Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Повесть-аргъау. ФЫЦЦАГ ХАЙ. 17-ÆМ ХÆДЗАР. ФЫЦЦАГ СÆР. СКÆСÆЙНАГ ДЫМГÆ



 

 

Дзасохты Музаферы тæ лмац.

 

Мыхуыргонд æ рцыд «Ногдзау»-ы:
2011 азы №№4–6, 2012 азы №№1–2, 5–6,
2013 азы №№1–6 æ мæ 2014 азы №1–6.

 

Тæ лмац кæ нын æ й райдыдта 2011 азы 27 апрелы,
фæ ци йæ 2013 азы 20 октябры.

Памела Трэверс

МЭРИ ПОППИНС

Повесть-аргъау

ФЫЦЦАГ ХАЙ. 17-Æ М ХÆ ДЗАР. 2

ФЫЦЦАГ СÆ Р. СКÆ СÆ ЙНАГ ДЫМГÆ... 2

ДЫККАГ СÆ Р. ХУДДЖЫТÆ... 5

Æ РТЫККАГ СÆ Р. МИСС ЛАРК Æ МÆ ЭДУАРД.. 9

ЦЫППÆ РÆ М СÆ Р. КАФАГ ХЪУГ. 12

ФÆ НДЗÆ М СÆ Р. ФАЗЗÆ ТТЫ МИТÆ... 16

Æ ХСÆ ЗÆ М СÆ Р. МИССИС КОРРИ.. 19

Æ ВДÆ М СÆ Р. МÆ ЙРУХС Æ ХСÆ В.. 24

Æ СТÆ М СÆ Р. НЫГУЫЛÆ ЙНАГ ДЫМГÆ... 30

ДЫККАГ ХАЙ. МЭРИ ПОППИНС РАЗДÆ ХТ. 34

ФЫЦЦАГ СÆ Р. КАЛМ.. 34

ДЫККАГ СÆ Р. ДЖИГОЦЪИУ МИССИС ЭНДРЮ... 40

Æ РТЫККАГ СÆ Р. УÆ ЗЗАУ БОН.. 46

ЦЫППÆ РÆ М СÆ Р. КЪАРОЛМÆ ЧИ КАСТ, УЫЦЫ ГÆ ДЫ.. 54

ФÆ НДЗÆ М СÆ Р. ТЫМБЫЛÆ ГТÆ ДÆ Р АЛЫХУЫЗÆ ТТÆ ВÆ ЙЙЫНЦ.. 61

Æ ХСÆ ЗÆ М СÆ Р. МАРМÆ Р ЛÆ ППУ.. 66

Æ ВДÆ М СÆ Р. МАМАЗИЛАГÆ НÆ Н.. 73

 

ФЫЦЦАГ ХАЙ. 17-Æ М ХÆ ДЗАР

ФЫЦЦАГ СÆ Р. СКÆ СÆ ЙНАГ ДЫМГÆ

Кæ д дæ, Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынг кæ м ис, уый базонын фæ нды, уæ д дзы, уынджы тигъыл цы пъæ лицæ йаг лæ ууы, уый бафæ рс. Уый раздæ р йæ худ иуæ рдæ м фæ къул кæ ндзæ н, стæ й йæ бæ рзæ й аныхдзæ н æ мæ æ рмæ ст уый фæ стæ, урс æ рмкъух кæ уыл ис, йæ уыцы къухы амонæ н æ нгуылдзæ й ацамонгæ йæ, зæ гъдзæ н:

— Рахизæ рдæ м фæ зил, уый фæ стæ галиуæ рдæ м, стæ й та æ васт рахизæ рдæ м æ мæ, дæ у кæ дæ м цæ уын хъæ уы, уым балæ удзынæ. Гъер дæ фæ ндаг раст!

Кæ д пъæ лицæ йаджы ныхæ стæ раст бамбæ рстай, уæ д æ цæ гæ йдæ р балæ удзынæ Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы тæ ккæ бæ рæ гастæ у. Цæ хгæ рмæ уынгæ н йæ иуварсæ рдыгæ й ис æ рмæ ст хæ дзæ рттæ, иннæ фарс кæ рæ й-кæ ронмæ у парк, астæ уæ й та арæ нхъ сты балбæ лæ стæ.

Æ мæ дæ кæ д æ вддæ сæ м хæ дзар хъæ уы — уæ вгæ дæ уыцы хæ дзар хъæ удзæ н, уымæ н æ мæ ацы чиныджы уыцы хæ дзары кой уыдзæ н — уæ д æ й уайтæ ккæ дæ р ссардзынæ. Фыццаджыдæ р, цæ хгæ рмæ уынджы уымæ й къаддæ р хæ дзар нæ й. Иннæ мæ й та, йæ сыхæ гтæ й уæ лдай ацы хæ дзар базилинæ гтæ у, æ ппæ ты фыццаг та йæ хъæ уы чъырæ й сцæ гъдын.

Хъуыддаг уый мидæ г ис, æ мæ ацы хæ дзары хицау мистер Бэнкс йæ бинойнаг миссис Бэнксæ н загъта:

— Дыууæ йæ иу равзар, мæ ахсджиаг: кæ нæ райдзаст ног хæ дзар, кæ нæ цыппар сывæ ллоны. Дыууæ тæ иумæ дарын мæ фадæ ттæ нæ амонынц.

Бæ стон ахъуыды кæ ныны фæ стæ миссис Бэнкс æ рцыди ахæ м хатдзæ гмæ: ног хæ дзары бæ сты йын фæ лтау уæ нт Джейн (хистæ р) æ мæ Майкл (кæ стæ р) æ мæ Джон Барбарæ имæ (уыдон сты фаззæ ттæ, æ ппæ ты кæ стæ ртæ ).

Ахæ м хъуыдымæ кæ й æ рцыдысты, уымæ гæ сгæ Бэнксты стыр бинонтæ æ рцардысты æ вддæ сæ м хæ дзары, уыдонимæ — миссис Брилл, хæ ринаггæ нæ г, Элин, хæ ринæ гтæ фынгмæ хæ ссæ г æ мæ Робертсон Эй, къудзитæ æ лвынæ г, кæ рдтæ æ мæ къахыдарæ с сыгъдæ ггæ нæ г. Раст зæ гъын хъæ уы, Эйы куыст мистер Бэнксы зæ рдæ мæ нæ цыди, æ ппынæ дзухдæ р-иу афтæ дзырдта, йæ рæ стæ г æ мæ, дам, ме ’хцатæ дзæ гъæ лы хардз кæ ны.

Уым ма, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уыди сывæ ллонгæ с Кэти дæ р. Уæ вгæ, ацы чиныджы йæ кой кæ ныны сæ р ницæ мæ нуал хъæ уы, уымæ н æ мæ, нæ ныхас куы райдыдта, уæ д уый æ вддæ сæ м хæ дзарæ й ацыди. Миссис Бэнксы ныхæ стæ м гæ сгæ хæ рзбон дæ р никæ мæ н загъта, цæ угæ кæ й кæ ны, уый дæ р никæ мæ н фехъусын кодта, афтæ мæ й.

— Газеты дын хъусынгæ нинаг дæ тгæ ’рцæ удзæ н, мæ хуры чысыл, — загъта йæ усæ н мистер Бэнкс, йæ туфлийы бостæ бæ тгæ йæ. — Стæ й дын æ ргом куы зæ гъон, уæ д Робертсон Эй дæ р куы ацæ уид, уæ д мын хъыг нæ уаид, уымæ н æ мæ та мын мæ иу батинкæ йеддæ мæ нæ ныссæ рфта, иннæ мæ ’вналгæ дæ р нæ бакодта. Адæ мы ’хсæ нмæ афтæ мæ й куы ацæ уон, уæ д мæ цы фæ хондзысты?!

— Адæ м дæ цы фæ хондзысты, уый диссаг нæ у, — загъта миссис Бэнкс. — Уый бæ сты ма мын, цæ мæ й дæ фæ рсын, уымæ н дзуапп ратт: Кэтийæ н цы кæ нон, уый-ма мын зæ гъ?

— Ам куы уаид, уæ д ын исты кæ нис, фæ лæ йын фæ саууонмæ цы дæ бон у?! — загъта мистер Бэнкс. — Дæ уæ й куы уаин, уæ д «Сæ умæ райсомы газет»-мæ раттин ахæ м хъусынгæ нинаг: «ДЖЕЙН Æ МÆ МАЙКЛ, ДЖОН Æ МÆ БАРБАРÆ БЭНКС (УЫДОНИМÆ СÆ МАД ДÆ Р) АГУРЫНЦ Æ ППÆ ТЫ КЪАДДÆ Р МЫЗДЫЛ Æ ППÆ ТЫ ХУЫЗДÆ Р СЫВÆ ЛЛОНГÆ СЫ, УЫИМÆ Æ ВÆ СТИАТÆ Й». Ахæ м хъусынгæ нинаджы фæ стæ сывæ ллонгæ стæ махмæ ныххæ ррæ тт кæ никкой. Æ з сæ м рудзынгæ й кæ сгæ йæ, мæ стæ й мæ лин, уынджы змæ лд кæ й ныццауæ зтой, уый тыххæ й. Гæ нæ н мын нал уаид, рацæ уин æ мæ полисменæ н, цы уавæ р сæ взæ рд, уый тыххæ й æ нæ хъæ н шиллинг раттин. Ныр та хорзæ й баззай! Мæ нæ н афон у. Мæ нæ цы уазал у! Цæ гат полюсы хуызæ н! Кæ цæ йдæ р тынг дымы.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ мистер Бэнкс рудзынгæ й йæ сæ р радардта æ мæ адмирал Бумы хæ дзары ’рдæ м акаст. Адмиралы хæ дзар лæ ууыд тигъыл. Цæ хгæ рмæ уынджы уымæ й стырдæ р хæ дзар нæ уыд, æ мæ дзы цæ хгæ рмæ уынджы цæ рджытæ иууылдæ р сæ рыстыр уыдысты, уымæ н æ мæ науы æ нгæ с тынг уыд. Йæ кæ рты наухъилыл фæ йлыдта тырыса. Хæ дзары сæ рæ й та сæ рыстырæ й касти дымгæ амонæ г (флюгер).

— Бамбæ рстон! — загъта мистер Бэнкс. — Адмиралы телескоп куыд амоны, афтæ мæ й дымгæ кæ ндзæ н скæ сæ нæ рдыгæ й. Уæ вгæ, уый æ з мæ хæ дæ г дæ р æ мбæ рстон: стæ гниз мæ хуымæ тæ джы нæ тыхсын кодта. Мæ пъалто кæ й не скодтон, уымæ й фæ рæ дыдтæ н.

Йæ усæ н ма æ фсоны ба акодта, фæ цæ уын, зæ гъгæ, йæ сывæ ллæ ттæ м йæ къух фæ тылдта æ мæ Ситимæ фæ раст.

Сити уыди ахæ м бынат, мистер Бэнкс алы бон дæ р кæ дæ м цыди — кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, хуыцаубонтæ æ мæ бæ рæ гбæ ттæ й фæ стæ мæ. Уым райсомæ й изæ рмæ бадти стыр стъолы уæ лхъус стыр къæ лæ тджыны æ мæ куыста, кæ нæ, махмæ, Англисы, куыд дзурынц, кодта æ хцатæ. Сывæ ллæ тты фидарæ й уырныдта, сæ фыд бон-изæ рмæ æ нæ рулæ фгæ йæ шиллингтæ æ мæ пенстæ кæ й мыхуыр кæ ны. Изæ рыгæ тты-иу сæ сæ химæ æ рбахаста йæ сау пъартфелы. Искуы иу хатт-иу Джейн æ мæ Майклæ н лыстæ г æ хцатæ дæ р авæ рдта (уыдон-иу сæ, æ хцатæ кæ м æ мбырд кодтой, уыцы къоппыты ныккалдтой). Æ хцатæ дæ ттын-иу йæ къух куы нæ амыдта, уæ д-иу сын загъта: «Банк ныкъкъуыввитт ис». Сывæ ллæ ттæ -иу йемæ сразы сты, уымæ н æ мæ сæ уырныдта, уыцы бон сæ фыд æ хцатæ фаг кæ й нæ ныммыхуыр кодта, уый.

Гъе æ мæ та ныр дæ р мистер Бэнкс ацыди йæ сау пъартфелимæ. Миссис Бэнкс бацыд йæ хи уатмæ. Уым æ нæ хъæ н бон газеттæ м фыста, цæ мæ й йын, куыд гæ нæ н ис, афтæ тагъддæ р æ рбарвитой цалдæ р сывæ ллонгæ сы. Джейн æ мæ Майкл дæ р уæ ле бадтысты сæ хи уаты æ мæ рудзынгæ й кастысты æ мæ хъахъхъæ дтой, кæ й сын æ рбарвитдзысты, уымæ. Сæ раздæ ры сывæ ллонгæ с Кэти кæ й ацыд, уый ма сын æ хсызгон дæ р уыдис, уымæ н æ мæ сæ зæ рдæ мæ уыйас тынг нæ цыди. Уый, иуæ й, зæ ронд æ мæ хæ рзхуыз уыди, иннæ мæ й та, æ дзухдæ р хосты тæ ф кодта. Сывæ ллæ тты хъуыдымæ гæ сгæ, йæ бæ сты чифæ нды куы ’рбацыдаид, уæ ддæ р Кэтийæ бирæ хуыздæ р йеддæ мæ æ взæ рдæ р нæ уыдаид.

Хур аныгуылынмæ куыд хъавыд, афтæ æ рбацыдысты миссис Брилл æ мæ Элин, цæ мæ й хистæ ртæ н хæ ринаг радтаиккой, фаззæ тты та ныннадтаиккой. Джейн æ мæ Майкл æ хсæ вæ р куы бахордтой, уæ д та рудзынджы цурмæ бацыдысты æ мæ æ нхъæ лмæ кастысты сæ фыды ’рбацыдмæ.

Дымгæ кодта скæ сæ нæ рдыгæ й æ мæ йе ’хситт хъуыст цæ хгæ рмæ уынджы балбæ лæ сты бæ гънæ г къалиутæ й. Бæ лæ стæ афтæ тынг ратас-батас кодтой, цыма сæ рра сты æ мæ зæ ххæ й сæ уидæ гтæ стоныныл архайдтой.

— Æ рбацæ уы! — æ васт фæ хъæ р кодта Майкл, чысыл кулдары цур цы сау æ ндæ рг фæ зынд, уымæ ацамонгæ йæ.

Джейн, талынгмæ нымдзаст уæ вгæ йæ, загъта:

— Уый папæ нæ у. Уый æ ндæ р чидæ р у.

Æ ндæ рг, дымгæ йы ныхмæ хъæ ддыхæ й архайгæ йæ, чысыл кулдуар байгом кодта, æ мæ сывæ ллæ ттæ федтой, мидæ мæ кæ й æ рбахызт сылгоймаг. Йæ иу къухæ й хæ цыди йæ уæ рæ хчъил худыл, иннæ мæ й та тыххæ йты хаста дынджыр хызын.

Майкл æ мæ Джейн æ нæ нхъæ лæ джы æ вдисæ н уыдысты æ нахуыр нывæ н: куыддæ р сылгоймаг кæ ртмæ æ рбахызт, афтæ йæ хи уæ лдæ фмæ систа æ мæ комкоммæ хæ дзармæ æ рбатахт. Банхъæ лæ н уыдис, цыма йæ дымгæ раздæ р æ рбахаста чысыл кулдуары цурмæ, цалынмæ йæ гом кодта, уæ дмæ банхъæ лмæ каст, стæ й йæ фелвæ ста æ мæ йæ хæ дзары дуары цур æ рæ вæ рдта.

Куы ’рбадти, уæ д хæ дзар æ нæ хъæ нæ й дæ р нызмæ лыди.

— Диссæ гтæ й цы кæ ныс! — загъта Майкл.

— Цом æ мæ, чи у, уый фенæ м! — загъта Джейн, Майклы къухыл фæ хæ цгæ йæ, уатæ й ратахтысты æ мæ асинты фæ зы балæ ууыдысты. Уырдыгæ й сæ м хорз зынди, хæ дзармæ æ рбацæ уæ ны чи цыгæ нæ г у, уый.

Сывæ ллæ ттæ ауыдтой, сæ мад йæ уатæ й куыд рахызт æ мæ æ нæ зонгæ сылгоймаг йæ фæ стæ куыд фæ раст, уый. Уæ ле кæ сгæ йæ сæ м хорз зындысты йæ лæ гъзфаст æ рттиваг сау сæ рыхъуынтæ. «Хъæ дын куклайы хуызæ н», — ныллæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Джейн. Æ нæ зонгæ сылгоймаг уыд къæ схуыртæ, даргъ къухтæ æ мæ йын даргъ къæ хтæ. Йæ цæ стытæ — чысылтæ, курæ ггаг цæ хдоны хуызæ н — цъæ х-цъæ хид.

— Семæ куы базонгæ уай, уæ д дæ бауырндзæ н, коммæ гæ с, хæ рзæ гъдау сывæ ллæ ттæ кæ й сты, уый, — дзырдта йын миссис Бэнкс.

Майкл йæ рæ мбыныкъæ дзæ й Джейны фарс басхуыста.

— Ницæ мæ й дæ батыхсын кæ ндзысты, — дзырдта дарддæ р миссис Бэнкс. Раст зæ гъын хъæ уы, йæ ныхæ стыл йæ хæ дæ г дæ р тынг не ’ууæ ндыди.

Цыма уазæ г ныппыррыкгæ нæ гау кодта, сывæ ллæ ттæ м афтæ фæ каст. Куыд бамбæ рстой, афтæ мæ й уый дæ р сæ мады ныхæ стыл дызæ рдыг кодта.

— Рекомендацитæ та? — йæ ныхас дарддæ р кодта миссис Бэнкс.

— Æ з, рекомендацитæ м хъус чи дары, уыдонæ й нæ дæ н, фидарæ й загъта æ нæ зонгæ сылгоймаг.

Миссис Бэнкс фæ уыргъуыйау.

— Мæ нмæ гæ сгæ, уый алы ран дæ р... — йæ дзыхы ныхас нал бадт миссис Бэнксæ н. — Æ з уый зæ гъынмæ хъавын... Адæ м иууылдæ р афтæ кæ нынц...

— Уый зæ ронд æ гъдæ уттыл хæ ст адæ м кæ нынц афтæ, хъæ ддыхæ й йæ хъуыды бамбарын кодта уазæ г. — Тынг фидар сыл чи хæ цы, ахæ мтæ. Мах рæ стæ джы уыцы æ гъдæ уттæ н бынат нал ис.

Бафиппайын хъæ уы: миссис Бэнкс йæ хæ дæ г дæ р зæ ронд æ гъдæ уттыл хæ ст нæ уыд. Æ ппæ ты тынгдæ р тарст, исчи йæ уыдоны фарсхæ цæ г куы рахона, уымæ й. Уымæ н афтæ тагъд сразы йе ’мныхасгæ нæ гимæ æ мæ йын хъæ лдзæ гхуызæ й загъта:

— Уый тынг хорз у. Уый тыххæ й нал дзурдзыстæ м. Æ з дæ афтæ æ нæ уи бафарстон, кæ д, зæ гъын, мыййаг, æ ндæ рхуызон хъуыды кæ ныс. Сывæ ллæ тты уат уæ ле ис.

Æ мæ уазæ джы разæ й араст, йæ чъылдыммæ цытæ цæ уы, ууыл нæ хъуыды кæ нгæ йæ. Уæ вгæ йын уымæ н фадат дæ р нæ уыди, уымæ н æ мæ æ нæ банцайгæ йæ дзырдта æ мæ дзырдта. Уыйхыгъд Джейн æ мæ Майкл уæ ле кастысты æ мæ алцыдæ р уыдтой.

Уазæ г цыди миссис Бэнксы фæ стæ, фæ лæ куыд? Йæ хызыныл хæ цыд, афтæ мæ й асины гæ зæ нхъæ дыл абадт æ мæ йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н дыккаг уæ ладзыджы балæ ууыд.

Джейн æ мæ Майкл хорз зыдтой, афтæ бакæ нын дунейы иуы бон дæ р кæ й нæ бауыдзæ н, уый. Гæ зæ нхъæ дыл бынмæ — табуафси. Иу æ мæ дыууæ хатты нæ, фæ лæ бирæ хæ ттыты рауагътой сæ хи бынмæ. Фæ лæ хæ рдмæ? Афтæ никуы вæ ййы!

Сывæ ллæ ттæ фырдиссагæ й сылгоймаджы сæ цæ стытæ ныццавтой...

— Мæ нмæ гæ сгæ, кæ рæ дзийы бамбæ рстам, — загъта мад æ мæ æ хсызгонæ й сулæ фыд.

— Æ вæ ццæ гæ н. Кæ д уавæ ртæ мæ зæ рдæ мæ фæ цæ уой, уæ д, — загъта æ нæ зонгæ сылгоймаг, йæ дынджыр сырхдзæ ццытæ къухмæ рзæ нæ й йæ фындз мæ рзгæ йæ.

— Ам стут, сабитæ? — загъта миссис Бэнкс, æ нæ нхъæ лæ джы сывæ ллæ тты ауынгæ йæ. — Цы кусут? Уæ ног хъомылгæ нæ гимæ базонгæ ут — Мэри Поппинс. Джейн, Майкл, салам ын раттут. Ай та у нæ фаззæ тты хуыссæ н, — авдæ нмæ ацамонгæ йæ, загъта миссис Бэнкс.

Мэри Поппинс сывæ ллæ ттыл къахæ й сæ рмæ йæ цæ ст æ рхаста, цыма йæ хинымæ р, йæ зæ рдæ мæ цæ уынц æ ви нæ, ууыл сагъæ с кодта, уый хуызæ н.

— Дæ зæ рдæ мæ цæ уæ м? — бафарста йæ Майкл.

— Майкл, дæ хи дарын зон, — бауайдзæ ф ын кодта мад.

Мэри Поппинс цыма ницы фехъуыста, уыйау сывæ ллæ ттæ м касти. Æ ппынфæ стаг йæ хъæ рæ й сым-сым райхъуыст. Куыд бамбарæ н уыд, афтæ мæ й уый амыдта, цыдæ р уынаффæ мæ кæ й æ рцыд. Æ мæ, æ цæ гæ йдæ р, хъæ рæ й загъта:

— Разы дæ н сымахмæ кусыныл.

Фæ стæ дæ р миссис Бэнкс йæ сæ рыхицауæ н дзырдта: «Разыйы дзуапп дзы куы сирвæ зт, уæ д банхъæ лæ н уыд, цыма нын стыр хорздзинад ракодта».

— Æ мæ нын нæ ракодта? — сдзырдта йæ м, иучысыл йæ газет кæ сын фæ уадзгæ йæ, мистер Бэнкс æ мæ та фæ стæ мæ газет кæ сыныл фæ ци.

Мад куы ацыд, уæ д Джейн æ мæ Майкл Мэри Поппинсмæ сæ хи хæ стæ гдæ р байстой. Уый, цыма йæ садзгæ ныччынди, уыйау йæ къухтæ йæ гуыбыныл сæ вæ рдта æ мæ æ нæ змæ лгæ йæ лæ ууыди.

— Ардæ м куыд æ рбацыдтæ? — бафарста йæ Джейн. — Цыма дæ дымгæ ’рбахаста, махмæ афтæ фæ каст.

— Уый æ цæ гæ йдæ р афтæ уыди, — дзуапп радта Мэри Поппинс æ мæ йæ хъуырбæ ттæ н халынмæ фæ ци. Уый фæ стæ систа йæ худ æ мæ йæ сынтæ джы къухыл æ рæ вæ рдта.

Йæ хи куыд дардта, афтæ мæ й банхъæ лæ н уыд, цыма Мэри Поппинсы зæ рды ныхас кæ нын нал уыд, æ мæ Джейн дæ р хъусæ й лæ ууыд. Фæ лæ Мэри Поппинс йæ хызын æ вдæ лон кæ нынмæ куы ’ргуыбыр кодта, уæ д Майкл йæ дзыхыл хæ цын нал бафæ рæ зта.

— Худæ джы хызын! — сдзырдта уый æ мæ йыл йæ арм æ рхаста.

— Уый гауыз у! — загъта Мэри Поппинс æ мæ гыццыл дæ гъæ л гуыдыргонды фæ цавта.

— Мидæ гæ й дзы гауыз и?

— Мидæ гæ й нæ, фæ лæ — æ дде.

— А-а! — загъта Майкл. — Бамбæ рстон! Афтæ мæ й, цы бамбæ рста, уымæ н дзуапп раттын йæ бон нæ бауыдаид.

Уæ дмæ гауызæ й конд хызын байгом, æ мæ Майкл æ мæ Джейны дисæ н кæ рон нал уыд — разынди бынтон афтид.

— Диссæ гтæ! — загъта Джейн. — Мидæ гæ й дзы æ ппындæ р ницы ис.

— Уый та куыд? — цыма йæ тынг бафхæ рдæ уыд, уыйау йæ астæ у сраст кæ нгæ йæ, бафарста Мэри Поппинс. — Ницы дзы ис, зæ гъыс?

Уыцы ныхæ стæ дзургæ йæ, бынтон афтид хызынæ й систа цæ хæ ртæ калгæ урс-урсид раздарæ н æ мæ йæ йæ астæ уыл æ рбаста. Стæ й дзы систа сапоны дынджыр джипп, дæ ндæ гтæ сыгъдæ ггæ нæ н щеткæ, сæ рдзæ вæ нтæ, духийы авг, тухгæ бандон æ мæ, хуыфæ джы хостæ кæ м уыд, ахæ м къопп.

Джейн æ мæ Майклы дисæ н кæ рон нал уыд.

— Мæ хæ дæ г æ й федтон! — бадзырдта Джейны хъусы Майкл. Æ ппындæ р дзы ницы уыд.

— С-с! — сабыр æ й кодта Джейн.

Мэри Поппинс хызынæ й систа дынджыр авг. Йæ хъуырыл ауыгъд гæ ххæ ттыл уыд ахæ м фыст: «Алы изæ р дæ р дзы хæ рды размæ нуазын хъæ уы хъæ рмхуыпцымæ н уидыджы дзаг».

— Уый дæ хос у? — бафарста йæ тыхстхуызæ й Майкл.

— Мæ хос нæ, фæ лæ — дæ хос, — загъта Мэри Поппинс æ мæ йын уидыг йæ фындзы бынмæ бадардта.

Майкл, йæ хи нынцъылдтæ кæ нгæ йæ, хъавыди ныхмæ фæ лæ ууынмæ.

— Мæ н нæ хъæ уы. Æ з æ й нæ баназдзынæ н.

Мэри Поппинс дзы йæ цæ стытæ ныццавта. Майкл бамбæ рста, йæ коммæ нæ бакæ сын йæ бон кæ й нæ бауыдзæ н. Йе ’нахуыр цæ стæ нгас дзы, иуæ й, тас уагъта, иннæ мæ й та йæ м худын цыд.

Уидыг æ м ноджы фæ хæ стæ гдæ р. Майкл арф ныуулæ фыд, йæ цæ стытæ бацъынд кодта æ мæ, уидыджы цы уыд, уый аныхъуырдта.

Йæ цæ сгомыл ахъазыд амондджын мидбылхудт.

— Æ рыскъæ фы сæ лдæ г! — фæ хъæ р кодта цингæ нгæ йæ. — Цы тынг адджын у! Ноджыдæ р ма мæ хъæ уы!

Фæ лæ йæ Мэри Поппинс цыма хъусгæ дæ р нæ фæ кодта, уый хуызæ н уидыджы хос рауагъта Джейнæ н. Уый зæ рдæ мæ дæ р фæ цыди хос.

— Лимоны дон сæ кæ римæ, — загъта Джейн æ мæ йæ былтæ астæ рдта.

Мэри Поппинсы авгимæ фаззæ ттæ м цæ угæ куы ауыдта, уæ д æ й хъавыди æ руромынмæ:

— Дæ хорзæ хæ й, нæ хъæ уы, уыдон нырма гыццылтæ сты! Нæ сын батайдзæ н!

Фæ лæ уыцы ныхæ стæ Мэри Поппинсмæ хъуысгæ дæ р нæ фæ кодтой. Джейнмæ тызмæ г цæ стæ й бакæ сгæ йæ, уидыг бахаста Джоны былтæ м.

Уый хос зыд ныхъуырд акодта. Цалдæ р æ ртахы дзы йæ хиуыл дæ р æ ркалдта. Джейн æ мæ Майкл федтой, ацы хатт уидыджы æ хсыр кæ й уыд. Уый фæ стæ хос банызта Барбарæ. Уымæ дæ р афтæ хорз фæ каст, æ мæ ма уидыг дыууæ хатты сдæ ргæ дæ р акодта.

Уый фæ стæ Мэри Поппинс хос йæ хицæ н дæ р рауагъта æ мæ йæ æ хсызгонæ н ахуыпп кодта.

— Пунш ромимæ, — загъта уый æ мæ авг къæ рмæ гæ й сæ хгæ дта.

Майкл æ мæ Джейнæ н фырдиссагæ й сæ цæ стытæ сæ къуырфытæ й рацæ йхаудысты, фæ лæ сын дис кæ ныны фадат бирæ нæ фæ ци, уымæ н æ мæ Мэри Поппинс, авг тæ рхæ гыл куы сæ вæ рдта, уæ д, сывæ ллæ ттæ м разилгæ йæ, загъта:

— Ныр æ нæ иу ныхасæ й — сынтæ гмæ!

Сæ дзаумæ ттæ ласынмæ сын феххуыс кодта. Сывæ ллонгæ сæ й сæ м Кэти куы куыста, уæ д-иу сæ цæ ппæ ртæ æ фтауынæ й, иуæ й, тыхсгæ скодтой, иннæ мæ й та-иу бирæ рæ стæ г хардз кодтой. Ныр сæ цæ ппæ ртæ м æ ппындæ р æ вналын нæ бахъуыд. Мэри Поппинс-иу сæ м куы бакаст, уæ д-иу сæ хæ дæ г суæ гъд сты.

Минут дæ р нæ ма рацыд, афтæ сывæ ллæ ттæ хуыссыдысты сынтæ джы. Цырагъы мынæ г рухсмæ кастысты, Мэри Поппинс йæ гауызæ нгæ с хызын куыд æ вдæ лон кодта, уымæ. Уырдыгæ й систа: æ хсæ вхуыссæ н фанелæ й хуыд авд хæ доны, цыппар ахæ мы — цикъæ йæ хуыд, дыууæ йы фæ лыст туфлитæ, доминоты къопп, найæ н дыууæ худы, альбом къамтимæ, йæ хъæ д тутийы сæ ры хуызæ н кæ мæ н уыд, ахæ м зонтыкк.

Æ ппынфæ стаг йæ хызынæ й систа тухгæ сынтæ г æ мæ йæ æ рæ вæ рдта Джон æ мæ Барбарæ йы хуыссæ ны цур.

Джейн æ мæ Майкл, сæ къухтæ й сæ уæ рджытæ æ рбахъæ быс кæ нгæ йæ, хъоппæ гцæ стæ й кастысты, фæ лæ сæ бон дзурын ницы уыд. Сæ хинымæ р дис кæ нынæ й не ’нцадысты. Æ мбæ рстой, Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы æ вддæ сæ м хæ дзары, ныронг кæ й никуыма фехъуыстæ уыд, ахæ м хабæ рттæ кæ й цæ уы.

Мэри Поппинс йæ сæ рыл йе ’хсæ вхуыссæ н фанел хæ дон æ ркодта æ мæ йæ дзаумæ ттæ ивта.

Сабырдзинад æ нæ нхъæ лæ джы фехæ лдта Майкл.

— Мэри Поппинс! — фæ хъæ р кодта уый. — Ды махæ й никуыуал ацæ удзынæ, нæ?

Фанел хæ доны бынæ й дзуапдæ ттæ г нæ фæ ци.

Майкл та йæ ногæ й бафарста:

— Махæ й æ цæ гæ й никуыуал ацæ удзынæ?

Æ хсæ вхуыссæ н хæ доны бынæ й фæ зынд Мэри Поппинсы сæ р. Йæ цæ стæ нгас уыди тынг тызмæ г.

— Иунæ г ныхас дæ р ма уæ куы фехъусон, уæ д пъæ лицæ йагмæ фæ дзурдзынæ н.

Майкл фæ уыргъуыйау:

— Æ з æ рмæ стдæ р зæ гъынмæ хъавыдтæ н, ды махимæ бирæ, бирæ рæ стæ г кæ й уыдзынæ...

Лæ ппу фæ къуыхцы, сырх-сырхид афæ лдæ хт, ныфсæ рмы æ мæ йæ дзыхæ й сым дæ р нал ссыд.

Мэри Поппинс æ нæ дзургæ йæ йæ цæ стæ нгас Джейнмæ раздæ хта, стæ й, Майклмæ бакæ сгæ йæ, загъта:

— Цалынмæ иннæ рдæ м дымын нæ райдайа, уæ дмæ мын ардыгæ й ацæ уæ н нал ис, — цыбыр дзуапп радта Мэри Поппинс, цырагъ ахуыссын кодта æ мæ йæ сынтæ джы схуыссыди.

— Уый хорз у! — йæ хицæ н æ мæ Джейнæ н дзурæ гау, ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта Майкл, фæ лæ йæ Джейн нæ фехъуыста. Уый хъуыды кодта, цытæ ’рцыди æ мæ ма ноджыдæ р цытæ ’рцæ удзæ н, ууыл.

***

Афтæ Балбæ лæ сты цæ хгæ рмæ уынджы æ вддæ сæ м хæ дзары æ рцарди Мэри Поппинс. Кæ д ма-иу иуæ й-иутæ кæ ддæ ры хуымæ тæ г æ мæ сабыр бонтæ æ рымысыдысты, ома сывæ ллæ ттæ м Кэти куы касти, уыцы рæ стæ г, уæ ддæ р, æ мткæ й райсгæ йæ, иууылдæ р цин кодтой Мэри Поппинсы фæ зындыл. Мистер Бэнкс цин кодта, сывæ ллонгæ с йæ хæ дæ г кæ й æ рбацыд, уынджы змæ лд уромын кæ й нæ бахъуыд æ мæ пъæ лицæ йагæ н шиллинг дæ ттынæ й кæ й фервæ зт, ууыл. Миссис Бэнкс цин кодта, алкæ мæ н дæ р ын æ ппæ лыны фадат кæ й фæ цис, йæ сывæ ллонгæ с, рекомендацитæ нымад кæ мæ не сты, ахæ м нырыккон зондыл хæ ст кæ й у, ууыл. Миссис Брилл æ мæ Элин цин кодтой, цæ лгæ нæ ны бон-изæ рмæ цай æ нæ мæ тæ й кæ й цымдзысты æ мæ, сæ æ хсæ вæ р кæ нгæ йæ, сывæ ллæ тты уæ лхъус уæ вын кæ й нал хъæ удзæ н, ууыл. Робертсон Эй цин кодта, Мэри Поппинсæ н иу фæ лыст йеддæ мæ батинкæ тæ кæ й нæ й, æ мæ уыдон дæ р йæ хæ дæ г кæ й сыгъдæ г кодта, ууыл...

Фæ лæ уыдæ тты тыххæ й Мэри Поппинс йæ хæ дæ г цы хъуыды кодта, уый ничи зыдта, уымæ н æ мæ Мэри Поппинс никуы никæ мæ н ницы дзырдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.