Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





14 СÆР. ХОЛОДЕЦ



Джон Пенделтон йæ къах куы асаста, уыцы бон Поллианнæ æ хсæ вæ рмæ иучысыл айрæ джы кодта, фæ лæ йæ хъуыддаг хорз рауад.

Дуары раз Ненси йæ размæ фæ цис.

— Кæ й ма дæ федтон, — загъта Ненси, фенцондæ р ын, уый йыл бæ рæ г уыди. — Æ стæ мы ’рдæ г у ныр.

— Зонын æ й, — дзуапп радта Поллианнæ тыхстхуызæ й, — фæ лæ аххосджын нæ дæ н... æ цæ г зæ гъын, нæ дæ н аххосджын. Æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, суанг мæ мадыхо Полли дæ р мæ азымдджын нæ кæ ндзæ н.

— Ахæ м фадат ын нæ фæ уыдзæ н! — загъта Ненси тынг райгондæ й. — Ацыди!

— Ацыди? — хорзау нал фæ ци Поллианнæ. — Афтæ зæ гъынмæ куы нæ хъавыс, цыма мæ н тыххæ й ацыд? — Æ мæ йæ хиуыл æ рхудти. Райсомæ й цы ’рцыдис, уыдæ ттæ йæ сæ рымагъзы атахтысты: йæ мадыхойы хъомыл кæ нын кæ й нæ бафæ ндыд, уыцы лæ ппу, дзæ гъæ л гæ ды æ мæ куыдз, æ нæ хцон «цин» æ мæ тобæ гонд «фыд», æ дзух дæ р-иу йæ рохгæ наг æ взагæ й чи схаудис, уыдон. — Ау, уый мæ н тыххæ й у?

— Дæ у тыххæ й уыйбæ рц нæ, — хынджылæ ггæ нгæ загъта Ненси, — фылдæ р йæ бостойнаг хойы тыххæ й. Уый æ нæ нхъæ лæ джы амардис. Дæ ацыды фæ стæ Мисс Полли телеграммæ райста. Æ рыздæ хдзæ н æ рмæ ст æ ртæ боны фæ стæ. Мæ нмæ гæ сгæ, ныр нæ бон цин кæ нын у! Хæ дзары дыууæ йæ æ фсиниуæ г кæ ндзыстæ м, æ з æ мæ ды, дыууæ йæ, дыууæ йæ!

Фæ лæ Поллианнæ, цыма тынг æ вирхъау хабар фехъуыста, уый хуызæ н фæ ци:

— Цин кæ нын! О, Ненси, æ мæ уый зиан куы у!

— Æ мæ æ з цин зианы тыххæ й нæ кæ нын, фæ лæ... — Ненси æ виппайды йæ ныхас фæ урæ дта. Йæ цæ стытæ хинæ йдзаг æ рттывд фæ кодтой. — Цыма мæ хъазын ды нæ ахуыр кодтай, уыйау, — загъта, уайдзæ ф кæ нгæ йæ.

Поллианнæ сагъæ схуызæ й йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Мæ бон ницы у бакæ нын, Ненси, — загъта чызг æ мæ йæ сæ р банкъуыста. — Æ вæ ццæ гæ н, ис ахæ м цыдæ ртæ, æ мæ хъазты домæ нтимæ нæ иу кæ нынц... æ мæ мæ н фидарæ й уырны — зиан уыцы цыдæ ртæ й иу у. Зианы хъуыддаджы, цин цæ уыл кæ най, ахæ мæ й ницы ис.

Ненси ныххудти.

— Нæ бон цин кæ нын у, мах зиан кæ й нæ у, ууыл, — къахæ гау загъта Ненси. Фæ лæ йæ Поллианнæ нæ фехъуыста. Уый райдыдта Джон Пенделтоны æ намонд хабары кой кæ нын, æ мæ йæ м минуты фæ стæ Ненси хæ лиудзыхæ й хъуыста.

Поллианнæ æ мæ Джимми дыккаг бон фембæ лдысты. Лæ ппуйæ н тынг фæ хъыг ис, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ цыдæ р гыццыл индусты уымæ й хуыздæ рыл кæ й банымадтой, уый.

— Чи зоны, уым уадиссагæ й ницы ис, — ныуулæ фыд Джимми.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, цы нæ зоныс, уый алы хатт дæ р, цы зоныс, уымæ й хуыздæ р фæ кæ сы... Зæ гъæ м, дзидзайы карст тæ бæ гъы иннæ кæ рон алы хатт дæ р стырдæ р фæ зыны. Мæ н дæ р фæ ндид, цæ мæ й мæ нмæ дæ р уым, дард кæ мдæ р, исчи ахæ м цæ стæ й ракæ са. Индийы дæ р искæ й мæ н райсын куы бафæ ндид, уæ д тынг хорз уаид.

Поллианнæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл нытътъæ пп ласта.

— Æ нæ мæ нг! Раст афтæ, Джимми! Æ з дæ у тыххæ й мæ хи хæ рзгæ нæ г комитетмæ ныффысдзынæ н. Æ цæ г, уыдон Индийы не сты, фæ лæ ныгуылæ ны... фæ лæ уый дæ р тынг дард у, зæ гъæ н ис, æ мæ иу сты. Уырдыгæ й ардæ м куы фæ цыдаис, уæ д ды дæ р афтæ хъуыды кæ нис!

Джиммийы цæ сгом барухс ис:

— Афтæ дæ м кæ сы, цыма мæ уыдон... æ цæ гдæ р... райсдзысты?

— Райсдзысты, æ нæ мæ нг! Ау, уыдон Индийы гыццыл лæ ппуты хъомыл кæ нынæ н æ хца нæ фервитынц? Ацы хатт та сæ бон у афтæ ахъазын, цыма ды дæ р индиаг лæ ппу дæ. Мæ нмæ гæ сгæ, ды уыдонæ й дард дæ, æ мæ дæ сæ хыгъды фæ нысан кæ ндзысты. Банхъæ лмæ кæ с, æ з сæ м писмо арвитдзынæ н. Æ з миссис Уайтмæ ныффысдзынæ н. Нæ, миссис Джоунсмæ хуыздæ р у. Миссис Уайтмæ æ хца æ ппæ ты фылдæ р ис, фæ лæ дæ тгæ та фылдæ р миссис Джоунс ракæ ны. Куы йыл ахъуыды кæ най, уæ д худæ г у, нæ?.. Фæ лæ дæ, мæ нмæ гæ сгæ, мæ сылгоймæ гтæ й исчи райсдзæ нис.

— Хорз, фæ лæ хæ ринаг æ мæ цæ рæ нбынаты хардзыл кусгæ кæ й кæ ндзынæ н, уый ныффыссын дæ ма ферох уæ д, — бафтыдта Джимми. — Æ з мæ гуыргур нæ дæ н, бизнес та бизнес у, кæ д ныхас хæ рзгæ нæ г комитетыл цæ уы, уæ ддæ р. — Фæ къуыхцы ис, стæ й загъта. — Æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, кæ м дæ н, уым уал куы баззайон, уæ д хуыздæ р уыдзæ н... цалынмæ дзуапп нæ райсай, уæ дмæ.

— Æ нæ мæ нг, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Поллианнæ. — Уæ д, кæ м дæ ссарон, уый зондзынæ н. Уырны мæ, уыдон дæ райдзысты. Ау, мæ мадыхо Полли мæ н нæ райста... Байхъус-ма! — хъæ рдæ рæ й загъта чызг. — Куыд дæ м кæ сы, æ з дæ р мæ мадыхо Поллийæ н индиаг чызджы хуызæ н уыдтæ н?

— Кæ й зонын, уыцы чызджытæ й дæ уæ й диссагдæ р нæ й, бахудти Джимми, цæ уынмæ хъавгæ йæ.

Пенделтон-Хиллы цы ’намонд хабар æ рцыд, уымæ й рацыди къуыримæ ’ввахс, æ мæ иу райсом Поллианнæ йæ мадыхойæ н загъта:

— Мæ мадыхо Полли, ацы къуыри миссис Сноуæ н холодец куы нæ ахæ ссон, уæ д ды уый ныхмæ исты зæ гъдзынæ? Мæ н уырны, миссис Сноу нæ фæ тæ ргай уыдзæ н... ацы хатт.

— Поллианнæ! Цы та æ рхъуыды кодтай? — ныуулæ фыди мисс Полли. — Цы неординарон сывæ ллон дæ!

Поллианнæ иучысыл сагъæ схуызæ й йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта:

— Мæ мадыхо Полли, «неординарон» та цы у? Неординарон чи у, уымæ н йæ бон ординарон уæ вын нæ у, æ цæ г?

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ у.

— Уæ дæ уæ д алцыдæ р хорз у! Мæ нæ н æ хсызгон у, неординарон кæ й дæ н, уый, — Поллианнæ йы цæ сгом ныррухс ис. — Æ мбарыс, миссис Уайт æ дзух афтæ дзырдта, зæ гъгæ, мисс Роусон ординарон сылгоймаг у... æ мæ йæ æ ппындæ р нæ уарзта. Алы хатт дæ р-иу загъд кодтой, æ мæ -иу мæ фыды бахъуыд... ома æ з уый зæ гъынмæ хъавын, æ мæ, комитеты иннæ сылгоймæ гтæ й хъауджыдæ р, цæ мæ й уыдон кæ рæ дзиимæ фидауой, уый тыххæ й нæ бирæ архайын хъуыдис, — сраст кодта йæ хи Поллианнæ. Иучысыл тыхулæ фт кодта, уымæ н æ мæ иуырдыгæ й уыдис йæ фыды аргъуаны хылты кой ма кæ ныны тобæ гонд Сциллæ [2], иннæ рдыгæ й та — йæ мадыхойы фæ дзæ хст, йæ фыды кой ма кæ ныны Харибдæ, æ мæ се ’хсæ н йæ нау раласыныл архайдта.

— Хорз, хорз — загъта мисс Полли. — Цæ й кой фæ нды ма ракæ нæ м, алцыдæ р комитеты сылгоймæ гтæ м аздахыс!

— О, — хъæ лдзæ гæ й бахудти Поллианнæ. — Афтæ у, æ вæ ццæ гæ н, фæ лæ, æ мбарыс, уыдон мæ хъомыл кодтой æ мæ...

— Æ гъгъæ д у, Поллианнæ, — тызмæ гæ й йын йæ ныхас аскъуыдта мисс Полли. — Æ мæ уæ дæ уыцы холодецæ н йæ хабар цæ й мидæ г ис?

— Дæ зæ рдæ мæ цы нæ фæ цæ уа, ахæ мæ й ницы, мæ мадыхо Полли! Ды мæ уымæ н холодец хæ ссын уагътай, æ мæ, мæ нмæ гæ сгæ, ацы хатт мæ амæ н дæ р бауадздзынæ. Æ мбарыс, саст къахимæ æ дзух хуысгæ нæ фæ кæ нынц, миссис Сноуы хуызæ н, æ мæ иу кæ нæ дыууæ хатты фæ стæ миссис Сноу алцыдæ р райсдзæ н...

— «Уымæ н»? «Саст къах? » Цæ й кой кæ ныс?

Поллианнæ йæ м дисхуызæ й бакаст, фæ лæ стæ й йæ цæ сгом фæ рухсдæ р.

— О, хæ дæ гай, куы мæ ферох ис! Ды куы ницы зоныс. Уыцы хабар æ рцыд, ам куы нæ уыдтæ, уæ д. Раст Бостонмæ куы ацыдтæ, уыцы бон æ й хъæ ды ссардтон. Мæ н бахъуыдис йæ хæ дзары дуар бакæ нын, дохтырмæ æ мæ адæ ммæ телефонæ й фæ дзурын, йæ сæ рыл ын хæ цын æ мæ æ ндæ р ахæ мтæ. Уый фæ стæ ацыдтæ н æ мæ йæ уæ дæ й нырмæ нæ ма федтон. Æ мæ Ненси миссис Сноуæ н ацы къуыри холодец куы фыхта, уæ д ахъуыды кодтон, ацы хатт æ й уымæ н куы ахæ ссин, уæ д куыд хорз уаид, зæ гъгæ. Æ рмæ стдæ р ацы хатт! Мæ мадыхо Полли, уадзыс мæ?

— О, о, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, — æ вæ ндонæ й сразы ис мисс Полли иучысыл фæ лладæ й. — Чи у, зæ гъыс, уыцы адæ ймаг?

— Нæ лгоймаг, ома мистер Джон Пенделтон.

Мисс Полли, чысыл ма хъæ уа, йæ бандонæ й ма фесхъиуа.

— Джон Пенделтон?!

— О, йæ ном мын Ненси загъта. Чи у, уый зоныс?

Мисс Полли дзуапп нæ радта, фæ лæ йæ бафарста:

— Æ мæ йæ ды зоныс?

Поллианнæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта:

— О! Уый алы хатт дæ р мемæ фæ дзуры æ мæ мæ м бахуды... ныр. Æ мбарыс, уый æ рмæ ст æ ддаг бакастæ й у мæ стыгæ р. Æ з ацæ уыдзынæ н æ мæ йын холодец ахæ сдзынæ н. Къæ бицы куы уыдтæ н, уæ д Ненси афтæ загъта, сцæ ттæ мæ йæ бирæ нал хъæ уы, зæ гъгæ, — фæ ци йæ ныхас Поллианнæ, дуармæ фæ цæ йцæ угæ йæ.

— Поллианнæ, фæ лæ уу-ма! — мисс Поллийы хъæ лæ с азæ лыд æ нæ нхъæ лæ джы карзæ й. — Æ з мæ фæ нд аивтон. Хуыздæ р уыдзæ н абон холодец миссис Сноуæ н ахæ ссын... фылдæ р хатт куыд вæ ййы, афтæ. Æ ндæ р ницы зæ гъын. Ныр дæ бон ацæ уын у.

Поллианнæ йы цæ сгом ныттар ис.

— Мæ мадыхо Полли, уый дарддæ р дæ р ахæ м уавæ ры уыдзæ н. Æ дзухдæ р уыдзæ нис рынчын æ мæ нырма бирæ цыдæ ртæ райсдзæ н, æ мбарыс? Уый та йæ къах асаста, æ мæ къах та æ нусмæ нæ уыдзæ н... ома саст къах. Иу къуырийы размæ йæ асаста.

— О, хъуыды йæ кæ нын. Æ з фехъуыстон, ивгъуыд къуырийы мистер Пенделтоныл æ намонд хабар кæ й æ рцыдис, уый, — загъта миссис Полли тынг æ нæ рвæ ссонæ й. — Фæ лæ... æ з, холодец хаш Джон Пенделтонæ н цы ’фсонæ й хъуамæ ’рвыст æ рцæ уа, уый нæ уынын, Поллианнæ.

— Æ з æ й зонын, æ ддаг бакастæ й... мæ стыгæ р кæ й у, уый, — сразы ис Поллианнæ æ нкъардæ й, — æ вæ ццæ гæ н, дæ зæ рдæ мæ уымæ н нæ цæ уы. Фæ лæ йын æ з, ды йæ кæ й рарвыстай, уый не схъæ р кодтаин. Загътаин ын, мæ нæ й у, зæ гъгæ. Мæ нæ н цæ уы мæ зæ рдæ мæ. Æ з цин кæ нин, холодец ын куы ахæ ссин, уæ д.

Мисс Полли ногæ й йæ сæ р банкъуыста. Уый фæ стæ æ виппайды æ рлæ ууыд æ мæ æ нахуыр сабыр хъæ лæ сæ й бафарста:

— Чи дæ, уый зоны, Поллианнæ?

Чызг ныуулæ фыд:

— Мæ нмæ гæ сгæ, нæ зоны. Иу хатт ын мæ хи бацамыдтон, фæ лæ мæ м никуы сдзуры мæ номæ й... никуы.

— Кæ м цæ рыс, уый зоны?

— Нæ, никуы йын æ й загътон.

— Уæ дæ йæ нæ зоны, ды... мæ хæ рæ фырт кæ й дæ, уый?

— Æ нхъæ л нæ дæ н.

Иуцасдæ р сыбыртт нæ райхъуысти. Мисс Полли касти Поллианнæ мæ æ мæ йæ цыма нæ уыдта. Чызг иу къахæ й иннæ уыл ралæ уу-балæ уу кодта, йæ улæ фтытæ хъуыстысты. Æ виппайды мисс Полли фестъæ лфыд æ мæ сыстадис.

— Хорз, Поллианнæ, — загъта та уыцы æ нахуыр хъæ лæ сæ й, æ нæ уи куыд никуы дзырдта, афтæ. — Дæ бон у... дæ бон у мистер Пенделтонæ н холодец дæ хи лæ вары хуызы ахæ ссын. Фæ лæ йæ дæ зæ рдыл дар: æ з æ й не ’рвитын. Бацархай ууыл, цæ мæ й афтæ ма банхъæ ла, цыма йæ æ з арвыстон!

— Хорз... Бузныг, мæ мадыхо Полли, — дзуапп радта райгондæ й Поллианнæ æ мæ уатæ й ралыгъдис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.