Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





12 СÆР. ХÆРЗГÆНÆГ КОМИТЕТ



Хæ рзгæ нæ г комитеты æ мбырды бон Харрингтонты хæ дзары сихор ацыдис æ нæ дзургæ йæ. Поллианнæ цалдæ р хатты исты сдзурын бафæ лвæ рдта, фæ лæ йын нæ бантыст; фылдæ р та уымæ н, æ мæ цыппар хатты дæ р, фырæ фсæ рмæ й сырх-сырхид афæ лдæ хгæ йæ, дзырд «цин» æ рдæ гыл аскъуынын бахъуыди. Фæ ндзæ м хатт мисс Полли фæ лладæ й йæ сæ р банкъуыста.

— Цæ й, мæ хур, зæ гъ æ й, кæ д дæ фæ нды, уæ д, — ныуулæ фыд сылгоймаг. — Фæ лтау дзур... афтæ стыхсыны бæ сты.

Поллианнæ йы тар цæ сгом фæ рухсдæ р.

— Бузныг, мæ мадыхо. Тынг зын мын уаид... Æ мбарыс, æ з уыцы хъазтæ й ахæ м бирæ фæ хъазыдтæ н.

— Цы куыстай? — бафарста йæ мисс Полли.

— Хъазтæ й хъазыдтæ н... мæ фыд мæ кæ й... — Поллианнæ фæ хъус æ мæ та асырх. Бамбæ рста, кæ й та сцæ йрæ дыд, уый.

Мисс Полли йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта, фæ лæ ницы загъта. Дарддæ р сихор ацыди бынтон æ нæ дзургæ йæ.

Чысыл фæ стæ дæ р мисс Полли телефонæ й пасторы усæ н загъта, йæ сæ р кæ й риссы æ мæ абон хæ рзгæ нæ г комитеты æ мбырдæ мæ кæ й нæ ацæ удзæ н. Мисс Полли йæ уатмæ куы ссыд æ мæ дуар куы сæ хгæ дта, уæ д Поллианнæ йæ мадыхойæ н фæ тæ ригъæ д кодта. Фæ лæ, Джимми Бины хъуыддагыл цы æ мбырды дзурдзысты, уым йæ мадыхо кæ й нæ уыдзæ н, ууыл цин нæ кæ нын йæ бон нæ уыд. Нæ дзы ферох ис, мадыхо Джимми Бины «гыццыл мæ гуыргур» кæ й схуыдта, уый, æ мæ йæ нæ фæ ндыд, цæ мæ й æ гас хæ рзгæ нæ г комитеты раз ахæ м хъуыддаг ногæ й æ рцæ уа.

Чызг зыдта, æ мбырд дыууæ сахатыл кæ й райдайдзæ н, уый, стæ й кæ й уыдзæ н аргъуаны цур, сывæ ллæ ты дины скъолайы, мисс Поллийы хæ дзарæ й цыппар километры дарддæ р. Уымæ гæ сгæ ахæ м пълан скодта, цæ мæ й уырдæ м æ ртæ сахатмæ бахæ ццæ уа.

«Мæ н фæ нды, цæ мæ й иууылдæ р уым уой, — загъта йæ хинымæ р. — Дыууæ сахатыл куы фæ зæ гъынц, уæ д цæ угæ та æ ртæ мæ ’рбакæ нынц, æ мæ сылгоймæ гтæ й Джимми Бины райсын кæ й бафæ нда, уый, мыййаг, уым куы нæ уа».

Сабыр, фæ лæ фидар къахдзæ фтæ й Поллианнæ схызти дины скъолайы асинтыл. Дуар байгом кодта æ мæ вестибюлмæ бахызти. Уатæ й хъуысти сылгоймæ гты дзæ нгæ да æ мæ худын. Поллианнæ иу уысм алæ ууыд, стæ й уаты дуар бакодта.

Мидæ мæ куы бахызт, уæ д сылгоймæ гтæ фæ хъус сты æ мæ йæ м цымыдисæ й кастысты. Поллианнæ размæ акъахдзæ ф кодта. Ныр хъуыддаг лыг кæ нын афон куы ’рцыд, уæ д цыдæ р æ нахуыр тас банкъардта. Сылгоймæ гтæ н сæ фылдæ р — æ нæ зонгæ тæ, цыфæ ндыйæ дæ р, йæ уарзон хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ нæ уыдысты.

— Æ гас цæ ут, — сдзырдта чызг. — Мæ ном хуыйны Поллианнæ Уиттиер. Æ з... сымахæ й мæ чидæ ртæ зонынц, мæ нмæ гæ сгæ. Æ з та уе ’ппæ ты дæ р зонын, куыд комитет, афтæ.

Æ васт фæ хъус, æ мбырды уæ нгтыл йæ цæ ст ахаста. Сылгоймæ гтæ й иуæ й-иутæ зыдтой мисс Поллийы æ нахуыр хæ рæ фырты, уый дæ р уыдис сæ комитетæ й. Стæ мтæ й фæ стæ мæ, чызджы кой фехъуыстой, фæ лæ дзы ныр иу дæ р нæ зыдта, уыцы минут цы зæ гъын хъуыди, уый.

— Æ з... æ з æ рбацыдтæ н... иу хъуыддаджы фæ дыл, — схæ цæ рхæ цгæ нгæ загъта Поллианнæ, йæ цæ стытæ зæ хмæ сарæ зта æ мæ ныссабыр. Йæ хæ дæ г дæ р æ й нæ бафиппайдта, йæ фыды ныхæ стæ кæ й дзырдта, уый.

Æ мбырды бадджытæ иучысыл базмæ лыдысты.

— Уый дæ... дæ мадыхо æ рбарвыста, мæ зынаргъ? — бафарста йæ миссис Форд, пасторы ус.

Поллианнæ фæ сырх ис:

— Нæ, æ з мæ хæ дæ г æ рбацыдтæ н. Æ мбарут, æ з хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтыл сахуыр дæ н. Мæ фыд æ мæ мæ уыдон хъомыл кодтой. — Сылгоймæ гтæ й иу ныххудти, пасторы ус та йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Хорз, мæ зынаргъ. Цавæ р хъуыддаг у?

— Уыцы... уыцы хъуыддаг баст у Джимми Бинимæ, — ныуулæ фыди Поллианнæ. — Кæ м цæ ра, уый йын нæ й, цæ ры сидзæ рты хæ дзары. Уый та сывæ ллæ ттæ й йедзаг у, æ мæ сæ нæ хъæ уы... афтæ йæ м кæ сы. Æ мæ йæ фæ нды, цæ мæ й йын æ ндæ р хæ дзар уа, исты хуымæ тæ г, директоры бæ сты мад кæ м уа... стæ й, кæ й хъæ удзæ н, ахæ м бинонтæ... Тагъд ыл иуæ ндæ с азы сæ ххæ ст уыдзæ н. Æ з ахъуыды кодтон, чи зоны, сымахæ й искæ й бафæ нддзæ н лæ ппуйы райсын.

— Уый та дын ног диссаг! — схъуыр-хъуыр кодта сылгоймæ гтæ й иу. Чысыл раздæ р Поллианнæ йы ныхæ сты фæ стæ иууылдæ р ныхъхъус сты. Поллианнæ тыхстхуызæ й æ мбырды бадджытыл йæ цæ ст ахаста.

— Хæ дæ гай, кусгæ кæ й кæ ндзæ н, уый зæ гъын мæ ферох ис, бафтыдта йæ ныхæ стæ м чызг.

Фыццаг ничи ницы сдзырдта; уый фæ стæ йæ дыууæ сылгоймаджы хынцфарст кæ нын райдыдтой. Цыбыр рæ стæ гмæ Джимми Бины тыххæ й алцыдæ р базыдтой, æ мæ цыренæ й ныхас кодтой.

Поллианнæ сæ м хъуыста, æ мæ тынгæ й-тынгдæ р тыхсти. Цы хъуыста, уыдæ ттæ й бирæ цыдæ ртæ нæ бамбæ рста. Фæ лæ цасдæ р рæ стæ г куы рацыд, уæ д фембæ рста, уыцы сылгоймæ гтæ й иуы дæ р Джимми Бинæ н йæ хæ дзары дуæ рттæ байгом кæ нын кæ й нæ фæ нды, уый. Алчидæ р дзы иннæ мæ амыдта, уымæ н сывæ ллон нæ й, зæ гъгæ. Фæ лæ йæ райсыныл чи сразы уа, ахæ м дзы иу дæ р нæ разындис. Уæ д пасторы ус загъта, комитет Джиммийы цард æ мæ ахуыры хардз йæ химæ райсæ д, зæ гъгæ, ахæ м стыр æ хцатæ Индийы сывæ ллæ ттæ н æ рвитыны бæ сты. Сылгоймæ гтæ й бирæ тæ ныхасы бар ракуырдтой, цалдæ рæ й дзы иумæ дæ р ма сдзырдтой, раздæ рæ й ноджы хъæ рдæ рæ й æ мæ мæ стыгæ рæ й. Куыд рабæ рæ г ис, афтæ мæ й сæ комитет зындгонд уыди, Индийы миссионерон куыстыл бирæ ’хца кæ й хардз кодта, уымæ й. Æ мæ сылгоймæ гтæ й бирæ тæ загътой, худинаг кæ й уыдзæ н, сæ комитет цы ’хцатæ рахицæ н кæ ны, уыдон ацы аз фаронæ й къаддæ р куы фæ кæ ной, уæ д. Уыцы ныхæ стæ й дæ р Поллианнæ цыдæ ртæ нæ бамбæ рста. Афтæ уадис, цыма сын, æ хца хардз цæ уыл æ рцæ удзысты, уый ахсджиаг нæ у. Æ рмæ ст цавæ рдæ р хыгъды сæ комитеты бакомкоммæ цы ’хцайы нымæ ц нысангонд уыдзæ н, уый хъуамæ фыццаг бынат бацахса! Куыд у сæ бон афтæ хъуыды кæ нын! Уыдæ ттæ æ ххæ стæ й бамбарын тынг зын уыди. Æ ппынфæ стаг уынджы Поллианнæ æ хцонæ й сатæ г уæ лдæ ф сулæ фыди. Фæ лæ тынг æ рæ нкъард ис, уымæ н æ мæ зыдта, райсом Джимми Бинæ н куыд зын уыдзæ ни зæ гъын, хæ рзгæ нæ г комитет йе ’хца иууылдæ р индиаг лæ ппуты хъомыл кæ нынæ н арвитын кæ й сфæ нд кодта, сæ хи горæ ты та иу лæ ппуйы хъомыладыл мæ т кæ й нæ кæ ны. Уымæ н æ мæ уый «хыгъды нысангонд не ’рцæ удзæ н», кæ сæ нцæ стытæ кæ уыл уыд, уыцы бæ рзонд сылгоймаг куыд загъта, афтæ мæ й.

«Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, муртаккæ гтыл æ хца хардз кæ нын хорз у, цæ мæ й сын мацыуал æ рвитой, уый мæ н фæ ндгæ дæ р нæ кæ ны, — ныуулæ фыд фæ ллад æ мæ æ нкъардæ й Поллианнæ, фæ ндагыл йæ хинымæ р тæ рхæ ттæ кодта, афтæ мæ й. — Фæ лæ сæ хи афтæ дарынц, цыма, сæ разы цы лæ ппутæ ис, уыдон сæ койы аккаг дæ р не сты, æ мæ хъуыды кæ нынц æ рмæ стдæ р, дард чи ис, уыдоныл. Æ ниу, мæ н фæ ндид, цæ мæ й сын ахсджиагдæ р уа Джимми Бины хъысмæ т, хыгъды æ хцайы нымæ ц куыд рæ зы, уый нæ, фæ лæ! »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.