Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





15 СÆР. ДОХТЫР ЧИЛТОН



Поллианнæ Пенделтон-Хиллмæ дыккаг хатт куы ’рбацыд, уæ д æ м мистер Педелтоны стыр фæ ныкхуыз хæ дзар бынтон æ ндæ рхуызон фæ касти. Рудзгуытæ уыдысты гом, фаллаг кæ рты цавæ рдæ р ацæ ргæ сылгоймаг хуыссæ ны цъæ рттæ бæ ндæ ныл ауыгъта, бацæ уæ ны раз та лæ ууыдис дохтыр Чилтоны дыдзæ лхыг.

Поллианнæ фæ рсаг дуары цурмæ бацыди. Фæ лæ ныр дзæ нгæ рæ гыл бахæ цыд — абон йе ’нгуылдзтæ æ ндзыг нæ уыдысты, фырадæ ргæ й дæ гъæ л куы нылхъывта, уæ д куыд уыдис, афтæ.

— Дæ бон хорз. Æ з мистер Пенделтонæ н холодец æ рбахастон, роды къæ хтæ й фых у, — бахудти Поллианнæ.

— Бузныг, — загъта сылгоймаг, чызджы къухтæ й мигæ нæ н райсгæ йæ. — Цы йын-иу зæ гъон? Чи йæ ’рбарвыста?

Уыцы рæ стæ г дохтыр бахизæ нмæ рацыди. Сылгоймаджы ныхæ стæ фехъуыста æ мæ уыциу рæ стæ г Поллианнæ йы цæ сгомы фыдæ нхъæ л æ нгас бафиппайдта. Æ мæ рæ вдз размæ ракъахдзæ ф кодта.

— А-а! Холодец? — бафарста, цингæ нгæ йæ. — Тынг хорз! Дæ у, æ вæ ццæ гæ н, нæ рынчыны фенын фæ нды?

— О, сэр, — ныррухс ис чызг.

Сылгоймаг дохтыры коммæ бакаст, кæ д дисы бафтыди, уæ ддæ р. Уайтагъд Поллианнæ йы йæ фæ дыл акодта.

Дохтыры фæ стæ цы лæ ппу лæ ууыд, уый (дæ сны санитар, рынчынтæ м кæ сыны специалист, æ рбацыди æ ввасхдæ р стыр горæ тæ й) фыртыхстæ й ныхъхъæ р ласта:

— Дохтыр, мистер Педелтон афтæ нæ загъта, цæ мæ й йæ м макæ й уадзой?

— О, афтæ у, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта дохтыр. — Фæ лæ ам ныр хицау æ з дæ н, æ мæ уыцы бæ рн исын мæ химæ. — Стæ й сусæ гхуызæ й бафтыдта: — Ды йæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ зоныс, фæ лæ уыцы чызг, æ рвылбон авджы дзагæ й кæ й нуазай, ахæ м хъæ ддыхгæ нæ г хосæ й хуыздæ р у. Кæ д Джон Пенделтоны йе ’нтъыснæ гæ й исчи фервæ зын кæ ндзæ н, уæ д ацы чызг.

— Æ мæ чи у?

Дохтыр иу уысм фæ къуыхцы ис:

— Уый у нæ горæ ты зындгонддæ р цæ рджытæ й иуы хæ рæ фырт. Йæ ном хуыйны Поллианнæ Уиттиер. Æ з... Ацы чызджы мын хæ стæ гдæ р базонын нырма нæ бантыст, фæ лæ йæ мæ рынчынтæ й бирæ тæ зонынц... æ мæ мын уый тынг æ хсызгон у!

Санитар йæ мидбылты бахудти:

— Æ цæ г? Æ мæ уыцы æ вдадзы хос уæ д цæ мæ й конд у?

Дохтыр йæ сæ р банкъуыста:

— Нæ йæ зонын. Куыд раиртæ стон, афтæ мæ й, цы ’рцыд кæ нæ цы хъуамæ ’рцæ уа — алцæ уыл дæ р цин кæ ны. Æ з æ дзухдæ р фехъусын йæ хъæ лдзæ г ныхæ сты кой, æ мæ мæ бон бамбарын цас у, уымæ гæ сгæ, сæ сæ йраг мидис у «цин кæ нын». Æ з æ рмæ стдæ р иу хъуыддагмæ бæ ллын, — бафтыдта лæ г, тыргъмæ фæ цæ йцæ угæ йæ, — мæ бон-иу æ й рафыссын куы уаид... Æ мæ, хосты къопп куыд рафыссын кæ нæ балхæ нын, афтæ -иу æ й балхæ нæ н дæ р куы уаид. Æ ниу, уый хуызæ ттæ дунейы бирæ куы уаиккой, уæ д нæ дыууæ йы бахъæ уид уадздзæ гтæ кæ нæ алдымбыдтæ уæ й кæ нын, науæ д та къанаутæ къахын, уымæ н æ мæ æ гуыст фæ уаиккам.

Уыцы рæ стæ г Поллианнæ йы дохтыры фæ дзæ хстмæ гæ сгæ Джон Пенделтоны уатмæ бахæ ццæ кодтой. Йæ фæ ндаг цыди библиотекæ йыл. Æ мæ кæ д рæ вдз уади, уæ ддæ р ын рæ стæ г уыдис, цæ мæ й ивддзинæ дтæ бафиппайа. Рудзгуыты сырх æ мбæ рзæ нтæ æ мæ чингуыты скъæ ппыты рæ гътæ ныр дæ р уым уыдысты, фæ лæ пъолыл бырон нæ уыди, стъол хæ рзæ фснайд, рыджы мур никуы зынди. Телефоны чиныг ауыгъд уыдис къæ псырыл, тохнайы æ рхуы бынæ вæ рæ н та фырсыгъдæ гæ й цæ хæ ртæ калдта.

«Сусæ г» дуæ рттæ й иу гом разындис, æ мæ лæ ггадгæ нæ г чызджы уыцы дуармæ бакодта. Поллианнæ хъæ здыг арæ зт хуыссæ нуаты куы февзæ рди, уæ д сылгоймаг тарст хъæ лæ сæ й загъта:

— Сэр, кæ д бар ратдзынæ... мæ нæ иу чызг... холодец æ рбахаста. Дохтыр загъта, цæ мæ й дæ м æ й æ рбакæ нон.

Поллианнæ нæ лгоймагимæ хибарæ й баззад, уый æ нæ змæ лгæ йæ æ мæ тарæ рфыгæ й хуыссыди йæ фæ сонтыл.

— Байхъусут-ма, æ з уын афтæ нæ загътон... — райхъуысти мæ сты хъæ лæ с. — А, уый ды дæ! — йæ хъæ лæ с фæ фæ лмæ ндæ р, афтæ мæ й загъта лæ г, Поллианнæ хуыссæ нмæ куы ’рбаввахс ис, уæ д.

— О, сэр, — бахудти Поллианнæ. — Æ з ахæ м цин кæ нын, кæ й мæ ’рбауагътой, ууыл! Æ мбарыс, раздæ р мын уыцы ус, чысыл ма хъæ уа, мæ холодец ма байса. Ахæ м тарст фæ кодтон, куы нæ дæ фенон, зæ гъгæ. Фæ лæ нæ м уый фæ стæ дохтыр рацыди æ мæ мын æ рбацæ уыны бар радта. Уый ахæ м дзæ бæ х разындис.

Мистер Пенделтоны былтыл æ нæ бары мидбылхудт фæ зынд, фæ лæ зæ гъгæ æ рмæ стдæ р кодта:

— Гъым!

— Холодец дын æ рбахастон, — дзырдта дарддæ р Поллианнæ. — Роды къæ хтæ й фых у. Кæ й йæ уарзыс, ууыл мæ зæ рдæ дарын, — бафæ рсæ гау кодта Поллианнæ.

— Никуы йæ хордтон. — Йæ мидбылхудт æ виппайды фæ цыдæ р, æ мæ мистер Пенделтон раздæ рау тарæ рфыгæ й ракасти.

Поллианнæ йы цæ сгомыл иу уысм фыдæ нхъæ лдзинады фæ д фæ зынд, фæ лæ мигæ нæ н стъолыл æ рæ вæ рдта æ мæ хъæ лдзæ гæ й загъта:

— Нæ хордтай? Уæ дæ йæ кæ д нæ хордтай, уæ д дæ бон, кæ й йæ нæ уарзыс, уый зæ гъын нæ у! Æ мæ мын, кæ й йæ нæ хордтай, уый æ хсызгон дæ р ма у. Куы йæ хордтаис æ мæ куы зыдтаис...

— О, о... Æ з бæ лвырд уый зонын æ мæ... мæ нæ ацы минут ам мæ фæ сонтыл хуыссын æ мæ ма, æ вæ ццæ гæ н, афтæ фæ хуысдзынæ н... суанг тæ рхоны бонмæ.

Поллианнæ йæ н цыма йæ зæ рдæ сæ нкъуысти.

— Нæ! Тæ рхоны бонмæ уымæ н уæ вæ н нæ й. Уæ д архангел Гавриил йæ сыкъайæ ныууасдзæ н, кæ д уый, æ нхъæ л куыд стæ м, уымæ й раздæ р не ’рцæ уа, уæ д... Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ з æ й зонын, Библимæ гæ сгæ, æ нхъæ л куыд стæ м, уымæ й раздæ р, чи зоны, æ рцæ уа, фæ лæ æ з уый æ нхъæ л нæ дæ н, æ мæ ’рцæ уа... ома, æ нæ мæ нг, æ з Библийыл æ ууæ ндын, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, тæ рхоны бон афтæ тагъд не ’рхæ ццæ уыдзæ н æ мæ...

Джон Пенделтон æ васт хъæ лæ сы дзаг ныххудти. Уыцы рæ стæ г санитар уатмæ ’рбахызт æ мæ, уыцы худт куы фехъуыста, уæ д цæ хгæ р фæ зылди, æ нæ уынæ рæ й фæ цыдæ р. Йæ цæ сгомы хуыз уыди, йæ чъирийæ н уазал уæ лдæ фæ й тас кæ й у, уый фенгæ йæ, духовкæ йы дуар рæ вдз чи ахгæ дта, ахæ м хæ ринаггæ нæ джы цæ сгомы æ нгæ с.

— Æ нхъæ л дæ н, æ мæ ныссуйтæ дæ, нæ? — бафиппайдта Джон Пенделтон.

Чызг ныххудти.

— Чи зоны. Фæ лæ æ з уый зæ гъынмæ хъавыдтæ н, æ мæ къæ хтæ æ нусмæ не сты... ома саст къæ хтæ, æ мбарыс... Уый, сдзæ бæ хгæ нæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м низ нæ у, миссис Сноуы хуызæ н. Уæ дæ дæ низ тæ рхоны бонмæ нæ ахæ сдзæ н. Æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, ды хъуамæ ууыл цин кæ най.

— О, цин кæ нын, — хъуынтъызæ й дзуапп радта мистер Пенделтон.

— Стæ й дæ уæ н æ рмæ стдæ р дæ иу къах асаст. Æ мæ дæ бон цин кæ нын у, дыууæ дæ р кæ й нæ асастай, ууыл, — Поллианнæ хъазты тæ мæ ны бацыд.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы! Мæ нæ цы хорз у! — ныппыррыкк ласта нæ лгоймаг æ нæ рвæ ссонæ й, йе ’рфгуытæ хæ рдмæ сисгæ йæ. — Хъуыддагмæ ахæ м цæ стæ й кæ сгæ йæ, мæ бон цин кæ нын у, цыппæ ркъахыг кæ й нæ дæ н, æ мæ ссæ дз къахы кæ й нæ асастон!

Поллианнæ ныххудти.

— О, уый та ноджы хуыздæ р! — хъæ лдзæ гæ й загъта чызг. — Æ з зонын, цыппæ ркъахыг цы у, уый, уымæ н бирæ къæ хтæ ис. Æ мæ дæ бон цин кæ нын у...

— Æ нæ мæ нг, — аскъуыдта йын йæ ныхас нæ лгоймаг, раздæ ры маст азæ лыд йæ хъæ лæ сы, — мæ нæ н, æ вæ ццæ гæ н, мæ бон цин кæ нын у, цы ма ис, уыдонæ й алцæ уыл дæ р: санитарыл, дохтырыл æ мæ, къæ бицы чи ис, уыцы ’лгъыст сылгоймагыл!

— О, сэр! Æ рмæ стдæ р ма дæ цæ стытыл ауайын кæ н, уыдон ам куы нæ уаиккой, уæ д куыд æ взæ р уаид!

— Куы нæ... цы?

— Æ рмæ ст ма, зæ гъын, ахъуыды кæ н, уыдон ам куы нæ уаиккой æ мæ ды бынтон иунæ гæ й, æ нæ фæ кæ сæ гæ й, куы хуыссис, уæ д куыд æ взæ р уаид!

— Цыма ам ацы уавæ ры кæ й хуыссын, хъуыддаг уый мидæ г нæ й! — мæ стыйæ не сразы ис мистер Педелтон. — Дæ у та ма ноджы фæ нды, цæ мæ й, уыцы æ дылы сылгоймаг мын мæ хæ дзар кæ й сфæ лдахы æ мæ уый «æ фснайын» кæ й хоны, ууыл æ з цин кæ нон! Лæ ппу та — йæ хъузон, разæ нгард æ й кæ ны æ мæ уый «рынчынмæ кæ сын» хоны. Сæ дыууæ йы дæ р чи ардауы, уыцы дохтыры кой нал кæ нын. Æ мæ ма, уымæ й уæ лдай, уыдон се ’ппæ т дæ р æ нхъæ лмæ кæ сынц, æ з сын уый тыххæ й кæ й бафиддзынæ н, уымæ, стæ й чысыл нæ!

Поллианнæ тæ ригъæ дгæ нгæ йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта:

— О, зонын æ й. Æ нæ мæ нг, æ ппæ тæ й зындæ р — æ хца... Уыйбæ рц рæ стæ г фæ стауæ рц куы фæ кодтай, æ мæ...

— Куы... цы?

— Фæ стауæ рц... хъæ дур æ мæ кæ сæ гтæ фелхæ дтай. Байхъус-ма, хъæ дур уарзыс? Æ ви гогызы фыд равзарис, фæ лæ хъуыддаг æ рмæ ст уый мидæ г ис, æ мæ йæ аргъ æ хсай центы у?

— Цæ й кой кæ ныс?

Поллианнæ йы цæ сгомыл мидбылхудт ахъазыд:

— Де ’хцайы кой... дæ хи алцæ мæ й æ нæ хай кæ нгæ йæ, муртаккæ гтæ н кæ й фембырд кодтай... Æ з æ й базыдтон, æ мæ афтæ мæ й, мæ стыгæ р кæ й нæ дæ, уый бамбæ рстон. Ненси мын æ й загъта.

Нæ лгоймагæ н йе ’фсæ р фырдисæ й дæ лæ мæ ’рхауди.

— Ненси дын афтæ загъта, æ з æ хца кæ й æ мбырд кæ нын, цæ мæ й... Æ мæ Ненси чи у, уый мæ бон базонын у?

— Нæ хи Ненси. Мæ мадыхо Поллийы лæ ггадгæ нæ г.

— Мадыхо Полли? Уый та чи у?

— Мисс Полли Харрингтон. Æ з уыимæ цæ рын.

Нæ лгоймаг фесхъиуæ гау кодта.

— Мисс... Полли... Харрингтон! — мынæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта лæ г. — Уыимæ цæ рыс?!

— О, æ з йæ хæ рæ фырт дæ н. Уый мæ райста хъомыл кæ нынмæ... мæ мады тыххæ й, æ мбарыс. Уый йæ хо уыди. Æ мæ мæ фыд... уæ лæ рвтæ м куы ацыд, цæ мæ й йемæ, ме ’фсымæ ртимæ, стæ й мæ хотимæ баиу уа, уæ д мын ам, зæ ххыл, ничиуал баззад, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ й фæ стæ мæ. Æ мæ мæ уæ д мæ мадыхо Полли йæ химæ райста.

Мистер Пенделтон дзуапп нæ радта. Урс базыл йæ цæ сгом зынди урс-урсидæ й, ахæ м урсæ й, æ мæ Поллианнæ фæ тарст. Фестади йæ бынатæ й.

— Æ вæ ццæ гæ н, куы ацæ уон, уæ д хуыздæ р, уыдзæ н, — загъта чызг. — Æ з... æ з мæ зæ рдæ дарын, холодец... дæ зæ рдæ мæ кæ й фæ цæ удзæ н.

Нæ лгоймаг йæ сæ р разылдта, йæ цæ стытæ байгом сты. Сæ талынг арфы цыдæ р æ нахуыр рыст зынди, суанг æ й Поллианнæ дæ р бафиппайдта æ мæ бадис кодта.

— Уæ дæ ды мисс Полли Харрингтоны хæ рæ фырт дæ, — фæ лмæ нæ й загъта уый.

— О, сэр.

Нæ лгоймаджы тар цæ стытæ раздæ рау кастысты чызджы цæ сгоммæ, цалынмæ Поллианнæ йыл катай нæ бахæ цыд, уæ дмæ:

— Мæ нмæ гæ сгæ йæ... ды зоныс.

Джон Пенделтоны былтыл æ нахуыр мидбылхудт фæ зынди.

— О, æ з æ й зонын, — фæ дызæ рдыг ис, фæ лæ уый фæ стæ дарддæ р дзырдта худæ нбылæ й. — Фæ лæ... дæ бон афтæ зæ гъын нæ у, æ мæ мын уыцы холодец мисс Полли Харрингтон æ рбарвыста.

Поллианнæ кæ й ныфсæ рмы ис, уый бæ рæ г уыди:

— Нæ, сэр, уый нæ уыдис. Уый мын загъта, цæ мæ й ды мацы хуызы ахъуыды кæ най, цыма йæ уый æ рбарвыста.

— Æ з æ нæ уи дæ р афтæ хъуыды кодтон, — загъта нæ лгоймаг æ мæ иннæ рдæ м азылд. Поллианнæ ноджы тынгдæ р ныкъкъæ мдзæ стыг æ мæ йæ къахфындзтыл уатæ й рацыди.

Кулдуары цур æ м æ нхъæ лмæ касти дохтыр. Санитаримæ ныхæ стæ кодта.

— Цæ й, Поллианнæ, хæ дзармæ дæ аласон, ахæ м æ хсызгондзинады аккаг мæ скæ ндзынæ? — бафарста дохтыр, мидбылты худгæ йæ. — Чысыл раздæ р цæ уынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ стæ й загътон, æ ххæ ст дæ м, зæ гъын, банхъæ лмæ кæ сон.

— Бузныг, сэр. Кæ й мæ м фенхъæ лмæ кастæ, уый мын æ хсызгон у. Æ з балцы цæ уын бирæ уарзын, — райдзастхуызæ й загъта Поллианнæ, цæ мæ й йæ дыдзæ лхыгмæ схизын кæ на, уый тыххæ й йæ м йæ къух куы радардта, уæ д.

— Æ цæ г? — бахудти дохтыр æ мæ санитарæ н йæ сæ рæ й акуывта. — Куыд зонын, афтæ мæ й ды бирæ цыдæ ртæ уарзыс. Афтæ нæ у? — бафтыдта лæ г, дыдзæ лхыг фæ ндагыл рæ вдз куы атылдис, уæ д.

Поллианнæ ныххудти.

— Нæ зонын, фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, афтæ у, — сразы ис чызг. — Царды цы ис, уыдонæ й алцыдæ р уарзын. Фæ лæ цыдæ ртæ тынг нæ уарзын — хуыйын, хъæ рæ й кæ сын æ мæ æ ндæ р ахæ мтæ. Уый цард нæ у.

— Цард нæ у? Уæ дæ цы у?

— Мæ мадыхо Полли афтæ зæ гъы, уыдæ ттæ иууылдæ р цæ рыныл ахуыр кæ нынц, зæ гъгæ, — ныуулæ фыди Поллианнæ æ нкъардæ й.

Дохтыр та бахудт, фæ лæ йæ мидбылхудт иучысыл æ нахуыр уыди.

— Афтæ зæ гъы? Æ з дзы æ ндæ р æ нхъæ л нæ уыдтæ н.

— О, — дзуапп радта Поллианнæ. — Фæ лæ æ з бынтон æ ндæ рхуызон хъуыды кæ нын. Мæ нмæ гæ сгæ, цæ рыныл ахуыр кæ нын нæ хъæ уы. Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р æ з афтæ нæ кæ нын.

Дохтыр арф ныуулæ фыди.

— Фæ лæ уæ ддæ р, мæ чызг, махæ й иуæ й-иуты... хатгай бахъæ уы, — бафиппайдта лæ г æ мæ ныхъхъус.

Поллианнæ йæ м сусæ гæ й бакаст æ мæ йын фæ тæ ригъæ д кодта. Дохтыры цæ сгом ахæ м æ нкъард уыди, æ мæ чызг сагъæ сы бацыд, йæ бон ын исты саразын куы уаид, уæ д куыд хорз уаид, зæ гъгæ. Æ мæ, чи зоны, уый тыххæ й бафиппайдта:

— Дохтыр Чилтон, мæ нмæ гæ сгæ, дохтыры куыстæ й æ хсызгондæ р ацы дунейы куыст нæ й.

Дохтыр æ м дисхуызæ й разылд:

— Æ хсызгондæ р? Æ дзухдæ р æ мæ алкуыдæ р хъизæ мæ рттæ куы уынын, уæ д?

Чызг йæ сæ р батылдта.

— Зонын æ й, фæ лæ ды æ ххуыс куы кæ ныс... афтæ нæ у? Æ мæ ууыл, æ нæ мæ нг, цин кæ ныс! Афтæ мæ й ды æ дзух не ’ппæ тæ й амондджындæ р дæ.

Дохтыры цæ стытæ æ нæ нхъæ лæ джы судзгæ цæ ссыгтæ й айдзаг сты. Йæ цард æ рвыста хæ рз иунæ гæ й. Нæ дæ р ын бинойнаг уыди, нæ дæ р хæ дзар, æ рмæ стдæ р, пансионы кæ й баххуырста, уыцы дыууæ уаты, æ мæ сæ уыциу рæ стæ г кусæ нуат дæ р скодта. Йæ куыст ын тынг зынаргъ уыди. Æ мæ йæ м ныр, Поллианнæ йы рухс цæ стытæ м кæ сгæ йæ, афтæ фæ каст, цыма йын чидæ р йæ къух рæ вдаугæ йæ йæ сæ рыл æ рæ вæ рдта æ мæ йын раарфæ кодта. Ныр æ й зыдта, боны уæ ззау куыст æ мæ фæ лмæ цыд æ гъуыссæ г æ хсæ втæ, ногæ й та цы ныфсыл фæ хæ ст ис, уымæ й цух кæ й никуы уыдзысты.

— Хуыцау дын арфæ ракæ нæ д, мæ чызг, — загъта лæ г, фыртыхстæ й схæ ц-æ рхæ ц кодта, афтæ мæ й. Уый фæ стæ, йæ рынчынтæ тынг хорз кæ й зыдтой æ мæ уарзтой, уыцы хъæ лдзæ г мидбылхудтимæ бафтыдта: — Æ вæ ццæ гæ н, дохтыры дæ р, йæ рынчынты хуызæ н, уыцы хъæ ддыхгæ нæ г хосæ й ахуыпп кæ нын фæ хъæ уы!

Уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, Поллианнæ хъуыдыты аныгъуылд. Дзыдзæ лхыджы разæ й фæ ндаджы сæ рты æ хсæ рæ г фæ цæ йзгъордта, æ мæ уый фæ рцы йæ хъуыдытæ й феуæ гъд ис.

Дохтыр Поллианнæ йы йæ хæ дзары дуары цур рахизын кодта. Ненси тыргъмæ куы рагæ пп ласта, уæ д æ м бахудтис æ мæ рæ вдз ацыди.

— Дохтыримæ диссаджы дзæ бæ х рабалц кодтон, — фехъусын кодта Поллианнæ, къæ сæ ртыл сцæ йзгъоргæ йæ. — Ненси, дохтыр Чилтон ахæ м дзæ бæ х у!

— Æ цæ г æ ви цы?

— О, æ мæ йын æ з загътон, йæ куыстæ й хуыздæ р дунейы кæ й нæ й.

— Цытæ дзурыс! Рынчынтæ м цæ уын... кæ нæ ноджы æ взæ рдæ р: рынчынæ фсон чи кæ ны, уыдонмæ? — Ненсийы цæ сгомыл фæ зынд дызæ рдыгдзинад.

Поллианнæ хъæ лдзæ гæ й ныххудти:

— О, о, уый дæ р мын афтæ загъта. Фæ лæ суанг ам дæ р цин кæ нынæ н ис æ фсон ссарæ н! Базон-ма йæ!

Ненси йе ’рфгыутæ нылхынцъ кодта æ мæ хъуыдыты аныгъуылд. Ненси æ мбаргæ уыди, йæ химæ гæ сгæ, йæ бон уыди хъазтæ й хъазын. Æ мæ -иу «хæ слæ вæ рдтæ н» æ хсызгонæ й дзуапп агуырдта; афтæ хуыдта Поллианнæ йы фæ рстытæ.

— Ссардтон! — ныххудти чызг. — Миссис Сноуæ н цы загътай, уый ныхмæ кæ й сæ вæ рæ н ис, уыцы хъуыды!

— Ныхмæ вæ рд хъуыды? — загъта Поллианнæ. Кæ й стыхсти, уый йыл бæ рæ г уыд.

— О, ды йын загътай, иннæ адæ мтæ уый хуызæ н рынчын кæ й не сты, ууыл йæ бон цин кæ нын у, зæ гъгæ. Афтæ нæ у?

— О, — загъта Поллианнæ.

— Уæ дæ дохтырæ н та йæ бон цин кæ нын у, иннæ ты хуызæ н кæ й нæ у, ууыл... ома, цы рынчынты дзæ бæ х кæ ны, уыдоны хуызæ н, — хъæ лдзæ гæ й хатдзæ г скодта Ненси.

Ныр та Поллианнæ йы рад уыди йе ’рфгуытæ нылхынцъ кæ нынæ н.

— О, — басасти уый, — афтæ дæ р ис гæ нæ н, фæ лæ æ з бынтон афтæ нæ загътон, æ мæ... Куыд æ й загътай, уый мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы. Уый, æ нæ мæ нг, бынтон афтæ нæ у, ома, рынчын кæ й сты, ууыл хъуамæ цин кæ на... Ненси, ацы хъазтæ й иуæ й-иу хатт ахæ м æ нахуыр фæ хъазыс, — загъта чызг, хæ дзармæ фæ цæ йцæ угæ йæ.

Йæ мадыхойы баййæ фта уазджыты уаты.

— Чи дæ ’рбаласта, уыцы лæ г чи у, Поллианнæ? — бафарста мисс Полли карзæ й.

— Мæ мадыхо Полли, уый дохтыр Чилтон у! Зоныс æ й?

— Дохтыр Чилтон! Цы йæ хъæ уы... ам?

— Хæ дзармæ мæ ’рбаласта. Æ з мистер Пенделтонæ н холодец ахастон æ мæ...

Мисс Полли йæ сæ рыл рæ вдз хæ рдмæ схæ цыд:

— Поллианнæ, афтæ нæ банхъæ лдта, цыма йын æ й æ з арвыстон?

— Нæ! Ды йæ кæ й нæ арвыстай, уый йын загътон!

Мисс Полли сырх-сырхид афæ лдæ хт:

— Загътай?!

Поллианнæ йæ цæ стытæ ныдздзагъыр кодта, йæ мадыхо дзы разы нæ у, уый фенгæ йæ.

— Мæ мадыхо Полли, афтæ мын нæ загътай!

Мисс Полли арф ныуулæ фыд:

— Поллианнæ, æ з дын загътон, цæ мæ й дæ хъус бадарай æ мæ афтæ ма банхъæ ла, цыма йæ æ з арвыстон! Уый æ мæ йын комкоммæ, æ з æ й кæ й нæ арвыстон, уый зæ гъын та иу не сты.

— Æ з æ й не ’мбарын, цы уæ лдай дзы ис, уый, — бахъуыр-хъуыр кодта Поллианнæ, йæ чъилджын худ, йæ мадыхо Полли йын хæ дзары цы иунæ г къæ псыр снысан кодта, ууыл сауындзынæ мæ фæ цæ йцæ угæ йæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.