Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ СÆР. ХУДДЖЫТÆ



— Æ мæ йæ сæ химæ куы нæ баййафæ м, уæ д та? — бафарста Джейн, Майкл æ мæ Мэри Поппинсимæ автобусæ й куы рахызтысты, уæ д.

— Мæ мады ’фсымæ р искуыдæ м цæ уинаг куы уыдаид, уæ д нæ, дæ умæ гæ сгæ, уазæ гуаты æ рбахуыдтаид? Худæ джы фæ рстытæ кæ ныс! — загъта Мэри Поппинс. Бæ рæ г уыд, Джейны ныхæ стæ йæ зæ рдæ мæ кæ й нæ фæ цыдысты.

Мэри Поппинсыл уыди æ рвхуыз пъалто æ взист цæ ппузыртимæ, йæ худ дæ р уыди йæ пъалтойы хуызæ н æ рвхуыз. Ахæ м дарæ сы та Мэри æ нцонæ й рамæ сты вæ ййы.

Æ ртæ йæ дæ р уазæ гуаты цыдысты Мэри Поппинсы мады ’фсымæ р мистер Паррикмæ. Джейн æ мæ Майкл ацы бонмæ рагæ й æ нхъæ лмæ кастысты æ мæ се уæ нджы мигъ бадт, хæ дзары йæ куы нæ баййафой, уымæ й.

— Мистер Паррик та йæ цæ мæ н хонынц? Парик ыл вæ ййы? — бафарста Майкл, Мэри Поппинсы фæ дыл згъоргæ йæ.

— Мистер Паррик æ й хонынц, йæ мыггаг Паррик кæ й у, уый тыххæ й. Уый парик нæ дары, кæ д коса у, уæ ддæ р, — дзуапп ын радта Мэри Поппинс. — Гъер ма уæ иу фарст дæ р искæ мæ й куы фехъусон, уæ д фæ стæ мæ раздæ хдзыстæ м.

Æ мæ ныффутт кодта. Исты йæ зæ рдæ мæ куы нæ фæ цæ уы, уæ д футтытæ фæ кæ ны.

Джейн æ мæ Майкл кæ рæ дзимæ мæ сты дзагъул бакодтой. Сæ цæ стæ нгасæ й зæ гъынмæ хъавыдысты: «Æ ппындæ р æ й мацæ мæ йуал фæ рс, кæ ннод, кæ дæ м цæ уæ м, уырдæ м никуы бахæ ццæ уыдзыстæ м! »

Тамакойы дуканийы цурмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д Мэри Поппинс йæ худ йæ сæ рыл æ ркодта. Ахæ м витринæ тæ ис, æ мæ йæ м куы бакæ сай, уæ д æ ртæ адæ ймаджы фестдзынæ, дзæ вгар æ м куы фæ кæ сай, уæ д ды ды нал уыдзынæ, фæ лæ дæ цæ стыты раз февзæ рдзысты бирæ æ нæ зонгæ адæ м. Ацы дуканийы дæ р уыд ахæ м витринæ. Мэри Поппинс рудзынджы авгыл æ ртæ Мэри Поппинсы куы ауыдта, уæ д æ хсызгон улæ фт скодта. Уæ лдай æ хсызгондзинад та йын æ рхаста, æ ртæ йыл дæ р æ мхуызон дарæ с кæ й уыд, уый. Мэри Поппинсты нымæ ц дыууадæ с кæ нæ дæ с æ мæ ссæ дз куы уыдаид, уый дæ р æ й æ рфæ ндыд. Цас фыддæ р, уыйас — хуыздæ р!

— Цомут! — тызмæ гхуызæ й сдзырдта Мэри Поппинс, цыма рудзынджы цур уыдоны аххосæ й бафæ стиат сты, уый хуызæ н.

Тигъмæ куы бахæ ццæ сты, уæ д галиуæ рдæ м фæ зылдысты æ мæ æ ртыккаг хæ дзары кулдуары дзæ нгæ рæ гыл ныххæ цыдысты. Джейн æ мæ Майкл, сæ улæ фт ныууромгæ йæ, æ нхъæ лмæ кастысты, дзæ нгæ рæ джы фæ стæ цы уыдзæ н, уымæ. Нæ ма сæ уырныдта, минуты фæ стæ, æ ппынфæ стаг дыууæ минуты фæ стæ, Мэри Поппинсы мады ’фсымæ р мистер Паррикимæ цай цымдзысты, уый.

— Æ нæ мæ нг цымдзыстæ м, æ рмæ ст сæ химæ разынæ д, — бадзырдта Джейн Майклы хъусы.

Уыцы уысм дуар байгом, æ мæ къæ сæ ргæ рон фæ зынд лыстæ джытæ сылгоймаг. Йæ цæ стæ нгасæ й бæ рæ г уыд, се ’рбацыдыл кæ й нæ бацин кодта.

— Сæ химæ ис? — бафарста Майкл.

Мэри Поппинс æ м, æ нæ уынон цæ стæ й бакæ сгæ йæ, сдзырдта:

— Дæ хорзæ хæ й, дæ дзыхыл фæ хæ ц. Хистæ ртæ н уал дзырды бар ратт!

— Дæ бон хорз, миссис Паррик, — уæ здан салам радта Джейн.

— Миссис Паррик! — фæ хъæ р кодта лыстæ джытæ сылгоймаг. Йæ хъæ лæ с йæ хицæ й уыди ноджы лыстæ гдæ р. — Миссис Паррик мæ куыд рахуыдтай, æ з мисс Персиммон куы дæ н, уæ д? Æ ви, æ з мæ номæ й сæ рыстыр кæ й дæ н, уый нæ зоныс? Иу миссис Паррик дæ р нæ æ мæ иннæ дæ р!

«Мистер Паррик, — ахъуыды кодтой сывæ ллæ ттæ, — æ вæ ццæ гæ н, цыдæ р æ нахуыр адæ ймаг у, мисс Персиммон миссис Паррик кæ й нæ у, ууыл хуымæ тæ джы нæ цин кæ ны».

— Дыккаг уæ ладзыджы галиуæ рдыгæ й фыццаг дуар, — загъта мисс Персиммон æ мæ тыргъы хъуырхъуыргæ нгæ фæ цæ уæ г.

Джейн æ мæ Майкл Мэри Поппинсы фæ стæ асинтыл дыккаг уæ ладзыгмæ схызтысты æ мæ фыццаг дуар бахостой.

— Мидæ мæ! Мидæ мæ! Уазæ г — хуыцауы уазæ г, — мидæ гæ й райхъуысти нæ лгоймаджы бæ зджын хъæ лæ с.

Джейны зæ рдæ йæ хи къултыл ныххоста.

«Сæ химæ ис! » — цæ стæ нгасæ й «фæ хъæ р кодта» Майклмæ.

Мэри Поппинс дуар байгом кодта æ мæ сабиты йæ разæ й басхуыста. Уыдон февзæ рдысты стыр, райдзаст уаты. Пецы сыгъди арт. Стыр стъолыл, цаимæ цы хъуыди, уыдон цæ ттæ йæ лæ ууыдысты: цыппар къусы, бутербродтæ рагъамадæ й, печенитæ, адджын гуылтæ, стыр тъорт.

— Тынг æ хсызгон мын у уæ уынд! — цин сыл кодта æ рдæ боны бæ зджын хъæ лæ с.

Джейн æ мæ Майкл хæ дзары хицауы агурæ г уаты къуымтыл сæ цæ стæ нгас æ рхастой, фæ лæ дзы никæ уыл сæ цæ ст æ рхæ цыд: уат уыди афтид.

Мэри Поппинс, цармæ скæ сгæ йæ, уайдзæ фгæ нæ гау загъта:

— Альберт, абон, мæ нмæ гæ сгæ, дæ гуырæ н бон куы нæ у, уæ д уым цы кусыс?

Джейн æ мæ Майкл дæ р цармæ скастысты æ мæ дзы ауыдтой тыппыртæ, гæ мæ хсæ р адæ ймаджы. Уый æ ппындæ р ницæ уыл хæ цыд, афтæ мæ й ауыгъдæ й лæ ууыд цармæ хæ стæ г. Уæ вгæ, лæ угæ нæ кодта, уымæ н æ мæ, цыма бадгæ кодта, афтæ йæ иу къах уыди иннæ уыл æ вæ рд. Уый, æ вæ ццæ гæ н, уазджыты æ рбацыды размæ каст газет, фæ лæ йæ ныр феуæ гъд кодта.

Мистер Паррик, сывæ ллæ ттæ м уæ ле бынмæ бахудт, стæ й, Мэри Поппинсмæ аххосджынау бакæ сгæ йæ, загъта:

— Мæ зынаргъ хæ рæ фырт, хъыгагæ н, абон мæ гуырæ н бон æ цæ г у.

— Ай-ай-ай! — загъта Мэри Поппинс æ мæ йæ сæ р дыууæ рдæ м уайдзæ фгæ нæ гау батылдта.

— Дысон мæ зæ рдыл æ нæ нхъæ лæ джы æ рлæ ууыд, — йæ ныхас дарддæ р кодта мистер Паррик. — Æ ндæ р бон æ рбацæ ут, зæ гъгæ дæ м тел дæ ттынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ æ нафон уыд. Хорз нæ рауад, фæ лæ ма ныр цы! — æ мæ сабитæ м йæ цæ ст æ рныкъуылдта. — Цæ уылдæ р цыма дис кæ нут, афтæ мæ м кæ сы.

Сабитæ, æ цæ гæ йдæ р, сæ дзыхтæ афтæ ныххæ лиу кодтой, æ мæ мистер Паррик чысыл къаддæ р куы уыдаид, уæ д ын аныхъуырынæ й тас уыдаид.

— Хъуыддаг цæ й мидæ г ис, уый рагацау куы бамбарын кæ нон, уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, хуыздæ р уыдзæ н. Цæ виттон, æ з тынг хъæ лдзæ г адæ ймаг дæ н. Худын дæ р бирæ уарзын. Худæ г мæ м афтæ бирæ хъуыддæ гтæ кæ сынц, æ мæ сын нымæ ц дæ р нæ й. Мæ хъæ лæ сыдзаг худын алкæ уыл дæ р æ мæ алцæ уыл дæ р мæ бон у! Уый тыххæ й уын ард дæ р бахæ рдзынæ н!

Мистер Паррик уыцы ныхæ сты фæ стæ афтæ хъæ рæ й ныххудт, æ мæ цары сæ рстытæ æ рызгъæ лдысты.

— Альберт! — загъта Мэри Поппинс, æ мæ мистер Паррик йæ худынæ й фенцад.

— Бахатыр кæ н, мæ зынаргъ! Цæ уыл фæ ци мæ ныхас? О, æ мæ æ ппæ ты худæ гдæ р цы у... Хорз, хорз, Мэри, нал худдзынæ н... Мæ гуырæ н бон майрæ мбонмæ куы ’рæ ййафы, уæ д афтæ хъæ лдзæ г вæ ййын, æ мæ уæ лдæ фмæ стæ хын. Уæ вгæ йæ дæ хæ дæ г дæ р уыныс.

— Цæ мæ н? — бафарста йæ Майк.

— Куыд? — бафарста йæ Джейн.

— Хъуыддаг уый мидæ г ис, æ мæ уыцы бон куыддæ р схудын, афтæ мæ дзыхы худæ г бахауы æ мæ худæ гæ й афтæ ныддымсын, æ мæ зæ ххыл лæ ууын нал бафæ разын. Хъæ рæ й нæ, фæ лæ мæ мидбылты бахудын дæ р фаг вæ ййы зæ ххæ й фæ хицæ н уæ вынæ н. Цалынмæ исты æ нкъард хабар мæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нын, уæ дмæ зæ ххыл æ рлæ ууын мæ бон нал вæ ййы.

Мистер Паррик та йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти, фæ лæ Мэри Поппинсы цæ стæ нгасмæ куы фæ комкоммæ, уæ д йæ худын фæ уагъта æ мæ дарддæ р йæ ныхас кодта:

— Ацы худыны хъуыддаг хуымæ тæ г схонæ н нæ й, фæ лæ дзы æ з нæ хъаст кæ нын. Сымах, æ вæ ццæ гæ н, ахæ м уавæ ры никуы бахаут.

Джейн æ мæ Майк сæ сæ ртæ дыууæ рдæ м батылдтой.

— Æ з дæ р афтæ хъуыды кодтон. Ахæ м хабар мæ н йеддæ мæ никæ уыл æ рцæ уы. Диссаг уæ м нæ кæ сы? Мэриимæ мæ м уыцы бон куыд æ рбацыдыстут! Майрæ мбон æ мæ мæ гуырæ н бон! О Хуыцау, уæ хорзæ хæ й, ма мæ худын кæ нут!..

Джейн æ мæ Майкл, худæ н цæ уыл уа, ахæ мæ й ницы кодтой. Æ рмæ ст æ м дисгæ нгæ йæ кастысты, фæ лæ та Альберт худæ гæ й бакъæ цæ л. Уæ лдæ фы ахæ м сæ рбихъуырæ йттæ кодта, æ мæ тæ ссаг уыд, йæ кæ сæ нцæ стытæ й æ нæ хай куы фæ уа, уымæ й.

Цыма уæ лдæ фон тымбылæ г адæ ймаджы хуыз райста, уый хуызæ н-иу йæ хи куы царыл сцавта, куы — газы хæ тæ лыл. Джейн æ мæ Майкл архайдтой, сæ хи, куыд æ мбæ лы, афтæ дарыныл, фæ лæ сыл худæ г бахæ цыд. Сæ армытъæ пæ нтæ й сæ дзыхтыл бæ ргæ ныххæ цыдысты, фæ лæ сæ худын бауромын сæ бон нæ уыди. Æ ппынфæ стаг зæ ххыл атылдысты æ мæ фырхудæ гæ й ратул-батул кодтой.

— Уыдон та цы митæ сты? — фæ хъæ р сыл кодта Мэри Поппинс. — Уæ хи, зæ гъын, куыд дарут?

— Æ ллæ х, мæ бон нал у! — йæ худын нæ ныуадзгæ йæ, загъта Майкл. — Мæ нæ цы худджытæ уынын, Джейн!

Джейны дзуапп раттынмæ нал равдæ лд, уымæ н æ мæ йыл æ рцыд æ нахуыр хабар. Цыма йæ исчи уæ лдæ фæ й дымста, уый хуызæ н худынæ й кодта рогæ й-рогдæ р. Уый, иуæ й, диссаг уыд, иннæ мæ й та йын æ хсызгондзинад хаста. Ноджы йæ м худын тынгæ й-тынгдæ р цыд. Уалынмæ дын æ васт куы сгæ пп кæ нид æ мæ хæ рдмæ куы стæ хид.

Майкл фырдисæ й цавддурау лæ угæ йæ баззад æ мæ каст, Джейн йæ сæ рты куыд ратæ х-батæ х кæ ны, уымæ. Уалынмæ ноджы уæ лдæ р стахт, йæ сæ р иучысыл царыл дæ р сцавта æ мæ Альберты цур балæ ууыд.

— Уый дын гъе! — дисхуызæ й загъта Альберт. — Ау, дæ уæ н дæ р абон дæ гуырæ н бон у?

Джейн, «нæ гъ! », зæ гъгæ, йæ сæ р дыууæ рдæ м батылдта.

— Нæ гъ? Уæ дæ уæ д дæ уæ н дæ р дæ дзыхы худæ г бахауд. Гъей! Дæ химæ кæ с! Фарфор! Фарфор! Сæ ттыс æ й.

Фæ стаг ныхæ стæ хаудысты Майклмæ. Уæ дмæ уый дæ р худгæ йæ уæ лдæ фмæ стахт. Пецы уæ хскыл цы фарфорæ й конд статуэткæ тæ уыд, уыдоныл нæ андзæ вгæ йæ, Альберты рахиз уæ рагыл абадт.

— Æ гас цу! — загъта йын мистер Паррик æ мæ Майклы къух фидар нылхъывта. — Мæ зæ рдæ мын барухс кодтай. Хуыцауæ й дын ард хæ рын, стыр æ хсызгондзинад мын æ рхастай. Мæ нæ н мæ бон æ рбадын кæ й нæ у, уымæ н стахтæ, нæ?

Майклимæ кæ рæ дзимæ бакастысты, æ мæ сæ дыууæ йыл дæ р худæ г бахæ цыд. Суанг ма сæ цæ ссыгтæ дæ р акалдысты.

— Тæ рсын, — загъта мистер Паррик Джейнæ н, — æ нæ уæ зданыл мæ куы банымайат, уымæ й. Æ з бадын, мæ уазæ г та лæ ууы. Ахæ м зæ рдæ мæ дзæ угæ сылгоймаг æ мæ — лæ ууы. Бандон раттын уын мæ бон нæ у, фæ лæ уæ лдæ фы бадын æ взæ рдæ р кæ й нæ у, уый сымах дæ р бауырндзæ н.

Джейн æ рбадыныл афæ лвæ рдта æ мæ йын тынг дзæ бæ х рауад. Æ рбадти, йæ худ систа, йæ фарсмæ йæ æ рæ вæ рдта æ мæ æ нæ быцæ уæ й æ нцад лæ ууыди.

— Иттæ г хорз! — раппæ лыди дзы Альберт.

Уый фæ стæ бынмæ, Мэри Поппинсмæ æ ркаст.

— Мэри, махæ н ницыуал у, фæ лæ ды та? Ма мæ сты кæ н, дæ хорзæ хæ й. Нæ митæ дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уынц, уый æ мбарын, фæ лæ... Ард дын хæ рын, мæ ахсджиаг, худджытæ ахæ м амидингæ нджытæ сты, уый æ нхъæ л нæ уыдтæ н. Баууæ нд мыл, Мэри. Мæ сты мæ м кæ ныс? Ма мæ сты кæ н! Дæ уынд мын куыд æ хсызгон у, уый куы зонис! Æ гайтма мæ м æ рбацыдтæ.

— Адæ ймаг мæ стæ й атондзæ н! — тызмæ гæ й загъта Мэри Поппинс. — Æ нæ рцæ угæ диссæ гтæ! Уæ лдайдæ р дæ кары!

— Мэри Поппинс, Мэри Поппинс, ды дæ р махмæ рацу! — йæ ныхас ын фескъуыдта Майкл. — Исты худæ джы хабар дæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ н æ мæ фендзынæ, куыд хорз уыдзæ н, уый.

— Æ цæ гæ й, Мэри, дæ хорзæ хæ й! — æ рхатыд æ м мистер Паррик.

— Æ нæ дæ у нын ам æ нкъард у, — загъта Джейн æ мæ йæ къухтæ Мэри Поппинсмæ æ ривæ зта. — Дæ хорзæ хæ й, исты худæ гыл ахъуыды кæ н.

— Уыдæ тты сæ р æ й ницæ мæ н хъæ уы! — загъта Альберт æ мæ арф ныуулæ фыд. — Уымæ н ардæ м стæ хын йæ бон у, куы нæ бахуда, уæ д дæ р. Афтæ кæ й у, уый йæ хицæ й хуыздæ р ничи зоны!

Мэри лæ ууыди гауызыл æ мæ, Альбертимæ куы фемдзаст сты, уæ д æ м дзуры:

— Уæ миты, зæ рдæ мæ чи фæ цæ уа, ахæ мæ й ницы ис, фæ лæ кæ д иууылдæ р фæ уæ ле стут æ мæ уæ бон æ рхизын нал у, уæ д мæ нæ н дæ р æ ндæ р гæ нæ н нал ис æ мæ мæ уырдæ м стæ хын бахъæ удзæ н.

Уыцы ныхæ стæ зæ гъыны фæ стæ, сылгоймаг йæ къухтæ фæ пака кодта, худыны охыл йæ цæ сгомы иу нуар дæ р нæ фезмæ лыд, афтæ мæ й фатау уæ лдæ фмæ стахт æ мæ Джейны фарсмæ абадт.

— Цал хатты дын загътон, — бахъуыр-хъуыр кодта Мэри Поппинс, — хъарм уатмæ куы ’рбацæ уай, уæ д-иу дæ пъалто ралас, зæ гъгæ?

Æ мæ Джейнæ н йæ пъалто раласта æ мæ йæ арæ хстгай йæ худы фарсмæ уæ лдæ фы æ рæ вæ рдта.

— Иттæ г хорз, итгæ г хорз, Мэри! — раппæ лыди дзы мистер Паррик, йæ кæ сæ нцæ стытæ пецы уæ хскыл æ вæ ргæ йæ. — Ныр иууылдæ р фæ уæ ле стæ м, æ мæ мæ зæ рдæ ницæ мæ уал æ хсайы.

— Йæ зæ рдæ ницæ мæ уал æ хсайы! — ныффутт ыл кодта Мэри Поппинс.

— Ныр нæ бон цай бацымын дæ р у, — дзырдта дарддæ р мистер Паррик. Æ вæ ццæ гæ н, Мэрийы ныхæ стæ нæ фехъуыста. Фæ лæ æ васт йæ цæ сгом æ рбатар. — О Хуыцау! — загъта Альберт. — Ахæ м ма дзы бæ ллæ х æ рцæ угæ уыдзæ н! Нырма гъер фæ хъуыды кодтон, стъол бынæ й кæ й ис, мах та — уæ ле. Ныр цы бачындæ уа? Мах — ам, уый — бынæ й! Уымæ й стырдæ р бæ ллæ хæ н уæ вæ н нæ й. О Хуыцау, ахæ м худæ г адæ ймаг мин азмæ дæ р не ’рхъуыды кæ ндзæ н.

Æ мæ, йæ цæ сгом йæ къухмæ рзæ нæ й бамбæ рзгæ йæ, йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудти.

Альберт афтæ зæ рдиагæ й худти, æ мæ, уымæ кæ сгæ йæ, Джеймс æ мæ Майкл дæ р сæ худын нал баурæ дтой.

Мистер Паррик, йæ цæ ссыгтæ асæ рфгæ йæ, загъта:

— Нæ уавæ рæ й фервæ зынæ н ис æ рмæ стдæ р иу хос: хъæ ддых фæ лæ ууын хъæ уы. Алчидæ р нæ йæ царды æ нкъарддæ р бон æ рымысæ д. Уæ д нæ бон бауыдзæ н бынмæ æ рхизын. Цæ й: иу, дыууæ, æ ртæ! Æ ппæ ты æ нкъарддæ р цау, уæ хорзæ хæ й!

Æ мæ дзы алчидæ р, йæ сæ р йæ къухтыл æ руадзгæ йæ, хъуыдытыл фæ ци.

Майкл хъуыды кодта скъолайыл. Хъуыды кодта, искуы йæ уырдæ м цæ уын кæ й бахъæ удзæ н, ууыл. Фæ лæ йæ абон уый æ нкъард хъуыдытыл не ’фтыдта. Æ нкъард хъуыдытæ нæ, фæ лæ ма йæ м æ хсызгон бæ ллицтæ дæ р æ взæ рын кодта.

Джейн хъуыды кодта: «Рацæ удзæ н ма, дæ лæ мæ дæ р уæ лæ мæ дæ р, цыппæ рдæ с азы, æ з сыстыр уыдзынæ н! » Уым дæ р, зæ рдæ цæ мæ й бамæ гуыр уа, ахæ мæ й ницы уыд, уымæ н æ мæ, стырæ й даргъ къабайы, йæ къухы хызын, афтæ мæ й куыд хорз фидаудзæ н, уый йæ цæ стыл куы ауайын кодта, уæ д ма йæ мидбылты дæ р бахудти.

— Райсæ м-ма мæ зæ ронд мады хо Эмилийы, — йæ хъуыдытæ хъæ рæ й дзуры Альберт. — Трамвайы бынмæ куы бахауд, уый мæ зæ рдыл куы ’рбалæ ууы, уæ д мæ дунейы циндзинæ дтæ иууылдæ р ферох вæ ййынц. Мæ зæ рдæ йæ хи къултыл ныххойы. Арвæ й мæ м иу цъæ х гæ баз дæ р нал фæ зыны. Мæ гуыр зæ ронд ус! Фæ лæ йæ зонтыкк æ нæ хъæ нæ й баззад! Уый худæ г нæ у?

Æ мæ худын куыд райдыдта, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ бамбæ рста. Эмилийы зонтыкк-иу йæ зæ рдыл куы ’рбалæ ууыд, уæ д-иу ныффутт кодта, ферхæ цыд-иу:

— Ницы дзы рауайдзæ н, — загъта æ ппынфæ стаг мистер Паррик æ мæ йæ фындз ныммарзта. — Мæ бон кæ й ницы у, ууыл сæ ттын. Ме ’рыгон хæ лæ рттæ цыма сæ гæ рзтæ не ’рæ вæ рдзысты, афтæ мæ м кæ сы. Мэри, чи зоны, ды исты æ рхъуыды кæ най. Не ’ппæ тмæ дæ р цай цымын цæ уы!

Джейн æ мæ Майкл абон дæ р нæ зонынц, Мэри Поппинс, цы æ мæ куыд сарæ зта, уый, фæ лæ, цы ’рцыди, уымæ н уыдысты цардæ гас æ вдисæ нтæ, уымæ н æ мæ сæ хи цæ стытæ й федтой: куыддæ р Альберт Мэримæ сдзырдта, афтæ стъол базмæ лыд, стæ й иуварсæ рдæ м фæ къул, къустæ æ мæ къоппыты дзыгъал-мыгъул райхъуыст, печенитæ та тæ бæ гъæ й стъолæ мбæ рзæ нмæ æ ркалдысты. Уый фæ стæ стъол зæ ххæ й фæ хицæ н, уатыл æ рзилгæ йæ, адæ мы цур æ рлæ ууыд. Хистæ ры бынаты дзы февзæ рд Альберт. Уый, сæ рыстырхуызæ й Мэри Поппинсмæ бакæ сгæ йæ, сдзырдта:

— Уый дын мæ зæ рдæ мæ цæ уы! Исты кæ й æ рхъуыды кæ ндзынæ, уый æ з æ нæ уи дæ р зыдтон. Ныр дæ бон у æ мæ дæ химæ райсай æ фсины хæ стæ. Уазджытæ мæ м хæ стæ гдæ р æ рбабадæ нт, æ мæ дзы алкæ мæ н дæ р цай рауадз.

Æ мæ æ ппынфæ стаг иууылдæ р уæ лдæ фы, дзаг фынджы уæ лхъус, æ рбадтысты.

Мистер Парриккы цæ сгомыл мидбылхудт хъазыд.

— Бутербродтæ й куы райдаиккам, уæ д цыма хуыздæ р уаид, афтæ мæ м кæ сы, — загъта Альберт Джейн æ мæ Майклæ н. — Фæ лæ абон мæ гуырæ н бон кæ й у, уымæ гæ сгæ фæ ткæ й ахизын аипп нæ уыдзæ н æ мæ тъортæ й райдайæ м.

Æ мæ тъортæ й алкæ й раз дæ р стыр хай æ рæ вæ рдта.

Иуцасдæ р ничиуал ницы дзырдта.

— Цай ма дæ хъæ уы? — бафарста Джейны хæ дзары хицау.

Чызг дзуапп раттынмæ куыд хъавыд, афтæ дуар æ рбахостæ уыд.

— Мидæ мæ! — рахъæ р кодта мистер Паррик.

Дуар байгом æ мæ къæ сæ ргæ рон дынджыр тæ бæ гъы дурыны фыцгæ донимæ фæ зынд мисс Персиммон. Уый, уатыл йæ цæ ст ахæ сгæ йæ, загъта:

— Цайы дон ма уæ, зæ гъын, куы бахъæ уа, уый тыххæ й æ рбацыдтæ н. О Хуыцау! Уыйбæ рц фæ цардтæ н æ мæ ахæ м диссаг никуыма федтон! — загъта уый, адæ мы уæ лдæ фы цай цымгæ куы ауыдта, уæ д. — Бахатыр кæ н, мистер Паррик, æ нахуыр митæ дæ м кæ й ис, уый зыдтон. Ныронг сæ, цыма нæ уыдтон, мæ хи афтæ дардтон, уымæ н æ мæ фатеры мызд афоныл фыстай. Фæ лæ искуы уазджытимæ уæ лдæ фы цай цымдзынæ, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н. Æ ргом дын æ й зæ гъын, мистер Паррик: дæ кары ахæ м митæ кæ нын аив нæ у...

— Мыййаг, ды дæ р, мисс Персиммон...

— Цы «мыййаг, ды дæ р»? — бафарста йæ мисс Персиммон.

— Мыййаг, ды дæ р мах хуызæ н худындзæ г куы аныхъуырай, уæ д та куыд дзурдзынæ?

Мисс Персиммон, йæ сæ р фесхъæ л кæ нгæ йæ, сдзырдта.

— Æ з нырма мæ хицæ н аргъ кæ нын зонын æ мæ, уæ лдæ фон тымбылæ г синагыл бастæ й куыд хъеллау кæ на, мæ хи ахæ м уавæ ры никуы æ рæ вæ рдзынæ н. Мæ нмæ мæ хи къæ хтыл лæ ууын хуыздæ р кæ сы, кæ д ма Эми Персиммон дæ н, уæ д. О Стыр Хуыцау, баххуыс кæ н! Ай цытæ цæ уы? Мæ бон цæ уын нал у, æ з... æ з... Баххуыс мын кæ нут!..

Мисс Персиммоны къæ хтæ йæ коммæ нал кастысты, зæ ххæ й фæ хицæ н сты. Йæ къухы дынджыр тæ бæ гъы цы дурын уыд, уый фæ къул уæ вынæ й хъахъхъæ нгæ йæ, тыххæ йты стъолы цурмæ схæ ццæ. Йæ тæ бæ гъ фынгыл куы ’рæ вæ рдта, уæ д, чысыл ма бахъæ уа, ма скæ уа.

— Бузныг, — арфæ йын ракодта Мэри Поппинс.

Мисс Персиммон фæ стæ мæ разылд æ мæ цудтытæ гæ нгæ бынмæ йæ хи рауагъта. Цалынмæ зæ хмæ хæ ццæ кодта, уæ дмæ йæ хъуыр-хъуырæ й нæ банцад:

— Фæ худинаг дæ н! Мæ н хуызæ н уæ здан сылгоймаг йæ сæ рмæ ахæ м митæ ’рхæ ссæ д! Дохтырмæ мæ бацæ уын хъæ уы. Æ вæ стиатæ й!

Куыддæ р йæ къæ хтæ зæ ххыл андзæ выдысты, афтæ лидзынмæ фæ ци. Фæ стæ мæ иу каст дæ р нал фæ кодта.

— Фæ худинаг дæ н! — дуар куы ныггуыпп кодта, уæ д ма тыргъæ й æ рбайхъуыстысты йæ ныхæ стæ.

— Иугæ р йæ къæ хтыл лæ ууын нал бафæ рæ зта æ мæ уæ лдæ фмæ стахт, уæ д уый Эми Персиммон нал у! — Майклы хъусы бадзырдта Джейн.

Мистер Паррик æ нахуыр цæ стæ нгасæ й касти Мэри Поппинсмæ: иуæ й йæ м мæ сты дæ р кодта, иннæ мæ й та дзы цæ мæ йдæ р разы уыдис.

— Мэри, цæ мæ н афтæ бакодтай? Тынг фæ рæ дыдтæ! Мæ гуыр сылгоймаг йæ хи бахæ рдзæ н. Уæ лдæ фы куы хъеллау кодта, уæ д цы тынг худæ г уыди! О Хуыцау!

Æ мæ æ ртæ йæ — зæ ронд джентльмен, стæ й Джейн æ мæ Майкл — худæ гæ й бакъæ цæ л сты. Миссис Персиммон куыд худæ г уыди, уый-иу сæ цæ стыл куы ауад, уæ д артæ нхæ лдтытæ кодтой.

— Ой, ой, ой! — хъæ р кодта Майкл. — Мауал мæ худын кæ нут, кæ ннод фæ йнæ рдæ м тъæ пп кæ нын.

— Ой, ой, ой! — сфæ змыдта йæ Джейн, йæ зæ рдæ йыл хæ цгæ йæ.

— О Хуыцау, табу дæ хицæ н! — хъæ рзæ гау кодта мистер Паррик. Йæ къухмæ рзæ н сисынхъом нал уыд æ мæ йæ цæ ссыгтæ йæ пиджачы фæ дджийæ асæ рфта.

— Хæ дзармæ цæ уын афон у! — Мэри Поппинсы бæ зджын хъæ лæ с йæ быны фæ кодта иумæ йаг хъæ рæ й худт.

Æ мæ уыцы тæ ккæ уысм Джейн, Майкл æ мæ мистер Паррик уæ ларвæ й зæ хмæ ’рхызтысты. Комкоммæ дзургæ йæ та, сæ тъæ пп зæ ххыл фæ цыд. Хæ дзармæ цæ уын афон кæ й у, уымæ й æ нкъарддæ р хабар зын æ рхъуыдыгæ нæ н уыд, æ мæ куыддæ р уыцы ныхæ стæ фехъуыстой, афтæ сæ худын фæ цыдæ р...

Мэри Поппинс, йæ къухы Джейны худ æ мæ пъалто, афтæ мæ й сындæ ггай йæ хи зæ хмæ куыд рауагъта, уый куы ауыдтой, уæ д æ хсызгонæ н сулæ фыдысты.

Мистер Паррик дæ р сулæ фыд, фæ лæ уый уыд уæ ззау, дæ ргъвæ тин, æ нкъард улæ фт.

— Хъыгаг хабар! — загъта æ нкъардæ й Альберт. — Уæ химæ кæ й цæ ут, уый мын тынг хъыг у. Æ з афтæ зæ рдиагæ й никуыма цин кодтон, сымах та?

— Мах дæ р! — æ нкъардæ й дзуапп радта Майкл. Зæ ххыл куы ’рбадт, уæ д йæ зæ рдæ йы æ рхæ ндæ гдзинад фæ мидæ г, худæ г та йæ хи кæ дæ мдæ р айста.

— Мах дæ р, мах дæ р! — азæ лды хуызæ н фæ лхат кодта Джейн. Йæ къахфындзтыл слæ ууыд, цæ мæ й аба кæ на мистер Парричы фых фæ ткъуыйы хуызæ н æ нцъылдтæ русæ н. — Мах дæ р, мах дæ р, мах дæ р!

***

Сæ химæ здæ хтысты автобусы. Мэри Поппинс бадти астæ уæ й, сабитæ та — йæ фæ йнæ фарс. Дыууæ йæ дæ р бадтысты æ нцад. Алчидæ р дзы хъуыдыты аныгъуылд. Сæ цæ стытыл уад, цы диссаджы бон аивгъуыдта, уый диссаджы цаутæ.

— Дæ мады ’фсымæ р афтæ арæ х фæ кæ ны? — бафарста фынæ й хъæ лæ сæ й Майкл.

— «Афтæ » цы хоныс? — рамæ сты йæ м Мэри Поппинс.

— Уæ лдæ фы афтæ арæ х фæ тæ хы? — йæ фарст фæ бæ лвырддæ р кодта Майкл.

— Фæ тæ хы, зæ гъыс? — хъæ рдæ рæ й йæ бафарста Мэри Поппинс. — Уымæ й цы зæ гъынмæ хъавыс, уый-ма мын бамбарын кæ н.

Джейн йе ’фсымæ рæ н æ ххуысмæ фæ рæ вдз:

— Майк афтæ зæ гъынмæ хъавыд: дæ мады ’фсымæ р худæ джы хос арæ х аныхъуыры æ мæ уæ лдæ фы сæ рбихъуырæ йттæ арæ х фæ кæ ны?..

— Сæ рбихъуырæ йттæ? Ахæ м хъуыдытæ дæ сæ ры кæ цæ й фæ мидæ г сты? Уæ лдæ фы сæ рбихъуырæ йттæ кæ ны... Æ з дæ бынаты фефсæ рмы уаин.

Мэри Поппинс йæ хи тынг æ фхæ рдыл банымадта.

— Æ мæ мæ нгæ й цы загъта? — бафарста Майкл. — Дæ хæ дæ г æ й нæ федтай?

— Цы федтон? Куыд сæ рбихъуырæ йттæ кодта, уый? Ахæ м ныхæ стæ кæ нын куыд уæ ндыс? Мæ мады ’фсымæ р уæ здан, сыгъдæ гзæ рдæ, æ ууæ нкджын фæ ллойгæ нæ г у, æ мæ йæ м хъуамæ сымах дæ р ахæ м цæ стæ й кæ сат. Стæ й дæ автобусы билет æ ууилын дæ р ныууадз. Сæ рбихъуырæ йттæ кæ ны! Ахæ м ныхæ стæ хъуыды та куыд æ ркодтай?

Майкл æ мæ Джейн кæ рæ дзимæ дисхуызæ й бакастысты, фæ лæ зæ гъгæ ницы кодтой, уымæ н æ мæ æ мбæ рстой, дæ алыварс цыфæ нды диссæ гтæ куы цæ уа, уæ ддæ р Мэри Поппинсимæ быцæ у кæ нынæ й кæ й ницы пайда ис.

Кæ рæ дзимæ дæ р уымæ н бакастысты. Сæ цæ стæ нгас та дзырдта: «Æ ппæ т уыдæ ттæ уыдысты æ ви нæ? Стæ й чи у раст — Мэри Поппинс æ ви мах? »

Хъыгагæ н, сæ уымæ н дзуапп раттын никæ й бон уыд...

Автобус згъордта æ мæ згъордта. Цыма авдæ ны бадтысты, афтæ сæ узта æ мæ узта.

Мэри Поппинс дымстæ й бадти хо æ мæ æ фсымæ ры астæ у. Иуахæ мы йæ м сабитæ сæ хи бакъул кодтой æ мæ уайтагъд афынæ й сты. Бон-изæ рмæ тынг бафæ лладысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.