Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





16 СÆР. СЫРХ УАРДИ ÆМÆ КÆЛМÆРЗÆН



Иу къæ вда бон, Поллианнæ мистер Пенделтонмæ уазæ гуаты куы уыд, уымæ й къуыри рацыдис, афтæ Тимоти мисс Поллийы хæ рзгæ нæ г комитеты ’мбырдмæ аласта. Хæ дзармæ ’рбацыд æ ртæ сахатыл. Йæ уадултæ уыдысты æ нахуыр сырх, рог æ мæ уымæ л уæ лдæ фæ й йæ дзыккутæ ныппыхцыл сты.

Поллианнæ йæ мадыхойы раздæ р ахæ мæ й никуы федта.

— О-о! Мæ мадыхо Полли, дæ уæ н дæ р къæ бæ лдзыг дзыккутæ куы ис! — цингæ нгæ ныхъхъæ р кодта чызг; мадыхо уазджыты уатмæ куы ’рбахызт, уæ д йæ разы фырцинæ й йæ къахфындзтыл æ ркаф-æ ркаф кодта.

— Æ гæ нон сывæ ллон, цы мын ис?

Поллианнæ йæ мадыхойы алыварс гæ ппытæ кæ нын райдыдта.

— Æ з та йæ зонгæ дæ р нæ кодтон, кæ й дын ис, уый! Уымæ н гæ нæ н куыд ис, цæ мæ й адæ ймагæ н ахæ мтæ уа, æ мæ уый мачи зона? Куыд дæ м кæ сы, мæ нæ н ахæ мтæ уыдзæ н? Ома, цалынмæ уæ ларвмæ нæ атахтæ н, уæ дмæ, зæ гъынмæ хъавын, — дзырдта Поллианнæ, йæ дзыккутæ бынмæ ивазгæ йæ. — Фæ лæ уæ ддæ р сау нæ уыдзысты. Сау дзыккуйæ н бамбæ хсæ н нæ й.

— Поллианнæ, цы зæ гъынмæ хъавыс? — бафарста йæ мисс Полли. Йæ чъилджын худ йæ сæ рæ й фелвæ ста æ мæ йæ пыхцыл дзыккутæ бадзæ бæ х кæ ныныл архайдта.

— Нæ, нæ, мæ мадыхо Полли, цæ й-ма! Ма сæ лæ гъз кæ н! Æ з уыдонæ й куы зæ гъын, уыцы дзæ бæ х сау къæ бæ лдзгуытæ й. О, мæ мадыхо, цы рæ сугъд сты!

— Æ дылы ныхæ стæ! Поллианнæ, хæ рзгæ нæ г комитетмæ уыцы гыццыл дзæ гъæ лдзуйы тыххæ й ахæ м æ нæ хъола фарст сæ вæ рынмæ цæ мæ н ацыдтæ?

— Уыдон æ дылы ныхæ стæ не сты, — ныллæ ууыди Поллианнæ, дзуапп радта æ рмæ ст уайдзæ фы фыццаг хайæ н. — Ды йæ зонгæ дæ р нæ кæ ныс, ахæ м дзыккуттимæ цы рæ сугъд дæ, уый! Мæ мадыхо Полли, дæ сæ р ныффасын ма мæ бауадз, миссис Сноуы куыд ныффастон, афтæ. Стæ й мын бар ратт, цæ мæ й дын дæ сæ рыхъуынты дидинæ г ныссадзон! Афтæ мæ й дæ куы фенин, уый мæ ахæ м тынг фæ нды! Ды миссис Сноуæ й бирæ рæ сугъддæ р уыдзынæ!

— Поллианнæ! — мисс Полли дзырдта тызмæ гæ й, уæ лдайдæ р та уымæ н, æ мæ чызджы ныхæ стæ й æ нахуыр циндзинад банкъардта. Раздæ р та кæ мæ н уыди уæ лдай, йæ хæ дæ г дæ р æ мæ йæ дзыккутæ дæ р цыхуызæ н сты, уый? Раздæ р æ й кæ й фæ ндыди рæ сугъдæ й фенын? — Поллианнæ, мæ фарстæ н мын дзуапп нæ радтай. Хæ рзгæ нæ г комитетмæ уыцы æ нæ хъола фарст сæ вæ рынмæ цæ мæ н ацыдтæ?

— О, ныр æ й зонын. Фæ лæ йæ уæ д нæ зыдтон, æ нæ хъола у, уый, цалынмæ нæ ацыдтæ н æ мæ, сæ хыгъд цы бауыдзæ нис, уый сын Джиммийы хъысмæ тæ й ахсджиагдæ р у, уый нæ базыдтон, уæ дмæ. Æ мæ уый фæ стæ мæ хи хæ рзгæ нæ г комитетмæ писмо ныффыстон. Джимми уыдонæ й дард у, æ мбарыс? Æ мæ æ з ахъуыды кодтон, чи зоны, уыдонæ н индиаг лæ ппуйæ н бабæ здзæ н... Мæ мадыхо Полли, æ з дæ р дæ уæ н индиаг чызг уыдтæ н?.. Мæ мадыхо Полли, дæ сæ р ныффасын мæ баууадзынæ?

Мисс Полли йæ къух йæ хъуырыл сæ вæ рдта; раздæ ры æ дыхдзинад ыл уæ лахиз кæ й кæ ны, уый æ мбæ рста.

— Поллианнæ, абон мын сылгоймæ гтæ, куыд сæ м бацыдтæ, уый куы радзырдтой, уæ д тынг фефсæ рмы дæ н! Æ з...

Поллианнæ æ ркаф-æ ркаф кодта, йæ къахфындзтыл уæ лæ мæ -дæ лæ мæ кæ нгæ йæ.

— Ды нæ загътай, ды нæ загътай, дæ сæ р ныффасын мæ бон у æ ви нæ, — цингæ нгæ цъыбар-цъыбур кодта, — æ мæ мæ н фидарæ й уырны, уый дæ р, иубон мистер Пенделтоны холодецы хабар куыд рауади, раст афтæ кæ й у: ды йын æ й нæ арвыстай, фæ лæ дæ нæ фæ ндыд, цæ мæ й йын æ й æ з зæ гъон... Афтæ фæ лæ уу, æ з сæ рвасæ н радавон.

— Поллианнæ, Поллианнæ! — нæ разы кодта мисс Полли, уатæ й рацæ угæ йæ. Тыхулæ фтгæ нгæ цырд йæ фæ дыл асинтыл схызти.

— О-о, ардæ м цæ уыс? — мисс Поллийыл йæ уаты раз сæ мбæ лди Поллианнæ. — Уый та уымæ й хуыздæ р! Мæ нæ сæ рвасæ н дæ р. Ныр ам æ рбад. Æ з ахæ м цин кæ нын, дæ сæ р ныффасын мæ кæ й бауагътай, ууыл!

— Поллианнæ, æ з... æ з...

Мисс Полли йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ цис. Ныллæ г бандоныл кæ сæ нджын стъолы раз куыд февзæ рд, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодта. Поллианнæ йы фæ лмæ н æ мæ цырд къухты бын йæ дзыккутæ бæ зджын уылæ нтæ й дæ лæ мæ ’ркалдысты.

— Цы рæ сугъд дзыккутæ дын ис, — къæ р-къæ р кодта чызг, — миссис Сноуы дзыккутæ й бирæ бæ зджындæ р сты! Фæ лæ дæ у, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фылдæ р дзыккутæ хъæ уы, уымæ н æ мæ ды æ нæ низ дæ æ мæ вæ ййыс адæ мы ’хсæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, адæ мæ н тынг æ хсызгон уыдзæ н, куы дын сæ феной... стæ й дисы дæ р бафтдзысты, уымæ н æ мæ сæ æ гæ р бирæ фембæ хстай. О, мæ мадыхо Полли, æ з дæ ахæ м рæ сугъд скæ ндзынæ н, æ мæ дæ м иууылдæ р ныккæ сдзысты!

— Поллианнæ! — райхъуысти дзыккуты бынæ й къуызгæ æ мæ тарст хъæ лæ с. — Æ з... æ з æ й нæ зонын, ахæ м æ дылы митæ кæ нынæ н дын бар цæ мæ н дæ ттын, уый.

— Мæ мадыхо Полли, мæ нмæ гæ сгæ, адæ мæ н дæ умæ кæ сын æ хсызгон куы уаид, уæ д цин кæ нис! Ды рæ сугъд дзаумæ ттæ м кæ сын нæ уарзыс? Æ з рæ сугъд адæ ммæ куы фæ кæ сын, уæ д бирæ амондджындæ р вæ ййын, уымæ н æ мæ фыдуындтæ м куы фæ кæ сын, уæ д сын тынг тæ ригъæ д фæ кæ нын.

— Фæ лæ... фæ лæ...

— Æ мæ æ з уарзын искæ й дзыккутæ фасын, — цингæ нгæ цъыбар-цъыбур кодта Поллианнæ. — Æ з хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ й сæ дзыккутæ бирæ тæ н ныффастон, фæ лæ уыдонæ й иуæ н дæ р дæ хуызæ н рæ сугъд сæ рыхъуынтæ нæ уыдис. Æ ниу, миссис Уайтæ н тынг рæ сугъд уыдысты; иу хатт æ й сарæ зтон, æ мæ диссаджы рæ сугъд уыди... Мæ мадыхо Полли, æ з цыдæ р æ рхъуыды кодтон! Фæ лæ уый сусæ г цыдæ р у, æ мæ дын æ й нæ зæ гъдзынæ н. Ныр дæ сæ рыфаст, зæ гъæ н ис, цæ ттæ у, æ мæ æ з иу минутмæ ауайон. Æ рмæ ст мын дзырд ратт... дзырд мын ратт, дæ бынатæ й кæ й нæ фезмæ лдзынæ æ мæ сусæ гæ й кæ й нæ кæ сдзынæ, цалынмæ раздæ хон, уæ дмæ!

Мисс Полли хъæ рæ й ницы сдзырдта, фæ лæ йæ хинымæ р загъта, йæ хæ рæ фырты æ нæ хъола куыст уайтагъд кæ й фехалдзæ н æ мæ йæ сæ рыхъуынтæ, куыд æ мбæ лы, афтæ кæ й ныффасдзæ н. «Сусæ гæ й кæ сыны» тыххæ й та... Цыма йын цы уæ лдай у!

Мисс Полли стъолы кæ сæ нмæ æ нæ бары бакасти. Цы федта, уымæ й йæ рустæ ахæ м сырх ныййисты, æ мæ... уый куы федта, уæ д ноджы тынгдæ р ныссырх ис.

Йæ цæ сгом æ рыгон нæ уыдис, о, фæ лæ фыртыхстæ й æ мæ æ хсызгон дисæ й — хъæ лдзæ г, сырх-сырхид рустæ, цæ хæ ркалгæ цæ стытæ. Тар сæ рыхъуынтæ нырма уымæ л уыдысты. Сæ рибар уылæ нтæ й йæ ныхыл æ рбадтысты, къæ бæ лдзгуытæ къæ бутмæ ’рхæ ццæ сты æ мæ уырдыгæ й диссаджы æ вæ рдæ й дæ лæ мæ ’рцыдысты.

Мисс Полли стыр дисы бацыд. Кæ сæ ны цы ныв федта, уый йæ зæ рдæ мæ фæ цыди, æ мæ йæ сæ р, арæ хдæ р ын куыд фаст вæ ййы, афтæ ныффасын кæ й сфæ нд кодта, уый дæ р дзы æ рбайрох ис, цалынмæ Поллианнæ фæ стæ мæ уатмæ не ’рбазгъордта æ мæ йын йæ къæ хты уынæ р нæ айхъуыста, уæ дмæ. Йæ бынатæ й нæ ма фезмæ лыд, афтæ йын чызг йæ цæ стытæ фындзыкæ лмæ рзæ нæ й абаста.

— Поллианнæ, цы кусыс? — ныхъхъæ р кодта мисс Полли.

Поллианнæ ныххудти:

— Мæ н фæ нды, цæ мæ й дын уый æ нæ нхъæ лæ джы лæ вар уа. Сусæ гæ й кæ й кæ сдзынæ, уымæ й тæ рсын, æ мæ дын дæ цæ стытæ фындзыкæ лмæ рзæ нæ й бабастон. Ныр æ нцад абад. Минутæ й фылдæ р ын нæ хъæ уы, уый фæ стæ дæ бакæ сын бауадздзынæ н.

— Поллианнæ, — райдыдта мисс Полли, куырмæ джы сыстыныл архайгæ йæ. — Ныртæ ккæ йæ райхал! Цы кусыс? — тыхулæ фтгæ нгæ загъта сылгоймаг. Йе уæ хсджытыл цыдæ р фæ лмæ н æ рцъыгъгъуытт ласта, уый банкъардта.

Фæ лæ Поллианнæ ноджы хъæ лдзæ гдæ рæ й ныххудти. Ризгæ æ нгуылдзтæ й мадыхойы уæ хсчытыл аив уылæ нтæ й рог кæ лмæ рзæ н айтыдта. Уый чырыны бирæ азты дæ ргъы фæ лæ ууыди, æ мæ сбур ис, лавандæ йы тæ ф кодта. Ивгъуыд къуырийы Ненси цар куы ’фснайдта, уæ д Поллианнæ йы размæ фæ ци. Æ мæ йæ м абон ахæ м хъуыды фæ зынд: кæ ддæ р йæ райгуырæ н горæ ты миссис Уайты куыд сфæ лыста, афтæ абон та йæ мадыхо Поллийы сараздзæ н.

Йæ куыст куы фæ цис, уæ д Поллианнæ райгондæ й, цы дзы рауадис, ууыл йæ цæ ст æ рхаста æ мæ бафиппайдта, иу хахх ма дзы кæ й нæ фаг кæ ны, уый. Æ мæ уæ д йæ мадыхойы рæ вдз тыргъы ’рдæ м аласта. Уым нырма зындис æ рæ джиауы сырх уарди, къухæ й йæ м баххæ ссæ н уыди.

— Поллианнæ, уый цы кусыс? Кæ дæ м мæ ласыс? — бафарста мисс Полли. — Поллианнæ, æ з нæ...

— Æ рмæ стдæ р тыргъмæ... иу минут æ рмæ ст! Ныртæ ккæ цæ ттæ уыдзынæ, — пыф-пыф кодта Поллианнæ. Систа уарди æ мæ йæ мисс Поллийы галиу хъусы сæ рмæ къæ бæ лдзыг сæ рыхъуынты ныссагъта. — Афтæ! — цингæ нгæ хъæ р кодта чызг, æ лхынцъ райхæ лдта æ мæ фындзыкæ лмæ рзæ н иуварс фехста. — О, мæ мадыхо Полли, мæ нмæ гæ сгæ, афтæ дæ кæ й сфæ лыстон, ууыл тынг ныццин кæ ндзынæ!

Мисс Полли, цыма йæ арв æ рцавта, уый хуызæ н фæ ци, минуты бæ рц йæ химæ кæ сæ нмæ касти, фæ лæ стæ й уыциу хъæ р ныккодта æ мæ йæ уатмæ ныййарц ис.

Поллианнæ, йæ мадыхойы тарст цæ стæ нгас фæ стаг хатт кæ дæ м арæ зт уыд, уыцырдæ м акасти; тыргъы гом рудзынгæ й ауыдта дыдзæ лхыг, хæ дзары ’рдæ м æ рбазылд. Рохтыл чи хæ цыд, уыцы нæ лгоймаджы уайтагъд базыдта. Цингæ нгæ йæ сæ р рудзынгæ й радардта æ мæ ныхъхъæ р ласта:

— Дохтыр Чилтон, дохтыр Чилтон! Мæ нмæ ’рбацыдтæ? Æ з мæ нæ дæ н.

— О, — бахудти дохтыр æ мæ бафтыдта: — Дæ бон дæ лæ мæ ’руайын нæ у?

Поллианнæ йæ мадыхойы баййæ фта хуыссæ нуаты, цæ сгом — сырх-сырхид, йæ цæ стæ нгас — мæ сты. Йæ кæ лмæ рзæ н йæ уæ лæ цы булавкæ тæ й хæ цыд, уыдон мæ стыгæ рæ й рæ дывта.

— Поллианнæ, дæ бон куыд уыди афтæ бакæ нын? — хъæ рзыд сылгоймаг. — Ахъуыды-ма кæ нæ д исчи! Уый хуызæ н мæ ныццарæ зта, ноджы ма мæ ахæ м ран слæ ууын кодта, æ мæ мæ... федтой!

Поллианнæ фыртæ ссæ й марды хуызæ н фæ цис:

— Тынг рæ сугъд уыдтæ... диссаджы рæ сугъд, мæ мадыхо Полли, æ мæ...

— Рæ сугъд! — æ лгъгæ нгæ ныхъхъæ р кодта мисс Полли; кæ лмæ рзæ н фехста æ мæ ризгæ къухтæ й йæ сæ рыхъуынтæ м фæ лæ бурдта.

— Мæ мадыхо Полли, цæ й-ма, цæ й-ма, уадз дæ дзыккутæ афтæ!

— Уадзон? Æ ндæ р мæ т дæ р мæ нал ис! — Мисс Полли йæ дзыккутæ йæ къæ буты ’рдæ м ахæ м ивæ зт акодта, æ мæ йæ къухы, лæ дзджыты хуызæ н, сраст сты.

— Цы рæ сугъд уыдысты! — скæ уынмæ йæ бирæ нал хъуыди, афтæ мæ й загъта Поллианнæ æ мæ чиугæ рацыди уатæ й.

Дохтыр Поллианнæ мæ ’нхъæ лмæ касти, йæ дыдзæ лхыджы бадгæ йæ.

— Рынчынæ н дæ хосæ н рафыстон, æ мæ мæ йæ хосы фæ дыл рарвыста, — фехъусын кодта дохтыр. — Ацæ удзынæ мемæ?

— Цы зæ гъынмæ хъавыс... аптекæ мæ ацæ уон? — бафарста Поллианнæ. — Æ з-иу раздæ р цыдтæ н аптекæ мæ... комитеты сылгоймæ гтæ н.

Дохтыр худæ нбылæ й йæ сæ р батылдта:

— Бынтон афтæ нæ у. Ныхас мистер Пенделтоныл цæ уы. Абон дæ куы фенид, уый йæ фæ нды, кæ д ахæ м хорз разындзынæ æ мæ йæ м ацæ уыныл сразы уыдзынæ, уæ д. Къæ вда куы фæ цис, уæ д дæ фæ дыл рацыдтæ н. Разы дæ цæ уыныл? Уый фæ стæ дæ м бацæ удзынæ н æ мæ дæ ’хсæ з сахатæ й раздæ р фæ стæ мæ ’рбаласдзынæ н.

— Тынг мæ фæ нды ацæ уын! — хъæ рæ й загъта Поллианнæ. — Банхъæ лмæ кæ с, æ рмæ ст мæ мадыхо Поллийæ бар ракурон.

Цалдæ р минуты фæ стæ, йæ чъилджын худ йæ къухы, афтæ мæ й раздæ хтис. Йæ цæ сгом уыди æ нкъард.

— Дæ мадыхо дæ нæ уагъта? — хъавгæ бафарста дохтыр, сæ фæ ндагыл куы абалц кодтой, уæ д.

— Н-нæ, — ныуулæ фыди Поллианнæ. — Уый... уый, тæ рсын, æ гæ р тынг фæ ндыд, цæ мæ й ацæ уон.

— Æ гæ р тынг фæ ндыд?

Поллианнæ та ныуулæ фыд.

— О, мæ нмæ гæ сгæ, кæ й мæ стыхсти, уый зæ гъынмæ хъавыд. Афтæ мын загъта: «О, о, кæ дæ мфæ нды цу! Раздæ р кæ й нæ ацыдтæ, уый мын тынг хъыг у! »

Дохтыр бахудти, фæ лæ æ рмæ ст йæ былтæ й. Иуцасдæ р ницы сдзырдта, уый фæ стæ æ нæ ныфсæ й бафарста:

— Цалдæ р минуты размæ тыргъы рудзынджы цур, мыййаг... дæ мадыхойы нæ федтон дæ разы?

Поллианнæ арф ныуулæ фыд:

— О, æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, хъуыддаг уый мидæ г ис. Æ мбарыс, мæ мадыхойы диссаджы рæ сугъд сфæ лыстон кæ лмæ рзæ нæ й, цары йæ ссардтон. Йæ дзыккутæ йын дзæ бæ х ныффастон æ мæ йын дзы уарди ныссагътон. Тынг рæ сугъд уыди. Дæ умæ рæ сугъд нæ фæ каст?

Дохтыр иуцасдæ р хъусæ й фæ лæ ууыд. Куы сдзырдта, уæ д йæ хъæ лæ с ахæ м мынæ г уыд, æ мæ йын Поллианнæ йæ ныхæ стæ тыхæ й фехъуыста:

— О, Поллианнæ... Мæ нмæ гæ сгæ, уыди... диссаджы рæ сугъд.

— Æ цæ г? Мæ нæ мын цы æ хсызгон у! Æ з ын æ й зæ гъдзынæ н, райгондæ й йæ сæ р батылдта Поллианнæ.

Фæ лæ стыр диссагæ н дохтыр æ васт ныхъхъæ р кодта:

— Ма зæ гъ! Мацы хуызы, æ з... тæ рсын... уый курæ г дæ н, цæ мæ й йын уый тыххæ й мацы зæ гъай.

— Цæ уылнæ, дохтыр Чилтон? Цæ уылнæ? Мæ нмæ гæ сгæ, дæ уæ н æ хсызгон уыдзæ н...

— Фæ лæ уымæ н, чи зоны, нæ, — фескъуыдта дохтыр чызджы ныхас.

Поллианнæ хъуыдыты ацыди.

— Чи зоны... æ вæ ццæ гæ н, уымæ н æ хсызгон нæ уыдзæ н, — ныуулæ фыд чызг. — Ныр æ й æ рхъуыды кодтон: дæ у кæ й федта, уый тыххæ й алыгъди. Æ мæ ма уый фæ стæ ноджы загъта, куы йæ «ныццарæ зтой», уæ д æ й федтой, зæ гъгæ.

— Æ з дæ р афтæ банхъæ лдтон, — загъта дохтыр мынæ г хъæ лæ сæ й.

— Æ мæ уæ ддæ р, цæ мæ н, уый не ’мбарын, — бафиппайдта Поллианнæ дисгæ нгæ, — тынг рæ сугъд куы уыд!

Дохтыр ницы загъта. Æ рмæ ст, Джон Пенделтон йæ саст къахимæ цы дурæ йконд хæ дзары хуыссыд, уый размæ куы бахæ ццæ сты, уæ д сдзырдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.