Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ СÆР. КАФАГ ХЪУГ



Джейнæ н йæ хъус срысти. Йæ сæ р Мэри Поппинсы сæ рбæ ттæ нæ й баст, афтæ мæ й хуыссыди сынтæ джы.

— Дæ хъус куыд риссы? — бафарста йæ Майкл.

— Афтæ мæ м кæ сы, цыма исчи мæ сæ ры сармадзанæ й æ хсы, — дзуапп радта Джейн.

— Æ цæ г сармадзанæ й?

— Нæ -а, хъазæ н сармадзанæ й.

— Æ цæ г? — бахæ лæ г æ м кодта Майкл. Суанг ма йæ, йæ хъус куы срыстаид, уый дæ р æ рфæ ндыд. — Хъæ рæ й дын исты бакæ сон? — бафарста Майкл, чингуыты тæ рхæ гмæ фæ цæ йцæ угæ йæ.

— Нæ -а, мæ хъус тынг риссы, — йæ къух йæ хъусыл авæ ргæ йæ, дзуапп радта Джейн.

— Уæ д та рудзынджы цур сбадон æ мæ, уынджы цытæ цæ уы, уыдæ ттæ дын дзурон?

— Уыдæ ттæ мын дзур, — сразы Джейн.

Майкл рудзынджы тæ рхæ гмæ схызт æ мæ, æ дде цытæ цæ уы, уыдæ ттæ дзурын райдыдта. Иуæ й-иу цауты цымыдисагæ й æ ппындæ р ницы уыд, иннæ тæ та уыдысты тынг цымыдисаг.

— Уæ ртæ адмирал Бум! — фæ хъæ р кодта Майкл. — Сæ хицæ й рацыд æ мæ кæ дæ мдæ р атындзыдта. Йæ фындз абон цыдæ р сырх у. Йæ сæ рыл — уæ рæ хчъилджын худ. Нæ хæ дзары цурмæ æ рбахæ ццæ.

— Мæ игæ ры кæ рон фырмæ стæ й ссудзы, зæ гъгæ, нæ дзуры? — бафарста Джейн.

— Йæ ныхæ стæ мæ м нæ хъуысынц. Фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, дзуры... Мисс Ларкы дыккаг лæ ггадгæ нæ г дыргъдонмæ рахызт. Мах дыргъдоны Робертсон Эй сыфтæ ртæ мæ рзы æ мæ быруйы хуынкъæ й лæ ггадгæ нæ гмæ кæ сы. Ныр æ рбадт æ мæ йæ фæ ллад уадзы.

— Йæ зæ рдæ хъыгдард у, — загъта Джейн.

— Цæ мæ й йæ зоныс?

— Йæ хæ дæ г мын æ й загъта. Дохтыр ын ныффæ дзæ хста, куыд гæ нæ н ис, афтæ, дам, къаддæ р кус. Уый папæ йы зæ рдæ мæ нæ фæ цыд. Робертсон Эй, дам, дохтырмæ куы байхъуса, уæ д, дам, æ й куыстæ й арвитдзынæ н... Æ ллæ х, мæ нæ та ма хъусы куыд фехстæ уыд! — ныхъхъæ р кодта Джейн æ мæ та йæ хъусыл фæ хæ цыд.

— Диссæ гтæ й цы кæ ныс! — æ виппайды ныцъцъæ хахст кодта Майкл.

— Цы ’рцыди? — фæ уыргъуыйау Джейн æ мæ йæ хуыссæ ны рабадт. — Дзур тагъддæ р, цæ уыл фæ дис кæ ныс?!

— Æ нæ рцæ угæ хабар! Нæ цæ хгæ рмæ уынджы хъуг фæ цæ уы! — дзуапп радта Майкл æ мæ дæ лрудзынгыл скафыди.

— Хъуг? Горæ ты? Æ цæ г хъуг? Æ нахуыр диссаг! Мэри Поппинс! Майкл афтæ, нæ цæ хгæ рмæ уынджы, дам, хъуг фæ цæ уы.

— О, о, фæ цæ уы! Сабыр къахдзæ фтæ й. Алкæ й дуарæ й дæ р бакæ сы æ мæ кæ рты къуымтыл йæ цæ ст ахæ ссы. Цыма дзы цыдæ р фесæ фт æ мæ уый агуры.

— Æ з дæ р æ й куы фенин, уый мæ куыд тынг фæ нды! — æ нкъардæ й бафиппайдта Джейн.

Мэри Поппинс рудзынджы цурмæ бацыд.

— Кæ с-ма йæ м! — йæ къухæ й бынмæ амонгæ йæ, загъта Майкл. — Хъуг! Диссаг у, нæ?

Мэри Поппинс бынмæ ныккаст æ мæ йæ хинымæ р дисæ й амард.

— Уым диссагæ й ницы ис, — загъта уый, Джейн æ мæ Майклмæ раздæ хгæ йæ. — Æ з зонын уыцы хъуджы. Мæ мадимæ тынг хæ лæ рттæ уыдысты. Йемæ уæ зданæ й куы дзурат, уæ д уæ æ з тынг фæ бузныг уыдзынæ н.

Мэри Поппинс йæ раздарæ н æ рлæ гъзытæ кодта æ мæ сывæ ллæ ттæ м тызмæ г цæ стæ й бакаст.

— Рагæ й йæ зоныс? — уæ здандæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й бафарста Джейн.

— Цалынмæ Къаролмæ нæ ма уыди, уæ дæ й нырмæ, — загъта Мэри Поппинс.

— Æ мæ уый раджы уыди? — бафарста йæ ноджы уæ здандæ р хъæ лæ сæ й Джейн.

Мэри Поппинс дард кæ дæ мдæ р нымдзаст. Афтæ зынд, цыма йæ цæ стытæ уыдтой, иннæ тæ н фенын сæ бон цы нæ у, ахæ м цыдæ р. Джейн æ мæ Майкл сæ улæ фт ныуурæ дтой, афтæ мæ й æ нхъæ лмæ кастысты, Мэри Поппинс цы зæ гъдзæ н, уымæ.

— Раджы, тынг раджы, — цыма аргъау дзуры, уый хуызæ н райдыдта Мэри Поппинс æ мæ иучысыл хъусæ й алæ ууыд. Банхъæ лæ н уыд, цыма бирæ æ нусты размæ йы хабæ рттæ æ рымысынмæ хъавы. Стæ й, йæ акомкоммæ æ бæ рæ г ранмæ кæ сгæ йæ, дарддæ р дзырдта:

— Бур Хъуг, — афтæ йæ хуыдтой. Мæ мады ныхæ стæ м гæ сгæ уый уыди сæ рыстыр æ мæ хъæ здыг хъуг. Цæ ргæ дæ р кодта æ нæ хъæ н зылды æ ппæ ты хуыздæ р уыгæ рдæ ны. Уый æ рттывдтытæ калдта бур дидинджытæ й. Къаппа-къуппатæ та дзы раст рæ нхъытæ й уырдыг лæ ууыдысты хæ рзарæ зт салдæ ттау. Салдæ ттæ й-иу иуы сæ р куы ахордта, уæ д та-иу ыл уайтагъд ног сæ р февзæ рди.

Уый æ дзухдæ р царди уым. Мæ мадæ н-иу куыд дзырдта, афтæ мæ й, Хъуг уым кæ д нæ цард, ахæ м рæ стæ г нæ хъуыды кодта. Арвыл чи ’мбæ лди, уыцы кæ рдæ гхуызцъæ х быруты мидæ гæ й æ рвыста йæ цард. Уыдоны æ дде цы ис, уымæ н ницы зыдта.

Бур Хъуг уыди Æ цæ г Æ хсин, стæ й алцыдæ р зыдта иттæ г хорз. Цыдæ риддæ р хъуыди, уыдонæ й цы нæ зыдта, ахæ м нæ уыд. Урс ын уыди урс, сау та — сау. Æ ндæ рхуызон ахорæ нтæ й сæ м ницы хæ ццæ кодта. «Къаппа-къуппатæ вæ ййынц кæ нæ адджын, кæ нæ — туаг, æ ндæ рхуызон сын уæ вæ н нæ й», — дзырдта-иу уый.

Стæ й уыди æ дзухдæ р æ нæ вдæ лон. Райсомæ й-иу уроктæ лæ вæ рдта йæ чызг Бур Рæ уæ дæ н. Фæ ссихор та-иу æ й ахуыр кодта хæ рзæ гъдаудзинад æ мæ уасыныл! Цыбыр дзырдæ й, уæ здандзинадмæ цыдæ риддæ р хауы, уыдоныл се ’ппæ тыл дæ р. Архайдта, цæ мæ й йæ чызг цыдаид раст хъомылгонд. Изæ рæ й-иу бавнæ лдтой æ хсæ вæ р хæ рынмæ. Бур Хъуг Бур Рæ уæ ды ахуыр кодта хорз кæ рдæ джы æ взæ рæ й иртасыныл. Чызг-иу куы схуыссыд, уæ д-иу мад уыгæ рдæ ны сынæ р цагъта. Йæ сæ ры-иу алыхуызон хъуыдытæ кæ рæ дзийы раив-баив кодтой...

Бонтæ цыдысты. Иу дзы уыди иннæ йы хуызæ н. Иу Бур Рæ уæ д-иу сдынджыр æ мæ -иу æ й иннæ раивта. Бур Хъугмæ афтæ каст, цыма цард уыдзæ н афтæ иухуызон. Уæ вгæ дзы исты ивддзинæ дтæ æ рцæ уа, уый дæ р æ й нæ фæ ндыд, уымæ н æ мæ йæ уырныдта, йæ цардæ й хуыздæ р цардæ н уæ вæ н кæ й нæ й.

Уыцы хъуыдытæ куыд кодта, афтæ æ рцыди æ нæ нхъæ лæ джы хъуыддаг. Мæ мадæ н куыд дзырдта, афтæ мæ й уыцы хъуыддагмæ æ нхъæ лмæ дæ р касти. Хабар та уыди афтæ. Сабыр мæ йрухс æ хсæ в арвыл стъалытæ æ рттывтой къаппа-къуппа дидинджыты хуызæ н. Мæ й та сæ астæ у уыди дынджыр бур дидинæ джы æ нгæ с.

Уыцы ’хсæ в, Бур Рæ уæ д йæ тæ ккæ фынтæ уынгæ йæ куы уыди, уæ д Бур Хъуг фæ гæ пп кодта æ мæ кафын райдыдта. Кæ д ын фæ ндырæ й ничи цагъта, уæ ддæ р афтæ хорз кафыд, æ мæ йын йæ аив змæ лдтытæ м алчидæ р бахæ лæ г кодтаид.

Куы-иу полькæ кафыди, куы шотландиаг джигæ, куы та-иу, уайтагъд йæ хæ дæ г кæ й æ рбаймысыди, ахæ м кафтмæ рахызти. Кафтæ й кафты æ хсæ н-иу, йæ сæ рæ й уæ здан акувгæ йæ, йæ раззаг къæ хтыл къаппа-къуппаты раз æ рзоныгыл кодта.

«Диссæ гтæ! — ахъуыды кодта йæ хинымæ р Бур Хъуг, денджызонты кафт кæ нын куы райдыдта, уæ д. — Æ з кафын æ дзухдæ р æ видауц хъуыддагыл нымадтон, фæ лæ дзы, куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й æ видауцæ й ницы ис. Æ з кæ ддæ риддæ р фæ зминаг хъугыл нымад уыдтæ н æ мæ иугæ р æ з кафын, уæ д дзы æ видауцæ й ницы ис».

Йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н дзæ вгар куы фæ кафыди, уæ д бамбæ рста, фынæ й кæ нын æ й кæ й хъæ уы. Фæ лæ куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й йæ бон кафын ныууадзын нæ уыди. Бур Рæ уæ ды фарсмæ æ рхуыссынмæ хъавыд, фæ лæ йæ къæ хтæ йæ коммæ нæ бакастысты. Уыдон кафыдысты æ мæ кафыдысты. Уыимæ се змæ лдтытæ кодтой алыхуызонæ й-алыхуызондæ р. Æ ппынфæ стаг рахызтысты вальсмæ. Хъугæ н дæ р æ ндæ р гæ нæ н нал уыд æ мæ семæ кафыди.

— О Хуыцау! — фæ хъæ р-иу кодта кафтæ й кафты ’хсæ н. — Ахæ м диссаг æ рцæ угæ никуыма федтон! Царциатæ й цы кæ ныс!

Кæ д йæ ныхæ стæ уæ здан æ хсины ныхæ сты хуызæ н уыдысты, уæ ддæ р йæ кафынæ й банцайын йæ бон нæ уыди.

Бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, хур арвы астæ умæ схæ ццæ, уæ ддæ р йæ кафынæ й нæ ма банцад. Кафгæ -кафын-иу куы уыгæ рдæ ны алыварс æ рзылди, куы-иу дæ ргъæ рдæ м фæ цагайдта, куы та — цæ хгæ рмæ. Йæ фæ стæ тæ ригъæ ддаг каст кодта, афтæ мæ й гурæ й-гурмæ тахти Бур Рæ уæ д. Ног изæ р куы ралæ ууыди, æ мæ Бур Хъуг йæ кафынæ й куы не ’нцади, уæ д йæ равг фехæ лди. Къуырийы кæ рон та бынтондæ р æ рæ нкъард.

— Хъуамæ мæ хъаст Къаролмæ бахæ ссон, — сфæ нд кодта Хъуг æ мæ йæ сæ р ныттылдта.

Бур Рæ уæ дæ н аба кодта, дæ хи-иу хорз дар, зæ гъгæ йын загъта æ мæ Къаролы галуанмæ атындзыдта.

Фæ ндагыл дæ р йæ кафынæ й нæ банцад. Æ рмæ ст-иу хаттæ й-хатт зæ хмæ фæ лæ бурдта æ мæ -иу дзы цы кæ рдæ джы халыл фæ хæ ст, уый стыдта. Чи йæ уыдта, уыдонæ н-иу фырдисæ й сæ цæ стытæ сæ къуырфыты нал цыдысты. Фæ лæ уæ ддæ р æ ппæ ты тынгдæ р йæ хиуыл дис кодта йæ хæ дæ г...

Æ ппынфæ стаг бахæ ццæ Къаролы галуанмæ æ мæ парахат асинтыл кафгæ балæ ууыд Къаролы къæ лæ тджыныны цур. Къæ лæ тджыны бадгæ сæ ййæ фта Къаролы. Уый уыди тынг æ нæ вдæ лон: хъуыды кодта ног закъонтæ. Йæ секретарь сæ хъазы сисæ й фыста гыццыл сырх фыссæ н чиныджы.

Йæ алыварс пæ р-пæ р кодтой йæ фæ сдзæ уинтæ æ мæ рæ сугъд сылгоймæ гтæ. Сæ дарæ с афтæ алыхуызон уыдис, æ мæ се ’рттывдæ й цæ стытæ тартæ кодтой. Уыимæ ныхас кæ рæ дзийы дзыхæ й исыныл нæ ауæ рстой.

— Цал закъоны сфæ лдыстон абон? — бафарста Къарол йæ секретары.

Секретарь фыссæ н чиныг фæ лдахынмæ фæ ци. Уайтагъд закъонтæ анымадта.

— Дыууадæ с æ мæ æ ртиссæ дзы, дæ иуылбæ рзонддзинад, — йæ сæ рæ й ныллæ г акувгæ йæ, дзуапп радта секретарь. Йæ хъазы сис афтæ даргъ уыди, æ мæ дзы лæ ппу, куы йыл фæ кæ ла, уымæ й тæ рсгæ йæ, йæ хи хъахъхъæ дта.

— Æ взæ р мын нæ бантыст. Афтæ мæ й сыл иу сахат йеддæ мæ нæ бакуыстон! — загъта Къарол, йæ хицæ й сæ рыстыр уæ вгæ йæ.

Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ сыстад æ мæ, йæ тинты кæ рц йæ уæ лæ æ рбадзæ бæ хтæ гæ нгæ йæ, загъта:

— Къарет мын! Сæ рæ лвынæ гмæ цæ уын.

Куыддæ р иу къахдзæ ф ракæ нынмæ хъавыд, афтæ ауыдта Бур Хъуджы. Фæ стæ мæ æ рбадт æ мæ йæ скипетрыл фæ хæ цыд.

— Уый цы у? — Бур Хъуг кафгæ йæ къæ лæ тджынмæ куыд æ рбацæ йцыд, уый ауынгæ йæ, фæ хъæ р кодта Къарол.

— Хъуг, дæ иуылбæ рзонддзинад, — хуымæ тæ джы хъæ лæ сыуагæ й дзуапп радта Хъуг.

— Уый æ з дæ р уынын, — загъта Къарол. — Саугуырм нæ ма бадæ н. Фæ лæ дæ ам цы хъæ уы? Рæ вдздæ р дзур. Мæ н не ’вдæ лы. Дæ с сахатмæ мæ сæ рæ лвынæ гмæ цæ уын хъæ уы. Æ нхъæ лмæ мæ м кæ сдзæ н. Мæ сæ р алвынын мæ æ нæ мæ нг хъæ уы, — æ мæ ма тызмæ гхуызæ й йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æ рмæ ст дæ Хуыцауæ й курæ гау курын æ мæ дæ дугъ кæ нынæ й фенцай! Кæ ннод, де ’нахъинон змæ лдтытæ м кæ сгæ йæ, мæ сæ р зилы.

— Йæ сæ р зилы! — сфæ змыдтой йæ æ мхъæ лæ сæ й йæ дæ лдæ ртæ.

— Йæ бæ ллæ х дæ р уый мидæ г ис, дæ иуылбæ рзонддзинад, — тæ ригъæ ддаг хъæ лæ сæ й загъта Хъуг, — æ мæ кафын банцайын мæ бон нæ у.

— Уый та куыд нæ у дæ бон? Æ дылы ныхæ стæ м хъусын мæ м нæ цæ уы! — фæ тъæ лланг ыл ласта Къарол. — Ныртæ ккæ куыд банцайай, афтæ. Уый у Къаролы бардзырд.

— Ныртæ ккæ куыд банцайай, афтæ! Уый у Къаролы бардзырд! — сфæ змыдтой йæ фæ сдзæ уинтæ.

Хъуг Къаролы бардзырд сæ ххæ ст кæ ныныл бæ ргæ архайдта, фæ лæ йæ къабæ зтæ й иу дæ р йæ коммæ нæ бакаст: кафыди æ мæ кафыди.

— Кафын банцайыныл бæ ргæ архайын, дæ иуылбæ рзонддзинад, фæ лæ мын дзы ницы уайы. Æ нæ банцайгæ йæ кафын æ вдæ м бон. Фынæ й дæ р нал кæ нын, стæ й, зæ гъæ н ис, æ мæ ницы хæ рын. Кæ д мын кæ рдæ джы хал стонын бантысы, æ ндæ р мын хизыны фадат дæ р нал и. Дæ умæ дæ р уый тыххæ й æ рбацыдтæ н, кæ д мын, зæ гъын, баххуыс кæ нис.

— Диссæ гтæ! — йæ сæ р аныхта Къарол æ мæ хъуыдыты аныгъуылд.

— Диссæ гтæ! — сфæ змыдтой йæ фæ сдзæ уинтæ.

— Æ мæ дæ м кафгæ йæ цавæ р æ нкъарæ нтæ фæ зыны? — бафарста йæ Къарол.

— Æ нахуыр æ нкъарæ нтæ, — дзуапп радта Хъуг. Стæ й ма, йæ алы дзырдыл дæ р бæ стон хъуыды кæ нгæ йæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: Æ ргом дзургæ йæ, æ хсызгон æ нкъарæ нтæ. Цыма... цыма мæ хуылфы худджытæ дыууæ рдæ м ратæ х-батæ х кæ нынц, уый хуызæ н.

— Ахæ м хабæ рттæ фыццаг хатт хъусын! — загъта Къарол.

Уый йæ рæ мбыныкъæ дзтæ йæ роцъомæ сбыцæ у кодта æ мæ хъуыдыты аныгъуылд. Стæ й æ васт ныхъхъæ р кодта:

— О Хуыцау!

— Цы ’рцыди? — æ мхъæ лæ сæ й фæ хъæ р кодтой йæ дæ лдæ ртæ.

— Æ мæ йæ уæ хæ дæ г нæ уынут? — нырдиаг кодта Къарол. Йæ фырдиссагæ й йæ скипетр йæ къухæ й æ рхауд. — Æ вæ ццæ гæ н, мæ сæ ры зонд фæ цыд, æ ндæ р æ й раздæ р куыннæ федтон?! Сымах дæ р иууылдæ р æ мхуызон сæ рхъæ нтæ стут, — æ мæ йæ цæ стæ нгас ахаста йæ дæ лдæ ртыл. — Йæ сыкъатæ й хаугæ стъалы ’рцахста, уый нæ уынут?

— Æ цæ гæ й, æ цæ гæ й! — фæ хъæ р кодтой дæ лдæ ртæ, Хъуджы сыкъатыл стъалы ауынгæ йæ. Цас æ м фылдæ р рæ стæ г кастысты, уыйбæ рц сæ м, цыма тынгæ й-тынгдæ р æ рттивы, афтæ каст.

— Аххос уый мидæ г ис! — загъта Къарол. — Уæ дæ афтæ, мæ дæ лдæ ртæ: стъалы райсут сыкъатæ й, цæ мæ й ацы æ хсин йæ кафынæ й банцайа æ мæ, куыд æ мбæ лы, афтæ аходæ н скæ на. Кафын дæ, æ хсин, стъалы кæ ны, — загъта Къарол, Хъугмæ раздæ хгæ йæ.

Къарол сæ йраг фæ сдзæ уинмæ, рæ вдздæ р æ вналут, зæ гъгæ, сæ рæ й ацамыдта. Уый арæ хстгай Хъуджы сыкъатæ й стъалы æ рисыныл ацархайдта, фæ лæ йын куы нæ бакуымдта, уæ д ын дыккаг æ ххуыс кæ нынмæ февнæ лдта. Дыккагæ н — æ ртыккаг, æ ртыккагæ н — цыппæ рæ м æ мæ афтæ дарддæ р. Æ ххуысгæ нджытæ й рауад дæ ргъæ й-дæ ргъмæ рæ хыс. Дардæ й кæ сгæ йæ афтæ зынд, цыма булкъ стонынмæ хъавыдысты.

— Мæ сæ р мын ма атонут! — лæ гъстæ гæ нæ гау бакодта Хъуг.

— Тынгдæ р ыл ахæ цут! — фæ хъæ р ласта Къарол.

Дæ лдæ ртæ йæ коммæ бакастысты. Уыдон стъалыйыл сæ тых, сæ бонæ й ахæ цыдысты. Афтæ хъæ ддыхæ й архайдтой, æ мæ сæ цæ сгæ мттæ рæ гъæ д мæ нæ ргъыйы хуызæ н сырх-сырхид афæ лдæ хтысты. Стъалыйыл ахæ ц-ахæ ц кодтой, цалынмæ сæ бон уыд, уæ дмæ. Æ ппынфæ стаг кæ рæ дзиуыл бафæ лдæ хтысты.

Стъалы йæ бынатæ й змæ лгæ дæ р нæ фæ кодта. Уый фидар лæ ууыди Хъуджы сыкъатыл.

— Ардæ м-ма æ рбайхъусут! — йе ’взаджы цъыкк фæ цыд Къаролæ н.

— Секретарь! Тагъд энциклопедийы фен, кæ ддæ ра дзы, стъалы хъуджы сыкъаты куы ныссæ дзы, уый тыххæ й цы фыссынц.

Секретарь Къаролы къæ лæ тджыны бын фæ мидæ г æ мæ уайтагъд рахылд дынджыр цъæ х чиныгимæ. Къаролы-иу исты сбæ лвырд кæ нын куы бахъуыд, уæ д-иу æ й уырдыгæ й райстой.

Секретарь энциклопеди тагъд-тагъд афæ лдæ хтытæ кодта.

— Ницы дзы ис ахæ мæ й, — загъта æ рæ джиау секретарь. — Мæ йæ уæ лдæ р чи сгæ пп кодта, уыцы хъуджы кой дзы ис, фæ лæ йын йæ хабæ рттæ дæ хæ дæ г дæ р зоныс.

Æ мæ дзы уыцы хъуджы тыххæ й цы ’мдзæ вгæ уыд, уый хъæ рæ й бакаст:

Байхъусут, сабитæ,

Ма кæ нут хъæ р:

Мæ йæ, дам, сгæ пп кодта

Иу хъуг уæ лдæ р.

Ахæ м гæ пгæ наг хъуг

А зæ ххыл нæ й!

Стæ й ма фæ зындзæ ни

Тагъд-тагъд зынæ й.

Къарол йæ армытъæ пæ нæ й йæ роцъо æ рсæ рфта. Уый йын-иу хъуыды кæ нынæ н хорз æ ххуыс кодта.

Уый фæ стæ, мæ стджын улæ фт скæ нгæ йæ, Хъугмæ бакаст æ мæ загъта:

— Хуыздæ р уынаффæ бакæ нын дын мæ бон нæ у. Бавдæ л, æ мæ ды дæ р уый бафæ зм.

— Цæ мæ й йæ хъуамæ бафæ змон? — бафарста Бур Хъуг.

— Мæ йæ уæ лдæ р сгæ пп кæ н. Чи зоны, æ мæ дын уый баххуыс кæ на. Мæ нмæ гæ сгæ, бафæ лварын æ мбæ лы.

— Мæ нæ й зæ гъыс? — мæ стджынхуызæ й бафарста Бур Хъуг.

— Дæ уæ й зæ гъын, уæ дæ кæ мæ й? — кæ дæ мдæ р æ й тагъд кæ нын кæ й хъæ уы, уый æ вдисгæ йæ, загъта Къарол. Æ мæ йæ æ цæ гæ йдæ р сæ рæ лвынæ гмæ тагъд кæ нын хъуыд.

— Цытджын паддзах, — загъта Хъуг. — Æ з дæ н рæ сугъд æ гъдæ уттыл хъомылгонд стур. Уæ здан уæ выныл мæ ахуыр кодтой чысылæ й фæ стæ мæ. Дзырдтой мын, гæ ппытæ кæ нын аив кæ й нæ у, уый дæ р.

Къарол сыстад æ мæ, йæ лæ дзæ гыл æ рæ нцой кæ нгæ йæ, загъта:

— Зынаргъ æ хсин, ды мæ æ ххуыс куырдтай, æ мæ дын, хуыздæ р цæ мæ й баххуыс кæ нон, уый нæ зонын. Æ ви дæ æ нусмæ кафын фæ нды? Æ ви дæ æ нусмæ æ ххормаг уæ вын фæ нды? Æ ви дæ æ нусмæ æ нæ фынæ й кæ нгæ йæ цæ рын фæ нды?

Бур Хъуджы цæ стытыл ауадысты донджын æ мæ хæ рзад къаппакъуппатæ. Æ рымысыди, уыгæ рдæ ны-иу кæ рдæ гыл куыд хуыссыди, уыцы нывтæ. Æ мæ йæ хинымæ р скарста: «Уæ д та иу хатт бафæ лварин? Кæ д мæ исчи базона, уæ д æ рмæ стдæ р Къарол! »

— Уый тынг бæ рзонд у? — бафарста Хъуг, йæ кафын нæ ныууадзгæ йæ.

— Мæ нмæ гæ сгæ, иу миляйæ къаддæ р нæ уыдзæ н, — загъта Къарол.

Бур Хъуг йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Ома æ з дæ р дæ ныхæ стимæ разы дæ н, зæ гъгæ. Иу уысмы бæ рц ахъуыды кодта æ мæ æ ппынфæ стаг сразы.

— Ахæ м ныллæ гмæ æ рхаудзынæ н, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н, дæ иуылбæ рзонддзинад. Хæ рдмæ гæ пп кæ нын! Ноджы Мæ йæ уæ лдæ р! Фæ лæ — бафæ лвардзынæ н! — загъта уый æ мæ кафгæ -кафын Къаролæ н йæ сæ рæ й акуывта.

— Иттæ г хорз! — фæ хъæ лдзæ гдæ р Къарол. Бамбæ рста, сæ рæ лвынæ гмæ дæ р кæ й нæ байрæ джы кæ ндзæ н, уый, æ мæ йæ цæ сгом дзæ вгар фæ рухсдæ р. — Мæ фæ дыл рацæ ут.

Къарол йæ ных сарæ зта дыргъдонмæ, йæ фæ дыл — фæ сдзæ уинтæ æ мæ лæ ггадгæ нджытæ.

— Уæ дæ афтæ, — загъта Къарол, фæ тæ н æ рдузмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д. — Куыддæ р ныхситт кæ нон, афтæ -иу сгæ пп кæ н.

Йæ дзыппæ й дынджыр сызгъæ рин æ хситгæ нæ н систа æ мæ дзы фæ лварæ н фу ныккодта. Æ хситт йæ зæ рдæ мæ куы фæ цыд, уæ д загъта:

— Мæ нмæ хъус. Иу!.. Дыууæ!.. Æ ртæ!.. — æ мæ ныхситт кодта.

Бур Хъуг арф сулæ фыд æ мæ сгæ пп кодта. Æ мæ хуымæ тæ джы гæ пп куы уыдаид! Зæ хх уайтагъд бынæ й дæ лиау аззад. Къарол æ мæ йæ дæ лдæ рты ас къаддæ рæ й-къаддæ р кодта. Æ ппынфæ стаг дзы иуы дæ р цæ ст нал уыдта. Хъуг та тахти уæ лдæ рæ й-уæ лдæ р. Стъалытæ уыдысты дынджыр тæ бæ гъты хуызæ н. Уалынмæ æ виппайды рухсæ й йæ цæ стытæ атартæ сты æ мæ ницыуал ауыдта. Куыд бамбæ рста, афтæ мæ й уыдон уыдысты мæ йы уазал тынтæ. Хъуг йæ цæ стытæ бацъынд кодта, афтæ мæ й мæ йæ куы фæ уæ лдæ р, уæ д зæ хмæ йæ сæ р фæ гуыбыр кодта. Йæ сыкъатæ й стъалы фæ бырыд æ мæ гуыргуыргæ нгæ арвыл атахти.

Дард кæ мдæ р куы фæ тар, уæ д Хъуджы хъустыл ауадысты æ нахуыр музыкæ йы æ хсызгон зæ лтæ. Иу уысмы фæ стæ Хъуг фæ стæ мæ зæ ххы балæ ууыд. Уыимæ Къаролы дыргъдоны нæ, фæ лæ йæ хи уыгæ рдæ ны!

Сæ йрагдæ р та йæ кафынæ й банцад!

Йæ къæ хтæ цыдысты, йæ хицæ н аргъ кæ нын чи зоны, ахæ м хæ рзæ гъдау, уæ здан стуры къæ хтæ куыд фæ цæ уынц, афтæ. Сабыр къахдзæ фтæ й араст Бур Рæ уæ ды размæ. Фæ ндаджы алыварс цы сойджын кæ рдæ г зад, уымæ й-иу стыдта æ мæ -иу æ й зæ рдиагæ й аууылдта...

— Куыд æ хсызгон мын у, кæ й фæ зындтæ, уый! — загъта Бур Рæ уæ д. — Æ нæ дæ у мын тынг æ нкъард уыд!

Хъуг ын аба кодта æ мæ хизын райдыдта. Æ нæ хъæ н къуыри æ ххормаг уыди æ мæ йын фыццаг хатт фæ ци йæ хи бафсадыны фадат.

Афтæ цæ рын райдыдта йæ раздæ ры цардæ й. Фыццаг йæ зæ рдæ мæ цыди. Йæ хи хуыдта амондджын. Цин кодта, йæ бон æ нæ кафгæ йæ хæ рын кæ й уыд, кæ рдæ гыл йæ фæ ллад уадзгæ йæ сынæ р цæ гъдын, æ хсæ выгон та йын фынæ й кæ ныны фадат кæ й фæ ци, ууыл. Фæ лæ чысыл фæ стæ дæ р æ нкъард кæ нын байдыдта. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уыгæ рдæ н, къаппа-къуппатæ, Бур Рæ уæ д — уыдон иууылдæ р хорз уыдысты, фæ лæ йын цыма цыдæ р нæ фаг кодта, афтæ кæ сын æ м райдыдта. Æ рмæ ст цы, уый раздæ р йæ хæ дæ г дæ р не ’мбæ рста. Æ ппынфæ стаг бамбæ рста, йе стъалы йын кæ й нæ фаг кæ ны. Æ вæ ццæ гæ н, кафыныл фæ цалх æ мæ йæ буарæ н нæ фаг кодта, кафгæ йæ цы ’хсызгондзинад иста, уый. Смæ стыгæ р, хæ рын æ м нал цыд. Хатгай-иу, ницы æ фсон ын-иу уыди, афтæ мæ й кæ уын дæ р райдыдта.

— Иу хатт мæ мадмæ бацыди, йæ хабæ рттæ йын радзырдта æ мæ дзы куырдта, цæ мæ й йын баххуыс кæ на йæ уавæ рæ й фервæ зынæ н.

— Мæ ахсджиаг! — загъта йын мæ мад. — Дæ умæ гæ сгæ арвыл иу стъалы йеддæ мæ нæ й? Уыдон милуантæ сты! Зæ хмæ дæ р дзы алы æ хсæ в дæ р милуантæ ’рхауы! Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уыдон иууылдæ р иу ранмæ нæ хауынц! Нæ й сын иу уыгæ рдæ нмæ хауæ н дæ р.

— Дæ умæ гæ сгæ, æ з балцы куы ацæ уин, уæ д... — райдыдта Бур Хъуг, æ мæ йæ цæ стытæ цины ’рттывд фæ кодтой.

— Æ нæ мæ нг афтæ! — загъта мæ мад. — Дæ бынаты æ з ууыл бирæ нæ фæ хъуыды кæ нин. Чи агуры, уый ссары.

— Æ нæ иу ныхасæ й æ з афтæ бакæ ндзынæ н, — хъæ лдзæ гæ й загъта Бур Хъуг. Æ нæ мæ нг бакæ ндзынæ н!

Мэри Поппинс йæ дзурынæ й банцад.

— Нæ цæ хгæ рмæ уынгмæ цæ мæ н æ рбацыд, æ з уый базыдтон! — хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, загъта Джейн.

— Æ з дæ р! — сразы йемæ Майкл. — Йе стъалы агуры.

Мэри Поппинс, йæ бынаты фесхъиугæ йæ, фæ хъæ р кодта:

— Сэр, ныртæ ккæ рудзынджы цурæ й куыд рацæ уай, афтæ! — Æ з цырагъ хуыссын кæ нын. Фынæ й кæ нын афон у!

Бафынæ йы размæ дæ р ма сæ хъуыдытæ уыдысты Бур Хъугимæ. Фæ ндыди сæ, тынг сæ фæ ндыди, цæ мæ й йе стъалы ссардтаид, уый.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.