззад, уый æ мбæ рста, фæ лæ йын уæ ддæ р йæ цымыдисдзинад æ нцой нæ лæ вæ рдта.

— Нæ химæ! — дзуапп радта Мэри Поппинс.

Сабитæ æ рæ нкъард сты.

Куыд бамбæ рстой, афтæ мæ й æ хцатæ й æ ппындæ р ницыуал баззад... Сæ сæ йраг фарст раттын сæ бæ ргæ фæ ндыди, фæ лæ Мэри Поппинсæ н йæ уæ ргъты бын цы тыхстхуыз цæ сгом уыдис, уый куы федтой, уæ д сæ йæ дзых схæ лиу кæ ныны ныфс никæ мæ уал разынд. Сылгоймаг дзæ къултæ, тыхтæ ттæ æ мæ Аннабелы йæ риумæ нылхъывта æ мæ размæ лæ гæ рста. Сывæ ллæ ттæ сæ зæ рдæ цæ уыл дардтой, уымæ й фыдæ нхъæ л фесты, фæ лæ уæ ддæ р архайдтой Мэри Поппинсæ й фæ сте нæ зайыныл. Сæ хинымæ р æ м мæ стæ й тъæ ппытæ хаудтой, афтæ мæ й.

— Нæ химæ ауылты цæ угæ нæ у! — схъуыр-хъуыр кодта Майкл.

— Нæ химæ паркыл кæ дæ й нырмæ нал ис цæ уæ н? — цæ хгæ р æ м фæ зылди Мэри Поппинс.

— О, фæ лæ...

— Паркмæ цалдæ р бацæ уæ ны ис. Нæ химæ дæ р иу фæ ндаг нæ й, йæ бустыл ма бафтыдта Мэри Поппинс.

Сабитæ паркæ н ацырдыгæ й никуыма уыдысты. Афтæ мæ й та дзы цы тынг хорз у! Хур æ й йæ фæ лмæ н тынтæ й рæ вдыдта. Бæ рзонд бæ лæ сты сыфтæ й дымгæ хъазыд. Дыууæ сырддонцъиуы къалиуыл кæ рæ дзийы ратон-батон систой. Пухкъæ дзил æ хсæ рсæ ттæ г хидмæ схизæ н асинтæ м æ ргæ пп кодта æ мæ ’нхъæ лмæ каст, æ хсæ р кæ нæ йæ æ хсынæ нæ й чи суазæ г кæ ндзæ н, уымæ.

Фæ лæ абон сывæ ллæ тты æ ргом уыдонæ й сæ химæ ницы здæ хта. Джейн æ мæ Майклмæ æ ндæ р хъуыдытæ уыд: Мэри Поппинс æ хцатæ ницытæ æ мæ мацытыл кæ й бахардз кодта, уый сын æ нцой нæ лæ вæ рдта.

Æ рæ джиау бахæ ццæ сты, къæ лæ тау чи æ ртасыд, дурæ й амад уыцы æ мбондмæ. Йæ иу фарсыл уыди домбайы ныв, йæ иннæ фарсыл та — сыкъафындзы ныв. Æ мбонды бын бадти тынг зæ ронд ус. Йæ цæ сгом уыди æ нгузы цъары хуызæ н æ нцъылдтæ. Йæ хъæ быс йе дзаг уыд хъулон-мулон резинæ бæ ттæ нтæ й. Йæ сæ рмæ ленк кодтой уæ лдæ фон тымбылæ гтæ иумæ бастæ й.

— Тымбылæ гтæ! Тымбылæ гтæ! — фæ хъæ р кодта Джейн.

Джоны хидæ йдзаг æ нгуылдзтæ й йæ хи атыдта æ мæ зæ ронд усмæ азгъордта. Майкл, Барбийы иунæ гæ й уынджы астæ у фæ уадзгæ йæ, йæ фæ дыл атъæ бæ ртт кодта.

— Кæ цытæ уæ зæ рдæ мæ тынгдæ р цæ уынц, мæ гыццыл бæ дултæ? — рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й сдзырдта тымбылæ гты хицау. — Кæ цы уæ м дзы фæ комкоммæ? Равзарут, æ рмæ ст тагъд ма кæ нут!

— Мах тымбылæ гтæ фенынмæ æ рбауадыстæ м. Æ хца нæ м нæ й, бамбарын кодта Джейн.

Зæ ронд усы цæ сгом фæ тар. Æ васт йæ цин фæ цыдæ р.

— Тымбылæ гмæ кæ сынæ й цы пайда и? Уымæ къухæ й бавналын хъæ уы. Тымбылæ гимæ дзæ бæ х куы нæ базонгæ уай, уæ д æ м цасфæ ндыдæ р кæ с!

Джейн æ мæ Майкл æ нкъардæ й кастысты зæ ронд усмæ. Йæ ныхæ стæ раст кæ й уыдысты, уый æ мбæ рстой, фæ лæ цы сæ бон уыд?

— Гыццыл чызг ма куы уыдтæ н, — йæ бандоныл дыууæ рдæ м узæ гау кæ нгæ йæ, дзырдта дарддæ р зæ ронд ус, — уæ д адæ м тымбылæ гтæ н аргъ кæ нын зыдтой. Уыдон æ рмæ ст сæ фенынмæ нæ цыдысты, фæ лæ -иу сæ æ лхæ нгæ кодтой. Ацы æ рдынгонды бынты-иу чи æ рбахызт, уыдонæ й иу дæ р уæ лдæ фон тымбылæ г æ нæ балхæ нгæ нæ фæ ци. Сабиты кой кæ нын та хъæ угæ дæ р нæ кæ ны. Адæ ймаг-иу дзы хъæ стагæ й никæ мæ й баззад.

Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ зæ ронд ус йæ цæ ст ахаста, йæ сæ рмæ уæ лдæ фы цы тымбылæ гтæ ленк кодта, уыдоныл.

— Мæ гыццыл бæ дултæ! — зарæ гау бакодта зæ ронд ус. — Тæ ригъæ д уын кæ нын, мæ н йеддæ мæ уæ кæ й ничи ’мбары, уый тыххæ й. Кæ й никæ йуал хъæ ут, ууыл мæ зæ рдæ риссы.

— Бæ ргæ нæ хъæ уынц тымбылæ гтæ! — загъта Майкл. — Фæ лæ нæ м æ хца нæ й. Фæ стаг фунты онг сæ бахардз кодта...

— Бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ чи? — йæ тæ ккæ фæ схъус райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с.

Майкл фæ стæ мæ фæ каст æ мæ йæ цæ сгом фæ сырх.

— Æ з... м-м-м... зæ гъынмæ хъавыдтæ н, цыма ды... м-м-м, — йæ фындзы бын багуым-гуым кодта Майкл.

— Хистæ рты тыххæ й уæ здандæ р æ взагæ й дзурын хъæ уы! — загъта Мэри Поппинс æ мæ Майклы уæ хсчы сæ рты зæ ронд усы хъæ бысы æ взист æ хца æ рæ вæ рдта.

Майкл йæ цæ стытыл нæ баууæ ндыд.

«Æ вæ ццæ гæ н ма йæ м æ хца баззади», — ахъуыды кодта Джейн æ мæ йæ хицæ й фефсæ рмы, Мэри Поппинсмæ афтæ тынг кæ й мæ сты кодта, уый тыххæ й.

Зæ ронд усы цæ стытæ ферттывтой. Æ хца фелвæ ста æ мæ йæ м кæ сынтыл фæ ци.

— Æ мæ куыд æ рттивы, уый та! Цæ хæ ртæ калы! — фæ хъæ р кодта уый. — Ахæ м æ хца рагæ й нал федтон. Чысыл чызг ма куы уыдтæ н, уæ дæ й нырмæ. — Тымбылæ гтæ дæ хъæ уы, зæ ды къалиу? — бафарста Мэри Поппинсы.

— О! — загъта, уæ здандæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й Мэри Поппинс.

— Цал дын раттон, мæ ахсджиаг?

— Цыппар!

Джейн æ мæ Майкл фырцинæ й цы фæ уыдаиккой, уый нал зыдтой æ мæ Мэри Поппинсæ н хъæ быстæ кæ нынмæ фесты.

— Æ цæ г нын æ лхæ ныс, Мэри Поппинс? Алкæ мæ н дæ р?

— Мæ нмæ гæ сгæ, æ з æ дзухдæ р рæ стытæ фæ дзурын, — тызмæ г дзуапп радта уый, фæ лæ йæ цæ сгомыл тызмæ гдзинад нæ зынди.

Сабитæ зæ ронд усы хъæ бысы тымбылæ гты бæ ттæ нтæ æ взарынмæ фесты.

— Дзæ бæ хдæ р æ взарут, мæ бæ дултæ, — зонд амонынмæ сын фæ ци уый. — Тымбылæ г æ взарын алчи нæ зоны. Ам тагъд кæ нын нæ хъæ уы.

Иуæ й-иу ахæ м тымбылæ г равзары, æ мæ цæ рæ нбонтæ м фæ смонгонд фæ вæ ййы.

— Мæ н ацы тымбылæ г хъæ уы! — загъта Майкл æ мæ ацамыдта, сырх дзæ ццытæ кæ уыл уыд, уыцы бур тымбылæ гмæ.

— Хорз равзæ рстай æ ви нæ, уый ныртæ ккæ сбæ рæ г уыдзæ н. Уый тыххæ й та йæ ныддымсын хъæ уы, — загъта зæ ронд ус æ мæ йæ уайтагъд адымста. Зын бауырнæ н уыд, ахæ м фыдцъылыз зæ рондмæ уыйбæ рц фу разындзæ н, уый. Сырх дзæ ццытимæ дынджыр бур тымбылæ г уæ лдæ фы скафыд.

— Кæ сут-ма! Кæ сут-ма! — фæ хъæ р кодта Майкл. — Цыдæ р фыстытæ йыл ис!

Æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, сырх дзæ ццытæ й рауади дамгъæ тæ. Бур тымбылæ гыл дзæ бæ х фыстæ й разынди дыууæ ныхасы: Майкл Бэнкс!

— Федтай! — ныппыррыкк кодта зæ ронд ус. — Дзæ гъæ лы дын дзырдтон, тагъд ма кæ н, зæ гъгæ?! Æ мæ нæ фæ рæ дыдтæ.

— Ракæ с-ма мæ нмæ дæ р! Мæ нæ н дæ р-ма йæ ныддымс, — æ рхатыди Джейн зæ ронд усмæ.

Зæ ронд ус æ й ныддымста, æ мæ дынджыр æ рвхуызцъæ х тымбылæ гыл стыр дамгъæ тæ й фыстæ й разынди: Джейн Кэролайн Бэнкс!

— Уыдон дæ ном æ мæ дæ мыггаг сты, мæ бæ дул? — бафарста зæ ронд ус.

Джейн йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

Зæ ронд ус та ныххудти, Джейн йæ тымбылæ гимæ иуварс куы ацыди, уæ д.

— Мæ нæ н дæ р! Мæ нæ н дæ р! — ныхас кæ рæ дзийы дзыхæ й исгæ йæ, фæ хъæ р кодтой Джон æ мæ Барби æ мæ сæ пух къухтæ й тымбылæ гты бæ ттæ нтæ æ взарынмæ фесты.

Джон систа уардихуыз. Зæ ронд ус æ й ныддымста æ мæ та ныххудти. Тымбылæ гыл бакæ сæ н уыдис:

Джон æ мæ Барбийæ н — сæ дыууæ йæ н — иу, уымæ н æ мæ уыдон фаззæ ттæ сты!

Диссаг мæ м кæ сы, — загъта Джейн, — нæ нæ мттæ нын цæ мæ й зоныс, уый. Ныронг нæ куы никуы никæ й федтай!

— Мæ зынаргъ бæ дултæ, тымбылæ гтæ дæ р алыхуызон вæ ййынц! Ацы тымбылæ гтæ та бынтон æ нахуыр сты.

— Фысгæ дæ р сыл ды ныккодтай? — бафарста Майкл.

— Æ з? — бахудти зæ ронд ус. — Мæ зæ рды кæ рон дæ р нæ уыд!

— Уæ дæ чи?

— Уымæ н дын дзуапп раттын мæ бон нæ у. Фыст сыл кæ й ис, уый йеддæ мæ æ з ницы зонын. Дунейы алы адæ ймагæ н дæ р ис йæ хи тымбылæ г, æ рмæ ст æ й равзарын базонын фæ хъæ уы.

— Мэри Поппинсæ н дæ р ис йæ хи тымбылæ г? — бафарста та Майкл.

Зæ ронд ус, йæ сæ р иуварсæ рдæ м фæ къулгæ нгæ йæ, Мэри Поппинсмæ бакаст æ мæ хин худт бакодта.

— Уый ныртæ ккæ фендзыстæ м, — æ мæ та йæ бандоныл сдыууæ рдæ м. — Йæ хæ дæ г æ й равзарæ д. Уымæ н фæ рæ дийынæ й нæ тæ рсын.

Мэри Поппинс сæ рыстыр худт бакодта æ мæ сырх тымбылæ г фелвæ ста. Иуцасдæ р йæ къух ауыгъдæ й аззад, стæ й тымбылæ г йæ хи дымсын райдыдта. Сывæ ллæ тты дисæ н кæ рон нал уыд. Тымбылæ г дынджырæ й-дынджырдæ ргæ нгæ цыд æ мæ уайтагъд Майклы тымбылæ джы йас сси. Фæ лæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæ н. Тымбылæ г стырæ й-стырдæ р кодта æ мæ сси æ ппæ ты стырдæ р уæ лдæ фон тымбылæ гæ й æ ртæ йы йас, æ мæ йыл сызгъæ рин дамгъæ тæ й разынд ахæ м фыст:

МЭРИ ПОППИНС!

Сырх тымбылæ г зæ ронд усмæ батахт. Уый йыл бæ ттæ н абаста, йæ мидбылты бахудт æ мæ йæ фæ стæ мæ Мэри Поппинсмæ радта.

Цыппар тымбылæ джы дæ р уæ лдæ фы скафыдысты. Сæ бæ ттæ нтæ -иу базмæ лыдысты, цыма сæ хи сæ хицæ утты къухтæ й атонынмæ хъавыдысты æ мæ арвы цъæ хмæ стæ хын сæ зæ рды уыд, уый хуызæ н. Дымгæ сæ фæ йлыдта цæ гатæ й хуссармæ, скæ сæ нæ й — ныгуылæ нмæ.

— Тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц, мæ бæ дултæ! — хъæ лдзæ гæ й фæ хъæ р кодта зæ ронд ус. — Æ взарын чи зоны, уыдонæ й дзы алчидæ р ссардзæ н йæ хи аккаг.

Уыцы уысм æ мбонды кулдуарæ й рахызт ацæ ргæ джентльмен. Уый дæ р уæ лдæ фон тымбылæ гтæ федта æ мæ сыл йæ хи ныццавта.

— Цæ йаргъ сты? — бафарста уый æ мæ йæ дзыппы лыстæ г æ хцатæ агурынмæ фæ ци.

— Авд æ мæ ’рдæ г! Æ взаргæ, æ рмæ ст тагъд ма бакæ н, мæ бæ дул.

Ацæ ргæ джентльмен равзæ рста морæ тымбылæ г. Зæ ронд ус æ й куы ныддымста, уæ д дзы кæ рдæ гхуызцъæ х дамгъæ тæ й разынд ахæ м фыст: «Вильям Везеролл Вилкинс».

— О Хуыцау! — загъта ацæ ргæ джентльмен, — диссæ гтæ æ мæ ’мбисæ ндтæ: уый мæ ном æ мæ мæ мыггаг у!

— Æ взарын базыдтай, мæ бæ дул! Уæ лдæ фон тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц! — загъта зæ ронд ус.

Ацæ ргæ джентльмен йæ тымбылæ гæ й йæ цæ ст нал иста.

— Ахæ м диссаг дзы нæ ма уыд! — хъæ рæ й æ рыхсныргæ йæ, загъта уый. — Дыууиссæ дз азы размæ, гыццыл лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ д ам хъавыдтæ н уæ лдæ фон тымбылæ г балхæ нынмæ, фæ лæ мæ нæ бауагътой. Уый аккаг, дам, нæ ма дæ. Ныр, куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й мæ м ацы тымбылæ г æ нхъæ лмæ каст дыууиссæ дз азы. Диссæ гтæ æ мæ ’мбисæ ндтæ!

Лæ г йæ фæ ндагыл фæ цагайдта æ мæ телыхъæ дыл йæ хи скъуырдта, уымæ н æ мæ йæ развæ ндагмæ кæ сыны бæ сты касти йæ тымбылæ гмæ.

Сабитæ дзы сæ цæ ст нал истой. Уалынмæ кæ сынц, æ мæ дын уæ лдæ фмæ куы стæ хид!

— Кæ сут-ма! Кæ сут-ма! — ныхъхъæ р кодта Майкл.

Фæ лæ дын уыцы минут йæ хи тымбылæ джы бæ ттæ н дæ р куы фæ рæ хойæ гау кæ нид. Майкл банкъардта, йæ къæ хтæ зæ ххæ й кæ й фæ хицæ н сты, уый.

— Ой, ой! Мæ нæ цы хорз у! Æ з дæ р фæ тæ хын! — йæ цины хъæ р райхъуыст Майклæ н.

— Тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц! — загъта та зæ ронд ус æ мæ ныккæ л-кæ л кодта. Уæ дмæ фаззæ тты тымбылæ гтæ дæ р сæ хи уæ лдæ фмæ систой.

— Фæ тæ хын! Фæ тæ хын! — фæ хъæ р кодта Джейн дæ р, иннæ ты фæ дыл зæ ххæ й куы фæ иртæ ст, уæ д.

— Нæ химæ уæ фæ ндаг дарут! — бардзырд радта Мэри Поппинс.

Сырх тымбылæ г дæ р йæ бынатæ й фезмæ лыд, Мэри Поппинсы йæ фæ дыл ласгæ йæ. Йæ хъæ бысмæ Аннабелы æ мæ тыхтæ ттæ нылхъывта, афтæ мæ й-иу куы хæ рдмæ фæ цудыдта, куы — бынмæ, фæ лæ йæ худæ н хауынæ й тас нæ уыд: сæ рыл фидар хæ цыд. Йæ сæ рыхъуынтæ уыдысты аив фаст. Йæ къæ хтæ дæ р, зæ ххыл куыд цыд, сæ хи афтæ дардтой. Джейн, Майкл æ мæ фаззæ ттæ, сæ тымбылæ гтимæ уæ лдæ фы гæ ппытæ гæ нгæ, тахтысты Мэри Поппинсы фæ дыл.

— О! О! О! — хъæ р кодта Джейн, зæ ронд хъарман бæ ласы рæ зты фæ цæ йтæ хгæ йæ. — Цы рæ сугъд у!

— Цыма мæ хæ дæ г дæ р уæ лдæ ф дæ н, афтæ мæ м кæ сы! — загъта Майкл, фæ хсбандоныл йæ хи сцæ вгæ йæ æ мæ иуварс атæ хгæ йæ. — Уый æ цæ г тезгъо у, гъе!

— И-и-и-и! — схъиугæ йæ æ мæ кæ рæ дзийы къуырдтытæ гæ нгæ йæ, хъыллист кодтой фаззæ ттæ.

— Мæ фæ дыл тæ хут, курын уæ, æ мæ фæ сте ма зайут, — загъта Мэри Поппинс, йе уæ хсчы сæ рты мæ стыйæ ракæ сгæ йæ, раст цыма, уæ лдæ фы нæ тахтысты, фæ лæ зæ ххыл цыдысты, уый хуызæ н.

Йæ фæ йнæ фарс сусхъæ д бæ лæ стæ сагъд кæ мæ н уыд, уыцы къахвæ ндаджы райдайæ нмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д зæ ронд джентльмены баййæ фтой. Майкл фæ стæ мæ фæ каст æ мæ ныхъхъæ р кодта:

— Джейн! Кæ с-ма! Се ’ппæ тмæ дæ р тымбылæ гтæ ис!

Уый дæ р фæ стæ мæ фæ каст. Дардæ й йæ м разынд, тымбылæ гтыл уæ лдæ фы чи хъеллау кодта, ахæ м адæ мы къорд.

— Сæ лдæ гуæ йгæ нæ г дæ р семæ ис! — фæ хъæ р кодта чызг. Чысыл ма бахъæ уа, цавæ рдæ р цыртсурæ тыл йæ хи ма сцæ ва.

— Кæ с-ма, тохынасыгъдæ ггæ нæ г дæ р! Да-лæ, уыныс? Уый та мисс Ларк у!

Æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, кæ рдæ гæ й æ мбæ рзт зæ ххы гæ ппæ лы сæ рмæ уæ лдæ фы дзедзыкка кодта зонгæ адæ ймаг, зонгæ худ æ мæ æ рмкъухтимæ.

Йæ разæ й, сæ тымбылæ гты бæ ттæ нтыл сæ дæ ндæ гтæ й хæ цгæ йæ, тахтысты Эдуард æ мæ Варфоломей. Сæ хицæ й разы уæ вгæ йæ, æ ртæ йæ дæ р, бæ лæ сты бын цы къахвæ ндаг уыд, уый фæ сте фæ уадзгæ йæ, цыхцырæ джы фале фæ тар сты.

— Иууылдæ р уæ хи хæ рдмæ сисут! Фæ ндаг, хъуымыздзыхтæ! Фæ ндаг адмиралæ н! — райхъуыст зонгæ хъæ лæ с, æ мæ адмирал Бум йæ бинойнагимæ йæ дынджыр тымбылæ гыл аленк кодта сабиты рæ зты. Дымгæ кæ цæ й нæ кæ лы, уырдæ м здах! Афтæ -гъе! — хъæ лдзæ гæ й ныхъхъæ р кодта адмирал, бæ рзонд тулдз бæ ласы фæ рсты асыффытт кæ нгæ йæ.

Адæ м æ мæ тымбылæ гтæ сгуппар сты. Уæ лдæ фы сæ рибар бынат зын ссарæ н уыди, фæ лæ Мэри Поппинс фæ ндаг гæ рдынмæ арæ хст. Сабитæ сæ тых, сæ бонæ й архайдтой фæ сте нæ баззайыныл.

— Æ ллæ х! Мæ тымбылæ г нæ тæ хы! — Джейны рæ мбыныкъæ дзы бын райхъуыст кæ йдæ р тарст хъæ лæ с.

Фæ ндагыл, раджы кæ й дардтой, ахæ м уæ лæ дарæ сы лæ ууыди иу сылгоймаг. Йæ худыл уыди страусы сис, йе уæ хсчытыл — тинтычъи хъуырбæ ттæ н. Йæ къæ хты цур æ нцъылдтæ й лæ ууыди сиренхуыз тымбылæ г. Сызгъæ рин дамгъæ тæ й йыл уыди «Премьер-министр» фыст.

— Цы кæ нон? — йæ кæ уын тыххæ й уромгæ йæ, загъта уый. — Мидæ мæ бацæ уæ ны мын зæ ронд ус бæ ргæ дзырдта, равзар, æ рмæ ст тагъд ма кæ н, мæ бæ дул, зæ гъгæ. Равзæ рстон, æ мæ мын кæ йдæ р тымбылæ г разынд! Æ з цæ й премьер-министр дæ н?!

— Бахатыр кæ н, уый æ з дæ н! — загъта, зонтыкк йæ къухы, афтæ мæ й йæ размæ цы бæ рзонд, хæ рзарæ зт лæ г бацыд, уый.

Сылгоймаг æ м йе ’ргом раздæ хта:

— Уæ дæ уый дæ у тымбылæ г у! Мæ нон та, æ вæ ццæ гæ н, дæ умæ ис!

Премьер-министр æ м равдыста йæ тымбылæ г. Фыст ыл уыдис: «Леди Мюриель Брайтон-Джонс».

— Раст зæ гъыс! Баивæ м сæ! — фæ хъæ р кодта сылгоймаг æ мæ премьер-министры тымбылæ гмæ фæ лæ бурдта, йæ хион та уымæ н радта.

Дыууæ йæ дæ р уæ лдæ фмæ сæ хи систой æ мæ, бæ лæ сты ’хсæ нты тæ хгæ йæ, ныхæ стыл фесты.

Джейн æ мæ Майклы рæ зты куы фæ цæ йтахтысты, уæ д леди Мюриель бафарста:

— Бинонтæ дын ис?

— Нæ й! — дзуапп радта премьер-министр. — Мæ н аккаг сылгоймагыл нæ ма фæ хæ ст дæ н. Æ гæ р зæ ронд дæ р мæ нæ хъæ уы, æ гæ р æ рыгон дæ р. Стæ й æ нæ мæ нг хъуамæ хъæ лдзæ г уа. Мæ хæ дæ г тынг æ гъдауджын дæ н.

— Æ з дын, цымæ, нæ бабæ ззин? — бафарста йæ леди Мюриель Брайтон-Джонсон. — Æ з тынг пырпыргæ наг дæ н, худæ джы дзæ къул кæ мæ й фæ зæ гъынц, ахæ м.

— Уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, æ з кæ й агурын, ахæ м дæ, — загъта премьер-министр æ мæ, кæ рæ дзийы къухтыл хæ цгæ йæ, уæ лдæ фон тымбылæ гты æ хсæ н æ рбайсæ фтысты.

Уæ лдæ фон тымбылæ гтæ уыдысты тынг бирæ. Джейн æ мæ Майкл Мэри Поппинсы фæ стæ тахтысты æ мæ -иу сæ хи куы кæ уыл скъуырдтой, куы — кæ уыл. Тымбылæ гтæ иууылдæ р зæ ронд усæ й æ лхæ д уыдысты æ мæ сæ парчы сæ рмæ уæ лдæ ф бæ з-бæ з кодта. Мæ нæ кæ цæ йдæ р æ рбатахт æ рвхуызцъæ х æ фсæ ддон уæ лæ дарæ сы бæ рзонд, даргърихиджын нæ лгоймаг. Йæ сæ рыл уыди згъæ р худ. Йæ тымбылæ гыл фыст: «Пъæ лицæ йы инспектор». «Лорд-мэр», зæ гъгæ, цы тымбылæ гыл фыст уыди, уый йæ фæ дыл ласта, тымбылæ джы æ нгæ с чи уыд, ахæ м тыппыртæ лæ джы. Уыдис ыл даргъ сырх пæ лæ з, йæ хъуырыл та — дынджыр æ рхуы рæ хыс.

— Рæ вдздæ р кæ нут, уæ хорзæ хæ й! Æ мбырдтæ ма кæ нут. Æ гъдау уæ мачи халæ д! Уæ бырæ ттæ бырондонмæ калут!

Хъахъхъæ нæ джы гыццыл тымбылæ гыл уыд ахæ м фыст: «Ф. Смит». Уый адæ мы ’хсæ н йæ хицæ н фæ ндаг лæ гæ рста æ мæ, йæ иугæ ндзон ныхæ стæ фæ лхат кæ нынæ й нæ фæ ллайгæ йæ, дзырдта:

— Куыйтимæ æ нæ бæ ттæ нтæ й цæ уæ н нæ й! Тамако ма дымут! Иу ранмæ ма ’мбырд кæ нут! Æ гъдау уæ мачи халæ д!

Майкл, Джейны цурмæ батæ хгæ йæ, бафарста:

— Мэри Поппинс кæ м и?

— Уартæ! Уыныс æ й? — тæ ккæ стырдæ р тымбылæ г кæ й фæ цæ йхаста, уымæ ацамонгæ йæ, загъта Джейн.

— Тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц, мæ бæ дултæ! — сæ чъылдыммæ райхъуыст кæ йдæ р хъæ лæ с.

Дыууæ йæ дæ р фæ стæ мæ фæ кастысты æ мæ ауыдтой зæ ронд усы.

Уымæ иу тымбылæ г дæ р нал уыд. Афтæ тахти, цыма йæ, цæ стæ й фенæ н кæ мæ н нæ уыди, фондзыссæ дз ахæ м уæ лдæ фон тымбылæ джы хастой.

— Иууылдæ р сæ ауæ й кодтон! — сдзырдта уый, сабиты рæ зты фæ цæ йтæ хгæ йæ. — Тымбылæ г дзы алкæ мæ дæ р æ рхауд. Иууылдæ р хъавгæ йæ æ взæ рстой. Тагъд дзы ничи кодта. Тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц. Æ мæ мæ м дзы иу дæ р нал баззад!

Зæ ронд ус, йæ лыстæ г æ хцатæ й хъазгæ йæ, дзæ гъдзæ гъгæ нгæ сæ рæ зты куы асыффытт ласта, уæ д сæ цымыдисдзинадæ н кæ рон нал уыд. Лорд-мэр, премьер-министр æ мæ бирæ, тынг бирæ ты йæ фæ стæ куыд уагъта, уымæ кастысты, цалынмæ йæ цæ ст уыдта, уæ дмæ.

Фæ стаг хатт ма сæ м æ рбайхъуыстысты йæ ныхæ стæ: «Тымбылæ гтæ дæ р алыхуызæ ттæ вæ ййынц, мæ бæ дултæ! »

Æ вддæ сæ м номыр хæ дзары кулдуар уыди гом. Гом уыди бахизæ н дуар дæ р. Мэри Поппинс фатау уатмæ бахизæ ны смидæ г æ мæ асинты сæ р балæ ууыд. Сабитæ кæ рæ дзийы къуырдтытæ гæ нгæ йæ фæ дыл батахтысты. Сæ хуыссæ н уаты хъæ рахстгæ нгæ æ рфистæ г сты. Мэри Поппинс аивæ й йæ хи ныллæ г æ руагъта æ мæ æ нæ уынæ рæ й астæ рдыл æ рæ нцад.

— Цы диссаджы бон арвыстон! Аргъæ утты дзуринаг! — загъта Джейн æ мæ Мэри Поппинсæ н хъæ быстæ кæ нынмæ фæ ци.

— Уый афтæ у, фæ лæ -ма дæ химæ бакæ с! Дæ дзыккутæ ныффас, дæ хорзæ хæ й! Тæ рсынгæ нæ н быдыргътæ й ме сæ фт уынын! — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта Мэри Поппинс.

— Ныртæ ккæ мæ химæ уæ лдæ фон тымбылæ джы хуызæ н кæ сын! — хъæ лдзæ гæ й фæ хъæ р кодта Майкл. — Цыма бумбули æ мæ бæ мбæ гæ й конд дæ н! Зæ ды хуызæ н!

— Тохынасыгъдæ ггæ нæ джы хуызæ н! — сбустæ йыл кодта Мэри Поппинс. — Ацу æ мæ дæ хи ныхс!

Æ хсад æ мæ сæ сæ ртæ фастæ й куы ’рбаздæ хтысты, уæ д цыппар уæ лдæ фон тымбылæ джы дæ р уаты цары сæ фæ ллад уагътой: Майклы бур тымбылæ г, Джейны — æ рвхуызцъæ х, фаззæ тты — сиренхуыз æ мæ Мэри Поппинсы сырх тымбылæ г. Тымбылæ гты бостæ аив баст уыдысты, пецы фарсмæ цы къæ ндзы уыди, уымæ. Иу дæ р дзы не змæ лыди. Афтæ зынди, цыма фынæ й кодтой.

— Диссæ гтæ! — йæ хицæ н дзурæ гау бакодта Майкл.

— Диссаг дæ м цы кæ сы? — цы балхæ дта, уыдон æ взаргæ йæ, бафарста Мэри Поппинс.

— Цымæ демæ куы нæ уыдаиккам, уæ д ацы хабæ рттæ æ рцыдаиккой?

Мэри Поппинс æ м æ лхынцъæ рфыгæ й бакаст æ мæ æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта:

— Цымæ, дæ умæ цы нæ хауы, уыдæ ттæ й рафæ рс-бафæ рс кæ нын кæ д ныууадздзынæ?

Майклæ н дарддæ р йæ бон дзурын ницыуал баци.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.