Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





18 СÆР. АРВÆРДЫН



Августы мæ йы Поллианнæ арæ х цыди Пенделтон-Хиллы стыр хæ дзармæ, фæ лæ йæ м йæ цыдтытæ тынг æ нтыстджын нæ кастысты. Афтæ зæ гъæ н нæ уыд, æ мæ мистер Пенделтон йæ фенынмæ нæ бæ ллыд, — арæ х-иу æ м æ рвитгæ дæ р акодта. Фæ лæ -иу æ м уазæ гуаты куы ’рбацыд, уæ д-иу йæ хуыз, йæ разы кæ й ис, уымæ й амондджындæ р нæ уыди. Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р Поллианнæ мæ афтæ касти. Йемæ ныхас кодта, о, бирæ æ нахуыр æ мæ рæ сугъд дзауматæ йын æ вдыста: чингуытæ, нывтæ æ мæ алы диссæ гтæ. Фæ лæ раздæ рау мæ стыйæ æ мæ æ ргомæ й, æ нæ бон кæ й у, уымæ й хъаст кодта. Бæ рæ г уыдис, иу хæ дзары цы адæ мимæ цæ ры, уыдоны зынæ н кæ й быхсы, æ мæ йын йæ хæ дзары цы «уаг» сæ вæ рдтой, уымæ мæ стæ й кæ й скъуыны. Æ ниу, афтæ зынди, цыма Поллианнæ мæ æ хсызгонæ й хъуыста, æ мæ -иу уый дæ р æ нæ рлæ угæ йæ дзырдта. Уарзта дзурын, фæ лæ фидарæ й никуы ’ууæ ндыд, йæ цæ стытæ хæ рдмæ куы сиса, уæ д ын йæ хъизæ майраг цæ стытæ кæ й нæ фендзæ н; æ мæ -иу уымæ й йæ зæ рдæ ныммæ гуыр. Бæ лвырд никуы зыдта, йæ ныхæ стæ й йын — кæ д уыдоны аххос уыд, уæ д — кæ цы фæ хъыг ис, уый. Хъазты кой ракæ нын æ мæ, цæ мæ й дзы ахъаза, уый тыххæ й йын балæ гъстæ кæ нын не ’нтысти, фæ ндонæ й йæ м кæ й байхъусдзæ н, ууыл фидарæ й æ ууæ ндгæ йæ. Дыууæ хатты хъазты кой сцæ йкодта, фæ лæ йын дыууæ хатты дæ р, йæ фыд цы загъта, уымæ й дарддæ р ацæ уын нæ бантыст, уымæ н æ мæ -иу Джон Пенделтон уайтагъд ныхас иннæ рдæ м аздæ хта.

Ныр Поллианнæ гуырысхо нал кодта, Джон Пенделтон кæ ддæ р йæ мадыхо Поллийы уарзон кæ й уыдис, ууыл. Афтæ йæ м каст, цыма сæ дыууæ дæ р тынг æ намонд уыдысты. Йæ иузæ рдион æ мæ уарзæ гой зæ рдæ йы ’ппæ т хъарутæ й бæ ллыдис уымæ, цæ мæ й сын исты хуызы сæ цард амондджын скæ на.

Æ рмæ ст, цы кæ нын хъæ уы, уый нæ зыдта. Мистер Педелтонæ н-иу йæ мадыхойы кой кодта, æ мæ -иу æ м хъуыста: куы уæ зданæ й, куы мæ стыйæ, фæ лæ -иу арæ хдæ р йæ тызмæ г былтыл мидбылхудт фæ зындис. Мадыхойæ н дæ р-иу мистер Пенделтоны кой кодта — растдæ р зæ гъгæ йæ, йæ кой кæ нын фæ лвæ рдта. Фæ лæ -иу мисс Полли бирæ нæ байхъуыста, алы хатт дæ р-иу ныхас иннæ рдæ м аздæ хта. Æ ниу, æ ндæ р искæ й кой кæ нын-иу куы райдыдта, зæ гъæ м, дохтыр Чилтоны, уæ ддæ р-иу йæ хи афтæ дардта. Йæ мадыхойы йын кæ лмæ рзæ н æ мæ уардиимæ тыргъы федта мистер Чилтон, æ мæ йæ Поллианнæ уый æ фсон кодта. Афтæ зынди, цыма мисс Полли уæ лдай тынгдæ р нæ уарзта дохтыр Чилтоны. Поллианнæ уый базыдта, иу хатт тынг куы суазал ис æ мæ хуысгæ рынчын куы фæ ци, уæ д.

— Изæ рмæ куы нæ фæ хуыздæ р уай, уæ д дохтырмæ арвитдзынæ н, — загъта мадыхо.

— Æ цæ г? Уæ дæ æ з изæ рмæ февзæ рдæ р уыдзынæ н, — ныххудти Поллианнæ, — уымæ н æ мæ мæ н тынг фæ нды, цæ мæ й мæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа.

Мадыхо карзæ й дзуапп радта:

— Уый дохтыр Чилтон нæ уыдзæ н, Поллианнæ. Дохтыр Чилтон нæ бинонты дохтыр нæ у. Æ з арвитдзынæ н дохтыр Уорренмæ... кæ д дæ хи æ взæ рдæ р æ нкъарай, уæ д.

Фæ лæ Поллианнæ йæ н йæ уавæ р нæ февзæ рдæ р ис, æ мæ дохтыр Уорренмæ нæ фæ дзырдтой.

— Уый дæ р мын æ хсызгон у, — загъта Поллианнæ йæ мадыхойæ н уыцы изæ р. — Дохтыр Уоррен цæ уы мæ зæ рдæ мæ, фæ лæ æ з дохтыр Чилтоны фылдæ р уарзын æ мæ тæ рсын, куы нæ мæ м æ й æ рбахуыдтаиккой, уæ д фæ тæ ргай уыдаид. Мæ мадыхо Полли, куы дæ срæ сугъд кодтон, уæ д дæ æ нæ нхъæ лæ джы кæ й федта, уым уый аххосæ й ницы ис, — фæ ци йæ ныхас æ нкъардæ й.

— Æ гъгъæ д, Поллианнæ. Мæ н æ ппындæ р нæ фæ нды дохтыр Чилтоны... кæ нæ йе ’нкъарæ нты кой кæ нын, — фидарæ й загъта мисс Полли.

Поллианнæ йæ м раздæ р æ нкъардæ й дызæ рдыггæ нгæ бакаст, уый фæ стæ ныуулæ фыд:

— Ахæ м сырх рустæ дын куы вæ ййы, уæ д дæ м кæ сын бирæ фæ уарзын, æ мæ мæ ахæ м тынг фæ нды, ногæ й дын дæ сæ р куы ныффасин, уый. Кæ д... Мæ мадыхо Полли! — Фæ лæ мадыхо уæ дмæ тыргъмæ рахызти.

Августы мæ йы Поллианнæ иу сæ умæ райсом Джон Пенделтонмæ уазæ гуаты ацыд. Æ виппайды базыл фæ рсырдæ м æ вæ рдæ й ауыдта фæ йлаугæ уадздзаг, æ рвхуыз, сызгъæ рин æ мæ кæ рдæ гхуыз фæ лгъуызтимæ. Йæ фæ рстæ та уыдысты сырх æ мæ фиалкæ хуыз. Поллианнæ ныццин кодта.

— О, мистер Пенделтон, мæ нæ ма гыццыл арвæ рдын! Æ цæ г арвырон дæ м уазæ гуаты фæ зынд! — хъæ рæ й загъта чызг æ мæ йæ армытъæ пъæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта. — О-о! Мæ нæ цы рæ сугъд у! Ам кæ цæ й февзæ рд?

Мистер Пенделтон бахудти, фæ лæ тынг хъæ лдзæ гæ й нæ; уыцы райсом уæ лдай мæ стджын уыдис.

— Мæ нмæ гæ сгæ, рудзынджы фæ стæ цы авгджын тæ вдбарæ н ис, уый фарсæ й «фæ зынди», — загъта æ нæ бары. — Æ нæ уи йæ м хур нæ фæ кæ сы... æ рмæ ст æ й райсомæ й ныррухс кæ ны.

— Мæ нæ цы рæ сугъд у! Хур æ й саразы? Уый дын гъе! Мæ тæ вдбарæ н куы уаид, уæ д æ й æ з бон-изæ рмæ хурмæ дарин!

— Æ мæ дзы уæ д бирæ пайда нæ уаид, — ныххудти нæ лгоймаг.

— Куыд дæ м кæ сы, уæ д уынджы тæ вд æ ви уазал у, уый базонис?

— Уæ лдай мын нæ уаид, — мынæ г хъæ лæ сæ й загъта Поллианнæ, базыл цы рæ сугъд æ рттиваг уадздзæ гтæ уыдис, уыдонæ й цæ стытæ атонын нал куымдтой. — Цыма исчи æ дзух арвыроны куы цæ рид, уæ д ма йæ уыдæ ттæ æ ндавиккой!

Мистер Пенделтон ногæ й бахудти. Уарзæ гой æ нгасæ й касти Поллианнæ йы цæ сгоммæ. Уый фæ стæ йæ м æ виппайды иу хъуыды фæ зынд.

Йæ хуыссæ ны раз цы дзæ нгæ рæ г уыд, уымæ февнæ лдта...

— Норæ, — загъта лæ г, ацæ ргæ сылгоймаг дуары цур куы фæ зындис, уæ д, — дæ хорзæ хæ й, уазджыты уаты тохнайы уæ лвæ йнæ гыл цы цырагъдарæ нтæ ис, уыдонæ й ма иу æ рбахæ сс.

— Хъусын дæ м, сэр, — загъта лæ ггадгæ нæ г рохстхуызæ й. Минуты фæ стæ ’рбаздæ хтис. Хуыссæ ны размæ куы фæ цæ йцыд, уæ д йæ къахдзæ фтимæ хъуысыд сабыр æ мæ ’хсызгон дзæ гъ-дзæ гъ; уый уыдис, йæ къухы цы рагон цырагъдарæ н уыд, уый уынæ р.

— Бузныг. Ам æ й стъолыл æ рæ вæ р, — ацамыдта мистер Пенделтон. — Ныр синаг райс æ мæ йæ рудзынгыл фæ рсырдæ м айтындз, фæ лгæ ты къæ пхæ нтыл æ й бабæ тт. Хорз, бузныг, — загъта лæ г, сылгоймаг ын йæ ныхас куы сæ ххæ ст кодта, уæ д. Уатæ й куы рацыд, уæ д Поллианнæ мæ худгæ цæ стытæ й бакасти. — Поллианнæ, цырагъдарæ н ма ардæ м æ ри.

Чызг æ й дыууæ къухæ й райста æ мæ йæ м æ й радта. Уæ д мистер Пенделтон цырагъдарæ ны дзæ нхъа дуртæ кæ рæ дзийы фæ дыл æ фтауын райдыдта, цалынмæ хуыссæ ныл йæ разы дыууадæ с нæ баисты, уæ дмæ.

— Мæ зынаргъ, райс сæ ныр, æ мæ, Норæ рудзынгыл цы лент айвæ зта, ууыл сæ æ рцауындз. Кæ д дæ æ цæ гдæ р арвыроны цæ рын фæ нды, уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, афтæ мæ й диссаджы арвырон сараздзыстæ м, æ мæ ды уым цæ рдзынæ!

Поллианнæ куыддæ р, хурæ й цы рудзынг ныррухс, ууыл фыццаг æ ртæ дуры ацауыгъта, афтæ бамбæ рста, дарддæ р цы уыдзæ нис, уый. Ахæ м тыхст скодта, æ мæ йæ ризгæ æ нгуылдзтæ нал арæ хстысты. Йæ куыст куы фæ ци, уæ д фырцинæ й ныхъхъæ р ласта æ мæ фæ стæ рдæ м агæ пп кодта. Хъæ здыг æ мæ тызмæ г уат æ виппайды аргъауы бæ стæ фестади. Алырдыгæ й кафыдысты зынгтæ: сырх, кæ рдæ гхуыз, фиалкæ хуыз æ мæ бурбын сырхытæ, сызгъæ рин æ мæ æ рвгъуызтæ. Къултæ, пъол, хæ дзары дзаума æ мæ хуыссæ н йæ хæ дæ г дæ р цæ хæ ркалгæ ферттывдтытæ й тæ мæ нтæ калын райдыдтой.

— О-о, мæ нæ цы рæ сугъд у! — мынæ г хъæ лæ сæ й загъта Поллианнæ æ мæ ныххудти. — Суанг хурмæ дæ р хъазын æ рцыд! — хъæ р кодта чызг. Ферох дзы ис, мистер Пенделтон æ й кæ й нæ бамбардзæ н, уый. — Ехх, æ мæ мæ м ахæ м дуртæ бирæ куы уаид! Куыд тынг мæ фæ нды, мæ мадыхо Поллийæ н дзы куы раттин, стæ й миссис Сноуæ н æ мæ... бирæ ’ндæ ртæ н. Мæ нмæ гæ сгæ, уыдон æ нæ мæ нг бацин кæ никкой. Суанг мæ мадыхо Полли дæ р ахæ м арвыроны куы цæ рид, уæ д ахæ м цин кæ нид, æ мæ йæ бон дуар ма ныггуыпп кæ на, уый не суаид! Куыд дæ м кæ сы?

— Дæ мадыхойы дын, æ з куыд хъуыды кæ нын, афтæ мæ й цалдæ р призмæ йы нæ, фæ лæ фылдæ р исты хъæ уы, цæ мæ й дуæ рттæ гуыппытæ кæ нын райдайа... фырцинæ й. Фæ лæ, байхъус-ма, цæ й кой кодтай? Цавæ р хъазты кой?

Поллианнæ йæ м дисхуызæ й бакаст, стæ й арф ныуулæ фыди:

— Куы мæ ферох ис. Ды хъазты тыххæ й куы ницыма зоныс. Нырма йæ гъер фæ хъуыды кодтон.

— Уæ дæ мын æ й радзур!

Ацы хатт Поллианнæ алцыдæ р радзырдта сæ рæ й — æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ хъуамæ кукла кæ й уыдаиккой, уымæ й райдыдта. Мистер Пенделтонмæ нæ касти — цæ хæ ркалгæ алыхуызон тæ ппытæ й йæ цæ стытæ нæ иста.

— Афтæ у хабар, — ныуулæ фыд чызг, йæ таурæ гъ дзырд куы фæ цис, уæ д. — Ныр æ й зоныс, «хуры дæ р хъазын æ рфæ ндыди», зæ гъгæ, цæ мæ н загътон, уый.

Минуты бæ рц иу сыбыртт нæ райхъуыст. Уый фæ стæ Поллианнæ хуыссæ ны ’рдыгæ й айхъуыста сабыр æ мæ саст хъæ лæ с:

— Чи зоны. Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, Поллианнæ, призмæ тæ н сæ рæ сугъддæ р ды дæ.

— Æ мæ æ з, хур мæ м куы фæ кæ сы, уæ д кæ рдæ гхуыз, фиалкæ хуыз æ мæ рæ сугъд сырх тæ ппытæ нæ феппарын!

— Æ цæ г? — бахудти нæ лгоймаг, æ мæ йæ м Поллианнæ куы бакаст, уæ д бадис кодта, уымæ н æ мæ йæ цæ стытæ доны разылдысты.

— Нæ, — загъта чызг, фæ хъус æ мæ та бафтыдта æ нкъардæ й: Тæ рсын, мистер Пенделтон, хур мын кæ д мæ дзыгъуыртæ фылдæ р кæ ны, æ ндæ р мын хорзæ й ницы дæ тты. Мæ мадыхо Полли афтæ зæ гъы, уый сæ скæ ны, зæ гъгæ!

Нæ лгоймаг ныххудти. Æ мæ та йæ м Поллианнæ ногæ й бакасти — уыцы худт азæ лыд кæ уыны хуызæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.