Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





17 СÆР. «РАСТ ЧИНЫДЖЫ КУЫД ВÆЙЙЫ, АФТÆ»



Ацы хатт Джон Пенделтон Поллианнæ йæ н салам радта мидбылты худгæ йæ.

— Дæ бон хорз, Поллианнæ. Мæ нмæ гæ сгæ, ды тынг зæ рдæ хæ лар адæ ймаг дæ, науæ д мæ м абон бæ рæ ггæ нæ г не ’рбацыдаис.

— Цытæ дзурыс, мистер Пенделтон! Мæ нæ н æ хсызгон уыд æ рбацæ уын!

— Демæ мæ хи тынг тызмæ г дардтон: иубон мын холодец куы ’рбахастай, уæ д, стæ й мæ саст къахимæ куы ссардтай, уæ д дæ р. Æ з дын, æ нхъæ лдæ н, уый тыххæ й бузныг дæ р нæ ма загътон. Ныр мæ фидарæ й уырны, æ мæ йыл суанг дæ хæ дæ г дæ р хъуамæ басæ ттай, ахæ м æ нæ гъдау саламы фæ стæ мæ м бæ рæ ггæ нæ г кæ й æ рбацыдтæ, уымæ й тынг зæ рдæ хæ лар разындтæ!

Поллианнæ ’фсæ рмхуызæ й бадти.

— Кæ й дæ ссардтон, уый мын æ хсызгон уыд... æ з, æ нæ мæ нг, афтæ зæ гъынмæ нæ хъавын, æ мæ, дæ къах кæ й асаст, уый мын уыд æ хсызгон, — йæ хи сраст кодта чызг.

Джон Пенделтон бахудти:

— Æ мбарын æ й. Де ’взаг дæ хъуыдытимæ арæ х нæ фидауы. Фæ лæ, куыдфæ нды куы уа, уæ ддæ р дын бузныг зæ гъын, æ мæ, уыцы бон цы сарæ зтай, уымæ гæ сгæ дæ тынг хъæ батыр чызгыл нымайын. Холодецы тыххæ й дæ р бузныг.

— Фæ цыд дæ зæ рдæ мæ? — цымыдисгæ нгæ бафарста Поллианнæ.

— Тынг. Æ нхъæ лдæ н, æ мæ абон... дæ мадыхо Полли ницыуал рарвыста, æ цæ г? — бафарста лæ г æ мæ йæ мидбылты бахудти.

Йæ уазæ гæ н уыди тынг æ нкъард хуыз.

— Н-нæ, сэр. — Фæ къуыхцы ис, фæ лæ уый фæ стæ сырхытæ гæ нгæ загъта: — Холодец дын мæ мадыхо Полли кæ й нæ рарвыста, уый дын куы загътон, уæ д мæ дæ хъыджы бацæ уын нæ фæ ндыд.

Джон Пенделтон дзуапп нæ радта. Ныр йæ мидбылты нал худти. Йæ бакомкоммæ кастис æ мæ афтæ зынд, цыма йæ цæ стæ нгас, йæ разы цы дзаума уыд, уыдоны мидæ г ахызт, стæ й суанг уатæ й дарддæ р. Иуцасдæ р рæ стæ джы фæ стæ ныуулæ фыд æ мæ Поллианнæ йы ’рдæ м разылдис. Куы сдзырдта, уæ д йæ хъæ лæ с раздæ рау уыди мæ стыгæ р. — Цæ й, уыдæ ттæ ницы сты! Æ з дæ м уый тыххæ й нæ фæ дзырдтон, цæ мæ й, ацы хатт та куыд мæ сты кæ ндзынæ н, уымæ бакæ сай. Байхъус-ма! Библиотекæ йы, телефон кæ м лæ ууы, уыцы стыр уаты, стыр авгæ хгæ д скъаппы бинаг тæ рхæ гыл, къуымы, тохнайы раз, ис нывæ фтыд лагъз. Кæ д уыцы æ лгъыст сылгоймаг уым йæ хирдыгонау нæ ма бафснайдта, уæ д уым уыдзæ н. Ардæ м æ й рахæ сс. Уæ ззау у, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, сарæ хсдзынæ.

— О, æ з тынг тыхджын дæ н! — хъæ лдзæ гæ й фехъусын кодта Поллианнæ, йæ бынатæ й фæ гæ пп кæ нгæ йæ. Минуты фæ стæ лагъзимæ æ рбаздæ хт.

Поллианнæ мистер Пенделтонимæ цы ’рдæ гсахат арвыста, уый йæ м диссаг фæ каст. Лагъз уыди алы хæ знатæ й йедзаг — цымыдисаг лыстæ г дзауматæ й. Мистер Пенделтон сæ бирæ азты дæ ргъы фембырд кодта, балцы куы цыди, уæ д. Алкæ цыдæ р дзы баст уыди цымыдисаг цауимæ, шахмæ ттæ й хъазæ н зырнæ йзылд гуыртæ й райдай æ мæ суанг Индийæ ласт нефритæ й конд чысыл хуыцаугондæ й фæ у.

Уыцы гуымирыйы таурæ гъмæ байхъусыны фæ стæ Поллианнæ æ нкъардæ й загъта:

— Чи зоны, Хуыцауы бæ сты ахæ м кукла кæ мæ н ис, уыцы гыццыл лæ ппуйы Джимми Бины бæ сты хъомыл кæ нынмæ райсын хуыздæ р у. Уый ма, Хуыцау уæ ларвыл кæ й ис, уый уæ ддæ р зоны. Фæ лæ уæ ддæ р уымæ бæ ллын, цæ мæ й Джиммийы дæ р райсой... индиаг лæ ппутимæ.

Джон Пенделтон æ й цыма нæ фехъуыста. Иу ранмæ нымдзаст, афтид цæ мæ дæ р кæ сæ гау. Фæ лæ йæ хъуыдытæ й тагъд феуæ гъд ис æ мæ лагъзæ й ног дзаума систа, цæ мæ й та йын йæ хабар ракæ на.

Уый уыди алæ мæ ты ’рдæ гсахат, фæ лæ нæ ма фæ ци, афтæ Поллианнæ бамбæ рста, диссаджы нывæ фтыд лагъзы цы дзауматæ уыд, æ рмæ ст уыдоны нæ, фæ лæ ма бирæ цæ йдæ рты кой кæ й кæ нынц: Поллианнæ йы, Ненсийы, мадыхо Поллийы, стæ й Поллианнæ æ нæ уи йæ бонтæ куыд фервиты, уыдæ тты; ноджы ма дзырдтой йæ раздæ ры цардыл дард ныгуылæ йнаг горæ ты.

Хæ рзбон зæ гъынæ н афон куы ’рцыд, уæ д Джон Пенделтон, уыцы карз нæ лгоймагæ й Поллианнæ кæ й никуыма фехъуыста, ахæ мæ й хъæ лæ сы уагæ й загъта:

— Мæ гыццыл чызг, мæ н фæ ндид, арæ хдæ р мæ м куы цæ уис, уый, хорз? Æ з иунæ г дæ н, æ мæ мæ хъæ уыс. Ноджы ма æ ндæ р æ фсон дæ р ис, æ мæ дын æ й зæ гъдзынæ н. Райдианы, чи дæ, уый куы базыдтон, уæ д афтæ ’нхъæ лдтон, цыма мæ дæ фенын никуыуал бафæ нддзæ н. Мæ зæ рдыл мын æ рлæ ууын кодтай... бирæ азты ферох кæ нын цы архайдтон, уый. Мæ хицæ н загътон: ногæ й дæ фендмæ никуыуал бабæ лдзынæ н. Дохтыр мæ алы бон дæ р фарста, æ баласа дæ, уымæ н бар дæ ттын æ ви нæ, æ мæ -иу «нæ », зæ гъгæ, загътон. Фæ лæ цасдæ р рæ стæ джы фæ стæ æ з бæ лвырд базыдтон, дæ фенын мæ кæ й фæ нды!

Уымæ н æ мæ, кæ й дæ нæ уынын, уый мын мæ зæ рдыл ноджы тынгдæ р æ рлæ ууын кæ ны, ферох кæ нын мæ афтæ тынг цы фæ ндыдис, уый. Ныр мæ фæ нды, арæ хдæ р мæ м куы цæ уис... Разы дæ, мæ зынаргъ?

— Æ нæ мæ нг, мистер Пенделтон, — загъта Поллианнæ. Йæ цæ стыты сыгъди æ мæ нкъарæ н; йæ разы базтыл чи хуыссыд, уыцы ’нкъард нæ лгоймагæ н тæ ригъæ д кодта. — Æ з-иу æ нæ мæ нг æ рбацæ удзынæ н!

— Бузныг, — фæ лмæ нæ й загъта Джон Пенделтон.

Тæ ккæ уыцы изæ р Поллианнæ, Ненсиимæ тыргъы бадгæ йæ, диссаджы нывæ фтыд лагъзы æ мæ, йæ хуылфы цы диссæ гтæ æ мбæ хст уыд, уыдоны кой кодта.

— Ахъуыды ма кæ нæ д исчи, — ныуулæ фыди Ненси, — уыцы диссаджы дзауматæ дын иууылдæ р равдыста æ мæ дын сæ хабæ рттæ ракодта... Алы хатт дæ р ахæ м мæ сты вæ ййы, æ мæ иу ныхас дæ р никæ имæ скæ ны, никæ имæ!

— Ненси, мæ стыгæ р нæ у, уый æ рмæ ст æ дде бакæ сгæ йæ афтæ зыны, — не сразы ис Поллианнæ, хæ лардзинадыл иузæ рдион уæ вгæ йæ. — Алкæ мæ дæ р ахæ м тызмæ г цæ мæ н кæ сы, уый не ’мбарын. Хуыздæ р æ й куы базониккой, уæ д, бæ лвырд, афтæ нал хъуыды кæ никкой. Фæ лæ йæ суанг мæ мадыхо Полли дæ р нæ уарзы. Холодец ын арвита, уый дæ р æ й нæ фæ ндыд. Æ мæ ахæ м тарст кодта, афтæ куы банхъæ ла, уый йæ рарвыста, зæ гъгæ.

— Уый, æ вæ ццæ гæ н, йæ хæ сыл нæ нымайы, — йе уæ хсчытæ базмæ лын кодта Ненси. — Фæ лæ мæ м стыр диссаг кæ сы, дæ у кæ й бауарзта, уый. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ з дæ æ взæ рæ й ницы зæ гъынмæ хъавын... Фæ лæ, сывæ ллæ тыл æ нувыд чи у, ахæ м адæ ймаг нæ у, нæ у!

Поллианнæ хъæ лдзæ гæ й ныххудти.

— Уæ дæ бауарзта, Ненси, — сразы ис чызг. — Æ рмæ ст æ з афтæ нæ хъуыды кæ нын, æ мæ æ нувыд уыдис... ома æ дзухдæ р афтæ нæ уыд. Абон йæ хæ дæ г басаст, иу рæ стæ г æ м афтæ кæ й касти, цыма йæ мæ фенын никуыуал бафæ нддзæ н, уымæ н æ мæ йын æ з йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нын, ферох кæ нын æ й цы фæ ндыдис, уый. Фæ лæ фæ стæ дæ р...

— Уый та куыд? — фæ урæ дта йæ Ненси тыхстхуызæ й. — Афтæ загъта, ферох кæ нын æ й цы фæ ндыд, уый йын йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ ныс?

— О, фæ лæ фæ стæ дæ р...

— Æ мæ уый цы у? — дзуапп райсыныл архайдта Ненси.

— Нæ йæ загъта. Æ нæ уи загъта, цыдæ р ахæ м кæ й уыди, уый.

— Сусæ гдзинад! — нымдгæ нгæ æ мæ тарстхуызæ й мынæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта Ненси. — Уымæ н дыл афтæ фæ цахуыр ис уайтагъд. Уый, раст чиныджы куыд вæ ййы, афтæ у... Æ з ахæ мтæ бирæ бакастæ н: «Леди Моны сусæ гдзинад», «Сæ фт бындар», «Азтæ сусæ г æ мбæ хсæ ны»... Алкæ цыйы дæ р уыди сусæ гдзинæ дтæ кæ нæ ’ндæ р исты ахæ мтæ. Ахъуыды ма кæ нæ д исчи! Мæ фындзы бын — удæ гас чиныг, æ з та уыйбæ рц рæ стæ г зонгæ дæ р ницы кодтон! Ныр ма мын, мæ хур, радзур, цыдæ риддæ р дын загъта, уыдæ ттæ. Уый ахсджиаг у! Диссаг нæ у, афтæ дыл кæ й фæ цахуыр ис, уый, диссаг нæ у, диссаг нæ у!

— Ницы мыл фæ цахуыр! — фæ хъæ р ласта Поллианнæ. — Йемæ фыццаг æ з сдзырдтон. Чи дæ н, уый дæ р нæ зыдта, цалынмæ йын холодец нæ ахастон æ мæ йын, мæ мадыхо Полли йæ кæ й нæ рарвыста, уый нæ бамбарын кодтон, уæ дмæ, æ мæ...

Ненси æ виппайды фæ гæ пп кодта æ мæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл ныкъкъæ рц ласта.

— О, зонын æ й, зонын! — фæ хъæ р кодта Ненси æ мæ та уайтагъд Поллианнæ йы раз абадти. — Зæ гъ-ма мын, дзæ бæ х ахъуыды кæ н æ мæ мын раст дзуапп ратт. Мисс Поллийы хæ рæ фырт дæ, уый куы базыдта, уæ д æ й дæ фенын нал фæ ндыд, æ цæ г?

— О, иу бон ын мæ хи бацамыдтон, æ мæ мын абон, уæ д цæ уыл ахъуыды кодта, уый загъта.

— Æ з æ й афтæ дæ р зыдтон, — цин кодта Ненси. — Æ мæ йын мисс Поллийы дæ р холодец æ рвитын нæ фæ ндыди, нæ?

— Нæ фæ ндыд.

— Æ мæ йын ды загътай, уый йæ кæ й нæ рарвыста?

— О, æ з...

— Æ мæ, йæ хæ рæ фырт дæ, уый куы базыдта, уæ д йæ хи цыдæ р æ нахуыр дарын райдыдта, нæ?

— О, йæ хи иучысыл æ нахуыр дардта... холодецы тыххæ й, басасти Поллианнæ, сагъæ схуызæ й йæ ных нынцъылд кодта.

Ненси уæ лдæ ф арф сулæ фыди.

— Уæ дæ æ з алцыдæ р бамбæ рстон! Байхъус-ма, мистер Джон Пенделтон уыди мисс Полли Харрингтоны уарзон! — загъта цингæ нгæ йæ, фæ лæ раздæ р сусæ гæ й фæ стæ мæ фæ касти.

— Цытæ дзурыс, Ненси, уымæ н гæ нæ н нæ й! Йæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы, — не сразы ис Поллианнæ.

Ненси йæ м æ нæ рвæ ссонæ й бакаст:

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы! Æ мæ уæ дæ куыд хъуамæ уа! Хыл куы сты!

Поллианнæ йæ м нырма æ нæ ууæ нкхуызæ й касти, æ мæ та Ненси ногæ й уæ лдæ ф арф сулæ фыди; йæ разы æ рбадт æ мæ æ хсызгонæ й хабар дзурын райдыдта.

— Хъуыддаг уый мидæ г ис. Де ’рбацыдæ й чысыл раздæ р мын мистер Том загъта, мисс Поллийæ н кæ ддæ р уарзон кæ й уыди, уый. Æ з ыл нæ баууæ ндыдтæ н. Мисс Полли æ мæ чи — уарзон! Фæ лæ мæ мистер Том фидарæ й баууæ ндын кодта, афтæ кæ й уыдис, ууыл, стæ й мын загъта, уыцы лæ г ныр дæ р нæ горæ ты кæ й цæ ры. Ныр æ й базыдтон! Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый у Джон Пенделтон. Ау, йæ царды сусæ гдзинад нæ й? Ау, йе стыр хæ дзары иунæ гæ й нæ цæ ры æ мæ иу ныхас дæ р искæ имæ скæ ны? Мисс Поллийы хæ рæ фырт кæ й дæ, уый куы базыдта, уæ д йæ хи цыдæ р æ нахуыр нæ дардта? Æ мæ уый фæ стæ нæ басаст, ферох кæ нын цы архайы, уый йын йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ ныс, ууыл? Алцæ мæ й дæ р бæ рæ г у, ныхас мисс Поллийыл кæ й цæ уы!.. Æ мæ уый та... афтæ нæ загъта, холодец ын никуы арвыстаид, зæ гъгæ?.. Уый афтæ у, бæ лвырд!

— О-о! — ныуулæ фыди Поллианнæ æ мæ фырдисæ й йæ цæ стытæ ныдздзагъыр кодта. — Фæ лæ, Ненси, мæ нмæ гæ сгæ, сæ кæ рæ дзийы куы уарзиккой, уæ д бафидыдтаиккой. Уыйбæ рц рæ стæ г сæ дыууæ дæ р хæ рз иунæ г уыдысты. Мæ нмæ гæ сгæ, æ хсызгонæ й баиу уыдаиккой.

Ненси ныффутт ласта:

— Уарзгæ йæ куыд æ мæ цы вæ ййы, уымæ н бирæ ’мбарыс! Нырма æ гæ р гыццыл дæ. Фæ лæ кæ д дунейы, дæ хъазты кой дæ кæ нын дæ р чи нæ бауадздзæ н, ахæ мтæ ис, уæ д уыдон сты, чи фæ хыл ис, уыцы уарзæ ттæ! Адонæ н дæ р сæ хъуыддаг афтæ у. Æ дзух мигъау хъуынтъызæ й нæ цæ уы? Æ мæ уый дæ р... — Ненси фæ къуыхцы ис. Кæ имæ æ мæ кæ й кой кæ ны, уый афоныл æ рымысыд. Æ васт ныххудти: — Æ ниу, æ з афтæ нæ зæ гъдзынæ н, æ мæ уыдоны дæ р хъазты тæ мæ ны куы бацæ уын кæ нис, уæ д уый æ взæ р уаид — бафидауын сын æ хсызгон куыд уа, афтæ!.. Уый дын таурæ гъ, гъе! Се ’ппæ тæ н дæ р сæ цæ стытæ рабыриккой — мисс Полли æ мæ уый! Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, ацы ран зæ рдæ дарæ н нæ й, нæ й!

Поллианнæ ницы сдзырдта. Фæ лæ чысыл фæ стæ дæ р хæ дзармæ куы бацыд, уæ д йæ цæ сгом уыди тынг сагъæ схуыз.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.