![]()
|
|||
ÆРТЫККАГ СÆР. МИСС ЛАРК ÆМÆ ЭДУАРДМисс Ларк цард сыхаг хæ дзары. Фæ лæ уал нæ ныхас райдайыны агъоммæ хъуамæ ракæ нæ м ацы хæ дзары хабæ рттæ. Ацы хæ дзар уыди тынг дынджыр хæ дзар. Цыбыр дзырдæ й, æ нæ хъæ н Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы уымæ й стырдæ р хæ дзар нæ уыди. Суанг ма адмирал Бумы бон дæ р нæ баци, мисс Ларкы хæ дзармæ хæ лæ гæ й кæ й мæ лы, уый бамбæ хсын, афтæ мæ й йæ хицæ н цы диссаджы бæ стыхай ис, уыимæ куы базонгæ стут. Йæ хæ тæ лтæ уыдысты æ цæ г науы хæ тæ лты æ нгæ с, йæ кæ рты та наухъилыл фæ йлыдта тырыса. Фæ лæ -иу ын сыхæ гтæ, хæ дзармæ куыд хæ лæ г кодта, йæ уыцы ныхæ стæ æ нæ фехъусгæ нæ фесты: — Ацы хæ дзармæ кæ сгæ йæ мæ игæ ры кæ рон фырмæ стæ й ссудзы! Уæ д цымæ ахæ м галуанæ й цы аразы?! Адмирал Бумæ н ма йæ тъæ нгтæ цагъта, хæ дзармæ дыууæ бацæ уæ ны кæ й уыд, уый дæ р. Иу — мисс Ларкы хæ лæ рттæ æ мæ хæ стæ джытæ н, иннæ та — æ хсыр, дзидза æ мæ дзулуæ йгæ нджытæ н. Иу хатт дзулуæ йгæ нæ г иннæ дуарыл куы бахызт, уæ д мисс Ларк афтæ смæ сты, æ мæ басомы кодта, цалынмæ цæ ра, уæ дмæ дзул йæ дзыхмæ кæ й никуыуал схæ сдзæ н, уый тыххæ й. Раст зæ гъын хъæ уы, дзулуæ йгæ нæ гæ н æ ппынфæ стаг йæ рæ дыд ныххатыр кæ нын бахъуыд, уымæ н æ мæ æ нæ хъæ н зылды уымæ й хæ рзаддæ р дзултæ ничи кодта. Фæ лæ уæ дæ й фæ стæ мæ дзулуæ йгæ нæ гмæ фыццаджы хуызæ н цæ стæ й нал каст. Уый дзулуæ йгæ нæ г æ мбæ рста æ мæ -иу дзултимæ куы ’рбацыд, уæ д-иу йæ уæ рæ хчъил худ йæ ныхыл ныллæ г æ ркодта, цæ мæ й йæ мисс Ларк æ ндæ р исчи фенхъæ лдтаид, уый тыххæ й. Фæ лæ -иу æ й мисс Ларк алы хатт дæ р базыдта... Мисс Ларк-иу цæ хæ радоны куы уыд, кæ нæ -иу уынджы куы фæ цæ йцыд, уæ д-иу æ й Джейн æ мæ Майкл уайтагъд базыдтой, уымæ н æ мæ йыл уыйбæ рц хъусцæ джытæ, фæ рдгуытæ æ мæ цæ нгдарæ нтæ уыд, æ мæ -иу полчъы оркестры хуызæ н уынæ р кодтой. Сывæ ллæ ттыл-иу кæ мфæ нды куы амбæ лдаид, уæ ддæ р сын æ дзухдæ р дзырдта уыцы иухуызон ныхæ стæ: — Уæ бон хорз (кæ нæ, кæ д райсом уыдаид, уæ д: «уæ райсом хорз»). Гъы, æ мæ нæ хи куыд æ нкъарæ м? Джейн дæ р æ мæ Майкл дæ р кæ ронмæ никуы бамбæ рстой, Джейн æ мæ Майкл сæ хи куыд æ нкъарынц, уымæ й сæ фæ фæ рсы æ ви мисс Ларк æ мæ Эдуард сæ хи сæ хæ дæ г куыд æ нкъарынц, уый фæ дзуры. Æ мæ -иу уыдон дæ р хуымæ тæ джы дзуапп радтой: — Дæ райсом дæ р хорз (кæ д-иу райсом уыд, уæ д, фæ ссихор, уæ д та «дæ бон дæ р хорз»). Сабитæ кæ мфæ нды куы уыдаиккой, уæ ддæ р æ рвылбон дæ р сæ хъустыл уад мисс Ларкы хъæ р (хуымæ тæ джы хъæ р нæ, фæ лæ тынг хъæ р): — Эдуард, кæ м дæ? — Эдуард, æ нæ пъалтойæ ма рацу! — Эдик, рауай нанамæ! Æ цæ гæ лон адæ ймаг банхъæ лдзæ н, Эдуард гыццыл лæ ппу у, зæ гъгæ. Уæ вгæ, Джейны уырныдта, мисс Ларк Эдуарды æ цæ гæ йдæ р гыццыл лæ ппуйыл кæ й нымайы. Фæ лæ Эдуард гыццыл лæ ппу нæ уыд. Эдуард уыд гыццыл къæ была, зæ лдагхуыз, къæ бæ лдзыгхъуын чысыл къæ была. Фыццаг хатт æ й чи уына, уый йæ, цалынмæ срæ йа, уæ дмæ æ нхъæ лдзæ н, сылгоймæ гтæ зымæ джы дыууæ рдыгæ й сæ къухтæ уазалæ й кæ м амбæ хсынц, ахæ м æ рмкъух у, зæ гъгæ. Фæ лæ -иу куы срæ йдта, уæ д-иу, къæ была кæ й у, уый дызæ рдыггаг нал уыд. Ахæ м æ рмкъухтæ бæ стæ, Эдуарды хуызæ н, сæ рæ йды бын нæ фæ кæ нынц. Гъе æ мæ ацы Эдуардæ н ахæ м уæ лбикъон цард уыд, æ мæ йæ м персайнаг сах дæ р бахæ лæ г кодтаид. Уый мисс Ларкы уаты хуыссыди зæ лдаг базыл. Къуыри дыууæ хатты машинæ йы цыди сæ рæ лвынæ гмæ. Уый-иу æ й шампунæ й ныхсадта. Аходæ н, сихор æ мæ йын æ хсæ вæ рыл лæ вæ рдтой æ хсырысæ ртæ, иуæ й-иу хатт та — устрицæ тæ. Уыдис ын цыппар пъалтойы: дæ ргъытæ æ мæ чырынтæ, алкæ й хуыз дæ р дзы — æ ндæ рхуызон. Цыбыр дзырдæ й, йæ æ рвылбоны дарæ с уыд, иннæ тæ бæ рæ гбоны цы дзаумæ тты фæ цæ уынц, ахæ м. Эдуардæ н йæ гуырæ н боны фынгыл тъортыл иу сойын цырагъы бæ сты æ вæ рдтой дыууæ. Æ ппæ т уыдæ тты тыххæ й йæ йæ алыварс адæ мæ й ничи уарзта. Эдуард-иу сæ рæ лвынæ гмæ мисс Ларкы машинæ йы фæ стаг бадæ ны, йæ диссаджы пъалтойы бадгæ йæ, сыхæ гты рæ зты куы фæ цæ йтахт, уæ д-иу сыхæ гтæ худæ гæ й артæ нхæ лдтытæ кодтой. Цæ мæ й уымæ л рæ стæ джы Эдуарды бон парчы тезгъо кæ нын уыдаид, уый тыххæ й йын мисс Ларк дыууæ йы фæ лыст сæ рак батинкæ тæ куы балхæ дта, уыцы бон æ нæ хъæ н цæ хгæ рмæ уынг быруйы раз æ рæ мбырд, цæ мæ й Эдуардыл сæ зæ рдæ йы фаг фæ худтаиккой. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мисс Ларк сæ куыннæ базыдтаид, афтæ мæ й. — Фу! — загъта иуахæ мы Майкл, æ вддæ сæ м хæ дзарæ й сæ сыхæ гты æ хсæ н цы быру уыд, уый зыхъхъырæ й Эдуарды митæ м куы кастысты, уæ д. — Фу! Йæ хицæ й ницæ йагдæ р зын ссарæ н у! — Цæ мæ й йæ зоныс? — уыцы дисхуызæ й йæ бафарста Джейн. — Зонын æ й. Абон æ й райсомæ й папæ дæ р ахæ м схуыдта. — Уымæ æ ппындæ р ницæ йагæ й ницы ис! — загъта Мэри Поппинс. — Ууыл ныхас ахицæ н! Мэри Поппинс раст уыди. Эдуард ницæ йаг кæ й нæ уыди, уый фæ стæ дæ р фендзыстут. Эдуард мисс Ларкы нæ уарзта, зæ гъгæ, уæ афтæ мачи ахъуыды кæ нæ д. Уый йæ кодта йæ хирдыгон уарзт. Æ мæ йæ уарзгæ дæ р куыннæ хъуамæ кодтаид, гыццыл къæ былайæ фæ стæ мæ йын уыйбæ рц хорздзинæ дтæ фæ ци! Суанг ма, æ гæ р батæ йын кæ й кодта, уый дæ р ницæ мæ дардта. Фæ лæ Эдуардæ н, цы цардæ й царди, уый, æ ргом дзургæ йæ, тынг сæ над. Йæ зæ рдæ фæ цъæ х карчы сгуытæ æ мæ хъайлатæ й. Бынтæ йæ м куы уыдаид, уæ д сын сæ тæ ккæ æ мбис радтаид хом дзидзайы карстыл. Уымæ н æ мæ йæ куыдзы уд бæ ллыди хуымæ тæ джы кæ ртхъахъхъæ нæ г куыдз суæ вынмæ. Йæ фыдæ лты рæ зты-иу куы фæ цæ йцыд — уыдоны къамтæ н кадджын бынат уыд мисс Ларкы уазæ гдоны — уæ д-иу йæ буарыл зыр-зыр бахæ цыд. Фырæ фсæ рмæ й. Цал æ мæ йæ цал хатты фæ ндыди, цæ мæ й йын ма уыдаид фыд дæ р, мад дæ р, фыды фыд дæ р, мады фыд дæ р, фыды фыды фыд дæ р, цæ мæ й-иу уыдоны тыххæ й мисс Ларк бæ стæ йæ сæ рыл ма систаид! Хæ ларæ й æ рмæ стдæ р кæ ртхъахъхъæ нæ г куыйтимæ хуымæ тæ джы нæ цард. Куыддæ р ын-иу фадат фæ ци, афтæ -иу уынгмæ фæ цагайдта æ мæ -иу сыхаг куыйтæ й искæ й фæ зындмæ æ нхъæ лмæ каст. Йæ уд, йæ дзæ цц уыдис куыйты æ рвылбоны царды тыххæ й аныхæ стæ кæ нын. Фæ лæ -иу æ й куыддæ р мисс Ларк ауыдта, афтæ -иу æ й хъæ ры бын фæ кодта: — Эдик! Эди, нæ химæ рацу, мæ гыццыл мур! Уыцы уынгзил куыйтæ м хæ стæ г ма цу! Эдуардæ н-иу æ ндæ р гæ нæ н нал уыд æ мæ -иу сæ химæ араст. Коммæ куы нæ кастаид, уæ д йæ уавæ р ноджы æ взæ рдæ р уыдаид: мисс Ларк æ й æ нæ фсармæ й йæ дæ ларм акодтаид æ мæ йæ сæ химæ ахастаид. Уымæ й та Эдуард йæ сыхæ гты æ хсæ н фæ уыдаид цæ рæ нбонты худинаг. Æ намонд къæ была-иу ныссырх, афтæ мæ й-иу асинтыл хæ рдмæ фæ цагайдта, цæ мæ й йæ мисс Ларк йæ сызгъæ рин, йæ цин, йæ сæ кæ ры къæ ртт куыд хоны, уый йæ хæ лæ рттæ ма фехъуыстаиккой. Эдуарды хуыздæ р æ рдхорд уыд хуымæ тæ джы кæ ртхъахъхъæ нæ г куыдз. Йæ ныййарджытæ й иу уыд эрдель, иннæ та — цуанон. Стæ й дзы иу дæ р уæ здæ ттыл нымад нæ уыд. Искуы куыйтæ фæ хыл сты, зæ гъгæ -иу алы хатт дæ р сæ тæ ккæ астæ у фæ мидæ г. Æ ппæ ты тынгдæ р та нæ фидыдта постхæ сджытæ æ мæ пъæ лицæ йæ гтимæ. Йæ уд, йæ дзæ цц уыд бырондæ ттыл зилын. Сыхæ гтæ иууылдæ р цинæ й мардысты, уый сæ иуы куыдз дæ р кæ й нæ у, ууыл... Фæ лæ йæ Эдуард уарзта æ мæ -иу йемæ фембæ лынмæ йæ уды быцъынæ г тыдта. Фылдæ р хæ ттыты-иу парчы фембæ лдысты, æ мæ -иу сын уæ д фæ ци æ рмæ стдæ р кæ рæ дзимæ басмудыны фадат. Фæ лæ -иу сыл хуыздæ р рæ стæ джытæ дæ р скодта. Раст зæ гъын хъæ уы, уый-иу тынг стæ м хатт уыд, фæ лæ -иу быруйы фæ йнæ фарсæ й сæ зæ рдæ йы фаг фæ ныхæ стæ кодтой. Эдуард-иу базыдта горæ ты ног хабæ рттæ. Хуымæ тæ джы куыдз куыд æ нæ хъола худт кодта, уымæ й бамбарæ н уыд, йæ ныхæ сты æ нæ уаг дзырдтæ дæ р кæ й уыд... Уыцы рæ стæ г сын сæ зæ рдиаг ныхас фескъуыдта мисс Ларкы цъæ хснаг хъæ лæ с. Сылгоймаг рудзынгæ й ракаст æ мæ Эдуарды хуыдта мидæ мæ. Уазæ г йе ’взаг фелвæ ста, Эдуардмæ йæ цæ ст фæ ныкъуылдта æ мæ, йæ фæ стаг æ рдæ г тилгæ, сæ рыстырæ й уынджы дæ лæ мæ фæ раст. Эдуарды уынгмæ цæ уын æ ппындæ р никуы уагътой. Æ ддæ мæ цæ уын йæ бон уыд мисс Ларкимæ — паркмæ, кæ нæ йæ лæ ггадгæ нджытæ й искæ имæ — сæ рæ лвынæ г кæ нæ къухы ныхтæ ахорæ гмæ. Джейн æ мæ Майкл дисæ й куыннæ амардысты, парчы сæ рæ зты Эдуард, йæ къæ дзил бæ рзонд сисгæ йæ, цыма тигры фæ дыл фæ хæ ст, уый хуызæ н зыбыты иунæ гæ й куы фæ цæ йтахт, уæ д. Мэри Поппинс фаззæ тты уæ рдон иуварс куы нæ фæ зылдтаид, уæ д æ й Эдуард, æ вæ ццæ гæ н, скъуырдтаид. Джейн æ мæ Майклы хъæ рахст ссыд. — Эдуард! Дæ пъалто кæ м ис? — фæ хъæ р æ м кодта Майкл. Уыимæ архайдта мисс Ларкы хъæ лæ с фæ змыныл. — Эдуард! Ды тынг æ взæ р лæ ппу дæ! — схъæ р ыл кодта Джейн. Йæ хъæ лæ с мисс Ларкы хъæ лæ сы хуызæ н тынгдæ р рауад, уымæ н æ мæ уый чызг уыд. Фæ лæ сæ Эдуард хъуыды дæ р не ’ркодта. Æ рмæ ст сæ м æ нæ уынон цæ стæ й ракаст æ мæ Мэри Поппинсыл хъæ рæ й срæ йдта. — Æ у-æ у! Æ у-æ у! — сфæ лхат кодта цалдæ р хатты Эдуард. — Чысыл фæ лæ уу, ахъуыды кæ нон. О! Мæ нмæ гæ сгæ, фыццаг уынджы рахизæ рдæ м фæ зилын хъæ уы, уым дыккаг хæ дзар рахизæ рдыгæ й, — загъта Мэри Поппинс. — Æ у? — загъта Эдуард. — Нæ -а, уым цæ хæ радон нæ й. Уый кæ рт у. Йæ дуар æ дзухдæ р гом вæ ййы. Эдуард ногæ й срæ йдта. — Уый бæ лвырд нæ зонын, — загъта Мэри Поппинс, — фæ лæ цыма — о. Ацафон арæ хдæ р сæ химæ вæ ййы. Эдуард йæ сæ р батылдта æ мæ дарддæ р атындзыдта. Джейн æ мæ Майклæ н фырдисæ й сæ цæ стытæ сæ къуырфыты нал цыдысты. — Цытæ дын дзырдта? — æ мфарст æ й акодтой сабитæ. — Уадиссагæ й ницы. Лыстæ г хабæ рттæ! — дзуапп радта Мэри Поппинс. Уыимæ йæ былтæ афтæ тынг æ рбацъынд кодта, цыма иу ныхас скæ нынмæ дæ р нал хъавыд, уый хуызæ н. Æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, ничиуал ницы дзырдта, æ рмæ ст ма уæ рдонæ й хъуыст фаззæ тты дыгъал-дыгъул. — Уыдон лыстæ г хабæ рттæ нæ уыдысты! — срæ цыгъта Майкл. — Ницæ йаг хабæ рттæ хонæ н сын нæ й! — йæ фарс рахæ цыд Джейн. — Сымах сæ мæ нæ й хуыздæ р зонут, нæ? Æ дзухдæ р афтæ вæ ййы! — æ нæ рвæ ссонхуызæ й бафиппайдта Мэри Поппинс. — Æ вæ ццæ гæ н дæ, чидæ р кæ м цæ ры, уымæ й фарста, — райдыдта Майкл. — Кæ д хабæ рттæ зоныс, уæ д ма мæ цы фæ рсыс? — сбустæ йыл кодта Мэри Поппинс. — Æ з энциклопеди нæ дæ н! — Майкл, — бадзырдта йын йæ хъусы Джейн. — Афтæ куы дзурай, уæ д нын ницы зæ гъдзæ н. Дæ хорзæ хæ й, Мэри Поппинс, зæ гъ-ма нын, Эдуард дын цытæ дзырдта! — Мæ нæ дзы де ’фсымæ ры бафæ рс. Уый цы нæ зоны, ахæ м нæ й, — загъта Мэри Поппинс æ мæ йæ тызмæ г цæ стæ нгас Майклмæ аздæ хта. — Æ з сын ницы зонын! Ард хæ рын, кæ й ницы зонын, уый тыххæ й. Ды-ма нын сæ радзур. — Цыппæ рæ м æ рдæ г. Цай цымын афон у, — загъта Мэри Поппинс, сывæ ллæ тты уæ рдон цæ хгæ р фæ зылдта, æ мæ хæ дзармæ араст сты. Йæ былтæ цыма ныхæ ст уыдысты, уый хуызæ н кæ рæ дзиуыл бандæ гъдысты. Цалынмæ цыдысты, уæ дмæ йæ дзыхæ й иу ныхас дæ р нал схауд. Джейн æ мæ Майкл иуцасдæ р фæ сте аззадысты. — Уый дæ у аххос уыд, — загъта Джейн. — Ныр никуыуал ницы базондзыстæ м! — Æ мæ цы! — загъта Майкл æ мæ йæ хæ дтулгæ йы (самокаты) атындзыдта. — Къæ была цытæ дзырдта, уый мæ никуы бахъæ удзæ н. Уæ вгæ та йæ зонын алцыдæ р фæ ндыд. Фæ лæ хъуыддаг афтæ рауад, æ мæ уый дæ р, Джейн дæ р æ мæ иннæ тæ дæ р, цы ’рцыди, уый базыдтой цай бацымыны размæ. Сæ хæ дзары ракомкоммæ куы ’рбахæ ццæ сты æ мæ фæ ндаджы иннæ фарсмæ бахизынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сæ сыхæ гты хæ дзарæ й райхъуыст æ нахуыр хъæ лæ ба. Сæ цæ стыты раз сыстад æ нахуыр ныв. Мисс Ларкы лæ ггадгæ нджытæ дыууæ йæ дæ р, цыма сæ стыр хæ зна фесæ фт, уый хуызæ н æ рратау цæ хæ радоны дугъ систой, асгæ рстой-иу алы къудзийы бын дæ р æ мæ та-иу дарддæ р атындзыдтой. Уым уыдис æ вддæ сæ м хæ дзарæ й Робертсон Эй дæ р. Уый та, нарæ г къахвæ ндагыл цы хуыртæ калд уыд, уыдон ракал-бакал кодта, цыма, цы агуырдта, уый хуырты бынæ й разындаид, уый хуызæ н. Мисс Ларк, йæ хæ дæ г йæ армытъæ пæ нтæ й йæ уæ лкъухтæ æ ууæ рдгæ йæ, цæ хæ радоны къуымты сдыууæ рдæ м æ мæ хъæ р кодта: — Эдуард! Эдуард! О ме Скæ нæ г, фесæ фти! Мæ гыццыл лæ ппу фæ дæ лдзæ х! Пъæ лицæ мæ фæ хабар кæ нын хъæ уы! Æ з премьер-министрмæ дæ р ацæ удзынæ н! Эдуард фесæ фт! О ме Скæ нæ г! — Мисс Ларк тæ ригъæ д у! — фæ хъæ р кодта Джейн æ мæ фæ ндаджы иннæ фарсмæ батахт. Цыфæ ндыйæ дæ р мисс Ларкæ н тæ ригъæ д кодта. Фæ лæ уавæ р фæ лæ мæ гъдæ р кодта — уыимæ тагъд — сымахмæ гæ сгæ, чи? — Майкл. Сæ кулдуары цурмæ куы бахæ ццæ, уæ д фæ стæ мæ фæ каст, æ мæ цæ хгæ рмæ уынджы кæ рон йæ цæ ст цæ уылдæ р æ рхæ цыд. — Мисс Ларк, уартæ Эдуард æ рбатæ хы. Уартæ, уартæ адмирал Бумы хæ дзары тигъмæ ’рбахæ ццæ! — ныхъхъæ р кодта Майкл. — Кæ м и, кæ, фенын-ма мын æ й кæ н! — йæ дзыхы ныхас нал бадт, афтæ мæ й лæ гъстæ гæ нæ г хъæ лæ сæ й тыххæ йты сфæ рæ зта мисс Ларк. Æ ппынфæ стаг сылгоймаг бамбæ рста, кæ дæ м ын амонынц, уый, æ мæ нымдзаст адмирал Ларкы хæ дзары тигъмæ. Æ цæ гæ йдæ р дзы Эдуарды ауыдта. Уый цыди уыцы æ нæ мæ тæ й, йæ фарсмæ сыллынк-мыллынк кодта, йæ иу æ мбис эрделы, йе ’ннæ ’мбис та цуаноны хуызæ н кæ мæ н уыд, рæ уæ ды йас ахæ м куыдз (кæ д ма йæ хъуыды кæ нут, уæ д дыууæ æ мбисы дæ р сæ уæ здæ ттæ й нæ уыдысты). — О ме Скæ нæ г, мæ нæ цы амондджын дæ н! — дæ лиуæ й ныуулæ фгæ йæ, фæ кодта мисс Ларк, — мæ нæ цы уæ ззау дур ахауд ме ’ккойæ! Мэри Поппинс æ мæ сабитæ æ рлæ ууыдысты кулдуары цур. Мисс Ларк æ мæ дыууæ лæ ггадгæ нæ джы лæ ууыдысты быруйы цур. Робертсон Эй йæ лæ дзæ гыл æ рæ нцой кодта, æ мæ иууылдæ р æ нæ дзургæ йæ кастысты Эдуардмæ. Эдуард æ мæ йе ’мбал хæ дзары ’рдæ м цыдысты уыцы хъуыддагхуызæ й. Эдуарды цæ стытæ æ вдыстой цыдæ р нысанмæ тырнындзинад. — О ме Скæ нæ г! Уыцы смаггæ наг куыдз та! — сдыгъал-дыгъул кодта мисс Ларк, Эдуарды æ мбæ лццоны ауынгæ йæ. — Фесæ ф! Фесæ ф, зæ гъын! Дæ дымгæ дæ р ам куыднæ уал уа, афтæ! Куыдз уыцы ныхæ стæ ницæ мæ ’рдардта, æ ндæ р йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н быруйы рæ бын йæ хи не ’руагътаид. Ноджы ма йæ рахиз къахæ й йæ галиу хъус куы аныхта æ мæ йæ ком куы айвæ зта, уæ д мисс Ларкы маст тынгдæ р рафыхт. — Фесæ ф ардыгæ й! Фесæ ф, зæ гъын, ардыгæ й! — йæ къухтæ йыл сцагъта мисс Ларк. — Ды та, Эдуард, — дзырдта дарддæ р мисс Ларк, ныртæ ккæ йы минутыл нæ химæ цæ угæ. Иунæ гæ й куыд ацыдтæ?! Зыбыты иунæ гæ й, ноджы æ нæ пъалтойæ! Мæ зæ рдæ мын тынг фæ риссын кодтай! Эдуард зивæ ггæ нгæ бакъæ у-къæ у кодта, фæ лæ йæ бынатæ й нæ фезмæ лыд. — Уый куыд æ мбаргæ у, Эд? Ныртæ ккæ нæ химæ цæ угæ! Эдуард та скъæ у-къæ у кодта. — Уымæ й цы зæ гъынмæ хъавы, уый зоныс? — бафарста йæ Мэри Поппинс. — Æ з, дам, нæ химæ цæ уынмæ нæ хъавын. Мисс Ларк Мэри Поппинсмæ разылд æ мæ йæ æ нæ уынон цæ стæ нгасæ й къахæ й сæ рмæ сбарста: — Бафæ рсын аипп ма уæ д, фæ лæ, мæ куыдз цы зæ гъынмæ хъавы, уый цæ мæ й зоныс? Ныртæ ккæ уый, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ химæ ацæ удзæ н! Фæ лæ Эдуард, йæ сæ р ныттилгæ йæ, цыдæ ртæ бахъуыр-хъуыр кодта. — Нæ ацæ удзæ ни, — загъта Мэри Поппинс. — Æ нæ йе ’мбал нæ ацæ удзæ ни. — Цытæ мын дзурыс?! — тызмæ гæ й загъта мисс Ларк. — Уый афтæ нæ загъта. Æ з дын ахæ м смаггæ наг уынгзилы мæ цæ хæ радонмæ уадзын! Эдуард та срæ йдта æ ртæ æ ви цыппар хатты. — Æ з, дам, афтæ сфæ нд кодтон, — загъта Мэри Поппинс. — Кæ д, дам, мæ ам йемæ цæ рын нæ бауадзой, уæ д, дам, æ з ацæ удзынæ н æ мæ ме ’мбалимæ цæ рдзынæ н. — Эдуард, æ з дæ уæ н цы хорздзинæ дтæ фæ дæ н, уый фæ стæ ахæ м ныхæ стæ кæ нын дæ цæ сгом куыд хъæ цы? — Мисс Ларкы скæ уынмæ бирæ нал хъуыд. Эдуард та срæ йæ гау кодта æ мæ иннæ рдæ м азылд. Стыр куыдз сыстади. — О ме Скæ нæ г, фæ цæ уы! Мæ нмæ гæ сгæ, Эдуард дæ р йæ фæ дыл цæ уынмæ хъавы! — йæ кæ уын нал баурæ дта мисс Ларк. Иучысыл акæ уыны фæ стæ, йæ къухмæ рзæ нæ й йæ фындз ныммæ рзгæ йæ, загъта: — Гъемæ хорз, Эдуард. Басастай мæ. Уадз æ мæ ацы... ацы кæ ртхъахъхъæ нæ г махмæ баззайæ д. Фæ лæ иу «фæ лæ »-имæ: хуысдзæ ни, æ взалы кæ м вæ ййы, уыцы ныккæ нды. — Уымæ н, дам, уæ вæ н нæ й. Йе ’мбал дæ р хъуамæ дæ уаты зæ лдаг базыл хуысса. Науæ д Эдуард дæ р йе ’мбалимæ æ взалыдоны хуысдзæ н, загъта Мэри Поппинс. — Эдуард, худинаг дын нæ у?! — ныхъхъæ рзыдта мисс Ларк. — Уый никуы уыдзæ н! Эдуард хъæ ддыхæ й бамбарын кодта, цæ уынмæ кæ й хъавы, уый. Афтæ бакодта стыр куыдз дæ р. — О ме Скæ нæ г, ныууадзынмæ мæ хъавы! — ныхъхъæ рзыдта та мисс Ларк. — Эдик, æ з разы дæ н! Дæ у куыд фæ нды, афтæ уæ д. Уый дæ р хуыссæ д мæ уаты. Фæ лæ зон, абонæ й фæ стæ мæ мæ нæ н мæ цард æ нусмæ кæ й фехæ лд. Ахæ м æ нæ хæ дзар куыдз!.. Йæ цæ ссыгтæ асæ рфта æ мæ дарддæ р дзырдта: — Уый æ нхъæ л дын никуы уыдтæ н, Эдуард. Æ ндæ р æ з ницыуал зæ гъинаг дæ н. Цыдæ риддæ р хъуыды кæ нын, уый уадз мæ хуылфы баззайа. Ацы... м-м-м... цæ рæ гойы та æ з хондзынæ н Шарик, кæ нæ Бобик, кæ нæ... Уыцы рæ стæ г стыр куыдз мисс Ларкмæ бакаст тынг æ нæ уынон цæ стæ й, Эдуард та хъæ рæ й срæ йдта. — Уыдон зæ гъынц, хъуамæ, дам æ й ды хонай Варфоломей, загъта Мэри Поппинс — йæ ном, дам, Варфоломей хуыйны. Æ ндæ рхуызон номæ й, дам æ м ницы хуызы ис дзурæ н. — Варфоломей! Уый та цавæ р ном у? Уый хъуаг ма уыдтæ н! — фæ хъæ р кодта мисс Ларк. — Ноджыдæ р ма цы загъта? Эдуард та срæ йдта. — Æ з, дам, раздæ хдзынæ н уæ д, пъалто мыл куынæ уал кæ най, стæ й мæ сæ рæ лвынæ гмæ куынæ уал хонай. Уый у йæ фæ стаг ныхас, — загъта Мэри Поппинс. Иуцасдæ р ничиуал ницы сдзырдта. — Фæ уæ д афтæ дæ р, — загъта æ ппынфæ стаг мисс Ларк. — Фæ лæ дын, Эдуард, рагацау зæ гъын, куы фæ рынчын уай æ мæ куы амæ лай, уæ д-иу æ й мæ н аххос ма кæ н. Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ фæ зылд æ мæ тагъд къахдзæ фтæ й йæ цæ ссыгтæ ныхъуыргæ хæ дзармæ фæ раст. Эдуард Варфоломеймæ бакаст, цыма афтæ зæ гъынмæ хъавыд: «Цом! » Æ мæ дыууæ куыдзы фæ рсæ й-фæ рстæ м цæ хæ радоны къахвæ ндагыл, сæ къæ дзилтæ тырысатау тилгæ, мисс Ларкы фæ стæ хæ дзармæ араст сты. — Куыд уынæ м, афтæ мæ й бынтон ницæ йаг нæ разынд, — загъта Джейн, сабитæ асинтыл сæ хуыссæ н уатмæ куы сцæ йхызтысты, уæ д. — Раст зæ гъыс! — сразы Майкл. — Дæ умæ гæ сгæ уый Мэри Поппинс цæ мæ й зыдта? — Нæ зонын, — загъта Джейн. — Уый нын æ й æ ппындæ р никуы зæ гъдзæ н. Никуы...
|
|||
|