Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆНДЗÆМ СÆР. ФАЗЗÆТТЫ МИТÆ



Джейн æ мæ Майкл сæ хуыздæ р дарæ с скодтой æ мæ уазæ гуаты ацыдысты. Элин сæ ахæ м рæ сугъд дзаумæ тты куы федта, уæ д дисæ й амард, дуканийы витринæ ты манекентæ дæ р, дам, ма ахæ м уæ лæ дарæ сы вæ ййынц.

Æ нæ хъæ н бон хæ дзары иу уынæ р никуыцæ й райхъуыст, цыма йæ хинымæ р хъуыдыты аныгъуылд кæ нæ та, чи зоны, фынæ й баци.

Бынæ й, цæ лгæ нæ ны миссис Брилл, йæ кæ сæ нцæ стытæ йæ фындзыл æ рцауындзæ г сты, афтæ мæ й газеты каст. Робертсон Эй бадти цæ хæ радоны æ мæ уыд тынг æ нæ вдæ лон: ницы куыста. Миссис Бэнкс уазæ гдоны, йæ къæ хтæ йæ быны бакæ нгæ йæ, бадт. Афтæ мæ й хæ дзар хъусæ й лæ ууыд, цыма цавæ рдæ р æ хсызгон бæ ллицты аныгъуылд кæ нæ та цыма йæ зæ рдыл цыдæ ртæ æ рлæ ууыд.

Уæ ле, сывæ ллæ тты уаты, Мэри Поппинс пецы фарсмæ хус кодта фаззæ тты дзаумæ ттæ. Хур уатмæ касти æ мæ йæ тынтæ агъуысты къултыл æ рттывдтытæ калдтой, сывæ ллæ тты сынтæ джыты сæ рмæ кафыдысты.

— Дæ хи-ма фалдæ р айс! Мæ цæ стытæ м мын комкоммæ цы ныккастæ? — фæ хъæ р кодта Джон.

— Бахатыр кæ н! — дзуапп ын радта хуры тын. — Мæ бон дын баххуыс кæ нын ницæ мæ й у. Фæ нда дæ, ма фæ нда, ардæ м мын æ нæ рбакæ сгæ нæ уыди. Бардзырд бардзырд у, æ ххæ ст кæ нын æ й хъæ уы. Скæ сæ нæ й мæ Ныгуылæ нмæ цæ уын хъæ уы. Уæ уат та мæ фæ ндагыл ис. Æ мæ ма дæ иу хатт хатыр курын. Дæ цæ стытæ сæ хгæ н æ мæ мæ нал уындзынæ.

Хуры тынты сызгъæ рин куырис хъуамæ ахызтаид уаты астæ уты. Джоны курдиат сæ ххæ ст кæ ныны тыххæ й архайдта тагъддæ р кæ ныныл.

— Цы фæ лмæ н æ мæ хъарм дæ! Æ з дæ бирæ уарзын! — загъта Барби æ мæ хуры æ рттиваг тынтæ м йæ къухтæ бадардта.

— Ды хорз чызг дæ! — раппæ лыди дзы хуры тын, йæ рус æ мæ йæ сæ рыхъуынтыл йæ хи ахафгæ йæ. — Уæ дæ, зæ гъыс, дæ зæ рдæ мæ фæ цыдтæ н, и? — Хуры тыны фæ ндыди, ногæ й та дзы куы раппæ лыдаид, уый.

— Зæ гъæ н куыд нæ й, афтæ тынг! — арф ныуулæ фгæ йæ, загъта Барби.

— Ногæ й та бæ р-бæ р-бæ р-бæ р-бæ р-бæ р? Амы хуызæ н дзæ нгæ да цæ гъдгæ никуыма федтон. Хъуамæ ацы уаты исчи бæ стæ йæ сæ рыл сиса! — рудзынгæ й æ рбайхъуыст кæ йдæ р цъæ хснаг хъæ лæ с.

Джон æ мæ Барби рудзынгæ й акастысты.

Уым бадти, хæ тæ лы цъуппыл чи цард, уыцы Сауцъиу.

— Дæ уæ й дæ р ма нæ уый хъуыди! — Сауцъиуы ауынгæ йæ, фæ хъæ р кодта Мэри Поппинс. — Уый бæ сты дæ хицæ н куы зонис. Бон-сауизæ рмæ банцайæ н дæ уæ н куы нæ й. Изæ рдалынгтæ м де ’фсæ ртæ æ ддæ гуæ лæ куы не ’рæ вæ рыс, уæ д ды та кæ уыл худыс? Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д сырддонцъиуæ й фыддæ р дæ.

Сауцъиу бадти рудзынджы фæ лгæ ты уæ ллаг кæ рон æ мæ, йæ хицæ н куыд ницæ мæ й тарст, уымæ гæ сгæ дзырдта ныфсджынæ й.

— Мæ н бирæ хъуыддæ гтæ вæ ййы, — йæ сæ р иуварс фæ къул кæ нгæ йæ, загъта Сауцъиу. — Æ мбырдтæ, ныхæ стæ, быцæ утæ, уынаффæ тæ æ мæ афтæ дарддæ р. Æ мæ алы ран дæ р бæ лвырд хъуыдымæ æ рцæ уын фæ хъæ уы.

— Чысыл-ма фæ гæ дзæ кæ н! — фæ хъæ р ыл кодта Джон æ мæ худæ гæ й бакъæ цæ л.

— Æ з демæ куы нæ дзурын, лæ ппу, уæ д, дæ цæ хдон кæ м нæ й, уым дæ къæ бæ р цæ мæ н тулыс? — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдта Сауцъиу. — Дæ бынаты æ ндæ р иу ныхас дæ р не скодтаид. Ивгъуыд сабат цас дзæ нгæ да фæ цагътай, уый дæ р фехъуыстон. Искуы ма банцайдзынæ, уый æ нхъæ л нал уыдтæ н. Æ хсæ в-бонмæ мæ хуыссын нæ бауагътай!

— Æ з дзургæ нæ кодтон, — загъта Джон. — Æ з кæ у... — æ мæ йæ ныхас кæ ронмæ дзурын нал бафæ рæ зта. — Æ з нæ фæ разгæ уыдтæ н.

— Ги! — фæ кодта Сауцъиу æ мæ Барбийы сынтæ джы уæ хскыл абадт. Фæ рсæ рдæ м къахдзæ фтæ гæ нгæ, чызджы тæ ккæ сæ рмæ бауад æ мæ йæ м фæ лмæ н хъæ лæ сæ й дзуры:

— Барбарæ Бэнкс, абон дæ рагон зонгæ йы зæ рдæ ницæ мæ й балхæ нынмæ хъавыс?

Барби йæ хуыссæ ны рабадт æ мæ, Сауцъиумæ йæ къух бадаргæ йæ, дзуры:

— Печенийы æ рдæ г ма мæ м баззади.

Сауцъиу æ м фæ лæ бурдта, рудзынджы тæ рхæ гмæ йæ бадавта æ мæ хæ рынмæ фæ ци.

— Бузныг! — уайдзæ фгæ нæ гау сдзырдта Мэри Поппинс.

Фæ лæ Сауцъиуы уыдæ ттæ м не ’вдæ лд.

— Нæ мæ фехъуыстай? Бузныг, зæ гъын, — хъæ рдæ рæ й сфæ лхат кодта Мэри Поппинс.

Сауцъиу йæ сæ р фæ хъил кодта.

— Цы загътай? Ныууадз дæ кæ нгæ митæ, чызг. Мæ н ныртæ ккæ уæ здандзинæ дтæ м не ’вдæ лы. — Æ мæ ноджы зыддæ р æ внæ лд кæ нын райдыдта.

Уаты иу сыбыртт никæ цæ йуал хъуыст.

Джоны зæ рдæ хуры тынтæ м æ рфæ лмæ н: йæ рахиз къах йæ дзыхы бакодта æ мæ дзы, дæ ндæ гтæ кæ м сзынди, уым хафын райдыдта.

— Афтæ цæ мæ н кæ ныс? — йæ мидбылты худгæ йæ йæ бафарста Барби. — Дæ цуры исчи куы уаид, уæ д дæ р ма — гъа, фæ лæ дæ куы ничи уыны, уæ д афтæ зæ рдиагæ й цæ мæ н архайыс?

— Уый æ з мæ хæ дæ г зонын, — йæ къахы æ нгуылдзтæ й цавæ рдæ р мелоди цæ гъдгæ йæ, дзуапп радта Джон. — Ахæ м хъуыддæ гтæ хистæ рты зæ рдæ мæ тынг цæ уынц æ мæ мæ, цæ мæ й къах дзыхы кæ нын ма ферох уа, уый тыххæ й афтæ кæ нын. Знон Фроссимæ нæ кастæ? Мæ къах мæ дзыхы куы бакодтон, уæ д æ й фырцинæ й сæ рра уæ вынмæ бирæ нал хъуыд. Æ мæ мæ цы нæ схуыдта: «Азмæ ц! Зонды къуыбар! Мæ сызгъæ рин! » Худæ гæ й куыд бакъæ цæ л, уый ма хъуыды кæ ныс?

Джон йæ къах йæ дзыхæ й райста æ мæ, Фросси худæ гæ й куыд бакъæ цæ л, уый афæ змыдта.

— Æ з куыд акодтон, уый дæ р йæ зæ рдæ мæ фæ цыди, — йæ хицæ й разы уæ вгæ йæ, сдзырдта Барби. — Мæ цъындатæ куы феппæ рстон, уæ д мæ фырцинæ й куы ахæ ра, уымæ й дæ р фæ тарстæ н. Ацы хистæ ртæ худæ г сты! Æ з бахæ рдзынæ н, зæ гъгæ, куы зæ гъон, уæ д бахæ рдзынæ н. Бахæ рдзынæ н печени, сухари, фæ ткъуы æ мæ афтæ дарддæ р. Хистæ ртæ, мæ нмæ гæ сгæ, цы фæ дзурынц, уый сæ хæ дæ г дæ р нæ фембарынц. Ахæ рдзынæ н дæ, зæ гъгæ, мын куы загъта, уæ д мæ цымæ æ цæ гæ й бахæ рынмæ хъавыд?

— Куыннæ стæ й! Хистæ ртæ дзургæ афтæ фæ кæ нынц, æ ндæ р дæ куыд хъуамæ бахордтаид, исты бирæ гъ у? Суанг ма мæ м Джейн æ мæ Майкл дæ р иуæ й-иу хатт æ дылыты хуызæ н фæ кæ сынц!

— Тынг раст зæ гъыс, — дзуапп ын радта Барби, йæ цъында æ рдæ гмæ раласгæ йæ æ мæ та йæ фæ стæ мæ скæ нгæ йæ.

— Зæ гъæ м, — дзырдта дарддæ р Джон, — семæ куы фæ дзурæ м, уæ д нын нæ ныхæ стæ й иу дæ р нæ фембарынц. Уый нæ, фæ лæ ма нæ фембарынц, дзаумæ ттæ цы фæ дзурынц, уый дæ р. Ивгъуыд къуырисæ р мæ хи хъустæ й фехъуыстон Джейны ныхæ стæ: дымгæ, дам, цавæ р æ взагæ й дзуры, уымæ н ницы ’мбарын.

— О, о, æ з дæ р æ й фехъуыстон, — загъта Барби. — Мæ нмæ дæ р диссаг фæ каст. Кæ ннод Майклы ныхæ стæ та? Мæ нмæ гæ сгæ, йæ ды дæ р фехъуыстай. Сауцъиу цы фæ дзуры, уый бамбарынхъом дæ р нæ у. Цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ м афтæ кæ сы, цыма уый дæ р, мах цы ’взагыл дзурæ м, ома бамбарæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м æ взагыл дзуры? Нæ мад æ мæ фыдæ й бирæ домæ н нæ й, уымæ н æ мæ уыдон æ ппындæ р ницы ’мбарынц, кæ д нæ зæ рдæ йæ н тынг адджын сты æ мæ сæ баивæ н никæ уыл ис, уæ ддæ р. Фæ лæ Джейн æ мæ Майкл та... Уыдон хъуамæ цыдæ ртæ ма ’мбариккой?!.

— Кæ ддæ р алцыдæ р æ мбæ рстой, — загъта Мэри Поппинс, Джейны æ хсæ вхуыссæ н хæ доны тухгæ йæ.

— Æ цæ г? — æ мхъæ р фæ кодтой Джон æ мæ Барби. Тынг диссаг сæ м фæ кастысты Мэри Поппинсы ныхæ стæ. — Сауцъиу цы дзуры, уый дæ р æ мбæ рстой, æ мбæ рстой дымгæ йы дæ р, стæ й...

— Бæ лæ сты дæ р æ мбæ рстой. Зыдтой хуры тынты æ взаг дæ р, стъалыты ныхæ стæ дæ р. О, о, æ нæ мæ нг афтæ. Фæ лæ уый кæ ддæ р уыди, — загъта Мэри Поппинс.

— Уæ дæ сæ ныр цæ уылнæ уал æ мбарынц? — бафарста Джон, æ мæ йæ ныхы æ нцъылдтæ бæ лвырд-бæ рæ гæ й разындысты.

— Ага, — печенийы муртæ уидзын фæ уадзгæ йæ, загъта Сауцъиу. — Цæ уылнæ, уый базонын уæ фæ нды?

— Уымæ н æ мæ фæ дынджырдæ р сты, — бамбарын кодта Мэри Поппинс. — Барби, ныртæ ккæ дæ цъындатæ скæ н.

— Кæ й фæ дынджырдæ р сты, уый тыххæ й, — йæ хицæ н дзурæ гау бакодта Джон æ мæ Мэри Поппинсмæ ныккаст.

— Уый тыххæ й! — дзуапп радта Мэри Поппинс æ мæ Барбийы цъындайыл уæ лдæ р схæ цыд.

— Джейн æ мæ Майкл мацы ’мбарæ нт, — дзырдта дарддæ р Джон, — фæ лæ, æ з куы сдынджыр уон, уæ д мæ ницы ферох уыдзæ н.

— Уæ лдайдæ р мæ нæ й! — ныфсджынæ й сдзырдта Барби æ мæ йе ’нгуылдз цъирынмæ фæ ци.

— Уæ дыууæ дæ р ныртæ ккæ йы хабæ рттæ й ницыуал хъуыды кæ ндзыстут, — фидарæ й загъта Мэри Поппинс.

Фаззæ ттæ рабадтысты æ мæ Мэри Поппинсæ й сæ цæ ст нал истой.

— Ничи сæ м кæ сы! — æ нæ рвæ ссонхуызæ й сдзырдта Сауцъиу. — Мæ лæ ты мæ лхъытæ! Зæ ххыл чи нæ ма райгуырд, ахæ мтæ! Куыддæ р уыл гæ ццытæ разайа, афтæ уæ алцыдæ р ферох уыдзæ н!

— Ницы хуызы! — æ мхъæ лæ сæ й сдзырдтой фаззæ ттæ æ мæ Сауцъиумæ æ нæ уынон цæ стæ й бакастысты.

Сауцъиу зынæ рвæ ссон æ хситт ныккодта.

— Кæ й ферох кæ ндзыстут, уый тыххæ й ныхас дæ р нæ й, — йæ хъуыды æ ндæ р хуызы бамбарын кодта Сауцъиу. — Стæ й ма, фæ фæ лмæ ндæ р уæ вгæ йæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Уым, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, сымах аххосджын не стут. Уым æ ппындæ р ницы гæ нæ н ис. Зæ ххыл ахæ м адæ ймаг нæ ма райгуырд, æ мæ афæ дздзыды размæ цы уыди, уыдæ ттæ чи хъуыды кæ ны, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уæ ртæ уымæ й фæ стæ мæ. — Æ мæ йæ бырынкъæ й Мэри Поппинсмæ ацамыдта.

— Уый куы хъуыды кæ ны, уæ д мах цæ уылнæ хъуамæ хъуыды кæ нæ м? — бафарста Джон.

— Уый иннæ ты хуызæ н нæ у. Уымæ н дзы æ мбал нæ й, — загъта Сауцъиу æ мæ хинæ йдзаг худт бакодта.

Джон æ мæ Барби хъусæ й лæ ууыдысты.

Сауцъиу дарддæ р дзырдта:

— Уый хуызæ ттæ дунейы нæ й. Æ з йе ’ддаг бакасты кой нæ кæ нын. Мæ лæ ппынтæ й кæ цыфæ ндыйы куы райсай, суанг ныртæ ккæ айчы хъузгæ й чи рахылд, уый дæ р уæ д, Мэри Поппинс цы уыд, у æ мæ уыдзæ н, уымæ й бирæ рæ сугъддæ р у, фæ лæ...

— Æ з дын цы бакæ ндзынæ н, уый зоныс?! — рамæ сты йæ м Мэри Поппинс. Æ васт фæ зылд æ мæ Сауцъиуы йæ раздарæ нæ й ныццæ вынмæ хъавыд, фæ лæ уый апæ ррæ ст ласта. Рудзынджы ’дде куы фæ ци, уæ д йæ хицæ н ницæ мæ йуал тарст æ мæ йæ хъæ лдзæ г æ хситт райхъуыст.

— Дæ зæ рды мæ ацы хатт æ рцахсын уыди, нæ? — хин худт бакодта Сауцъиу æ мæ Мэри Поппинсмæ йæ базыртæ батылдта.

Мэри Поппинс фырмæ стæ й ныффутт кодта.

Хуры тын уаты къуымты зилгæ ацыд. Кæ цæ йдæ р дымгæ æ рбатахт æ мæ рудзынджы æ дде балбæ лæ сты къалиутæ н цыдæ ртæ адзырдта.

— Хъус-ма, хъус-ма, дымгæ цыдæ ртæ дзуры, — загъта Джон æ мæ йæ хъус рудзынджы ’рдæ м адардта. — Мэри Поппинс, дæ умæ æ цæ гæ й афтæ кæ сы, куы сдынджыр уæ м, уæ д, ныртæ ккæ цы хъусæ м, уыдон нал хъусдзыстæ м, зæ гъгæ?

— Хъусгæ сæ кæ ндзыстут, фæ лæ сæ æ мбаргæ нал кæ ндзыстут, — дзуапп ын радта Мэри Поппинс.

Уыцы ныхæ стæ айхъусгæ йæ, Барби ныккуыдта. Джоны цæ стытæ дæ р донæ й айдзаг сты.

— Æ ндæ р гæ нæ н дзы нæ й. Цард афтæ у, ивæ н ын нæ й, — йæ ныхмæ сдзурæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й загъта Мэри Поппинс.

— Ай-ай-ай, худинаг, худинаг! — бæ ласы къалиуæ й сыл худти Сауцъиу. — Уæ сæ ккатæ цы ’руагътат? Ничи сæ м кæ сы, сæ къустæ ’хсынмæ куыд февнæ лдтой! Айчы хъузгæ й чи нæ ма рахылд, сауцъиуы уыцы лæ ппын дæ р сымахæ й зондджындæ р у. Худинаг уæ м нæ кæ сы?

Джон æ мæ Барби æ цæ гæ йдæ р куыдтой сæ хъæ лæ сыдзаг. Сæ цæ ссыгтæ сæ рустыл згъордтой æ мæ згъордтой.

Уыцы рæ стæ г дуар байгом, æ мæ уатмæ ’рбахызт миссис Бэнкс.

— Цыма сывæ ллæ тты кæ уын цыд, афтæ мæ м фæ каст, — загъта уый æ мæ фаззæ тты цурмæ бауад. — Цы ’рцыди, мæ гыццыл кæ рчытæ? Цы кодтой мæ зæ рдæ йы уидæ гтæ, мæ чысыл хуртæ, мæ зæ рватыччытæ? Цы кодтой? Цы кодтой, Мэри Поппинс? Абондæ ргъы сæ иу уынæ р дæ р куы нæ райхъуыст, уæ д сыл ныр цы ’рбамбæ лди?

— О, мэм. Нæ -а, мэм. Мæ нмæ гæ сгæ, сæ дæ ндæ гтæ цæ уынц, — загъта Мэри Поппинс, Сауцъиумæ нæ кæ сгæ йæ.

— Æ вæ ццæ гæ н, æ вæ ццæ гæ н! — йæ цæ сгом фæ рухсдæ р миссис Бэнксæ н.

— Кæ д алцыдæ р мæ дæ ндæ гты тыххæ й ферох кæ ндзынæ н, уæ д мæ уыдон æ ппындæ р ницæ мæ н хъæ уынц. Цы уарзын, уыдон цæ мæ н хъуамæ ферох кæ нон? — йæ хъæ ццулы бын раздыхс-баздыхсгæ нгæ йæ кæ уынхъæ лæ сæ й дзырдта Джон.

— Мæ н дæ р ницæ мæ н хъæ уынц! — ныккуыдта Барби æ мæ базыл фæ дæ лгоммæ.

— Мæ гуыр сæ бон мæ гыццыл хъæ бултæ н! Æ ппындæ р-ма тыхсгæ ма кæ нут. Алцыдæ р уыдзæ ни хорз. Фæ кæ сут-ма-иу. Уыцы æ взæ р дæ ндæ гтæ куы разайой, уæ д алцыдæ р йæ гаччы абаддзæ н, — иу сынтæ гæ й иннæ мæ рауайбауайгæ нгæ йæ сæ сабыртæ кодта миссис Бэнкс.

Рудзынгæ й æ рбайхъуыст сабыр уынæ р. Уый йæ худын тыххæ й баурæ дта Сауцъиу. Мэри Поппинс æ м тызмæ г цæ стæ й акаст. Уый уавæ р фембæ рста æ мæ йæ худын фæ урæ дта.

Миссис Бэнкс йæ фаззæ тты сæ ртæ йæ армытъæ пæ нæ й лæ гъзытæ кодта. Дзырдта сын алыхуызон рæ вдауæ н ныхæ стæ. Йæ зæ рды сæ уыд уыдон фæ рцы æ рсабыр кæ нын. Æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, Джон йæ кæ уынæ й фенцад. Уый уыди æ гъдауджын лæ ппу. Йæ мады бирæ уарзта æ мæ кæ ддæ риддæ р архайдта йæ разы йæ хæ стæ зæ рдиагæ й æ ххæ ст кæ ныныл. «Цы дзурын хъæ уы, уый кæ й нæ фæ дзуры, уым мæ мæ гуыр мад цы аххосджын у? — хъуыдытæ кодта йæ хинымæ р лæ ппу. Ныртæ ккæ дæ р хъуыддæ гтæ н ницы ’мбары. — Цæ мæ й, йæ мадмæ кæ й нæ мæ сты кæ ны, уый йæ бауырна, уый тыххæ й йæ фæ сонтыл æ рхуыссыд, йæ рахиз къахыл йæ дыууæ къухæ й ныххæ цыд æ мæ йæ йæ дзыхы бакодта.

— Мæ зондджын, мæ дуду лæ ппу! — цинтæ кæ нынмæ йыл фæ ци мад. Лæ ппу йæ къах райста æ мæ та йæ фæ стæ мæ йæ дзыхы бакодта.

Уый уынгæ йæ, Барбийы дæ р фæ сте баззайын нæ бафæ ндыд, йæ сæ р базæ й фелвæ ста, йæ цæ сгом цæ ссыгтæ й хуылыдз кæ й уыд, уый дæ р ницæ мæ ’рдардта, рабадт æ мæ йæ дыууæ цъындайы дæ р феппæ рста.

— Ахæ м чызг мæ н йеддæ мæ никæ мæ н ис! — фырцинæ й цы акодтаид, уый нал зыдта мад. — Уыныс, Мэри Поппинс! Хъуыддæ гтæ сæ гаччы абадтысты! Куыд сабыргæ нгæ сты, æ з уый хорз зонын. Алцыдæ р хорз у, алцыдæ р хорз у! — цыма авдæ ны зарæ г зарыдис, афтæ цалдæ р хатты сфæ лхат кодта Бэнкс. — Сæ дæ ндæ гтæ дæ р тагъд разайдзысты.

— Æ нæ мæ нг, мэм, — сабыр хъæ лæ сæ й загъта Мэри Поппинс.

Фæ стагмæ миссис Бэнкс йæ фаззæ ттæ м бахудт æ мæ ацыд.

Куыддæ р йæ фæ дыл дуар æ рбахгæ дта, афтæ Сауцъиу йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти.

— Мæ хиуыл хæ цын кæ й нæ бафæ рæ зтон, уый тыххæ й дæ хатыр курын, фæ лæ ахæ м нывтæ м æ нæ худгæ йæ кæ сын тынг зын у. Диссæ гтæ æ мæ ’мбисæ ндтæ! Ахæ м царциатæ мæ цæ рæ нбонты никуыма федтон!

Джон ын йæ ныхæ стæ ницæ мæ ’рдардта. Йæ сынтæ джы фарсмæ йæ цæ сгом нылхъывта æ мæ сусæ гæ й Барбимæ бадзырдта:

— Æ з иннæ ты хуызæ н нæ уыдзынæ н! Фидарæ й дын дзырд дæ ттын, иннæ ты хуызæ н кæ й нæ уыдзынæ н, уый тыххæ й! Уыдон, — æ мæ йæ сæ рæ й Мэри Поппинс æ мæ Сауцъиумæ ацамыдта, — цыфæ нды дзурæ нт. Æ з æ ппындæ р ницы ферох кæ ндзынæ н!

— Æ з дæ р, — дзуапп ын радта Барби. — Никуы!

— Мæ къæ дзилæ й сомы кæ нын! — фæ хъæ р кодта Сауцъиу, йæ базыртæ й йæ фæ рстæ æ рхоста æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти. — Байхъусут-ма сæ м. Цыма уый уыдонæ й аразгæ у! Мæ й дæ р нæ ма рацæ удзæ н, — фылдæ р-фылдæ р æ ртæ мæ йы, афтæ æ дылы къоппатæ й мæ ном дæ р ферох уыдзæ н. Æ нæ базыр гакк-гуччытæ й цы домыс?! Ха-ха-ха!

Йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти Сауцъиу æ мæ ныппæ ррæ ст ласта.

***

Уæ дæ й нырмæ бирæ рæ стæ г нæ ма рацыд.

Дæ ндæ гтæ н куыд æ мбæ лы, афтæ сæ афоныл фæ зындысты, æ мæ фаззæ ттæ сбæ рæ г кодтой сæ фыццаг гуырæ н бон.

Дыккаг райсом Сауцъиу дæ р курортæ й Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы æ вддæ сæ м хæ дзармæ ’рбатахт.

— Салам, салам, салам! Мах дæ р та ам стæ м! — рудзынджы тæ рхæ гыл абадгæ йæ, сцъыбар-цъыбур кодта уый. Алы «салам»-æ н дæ р-иу йæ бынаты фесхъиудта. — Куыдтæ цæ ры нæ чызг? — бафарста Мэри Поппинсы.

— Дæ у никуы ’рымысыди! — йæ хъуыры абадт Мэри Поппинс æ мæ йæ сæ р æ нæ рвæ ссон схъæ л фæ кодта.

Сауцъиу ныххудт.

— Мэри П-ы уыдтæ æ мæ Мэри П-йæ баззадтæ, — загъта Сауцъиу. — Нæ фендæ рхуызон дæ! Иннæ тæ та куыд сты? Гакк-гуччытæ й зæ гъын, — йæ ныхас фæ бæ лвырддæ р кодта æ мæ Барбийы сынтæ гмæ бакаст. — Барбаринæ, — йæ хъæ лæ с фæ фæ лмæ ндæ р Сауцъиуæ н. — Дæ рагон зонгæ йæ н дæ м ницы разындзæ н?

— Гули-гули! — йæ печени æ ууилын нæ ныууадзгæ йæ йын дзуапп радта Барби.

Æ нахуыр дзуапп айхъусгæ йæ, Сауцъиу хæ рдмæ фæ хауд æ мæ чызгмæ йæ хи хæ стæ гдæ р байста.

— Æ вæ ццæ гæ н, мæ нæ бамбæ рстай, — йæ ныхæ стæ бæ лвырддæ р дзургæ йæ, бафиппайдта Сауцъиу, — зынаргъ Барби, дæ рагон æ рдхордæ н дæ м, зæ гъын, ницы радзындзæ н?

— Ляп-тяп-тяп, — цармæ кæ сгæ йæ, йæ печенийы фæ стаг карст æ ууилгæ йæ, багуым-гуым кодта Барби.

Сауцъиу дзы йæ цæ ст нал иста.

— Ай-ай-ай, — бахъуыр-хъуыр кодта Сауцъиу, Мэри Поппинсы ’рдæ м разылд æ мæ йæ м фæ рсæ джы каст бакодта.

Усимæ фемдзаст сты.

Сауцъиу Джоны сынтæ гмæ батахт æ мæ рагъхъæ дыл абадт. Джон хъазыди йæ хъуынджын уæ рыкк-хъазæ нимæ.

— Мæ ном цы хуыйны? Мæ ном цы хуыйны? Мæ ном цы хуыйны? — хъæ рæ й бафарста Сауцъиу.

— Аф-тя-тя! — загъта Джон, йæ дзых байгом кодта æ мæ дзы уæ рыччы къах атъыста.

Сауцъиу, йæ сæ р батилгæ йæ, иуварс азылд.

— Нæ загътон! — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Сауцъиу æ мæ Мэри Поппинсмæ бакаст.

Сауцъиу, чысыл рæ стæ г фаззæ ттæ м фæ кæ сыны фæ стæ, йæ гæ рæ м уæ хсчытæ батилгæ йæ, загъта:

— Афтæ кæ й уыдзæ н, уый æ з раджы дæ р зыдтон. Æ дзухдæ р сын æ й дзырдтон, фæ лæ сæ нæ уырныдта.

Сынтæ джытæ м кæ сгæ йæ, иуцасдæ р хъусæ й алæ ууыд. Стæ й йæ базыртæ базмæ лыдысты.

— Мæ нæ н афон у. Хæ тæ л тынг æ фснаинæ гтæ у. Быронæ й та байдзаг уыдаид.

Рудзынджы тæ рхæ гмæ батахт, иуцасдæ р дзы афæ стиат, фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ, бафиппайдта:

— Æ нæ адонæ й куыдтæ цæ рдзынæ н, нæ зонын. Æ дзухдæ р мæ семæ ныхæ стæ кæ нын фæ ндыд. Цыдæ р мын нæ фаг кæ ндзæ н, — æ мæ йæ базырæ й цырдгомау йæ цæ ссыг асæ рфта.

— Кæ уыс? — æ лхыскъ фарст æ й акодта Мэри Поппинс.

Сауцъиу йæ сæ рыл схæ цыд.

— Кæ уыс, зæ гъыс? Уый дæ умæ афтæ фæ каст. Æ хснырсæ г мæ хъыгдары. Фæ ндагыл кæ мдæ р суазал дæ н. Æ ндæ р дзы ницы и. Ницы мын уыдзæ н. Тагъд адзæ бæ х уыдзынæ н.

Рудзынджы æ ддаг тæ рхæ гмæ батахт, йæ гуыры систæ адзæ бæ хтæ кодта, йæ базыртæ батылдта, салам, зæ гъгæ, ма фæ хъæ р кодта æ мæ æ васт фæ цыдæ р...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.