Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆХСÆЗÆМ СÆР. МИССИС КОРРИ



— Дыууæ фунты мын хатгæ абар — æ ппæ ты хуыздæ р чи у, уыцы хатгæ йæ, — загъта Мэри Поппинс. — Æ рмæ ст, куыд гæ нæ н ис, афтæ рæ вдздæ р. Тагъд кæ нæ м.

Дзидзауæ йгæ нæ гыл — стæ вдтæ, хæ ларзæ рдæ адæ ймагыл — уыди урсцъæ ххъулон раздарæ н. Уый канд ставд нæ уыди, фæ лæ ма уыди бæ рзонд дæ р. Йæ бур сæ рыхъуынтимæ йæ хæ дæ г дæ р уыди стыр хатгæ йы хуызæ н. Тæ рхæ гмæ æ ргуыбыр кодта æ мæ цымыдисæ й касти Мэри Поппинсмæ. Стæ й йæ мидбылты бахудгæ йæ, Джейн æ мæ Майклмæ йæ цæ ст фæ ныкъуылдта.

— Тагъд кæ нут, зæ гъгæ, загътай? Æ вгъайуаг. Æ з та ма демæ цæ уылдæ рты аныхас кæ нынмæ хъавыдтæ н. Дзидзауæ йгæ нджытæ н иунæ гæ й æ нкъард вæ ййы. Дæ у хуызæ н æ рыгон рæ сугъд сылгоймагимæ нын стæ м хатт вæ ййы аныхас кæ ныны фадат... Дзидзауæ йгæ нæ г Мэри Поппинсы цæ сгоммæ куы фæ комкоммæ, уæ д йæ ныхас фæ урæ дта. Сылгоймаджы цæ стæ нгас ахæ м æ нæ уынондзинад æ вдыста, æ мæ уæ йгæ нæ джы бафæ ндыд, йæ бынмæ, кæ м ныххауа, ахæ м уæ рм куы фестадаид æ мæ уым куы фæ тар уыдаид. — Æ мæ кæ д æ цæ г тагъд кæ нут, ноджы тынгдæ р фæ сырх уæ вгæ йæ, æ рæ джиау сдзырдта уæ йгæ нæ г, уæ д цы гæ нæ н ис. Дыууæ фунты, загътай? Тæ ккæ хуыздæ рæ й? Табуафси.

Æ мæ, царæ й тæ рхæ джы онг цы тахынæ джы хæ лттæ уыд, уыдонæ й иуыл фæ хæ цыд, метры æ рдæ джы бæ рц дзы ралыг кодта, батыхта йæ, раздæ р урс, стæ й та морæ гæ ххæ тты æ мæ йæ Мэри Поппинсмæ хæ стæ гдæ р басхойæ гау кодта.

— Æ ндæ р ма цы дæ зæ рдæ зæ гъы? — бафарста йæ хъавгæ йæ, æ мæ та йæ цæ сгом фæ сырх.

— Æ ндæ р ницыуал! — бустæ хуызæ й дзуапп радта Мэри Поппинс.

Тыхтон райста, уæ рдоны йæ баппæ рста æ мæ фæ цæ уæ г. Дзидзауæ йгæ нæ г дызæ рдыг нал кодта, сылгоймаг æ м тынг кæ й фæ хæ рам, ууыл.

Мэри Поппинс, кæ сæ н кæ м уыд, уыцы рудзынджы кæ сæ ны йæ ног туфлитæ м куы фæ комкоммæ, уæ д йæ зæ рдæ мæ хуры тынтæ ныккаст, уымæ н æ мæ йæ къахыдарæ с æ цæ гæ йдæ р тынг аив уыди. Джейн æ мæ Майкл, йæ фæ дыл гурæ й-гурмæ цæ угæ йæ, æ нхъæ лмæ кастысты, Мэрийы æ лхæ нинæ гты номхыгъд кæ д фæ уыдзæ н, уымæ, фæ лæ йæ цæ сгом афтæ тызмæ гхуыз уыди, æ мæ йæ фæ рсын нæ бауæ ндыдысты.

Мэри Поппинс фæ стæ мæ фæ каст, бæ рæ г уыд, цыдæ р йæ зæ рды кæ й æ рæ фтыд. Æ васт бардзырд дæ ттæ гау сдзырдта:

— Кæ сæ гты дукани!

Æ мæ уæ рдон сыхаг дуканийы цурмæ батылдта.

— Иу камбалæ, фунт æ мæ æ рдæ г палтус, креветкæ тæ, омартæ та иу пинтæ, — тагъд-тагъд ранымадта Мэри. Уыимæ афтæ тагъд, æ мæ йæ ныхæ стæ æ нахуыр адæ ймаг зынæ й бамбæ рстаид.

Кæ сæ гтæ уæ йгæ нæ г дæ р дзидзауæ йгæ нæ джы хуызæ н уыди бæ рзонд, фæ лæ тынг къæ схуыр. Стæ й йын ахæ м æ нкъард хуыз уыди, æ мæ адæ ймагмæ афтæ каст, цыма йæ кæ уынæ й чысыл раздæ р банцад, кæ нæ та чысыл фæ стæ дæ р йæ цæ ссыгтæ фемæ хсдзысты.

«Æ вæ ццæ гæ н ыл гыццылæ й стыр бæ ллæ х æ рцыд», — ахъуыды кодта Джейн. Майклмæ та афтæ фæ каст, цыма йæ чысылæ й æ рмæ ст дон æ мæ кæ рдзынæ й хастой æ мæ дзы йæ кæ ддæ ры мæ гуыр бонтæ иу уысм дæ р рох не сты.

— Æ ндæ р ма дæ исты хъæ уы? — бафарста йæ уæ йгæ нæ г, кæ д, æ ндæ р кæ й ницыуал балхæ ндзæ н, уый æ мбæ рста, уæ ддæ р.

— Æ ндæ р истытæ та æ ндæ р хатт, — дзуапп радта Мэри Поппинс.

Уæ йгæ нæ г æ нкъардæ й йæ сæ р батылдта, ома мын дæ дзуапп æ хсызгон нæ у, фæ лæ цы мæ бон у.

Уæ йгæ нæ г ын йæ кæ сæ гтæ батыхта æ мæ сæ уæ рдоны æ рæ вæ рдта.

— Æ взæ р рæ стæ г скодта, — йæ цæ стытæ йæ къухæ й асæ рфгæ йæ, загъта уæ йгæ нæ г. — Тæ рсын, сæ рд æ ппындæ р куы нæ ралæ ууа, уымæ й. Цыма нæ м сæ рды хуызæ н сæ рд искуы вæ ййы, уый хуызæ н. Уæ вгæ, дæ уæ н дæ р дидинæ гæ фтауæ джы хуыз нæ й, — загъта уæ йгæ нæ г, Мэри Поппинсмæ бакæ сгæ йæ.

— Уый бæ сты дæ химæ куы бакæ сис! — мæ стджын хъæ р фæ кодта Мэри Поппинс æ мæ æ ддæ мæ фæ цæ уæ г. Йæ уæ рдон устрицæ ты боцкъайыл куыд сцавта, уый дæ р æ рæ джиау фембæ рста. Йæ туфлитæ м æ ркаст. — Æ мæ, дам, дын дидинæ гæ фтауæ джы хуыз нæ й! Цыма, дыгай цæ ппæ ртæ кæ уыл ис, ахæ м морæ туфлитæ бирæ тыл федта! Сæ рхъæ н ныхæ стæ!

Тротуармæ куы бахызт, уæ д фæ лæ ууыд, йе ’лхæ нинæ гты номхыгъдмæ æ ркаст, æ мæ цы балхæ дта, уыдон хахгæ нгæ цыди.

Майкл фыццаг æ рæ нцой кодта йæ иу къахыл, стæ й та — йæ иннæ уыл.

— Мэри Поппинс, нæ химæ никуыуал ацæ удзыстæ м? — тæ ргайхуызæ й бафарста уый.

Мэри Поппинс æ м разылд. Йæ цæ стæ нгасыл бæ рæ г уыд, фарст йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ фæ цыд, æ мæ йын радта цыбыр дзуапп:

— Уый фенгæ йæ бæ рæ г уыдзæ н.

Йæ номхыгъд арæ хстгай батыхта æ мæ йæ йæ дзыппы бафснайдта.

Майкл, кæ й йæ бафарста, ууыл фæ фæ смон кодта.

— Кæ д дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы, уæ д дæ хæ дзармæ цæ уынæ й бар ис, — дзырдта дарддæ р æ нæ рвæ ссонхуызæ й сылгоймаг, — мах цæ уæ м пряниктæ æ лхæ нынмæ!

Майклы цæ сгом фæ тар. Йæ дзыхыл кæ й нæ фæ хæ цыд, уый тыххæ й йæ химæ ноджы тынгдæ р смæ сты. Æ лхæ нинæ гты номхыгъд пряниктыл кæ й фæ уыдзæ н, уый куы зыдтаид, уæ д иу ныхас дæ р не скодтаид.

— Дæ у мæ нæ ацырдæ м цæ уын хъæ уы, — æ цæ гæ лон хъæ лæ сæ й бафиппайдта Мэри Поппинс æ мæ йын Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы ’рдæ м ацамыдта. — Æ рмæ ст, хъусыс, ма фæ дзæ гъæ л у.

— Нæ, нæ, Мэри Поппинс, раст мæ нæ бамбæ рстай. Æ з... афтæ æ нæ уи загътон! — кæ уын хъæ лæ сæ й лæ гъстæ мæ фæ ци Майкл.

— Мэри Поппинс, рауадз æ й махимæ, — йæ фарс рахæ цыд Джейн.

— Уæ рдон æ з ласдзынæ н. Æ рмæ ст æ й махимæ рауадз!

Мэри Поппинс ныффутт кодта.

— Абон майрæ мбон куы нæ уаид, — тызмæ гхуызæ й загъта Майклæ н, уæ д дæ ныртæ ккæ йы уысмыл нæ химæ арвитин. Бамбæ рстай? Ныртæ ккæ йы уысмыл!

Æ мæ, фаззæ ттæ æ мæ æ лхæ д хæ ринæ гтæ кæ м уыдысты, уыцы уæ рдон йæ бынатæ й фесхуыста. Джейн æ мæ Майкл бамбæ рстой, Мэри Поппинсы маст кæ й æ рцыд, уый æ мæ йæ фæ дыл араст сты. Æ рмæ ст дзы иу дæ р нæ бамбæ рста, «ныртæ ккæ йы уысм» цы у, уый æ мæ сæ хинымæ р ууыл хъуыдытыл фесты. Æ васт Джейн фембæ рста, æ ндæ рæ рдæ м кæ й цæ уынц, уый æ мæ сдзырдта:

— Мэри Поппинс, афтæ куы загътай, пряниктæ æ лхæ нынмæ цæ уæ м, зæ гъгæ, æ мæ адджинæ гты дукани иннæ рдыгæ й куы ис.

Мэри Поппинс æ м зулмæ бакаст.

— Æ лхæ нын кæ мæ н баргонд у — дæ уæ н æ ви мæ нæ н? — бафарста йæ уый.

— Дæ уæ н, — тæ ригъæ ддаг хъæ лæ сæ й дзуапп радта Джейн.

— Æ цæ г зæ гъыс? Æ з та фенхъæ лдтон — дæ уæ н! — æ мæ æ нæ рвæ ссон худт бакодта.

Мэри Поппинс уæ рдон фесхуыста, уый йæ мидбынаты разылд æ мæ æ васт фæ лæ ууыд. Джейн æ мæ Майкл дæ р æ рлæ ууыдысты. Сæ размæ фегуырд æ нахуыр адджинæ гты дукани.

Сабитæ ахæ м гыццыл æ мæ чъизи дукани никуыма федтой.

Рудзгуытыл ауыгъд уыдис хурсыгъд гæ ххæ тты уадздзæ гтæ. Тæ рхæ джытыл — адджинæ гты зæ ронд къоппытæ, рыг кæ уыл æ рбадт, ахæ м печенитæ, æ мпылдтæ фæ ткъуытæ. Дыууæ рудзынджы астæ у уыдис тынг нарæ г, талынг бацæ уæ н. Мэри Поппинс уæ рдон уырдæ м батылдта. Джейн æ мæ Майкл дæ р йæ фæ дыл бацыдысты.

Дуканигонды уыди æ рдæ гталынг. Сабитæ бафиппайдтой, йе ’ртæ къулыл кæ й уыди авгæ й тæ рхæ джытæ. Тæ рхæ джыты бын уыдис пряниктæ. Алы пряникыл дæ р — сызгъæ рин доны тылд стъалы. Стъалытæ афтæ бирæ уыдысты, æ мæ адæ ймагмæ афтæ каст, цыма агъуыст уыдоны æ рттывдæ й рухс уыди.

Джейн æ мæ Майкл ракæ с-бакæ с систой, уæ йгæ нæ г кæ м ис, уый фенын æ нхъæ лæ й. Фæ лæ Мэри Поппинс, «Фанни! Анни! кæ м стут», зæ гъгæ, куы фæ хъæ р кодта, уæ д сæ дисæ н кæ рон нал уыд.

Куыддæ р уыцы дзырдтæ райхъуыстысты, афтæ зæ ххы бынæ й февзæ рæ гау Мэри Поппинсы цур алæ ууыдысты дыууæ дынджыр сылгоймаджы. Уыдон тæ рхæ джы сæ рты рагуыбыр кодтой, Мэри Поппинсы къух райстой, сæ бæ зджын хъæ лæ стæ й сабитæ н бонхорз дæ р загътой.

— Дæ бон хорз, мисс... — Майкл иучысыл хъусæ й алæ ууыд, уымæ н æ мæ нæ зыдта, чи дзы кæ цы у, уый. — Куыдтæ цæ рыс?

— Мæ ном хуыйны Фанни, — загъта сылгоймæ гтæ й иу. — Æ ндыснæ г мæ тынг хъыгдары. Бузныг, ме ’нæ низдзинадæ й мæ кæ й бафарстай, уый тыххæ й.

Сылгоймаг дзырдта æ нкъард хъæ лæ сæ й, хъавгæ. Бæ рæ г уыд, ахæ м уæ здан ныхасгæ нджытимæ арæ х кæ й не ’мбæ лы.

— Диссаджы хорз рæ стæ г скодта, — фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й ныхас кæ нын райдыдта Джейн иннæ хоимæ.

— Æ з та дæ н Анни, — тæ ригъæ ддаг хъæ лæ сæ й фехъусын кодта уый. — Æ ргом дын куы зæ гъон, уæ д бонæ й æ ппæ лын хъæ уы изæ рæ й, — бафтыдта ма йæ ныхасмæ уый.

Джейн æ мæ Майклмæ хоты ныхæ стæ цыдæ р æ нахуыр фæ кастысты, фæ лæ сæ дис кæ ныны рæ стæ г бирæ нæ ахаста, уымæ н æ мæ мисс Фанни æ мæ мисс Анни сæ дынджыр къухтæ уæ рдонмæ байвæ зтой æ мæ фаззæ тты къухтæ исынмæ фесты.

Фаззæ ттæ сæ дис кæ уынæ й равдыстой.

— Нæ -нæ -нæ! Цы уыд? Цы уыд? Чи уæ бахъыгдардта?

Кæ цæ йдæ р, дуканигонды рæ бынæ й райхъуыст хъыллисты хуызæ н хъæ лæ с. Анни æ мæ Фанни æ нæ уи дæ р æ нкъард уыдысты, фæ лæ уыцы хъæ лæ с айхъусгæ йæ, сæ цæ сгæ мттæ ноджы фæ тардæ р сты. Уыдис сын тынг тарст хуыз. Цæ мæ дæ р гæ сгæ Майкл æ мæ Джейнмæ афтæ фæ каст, цыма дыууæ уæ йыг сылгоймаджы, куыд никæ мæ уал зындаиккой, ахæ м гыццыл сабитæ куы фестадаиккой, уый сæ тынг фæ ндыди.

— Уый цытæ хъусын? — хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кодта хъыллисты хуызæ н хъæ лæ с.

Уалынмæ къуымæ й разындис хъæ лæ сы хицау йæ хæ дæ г. Уый уыдис, зæ ххæ й уæ лæ мæ тыххæ й чи зындис, ахæ м тæ нтъихæ г, къæ схуыр, тæ ссонд, тынг зæ ронд ус. Уыдис ын уымæ л урс дзыккутæ, æ нцъылдтæ, хус цæ сгом æ мæ къæ цæ лы хуызæ н къæ хтæ. «Æ вæ ццæ гæ н, йæ хицæ й зæ ронддæ р адæ ймаг зын ссарæ н у», — ахъуыды кодтой Джейн æ мæ Майкл. Фæ лæ диссаг цы уыди: сæ размæ рацыди, йæ мидбылты худгæ йæ, æ взонг чызгау — цæ рдæ гæ й.

— Диссæ гтæ æ мæ æ мбисæ ндтæ! Кæ д мæ мæ цæ стытæ нæ сайынц, уæ д уынын Мэри Поппинс Джон æ мæ Барбарæ Бэнксимæ. Джейн æ мæ Майкл дæ р ам сты? Ахæ м дзы æ хсызгон фембæ лд нæ ма уыд! Ард уын хæ рын: Христофор Колумб Америк куы байгом кодта, уæ дæ й нырмæ ахæ м æ хсызгондзинад никуыма райстон! Цæ мæ йфæ нды дæ р мæ бон расомы кæ нын у!

Зæ ронд ус, мидбылты худгæ, йæ лыстæ г къæ хтæ й æ ркафыди, стæ й уæ рдонмæ бауади æ мæ, фаззæ ттæ йæ куыд уыной, афтæ йæ амонæ н æ нгуылдзтæ й йæ сæ рмæ сыкъатæ ацарæ зта. Джон æ мæ Барби æ васт сæ кæ уынæ й фенцадысты, сæ мидбылты худын байдыдтой.

— Афтæ хуыздæ р у, — загъта зæ ронд ус, йæ мидбылты худгæ йæ.

Стæ й акодта æ нахуыр диссаджы ми.

Йæ дыууæ æ нгуылдзы расаста æ мæ сæ Джон æ мæ Барбимæ радта.

Уымæ й ноджы диссагдæ р та уыди, йе ’нгуылдзты бынаты ногтæ кæ й февзæ рди.

Джейн æ мæ Майкл сæ цæ стытыл нæ баууæ ндыдысты.

— Уый хуымæ тæ джы сæ кæ р у, ницы сæ бахъыгдардзæ н, бамбарын кодта зæ ронд ус.

— Миссис Корри, ды сын цыфæ нды куы раттай, уæ ддæ р сын пайда йеддæ мæ зиан не ’рхæ сдзæ н, — фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й сдзырдта Мэри Поппинс.

— Уыдоны бæ сты къафеттæ хуыздæ р уыдаид, — æ нæ сдзургæ нал фæ лæ ууыд Майкл.

— Иуæ й-иу хатт афтæ дæ р рауайы! — фæ уæ лахизуæ вæ джы хъæ лæ сæ й загъта зæ ронд ус. — Тынг хæ рзад сты. Æ хсæ в мæ хуыссæ г куынæ уал фæ ахсы, уæ д сæ мæ хæ дæ г дæ р арæ х фæ цъирын. Ахсæ ны куыстæ н дæ р пайда сты.

— Иннæ хатт та цы уыдзысты? — миссис Коррийы æ нгуылдзтæ м цымыдисæ й кæ сгæ йæ, бафарста Джейн.

— Уый дзы ис, уый! — загъта миссис Корри. — Йæ диссаг дæ р уый мидæ г ис. Цы фестдзысты, уый æ з развæ лгъау мæ хæ дæ г дæ р нæ фæ зонын.

— Ды, æ вæ ццæ гæ н, тынг зæ ронд дæ, — загъта Джейн æ мæ хæ лæ ггæ нæ джы улæ фт ныккодта. Тынг æ й фæ ндыди, миссис Коррийы хуызæ н бирæ куы фæ цæ рид æ мæ бирæ цыдæ ртæ куы фенид.

Миссис Корри йæ урс сæ р фæ хъил кодта æ мæ худæ гæ й бакъæ цæ л.

— Зæ ронд! — загъта æ ппынфæ стаг уый. — Мæ фыды мадимæ абаргæ йæ, æ з дæ н сырддонцъиуы лæ ппын. Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д дын уый æ цæ г зæ ронд сылгоймаг. Фæ лæ æ з дæ р царды цыдæ ртæ федтон. Ацы дуне куыд равзæ рд, уый дæ р ма хъуыды кæ нын. Уыцы рæ стæ г æ з бынтон чысыл чызг нал уыдтæ н. Бæ стæ æ ддæ г-мидæ г куыд ауад, уый ныхæ стæ й радзурын зын у.

Зæ ронд ус æ васт йæ дзурынæ й фенцад æ мæ сывæ ллæ ттæ м бакаст.

— Нæ фæ лæ ’мæ ныхæ стыл куыд фæ дæ н. Иу æ рхъуыдыгæ нæ г дæ р уæ кæ й нæ й, уый мæ куыд æ рбайрох. Мæ нмæ гæ сгæ, мæ ахсджиаг, сымах æ рбацыдыстут пряниктæ ’лхæ нынмæ, — загъта зæ ронд ус æ мæ Мэри Поппинсмæ бакаст.

— Æ нæ мæ нг афтæ, миссис Корри, — уæ зданхуызæ й дзуапп радта Мэри Поппинс.

— Иттæ г хорз! Фанни æ мæ уын Анни уæ курдиат сæ ххæ ст кодтой?

Уыцы ныхæ стæ дзургæ йæ, Джейн æ мæ Майклмæ бакаст.

Джейн йæ сæ р дыууæ рдæ м батылдта.

Тæ рхæ джы фале райхъуыстысты æ нæ ныфс хъæ лæ стæ.

— Нæ ма, гыцци, — æ рхæ ц-æ рхæ цгæ нгæ сдзырдта мисс Фанни.

— Ныртæ ккæ уыдон кой кæ нын райдайын нæ зæ рды уыд, — тарст ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта мисс Анни.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, миссис Корри æ васт йæ астæ у араст кодта æ мæ йæ тызмæ г цæ стытæ фæ царæ зта йæ уæ йыгæ нгæ с чызджытæ м. Уый фæ стæ фæ лмæ н, фæ лæ тасæ фтауæ г хъæ лæ сæ й загъта:

— Уыдон кой кæ нын райдайын уæ зæ рды уыд, зæ гъыс? Ничи сæ м хъусы?! Бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ уын мæ пряниктæ уарыны бар чи радта?

— Ничи, гыцци! Стæ й сæ æ з уаргæ дæ р куы нæ бакодтон. Æ з афтæ æ рмæ стдæ р хъуыды акодтон.

— Уый æ рмæ стдæ р хъуыды акодта! Мæ зæ рдæ мын цæ мæ й балхæ нынмæ хъавы! Ардыгæ й фæ стæ мæ афтæ хъуыды дæ р макуыуал акæ н. Хъуыды кæ нын куы хъæ уа, уæ д мæ химæ уыйбæ рц зонд разындзæ н, — загъта миссис Корри уыцы маргæ йдзаг хъæ лæ сæ й æ мæ худæ гæ й бакъæ цæ л: — Кæ сут-ма йæ м, кæ сут! Йæ сæ ккатæ уадзынмæ та куыд фæ ци! — æ мæ йæ зылын æ нгуылдзæ й йæ чызгмæ ацамыдта.

Джейн æ мæ Майкл уыцырдæ м акастысты æ мæ федтой, ставд цæ ссыг уæ йыг чызджы русыл куыд æ рцæ йтылд, уый. Сывæ ллæ ттæ ницы сдзырдтой. Фæ лæ, куыддæ р зæ ронд ус иннæ рдæ м азылд, афтæ Джейн Аннийæ н æ нæ дзургæ йæ йæ къухмæ рзæ н балæ вæ рдта. Ставд цæ ссыг къухмæ рзæ н æ нæ хъæ нæ й дæ р ныххуылыдз кодта. Мисс Анни йæ ныллæ мæ рста, Джейнæ н цæ стæ нгасæ й арфæ ракодта æ мæ йын йæ къухмæ рзæ н фæ стæ мæ радта.

— Фанни, ды дæ р хъуыды кодтай? — бафарста зæ ронд ус.

— Нæ -а, гыцци, — тæ рсгæ -ризгæ йæ дзуапп радта мисс Фанни.

— Æ гайтма нæ хъуыды кодтай. Уæ дæ асыкк байгом кæ н!

Йæ къухтæ фыртæ ссæ й зыр-зыр кодтой, афтæ мæ й мисс Фанни авджын тæ рхæ джытæ й иуы асыкк гом кæ нынмæ фæ ци.

— Табуафси, мæ зæ рдиæ гтæ, — сдзырдта миссис Корри Джейн æ мæ Майклмæ.

Йæ мидбылты худгæ йæ, ахæ м фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й дзырдта, æ мæ сывæ ллæ ттæ сæ хицæ й фефсæ рмы сты, тæ рсгæ дзы кæ й кодтой, уый тыххæ й. «Цыфæ ндыйæ дæ р йæ зæ рдæ æ взæ р нæ у», — сæ хинымæ р ахъуыды кодтой уыдон.

— Цæ мæ ма кæ сут, мæ дзибатæ, уæ нæ мгуытæ цæ уылнæ уидзут? Абон уæ лдай адджындæ р сты. Куыд сæ кæ нын хъæ уы, уый мын цытджын Альфред бацамыдта. Пряниктæ кæ нынмæ уымæ й хуыздæ р ничи арæ хст. Раст зæ гъгæ йæ йын иу хатт басыгъдысты. Цас уæ хъæ уы?

Джейн æ мæ Майкл, цыма сын исчи бардзырд радта, уый хуызæ н Мэри Поппинсмæ æ мкаст бакодтой.

— Нæ алкæ мæ н дæ р фæ йнæ цыппары, — загъта уый. — Æ дæ ппæ т дыууадæ с.

— Дыууадæ с уæ д дыууадæ с! Уый амондджын нымæ ц у.

Сывæ ллæ ттæ й алкæ мæ дæ р уыди хъæ бысыдзаг дынджыр пряниктæ. Алкæ цыйыл дæ р дзы æ ртывдтытæ калдта сызгъæ рин доны тылд стъалы. Майкл нал фæ лæ ууыд æ мæ дзы иу пряничы тигъæ й ацахуыста.

— Хæ рзад нæ у? — бафарста йæ лыстæ г хъæ лæ сæ й миссис Корри.

Майкл йæ сæ р разыйы тылд куы бакодта, уæ д зæ ронд йæ къабайы фæ дджитыл схæ цыд æ мæ фырцинæ й кафынмæ фæ ци.

— Ура! Тынг хорз! Ура! Ура! — хъæ р кодта йæ хъæ лæ сыдзаг. Цалдæ р зылды куы ’ркодта, уæ д æ рлæ ууыд æ мæ, æ васт фæ тызмæ гхуыз уæ вгæ йæ, сдзырдта:

— Рох уæ ма уæ д, æ з мæ пряниктæ лæ вар кæ й нæ дæ ттын, уый. Æ хцатæ -ма ардæ м æ рбагæ лдзут. Уæ алкæ мæ й дæ р фæ йнæ æ ртæ пенсы!

Мэри Поппинс йе ’хцадонæ й æ ртыгай пенстæ æ ртæ систа. Фæ йнæ дзы радта Джейн æ мæ Майклмæ.

— Цæ мæ ма кæ сут? — загъта миссис Корри. — Мæ къабайыл сæ баныхасут. Афтæ ’мбæ лы.

Сывæ ллæ ттæ нырма ныр бафиппайдтой, зæ ронд усы сау къаба æ ртыгай пенс æ хцатæ й кæ й нæ зынди.

— Ныфсджындæ рæ й æ вналут, ацы ран æ фсæ рмы кæ нын нæ хъæ уы, — сфæ лхат кодта зæ ронд ус йæ ныхæ стæ æ мæ фырæ хсызгонæ й йæ армытъæ пæ нтæ æ ууæ рдынмæ фæ ци. — Тæ рсгæ ма кæ нут, иу дæ р дзы не ’рхаудзæ н.

Мэри Поппинс размæ иу къахдзæ ф бакодта æ мæ згъæ р æ хца миссис Коррийы къабайы æ фцæ гготмæ балхъывта.

Æ хца къабайыл куы ныххæ цыд, уæ д Майкл æ мæ Джейны дисæ н кæ рон нал уыд.

Уыдон дæ р се ’хцатимæ миссис Коррийы цурмæ бацыдысты. Джейн æ й баныхæ ста къабайы рахиз уæ хскыл, Майкл та — галиуыл.

— Диссæ гтæ! — загъта Джейн.

— Уым диссагæ й ницы ис, — ныппыррыкк кодта миссис Корри, æ ндæ р диссæ гтимæ сæ куы абарай, уæ д. Фæ лæ уыдоны тыххæ й ницыма дзурæ м! — Æ мæ йæ цæ ст Мэри Поппинсмæ æ рныкъуылдта.

— Хъыгагæ н, миссис Корри, махæ н цæ уын афон у, — загъта Мэри Поппинс. — Сихор мæ æ рцæ ттæ кæ нын хъæ уы æ мæ хъуамæ нæ химæ афоныл уон. Кæ ннод уыцы миссис Бриллыл...

— Æ взæ р хæ ринаггæ нæ г у? — бафарста йæ миссис Корри.

— «Æ взæ р»! — былысчъилхуызæ й сфæ лхат кодта Мэри Поппинс. — Æ взæ р зæ гъын фаг нæ у!

— Ага! — миссис Корри, йе ’нгуылдз йæ ныхмæ бахæ сгæ йæ, уыцы зондджынхуызæ й бафиппайдта: — Цы дын зæ гъинаг уыдтæ н, миссис Мэри Поппинс, уый зоныс? Тынг æ хсызгон мын уыди, кæ й нæ бабæ рæ г кодтат, уый. Мæ нмæ гæ сгæ уыл мæ чызджытæ дæ р мæ нæ й къаддæ р нæ бацин кодтой, — æ мæ йæ цæ стæ нгас аздæ хта йæ уæ йыг, фæ лæ æ нкъард чызджытæ м. — Мæ зæ рдæ дарын, тагъд та нæ кæ й абæ рæ г кæ ндзыстут, ууыл. Раст нæ зæ гъын? Æ рмæ ст уæ уый курæ г дæ н, æ мæ фæ ндагыл уæ пряниктæ бахъахъхъæ нут. Бамбæ рстат?

Сывæ ллæ ттæ сæ сæ ртæ разыйы тылд бакодтой.

Миссис Корри сæ м йæ хи хæ стæ гдæ р байста æ мæ сын, цыма ахсджиаг хабар хъусын кодта, уый хуызæ н загъта:

— Цы мæ базонын фæ нды, уый зонут: гæ ххæ ттын стъалытæ цы фæ кæ нын уæ зæ рды ис?

— Мах сæ æ мбырд кæ нæ м, — дзуапп радта Джейн.

— Æ мбырд сæ кæ нут, зæ гъыс? Æ мæ уын кæ цы ран вæ ййынц?

Кæ д миссис Коррийы цæ стытæ æ рдæ гцъынд уыдысты, уæ ддæ р гом цæ стытæ й хуыздæ р уыдтой.

— Зæ гъæ м, æ з сæ æ мбæ хсын къамоды уæ ллаг галиу асыччы, загъта Джейн.

— Æ з та, — загъта Майкл, — батинкæ ты къоппы, гардеробы бинаг хатæ ны.

— Къамоды уæ ллаг галиу асыкк æ мæ гардеробы бинаг хатæ ны батинкæ ты къоппы, — сфæ лхат кодта миссис Корри.

Стæ й, хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, бакаст Мэри Поппинсы цæ стытæ м æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Банхъæ лæ н уыдис, цыма цыдæ р сусæ гдзинады тыххæ й баныхас кодтой.

— Æ нæ мæ нг афтæ, — загъта, фæ хъæ лдзæ гдæ р уæ вгæ йæ, миссис Корри, — тынг диссаджы хабар мын фехъусын кодтат. Уе стъалытæ кæ й хъахъхъæ нут, уый мын афтæ æ хсызгон у, æ мæ куыд зæ гъон! Уый мæ нæ й никуыуал ферох уыдзæ н. Æ з алцыдæ р мæ зæ рдыл дарын, — суанг ма, алы дыккаг хуыцаубон Гай Фоксы фынгыл цы хæ ринæ гтæ уыд, уый дæ р мæ рох нæ у. Ныр та уал хæ рзбонтæ раут! Тагъд нæ м-иу фæ зынут. Бамбæ рстат, тагъд!

Миссис Коррийы хъæ лæ с сындæ гæ й-сындæ гдæ ргæ нгæ цыди. Джейн æ мæ Майкл тротуарыл куыд февзæ рдысты, уый зонгæ дæ р нæ бакодтой. Мэри Поппинсы фæ стæ цыдысты, уый та касти йе ’лхæ нинæ гты номхыгъдмæ.

Сывæ ллæ ттæ фæ стæ мæ фæ кастысты.

— Джейн! — дисхуызæ й загъта Майкл. — Дукани цыдæ р æ рбаци!

— Æ цæ гдæ р! — фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ, загъта Джейн.

Адджинæ гты дукани æ цæ г æ рбайсæ фт.

— Диссæ гтæ! — загъта Джейн.

— Ахæ м ма дзы царциаты диссаг уыдзæ н! — загъта Майкл. — Фæ лæ пряниктæ тынг адджын сты.

Сабитæ пряниктæ хæ рыныл фесты, æ мæ, цы диссæ гтæ федтой, уыдоныл хъуыды кæ ныныл нал уыдысты.

***

Фæ лæ боны диссæ гтæ æ рымысыдысты, уыцы ’хсæ в цырагъ куы ахуыссын кодтой æ мæ сывæ ллæ ттæ н адджын фынтæ уынын афон куы уыд, уæ д.

— Джейн, Джейн! — ныллæ г хъæ лæ сæ й йæ хомæ бадзырдта Майкл. — Чидæ р йæ къахфындзтыл асиныл схизы. Хъусыс?

— Тс-с! — сабыр æ й кæ ны Джейн. Уый дæ р кæ йдæ р къахдзæ фтæ айхъуыста.

Уалынмæ чидæ р дуар байгом кодта æ мæ уатмæ æ рбахызт.

Уый уыди Мэри Поппинс — пъалто æ мæ йыл уæ рæ хчъил худ.

Уый æ нæ уынæ рæ й тагъд-тагъд арæ хстгай уатыл æ рзылд.

Джейн æ мæ Майкл æ м æ нæ змæ лгæ йæ сæ цæ ст дардтой.

Мэри Поппинс къамоды цурмæ бацыд, асыкк байгом кодта æ мæ йæ æ васт фæ стæ мæ ахгæ дта. Уый фæ стæ йæ къахфындзтыл гардеробмæ бацыд, байгом æ й кодта, цыдæ р дзы нывæ рдта, кæ нæ дзы цыдæ р систа (сывæ ллæ ттæ, цы куыста, уый нæ раиртæ стой).

Гардеробы дуары чысыл уынæ р райхъуыст, æ мæ Мэри Поппинс уатæ й лидзæ гау ракодта.

Майкл йæ хуыссæ ны рабадт.

— Цы куыста? — бафарста Джейны.

— Нæ зонын. Кæ д дзы, мыййаг, йе ’рмкъухтæ ферох сты кæ нæ туфлитæ, кæ нæ та... — Джейн æ васт фæ хъус. — Хъус-ма, Майкл!

Бынæ й — чи зоны, дыргъдонæ й, хъуыстысты кæ йдæ р хъæ лæ стæ. Чидæ ртæ цыма цæ уылдæ р быцæ у кодтой.

Джейн йæ хуыссæ нæ й фæ гæ пп ласта æ мæ Майклмæ фæ дзырдта. Сывæ ллæ ттæ бæ гъæ ввадæ й рудзынгмæ базгъордтой æ мæ дыргъдонмæ ныккастысты.

Цæ хгæ рмæ уынджы, сæ кулдуары тæ ккæ цур ауыдтой æ ртæ адæ ймаджы: иу дзы уыди тынг гыццыл, иннæ дыууæ та — тынг стыртæ.

— Уыдон мисисс Корри, Фанни æ мæ Анни сты! — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Джейн.

Уый диссаджы ныв уыди! Чысыл миссис Корри-иу сгæ пп кодта, хъавыд быруйы сæ рты бакæ сынмæ. Фаннийы фидар уæ хскыл дзедзыкка кодтой дæ ргъæ й-дæ ргъмæ дыууæ асины. Мисс Аннийы иу къухы уыди, клейы хуызæ н кæ м уыд, ахæ м дынджыр бедра, иннæ йы та — ахорæ н цъылын.

Сывæ ллæ ттæ æ рæ мбæ хстысты рудзынгæ мбæ рзæ ны фæ стæ, æ мæ сæ м æ дде ныхæ стæ хорз хъуыстысты.

— Æ рæ джы кæ ны! — загъта миссис Корри.

— Кæ д, мыййаг, сывæ ллæ ттæ й исчи фæ рынчын, нæ уæ ндонхуызæ й бафиппайдта мисс Фанни æ мæ йе уæ хскыл асин араст кодта, — æ мæ рацæ уын йæ бон нæ баци...

— Банцай! — фæ хъæ р ыл кодта миссис Корри.

Сывæ ллæ ттæ м дзæ бæ х фехъуыстысты зæ ронд усы ныхæ стæ. Кæ д æ рдæ гхъæ лæ сæ й дзырдта, уæ ддæ р бамбæ рстой, «æ нæ сæ р жирафтæ » йæ чызджыты кæ й схуыдта, уый.

— С-ысс! — æ ртхъирæ нгæ нæ гау фæ кодта миссис Корри, кæ д йæ хи йеддæ мæ иннæ тæ æ нцад лæ ууыдысты, уæ ддæ р. Зæ ронд ус йæ сæ р йе уæ хскмæ фæ къул кодта æ мæ йæ хи цæ мæ дæ р хъусынмæ æ рцæ ттæ кодта.

Æ вддæ сæ м хæ дзармæ бацæ уæ н дуары уынæ р та райхъуыст. Чидæ р мидæ мæ æ рбахызт. Йæ фæ стæ дуар куыд ахгæ дта, уый хъæ р дæ р дзæ бæ х райхъуыст.

Миссис Корри йæ цæ нгтæ разыйы тылд бакодта. Нарæ г къахвæ ндагыл æ рбацæ йцыд Мэри Поппинс. Йæ къухы уыди карзинкæ. Цыдæ р дзы мынæ г æ рттывд кодта.

— Тагъддæ р, тагъддæ р, тагъддæ р! Бирæ рæ стæ г нын нæ й! — сдзырдта миссис Корри æ мæ Мэри Поппинсы дæ ларм йæ къух фæ цавта. — Тагъддæ р, зæ гъын!

Зæ ронд ус размæ атындзыдта. Йæ фæ стæ мисс Фанни æ мæ мисс Анни. Уыдон архайдтой сæ хи хъæ лдзæ гæ й дарыныл, кæ д сын бынтон тынг нæ уади, уæ ддæ р. Сæ уæ ззау уæ ргъты бын ныттæ стытæ сты, афтæ мæ й æ нкъардæ й цыдысты сæ мад æ мæ Мэри Поппинсы фæ стæ. Иууылдæ р сæ ных сарæ зтой цæ хгæ рмæ уынджы кæ ронмæ. Балбæ лæ сты Обаумæ куы бахæ ццæ сты, уæ д радыгай йæ сæ рмæ схызтысты. Ам хæ дзæ рттæ нæ уыди, зади дзы æ рмæ ст кæ рдæ г.

Мисс Анни йæ клейæ дзаг бедра зæ ххыл æ рæ вæ рдта. Мисс Фанни асинтæ йе уæ хскæ й æ риста æ мæ сæ йæ хойы æ ххуысæ й уырдыг сæ вæ рдта. Иу асиныл дзы хæ цыди йæ хæ дæ г, иннæ уыл — мисс Анни.

— Цы кæ нынмæ хъавынц? — сирвæ зти Майклæ й. Фырдиссагæ й йæ хицæ н бынат нал ардта.

Джейны дзуапп раттыны сæ р нæ бахъуыд, уымæ н æ мæ йæ фарстæ н цæ стуынгæ дзуапп райста.

Куыддæ р мисс Фанни æ мæ мисс Анни асинтæ уырдыг сæ вæ рдтой, афтæ миссис Корри йæ иу къухæ й ахорæ н цъылыныл фæ хæ цыд, иннæ мæ й — клейы бедрайыл æ мæ асиныл хизынмæ фæ ци, Мэри Поппинс та йæ карзинкæ имæ иннæ асиныл фæ цагайдта.

Ам Джейн æ мæ Майклы цæ стыты раз сыстад æ нахуыр диссаджы ныв. Миссис Корри асины сæ рмæ куы схызт, уæ д йæ цъылын бедрайы атылдта æ мæ клейæ арв ахорын райдыдта.

Мэри Поппинс йæ карзинкæ йæ цыдæ р æ рттиваг систа æ мæ йæ клейæ ахуырстыл баныхæ ста. Йæ къух иуварс куы айста, уæ д сывæ ллæ ттæ арвыл ауыдтой пряникты стъалытæ.

Алы стъалы дæ р афтæ тынг æ рттывта, æ мæ сæ тынтæ цæ хæ ртæ калдтой.

— Уыдон мах стъалытæ сты! — сцин кодта Майкл. — Махуæ ттæ сты! Махæ н фынæ й æ нхъæ л уыд. Æ рбахъуызыд æ мæ сæ ахаста!

Джейн ницы дзырдта. Диссагмæ кæ сынæ й йæ не ’вдæ лди.

Миссис Корри æ вæ ллайгæ йæ арв ахуырста клейæ, Мэри Поппинс та йыл стъалытæ ныхæ ста. Мисс Фанни æ мæ мисс Анни дæ р æ нцад нæ бадтысты: арвыл афтид бынæ ттæ куыд дзаг кодтой, афтæ асинтæ хастой æ ндæ р ранмæ.

Уалынмæ сæ куыст кæ ронмæ æ рхæ ццæ.

Мэри Поппинс йæ карзинкæ фæ дæ лгоммæ кодта, иу стъалы дæ р дзы нал ис, зæ гъгæ.

Сылгоймæ гтæ дыууæ йæ дæ р æ рхызтысты æ мæ фæ стæ мæ сæ фæ ндаг дардтой. Мисс Фанни, йæ асинтæ сæ ккой кодта, афтæ мæ й, мисс Анни та — йæ афтид бедра тилгæ йæ.

Тигъыл иуцъус алæ ууыдысты æ мæ цæ уылдæ р аныхæ стæ кодтой. Мэри Поппинс се ’ппæ тæ н дæ р сæ къухтæ райста æ мæ цæ хгæ рмæ уынджы фæ цæ уæ г. Миссис Корри сиргæ фæ цагайдта ныхмæ вæ рд фæ ндагыл. Йæ фæ дыл уæ ззау къахдзæ фтæ й уадысты йæ уæ йыгæ нгæ с чызджытæ. Цыбыр рæ стæ гмæ сæ æ ндæ ргтæ талынджы æ рбайсæ фтысты.

Дыргъдонмæ бацæ уæ н дуары уынæ р та фæ цыд. Фæ ндагæ й райхъуыст къахы уынæ р. Хæ дзары дуар байгомчынд, фæ цыд гуыдыры къæ пп. Мэри Поппинс асинтыл куыд сцæ йхызт, уый сывæ ллæ ттæ м дзæ бæ х хъуыст. Йæ къахфындзтыл, Барби æ мæ Джон кæ м хуыссыдысты, уыцы уатмæ бацыд.

Йæ къæ хты уынæ р куы банцад, уæ д Джейн æ мæ Майкл кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ æ нæ дзургæ йæ къамодмæ бацыдысты. Уæ ллаг галиу асыкк байгом кодтой. Джейны къухмæ рзæ нтæ йеддæ мæ дзы ницыуал уыд.

— Нæ дын дзырдтон? — загъта Майкл.

Сывæ ллæ ттæ басгæ рстой гардероб дæ р. Батинкæ ты къопп афтид разынд.

— Куыд ис афтæ гæ нæ н? Афтæ гæ нæ н куыд ис? — бахъуыр-хъуыр кодта Майкл, сынтæ джы кæ рон æ рбадгæ йæ æ мæ Джейнмæ бакæ сгæ йæ.

Фæ лæ йын Джейн ницы дзуапп радта. Æ рмæ ст йæ фарсмæ æ рбадт, йæ къухтæ й йæ уæ раджы сæ ртæ æ рбахъæ быс кодта æ мæ хъуыдыты аныгъуылд. Стæ й йæ сæ ры фæ тылдæ й йæ дзыккутæ фæ стæ мæ аппæ рста, йæ хи айвæ зта æ мæ сыстади.

— Æ рмæ стдæ р мæ иу хъуыддаг базонын фæ нды, — загъта уый, — стъалытæ сызгъæ рин доны тылд гæ ххæ ттæ й аразынц æ ви сызгъæ рин доны тылд гæ ххæ тт стъалытæ й?

Йæ фарстæ н дзуапп нæ райста, стæ й йын дзуапп райсын æ нхъæ лмæ дæ р нæ каст, уымæ н æ мæ зыдта, ахæ м фарстæ н дзуапп раттын йæ бон кæ й бауыдзæ н, Майклæ й бирæ, тынг бирæ фылдæ р чи зоны, æ рмæ стдæ р уымæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.